Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 63–78 фф.
  • Май

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Май
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Ӕртыццӕг, 1 май
  • Цыппӕрӕм, 2 май
  • Майрӕмбон, 3 май
  • Сабат, 4 май
  • Хуыцаубон, 5 май
  • Къуырисӕр, 6 май
  • Дыццӕг, 7 май
  • Ӕртыццӕг, 8 май
  • Цыппӕрӕм, 9 май
  • Майрӕмбон, 10 май
  • Сабат, 11 май
  • Хуыцаубон, 12 май
  • Къуырисӕр, 13 май
  • Дыццӕг, 14 май
  • Ӕртыццӕг, 15 май
  • Цыппӕрӕм, 16 май
  • Майрӕмбон, 17 май
  • Сабат, 18 май
  • Хуыцаубон, 19 май
  • Къуырисӕр, 20 май
  • Дыццӕг, 21 май
  • Ӕртыццӕг, 22 май
  • Цыппӕрӕм, 23 май
  • Майрӕмбон, 24 май
  • Сабат, 25 май
  • Хуыцаубон, 26 май
  • Къуырисӕр, 27 май
  • Дыццӕг, 28 май
  • Ӕртыццӕг, 29 май
  • Цыппӕрӕм, 30 май
  • Майрӕмбон, 31 май
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 63–78 фф.

Май

Ӕртыццӕг, 1 май

Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ суадз. Хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уымӕй кӕнгӕ у (Ӕмб. 4:13).

Зондамынд хатт маст дӕр ӕрхӕссы, фӕлӕ адӕймагӕн ноджы стырдӕр маст ӕрхӕссы, Хуыцауы зондамындмӕ куы нӕ байхъусы, уый (Дзут. 12:11). Ӕркӕсӕм Каины цӕвиттонмӕ. Каин йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт куы федта ӕмӕ йӕ марынвӕнд куы скодта, уӕд ӕй Хуыцау бафӕдзӕхста: «Цӕуыл смӕсты дӕ ӕмӕ дӕхи цӕуыл ныттар кодтай? Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн? Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?» (Райд. 4:6, 7). Каин Йегъовӕйы зондамындмӕ нӕ байхъуыста ӕмӕ йе ’фсымӕры амардта. Ӕмӕ уый тыххӕй цӕрӕнбонты стыр хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрста (Райд. 4:11, 12). Каин Йегъовӕмӕ куы байхъуыстаид, уӕд йӕхи ахӕм масты хай нӕ бакодтаид. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕхи ахӕм мӕстытӕй бахизӕм! (Ис. 48:17, 18). Цӕй уӕдӕ «хъусӕм зондамындмӕ, ӕмӕ суӕм зондджын» (Ӕмб. 8:33). w18.03 32 ф., 18–20 абз.

Цыппӕрӕм, 2 май

Ӕз, Данел, чингуытӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кодтон (Дан. 9:2).

Данел Йегъовӕйы цӕй фӕрцы базыдта? Ӕвӕццӕгӕн, Данелы йӕ ныййарджытӕ афтӕ схъомыл кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас тынг бауарзта. Ӕмӕ цӕрӕнбонты Йегъовӕйыл уыд ӕнувыд. Куы базӕронд, суанг уӕд дӕр Фыстад арф иртӕста. Данел Хуыцауы хорз зыдта. Зыдта ма, Йегъовӕ израилӕгты тыххӕй цыдӕриддӕр сарӕзта, уый дӕр. Ӕмӕ уый ирдӕй зыны йӕ зӕрдӕбын куывды ныхӕстӕй (Дан. 9:3–19). Хорз уаид, алчидӕр нӕ Библийӕ уыцы куывды ныхӕстӕ куы бакӕсид ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнид. Хуыцауыл ӕнувыд чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн, уыимӕ Данелӕн дӕр, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы Вавилоны цӕрын ӕнцон нӕ уыд. Иуӕй Йегъовӕ дзуттӕгтӕн загъта: «Тырнут, цӕмӕй уӕ уацары цы горӕтмӕ акӕнын кодтон, уыцы горӕты уа фарн» (Йер. 29:7). Иннӕмӕй та сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уыдаиккой иузӕрдион (Рац. 34:14). Цымӕ Данелӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй йӕм дыууӕ хъуыддаджы дӕр фау ӕрхӕссӕн ма уыдаид? Уый архайдта Хуыцауы зондӕй ӕмӕ ӕмбӕрста, фыццаджыдӕр Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ хъуса, ӕмӕ уый фӕстӕ та хицӕуттӕм. Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы уагӕвӕрд бацамыдта (Лук. 20:25). w18.02 10 ф., 11, 12 абз.

Майрӕмбон, 3 май

Уыцы адӕмы ныхтыл нысан сӕвӕр (Йез. 9:4).

Чи зоны, ӕмбӕлыс цавӕрдӕр фӕлварӕнтыл, зӕгъӕм, де ’нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕхцайӕ тыхсыс кӕнӕ ӕфхӕрд ӕййафыс. Кӕнӕ та дын, чи зоны, алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Ахӕм уавӕры дын ныфсы хос уыдзысты Нойы, Данелы ӕмӕ Иовы цӕвиттонтӕ. Се ’ртӕ дӕр уыдысты ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ уыдон дӕр мах хуызӕн зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Суанг ма-иу ахӕм уавӕры дӕр бахаудысты, ӕмӕ-иу сӕ цардӕн уыд тӕссаг. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыдон сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл никуы сивтой. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау банымадта, сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ коммӕгӕсдзинадӕй фӕзминаг чи у, ахӕм адӕймӕгтыл (Йез. 14:12–14). Ацы стихы ныхӕстӕ Йезекил ныффыста нӕ эрӕйы размӕ 612 азы, Вавилоны куы уыд, уӕд (Йез. 1:1; 8:1). Йегъовӕ Иерусалимыл йӕ тӕрхон куы хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уымӕ фондз азы йеддӕмӕ нал хъуыд (уыцы хабар ӕрцыд нӕ эрӕйы размӕ 607 азы). Уыцы рӕстӕг, Ной, Данел ӕмӕ Иовау фидар уырнындзинад кӕмӕ уыд ӕмӕ Хуыцауы коммӕ чи каст, ахӕм адӕймӕгтӕ стӕмтӕ уыд, ӕмӕ уыдоныл ӕвӕрд ӕрцыд ирвӕзындзинады «нысан» (Йез. 9:1–5). Нӕ рӕстӕджы дӕр, ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд, ирвӕзындзинады нысан ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕгыл нымад чи у, ӕрмӕстдӕр уыдоныл (Рарг. 7:9, 14). w18.02 3, 4 фф., 1–3 абз.

Сабат, 4 май

Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты (Еккл. 12:1).

Ӕрыгӕттӕ, хорз уаид, алчидӕр уӕ ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Мыййаг, Хуыцауы хъуыддӕгты ӕрмӕст уый тыххӕй архайын, ӕмӕ уый мӕ ныййарджыты фӕнд у? Архайын, цӕмӕй мӕхӕдӕг Хуыцаумӕ баввахс уон ӕмӕ йӕ хӕлар суон?» Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕрмӕст ӕрыгӕттӕ хъуамӕ ма ӕвӕрой, фӕлӕ иннӕтӕ дӕр. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ уырнындзинад сфидар кӕнынӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн (Еккл. 12:13). Нӕхиуыл бакусын нӕ кӕм хъӕуы, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ. Адӕймаг Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайа, уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг у. Уыцы хъуыддагыл адӕймагӕн йӕ цард у баст (Ром. 8:6–8). Фӕлӕ адӕймаг фӕлтӕрдджын суа, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ ӕххӕст уа. Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзӕн Йегъовӕйы сыгъдӕг тых. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр ууыл ӕппӕт тыхтӕй архайӕм. Библи иртасын нын ӕхсызгон куыннӕ у, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ Библи, хи аирхӕфсынӕн чиныг куыд кӕсай, афтӕ ма кӕсӕм. Хъуамӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кӕнӕм, цы хӕзнатӕ дзы ис, уыдон ссарыныл. Уыцы хӕзнатӕ нын стыр пайда фӕуыдзысты. w18.02 25 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 5 май

Цы фӕстиат кӕныс? Сыст, донаргъуыд райс (Хъуыд. 22:16).

Цӕмӕй адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Библийӕ алцыдӕр лыстӕг хабӕртты онг зона. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй сӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕной (Кол. 1:9, 10). Уӕдӕ цымӕ сывӕллонмӕ цас зонындзинӕдтӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй йӕ бон донаргъуыд райсын уа? Стыр ӕххуыс нын фӕуыдзӕн, фыццаг ӕнусы чи цард, иу ахӕм бинонты хабар (Хъуыд. 16:25–33). Н. э. 50 азмӕ ӕввахс апостол Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы куы уыд, уӕд уыди горӕт Филиппты. Уым ӕй йе ’мбал Силӕимӕ ӕнаххосӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Ӕхсӕвы зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындуры онг нызмӕлыд ӕмӕ йӕ дуӕрттӕ иууылдӕр фегом сты. Ахӕстонгӕс тынг фӕтарст, ахст адӕм иууылдӕр алыгъдысты, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕхи марынвӕнд скодта, фӕлӕ йӕ Павел баурӕдта. Фӕстӕдӕр Павел ӕмӕ Силӕйӕн фадат фӕци уыцы ахӕстонгӕсӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн хорз хабар радзурынӕн. Ӕмӕ уыдон дӕр, Йесойы тыххӕй цы базыдтой, уый сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Гъемӕ ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райстой. w18.03 10 ф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 6 май

Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у! (Пс. 144:15).

Йегъовӕ у амондджын Хуыцау, ӕмӕ йӕ адӕм дӕр сты амондджын. Искӕмӕй исты ратона, ӕрмӕст ууыл чи вӕййы, ахӕм хиуарзон адӕмӕй уӕлдай, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иннӕтӕн хорздзинад аразынц, ӕмӕ уый фӕрцы сты зӕрдӕрухс (Хъуыд. 20:35; 2 Тим. 3:2). Фӕлӕ, мыййаг, нӕхи Хуыцауӕй тынгдӕр уарзын нӕ райдыдтам? Цымӕ уый нӕ бон куыд у бамбарын? Ӕркӕсӕм-ма, Филиппӕгтӕм 2:3, 4 стихты цы уынаффӕ ис, уымӕ: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут. Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр». Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ацы уынаффӕмӕ хъусын? Ӕмбырды ӕмӕ уацамынды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ фӕагурын?» Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ иннӕтӕн ма ’вгъау кӕнӕм, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уый тыххӕй фӕхъӕуы фыдӕбон кӕнын, стӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ дӕр. Фӕлӕ йӕ куы зонӕм, Дунедарӕг Хуыцау нӕ райгонд кӕй у, уӕд ма уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа! w18.01 23 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 7 май

Уӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккӕсут, уырнындзинады фидар стут ӕви нӕ (2 Кор. 13:5).

Нӕхимӕ-иу ахӕм фарстатӕ раттӕм: «Ӕцӕгдӕр мӕ уырны, Йегъовӕ йӕ фӕндон кӕй фӕрцы ӕххӕст кӕны, уыцы организацийы кӕй лӕггад кӕнын? Ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнон? Мӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, кӕй мӕ уырны, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм ӕмӕ тагъд Хӕйрӕджы хицаудзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн? Мӕхи Йегъовӕ Хуыцауӕн куы снывонд кодтон, уӕд Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл куыд тынг ӕууӕндыдтӕн, ныр дӕр сыл афтӕ ӕууӕндын?» (Матф. 24:14; 2 Тим. 3:1; Дзут. 3:14). Ацы фарстаты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, «цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый сбӕлвырд кӕнын». Нӕ бон куыд у нӕхи Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, нӕ бон у, уыцы хабар куыд ахсджиаг у, уый фӕдыл статьятӕ бакӕсын ӕмӕ сыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын (Иоан. 3:16; 17:3). Цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг у Йегъовӕйы «базонын» ӕмӕ йын йӕ иунӕггуырд Фыртыл, Йесо Чырыстийыл, «ӕууӕндын». Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕныны тыххӕй нӕ бон у, Хуыцаумӕ ӕмӕ Йесомӕ кӕй фӕрцы баввахс уыдзыстӕм, ахӕм ӕрмӕг иртасын. w18.01 13 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 8 май

Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд (Иоан. 6:44).

Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕсгӕйӕ базоныс, Хуыцау-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн иузӕрдионӕй баззайынӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Стӕй ахӕм хабӕрттӕ арӕх фехъусыс ӕмбырдты дӕр. Фӕлӕ рӕстдзинады фӕндагыл цӕугӕйӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг дӕр дӕ царды Йегъовӕйы къух уынай. Дӕ бон цӕмӕн у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ базыдтай, Йегъовӕ куыд хорз у, уый? Чырыстӕттӕй алчидӕр йӕхицӕй зоны, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Зӕгъӕм, Хуыцау не ’ппӕтӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй йын йӕхимӕ ӕмӕ йӕ Фыртмӕ баввахс уӕм. Мыййаг, афтӕ хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ мын Йегъовӕ мӕ ныййарджыты ӕрбакодта йӕхимӕ, ӕмӕ ӕз та ӕнӕуи сӕ фӕдыл цӕуын? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйӕн дӕ цард куы снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд куы райстай, уӕд афтӕмӕй равдыстай, йӕ хӕлар кӕй дӕ. Библийы фыст ис: «Кӕд адӕймаг Хуыцауы уарзы, уӕд уыцы адӕймаджы... Хуыцау зоны» (1 Кор. 8:3). Уӕдӕ дын Йегъовӕ йӕ организацийы цы бынат радта, уымӕн алкӕддӕр аргъ кӕн. w17.12 26 ф., 12, 13 абз.

Цыппӕрӕм, 9 май

Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны (Дзут. 12:6).

Чи зоны, хъуыды кӕныс, дзырдбаст «зонд амонын» искӕй ахуыр кӕнынмӕ кӕй хауы. Фӕлӕ зонд амонын ӕрмӕст уый нӕу. Уыцы дзырдбаст ма иуӕй-иу хатт фӕамоны искӕй зондахаст бараст кӕнынмӕ, искӕмӕн бауайдзӕф кӕнынмӕ ӕмӕ бафхӕрынмӕ. Уӕдӕ диссаг нӕу, Хуыцау нын зонд куы фӕамоны, уӕд нӕ хатгай ӕфхӕргӕ дӕр кӕй бакӕны. Фӕлӕ уый карзӕй кӕнӕ ӕгъатырӕй никуы фӕархайы. Уӕвгӕ, Хуыцауы зондамынд ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ уарзгӕ кӕны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм (Дзут. 12:6). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй зондамынд адӕймагӕн хӕссы пайда ӕмӕ баст у зонындзинӕдтимӕ, зондимӕ ӕмӕ уарзондзинадимӕ, стӕй ма суанг адӕймагӕн йӕ цард дӕр уымӕй кӕнгӕ вӕййы (Ӕмб. 1:2–7; 4:11–13). Зондамындӕн йӕ нысан сӕйраджыдӕр у адӕймаджы цӕуылдӕр сахуыр кӕнын, ныййарӕг йӕ уарзон хъӕбулы, пайда йын цы фӕуа, ууыл куыд фӕахуыр кӕны, афтӕ. Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, мах не ’ппӕт дӕр стӕм Хуыцауы бинонтӕй (1 Тим. 3:15). Уымӕ гӕсгӕ йӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмбарӕм ма уый дӕр, ӕмӕ йын йӕ ныхасы сӕрты куы ахизӕм, уӕд ын уый бар дӕр кӕй ис, цӕмӕй нын зонд бацамона. Уымӕй уӕлдай ма, исты рӕдыд куы саразӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи масты хай куы бакӕнӕм, уӕд ноджы хуыздӕр бамбарӕм, нӕ уӕларвон Фыдмӕ хъусын куыд ахсджиаг у, уый. Уый дӕр хауы Йегъовӕйы зондамындмӕ (Гал. 6:7). w18.03 23 ф., 1 абз.; 24 ф., 3 абз.

Майрӕмбон, 10 май

Дзурынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уымӕ ис ӕцӕг зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ арфуынӕг адӕймаг у хиуылхӕцгӕ (Ӕмб. 17:27).

Ӕрыгӕттӕм хатгай афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ не ’мбарынц ӕмӕ сӕ акъахдзӕф кӕнын дӕр нӕ уадзынц. Мыййаг, дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы? Чи зоны, дӕ ныфс афтӕ асаст, ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын царды ӕппӕты хуыздӕр кӕй у, ууыл. Фӕлӕ уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн куы нал лӕггад кӕнай, уӕд бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ бамбардзынӕ, дӕ чырыстон ныййарджытӕй ӕмӕ дыл де ’мбырдӕй тынгдӕр кӕй ничи мӕт кӕны. Дӕ ныййарджытӕ дын куы никуы бауайдзӕф кодтаиккой, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кодтаис, ӕмӕ дыл ӕппындӕр нӕ тыхсынц? (Дзут. 12:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ ныййарджытӕ ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ, чи зоны, дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, куыд дын бауайдзӕф кӕнынц, уый. Фӕлӕ ууыл мӕсты кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн, цӕмӕн дын бауайдзӕф кӕнынц. Сабырӕй-иу сӕм байхъус ӕмӕ-иу бацархай, цӕмӕй сӕм фӕстӕмӕ мацы сдзурай. Архай, цӕмӕй ӕмбаргӕ адӕймаг суай. Ахӕм адӕймаг ӕгӕр тынг нӕ фӕмӕт кӕны, уынаффӕ йын куыд радтой, ууыл, фӕлӕ йӕм сабырӕй байхъусы ӕмӕ дзы йӕхицӕн зонд райсы (Ӕмб. 1:8). w17.11 29 ф., 16, 17 абз.

Сабат, 11 май

Райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис (Рарг. 2:4).

Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕрыгӕтты зоныс, ӕмӕ донаргъуыд райстой, фӕлӕ стӕй дызӕрдыг кӕнын райдыдтой, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын пайда кӕй у, ууыл. Чидӕртӕ ма сӕ суанг рӕстдзинад дӕр ныууагътой. Ӕмӕ, чи зоны, мӕт кӕныс, дӕ сывӕллон чырыстон фӕндагыл куы слӕууа, фӕлӕ стӕй йӕ зондахаст куы аива ӕмӕ йӕм райдианы цы уарзондзинад уыд, уый куы ӕруазал уа. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ сывӕллоны хабар афтӕ ма рауайа? Дӕ бон ын куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ уый фӕрцы фервӕза? (1 Пет. 2:2). Дзуапп базондзыстӕм Павел Тимофеймӕ цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй: «Ды, цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны. Стӕй ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ [ома Дзуттаг Фыстытӕ] – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы» (2 Тим. 3:14, 15). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел цы ӕртӕ хъуыддаджы кой скодта, уыдонмӕ: 1) сыгъдӕг Фыстытӕ зонын, 2) рӕстдзинадыл фидарӕй баууӕндын ӕмӕ 3) фервӕзыны тыххӕй зондӕй архайын. w17.12 18, 19 фф., 2, 3 абз.

Хуыцаубон, 12 май

Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕй райдзӕн, уый тыххӕй, сымах та хъӕр кӕндзыстут уӕ зӕрдӕйы рыстӕй (Ис. 65:14).

Бирӕ динтӕ дзурынц, зындон ис, зӕгъгӕ, стӕй дӕсӕм хай ӕмбырд кӕнынц кӕнӕ алыхуызон политикты фарс хӕцынц, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй бирӕтӕ Хуыцауӕй адард сты. Уӕдӕ диссаг нӕу, адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕны, ӕмӕ ӕнӕ динӕй дӕр амондджын уыдзысты! Адӕймаг ай-гъай дӕр уыдзӕн амондджын, мӕнг диныл хӕст куы нӕ уа, уӕд! Фӕлӕ «амондджын Хуыцау» Йегъовӕйы ӕмбал куы нӕ уа, уӕд ӕцӕг амондджын никуы уыдзӕн (1 Тим. 1:11). Хуыцау цыдӕриддӕр аразы, уый адӕмӕн у пайда ӕмӕ ӕххуыс. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы амондджын сты (Хъуыд. 20:35). Ахъуыды-ма кӕнӕм, раст дин бинонтӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл. Раст дин амоны, цӕмӕй адӕймаг йӕ цардӕмбалӕн кад ӕмӕ аргъ кӕна, иузӕрдион ыл уа ӕмӕ йыл гадзрахатӕй макуы рацӕуа, йӕ цоты хорз хъомыл кӕна ӕмӕ йӕ бинонты уарза. Ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы адӕм ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр се ’мбырдты Хуыцауӕн иумӕ фӕрнӕй ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ лӕггад кӕнынц. w17.11 21 ф., 6, 7 абз.

Къуырисӕр, 13 май

Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! (Ром. 7:24).

Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц афтӕ. Не ’ппӕт дӕр нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ стӕм ӕнӕххӕст. Ӕмӕ нӕ кӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕддӕр нын уый алы хатт нӕ рауайы, ӕмӕ уӕд нӕ ныфс асӕтты. Стыр тӕригъӕд чи ракодта, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ суанг афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын ӕй Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, йӕхи Йегъовӕйы уазӕг чи бакодта, кӕнӕ Йегъовӕ йе ’мбӕхсӕн кӕмӕн у, уыдоны сӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕгӕр маст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Пс. 34:22). Павел йӕхицӕй загъта, мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд алы хъуыддаджы дӕр, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ кӕнын. Фӕлӕ уый фӕстӕ загъта: «Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы!» (Ром. 7:25). Уӕдӕ кӕд Павел йӕ тӕригъӕдджын буаримӕ тох кодта ӕмӕ, цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕддӕр ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцау ын Чырыстийы нывонды фӕрцы кӕй ныххатыр кодта. Йесо Чырысти нӕ йӕ тугӕй кӕй балхӕдта, уый фӕрцы нын Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ нӕ зӕрдӕты ис фарн (Дзут. 9:13, 14). Йесо у нӕ Хистӕр сауджын ӕмӕ, «Хуыцаумӕ уый фӕрцы чи ӕввахс кӕны, уыдоны йӕ бон у бынтондӕр фервӕзын кӕнын, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр ӕгас у ӕмӕ йӕ бон у уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын» (Дзут. 7:24, 25). w17.11 8 ф., 1, 2 абз.; 12 ф., 15 абз.

Дыццӕг, 14 май

Расомы кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕххӕст кӕнут уӕ сомытӕ (Пс. 76:11).

Нӕ бон куыд у, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнын? Мах «алы бон дӕр» бахауӕм стыр ӕмӕ гыццыл фӕлварӕнты, ӕмӕ нӕхи куыд фӕдарӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕмӕ ӕввахс стӕм ӕви нӕ (Пс. 61:8). Зӕгъӕм, куысты кӕнӕ скъолайы чидӕр йӕхи афтӕ дары, цыма йӕ зӕрдӕмӕ цӕуыс, ӕмӕ дӕм ныхасӕппарӕнтӕ кӕны кӕнӕ демӕ хъазӕн митӕ кӕны. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Бамбарын ын кӕндзынӕ, ахӕм митӕ дӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын дӕ кӕй фӕнды? (Ӕмб. 23:26). Кӕд дӕ бинонтӕй дӕу йеддӕмӕ Йегъовӕйӕн ничи лӕггад кӕны, уӕд Йегъовӕмӕ фӕкувыс, цӕмӕй, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, дӕхи афтӕ дарай? Алы бон дӕр Йегъовӕйӕн йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ разамынды тыххӕй бузныг фӕзӕгъыс? Библи бакӕсынӕн алы бон дӕр рӕстӕг ссарыс? Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын, зӕгъӕн ис, дзырд радтам, ӕппӕт адӕттӕ дӕр кӕй араздзыстӕм. Йӕ коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд уымӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ уымӕн кӕй цӕрӕм. Нӕ лӕггад нӕ цардимӕ ӕнгом баст у. w17.10 23 ф., 11, 12 абз.

Ӕртыццӕг, 15 май

Хорз у нӕ Хуыцауӕн зарын (Пс. 147:1).

Зарджытӕ чи фыссы, иу ахӕм зындгонд адӕймаг иухатт загъта: «Ныхӕстӕ ӕфтауынц хъуыдытыл. Музыкӕ агайы зӕрдӕ. Зарӕджы фӕрцы та хъуыдытӕ зӕрдӕйы ахизынц». Нӕ зарджытӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын ӕвдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм, уый. Уӕдӕ бӕрӕг у, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йын зарджытӕ зарын кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст кӕй сты, фӕнды сӕ иунӕгӕй зарай, фӕнды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ. Фӕлӕ, мыййаг, ӕмбырды хъӕрӕй зарын нӕ фӕуӕндыс? Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм нӕлгоймӕгтӕ иннӕты раз зарын ӕфсӕрмы фӕкӕнынц. Ӕмӕ уый, чи зоны, ӕнӕхъӕн ӕмбырдыл дӕр фӕзына, уӕлдайдӕр та хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зарын куы ’фсӕрмы кӕной кӕнӕ-иу зарӕджы рӕстӕг истытӕ куы кусой, уӕд (Пс. 30:12). Ӕмбырдты заргӕ кӕй фӕкӕнӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы. Ӕмӕ уый куы ӕмбарӕм, уӕд-иу зарӕгмӕ нӕ рӕджы кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу фӕстаг зарӕгӕй дӕр нӕ ацӕудзыстӕм, стӕй-иу зарӕджы рӕстӕг залӕй нӕ рахиздзыстӕм. w17.11 3 ф., 1–3 абз.

Цыппӕрӕм, 16 май

Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз зӕхмӕ фарн ӕрхӕссынмӕ ӕрцыдтӕн. Фарн ӕрхӕссынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ хъама (Матф. 10:34).

Алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй сабыр, ӕнӕмӕт цард кӕна. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг куыннӕ стӕм, йӕ «фарн» нын кӕй дӕтты, уый тыххӕй. Уыцы фарн нӕ хъахъхъӕны ӕвзӕр хъуыдытӕй, стӕй мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй (Фил. 4:6, 7). Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ ма «фӕрнӕй цӕрӕм Хуыцауимӕ» дӕр, ома стӕм йӕ хӕлӕрттӕ (Ром. 5:1). Фӕлӕ нырма уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй Хуыцау ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр сабыр цард скӕна ӕмӕ ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй адӕм бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ, дарддӕр куыд цӕрдзысты, ууыл фӕмӕт кӕнынц. Нӕ алыварс бирӕтӕ сты ӕгъатыр (2 Тим. 3:1–4). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ӕдзух хъӕуы Хӕйрӕгимӕ тох кӕнын ӕмӕ, цы мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕны, уыдонӕй нӕхи хъахъхъӕнын (2 Кор. 10:4, 5). Фӕлӕ нӕ хиуӕттӕй Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд нӕ уый уӕлдай тынгдӕр бафтауы мӕты. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ хынджылӕг дӕр фӕкӕнынц кӕнӕ та нӕ фӕаххосджын кӕнынц, зӕгъгӕ, дам, бинонты цард халут. Суанг ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, цалынмӕ дӕ дин нӕ ныууадзай, уӕдмӕ махӕй нал дӕ. w17.10 12 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 17 май

Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ (Пс. 119:97).

Ӕвзӕгтӕ кӕй ивынц, уый фӕзыны Библийы тӕлмацтыл дӕр. Фыццаг ӕнцонӕмбарӕн чи уыд, уыцы тӕлмац цасдӕры фӕстӕ свӕййы зынӕмбарӕн. Цӕвиттонӕн райсӕм «Паддзах Яковы Библи» англисаг ӕвзагыл. Фыццаг хатт рацыд 1611 азы. Уый у тынг зындгонд тӕлмац. «Паддзах Яковы Библи» куы рацыд, уӕд уыди ӕнцонӕмбарӕн. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дзы бирӕ ныхӕстӕ базӕронд сты ӕмӕ сӕ адӕм нал ӕмбӕрстой. Афтӕ уыд сӕ хабар, ӕндӕр ӕвзӕгтыл цы тӕлмацтӕ уыд, уыдонӕн дӕр. Ӕмӕ тынг цин кӕнӕм, ныртӕккӕ нӕм «Библи – Ног дунейы тӕлмац», хорз кӕй ӕмбарӕм, уыцы ӕвзагыл кӕй ис, ууыл. Ацы тӕлмац ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай рацыд 150 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон у сӕхи ӕвзагыл кӕсын. Цы дзырдтӕ дзы ис, уыдон сты ӕнцонӕмбарӕн, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ арф бахъарынц. w17.09 19 ф., 5, 6 абз.

Сабат, 18 май

Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн (Ӕмб. 27:11).

Ӕрыгӕтты фӕхъӕуы ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссын. Зӕгъӕм, фӕхъӕуы сӕ ӕмбӕлттӕ, ирхӕфсӕнтӕ равзарын, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй сӕхи хизын, стӕй, донаргъуыд кӕд райсдзысты, уый аскъуыддзаг кӕнын. Цӕмӕй ахӕм хъуыддӕгты раст уынаффӕтӕ рахӕссой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Цӕмӕн? Уымӕн, ӕмӕ афтӕмӕй цӕуынц Хӕйрӕджы ныхмӕ, Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи фауы, уый ныхмӕ. Ӕрыгӕтты ма фӕхъӕуы иу ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын – сӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрдзысты, уый аскъуыддзаг кӕнын. Иуӕй-иу бӕстӕты ӕрыгӕтты разӕнгард кӕнынц уӕлдӕр ахуырад райсынмӕ ӕмӕ сын хорз кӕм фиддзысты, ахӕм куыст ссарынмӕ. Ӕндӕр бӕстӕты та экономикӕ ӕвзӕр уавӕры кӕй ис, уый тыххӕй ӕрыгӕттӕ, чи зоны, хъуыды кӕной, бирӕ кӕй хъуамӕ кусой, цӕмӕй сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕной. Ӕрыгӕттӕм уыйбӕрц ныфс куы разына, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ сӕвӕрой, ӕмӕ сӕ царды Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы уа, уӕд сын Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн. Стӕй сын фӕстӕдӕр сӕхи бинонтӕ куы уа, уӕд сын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ сӕ бон фӕдарын уа. Фыццаг ӕнусы ӕрыгон Тимофейӕн йӕ царды сӕйраг уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон у ахӕм цард равзарын (Фил. 2:19–22). w17.09 29, 30 фф., 10–12 абз.

Хуыцаубон, 19 май

Ацы закъоны чиныг алкӕддӕр уӕд де ’взагыл... кӕс [ӕй], цӕмӕй дзы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнай. Уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ (Йес. Н. 1:8).

Библи лӕмбынӕг куы иртасӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хиуыл хӕцын сахуыр уӕм. Куыд? Библийӕ цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, хиуыл хӕцын куы фӕзонӕм, уӕд уый нӕ пайдайӕн кӕй вӕййы ӕмӕ, куы нӕ фӕзонӕм, уӕд та нӕ уый хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Йегъовӕ уыцы хабӕрттӕ дзӕгъӕлы нӕ ныффыссын кодта (Ром. 15:4). Хорз уаид, куы сӕ кӕсиккам, куы сӕ иртасиккам ӕмӕ сыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕниккам. Ахъуыды-иу кӕн, цы базыдтай, уый дӕумӕ ӕмӕ дӕ бинонтӕм куыд хауы, ууыл. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй, йӕ Ныхасӕй цы базыдтай, уымӕй дӕ бон уа царды пайда кӕнын. Куы бафиппайай, ӕмӕ дын цавӕрдӕр хъуыддаджы хиуылхӕцындзинад нӕ фаг кӕны, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕс. Уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ архай, дӕ бон фӕивын цы у, уый бамбарыныл (Иак. 1:5). Дӕ бон ма у нӕ публикацитӕ дӕр иртасын. Уым дӕр ссардзынӕ, чи дын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ. w17.09 6 ф., 15, 16 абз.

Къуырисӕр, 20 май

Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Кол. 3:10).

Ног удыхъӕд ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕймаг «конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:24). Цымӕ нӕ бон бауыдзӕн нӕ уӕлӕ уыцы ног удыхъӕд скӕнын? О, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у йӕ рӕсугъд миниуджытӕ фӕзмын (Райд. 1:26, 27; Еф. 5:1). Павел бамбарын кодта, адӕймаг макӕй хъулон кӕна, уый кӕй у ног удыхъӕды ахсджиагдӕр миниуджытӕй сӕ иу. Уый загъта: «Йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар». Ӕмбырды хъуамӕ йӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл мачи нымайа мадӕр йӕ буары хуызы тыххӕй, мадӕр йӕ адӕмыхатты тыххӕй, мадӕр, ӕхсӕнады цы бынат ахсы, уый тыххӕй. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ мах стӕм Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр «стӕм иу» (Кол. 3:11; Гал. 3:28). Йӕ уӕлӕ ног удыхъӕд чи скодта, уый хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр кад кӕны, цыфӕнды буары хуыз сын ма уа ӕмӕ ӕхсӕнады цыфӕнды бынат ма ахсой, уӕддӕр (Ром. 2:11). w17.08 22 ф., 1 абз.; 23 ф., 3, 4 абз.

Дыццӕг, 21 май

Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн (Ис. 30:18).

Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй фӕразон уӕм. Ӕмӕ йӕхӕдӕг цы нӕ саразид, уый махӕн дӕр нӕ аразын кӕны. Уый йӕхӕдӕг дӕр цӕттӕ у, цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг (2 Пет. 3:9). Йегъовӕ ныр цалдӕр мин азы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй, Едемы цӕхӕрадоны цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн бӕстон дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕуа. Уый «ӕнхъӕлмӕ кӕсы», йӕ ном кӕронмӕ кӕд срухс уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Уый фӕрцы, «чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон» схайджын уыдзысты, сӕ фыны дӕр кӕй нӕ федтой, ахӕм арфӕдзинӕдтӕй (Ис. 30:18). Йесо дӕр цӕттӕ у, цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Зӕххыл цӕргӕйӕ Хуыцауыл суанг кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад, ӕмӕ н. э. 33 азы йӕ нывонды аргъимӕ уӕлӕрвты Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыд. Фӕлӕ Паддзахӕй ӕвӕрд ӕрцыд ӕрмӕстдӕр 1914 азы, ӕмӕ йӕ уӕдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бирӕ бахъуыд (Хъуыд. 2:33–35; Дзут. 10:12, 13). Уымӕй уӕлдай ма йе знӕгтӕ иууылдӕр фесӕфдзысты ӕрмӕстдӕр йӕ Миназон хицаудзинады кӕрон (1 Кор. 15:25). Фӕлӕ йӕ зонӕм, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕу. w17.08 7 ф., 16, 17 абз.

Ӕртыццӕг, 22 май

[Хуыцау] нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр (2 Кор. 1:3, 4).

«Нӕ лӕппу куы амард, уый фӕстӕ афӕдзы бӕрц нӕ зӕрдӕты хъӕдгом дудгӕ рыст кодта ӕмӕ ӕппындӕр не ’гас кодта»,– загъта Сьюси. Иу ӕфсымӕр куыд зӕгъы, афтӕмӕй, йӕ бинойнаг ӕнӕнхъӕлӕджы куы амард, уӕд суанг йӕ буар дӕр ахӕм рыст кодта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Хъыгагӕн, ахӕм зӕрдӕрыст бирӕтӕ бавзӕрстой. Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр бирӕтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ сӕ хиуӕттӕй исчи Армагеддоны размӕ амӕлдзӕн. Чи зоны, дӕуӕн дӕр исчи амард кӕнӕ дӕ зонгӕтӕй искӕуыл зиан ӕрцыд. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс: «Зианджын адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм маст сфӕраза?» Рӕстӕг хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕхгӕнӕг у, фӕзӕгъынц. Фӕлӕ цымӕ уый ӕрмӕстдӕр рӕстӕгӕй аразгӕ у? Иу идӕдз сылгоймаг загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, адӕймаг йӕхӕдӕг цы аразы, уымӕй кӕнгӕ у, рӕстӕг ӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕви нӕ». Цӕмӕй буары хъӕдгом байгас уа, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг, стӕй йӕ хъӕуы истӕмӕй дзӕбӕх кӕнын. Раст афтӕ, цӕмӕй зӕрдӕйы хъӕдгом байгас уа, уый тыххӕй дӕр хъӕуы рӕстӕг, стӕй уый дӕр хъӕуы «дзӕбӕх» кӕнын. w17.07 12, 13 фф., 1–3 абз.

Цыппӕрӕм, 23 май

Йегъовӕ уӕд де стыр цин, ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Пс. 37:4).

Цавӕр нысӕнттӕ у дӕ бон дӕ разы сӕвӕрын? Йегъовӕ дын цы зӕгъы уый тыххӕй? Хуыцау адӕймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ, цӕмӕй амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ зона йе Сфӕлдисӕджы ӕмӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕна (Пс. 128:1; Матф. 5:3). Уый тынг хицӕн кӕны, цӕрӕгойты куыд сфӕлдыста, уымӕй – уыдонӕн сӕ цард у ӕрмӕст хӕрын, нуазын ӕмӕ цот уадзын. Фӕлӕ адӕймагӕн уыдӕттӕ фаг не сты. Уӕдӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дӕ цард афтӕ аразай, ӕмӕ ӕцӕг амондӕй хайджын уай. Не Сфӕлдисӕг у «уарзондзинады... Хуыцау» ӕмӕ «амондджын Хуыцау», ӕмӕ адӕмы сфӕлдыста «йӕхимӕ гӕсгӕ» (2 Кор. 13:11; 1 Тим. 1:11; Райд. 1:27). Уӕдӕ нӕ уарзӕгой Хуыцауы куы фӕзмай, уӕд уыдзынӕ амондджын. Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхицӕй зоныс, Библийы фыст ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, адӕймаг ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ куы нӕ цӕра, уӕд амондджын нӕ уыдзӕн. Йегъовӕйы дӕр уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр уарзай ӕмӕ уый бӕрӕг уа, дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс, уымӕй (Матф. 22:36–39). w17.07 23 ф., 3 абз.

Майрӕмбон, 24 май

Ӕнаипп чи у, уыдонӕн Йегъовӕ нӕ бавгъау кӕндзӕн хорздзинӕдтӕ (Пс. 84:11).

Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд у, уымӕй бӕрӕг у, кӕй сын аргъ кӕны ӕмӕ сӕ кӕй нымайы. Суанг ма ныл нӕхицӕй дӕр хуыздӕр тыхсы. Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕмткӕй райсгӕйӕ бирӕ уарзы. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай тынг фӕтыхсы йӕ алы лӕггадгӕнӕгыл дӕр хицӕнӕй. Зӕгъӕм, раджы заманты Йегъовӕ ӕртӕсӕдӕ азы бӕрц йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджыты уылты ӕмӕ-иу сын уыдоны уылты се знӕгты сӕ къухмӕ радта. Фӕлӕ-иу уыцы рӕстӕг дӕр Йегъовӕ йе ’ргом здӕхта хицӕн адӕймӕгтӕм дӕр. Уыдонӕй иу уыд Руф. Кӕд Руф израилаг нӕ уыд, уӕддӕр бирӕ цыдӕртӕ ныууагъта, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суыдаид. Йегъовӕ Руфӕн раарфӕ кодта: радта йын цардӕмбал ӕмӕ фырт. Уымӕй уӕлдай ма Мессийӕ уыд йӕ фырты байзӕддӕгтӕй. Стӕй ма Йегъовӕ Руфы царды хабӕрттӕ ныффыссын кодта Библийы ӕмӕ уыцы чиныг схуыдта йӕ номӕй. Ахъуыды-ма кӕн, ног дунейы Руф куы райгас уа ӕмӕ уыдӕттӕ куы базона, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыдзӕн (Руф 4:13; Матф. 1:5, 16). w17.06 28, 29 фф., 8, 9 абз.

Сабат, 25 май

Сыгъдӕг тых... уын уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, цы уын дзырдтон, уыдӕттӕ иууылдӕр (Иоан. 14:26).

Иу ӕфсымӕр, йӕ ном Питер, 1970 азы, 19 азы йыл куы цыд, уӕд, райдыдта Великобританийы Вефилы лӕггад кӕнын. Питер хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодта, уӕд сӕмбӕлд, 50 азы бӕрц кӕуыл цыди, иу ахӕм боцъоджын нӕлгоймагыл. Питер ӕй бафарста, зӕгъгӕ, дам, дӕ Библи хуыздӕр базонын нӕ фӕндид. Уыцы нӕлгоймаг разынд дзуттаг раввин ӕмӕ йӕм диссаг фӕкаст, уыцы ӕрыгон лӕппу йын Библийӕ цыдӕртӕ бацамонынмӕ кӕй хъавыд. Цӕмӕй Питеры бафӕлвӕрдтаид, уый тыххӕй йӕ бафарста: «Уӕдӕ-ма мын, мӕ лӕппу, зӕгъ, Данелы чиныг цы ’взагыл ӕрцыд фыст?» Питер ын дзуапп радта, йӕ иу хай фыст кӕй ӕрцыд арамейаг ӕвзагыл. Питер ма ноджыдӕр радзырдта: «Раввин тынг бадис кодта, раст дзуапп ын кӕй радтон, ууыл, фӕлӕ мӕхӕдӕг та уымӕй тынгдӕр бадис кодтон! Йӕ дзуапп ын кӕцӕй зыдтон? Хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ ӕмӕ „Райхъал ут!“-ы фӕстаг цалдӕр номырмӕ ӕркастӕн, ӕмӕ дзы иу статьяйы фыст уыд, Данелы чиныгӕн йӕ кӕцыдӕр хай фыст кӕй ӕрцыд арамейаг ӕвзагыл» (Дан. 2:4). Уӕдӕ бӕрӕг у, сыгъдӕг тых нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цы бакастыстӕм, уый ӕрхъуыды кӕнынӕн (Лук. 12:11, 12; 21:13–15). w17.06 13 ф., 17 абз.

Хуыцаубон, 26 май

Бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ (1 Кор. 7:28).

Ахъуыды-ма кӕнӕм, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ цард куыд фӕивы, сывӕллон сын кӕй уыдзӕн, уый куы базонынц, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕцин кӕнынц, фӕлӕ ма тыхсгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕтыхсынц, цалынмӕ сывӕллон райгуыра, уӕдмӕ мадыл дӕр ӕмӕ сывӕллоныл дӕр исты куы ’рцӕуа, зӕгъгӕ. Стӕй фӕзонынц, уымӕй фӕстӕмӕ сӕ фылдӕр хӕрдзтӕ кӕнын кӕй бахъӕудзӕн. Ӕмӕ сывӕллон куы райгуыры, уӕд ма сӕ ноджыдӕр цыдӕртӕ фӕхъӕуы фӕивын. Мад фылдӕр сывӕллонимӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, лӕгмӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ йӕ бинойнаджы афтӕ тынг нал хъӕуы. Уӕдӕ нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хӕстӕ фӕфылдӕр вӕййынц. Ӕдзух ӕй фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй йӕ ус дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллон дӕр, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ цух ма уой. Иуӕй-иу бинонтӕ та сӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинадыл – цот сын нӕ фӕцӕуы, кӕд уымӕ тынг фӕбӕллынц, уӕддӕр. Ӕмӕ сылгоймагӕн уый зӕрдӕниз свӕййы. w17.06 4 ф., 1 абз.; 5 ф., 5, 6 абз.

Къуырисӕр, 27 май

Дӕ ныхӕстӕ мӕ дзыхы куыд адджын сты, мыдӕй дӕр адджындӕр! (Пс. 119:103).

Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ рӕстдзинад тынг уарзӕм. Ӕмӕ рӕстдзинад та ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Ныхасы. Йесо йӕ Фыдӕн загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоан. 17:17). Ӕмӕ цӕмӕй рӕстдзинад бауарзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, Библийы цы фыст ис, уый (Кол. 1:10). Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Ӕркӕсӕм-ма, 119-ӕм псалом чи ныффыста, уый нын куыд ӕмбарын кӕны, цы нӕ хъӕуы аразын (Пс. 119:97–100). Библийӕ цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн алы бон дӕр рӕстӕг ссарӕм? Цы базонӕм, уыдӕттӕ нын царды цы пайда ӕрхӕсдзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Библийы рӕстдзинад тынгӕй-тынгдӕр уарздзыстӕм. Нӕ организаци цы публикацитӕ бацӕттӕ кӕны, уыдон вӕййынц адджын хӕринаджы хуызӕн. Хӕринаг нӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуы, уӕд дзы нӕ фефсӕдӕм, фынгӕй сыстынмӕ тагъд нӕ фӕкӕнӕм. Ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ дӕр хъуамӕ афтӕ ӕхсызгонӕй иртасӕм. Афтӕмӕй нӕхи ӕфсаддзыстӕм рӕстдзинады ныхӕстӕй, «зӕрдӕйӕн ӕхсызгон чи у», ахӕм ныхӕстӕй. Стӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй-иу сӕ бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ фӕрцы иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнӕм (Еккл. 12:10). w17.05 19, 20 фф., 11, 12 абз.

Дыццӕг, 28 май

Ӕцӕгдӕр, Хуыцау уемӕ ис (1 Кор. 14:25).

Мах фӕнды, хъизӕмар чи кӕны, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, уыимӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр (Лук. 10:33–37). Уымӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕрлидзджытӕй бирӕтӕн чи баххуыс кодта, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг зӕгъы: «Семӕ ныхас кӕнын куы райдайай, уӕд уал сын хъуамӕ зӕгъай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ дӕ сӕйраг нысан уый кӕй нӕу, цӕмӕй сын ӕхцайӕ баххуыс кӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Хуыцауимӕ базонгӕ кӕнай. Кӕннод чидӕртӕ немӕ ныхас кӕнын райдайынц, цӕмӕдӕр нӕм кӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый тыххӕй». Ӕрлидзӕг адӕмы ӕнӕхин уарзтӕй куы фӕуарзӕм, уӕд нын бирӕ бантысы (Пс. 146:9). Иу хо радзырдта, йӕ бинонтӕ Эритрейӕ лидзинаг кӕй фесты, сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уый тыххӕй. Йӕ сывӕллӕттӕй цыппары бахъуыди аст боны ӕдзӕрӕг быдырыл цӕуын, ӕмӕ сӕм тыхы мур нал баззад. Фӕстагмӕ бахӕццӕ сты Суданмӕ. Хо зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕ сыл хи бинонтау батыхстысты, баххуыс сын кодтой хӕринагӕй, дзаумайӕ, цӕрӕнбынат сын ссардтой ӕмӕ сын фӕндаггагӕн дӕр ӕхца радтой. Чи суазӕг кӕндзӕн йӕ хӕдзары ӕнӕзонгӕ адӕмы, иу Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты йеддӕмӕ ничи!» (Иоан. 13:35). w17.05 7 ф., 17, 19, 20 абз.

Ӕртыццӕг, 29 май

Сымах мӕн тыххӕй мӕ лӕггадгӕнӕг Иовау, раст цы у, уый нӕ дзырдтат (Иов 42:8).

«Адӕймаг Хуыцауӕн исты пайда у? Ӕмбаргӕ адӕймаг ын исты ӕххуыс у? Рӕстгӕнӕг кӕй дӕ, уый Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн исты циндзинад хӕссы? Кӕнӕ ӕнӕфау кӕй дӕ, уымӕй йын исты пайда ис?» (Иов 22:1–3). Ахӕм фарстатӕ феманаг Елифаз радта Иовмӕ, ӕмӕ йӕ зӕгъын фӕндыд, уыдӕттӕ Хуыцауӕн ницы пайда сты, зӕгъгӕ. Шуахаг Вилдад та ма суанг загъта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ Хуыцау адӕмы рӕстгӕнджытыл нымайа (Иов 25:4). Елифаз ӕмӕ Вилдад цӕхгӕр ныллӕууыдысты, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл кӕй архайы, уый, дам, Хуыцауӕн ницы пайда у. Стӕй, дам, рӕмпӕгӕн, уаллонӕн кӕнӕ зулкъӕн Хуыцауы цӕсты цы кад ис, махӕн дӕр йӕ цӕсты уымӕй стырдӕр кад нӕй (Иов 4:19; 25:6). Йегъовӕ Елифазӕн, Вилдадӕн ӕмӕ Софарӕн бауайдзӕф кодта, мӕнг ныхӕстӕ дзы кӕй фӕкодтой, уый тыххӕй. Иовы та схуыдта йӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ рухс кодта (Иов 42:7). Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕнӕххӕст адӕм Хуыцауӕн «пайда» кӕй сты, ууыл. w17.04 28 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 30 май

Фарнӕй бафсӕддзысты (Пс. 37:11).

Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ацы фыддунейы цӕрӕм, ӕмӕ уый тыххӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр мауал кӕнӕм, цы уавӕртӕ дзы ис, уыдон нын цӕй стыр масты хос сты, уый. Зӕгъӕм, ӕфсӕнвӕндаджы станцӕмӕ хӕстӕг чи цӕры, уыдон, цы хъӕлӕба дзы фӕцӕуы, уый нал фӕхъусынц. Бырондонмӕ хӕстӕг чи цӕры, уыдон та нал фембарынц, цы ӕвзӕр тӕф дзы фӕкӕлы, уый. Фӕлӕ уыдӕттӕ куы нал уаиккой, уӕд адӕмӕн бирӕ фенцондӕр уаид. Раст афтӕ Хуыцау дӕр фыдуавӕртӕн кӕрон куы скӕна, уӕд адӕм сӕ риуыдзаг сулӕфдзысты! Уӕдӕ абон цы маст ӕмӕ рыст ӕвзарӕм, уыдон куы нал уой, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн? Дӕ хъус-ма ӕрдар, абоны стихы цы зӕрдӕвӕрд ис, уымӕ. Йегъовӕйы зӕрдӕ махӕй алкӕмӕн дӕр уый зӕгъы. Ӕмӕ нын уый стыр удӕнцой куыннӕ у! Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй ацы зын рӕстӕджы цӕргӕйӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ ма адард уай! Йегъовӕ зӕрдӕ цы цардӕй ӕвӕры, уый ма рох кӕн, хъуыды йыл кӕн ӕмӕ, ахӕм цард кӕй ралӕудзӕн, ууыл ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн. Стӕй уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзур! (1 Тим. 4:15, 16; 1 Пет. 3:15). Афтӕ куы кӕнай, уӕд ыл дызӕрдыг дӕр ма кӕн, Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд кӕй фервӕздзынӕ ӕмӕ ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзынӕ! w17.04 13 ф., 16, 17 абз.

Майрӕмбон, 31 май

Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм (Иак. 3:2).

Афтӕ кӕй у, уыимӕ, ӕвӕццӕгӕн, алчидӕр разы вӕййы. Фӕлӕ, хъуыддаг хъуыддагмӕ куы ’рцӕуы, ома нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд куыд бакӕнӕм? Йегъовӕйы цӕсты раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый бамбарыныл фӕархайӕм ӕмӕ хъуыддагмӕ уый цӕстӕй фӕкӕсӕм? Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг цыдӕр загъта, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕмӕдӕр ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кӕсы, кӕйдӕр та хъулон кӕй кӕны. Уӕд куыд кӕндзынӕ? Хистӕр нӕлгоймаг дын ӕнӕрхъуыдыйӕ исты куы зӕгъа ӕмӕ дӕм йӕ ныхӕстӕ хъыг куы фӕкӕсой, уӕд дын уый цӕлхдур суыдзӕн? Уайтагъд афтӕ хъуыды кӕнын райдайдзынӕ, ӕмӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймаг ма уа? Ӕви Йесомӕ, ӕмбырды сӕргъы чи ис, уымӕ, банхъӕлмӕ кӕсдзынӕ? Ӕфсымӕр рӕдыд кӕй ӕруагъта, ууыл хъуыды кӕндзынӕ ӕви, бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕны, ууыл? Чи дӕ фӕхъыг кодта, уыцы ӕфсымӕр дарддӕр хистӕр нӕлгоймагӕй куы лӕггад кӕна кӕнӕ ма йын суанг ноджыдӕр цавӕрдӕр хӕстӕ куы бабар кӕной, уӕд ын йӕ циныл цин кӕндзынӕ? Хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ куы уай, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ды дӕр, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс (Матф. 6:14, 15). w17.04 27 ф., 18 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын