Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 49–63 фф.
  • Апрель

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апрель
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 апрель
  • Дыццӕг, 2 апрель
  • Ӕртыццӕг, 3 апрель
  • Цыппӕрӕм, 4 апрель
  • Майрӕмбон, 5 апрель
  • Сабат, 6 апрель
  • Хуыцаубон, 7 апрель
  • Къуырисӕр, 8 апрель
  • Дыццӕг, 9 апрель
  • Ӕртыццӕг, 10 апрель
  • Цыппӕрӕм, 11 апрель
  • Майрӕмбон, 12 апрель
  • Сабат, 13 апрель
  • Хуыцаубон, 14 апрель
  • Къуырисӕр, 15 апрель
  • Дыццӕг, 16 апрель
  • Ӕртыццӕг, 17 апрель
  • Цыппӕрӕм, 18 апрель
  • Ӕрымысӕн изӕр
    хурныгуылды фӕстӕ
    Майрӕмбон, 19 апрель
  • Сабат, 20 апрель
  • Хуыцаубон, 21 апрель
  • Къуырисӕр, 22 апрель
  • Дыццӕг, 23 апрель
  • Ӕртыццӕг, 24 апрель
  • Цыппӕрӕм, 25 апрель
  • Майрӕмбон, 26 апрель
  • Сабат, 27 апрель
  • Хуыцаубон, 28 апрель
  • Къуырисӕр, 29 апрель
  • Дыццӕг, 30 апрель
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 49–63 фф.

Апрель

Къуырисӕр, 1 апрель

[Хуыцау] радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты (Еф. 4:8).

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы куыст кӕнынц, уый нын пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн? Сӕ уырнындзинад ӕмӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы фӕзмӕм, стӕй нын Библийӕ цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ куы хъусӕм (Дзут. 13:7, 17). Дӕ зӕрдыл дар, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕна. Зӕгъӕм, чидӕр ӕмбырдтӕ цух кӕнын кӕй райдыдта кӕнӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй нал лӕггад кӕны, уый куы бафиппайынц, уӕд ӕм уайтагъд се ’ххуысы къух бадарынц. Байхъусынц ӕм, стӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауынц ӕмӕ йын Библийӕ хорз уынаффӕ раттынц. Се ’ххуысмӕ сын цы цӕстӕй кӕсыс? Ӕмбарыс ӕй, уыцы ’ххуыс Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у? Дӕ зӕрдыл дар, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн алы хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы иннӕтӕн уынаффӕтӕ дӕттын. Уӕдӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй де ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс ӕххӕст кӕнын ӕнцондӕр уа? У сӕрныллӕг, бузныг сӕ у, стӕй дӕхи афтӕ ма дар, ӕмӕ дӕм бацӕуын ма уӕндой. Рох дӕ ма уӕд, кӕй дын ӕххуыс кӕнынц, уый Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Афтӕмӕй дын се ’ххуыс пайда ӕрхӕсдзӕн, ӕмӕ уыдон дӕр сӕ хӕс зӕрдиагдӕрӕй ӕххӕст кӕндзысты. w18.03 31 ф., 15, 16 абз.

Дыццӕг, 2 апрель

Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11).

Сывӕллӕттӕ иухуызон нӕ вӕййынц. Се ’ппӕт ӕмбаргӕ уыцы иу кары не свӕййынц. Иуӕй-иу сывӕллӕттӕ рӕстдзинад бамбарынц, нырма гыццыл куы вӕййынц, уӕд, ӕмӕ уыцы карӕнӕй дӕр сӕ бон вӕййы зондджын уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сӕ бафӕнды донаргъуыд райсын. Чидӕртӕ та донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ вӕййынц, куы байрӕзынц, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн донаргъуыд тыххӕй нӕ фӕисын кӕнынц. Уыдон сӕ хъус фӕдарынц, сӕ сывӕллӕттӕ рӕстдзинад цас хорз ӕмбарынц, уымӕ, ӕмӕ сын ӕххуыс дӕр уымӕ гӕсгӕ фӕкӕнынц. Сывӕллӕттӕ зондджын уынаффӕтӕ куы фӕхӕссынц, уӕд уый ныййарджытӕн стыр цины хос вӕййы, ӕмӕ уый бӕрӕг у абоны стихӕй. Фӕлӕ сӕ хъуамӕ рох ма уа, сӕ сӕйраг нысан кӕй у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Уыцы нысан хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой ӕмӕ афтӕмӕй ахъуыды кӕной ахӕм фарстайыл: «Мӕ сывӕллонмӕ фаг зонындзинӕдтӕ ис, цӕмӕй йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса?» w18.03 9 ф., 6 абз.

Ӕртыццӕг, 3 апрель

Йӕ сомыйӕ йӕхицӕн зиан куы уа, уӕд дӕр йӕ ныхас нӕ ивы (Пс. 15:4).

Раст нӕ уыдзӕн, кӕмӕдӕр уазӕгуаты ацӕуыныл куы сразы уӕм, фӕлӕ стӕй исты куы сӕфсон кӕнӕм ӕмӕ куы нал ацӕуӕм. Чи нӕ фӕхуыдта, уый, чи зоны, цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кодта, ӕмӕ йын афтӕ куы зӕгъӕм, не ’рбацӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы фӕуыдзӕн (Матф. 5:37). Иуӕй-иутӕ, кӕмӕдӕр уазӕгуаты ацӕуыныл куы сразы вӕййынц, фӕлӕ сӕ стӕй ӕндӕр исчи куы фӕхоны, уӕд уырдӕм ацӕуынц, зӕгъгӕ, уым хуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ нӕ фыццаг чи фӕхуыдта, уыцы хо кӕнӕ ӕфсымӕры уарзӕм ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ-иу хъуамӕ бузныг уӕм, кӕй нӕ фӕхуыдтой, уый тыххӕй, кӕд нын нӕ разы стыр фынгтӕ не ’рӕвӕрой, уӕддӕр (Лук. 10:7). Ӕмӕ, мыййаг, нӕ уавӕртӕ куы фӕивой ӕмӕ нын уазӕгуаты ацӕуын ӕцӕгдӕр куы нӕ уайа, уӕд хъуамӕ нӕ фысымты, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уый тыххӕй рагацау бафӕдзӕхсӕм. Ахсджиаг ма у, цӕмӕй-иу бынӕттон ӕгъдӕуттӕ нӕ зӕрдыл дарӕм. Иуӕй-иу бӕстӕты афтӕ у, ӕмӕ уазӕг ӕнӕнхъӕлӕджы куы ’рбацӕуы, уӕд уый фысымӕн ӕхсызгон вӕййы. Кӕцыдӕр бӕстӕты та уазӕгуаты ӕнӕхонгӕйӕ цӕуын не ’мбӕлы. Иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕм ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ дӕ исчи уазӕгуаты куы хона, уӕд ын фыццаг дыууӕ хатты хъуамӕ уӕзданӕй зӕгъай, нӕ мын уайы, зӕгъгӕ. Кӕцыдӕр адӕмыхӕттытӕм та афтӕ у, ӕмӕ дӕ адӕймаг куы фӕхона, уӕд ын, нӕ, зӕгъгӕ, дзурын, не ’мбӕлы. Уӕдӕ-иу хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу нӕ нӕ фысым райгондӕй баззайа. w18.03 18 ф., 20, 21 абз.

Цыппӕрӕм, 4 апрель

Ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ (Дзут. 6:1).

Цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ нӕм Библийӕ цавӕрдӕр зонындзинӕдтӕ уа (1 Пад. 4:29, 30; 11:4–6). Уӕдӕ ма зонындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ноджыдӕр цы хъӕуы? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «уырнындзинады ӕрфидар уӕм» (Кол. 2:6, 7). Зӕгъӕм, нӕ бон у, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый кой кӕм цӕуы, уыцы публикацитӕ иртасын. Уый фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн (Кол. 1:23). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ, цы базонӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын нӕ цард уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ аразынӕн ӕххуыс кӕна. Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд, Библи иртасгӕйӕ нӕ нысан кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй нӕ зӕрдиагӕй фӕнда Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Пс. 40:8; 119:97). Хуыцауы Ныхас иртасгӕйӕ мах базонӕм, нӕ бон куыд у, нӕ уырнындзинад фидар кӕнын нӕ чи къуылымпы кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй дард лидзын (Тит. 2:11, 12). w18.02 24, 25 фф., 7–9 абз.

Майрӕмбон, 5 апрель

[Ной] йӕ уырнындзинады фӕрцы бынӕн райста рӕстгӕнӕджы ном (Дзут. 11:7).

Цӕмӕй нӕм Нойы хуызӕн уырнындзинад уа, уый тыххӕй фыццаджыдӕр хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм ӕмӕ-иу, цы базонӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, стӕй уыцы зонындзинӕдты фӕрцы раст уынаффӕтӕ хӕссын сахуыр уӕм ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый-иу фӕивӕм (1 Пет. 1:13–15). Уырнындзинад ӕмӕ нӕ Хуыцауы зонд хъахъхъӕндзысты Хӕйрӕджы хин митӕй ӕмӕ ацы дунейы ӕвзӕр зондахастӕй (2 Кор. 2:11). Уыцы зондахастӕй чи фӕхъӕстӕ вӕййы, уыдон тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад хорз цӕуылдӕр нымайын райдайынц, ӕмӕ сӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл ацӕуынц (1 Иоан. 2:15, 16). Уыдон ницӕмӕ фӕдарынц, Хуыцауы стыр бон хӕстӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ нӕ уырнындзинад лӕмӕгъ куы уа, уӕд мах дӕр уыцы зондахастӕй фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо нӕ рӕстӕг Нойы замантимӕ куы абарста, уӕд афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ уыцы адӕм, тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй фесӕфтысты. Йесо бамбарын кодта, хъуыддаг уый мидӕг кӕй уыд, ӕмӕ сын Хуыцау цы дзырдта, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд (Матф. 24:36–39). Хорз уаид, алчидӕр нӕ ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕнид: «Мӕ цардӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр кӕй уарзын? Мӕ уырнындзинад мӕ уымӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрон ӕмӕ уыдоны тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурон?» Ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ раттӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, мах дӕр Нойау ӕцӕг Хуыцауимӕ цӕуӕм ӕви нӕ (Райд. 6:9). w18.02 9, 10 фф., 8–10 абз.

Сабат, 6 апрель

Ахӕмтӕм хӕстӕг дӕр ма цу (2 Тим. 3:5).

Ацы дунейы цӕргӕйӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ, ӕвзӕр миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй нӕхи бынтондӕр бахизӕм. Ахӕм адӕмыл, чи зоны, ӕмбӕлӕм нӕ куысты кӕнӕ та скъолайы. Стӕй ахӕмтимӕ, чи зоны, цӕргӕ дӕр кӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхи сӕ зондахастӕй бахизӕм ӕмӕ сын се ’взӕр миниуджытӕ фӕзмын ма райдайӕм. Уый нӕ бон бауыдзӕн, нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоныл нӕхи бӕттӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм. Уӕдӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй, кӕд цы зӕгъын хъӕуы, уый зонӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый иннӕтӕ куы зоной, уӕд нӕ хорз уагахаст кад нӕхицӕн нӕ хӕсдзӕн, фӕлӕ нӕ Хуыцауӕн. Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны, «цӕмӕй ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:11–14). Уӕдӕ Хуыцауы куы фӕзмӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд уый иннӕтӕ дӕр уындзысты, ӕмӕ сӕ, чи зоны, исчи афтӕ дӕр зӕгъа: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Зах. 8:23). w18.01 31 ф., 17, 18 абз.

Хуыцаубон, 7 апрель

Адӕм уыдзысты хиуарзон (2 Тим. 3:2).

Адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй исты ис? Нӕ. Уӕвгӕ нӕ афтӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг скодта. Йесо загъта: «Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Мар. 12:31). Адӕймаг йӕхи куы нӕ уарза, уӕд иннӕты та куыд хъуамӕ уарза! Библийы ма ноджыдӕр фыст ис: «Лӕгтӕ... сӕхи буар куыд уарзынц, афтӕ хъуамӕ уарзой сӕ устыты. Йӕ усы чи уарзы, уый уарзы йӕхи дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ буарӕй йе сӕфт никуы ничи уыдта, фӕлӕ йӕм алчидӕр зилы ӕмӕ йӕ буц дары» (Еф. 5:28, 29). Уӕдӕ, адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ, 2 Тимофеймӕ 3:2 цы уарзондзинады кой ис, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Йӕхи ӕгӕр тынг чи уарзы, уыдон сӕхицӕй, цы сты, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл вӕййынц (Ром. 12:3). Иннӕтӕ сӕм нымады дӕр нӕ вӕййынц, ӕрмӕстдӕр сӕ сӕхи мӕт вӕййы. Исты раст куы нӕ рауайы, уӕд сӕ рӕдыдыл нӕ басӕттынц, фӕлӕ иннӕты аххосджын кӕнынмӕ фӕвӕййынц. Ахӕм адӕм ӕцӕг амондджын никуы вӕййынц. w18.01 23 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 8 апрель

Бузныг ут (Кол. 3:15).

Библи куы фӕиртасӕм, уӕд фӕхъусӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ. Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд афтӕмӕй та йемӕ ныхас фӕкӕнӕм. Чырыстӕттӕ Хуыцаумӕ хъуамӕ уый тыххӕй ма кувой, ӕмӕ иннӕтӕ дӕр афтӕ фӕкӕнынц. Стӕй хъуамӕ куывд, сӕ фӕндтӕ сӕ къухы кӕй фӕрцы ӕфтдзысты, ахӕм цӕуылдӕр ма нымайой. Куывд у диссаджы фадат не Сфӕлдисӕгимӕ ныхас кӕнынӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм (Фил. 4:6). Библи нын дзуры, цӕмӕй, истӕуыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд-иу нӕ «уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрӕм» (Пс. 55:22). Милуангай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын зӕгъдзысты, уыцы уынаффӕ сын кӕй баххуыс кодта. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн! Фӕлӕ Йегъовӕмӕ ӕрмӕст ӕххуысы тыххӕй хъуамӕ ма кувӕм. Адӕймаг хатгай йӕ зындзинӕдтыл афтӕ свӕййы, ӕмӕ, цы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын у, уыдон нал фӕуыны. Уӕдӕ-иу алы бон дӕр ахъуыды кӕн, Хуыцауӕй бузныг кӕй тыххӕй дӕ, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ ахӕм хъуыддагыл, ӕмӕ-иу ын стӕй уыцы хорздзинӕдты тыххӕй бузныг зӕгъ. w17.12 25, 26 фф., 10, 11 абз.

Дыццӕг, 9 апрель

Ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай (2 Тим. 3:15).

Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй алы аз дӕр мингӕйттӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд райсынц. Бирӕтӕ дзы сты ӕрыгӕттӕ. Чидӕртӕ сӕ рӕстдзинад сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зонынц ӕмӕ равзӕрстой царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг (Пс. 1:1–3). Кӕд дын сывӕллон ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тынг бӕллыс, донаргъуыд куы райса, уыцы бонмӕ. (Абар 3 Иоанны 4.) Чырыстон ныййарӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ сывӕллон зона сыгъдӕг Фыстытӕ (Дзуттаг Фыстытӕ дӕр ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ дӕр). Суанг гыццыл сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у Библи ахуыр кӕнын, цӕмӕй дзы цы адӕмы ӕмӕ цы хабӕртты кой ис, уыдӕтты тыххӕй базоной. Йегъовӕйы организаци рауагъта бирӕ чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ видеороликтӕ, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной. Рох дӕ ма уӕд: цӕмӕй дӕ сывӕллон Йегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы, Библийы цы фыст ис, уый зонын. w17.12 18 ф., 1 абз.; 19 ф., 4 абз.

Ӕртыццӕг, 10 апрель

Лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау (Еф. 5:23).

Зӕгъӕм, хомӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын йе ’нӕуырнӕг сӕрыхицау хорз нӕу, уӕд йӕ бон цы у аразын? Куы йӕм мӕсты кӕна ӕмӕ йемӕ куы хыл кӕна, уӕд уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн? Чи зоны-иу ӕй басӕтта ӕмӕ-иу лӕг йӕ ныхасыл сразы уа. Фӕлӕ йӕ, цымӕ, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнддзӕн? Зынтӕй. Фӕлӕ хо йӕ сӕрыхицауӕн куы аргъ кӕна, уӕд йӕ бинонты фарныл фарн ӕфтаудзӕн, Йегъовӕйӕн кад хӕсдзӕн ӕмӕ ма, чи зоны, йӕ лӕджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр бафӕнда. Ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕппынфӕстаг хӕрзиуӕг райсдзысты (1 Пет. 3:1, 2). Зӕгъӕм, ӕфсымӕрмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йын йе ’нӕуырнӕг бинойнаг нӕ аргъ кӕны, уӕд йӕ бон цы у аразын? Куы йыл хъӕртӕ кӕна, хӕдзары хицау чи у, уый зонӕд, зӕгъгӕ, уӕд ын цымӕ йӕ бинойнаг тынгдӕр аргъ кӕндзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хуыцау зӕгъы, цӕмӕй нӕлгоймаг Чырыстийы фӕзма ӕмӕ йӕ усӕн уа фӕлмӕн сӕрыхицау. Йесо, «ӕмбырды... сӕр», йӕ фӕдылдзӕуджытӕн разамынд дӕтты уарзгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй (Лук. 9:46–48). Уӕдӕ ӕфсымӕр Йесойы куы фӕзма, уӕд, чи зоны, йӕ бинойнаджы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бафӕнда. w17.11 28, 29 фф., 13, 14 абз.

Цыппӕрӕм, 11 апрель

Ӕппӕт саразӕг... у Хуыцау (Дзут. 3:4).

Ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдонмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ нымады дӕр не сты, ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд уыцы зондахаст, чи зоны, махыл дӕр фӕзына ӕмӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Ацы дунейы зондахастӕй нӕ хызт ничи у. Телевизоры уа ӕви интернеты, куысты уа ӕви скъолайы – алы ран дӕр бӕрӕг дары. Бирӕ бӕстӕты тынг арӕх фехъусӕн ис, адӕм Хуыцауыл кӕй не ’ууӕндынц. Афтӕ чи фӕдзуры, уыдон, чи зоны, лӕмбынӕг никуы ахъуыды кодтой, Хуыцау ис ӕви нӕ, ууыл. Кӕнӕ та, чи зоны, сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, сӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй никӕй раз дӕттынц, уый (Пс. 10:4). Иннӕтӕ та, чи зоны, хъуыды кӕнынц, ӕмӕ афтӕ куы дзурой, ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр ӕгъдауджын дӕн, зӕгъгӕ, уӕд зондджын адӕймаджы каст кӕндзысты. Цымӕ, Хуыцау кӕй нӕй, ууыл ӕууӕндын раст у? Цард куыд фӕзынд, уый базоныны тыххӕй адӕймаг йе ’ргом наукӕмӕ куы аздаха, уӕд дзы утӕппӕт информаци ссардзӕн, ӕмӕ йӕ сӕр сдзӕгъӕл уыдзӕн. Фӕлӕ ӕнӕуи та ацы фарстайӕн йӕ дзуапп у бынтон хуымӕтӕг. Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ хӕдзар йӕхигъӕдӕй фӕзына? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хъуамӕ йӕ исчи сараза. w17.11 20, 21 фф., 2–4 абз.

Майрӕмбон, 12 апрель

Йегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг (Мал. 3:16).

Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕнынмӕ ӕрбацӕуын ахсджиаг цӕмӕн у? Иу уый, ӕмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уый дӕр нӕ лӕггадмӕ хауы. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ хъус фӕдарынц, уыцы ахсджиаг хабар сбӕрӕг кӕнынмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонмӕ. Ӕмӕ мах тынг фӕнды, цӕмӕй ацы аз дӕр, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ барухс кӕнӕм. Ӕмбырды фембӕлдтӕ ахсджиагыл кӕй нымайӕм, уый хъуыддагӕй куы ӕвдисӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн фадат ратдзыстӕм, цӕмӕй нын йӕ «зӕрдылдарӕн чиныджы», кӕнӕ «царды чиныджы», нӕ нӕмттӕ ныффысса. Уыцы чиныджы фыст цӕуынц, Йегъовӕ ӕнусон цард раттинаг кӕмӕн у, уыдоны нӕмттӕ (Рарг. 20:15). Хорз уаид, Ӕрымысӕн изӕры размӕ-иу цалдӕр къуырийы дӕргъы иу-цасдӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕниккам, цӕмӕй-иу Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, цас ӕнгом ӕм стӕм, ууыл (2 Кор. 13:5). w18.01 13 ф., 4, 5 абз.

Сабат, 13 апрель

Хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ (Йес. Н. 20:4).

Адӕймаджы-иу барӕй чи нӕ амардта, уымӕн-иу ӕмбӕхсӕн горӕты тӕссаг ницӕмӕйуал уыд. Йегъовӕ загъта: «Уыцы горӕттӕ уын уыдзысты тугисджытӕй бамбӕхсынӕн» (Йес. Н. 20:2, 3). Йегъовӕ нӕ домдта, цӕмӕй-иу, адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн йӕ хъуыддаг ногӕй ӕвзӕрстаиккой. Стӕй-иу тугисӕгӕн дӕр ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ бацӕуын ӕмӕ туджджыны амарыны бар нӕ уыд. Уӕдӕ дзы тугисӕг йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй тӕрсын ӕй нӕ хъуыди. Цалынмӕ-иу уыцы горӕты уыд, уӕдмӕ-иу ӕй Йегъовӕ хъахъхъӕдта. Ӕмбӕхсӕн горӕт туджджынӕн ахӕстон нӕ уыд. Йӕ бон уыди кусын, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ уым дӕр йӕ бон уыди амондджынӕй цӕрын! Хуыцауы адӕмӕй стыр тӕригъӕд чи ракодта ӕмӕ йыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уӕддӕр сӕхи фӕхӕрынц, ӕмӕ сын уыцы хъуыдытӕ раст ахӕстоны хуызӕн свӕййынц. Суанг сӕм афтӕ дӕр фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ тӕригъӕд ӕнустӕм дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Кӕд дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, уыцы хъуыдытӕ дӕ сӕрӕй фӕсур, ӕмӕ дӕхи мауал хӕр. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын дӕ рӕдыд куы ныххатыр кӕна, уӕд дын ӕй дӕ цӕстмӕ нал дардзӕн. w17.11 9 ф., 6 абз.; 11 ф., 13, 14 абз.

Хуыцаубон, 14 апрель

Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис... иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой! (Пс. 133:1).

Ӕрымысӕн изӕры размӕ ӕмӕ уӕлдайдӕр та уыцы фембӕлды рӕстӕг хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм, донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн цӕмӕ амонынц, ууыл (1 Кор. 11:23–25). Дзул амоны Йесойы ӕнӕтӕригъӕд буармӕ, мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, йӕ уыцы буармӕ. Сӕн та амоны, мах тыххӕй кӕй ныккалдта, йӕ уыцы тугмӕ. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы нывонд цы стыр уарзондзинадыл дзурӕг у, уый. Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нӕ бавгъау кодта. Ӕмӕ нӕ Йесо дӕр афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард радта. Цы уарзондзинад равдыстой, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ мах дӕр уарздзыстӕм. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы кӕрӕдзийыл стӕм фидар тӕгтӕй баст ӕмӕ не ’хсӕн ис иудзинад. w18.01 14 ф., 11 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Матфейы 26:6–13

Къуырисӕр, 15 апрель

Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм (1 Иоан. 4:9).

Йегъовӕ адӕмы тынг уарзы. Афтӕ зынаргъ ын стӕм, ӕмӕ йӕ Фырты радта, цӕмӕй нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа (Иоан. 3:16). Йегъовӕ фидӕны тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдон куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд Хӕйрӕгӕн ӕфсон фӕуыдзӕн Хуыцауы фӕаххосджын кӕнынӕн, адӕмы сайыс ӕмӕ сӕ хорз цыдӕртӕ сусӕг кӕныс, стӕй Хицауӕн нӕ бӕззыс, зӕгъгӕ. Стӕй уӕд, Хуыцауы ныхмӕ ма ноджыдӕр чи цӕуы, уыдон дӕр раст разындзысты. Уыдон афтӕ дзурынц: «Кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис? Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ» (2 Пет. 3:3, 4). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Уый афтӕ бакодта, цӕмӕй, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа, уӕд уый фӕрцы коммӕгӕс адӕм дӕр фервӕзой (Ис. 55:10, 11). Йегъовӕйы хицаудзинад ӕнцайы уарзондзинадыл. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр кӕй уарздзӕн ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕндзӕн, ууыл (Рац. 34:6). w17.06 23 ф., 7 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 21:1–11, 14–17

Дыццӕг, 16 апрель

Хуыцау [нӕ] бауарзта ӕмӕ йӕ Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй йӕ цард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывондӕн ӕрхастаид (1 Иоан. 4:10).

Райдианы 3:15 фыст ис, Йегъовӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ афтӕ нымадта, цыма уыцы нывонд хаст ӕрцыд. Ӕмӕ стӕй иу-4 000 азы фӕстӕ йӕ иунӕг Фырты адӕмы тыххӕй нывондӕн ӕрхаста, кӕд ын тынг зын уыд, уӕддӕр (Иоан. 3:16). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ йӕ удуӕлдай уарзондзинады тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! Махӕн дӕр нӕ бон у иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕхимӕ гӕсгӕ сфӕлдыста. Авел равдыста, Хуыцауы кӕй уарзта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый йын нывондӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй ӕрхаста, уымӕй (Райд. 4:3, 4). Ной равдыста, адӕмы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзта, уый – бирӕ азты дӕргъы сын Хуыцауы ныхӕстӕ хъусын кодта, кӕд ӕм хъусгӕ дӕр нӕ кодтой, уӕддӕр (2 Пет. 2:5). Авраам цӕттӕ уыд йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, Хуыцауӕй тынгдӕр кӕй никӕй уарзта (Иак. 2:21). Уыцы иузӕрдион адӕймӕгтау мах дӕр фӕнды ахӕм уарзондзинад ӕвдисын, уый нын ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр. w17.10 7, 8 фф., 3, 4 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 21:18, 19; 21:12, 13; Иоанны 12:20–50

Ӕртыццӕг, 17 апрель

Нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу. Уый махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта (Дзут. 4:15).

Кӕд Йесо нӕ Хистӕр сауджын у, уӕд нын куыннӕ хъуамӕ баххуыс кӕна ӕмӕ нӕ фидарӕй куыннӕ хъуамӕ уырна, Хуыцау нӕм «бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ [кӕй] уыдзӕн ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй [кӕй] бахай кӕндзӕн»! (Дзут. 4:16). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм. Фидарӕй зон, йӕ цард дӕу тыххӕй кӕй радта (Гал. 2:20, 21). Фидарӕй зон, Чырыстийы нывонды фӕрцы Йегъовӕ дӕуӕн кӕй хатыр кӕны дӕ тӕригъӕдтӕ. Фидарӕй зон, Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕуӕн кӕй ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы лӕвар дӕуӕн! Уӕдӕ нын кӕд Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта, уӕд нӕ уымӕй тӕрсын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нын ӕй искуы нӕ цӕстмӕ бадардзӕн кӕнӕ та нын ногӕй тӕрхон кӕндзӕн (Пс. 103:8–12). Мах хъуамӕ ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын кӕй хатыр кӕны, ууыл. w17.11 11, 12 фф., 14–17 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 21:33–41; 22:15–22; 23:1–12; 24:1–3

Цыппӕрӕм, 18 апрель

Курын [дӕ]... сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ [мыл] чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой. Ды, мӕ Фыд, мемӕ иудзинады куыд дӕ ӕмӕ ӕз та демӕ иудзинады куыд дӕн, афтӕ (Иоан. 17:20, 21).

Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй, йӕхӕдӕг йемӕ цы иудзинады ис, ахӕм иудзинады кӕрӕдзиимӕ уой йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ зынаргъ Фырты куывд фехъуыста. Ӕмӕ абон милуангай адӕмы уырны, Йегъовӕ Йесойы зӕхмӕ кӕй рарвыста. Стӕй Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис, Йесо йӕ куывды кӕй кой кодта, уыцы иудзинад. Ӕмӕ уыцы иудзинад ирдӕй фӕзыны сӕ фембӕлдты рӕстӕг, уӕлдайдӕр та Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕммӕ ӕнахуыр фӕкӕсы, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдон динимӕ баст хабӕртты фӕдыл иумӕ кӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, уый. Кӕмӕдӕрты та уый раст дӕр нӕ кӕсы. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо та уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Уыдонӕн ӕхсызгон вӕййы, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг ахӕм иудзинад кӕй равдисӕм, уый! Махмӕ, Йегъовӕйы адӕммӕ, диссаг нӕ кӕсы, не ’хсӕн ахӕм иудзинад кӕй ис, уый. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ рагацау загъта пехуымпар Йезекилы уылты (Йез. 37:15–17; Зах. 8:23). w18.01 14 ф., 7–9 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:1–5, 14–16; Лукайы 22:1–6

Ӕрымысӕн изӕр
хурныгуылды фӕстӕ
Майрӕмбон, 19 апрель

Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур (Пс. 118:22).

Ацы ныхӕстӕ, «аразджытӕ... дур аппӕрстой», зӕгъгӕ, куыд сӕххӕст сты? «Аразджытӕ», ома дзуттаг дины разамонджытӕ, Йесойы ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ йӕ Мессийӕйыл нӕ банымадтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма Пилатӕй домдтой, цӕмӕй йӕ амарын кодтаид (Лук. 23:18–23). Ӕмӕ афтӕмӕй йӕ мӕлӕты аххосджын систы. Фӕлӕ цымӕ Йесо «фисыны сӕйраг дур» куыд хъуамӕ суыдаид, кӕд ӕмӕ йӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ ма йӕ маргӕ дӕр акодтой? Цӕмӕй уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ райгас уыдаид. Апостол Петр загъта, зӕгъгӕ, сымах назаретаг Йесо Чырыстийы хъӕдыл байтыгътат ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта (Хъуыд. 3:15; 4:5–11; 1 Пет. 2:5–7). Ӕмӕ Йесо куы райгас, уӕд ӕй Хуыцау цы кады аккаг скодта, уый тыххӕй Библийы кӕсӕм: «Фервӕзӕн... ӕндӕр никӕй фӕрцы ис, уымӕн ӕмӕ арвы бын Хуыцау ӕндӕр никӕмӕн радта ахӕм ном» (Хъуыд. 4:12; Еф. 1:20). w17.12 9, 10 фф., 6–9 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:17–19; Лукайы 22:7–13 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Матфейы 26:20–56

Сабат, 20 апрель

Алы хатт дӕр... хъусын кӕнут нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ (1 Кор. 11:26).

Тагъд рӕстӕджы цы стыр бӕллӕх райдайдзӕн, уый кой кӕнгӕйӕ Йесо загъта: «Фендзысты Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ. Уадындз хъӕрӕй куы ныууаса, уӕд уый [ома Йесо] йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзысты» (Матф. 24:29–31). Йесо «йе ’взӕрст адӕмы ӕрӕмбырд кӕндзӕн», сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд. Уыцы хабар ӕрцӕудзӕн, стыр бӕллӕхӕн йӕ фыццаг хай куы фӕуа, уый фӕстӕ, фӕлӕ, Армагеддоны хӕст куы нӕма райдайа, уӕд. Уӕд Йесо ӕмӕ 144 000 сӕрст чырыстоны зӕххон паддзӕхтимӕ схӕцдзысты ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз уыдзысты (Рарг. 17:12–14). Уӕдӕ Йесо сӕрст чырыстӕтты ӕрӕмбырд кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уыцы хабары размӕ ма цы Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕндзыстӕм, уый уыдзӕн фӕстаг Ӕрымысӕн изӕр. w18.01 16 ф., 15 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:1, 2, 27–37

Хуыцаубон, 21 апрель

Йесойы Хуыцау райгас кодта (Хъуыд. 2:32).

Йесо ныр ис уӕлӕрвты ӕмӕ «цӕрдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Рарг. 1:5, 18; Ром. 6:9; Кол. 1:18; 1 Пет. 3:18). Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн дӕр зӕрдӕ бавӕрдта, уӕлӕрвты йемӕ иумӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (Лук. 22:28–30). Павел Чырыстийы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг». Дарддӕр бамбарын кодта, уӕларвон цардмӕ ма ноджыдӕр чидӕртӕ кӕй хъуамӕ райгас уыдаиккой. Уый загъта: «Алчидӕр йӕхи афон: фыццаг – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа, уӕд» (1 Кор. 15:20, 23). Уӕдӕ Чырысти 1914 азы ӕрцыд ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг у. w17.12 10 ф., 11 абз.; 11 ф., 14–16 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Матфейы 28:2–4

Къуырисӕр, 22 апрель

Ӕз, ӕз уын мӕхӕдӕг рӕвдауын уӕ зӕрдӕтӕ (Ис 51:12).

Нӕ тӕригъӕдгӕнаг, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд йӕхӕдӕг дӕр зоны, куыд зын у, зынаргъ дын чи у, уый куы амӕла, уӕд. Зӕгъӕм, нал сты йӕ лӕггадгӕнджытӕ Авраам, Исахъ, Иаков, Моисей ӕмӕ паддзах Давид (Ным. 12:6–8; Матф. 22:31, 32; Хъуыд. 13:22). Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй бӕллы, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕд райгас кӕндзӕн, уыцы бонмӕ (Иов 14:14, 15). Уыдон зӕххыл дзӕнӕты уыдзысты амондджын ӕмӕ саг-сӕгуытау ӕнӕниз. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ зынаргъ Фырт – «йе стыр цин» чи уыд, уый – амард хъизӕмайраг мардӕй (Ӕмб. 8:22, 30). Уый Йегъовӕйӕн куыд зын уыдаид, уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕронмӕ ничи бамбардзӕн (Иоан. 5:20; 10:17). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ-иу хъуамӕ ма ’фсӕрмы кӕнӕм, нӕ зӕрдӕйы цы маст ӕмӕ рыст ис, уый йын ӕргом кӕнын. Йегъовӕ нӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ кӕй ӕрсабыр кӕны, уый нын стыр удӕнцой хӕссы! (2 Кор. 1:3, 4). w17.07 13 ф., 3–5 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 28:1, 5–15

Дыццӕг, 23 апрель

Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).

Абон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц милуантӕ. Уыдон ын не ’вгъау кӕнынц, «хуыздӕрӕй» сӕм цы ис, уый – сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ, се ’хца. Афтӕмӕй ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны цы куыст цӕуы, уымӕн (Ӕмб. 3:9). Мах фыдӕбон дӕр ӕмӕ мах уарзондзинад дӕр Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн. Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы адӕмӕн цас бантыст, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ нын Чырысти разамынд кӕй дӕтты, уый. Мах стӕм, ӕдас нын кӕм у, уыцы ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ ӕнусон организацийы. Уӕдӕ дын Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн цы бынат ис, уымӕн аргъ кӕн ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ хъус (Зах. 6:15). Ӕмӕ дӕ уӕд нӕ Паддзах ӕмӕ нӕ Хистӕр сауджын хъахъхъӕндзӕн. Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй раст динӕн ӕххуыс кӕн. Уый зӕрдиагӕй куы аразай, уӕд дӕ Йегъовӕ хъахъхъӕндзӕн, цалынмӕ ма ацы дуне уа, уӕдмӕ, ӕмӕ стӕй ӕнустӕм дӕр! w17.10 30 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 24 апрель

Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты (Лук. 16:9).

Тагъд Хӕйрӕджы дунейы хӕйттӕ – политикӕ, динтӕ ӕмӕ коммерци – нал уыдзысты. Сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист рагӕй дӕр сты коммерцийӕн йӕ сӕйраг бындуртӕ. Фӕлӕ пехуымпартӕ Йезекил ӕмӕ Софони раджы ныффыстой, рыджы аргъ дӕр сын кӕй нал уыдзӕн (Йез. 7:19; Соф. 1:18). Гъеныр цӕрӕнбонты ацы дунейы «мӕнгард хъӕздыгдзинады» тыххӕй куы фӕтухӕн кӕниккам, ӕмӕ нӕм зӕрондӕй куы бахъарид, уыдӕтты тыххӕй нӕхи ӕцӕг хъӕздыгдзинадӕй кӕй фӕцух кодтам, уӕд нӕм уый куыд фӕкӕсид? Ӕвӕццӕгӕн, уаиккам, цӕрӕнбонты чи фӕкуыста ӕмӕ ӕхца чи фембырд кодта, фӕлӕ стӕй чи базыдта, йе ’хцатӕ мӕнг кӕй сты, ахӕм адӕймаджы хуызӕн (Ӕмб. 18:11). Ацы дунейы хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕппынфӕстаг нал уыдзысты. Абон дын ис фадат, цӕмӕй дӕ хъӕздыгдзинадӕй, дӕ мулкӕй дӕхицӕн хӕлӕрттӕ уӕлӕрвты скӕнай, ӕмӕ дзы спайда кӕн. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй цы аразӕм, хъӕздыг дӕр уымӕй стӕм. w17.07 11 ф., 16 абз.

Цыппӕрӕм, 25 апрель

Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут, ӕмӕ Чырысти сымах куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи сымах тыххӕй Хуыцауӕн... нывондӕн куыд ӕрхаста, афтӕ сымах дӕр цӕрут уарзгӕйӕ (Еф. 5:1, 2).

Уӕззау тӕригъӕд чи саразы, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ тӕригъӕд фембӕхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕм, чи зоны, худинаг фӕкӕсы кӕнӕ та сӕ нӕ фӕфӕнды иннӕты зӕрдӕ фӕриссын кӕнын (Ӕмб. 28:13). Фӕлӕ уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕу, уымӕн ӕмӕ уый зиан хӕссы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уымӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмбырд йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕнӕхай фӕкӕна ӕмӕ йын мауал арфӕ кӕна, ӕмӕ дзы уӕд фарн ӕмӕ иудзинад нал уыдзӕн (Еф. 4:30). Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны ӕцӕг уарзондзинад сразӕнгард кӕндзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнынмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕной (Иак. 5:14, 15). Уарзондзинадӕй диссагдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр миниуӕг нӕй (1 Кор. 13:13). Иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг у, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы, уарзондзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, кӕй фӕзмӕм, уый. Павел ныффыста, зӕгъгӕ, дам, «мӕм уарзондзинад куы нӕ уа, уӕд ӕз ницы дӕн» (1 Кор. 13:2). Гъемӕ уӕдӕ дарддӕр нӕ уарзондзинад ӕвдисӕм, ӕмӕ ӕрмӕст «ныхӕстӕй» нӕ, фӕлӕ «хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» (1 Иоан. 3:18). w17.10 11 ф., 17, 18 абз.

Майрӕмбон, 26 апрель

Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29).

Потифары ус Иосифы куы рӕдийын кодта, уӕд Иосиф равдыста хъӕбатырдзинад. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, куы нӕ йын сразы уа, уӕд йӕ цардӕн дӕр тӕссаг кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр фидар фӕлӕууыд ӕмӕ уыцы сылгоймагӕй ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ алыгъд (Райд. 39:10, 12). Иерихоны чи цард, уыцы Раав дӕр равдыста хъӕбатырдзинад. Израилаг сгарджытӕ йӕм куы бацыдысты, цӕмӕй йӕм ӕхсӕвы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд хъӕбатырдзинад равдыста: уыцы дыууӕ лӕджы бамбӕхста ӕмӕ сын стӕй баххуыс кодта горӕтӕй алидзынӕн (Йес. Н. 2:4, 5, 9, 12–16). Саддукейтӕ апостолты Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын куы нӕ уагътой, уӕддӕр уыдон нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ куыст нӕ ныууагътой (Хъуыд. 5:17, 18, 27–29). Иосиф, Раав, Йесо ӕмӕ апостолтӕн сӕ фидар фӕнд уыд, раст цы уыд, уый кӕй араздзысты. Уыдон хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхаст уыдысты, сӕ ныфс сӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтой, уый фӕрцы. Хъӕбатырдзинад нӕ кӕм бахъӕуы, уыцы уавӕрты мах дӕр хъуамӕ нӕ ныфс нӕхиуыл ма дарӕм, фӕлӕ Йегъовӕйыл (2 Тим. 1:7). w17.09 29 ф., 6–9 абз.

Сабат, 27 апрель

Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут (Кол. 3:9).

Адӕймагӕн йӕ зӕронд удыхъӕд раласын йӕхи тыхтӕй нӕ бантысдзӕн. Ууыл чи архайдта, уыдоны-иу арӕх хъуыди тох кӕнын, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой. Уыдон фӕуӕлахиз сты, Хуыцауы Ныхасы цы тых ис, уый фӕрцы ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Лук. 11:13; Дзут. 4:12). Цӕмӕй махӕн дӕр Библи ӕмӕ сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн зонд ӕмӕ хъарутӕ дӕтта (Йес. Н. 1:8; Пс. 119:97; 1 Фес. 5:17). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕхи ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сӕм цӕуӕм (Дзут. 10:24, 25). Стӕй ма хъуамӕ пайда кӕнӕм, ныртӕккӕ Хуыцауы адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй фӕрцы цӕуы лӕвӕрд, уыцы мадзӕлттӕй (Лук. 12:42). Чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой. Фӕлӕ уый фаг у, цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа. Хъуамӕ ма нӕ уӕлӕ ног удыхъӕд дӕр скӕнӕм (Кол. 3:10). w17.08 21 ф., 16, 17 абз.

Хуыцаубон, 28 апрель

Ӕз та мӕ зӕрдӕ дарын де ’нувыд уарзтыл. Уадз цин кӕнӕд мӕ зӕрдӕ, цы ирвӕзындзинад дӕттыс, ууыл (Пс. 13:5).

Паддзах Давидӕн бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодтой. Йегъовӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй ӕрыгонӕй равзӕрста. Фӕлӕ ма йӕ уый фӕстӕ дӕр хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Зӕгъӕм, фыццаг уал ӕй паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕхи мыггагӕн, ӕмӕ йӕ уымӕ дӕр хъуыди 15 азы бӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын (2 Сам. 2:3, 4). Уыцы рӕстӕджы дӕргъы паддзах Саул иуцасдӕр йӕ фӕдыл зылд, марынмӕ йӕ хъавыд. Уый тыххӕй Давид йӕ хӕдзарӕй фӕхауӕггаг, ӕмӕ-иу куы ӕцӕгӕлон бӕстӕйы, куы ӕдзӕрӕг быдыры лӕгӕтты рамбӕхс-бамбӕхс кодта. Ӕппынфӕстаг Саул хӕсты фӕмард. Фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр Давиды бахъуыд 7 азы бӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ йӕ ӕнӕхъӕн Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой, уӕдмӕ (2 Сам. 5:4, 5). Давид фӕразонӕй цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Уый зыдта, Йегъовӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы. Уый-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ-иу ын раздӕр куыд баххуыс кодта, ууыл, ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ зындзинӕдтӕй йӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ (Пс. 13:6). Давид зыдта, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй кӕй хъӕуы, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕуыдзӕн. w17.08 6 ф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 29 апрель

Хуыцау... никӕй хъулон кӕны (Хъуыд. 10:34).

Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ӕвзӕгтӕ дӕр ивынц. Кӕцыдӕр дзырдтӕн ӕмӕ дзырдбӕстытӕн сӕ хъуыды бынтондӕр фӕивы. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Библийӕн йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ фыст ӕрцыдысты дзуттаг ӕвзагыл, кӕцыдӕртӕ та – грекъаг ӕвзагыл. Фӕлӕ уыцы ӕвзӕгтӕ тынг фӕивтой. Ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр Библи уыцы рагон ӕвзӕгтыл куы кӕсиккой, уӕд ӕй нӕ бамбариккой, суанг, нырыккон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ чи зоны, уыдон дӕр. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы Библийы тӕлмацтӕ. Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ, рагон дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтӕ куы сахуыр кӕной, уӕд Библи хуыздӕр ӕмбардзысты. Фӕлӕ сын уый стыр ӕххуыс нӕ фӕуыдзӕн. Ныртӕккӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ тӕлмац сты 3 200 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ Ныхас пайда хӕсса «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн» (Рарг. 14:6). Мах ӕй уынӕм, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. w17.09 19 ф., 4 абз.

Дыццӕг, 30 апрель

Дзурынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уымӕ ис ӕцӕг зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ арфуынӕг адӕймаг у хиуылхӕцгӕ (Ӕмб. 17:27).

Кӕд дӕ хиуӕттӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд дӕ бахъӕудзӕн хиуылхӕцындзинад, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа ӕмӕ, ӕнӕмӕнг куы нӕ хъӕуа, уӕд йемӕ ма ныхас кӕнай. Уый, чи зоны, зын уа, фӕлӕ дӕ зӕрдыл куы дарай, афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй фӕзмыс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕныс, уӕд дын афтӕ кӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн. Стыр ӕххуыс ма нын фӕуыдзӕн паддзах Давиды цӕвиттон дӕр. Саул дӕр ӕмӕ йын Шимей дӕр цытӕ кодтой, уый тыххӕй сӕм не смӕсты ӕмӕ сӕ нӕ бафхӕрдта, кӕд йӕ бон уыд, уӕддӕр (1 Сам. 26:9–11; 2 Сам. 16:5–10). Фӕлӕ-иу Давид алкӕд нӕ равдыста хиуылхӕцындзинад. Уый бӕрӕг у, Вирсавиимӕ кӕй фӕрӕдыд кӕнӕ Навалмӕ мӕстӕй кӕй рафыхт, уымӕй (1 Сам. 25:10–13; 2 Сам. 11:2–4). Давиды цӕвиттонӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Фыццаг: Хуыцауы адӕмӕн цы цӕстдарджытӕ ис, уыдоны уӕлдай тынгдӕр хъӕуы хиуылхӕцындзинад, цӕмӕй сӕ бартӕй раст пайда кӕной. Дыккаг: хъуамӕ нӕхицӕй ӕгӕр ныфсджын ма уӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕудзынӕн (1 Кор. 10:12). w17.09 5, 6 фф., 12, 13 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын