Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 34–49 фф.
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 мартъи
  • Сабат, 2 мартъи
  • Хуыцаубон, 3 мартъи
  • Къуырисӕр, 4 мартъи
  • Дыццӕг, 5 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 6 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 7 мартъи
  • Майрӕмбон, 8 мартъи
  • Сабат, 9 мартъи
  • Хуыцаубон, 10 мартъи
  • Къуырисӕр, 11 мартъи
  • Дыццӕг, 12 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 13 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 14 мартъи
  • Майрӕмбон, 15 мартъи
  • Сабат, 16 мартъи
  • Хуыцаубон, 17 мартъи
  • Къуырисӕр, 18 мартъи
  • Дыццӕг, 19 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 20 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 21 мартъи
  • Майрӕмбон, 22 мартъи
  • Сабат, 23 мартъи
  • Хуыцаубон, 24 мартъи
  • Къуырисӕр, 25 мартъи
  • Дыццӕг, 26 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 27 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 28 мартъи
  • Майрӕмбон, 29 мартъи
  • Сабат, 30 мартъи
  • Хуыцаубон, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 34–49 фф.

Мартъи

Майрӕмбон, 1 мартъи

Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).

Мыййаг, де ’мбырды ахӕм исчи ис, ӕмӕ йӕм хорз зӕрдӕ нӕ дарыс? Уыцы ӕнкъарӕнтимӕ куы нӕ тох кӕнай, уӕд уавӕр хуыздӕр нӕ фӕуыдзӕн. Библимӕ гӕсгӕ, иннӕтимӕ, суанг ма не знӕгтимӕ дӕр, бафидауынӕн хорз мадзал у уазӕгуарзондзинад равдисын (Ӕмб. 25:21, 22). Адӕймаджы дӕ хӕдзармӕ куы фӕхонай, уӕд ӕм, чи зоны, ӕндӕр цӕстӕй кӕсын ӕмӕ йӕм хорз зӕрдӕ дарын райдайай. Чи зоны, афтӕмӕй фенай, Йегъовӕ йӕ йӕхимӕ цы миниуджыты тыххӕй ӕрбакодта, уыдон (Иоан. 6:44). Адӕймаджы, уый ӕнхъӕл куы нӕ уа, афтӕмӕй уазӕгуаты куы фӕхонай, уӕд, чи зоны, хорз ӕмбӕлттӕ дӕр суат. Цымӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисынмӕ уарзондзинад разӕнгард кӕна? Уымӕн иу хорз мадзал у абоны стихы фыст уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ архайын. Хъуамӕ ӕмбарӕм, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй алчидӕр махӕй цӕмӕйдӕр хуыздӕр кӕй у. Чи зоны нын фӕзминаг сты сӕ уырнындзинадӕй, сӕ фидардзинадӕй кӕнӕ ӕндӕр чырыстон миниуджытӕй. Сӕ хорз миниуджытыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сӕ тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй сӕм уазӕгуарзондзинад ӕвдисӕм. w18.03 17 ф., 18, 19 абз.

Сабат, 2 мартъи

[Йегъовӕйы] нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9).

Иуӕй-иу ныййарджытӕн Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ архайын зын вӕййы, зӕгъӕм, сӕ сывӕллоны сын ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд. Ӕркӕсӕм-ма иу хойы цӕвиттонмӕ. Йӕ чызджы йын ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ чызг хӕдзарӕй ацыд. Уыцы хо загъта: «Нӕ публикациты-иу ахӕм хъуыдытӕ агуырдтон, цӕмӕй мын мӕ чызгимӕ ӕмӕ мӕ чызджы чызгимӕ ӕмбӕлынӕн ӕфсон уыдаид». Фӕлӕ йын йӕ сӕрыхицау фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, сӕ чызгыл сӕ бар кӕй нал цӕуы ӕмӕ йын ныр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй хъуамӕ амона зонд. Цалдӕр азы фӕстӕ сӕ чызг фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Нӕ хо загъта: «Мӕнӕн дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕн дӕр тынг аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтам». Мыййаг, сымахӕн дӕр уӕ сывӕллоны ӕмбырдӕй ацух кодтой? Кӕд о, уӕд уӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарут ӕмӕ архайут, цӕмӕй уӕхи зондӕй ныфсджын ма уат? (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕдӕ ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕйӕн йӕ зондамынд ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц. Ӕмӕ нын цы дзуры, уый аразын зын куы уа, уӕддӕр-иу ыл уӕ ныфс дарут. Уӕдӕ Йегъовӕйы зондамынды ныхмӕ макуы цӕут. Куыд уын амоны, афтӕ кӕнут. w18.03 31 ф., 12, 13 абз.

Хуыцаубон, 3 мартъи

Ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).

Адӕймаг донаргъуыд цавӕр кары хъуамӕ райса, уый фӕдыл Библийы ницы ис фыст. Матфейы 28:19 стихы дзырдбастӕй «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, адӕймаджы ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ нысан кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг суа. Чырыстийы ахуыргӕнинаг схонӕн ис, Йесо цы бацамыдта, уыдӕттӕ чи зоны ӕмӕ сӕ чи ӕмбары, стӕй уыцы амындтӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уый. Уӕдӕ чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ афтӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕной ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕрзгыццыл сывӕллӕттӕн сӕ бон нӕу донаргъуыд райсын. Фӕлӕ Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон у Библийы рӕстдзинад бамбарын ӕмӕ йӕ бауарзын. Ӕркӕсӕм-ма Тимофейы хабармӕ. Тимофейы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын бафӕндыд бынтон ӕрыгонӕй. Йӕ уырнындзинад уыд фидар (2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Ӕмӕ йыл 20 азы бӕрц куы цыди, уӕд цӕттӕ уыди чырыстон ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ (Хъуыд. 16:1–3). w18.03 9 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 4 мартъи

Хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых (Еф. 4:23).

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтам, уӕд нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивтам. Ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ арӕзтам, донаргъуыд куы райстам, суанг уый фӕстӕ дӕр. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕй алкӕй дӕр ӕдзухдӕр фӕхъӕуы царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕнын (Фил. 3:12). Цыфӕнды кары ма уӕм, уӕддӕр махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайын мын хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕй уайы? Чырыстийы фӕзмын? Ӕмбырды цӕмӕдӕр цы цӕстӕй ракӕсын ӕмӕ дзы мӕхи куыд фӕдарын, уый фӕдыл цы ис зӕгъӕн? Цӕуыл фӕныхас кӕнын, уымӕ гӕсгӕ цы зӕгъӕн ис, мӕ зӕрдӕйы цы фӕндтӕ ис, уый тыххӕй? Библи куыд фӕиртасын, мӕ конд ӕмӕ мӕ уынд цавӕр вӕййы кӕнӕ искӕй уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракӕсын, уымӕй цы базонӕн ис, цавӕр адӕймаг дӕн, уый тыххӕй? Исты фӕлварӕныл сӕмбӕлгӕйӕ куыд фӕархайын? Фӕлтӕрдджын чырыстон схонӕн мӕ ис?» (Еф. 4:13). Ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ раттӕм, уыдонӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ, уый. w18.02 24 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 5 мартъи

Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у! (Пс. 144:15).

Абон цы рӕстӕджы цӕрӕм, ахӕм рӕстӕг никуыма уыд. Библийы куыддӕриддӕр загъд уыд, афтӕ Йегъовӕ ӕмбырд кӕны «тынг бирӕ адӕмы... ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй». Уыдон сты «тыхджын адӕм», сӕ нымӕц у аст милуанӕй фылдӕр. Уыцы адӕм Хуыцауӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц» ӕмӕ сты амондджын (Рарг. 7:9, 15; Ис. 60:22). Хуыцауы ӕмӕ адӕмы чи уарзы, уыдон абон куыд бирӕ сты, афтӕ никуыма. Фӕлӕ ма Библийы загъд уыд ӕндӕр уарзондзинады тыххӕй дӕр, ӕмӕ уыцы уарзондзинадӕн Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзынимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Апостол Павел ныффыста: «Фӕстаг бонты... адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг... Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ» (2 Тим. 3:1–4). Ахӕм адӕм ӕрмӕстдӕр сӕ уды дзӕбӕхӕн фӕцӕрынц. Ӕмӕ бирӕтӕ хиуарзон кӕй сты, «тынг уӕззау рӕстӕг» дӕр уымӕн скодта. w18.01 22 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 6 мартъи

Йегъовӕйы чи агуры, уыдон та алцыдӕр ӕмбарынц (Ӕмб. 28:5).

Ной Хуыцауы кӕй зыдта, уый фӕрцы йын уыд фидар уырнындзинад ӕмӕ Хуыцауы зондӕй архайдта. Уыцы миниуджытӕ та йӕ хъахъхъӕдтой, зиан ын цы ’рхастаид, уӕлдайдӕр та йӕ Хуыцауӕй цы адард кодтаид, уыдӕттӕй. Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй Ной «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ», ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхуыцау адӕмимӕ иумӕйагӕй ницы уыд. Стӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй йын, адӕймаджы буӕрттӕ чи райста, уыцы ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ йӕ зонд сзыгъуыммӕ кодтаиккой. Уыдон, ӕнахуыр тыхджын кӕй уыдысты, уымӕй, уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы адӕмы дисы ӕфтыдтой, ӕмӕ сын уыдон, чи зоны, кувын дӕр райдыдтой (Райд. 6:1–4, 9). Уымӕй уӕлдай ма Ной зыдта, Хуыцау адӕмӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй цот уагътаиккой ӕмӕ зӕхх сӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кодтаиккой (Райд. 1:27, 28). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, зӕдтӕ сылгоймӕгтимӕ ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ хабар афтӕ кӕй у, уый ноджы тынгдӕр рабӕрӕг, уыцы сылгоймӕгтӕн ӕнахуыр сывӕллӕттӕ гуырын куы райдыдта, уӕд. Фӕстӕдӕр Хуыцау Нойӕн загъта, зӕххыл Доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн. Ной Хуыцауы ныхасыл баууӕндыд, ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн нау сарӕзта (Дзут. 11:7). w18.02 9 ф., 8 абз.

Цыппӕрӕм, 7 мартъи

Ӕз цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн (1 Кор. 15:10, НФ).

Кӕд цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам, уӕддӕр Йегъовӕ цӕттӕ у, цӕмӕй нын ӕй ныххатыр кӕна. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ та фӕстӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Фӕлӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ йе ’ххуысыл сразы уӕм, ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнӕм (Ӕмб. 24:16; Иак. 5:13–15). Хъуамӕ уыцы къахдзӕф скӕныныл фӕстӕ ма кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ не ’нусон цард ууыл баст у! Фӕлӕ, зӕгъӕм, нӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцыд, ӕмӕ уӕддӕр нӕхи хӕрӕм, уӕд та? Апостол Павелӕн дӕр-иу хатгай йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Уый загъта: «Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд» (1 Кор. 15:9). Кӕд Павел, чырыстон куы нӕма сси, уӕд стыр рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ уый аккагыл нымадта, цӕмӕй йын йӕ бар ахсджиаг хъуыддаг бакодтаид. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Павелӕй дӕр уый рох ма уыдаид. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы хатыр кӕнынмӕ. Уӕдӕ кӕд кӕддӕр цавӕрдӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзтай, фӕлӕ йыл стӕй зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодтай ӕмӕ уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радзырдтай, уӕд ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын дӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кодта (Ис. 55:6, 7). w18.01 11 ф., 17, 18 абз.

Майрӕмбон, 8 мартъи

Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).

Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы хӕлар уа, уый тыххӕй хъуамӕ, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъуса ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йемӕ ныхас кӕна. Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ сӕйраджыдӕр фӕхъусӕм Хуыцауы Ныхас иртасгӕйӕ. Уымӕ хауы Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ кӕсын ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын. Фӕлӕ Библи иртасын уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕнӕуи бахъуыды кӕнай, ахуырдзау экзаменты размӕ цыдӕртӕ куыд бахъуыды кӕны, афтӕ. Уыцы хъуыддаг абарӕн ис, адӕймаг Йегъовӕйы тыххӕй ног цыдӕртӕ кӕй фӕрцы базона, ахӕм диссаджы балцимӕ. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай, ӕмӕ дӕм уӕд уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн. Йегъовӕйы организаци нын дӕтты, Библи иртасынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, бирӕ ахӕм кусӕнгӕрзтӕ. Зӕгъӕм, нӕ сайты ис ахӕм хӕслӕвӕрдтӕ, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй рӕстдзинадыл фидарӕй ӕууӕндӕм (Пс. 119:105). w17.12 25 ф., 8, 9 абз.

Сабат, 9 мартъи

Уыдон мӕ сыгъдӕг хохыл иу ран дӕр ницы зиан хӕсдзысты ӕмӕ ницы фыдбылыз кӕндзысты (Ис. 11:9).

Уымӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы уыдаид, уый тыххӕй пехуымпарады загъд уыд: «Уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ сырдтӕ Йегъовӕйы базоной. Уӕдӕ ацы пехуымпарад, ног дунейы адӕм ӕмӕ сырдты ’хсӕн фарн кӕй уыдзӕн, ӕрмӕст уымӕ нӕ амоны, фӕлӕ ма, адӕмӕй бирӕтӕн сӕ удыхъӕд куыд хъуамӕ аивтаид, уымӕ дӕр (Ис. 11:6, 7). Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ раздӕр уыдысты ӕгъатыр, раст бирӕгъты хуызӕн. Фӕлӕ ныр иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрынц. Уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иуты тыххӕй бакӕсӕн ис, парахат кӕнынӕн брошюрӕты цы рубрикӕ вӕййы, «Библи ивы адӕймаджы цард», зӕгъгӕ, уым. Уыдон раздӕр ӕгъатыр уыдысты, фӕлӕ ныр «[сӕ] удыхъӕд ногмӕ раивтой – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:23, 24). Хуыцауы чи базоны, уыдон бамбарынц, адӕймаг ын йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕра. Ӕмӕ сӕ бафӕнды сӕ царды цыдӕртӕ фӕивын, ӕмӕ уымӕ хауы, цӕуыл ӕууӕндынц, уый, стӕй сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр. Уый ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕны. w18.01 31 ф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 10 мартъи

Алчидӕр йӕхи афон [райгас уыдзӕн] (1 Кор. 15:23).

Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ сӕ «алчидӕр йӕхи афон» райгас уыдзӕн. Ӕмӕ зӕххыл цӕрынӕн чи райгас уа, уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕгас кӕндзысты, ома бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕм, чи зоны, ахӕм фарстатӕ фӕзына: «Нӕ рӕстӕджы чи амард, уыдон цымӕ Чырыстийы миназон хицаудзинады райдианы райдайдзысты ӕгас кӕнын ӕмӕ-иу сӕ размӕ, чи сӕ зыдта, уыдон рацӕудзысты? Цымӕ раджы заманты Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдон раздӕр райгас уыдзысты, цӕмӕй ног дунейы дӕр адӕмӕн разамынд дӕттой? Йегъовӕйӕн чи никуы лӕггад кодта, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Кӕм ӕмӕ кӕд райгас уыдзысты?» Ахӕм фарстатӕ тынг бирӕ сты. Фӕлӕ цымӕ уый ныртӕккӕ ӕнӕмӕнг у, ӕмӕ уыцы фарстатӕн дзуапп зонӕм? Хуыздӕр нӕ уаид, уыцы рӕстӕгмӕ куы банхъӕлмӕ кӕсиккам ӕмӕ нӕхи цӕстӕй куы фениккам, Йегъовӕ уыцы диссӕгтӕ куыд араздзӕн? Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Йегъовӕ нын Чырыстийы уылты зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, уыдон йӕ хъуыдыйы кӕй сты ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй райгас кӕндзӕн (Иоан. 5:28, 29; 11:23). w17.12 12 ф., 20, 21 абз.

Къуырисӕр, 11 мартъи

Устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ ӕмбӕлы. Сымах та, лӕгтӕ, алкӕддӕр уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут. Сывӕллӕттӕ, алы хъуыддаджы дӕр уӕ ныййарджытӕм хъусут (Кол. 3:18–20).

Павелы уынаффӕ абон дӕр бинонтӕй алкӕмӕн дӕр стыр пайда кӕй у, ууыл куыннӕ сразы уыдзынӕ. Йегъовӕ лӕгтӕн фӕдзӕхсы: «Алкӕддӕр уарзут уӕ устыты ӕмӕ сӕм тызмӕг ма ут». Йӕ бинойнаджы чи уарзы, уыцы лӕг ын кад кӕны: цы хъуыды кӕны, уымӕй йӕ бафӕрсы, байхъусы йӕм ӕмӕ йын бамбарын кӕны, йӕ хъуыдыйӕн ын кӕй аргъ кӕны (1 Пет. 3:7). Ӕмӕ кӕд алы хатт, ус куыд фӕзӕгъы, афтӕ нӕ бакӕны, уӕддӕр, йемӕ кӕй аныхас кӕны, уый фӕрцы хуыздӕр уынаффӕ рахӕссы (Ӕмб. 15:22). Фӕлмӕн сӕрыхицау йӕ бинойнагӕй домгӕ нӕ кӕндзӕн, цӕмӕй йын аргъ кӕна. Уый афтӕ архайдзӕн, ӕмӕ йын ус йӕхӕдӕг райдайдзӕн аргъ кӕнын. Йӕ усы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, уыцы чырыстон сын тынгдӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕной ӕмӕ сӕ хӕрзиуӕг райсой. w17.11 28 ф., 12 абз.; 29 ф., 15 абз.

Дыццӕг, 12 мартъи

Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ... ӕнцайынц... ацы дунейы уагӕвӕрдтыл (Кол. 2:8).

Апостол Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм фыстӕг ныффыста, Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд. Уый уыдаид н. э. 60–61 азты. Павел сын бамбарын кодта, «сыгъдӕг тых цы ӕмбарындзинад дӕтты, уый» сӕм цӕмӕн хъуамӕ уыдаид, кӕнӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ кастаиккой, уый (Кол. 1:9). Павел ныффыста: «Уыдӕтты тыххӕй та уын уымӕн дзурын, цӕмӕй уӕ рӕсугъд ныхӕстӕй мачи асайа. Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ацы дунейы уагӕвӕрдтыл» (Кол. 2:4, 8). Дарддӕр Павел бамбарын кодта, адӕмӕй бирӕтӕ цы хъуыдытыл хӕст уыдысты, уыдон раст цӕуылнӕ уыдысты, фӕлӕ уӕддӕр бирӕты зӕрдӕмӕ цӕмӕн цыдысты, уый. Зӕгъӕм, уыцы хъуыдытӕй иуӕй-иуты тыххӕй адӕймаг йӕхи иннӕтӕй зондджындӕр ӕмӕ хуыздӕр ӕнхъӕлдта. Уӕдӕ Павел йӕ фыстӕг ныффыста, цӕмӕй йе ’мчырыстӕттӕн баххуыс кодтаид ацы дунейы зондахаст ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн (Кол. 2:16, 17, 23). w17.11 20 ф., 1 абз.

Ӕртыццӕг, 13 мартъи

Кӕд дӕ [дӕ] къух кӕнӕ дӕ къах рӕдийын кӕны, уӕд ӕй ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар (Матф. 18:8).

Цӕмӕй чырыстон Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай ма фӕуа, уый тыххӕй йӕ, чи зоны, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ хъӕуа ныууадзын. Ӕмӕ хъуамӕ цӕттӕ уа, йӕ зӕрдӕйӕн тынг адджын цы у, суанг уыдӕттӕ ныууадзынмӕ дӕр, кӕд ӕй рӕдийын кӕнынц, уӕд (Матф. 18:9). Зӕгъӕм, кӕд дӕ де ’мбӕлттӕй исчи ахӕм зондыл ардауы, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ кӕнай, уӕд ма йыл дӕхи бӕтдзынӕ? Кӕнӕ, мыййаг, иу куы аназыс, уӕд дын стӕй дӕхи бауромын зын вӕййы, уӕд дӕхи хиздзынӕ, ӕгӕр бирӕ бануазынӕй дын тӕссаг кӕм уыдзӕн, ахӕм уавӕртӕй? Йе та дӕм кӕд ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзыны, уӕд дӕхи хиздзынӕ, чъизи хъуыдытӕ чи сцырен кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ахӕм сайттӕ ӕмӕ кинотӕй? Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нын цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. Уымӕй зындӕр ницы ис, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ ныууагъта. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ницы ис, фидарӕй йӕ куы зонай, «ӕнувыд уарзтӕй» дӕ кӕй уарзы (Ис. 54:7, 8). w17.11 11 ф., 12 абз.

Цыппӕрӕм, 14 мартъи

Уый... ӕлгъыст баййафдзӕн... уымӕн ӕмӕ, чи давы, уыдон ӕфхӕрд нӕма баййӕфтой (Зах. 5:3).

Дӕ хъус-ма ӕрдар, Захарийы 5:4 фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, ӕлгъыст бацӕудзӕн, «чи давы, уый хӕдзармӕ», «йӕ хӕдзары ӕрбынат кӕндзӕн» ӕмӕ йын йӕ хӕдзар «фесафдзӕн». Йегъовӕйы карз тӕрхон нӕ бауромдзысты нӕдӕр дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ, нӕдӕр гуыдыртӕ. Йӕ адӕмӕй исчи сусӕгӕй цыфӕнды ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ма араза, уӕддӕр ын сӕ раргом кӕндзӕн. Адӕймаг давгӕ кӕй кӕны, уый йӕ бон у басусӕг кӕнын пъӕлицӕйӕ, йӕ куысты хицауӕй, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕнӕ йӕ ныййарджытӕй. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕйӕ нӕ басусӕг кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ уый ӕнӕраргомгӕнгӕ нӕ фӕуыдзӕн (Дзут. 4:13). Куыд хорз у, «алы хъуыддаджы дӕр» ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм! (Дзут. 13:18). Адӕймаг цыфӕнды ма адава ӕмӕ йӕхи куыдфӕнды ма рӕстытӕ кӕна – Йегъовӕйы цӕсты ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕлгъаг сты. Мах цӕрӕм, Йегъовӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй йын йӕ ном мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм, ӕмӕ уый махӕн стыр кад у. Ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр афтӕ кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ма баййафа, йӕ закъӕтты сӕрты зонгӕ-зонын чи хизы, уыдонӕн цы тӕрхон рахаста, уый. w17.10 22 ф., 6, 7 абз.

Майрӕмбон, 15 мартъи

Зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй (Еф. 4:3).

Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕ чидӕр раст нӕ бамбӕрста, кӕнӕ нӕ исчи дзӕгъӕлы куы бафхӕра, уӕддӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрыныл (Ром. 12:17, 18). Кӕд искӕй фӕхъыг кодтам, уӕд хорз уаид, хатыр дзы куы ракуриккам, фӕлӕ уыдон хъуамӕ ӕфсоны ныхӕстӕ ма уой. Фарн хъахъхъӕнын уӕлдай ахсджиаг у бинонты царды. Раст нӕ уаид, лӕг ӕмӕ ус адӕмы цӕстмӕ сӕхи афтӕ куы ’вдисиккой, цыма кӕрӕдзи тынг уарзынц, хибарӕй та мадзуратӕ куы кӕниккой, кӕрӕдзи куы ӕфхӕриккой кӕнӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къух куы исиккой. Хъуамӕ ма зӕрдиагӕй хатыр кӕнӕм. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд ын хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ хъуамӕ нӕ маст ссӕуа. Кӕд адӕймагӕн ӕцӕгдӕр ныххатыр кодтам, уӕд, цы сарӕзта, ууыл нал хъуыды кӕндзыстӕм. Уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы» (1 Кор. 13:4, 5). Искӕмӕ нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд уый тынг тӕссаг у. Афтӕмӕй ӕрмӕст нӕ хо кӕнӕ не ’фсымӕрӕй нӕ адард уыдзыстӕм, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕ дӕр (Матф. 6:14, 15). w17.10 10 ф., 14, 15 абз.

Сабат, 16 мартъи

Ӕмӕ йӕ уӕд базондзыстут, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ мӕ кӕй рарвыста (Зах. 6:15).

Захари цы хабар хъусын кодта, уый йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттӕгтыл куыд бандӕвта? Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон кӕй уыдзӕн кувӕндон кӕронмӕ саразын. Ӕмӕ сӕ уый ныфс куыннӕ бауагътаид. Фӕлӕ, бирӕ кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уӕддӕр, чи зоны, хъуыдытӕ кодтаиккой, ахӕм стыр куыст куыд бакӕндзысты, ууыл. Ӕмӕ та сӕ Захари ногӕй ныфс бауагъта. Цы сын загъта, уый сын хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕй тас ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕсырдтаид. Уый размӕ сӕм ӕххуысмӕ ӕрцыдысты Хелдай, Тови ӕмӕ Йедайӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, ма ноджыдӕр бирӕтӕ «ӕрцӕудзысты ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар араздзысты». Ныр дзуттӕгтӕ ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтой, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кодта, ууыл. Гъемӕ та фӕстӕмӕ кувӕндон аразынмӕ ныфсджынӕй бавнӕлдтой, кӕд Персы паддзах уыцы хъуыддаг ӕрӕхгӕдта, уӕддӕр. Уый уыди, цыма сӕ размӕ стыр хох уыд, уый хуызӕн. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сын Йегъовӕ уыцы цӕлхдур дӕр сӕ разӕй айста. Ӕппынфӕстаг, н. э. размӕ 515 азы кувӕндон арӕзт фӕци (Езд. 6:22; Зах. 4:6, 7). Фӕлӕ ма Йегъовӕйы ныхӕстӕ хауынц нӕ рӕстӕгмӕ дӕр, ноджы стырдӕр хъуыддагмӕ. w17.10 29 ф., 17 абз.

Хуыцаубон, 17 мартъи

Хъӕбатыр... у ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнал (1 Аз. 28:20).

Йегъовӕ Соломонӕн йӕ бӕрны бакодта стыр ӕмӕ ахсджиаг хъуыддаг. Хъуамӕ Иерусалимы сарӕзтаид кувӕндон. Ахӕм диссаджы агъуыстытӕ арӕзт бирӕ не ’рцыд. Уыцы кувӕндон хъуамӕ «ахӕм стыр ӕмӕ ахӕм рӕсугъд» уыдаид, ӕмӕ йӕ кой хъуамӕ ӕппӕт бӕстӕтыл дӕр айхъуыстаид. Уымӕй ахсджиагдӕр та уыд, уыцы кувӕндон кӕй хъуамӕ суыдаид «ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзар» (1 Аз. 22:1, 5, 9–11). Паддзах Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау Соломонӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ Соломон уыд «ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд». Цымӕ кувӕндон саразынмӕ йӕ ныфс бахӕсдзӕн? Ӕви, ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд кӕй у, уый йӕ бахъыгдардзӕн? Цӕмӕй Соломон ӕнтыстджын уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ уыдаид хъӕбатыр ӕмӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдтаид. Соломонмӕ фаг хъӕбатырдзинад куы нӕ разындаид ӕмӕ куы фӕтарстаид, уӕд йӕ бон ӕппындӕр ницы уыдаид саразын. Ӕмӕ уӕд уый уыдаид, хъуыддагмӕ куы бавнӕлдтаид, фӕлӕ йын дзы уый фӕстӕ куы ницы рауадаид, уымӕй фыддӕр. Соломонау мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс, цӕмӕй уӕм хъӕбатыр ӕмӕ-иу, цы нын бахӕс кӕна, уый саразӕм. w17.09 28 ф., 1, 2 абз.; 29 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 18 мартъи

Нӕ Хуыцауы ныхас... уыдзӕн ӕнустӕм (Ис. 40:8).

Искуы хъуыды кодтай, ӕнӕ Библийӕ куыд цӕрис, ууыл? Царды чи бахъӕуы, ахӕм зондджын уынаффӕтӕ-иу кӕм ссарис? Стӕй Хуыцауы тыххӕй, царды тыххӕй ӕмӕ фидӕны тыххӕй кӕнӕ, Йегъовӕ рагзаманты адӕмӕн куыд уыди, уый тыххӕй цы зонис? Фӕлӕ хорз, ӕмӕ ахӕм мӕгуырау уавӕры не стӕм. Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас – Библи. Ӕмӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Ныхас ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Апостол Петр йӕ фыстӕджы ӕрхаста Исайы 40:8 стихы фыст ныхӕстӕ. Кӕд ацы стих комкоммӕ Библийы кой нӕ кӕны, уӕддӕр, Библийы цы фыст ис, уымӕ дӕр хауы (1 Пет. 1:24, 25). Ӕнусты дӕргъы бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ зӕрдиагӕй архайдтой, цӕмӕй-иу Библи ратӕлмац кодтаиккой ӕмӕ йӕ парахат кодтаиккой, кӕд уый ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр. Уыдон архайдтой Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ уый фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). w17.09 18 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 19 мартъи

Ды йӕ ус дӕ. Уӕд ӕз куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон? (Райд. 39:9).

Иосиф цы уавӕры бахауд, ахӕм уавӕры нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ ӕрыгон чырыстӕттӕ бахауынц (Райд. 39:7). Ӕркӕсӕм Кимберлийы хабармӕ. Йе ’мкъласӕгтӕ-иу арӕх ӕппӕлыдысты, улӕфгӕ бонты-иу кӕимӕдӕр ӕмуат кӕй ӕрцыдысты, уымӕй. Кимберлийӕн та-иу ахӕмӕй радзуринаг ницы уыд. Уый зӕгъы, зӕгъгӕ, дам, иннӕты хуызӕн кӕй нӕ уыдтӕн, уый тыххӕй-иу мӕм хатт афтӕ каст, цыма иунӕг дӕн ӕмӕ никӕй хъӕуын. Стӕй ма, ӕмбӕлгӕ кӕй никӕимӕ кодта, уый тыххӕй йӕ йе ’мкъласӕгтӕ ӕдылыйыл нымадтой. Фӕлӕ Кимберли раст кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, ӕрыгонӕй буары фӕндтӕ тынг тыхджын кӕй вӕййынц (2 Тим. 2:22). Стӕй ма-иу ӕй скъолайы арӕх фарстой, зӕгъгӕ, дам, нырма никӕимӕ уыдтӕ. Ӕмӕ-иу сын уӕд бамбарын кодта, афтӕ цӕуылнӕ кӕны, уый. Мах тынг сӕрыстыр стӕм, ӕнӕгъдау монцты фӕдыл чи нӕ цӕуы, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕй, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр у сӕрыстыр! w17.09 4 ф., 8 абз.; 5 ф., 10 абз.

Ӕртыццӕг, 20 мартъи

Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн! (Пс. 37:8).

Мӕстыгӕр чи у, уый йӕхиуыл хӕцын нӕ фӕзоны ӕмӕ арӕх йӕ дзыхӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дӕр схауы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм адӕймаг йӕ бинонтӕн дӕр масты хос вӕййы. Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи маст, хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхасӕй хизӕм (Еф. 4:31). Уыдӕттӕ арӕх фыдмитӕм дӕр ӕркӕнынц. Ацы дунейы адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ мӕстӕй рафыцай, дӕ пырх искӕуыл акалай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ ахӕм митӕ Сфӕлдисӕджы худинаг кӕнынц. Не ’фсымӕртӕй бирӕты, цалынмӕ сӕ уӕлӕ ног удыхъӕд не «скодтой», уӕдмӕ бахъуыд уыцы ӕвзӕр миниуджытӕ ныууадзын (Кол. 3:8–10). Зӕронд удыхъӕды миниуджытӕм ма хауы, адӕймаг сайгӕ кӕй фӕкӕны, уый дӕр. Зӕгъӕм, бирӕтӕ фӕсайынц, цӕмӕй сӕ хъалонтӕ фидын ма хъӕуа кӕнӕ сӕ цӕмӕй, цы сарӕзтой, уый тыххӕй ма бафхӕрой. Фӕлӕ Йегъовӕ у «ӕцӕгдзинады Хуыцау» (Пс. 31:5, фип.). Уымӕ гӕсгӕ уый домы, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй «алчидӕр иннӕмӕн дзура, ӕцӕг цы у, уый» ӕмӕ ма сайа (Еф. 4:25; Кол. 3:9). Хъуамӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм, уый нын зын куы уа кӕнӕ нӕм худинаг куы кӕса, уӕд дӕр (Ӕмб. 6:16–19). w17.08 18 ф., 3, 5 абз.; 20 ф., 12, 13, 15 абз.

Цыппӕрӕм, 21 мартъи

Йӕ дзырд тынг тагъд тӕхы (Пс. 147:15).

Абон нын Йегъовӕ разамынд дӕтты йӕ Ныхас Библийы уылты. Псаломзарӕггӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, йӕ ныхас «тынг тагъд тӕхы», цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Йегъовӕ нын хорз разамынд ратты йӕ тӕккӕ афоныл. Ахъуыды-ма кӕн, цы пайда дын хӕссынц Библи, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы публикацитӕ уадзы, уыдон, нӕ интернет-телеуынынад, нӕ сайт, стӕй дын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, ууыл (Матф. 24:45). Ды дӕр ӕй дӕхи царды уыныс, Йегъовӕ дын разамынд куыд тагъд ратты, уый? Псаломзарӕггӕнӕг зыдта, Йегъовӕ ӕппӕт адӕмтӕй дӕр рагон Израил кӕй равзӕрста, цӕмӕй йӕ адӕм уыдаиккой. Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн радта йӕ «ныхас» ӕмӕ «йӕ уагӕвӕрдтӕ» (Пс. 147:19, 20). Абон махмӕ ахӕм стыр кад ӕрхауд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр мах хӕссӕм Хуыцауы ном. Мах дзы тынг бузныг стӕм, кӕй йӕ зонӕм, йӕ Ныхасы фӕрцы нын разамынд кӕй дӕтты, стӕй йӕ хӕлӕрттӕ кӕй систӕм, уый тыххӕй. Уӕдӕ 147-ӕм псалом чи ныффыста, уыйау дӕуӕн дӕр дӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй у Йагъы кадджын кӕнын ӕмӕ уымӕ иннӕты дӕр разӕнгард кӕнын. w17.07 20 ф., 15, 16 абз.; 21 ф., 18 абз.

Майрӕмбон, 22 мартъи

Иу ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа (2 Тим. 2:4).

Абон Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ се ’хсӕн ис 1 милуан ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕгӕй фылдӕр. Ацы зыд ӕмӕ кӕрӕф дуне сын рекламӕйы уылты бирӕ цыдӕртӕ хъары, фӕлӕ йын сайын нӕ комынц. Рох сӕ нӕу ацы уагӕвӕрд: «Ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар» (Ӕмб. 22:7). Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ дунейӕн цагъартау кусӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ тыхтӕ иууылдӕр уымӕн дӕттӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ стыр кредиттӕ райсынц, цӕмӕй хӕдзар кӕнӕ машинӕ балхӕной кӕнӕ та ахуырӕн бафидой, йе та цӕмӕй чындзӕхсӕв скӕной. Уыцы хъуыддаджы къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ бирӕ азты дӕргъы хӕстӕ фидын бахъӕудзӕн. Фӕлӕ куырыхон зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕндзыстӕм, хӕстӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, нӕ исдзыстӕм ӕмӕ къаддӕр ӕхца хардз кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ коммерцийы цагъартӕ дӕр не суыдзыстӕм (1 Тим. 6:10). w17.07 10 ф., 13 абз.

Сабат, 23 мартъи

Дӕ бардзырдтӕ дын иууылдӕр нымайын растыл, дӕ алы бардзырд дӕр. Ӕз ме сӕфт уынын алы рӕдыд фӕндагӕй (Пс. 119:128).

Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй Хицау уа. Уый алкӕддӕр архайы рӕстӕй. Афтӕ зӕгъы: «Ӕз... дӕн Йегъовӕ ӕмӕ зӕххыл ӕнувыд уарзт, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... архайын, уымӕн ӕмӕ мын уыдон сты ӕхсызгон» (Йер. 9:24). Йегъовӕйы нӕ хъӕуынц ӕнӕххӕст адӕмы закъӕттӕ, цӕмӕй сбӕлвырд кӕна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу. Ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон цы у, уый йӕхӕдӕг дзуры. Ӕмӕ йӕхи домӕнтӕм гӕсгӕ адӕмӕн радта закъӕттӕ. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Дӕ паддзахбадӕн лӕууы рӕстдзинадыл ӕмӕ раст тӕрхоныл». Уымӕ гӕсгӕ йӕ алы закъон дӕр, алы уагӕвӕрд дӕр ӕмӕ йӕ алы уынаффӕ дӕр у раст (Пс. 89:14). Хӕйрӕг афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстӕй нӕ архайы. Фӕлӕ цымӕ йӕхицӕн та йӕ бон баци, алкӕддӕр рӕстдзинад кӕм уа, ахӕм дуне саразын? w17.06 28 ф., 5 абз.

Хуыцаубон, 24 мартъи

О Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ... дӕ ныхӕстӕ ӕрцӕуӕнт (2 Сам. 7:28).

Рӕстдзинад цӕуы Йегъовӕйӕ (Пс. 31:5). Ӕмӕ нӕ Фыд рӕдау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ Ныхасы хӕзнатӕй хай кӕны. Рӕстдзинад фыццаг хатт куы фехъуыстам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ бон уыди Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ нӕ публикацитӕй, стӕй ӕмбырдтӕй ӕмӕ конгресстӕй ноджы фылдӕр базонын. Цасдӕры фӕстӕ нӕм фӕзынд зонындзинӕдты «къӕбиц», ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй дзы ис ног хӕзнатӕ дӕр ӕмӕ зӕронд хӕзнатӕ дӕр (Матф. 13:52). Ахӕм зонындзинӕдтӕ ӕмбӕхст хӕзнатау куы агурӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ «къӕбиц» дзаг кӕнӕм (Ӕмб. 2:4–7). Фӕлӕ сӕ куыд ис агурӕн? Хъуамӕ ӕдзухдӕр Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕсӕм ӕмӕ сӕ лӕмбынӕг иртасӕм. Уый фӕрцы-иу «ног» цыдӕртӕ базондзыстӕм, ома, раздӕр мах цы нӕ зыдтам, уыдӕттӕ (Йес. Н. 1:8, 9; Пс. 1:2, 3). Уӕдӕ хъуамӕ Библийы ӕдзухдӕр ноджы фылдӕр хӕзнатӕ зӕрдиагӕй агурӕм. w17.06 12 ф., 13, 14 абз.

Къуырисӕр, 25 мартъи

Дзурдзыстут мӕм, ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ мӕм кувдзыстут, ӕмӕ уӕ ӕз фехъусдзынӕн (Йер. 29:12).

Бинонтӕ кӕмӕн нӕ уыд, иу ахӕм ӕрыгон ӕфсымӕр хъуыды кодта, 1 Коринфӕгтӕм 7:28 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдоныл. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, «бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ». Уыцы ’фсымӕр бафарста, бирӕ хистӕр дзы чи уыд ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн уыд, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы: «Цы сты уыцы „зындзинӕдтӕ“ ӕмӕ, бинонтӕ куы скӕнон, уӕд сӕ сӕрты куыд хиздзынӕн?» Хистӕр нӕлгоймаг ын уайтагъд дзуапп нӕ радта, фӕлӕ йын загъта, цӕмӕй ма ахъуыды кодтаид, апостол Павел ӕндӕр ран цы загъта, ууыл дӕр: Йегъовӕ у «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ӕмӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕ у нӕ уарзӕгой Фыд, ӕмӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын удӕнцой ратты. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕныс, Йегъовӕ дын йӕ Ныхасы фӕрцы куыд ӕххуыс кодта ӕмӕ дын разамынд куыд лӕвӕрдта, уый. Йегъовӕ йӕ рагон лӕггадгӕнджытӕм цы зӕрдӕ дардта, махмӕ дӕр ахӕм зӕрдӕ дары – ӕрмӕстдӕр ӕй нӕ хорз фӕнды (Йер. 29:11). w17.06 4 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 26 мартъи

Йегъовӕ хъахъхъӕны ӕрцӕуӕггӕгты (Пс. 146:9).

Ӕрлидзӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хӕринагӕй ӕмӕ дзаумайӕ тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕ ӕмбарӕм ӕмӕ сын Библийы фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Матф. 4:4). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у, ӕмӕ сын литературӕ се ’взагыл хӕссой ӕмӕ сӕ базонгӕ кӕной се ’взагыл дзурӕг ӕфсымӕртимӕ. Уый сӕ тынг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ӕрлидзджытӕй бирӕтӕн тыххӕй ныууадзын кодтой, афтӕ хорз зонгӕ цӕимӕ уыдысты, ӕппӕт уыдӕттӕ. Уыдон фӕмысынц сӕ хиуӕтты, сӕ адӕмы ӕмӕ се ’мбырд. Йӕ бӕстӕйӕ лидзӕггаг чи фӕци, уыдон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн хъуамӕ банкъарой, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй ӕмбары, уый. Науӕд ӕххуыс агурдзысты, сӕ бӕстӕйӕ чи у, фӕлӕ Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй (1 Кор. 15:33). Куы сын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй сын не ’мбырд хи бинонты ад скӕна, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕимӕ иумӕ «хъахъхъӕнӕм ӕрцӕуӕггӕгты». Ӕрлидзджытӕн, чи зоны, фӕстӕмӕ аздӕхӕн ма уа, цалынмӕ сӕ чи ӕфхӕрдта, уый хицау уа, уӕдмӕ. Стӕй дзы бирӕтӕн, цы сыл ӕрцыд, уый ферох кӕнын сӕ бон ма уа. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕхӕдӕг ахӕм рыст куы бавзӕрстаин, уӕд иннӕтӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастаин?» (Матф. 7:12). w17.05 6 ф., 15, 16 абз.

Ӕртыццӕг, 27 мартъи

Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн (Матф. 24:12).

Хӕйрӕджы фыддунейы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт нӕ ныфс асӕтты (1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ нӕхимӕ бынтондӕр куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы дӕр нал уарздзыстӕм. Зӕгъӕм ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, не ’нӕниздзинад фӕцудыдта кӕнӕ ӕхцайӕ фӕтыхстыстӕм. Йе та нӕхимӕ ӕгуыдзӕг кӕсӕм, цыдӕр хъуыддаг нын кӕй нӕ рауад, уый тыххӕй. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, фӕфыдӕнхъӕл уӕм, нӕ царды цавӕрдӕр хъуыддаг, мах куыд фӕндыд, афтӕ кӕй нӕ рауад, уый аххосӕй. Цавӕрфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ныууагъта. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бӕрӕг у, 136-ӕм псаломы 23-ӕм стихы цы фыст ис, уымӕй: «Ӕгады бынаты куы уыдыстӕм, уӕд нӕ... нӕ ферох кодта. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй алкӕддӕр фӕуарзы. Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ нын «[нӕ] лӕгъстӕтӕ» кӕй хъусы ӕмӕ нын дзуапп дӕр кӕй ратдзӕн (Пс. 116:1; 136:24–26). w17.05 18 ф., 8 абз.

Цыппӕрӕм, 28 мартъи

Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ (Матф. 6:15).

Галатӕгтӕм 2:11–14 куыд уынӕм, афтӕмӕй Петр адӕмӕй фӕтарст (Ӕмб. 29:25). Кӕд зыдта, Йегъовӕ ӕндӕр адӕмтӕм цы цӕстӕй каст, уый, уӕддӕр фӕтарст, Иерусалимӕй чи ’рцыд, уыцы сунӕтгонд дзуттаг чырыстӕттӕ дзы цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй. Апостол Павел Петрӕн загъта, цӕстмӕ митӕ кӕй кӕны ӕмӕ йӕхӕдӕг фехъуыста, Петр, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны сӕрыл куыд дзырдта, уый (Хъуыд. 15:12; Гал. 2:13). Петр уыд сӕрныллӕг адӕймаг, ӕмӕ йын Павелы уайдзӕф зондзонӕн фӕци. Стӕй Библийы уый кой никуы ис, ӕмӕ Петр йӕ хӕстӕй ӕнӕхай фӕци. Фӕстӕдӕр ма Хуыцауы фӕндӕй Библийы чингуытӕй дӕр дыууӕ ныффыста. Йесо, ӕмбырды сӕргъы чи ис, уый дзы дарддӕр дӕр пайда кодта (Еф. 1:22). Уый фӕрцы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон уыд Йесойы ӕмӕ йӕ Фыды бафӕзмын ӕмӕ Петрӕн ныххатыр кӕнын. Ныфс нӕ ис, ӕнӕххӕст адӕймаджы рӕдыд иу чырыстонӕн дӕр цӕлхдур кӕй не сси. w17.04 27 ф., 16–18 абз.

Майрӕмбон, 29 мартъи

[Хуыцау] Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн дӕр стӕрхон кодта ӕмӕ сӕ фӕнык фестын кодта. Уыцы хабарӕй равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый (2 Пет. 2:6).

Йегъовӕ Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр фесӕфта ӕмӕ сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон скодта. Фӕлӕ ма «уыцы хабарӕй равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый» дӕр. Гъеуӕд Йегъовӕ уыцы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕн кӕрон куыд скодта, раст афтӕ сын нӕ рӕстӕджы дӕр кӕрон скӕндзӕн, ацы фыддуне куы фесафа, уӕд. Фыдхъуыддӕгтӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд цы уыдзӕн? Зӕххыл дзӕнӕты адӕм кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ахъуыды-ма кӕн, куыд ӕхсызгон нын уыдзӕн, зӕххӕй дзӕнӕт куы аразӕм, стӕй нӕхицӕн ӕмӕ иннӕтӕн хӕдзӕрттӕ куы аразӕм, уӕд. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи райгас уа, уыцы милуангай адӕмыл куыд цин кӕндзыстӕм, стӕй сын Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй куыд дзурдзыстӕм, уый (Ис. 65:21, 22; Хъуыд. 24:15). Уыцы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ нын нӕ циныл цин ӕфтаудзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн кад хӕсдзысты! w17.04 12 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 30 мартъи

Мӕ хӕдзары дуарӕй... чи рацӕуа, уый уыдзӕн Йегъовӕйы (Тӕрх. 11:31).

Йеффай ацы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд ӕй ӕмбӕрстаид, уый гӕнӕн дӕр кӕй ис, ӕмӕ фыццаг йӕ размӕ йӕ чызг рацӕуа. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста ӕви нӕ, уӕддӕр йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын йӕ чызгӕн дӕр ӕмӕ йӕхицӕн дӕр ӕнцон нӕ уыдаид. Йеффай йӕ чызджы куы федта, уӕд ын загъта, мӕ зӕрдӕ мын барӕхуыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ йӕ чызг ацыд, цӕмӕй, «чындзы кӕй никуы ацӕудзӕн, ууыл фӕкуыдтаид». Цымӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? Йеффайӕн фырт нӕ уыд. Ӕмӕ ныр йӕ иунӕг чызг дӕр мой нал скӕндзӕн ӕмӕ йын цот дӕр никуы уыдзӕн. Йеффайы мыггаг хъуамӕ ууыл аскъуыдаид. Фӕлӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕмбӕрстой, ӕппӕты сӕйраг уый кӕй нӕу. Йеффай загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕн дзырд радтон, ӕмӕ йӕ мӕ бон фӕсайын нӕу». Йӕ чызг та загъта: «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн» (Тӕрх. 11:35–39). Йеффай ӕмӕ йӕ чызг Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион, ӕмӕ сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, цӕмӕй, Йеффай Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый ма сӕххӕст кодтаиккой, цыфӕнды зын сын ма уыдаид, уӕддӕр (Дык. з. 23:21, 23; Пс. 15:4). w17.04 4 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 31 мартъи

Ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ (Мих. 7:7).

Иосифӕн ӕнаххосӕй стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой. Иу-17 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй йе ’фсымӕртӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Стӕй та йӕ йӕ хицауы ус фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыд, ӕмӕ Иосифы уый тыххӕй ахӕстоны ныппӕрстой (Райд. 39:11–20; Пс. 105:17, 18). Иосиф арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый. Фӕлӕ искӕмӕ, чи зоны, афтӕ фӕкастаид, цыма уый тыххӕй ӕрмӕстдӕр ӕфхӕрд ӕййӕфта, ӕмӕ дзы арфӕдзинӕдтӕн та сӕ кой дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ 13 азы фӕстӕ йӕ уавӕр ӕвиппайды фӕивта. Иосифы ахӕстонӕй рауагътой, ӕмӕ сси Египеты фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг (Райд. 41:14, 37–43; Хъуыд. 7:9, 10). Цымӕ Иосиф, уыйбӕрц ӕфхӕрд кӕй баййӕфта, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдыдта? Мыййаг ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ныууагъта? Нӕ. Иосиф фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Цымӕ йын цы ’ххуыс кодта? Иосиф Йегъовӕйыл тынг ӕууӕндыд. Зыдта йӕ, Йегъовӕ алцӕмӕ дӕр йӕ хъус кӕй дардта. Уый бӕрӕг у, йе ’фсымӕртӕн цы загъта, уымӕй: «Сымах мын ӕвзӕрдзинад ракӕнынмӕ хъавыдыстут, фӕлӕ йӕ ныр куыд уынут, афтӕмӕй йӕ Хуыцау хорзырдӕм фӕкодта, цӕмӕй бирӕты аирвӕзын кӕна» (Райд. 50:19, 20). Иосиф ӕй ӕмбӕрста, уыйбӕрц рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕй не ’нхъӕлмӕ каст. w17.08 4 ф., 6 абз.; 6 ф., 12, 13 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын