Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es19 22–34 фф.
  • Февраль

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Февраль
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 февраль
  • Сабат, 2 февраль
  • Хуыцаубон, 3 февраль
  • Къуырисӕр, 4 февраль
  • Дыццӕг, 5 февраль
  • Ӕртыццӕг, 6 февраль
  • Цыппӕрӕм, 7 февраль
  • Майрӕмбон, 8 февраль
  • Сабат, 9 февраль
  • Хуыцаубон, 10 февраль
  • Къуырисӕр, 11 февраль
  • Дыццӕг, 12 февраль
  • Ӕртыццӕг, 13 февраль
  • Цыппӕрӕм, 14 февраль
  • Майрӕмбон, 15 февраль
  • Сабат, 16 февраль
  • Хуыцаубон, 17 февраль
  • Къуырисӕр, 18 февраль
  • Дыццӕг, 19 февраль
  • Ӕртыццӕг, 20 февраль
  • Цыппӕрӕм, 21 февраль
  • Майрӕмбон, 22 февраль
  • Сабат, 23 февраль
  • Хуыцаубон, 24 февраль
  • Къуырисӕр, 25 февраль
  • Дыццӕг, 26 февраль
  • Ӕртыццӕг, 27 февраль
  • Цыппӕрӕм, 28 февраль
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2019
es19 22–34 фф.

Февраль

Майрӕмбон, 1 февраль

Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта (Райд. 6:22).

Ной нӕ зыдта, нау аразын куыд хъӕуы, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуыди йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрын, ӕмӕ, уӕвгӕ, «раст афтӕ бакодта», ома алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уый фӕрцы Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ аирвӕзтысты! Ной ма уыд хорз фыд дӕр. Ӕмӕ кӕд Доны хъаймӕты размӕ, бынысӕфт чи фӕци, ахӕм адӕмы ’хсӕн цард, уӕддӕр, Хуыцауы зондӕй кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кодта ӕмӕ сын уыди фӕзминаг (Райд. 6:5). Ныййарджытӕ, уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сымах дӕр Нойау, Хуыцау уын куыддӕриддӕр дзуры, «раст афтӕ кӕнат»? Йегъовӕйы зондӕй архайут ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты, йӕ Ныхас ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ хъомыл кӕнут. Фӕлӕ кӕд ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кӕныныл фӕфыдӕбон кӕнынц, уӕддӕр иуӕй-иу сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы ныууадзынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ахӕм ныййарджытӕн Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом, уымӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты раст зондыл саразыныл ӕппӕт хъарутӕй архайдтой. Стӕй сӕ ныфс дӕр ис, иу бон фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзысты. w18.03 30 ф., 10, 11 абз.

Сабат, 2 февраль

Уӕ кӕрӕдзийы-иу... суазӕг кӕнут (1 Пет. 4:9).

Чи зоны дӕ кӕйдӕрты уазӕгуаты фӕхонын фӕфӕнды, фӕлӕ дӕ ныфс нӕ фӕхӕссыс. Чи зоны, ӕфсӕрмыгӕнаг дӕ ӕмӕ тӕрсыс, мыййаг, мӕ уазджытӕ бадтӕй райгондӕй куы нӕ баззайой. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ абаргӕйӕ хъӕздыг цард нӕ кӕныс, ӕмӕ тыхсыс, дӕ хӕдзары дӕ уазджытӕн сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцӕудзӕн. Фӕлӕ сӕйрагдӕр уый нӕу, ӕмӕ дын хорз хӕдзар уа. Сӕйраг у, цӕмӕй дӕм ӕфснайд ӕмӕ сыгъдӕг уа ӕмӕ дӕ уазджытӕ уыной, се ’рбацыд дын ӕхсызгон кӕй у. Уӕдӕ тыхсын ницӕуыл хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ахсджиагдӕр у, уазӕгуарзондзинад равдисынмӕ нӕ уарзондзинад разӕнгард кӕна, уый. Рох дӕ ма уӕд, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй дӕ уазӕг ӕмбара, кӕй йын аргъ кӕныс (Фил. 2:4). Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм адӕймаг нӕй, йӕ царды хабӕрттӕ дзурын чи ма уарза. Ӕмӕ хатгай кӕрӕдзи хуыздӕр базонӕн ӕрмӕстдӕр бадтыты рӕстӕг вӕййы. Иу хистӕр нӕлгоймаг ныффыста: «Ме ’мбырдӕй искӕйты уазӕгуаты куы фӕхонын, уӕд семӕ хуыздӕр базонгӕ вӕййын, стӕй мын фадат вӕййы, цӕмӕй-иу, рӕстдзинад куыд базыдтой, уымӕй сӕ бафӕрсон». Уӕдӕ-иу дӕ уазджытыл зӕрдиагӕй куы баузӕлай, уӕд-иу се ’ппӕт дӕр райгондӕй баззайдзысты. w18.03 17 ф., 15–17 абз.

Хуыцаубон, 3 февраль

Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, донаргъуыд райс (Хъуыд. 22:16).

Чырыстон ныййарджыты фӕфӕнды сӕ сывӕллӕттӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕнын. Адӕймаг донаргъуыд райсыныл куы фӕстӕ кӕна, уӕд ын тӕссаг уыдзӕн, Йегъовӕйӕ куы адард уа, уымӕй (Иак. 4:17). Фӕлӕ цалынмӕ сывӕллӕттӕ донаргъуыд нӕ райсынц, уӕдмӕ ма ныййарджыты фӕфӕнды бамбарын, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суой, уымӕ ӕцӕгдӕр цӕттӕ сты ӕви нӕ. Иуӕй-иу цӕуӕг цӕстдарджытӕ бафиппайдтой, 20 азы онг кӕнӕ уымӕй гыццыл фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ рӕстдзинад йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ чи зоны, ахӕм ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ донаргъуыд кӕй нӕма сты. Уыцы ӕрыгӕттӕн сӕ фылдӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуынц, хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕархайынц ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фӕнымайынц. Фӕлӕ сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой, ууыл та фӕстӕ фӕкӕнынц. Цымӕ цӕмӕн? Кӕмӕндӕрты сӕ сӕ ныййарджытӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цӕттӕ нӕма сты. w18.03 8 ф., 1, 2 абз.

Къуырисӕр, 4 февраль

Йесо Чырыстийы хуызӕн... хъуыды кӕнут (Ром. 15:5).

Цымӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уӕм? Хъуамӕ зонӕм, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Стӕй хъуамӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм. Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад ис, уый. Уӕдӕ Чырыстийы хуызӕн куы уӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Уӕдӕ ахсджиаг куыннӕ у, цӕмӕй Йесойы хуызӕн хъуыды кӕнын сахуыр уӕм. Цымӕ уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? Зӕгъӕм, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхи цӕстӕй уыдтой, сӕ ахуыргӕнӕг диссӕгтӕ куыд арӕзта, уый ӕмӕ хъуыстой, адӕмӕн цы амыдта, уыдӕттӕ. Стӕй ма уыдтой, алыхуызон адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куыд архайдта, уый дӕр (Хъуыд. 10:39). Уыдонӕй уӕлдай махӕн ахӕм фадат нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ батыхст, цӕмӕй, Чырысти цавӕр адӕймаг уыд, уый Евангелиты фыст ӕрцыдаид. Уӕдӕ Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны чингуытӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд, Чырысти куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй фылдӕр базонӕм. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йесойы «къахвӕдтыл цӕуӕм» ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи йӕ зондахастӕй «сифтонг кӕнӕм» (1 Пет. 2:21; 4:1). w18.02 22 ф., 15, 16 абз.

Дыццӕг, 5 февраль

Адӕймагмӕ уырнындзинад уӕд фӕзыны, ӕмӕ уыцы хабар куы фехъусы (Ром. 10:17).

Адам ӕмӕ Евӕйӕн цот куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу адӕм Хуыцауы тыххӕй базыдтой сӕйраджыдӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы: йе сконд хъуыддӕгтыл-иу ын хъуыды кодтой; йӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй-иу цыдӕртӕ базыдтой; Хуыцау сын, йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цардысты, уый тыххӕй куыд арфӕ кодта, уый сӕ царды уыдтой (Ис. 48:18). Ӕрдзы диссӕгтӕм кӕсгӕйӕ ӕмӕ сыл хъуыды кӕнгӕйӕ Ной, Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст уый нӕ бамбӕрста, фӕлӕ ма йын уыдта йе ’нӕуынгӕ миниуджытӕ дӕр – «йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый» (Ром. 1:20). Уый фӕрцы Нойы Хуыцау ӕнӕуи нӕ уырныдта, фӕлӕ ма йыл фидарӕй дӕр ӕууӕндыд. Дзырд дӕр ыл нӕй, Ной Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ йӕ хиуӕттӕй базыдта. Уыдонӕй иу уыди йӕ фыд Ламех, Хуыцауыл чи ӕууӕндыд ӕмӕ Адамы чи ӕрӕййӕфта, уый. Нойӕн ма Хуыцауы тыххӕй, чи зоны, радзырдта йӕ фыдыфыд Мафусал, стӕй Мафусалы фыдӕн йӕ фыдыфыд Иаред дӕр. Иаред амард, Нойыл 366 азы куы цыди, уӕд (Лук. 3:36, 37). Ной-иу цыдӕриддӕр базыдта, уый-иу ын йӕ зӕрдӕ бацагайдта, ӕмӕ йӕ бафӕндыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Райд. 6:9). w18.02 9 ф., 4, 5 абз.

Ӕртыццӕг, 6 февраль

Хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд (Еф. 4:26).

Не ’мчырыстӕттӕй кӕнӕ нӕ нӕ бинонтӕй исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕны, уӕд нын тынг зын вӕййы. Зӕгъӕм, нӕ бон нӕу, чидӕр нӕ кӕй фӕхъыг кодта, уый ферох кӕнын. Уӕд, мыййаг, хъуыддаг уыйонг ӕруадздзыстӕм, ӕмӕ йӕм бирӕ азты дӕргъы нӕ зӕрдӕйы маст хӕссӕм? Ӕви нын Библи цы зондджын уынаффӕ дӕтты, уымӕ гӕсгӕ бацархайдзыстӕм, цӕмӕй хъуыддаг уайтагъд банывыл кӕнӕм? Цас фылдӕр фӕстиат кӕнӕм, уыйас нын стӕй зындӕр уыдзӕн уыцы адӕймагимӕ бафидауын. Уӕдӕ нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм? Фыццаджыдӕр уал хъуамӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скувӕм, цӕмӕй уыцы адӕймагимӕ сабырӕй аныхас кӕнӕм. Рох нӕ ма уӕд, уый дӕр Йегъовӕйы хӕлар кӕй у (Пс. 25:14). Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм у хӕларзӕрдӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕм мах дӕр ахӕм зӕрдӕ дарӕм (Ӕмб. 15:23; Матф. 7:12; Кол. 4:6). Стӕй-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, уыцы адӕймагӕн цы зӕгъдзыстӕм, ууыл. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ барӕй фӕхъыг кодта. Чи зоны нын цыдӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ загъта, йе та йӕ мах раст нӕ бамбӕрстам. Стӕй, гӕнӕн ис, не ’хсӕн цыдӕр кӕй рауад, уым нӕ аххос дӕр уыд. w18.01 10 ф., 15, 16 абз.

Цыппӕрӕм, 7 февраль

Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕрӕй тынг хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иннӕты ӕцӕг уарзтӕй уарзынц. Ӕмӕ афтӕ уыд алкӕддӕр. Йесойы, Моисейы закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у, уымӕй куы бафарстой, уӕд загъта, фыццаг кӕй у Хуыцауы уарзын, дыккаг та – иннӕты уарзын (Матф. 22:37–39). Йесо кодта, уыцы уарзондзинады кой. Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, растдӕр уыцы миниуӕджы фӕрцы кӕй уыдзӕн базонӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй сты, уый (Иоан. 13:35). Ӕмӕ уыцы уарзондзинад чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕвдыстаиккой суанг се знӕгтӕм дӕр (Матф. 5:43, 44). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Уый иу горӕтӕй иннӕмӕ цыд ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Куырмыты, къуылыхты, хъотырджынты ӕмӕ къуырматы дзӕбӕх кодта. Ӕмӕ ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта (Лук. 7:22). Йесо ма суанг йӕ цард дӕр адӕмы тыххӕй радта. Адӕммӕ ахӕм стыр уарзондзинад кӕй равдыста, уымӕй бафӕзмыдта йӕ уӕларвон Фыды. Ӕмӕ абон ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Йесойау иннӕты уарзынц. w18.01 29, 30 фф., 11, 12 абз.

Майрӕмбон, 8 февраль

Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы (Фил. 4:13).

Чи зоны, донаргъуыд гыццылӕй райстай. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ зоныс, фӕстӕдӕр цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзынӕ, уый. Цӕмӕй Йегъовӕйыл цыфӕнды фӕлварӕны дӕр иузӕрдионӕй баззайай, уый тыххӕй дӕ хъуамӕ рох ма уа, нывонддзырд ын кӕй радтай, уый. Ды Иунӕг Стыр Хуыцауӕн дзырд радтай, кӕй йын лӕггад кӕндзынӕ, де ’мбӕлттӕ кӕнӕ йын дӕ ныййарджытӕ куы нал лӕггад кӕной, суанг уӕд дӕр (Пс. 27:10). Уӕдӕ-иу цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ цӕрын (Фил. 4:11, 12). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уай. Фӕлӕ уыцы хӕлардзинад, стӕй дӕ ирвӕзындзинад дӕр кӕнгӕ у, ӕппӕт хъарутӕй архайдзынӕ ӕви нӕ, уымӕй. Филиппӕгтӕм 2:12 стихы дӕр фыст ис: «Дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл». Уӕдӕ ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй цыфӕнды уавӕры дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайай. Дӕхицӕй ныфсджын ма у. Хуыцауӕн бирӕ рӕстӕг чи фӕлӕггад кодта, суанг ыл уыдонӕй дӕр чидӕртӕ сӕ зӕрдӕ сивтой. w17.12 24 ф., 4, 6, 7 абз.

Сабат, 9 февраль

Ӕз [дын] ацы лӕвӕрттӕ иууылдӕр... радтон (1 Аз. 29:17).

Нӕ бон Хуыцауы Паддзахады хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнын кӕй у, уый мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, уый тыххӕй нын арфӕ кӕй кӕндзӕн (Мал. 3:10). Хуыцау загъта, рӕдауӕй чи дӕтты, уыдон хорздзинӕдтӕй кӕй бафсӕддзысты (Ӕмб. 11:24, 25). Уымӕй уӕлдай ма, цы нӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы фӕхай кӕнӕм, уӕд амондджын вӕййӕм, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Цы фӕдзурӕм ӕмӕ цы фӕаразӕм, уымӕ кӕсгӕйӕ нӕ сывӕллӕттӕ, стӕй, ӕмбырды цы ногтӕ ис, уыдон дӕр ахуыр кӕндзысты Хуыцауы хъуыддагӕн рӕдауӕй ӕххуыс кӕнын, ӕмӕ сын уый ӕрхӕсдзӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Уӕдӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уый Йегъовӕйӕ цӕуы. Ӕмӕ йын «лӕвӕрттӕ» куы фӕдӕттӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ дзы алцӕй тыххӕй дӕр бузныг кӕй стӕм. Израилӕгтӕ кувӕндон саразынӕн мысайнӕгтӕ куы лӕвӕрдтой, уӕд «цин кодтой, Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕй хастой, ууыл» (1 Аз. 29:9). Цӕй ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйӕн, йӕ рӕдау къухӕй нын алцыдӕр чи дӕтты, уымӕн, зӕрдиагӕй дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый. w18.01 21 ф., 18, 19 абз.

Хуыцаубон, 10 февраль

Алчидӕр йӕхи афон: фыццаг – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа, уӕд (1 Кор. 15:23).

Сӕрст чырыстӕттӕ уӕларвон цардмӕ ӕгас кӕнын райдыдтой, Чырысти куы ’рцыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг ма зӕххыл чи уа, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ та «мигътыл хаст ӕрцӕудзысты» (1 Фес. 4:13–17; Матф. 24:31). Уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Уыцы чырыстӕттӕ «мӕрдвынӕй нӕ кӕндзысты», ӕндӕр ныхӕстӕй, уайтагъд райгас уыдзысты. Библийы фыст ис, се ’ппӕт дӕр кӕй «фӕивдзысты ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, фӕстаг уадындз куы ныууаса, уӕд» (1 Кор. 15:51, 52; Матф. 24:31). Абон Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сӕрст чырыстӕттӕ не сты ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ нӕ уыдзысты. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц «Йегъовӕйы бонмӕ», ацы фыддунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уыцы бонмӕ. Уый кӕд уыдзӕн, уый бӕлвырд ничи зоны. Фӕлӕ уӕддӕр бӕрӕг у, тынг хӕстӕг кӕй у, уый (1 Фес. 5:1–3). Хуыцауы ног дуне куы ралӕууа, уӕд ӕгас кӕнын райдайдзысты, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон. Ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой ӕмӕ макуыуал амӕлой. w17.12 11 ф., 15 абз.; 12 ф., 18, 19 абз.

Къуырисӕр, 11 февраль

Хӕлӕг ӕмӕ загъд кӕм ис, уым нӕдӕр уаг ис, нӕдӕр ӕгъдау, ис дзы алы ӕвзӕрдзинад (Иак. 3:16).

Нӕ зӕрдӕйы уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад куы рӕзын кӕнӕм, уӕд-иу иннӕтӕм гыццыл истӕй тыххӕй хӕлӕг кӕнын нӕ райдайдзыстӕм. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. Уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны» (1 Кор. 13:4). Цӕмӕй макӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иу буары уӕнгтӕ кӕй стӕм. Библийы фыст ис: «Буары уӕнгтӕй иу куы скадджын вӕййы, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр йемӕ фӕцин кӕнынц» (1 Кор. 12:16–18, 26). Уӕдӕ-иу хӕлӕг кӕныны бӕсты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты арфӕдзинӕдтыл цин кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у паддзах Саулы фырт Ионафан. Давид йӕ бӕсты паддзахӕй ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй йӕм хӕлӕг нӕ кодта, фӕлӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта (1 Сам. 23:16–18). Хорз нӕ уаид, мах дӕр Ионафанау хӕларзӕрдӕ куы уаиккам ӕмӕ кӕрӕдзи куы уарзиккам? w17.11 27 ф., 10, 11 абз.

Дыццӕг, 12 февраль

Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф. Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон... уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй (Ис. 11:3, 4).

Йегъовӕ Моисейы Закъон Библийы ныффыссын кодта. Фӕнды йӕ, цӕмӕй Закъоны «сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ», ома, йӕ фӕдзӕхстытӕ цы уагӕвӕрдтыл арӕзт сты, уыдон, ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм (Матф. 23:23). Моисейы закъонӕй уыд базонӕн «зонындзинӕдтӕ ӕмӕ рӕстдзинады... сӕйраг фӕзилӕнтӕ», ома дзы уыди базонӕн Йегъовӕ ӕмӕ йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты тыххӕй (Ром. 2:20). Зӕгъӕм, ӕмбӕхсӕн горӕтты фӕдыл дзы цы фӕдзӕхстытӕ уыд, уыдонӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахуыр кӕнынц «ӕцӕг рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын», стӕй дзы не ’ппӕт дӕр ахуыр кӕнӕм «кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзын ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын» (Зах. 7:9). Мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ аивта, ӕмӕ йын раст тӕрхон ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ныр дӕр тынг ахсджиаг сты. Ахӕм Хуыцауӕн лӕггад кӕнын стыр кад у. Цӕй ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджытӕ фӕзмӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй алкӕддӕр не ’мбӕхсӕн уа! w17.11 13, 14 фф., 2, 3 абз.; 17 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 13 февраль

Амондджын у, зонд чи ссардта ӕмӕ арфуынӕг чи сси, уыцы адӕймаг (Ӕмб. 3:13).

Раныхӕстӕ кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕн Библи хъуамӕ уа раныхасӕн йӕ астӕуцӕджындз (Иоан. 7:16). Уӕдӕ дӕ хъус дар, дӕ раныхас куыд дзурыс, цы цӕвиттонтӕй пайда кӕныс ӕмӕ цӕвиттонӕн цы хабӕрттӕ хӕссыс, уымӕ, цӕмӕй Библи аууоны ма аззайа. Стӕй дӕ зӕрдыл дар, Библийӕ стих бакӕсын ӕмӕ Библи амонын иу кӕй нӕу. Зӕгъӕм, ӕгӕр бирӕ стихтӕ куы бакӕсай, уӕд сӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр хъуыды дӕр нӕ бакӕндзысты. Уӕдӕ, кӕцы стихтӕй спайда кӕндзынӕ, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Ӕмӕ-иу дӕ раныхасы рӕстӕг афтӕ спълан кӕн, цӕмӕй сӕ бакӕсай, райхалай сӕ, цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссай ӕмӕ сӕ царды куыд ис спайда кӕнӕн, уый бамбарын кӕнай (Неем. 8:8). Дӕ раныхасы кӕцы стихтӕй спайда кӕндзынӕ, уыдон равзар, цӕмӕй уыцы хъуыдытӕ бамбарын кӕнай. Уӕлдайдӕр та хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курай, цӕмӕй дӕ бон суа, йӕ Ныхасы цы диссаджы хъуыдытӕ ис, уыдон адӕмӕн бамбарын кӕнын (Езд. 7:10). w17.09 26 ф., 11, 12 абз.

Цыппӕрӕм, 14 февраль

Раздӕхут мӕм... ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн (Зах. 1:3).

Уый уыди н. э. размӕ 537 азы. Йегъовӕйы адӕмӕй амондджындӕр нӕ уыд – 70 азы дӕргъы уыдысты уацары Вавилоны, ӕмӕ ныр ссӕрибар сты! Гъемӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ тынг зӕрдиагӕй бавнӕлдтой кувӕндон аразынмӕ, цӕмӕй та Йегъовӕйӕн уым куывтаиккой. Н. э. размӕ 536 азы кувӕндонӕн бындур сӕвӕрдтой. Кувӕндонӕн бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уымӕй 16 азы куы рацыд, уӕд дӕр арӕзт нӕма уыд. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы адӕмӕн хъуыди сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ раздӕхой ӕмӕ сӕхи мӕт кӕй хъуамӕ мауал кӕной. Гъемӕ н. э. размӕ 520 азы Йегъовӕ йӕ пехуымпар Захарийы йӕ адӕммӕ арвыста, цӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, Вавилоны уацарӕй сӕ цӕмӕн ссӕрибар кодта, уый. Цымыдисаг у, Захарийы ном кӕй нысан кӕны «Йегъовӕ йӕ зӕрдыл дары». Израилӕгтӕ ферох кодтой, Йегъовӕ сӕ куыд фервӕзын кодта, уый, фӕлӕ сӕ Йегъовӕ та нӕ ферох кодта, йӕ зӕрдыл сӕ дардта (Зах. 1:3, 4). Йегъовӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн раст дин фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн. Фӕлӕ ма сӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын куы нӕ лӕггад кӕной, уӕд сӕ райгонд кӕй нӕ уыдзӕн. w17.10 21, 22 фф., 2, 3 абз.

Майрӕмбон, 15 февраль

Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут (Еф. 4:32).

Психологтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, адӕймаг иннӕтӕн куы тӕригъӕд кӕна, уӕд уый йе ’нӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ, иннӕтимӕ куыд у, ууыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн. Зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдонӕн куы ’ххуыс кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджындӕр, афтӕ дӕм нӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ никӕй хъӕуыс ӕмӕ дӕм тар хъуыдытӕ дӕр къаддӕр уыдзӕн. Уӕдӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Уарзондзинад нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй фӕхуды, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй аразӕм. Тӕригъӕдгӕнаг чи вӕййы, уый свӕййы хуыздӕр ныййарӕг, хуыздӕр цардӕмбал ӕмӕ хуыздӕр хӕлар. Стӕй бахъуаджы сахат ахӕм адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр баххуыс кӕнынц (Матф. 5:7; Лук. 6:38). Кӕд, тӕригъӕдгӕнаг кӕй стӕм, уый нӕхицӕн дӕр пайда хӕссы, уӕддӕр ацы миниуӕг нӕ удыхъӕды фидар кӕныныл сӕйраджыдӕр уый тыххӕй архайӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын. Йегъовӕ зоны уарзын дӕр ӕмӕ тӕригъӕд кӕнын дӕр, ӕмӕ мах дӕр уыцы миниуджытӕй схайджын кодта (Ӕмб. 14:31). w17.09 12 ф., 16, 17 абз.

Сабат, 16 февраль

Уый ӕрбаддзӕн йӕ паддзахбадӕныл ӕмӕ уыдзӕн паддзах ӕмӕ сауджын (Зах. 6:13).

Йесо Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын кӕй у, уымӕй уӕлдай ма йын лӕвӕрд ӕрцыд «Йегъовӕйы кувӕндон» саразыны хӕс дӕр. 1919 азы уыцы «арӕзтадмӕ» хауди, Хуыцауы адӕмы Стыр Вавилоны, ома мӕнг дины, уацарӕй кӕй ссӕрибар кодта, уый. Йесо йӕ къахыл слӕууын кодта чырыстон ӕмбырд ӕмӕ сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй уый разамынд дӕтта, Хуыцауы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕртыты цы куыст цӕуы, уымӕн (Матф. 24:45). Уымӕй уӕлдай ма Йесо Хуыцауы адӕмы сыгъдӕг кӕны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн афтӕ лӕггад кӕнынӕн, цӕмӕй сӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕна (Мал. 3:1–3). Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 мины иу мин азы дӕргъы иузӕрдион адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой алцӕмӕй ӕххӕст. Уыцы куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ кӕной, уӕд ма зӕххыл баззайдзысты, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕна, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕм. Ӕппынфӕстаг ӕгас зӕххыл дӕр алчидӕр кувдзӕн иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн! w17.10 29 ф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 17 февраль

Хъуамӕ уым [ӕмбӕхсӕн горӕты] цӕра, цалынмӕ хистӕр сауджын... нӕ амӕла, уӕдмӕ (Ным. 35:25).

Адӕймаджы барӕй чи нӕ амардта, уымӕн цӕмӕй уыцы хъуыддаг ныххатыр кодтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнцад ма бадтаид. Хъуамӕ алыгъдаид, хӕстӕгдӕр ӕм чи уыд, уыцы ӕмбӕхсӕн горӕтмӕ, ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр (Йес. Н. 20:4). Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ бакодтаид, кӕд ӕмӕ йӕ цард уымӕй кӕнгӕ уыд?! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый афтӕ ӕнцон нӕ уыдаид. Хъуамӕ ныууагътаид йӕ куыст, йӕ хӕдзар, стӕй йын ӕндӕр рӕттӕм цӕуыны бар дӕр нал уыдаид, ӕмӕ афтӕ – цалынмӕ хистӕр сауджын нӕ амардаид, уӕдмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр уый хуыздӕр уыди. Абон дӕр, тӕригъӕд чи ракӕны ӕмӕ йыл чи ӕрфӕсмон кӕны, ахӕм чырыстоны фӕхъӕуы цавӕрдӕр къахдзӕфтӕ скӕнын, цӕмӕй йын Хуыцау ныххатыр кӕна. Хъуамӕ тӕригъӕд мауал араза, стӕй хъуамӕ йӕхи хиза, тӕригъӕдмӕ чи ӕркӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕр. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй тӕригъӕд мауал ракӕнӕм, уӕд Йегъовӕ уындзӕн, нӕ уавӕрмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм ӕмӕ афтӕ кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын ӕй Хуыцау ӕнӕуи дӕр ныххатыр кӕндзӕн (2 Кор. 7:10, 11). w17.11 10, 11 фф., 10, 11 абз.

Къуырисӕр, 18 февраль

Уӕ кӕрӕдзийы-иу ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй суазӕг кӕнут (1 Пет. 4:9).

Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй рӕдау уӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хорздзинад аразӕм (1 Иоан. 3:17). Фӕлӕ уый хъуамӕ аразӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, нӕхи пайдайы тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕхимӕ арӕхдӕр кӕй фӕхонын? Ме ’ввахс ӕмбӕлтты, ӕмбырды мӕ цӕсты уӕлдай кад кӕмӕн ис кӕнӕ мын уый фӕстӕ мӕ хорздзинад истӕмӕй чи бафиддзӕн, уыдоны? Ӕви, хорз кӕй нӕ зонын кӕнӕ мын мӕ хорздзинад истӕмӕй бафидын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр?» (Лук. 14:12–14). Кӕнӕ ахъуыды кӕн ахӕм уавӕртыл: чырыстӕттӕй чидӕр раст уынаффӕ нӕ рахаста ӕмӕ уый аххосӕй ныр хъуаг ӕййафы. Науӕд нын, уазӕгуаты кӕй фӕхуыдтам, уыцы хо кӕнӕ ӕфсымӕр бузныг дӕр нӕ загъта. Ахӕм уавӕры хъуамӕ архайӕм абоны стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ. Афтӕ куы кӕнай, уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дӕ рӕдаудзинад цӕудзӕн дӕ зӕрдӕйӕ (Хъуыд. 20:35). w17.10 9 ф., 12 абз.

Дыццӕг, 19 февраль

Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон? (Райд. 39:9).

Иосиф уыд «хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд лӕппу», ӕмӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта, гъемӕ йӕ цалдӕр хатты фӕрӕдийын кӕнынмӕ хъавыд. Фӕлӕ Иосиф фидар фӕлӕууыд. Ӕмӕ йыл Потифары ус иу бон куы ныттыххӕй, уӕд дзы алыгъд. Иосифы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хъуамӕ-иу нӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл ма ацӕуӕм ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты ма ахизӕм (Ӕмб. 1:10). Иуӕй-иутӕ цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ систы, уӕдмӕ кодтой фырхӕрд, фыднозт, тамако дымдтой, наркотиктӕ кодтой, хӕтыдысты ӕмӕ уыдысты ӕндӕр ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтыл хӕст. Ӕмӕ ахӕм адӕймӕгтӕ донаргъуыд куы райсынц, уӕд дӕр ма сын уыцы хъуыддӕгтӕ иуӕй-иу хатт вӕййынц фӕлварӕн. Кӕд дӕуӕй дӕр уый зӕгъӕн ис, уӕд рӕстӕг ссар ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕн: дӕ фӕндты фӕдыл куы ацӕуай, уӕд ма дӕ Йегъовӕ йӕ хӕларыл нымайдзӕн? Дӕ бон у рагацау ахъуыды кӕнын, фӕлварӕн дын цавӕр уавӕр суыдзӕн ӕмӕ дзы дӕ бон дӕхи бахизын куыд у, ууыл (Пс. 26:4, 5; Ӕмб. 22:3). Ӕмӕ искуы ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн зонд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад ратта. w17.09 4, 5 фф., 8, 9 абз.

Ӕртыццӕг, 20 февраль

Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты (Лук. 16:9).

Цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй ма, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, хъуамӕ коммерциимӕ къаддӕр баст уӕм ӕмӕ «ӕцӕг» хъӕздыгдзинад агурӕм. Раст афтӕ бакодта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраам. Уый Йегъовӕмӕ байхъуыста, тынг хъӕздыг горӕт Ур ныууагъта ӕмӕ цард цатырты, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар уыдаид (Дзут. 11:8–10). Уый алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ дардта Хуыцауыл, хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ (Райд. 14:22, 23). Ӕмӕ Йесо дӕр иннӕты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕм ахӕм уырнындзинад уыдаид. Иухатт иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймагӕн загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ фӕллӕйттӕ ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уыдзӕн хӕзна уӕлӕрвты. Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл» (Матф. 19:21). Уыцы нӕлгоймагмӕ Авраамы уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад нӕ уыд. Фӕлӕ, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, ахӕмтӕ дӕр уыди. w17.07 10 ф., 12 абз.

Цыппӕрӕм, 21 февраль

[Йегъовӕ Авраамӕн] зӕрдӕ бавӕрдта, уыцы зӕхх ын йӕхицӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн кӕй ратдзӕн, кӕд ын зӕнӕг нӕма уыди, уӕддӕр (Хъуыд. 7:5).

Авраамы байзӕддӕгтӕ хицӕн адӕмыхатт систы, Авраам Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уымӕй ӕрмӕстдӕр 430 азы фӕстӕ, ӕмӕ уыдон хъуамӕ бацахстаиккой Зӕрдӕвӕрд зӕхх (Рац. 12:40–42; Гал. 3:17). Авраам цӕттӕ уыд, цас хъуыд, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд (Дзут. 11:8–12). Авраам ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, кӕд ӕмӕ йын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый йӕ рӕстӕджы кӕронмӕ нӕ сӕххӕст, уӕддӕр. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, Авраам куыд цин кӕндзӕн, зӕххыл дзӕнӕты куы райгас уа, уӕд. Ӕмӕ куыннӕ бадис кӕндзӕн, Библийы йӕ царды тыххӕй ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хабӕртты тыххӕй цас ис фыст, уый куы базона, уӕд. Хӕрзаг, йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдзӕн, куы йӕ базона, Йегъовӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй цы фӕнд уыд, уым цы ахсджиаг бынат ахста, уый. Дзырд дӕр ыл нӕй: уыйбӕрц кӕй фенхъӕлмӕ каст, ууыл нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн. w17.08 5, 6 фф., 10, 11 абз.

Майрӕмбон, 22 февраль

Амарут уӕ зӕххон буары фӕндтӕ... чъизи митӕ (Кол. 3:5).

Библимӕ гӕсгӕ, «чъизи митӕм» хӕтындзинадӕй уӕлдай ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр хауынц. Ацы дзырд, гӕнӕн ис, амона тамако дымынмӕ кӕнӕ ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ кӕнынмӕ (2 Кор. 7:1; Еф. 5:3, 4). Уымӕ ма ноджыдӕр хауынц, адӕймаг хибарӕй цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразы, уыдон дӕр, зӕгъӕм, йӕ буары монцтӕ кӕмӕй сцырен вӕййынц, ахӕм чингуытӕ кӕсын кӕнӕ порнографимӕ кӕсын. Уыдӕттӕ арӕх ӕркӕнынц ӕндӕр чъизи хъуыддагмӕ – мастурбацимӕ. Ӕдзух порнографимӕ чи фӕкӕсы, уый райдайы «монцӕй судзын», йӕхиуыл хӕцын нал фӕфӕразы ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ монцты уацары бахауы. Иртасджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, порнографийыл чи фӕцахуыр вӕййы, уый, нозтыл кӕнӕ наркотиктыл чи фӕцахуыр вӕййы, уымӕй уӕлдай нӕу. Уӕдӕ диссаг нӕу, порнографи хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркӕны. Зӕгъӕм, уый тыххӕй адӕймаг йӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсы, йӕ бон рӕстмӕ кусын дӕр нӕ вӕййы, йӕ бинонтӕ вӕййынц ӕнамонд, йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн вӕййы, иуӕй-иутӕ та суанг сӕхи дӕр амарынц. w17.08 19 ф., 8, 9 абз.

Сабат, 23 февраль

Уый дын дӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ сфидар кодта, раарфӕ дын кодта дӕ фырттӕн. Дӕ зӕххыл дын фарн ӕрцӕрын кодта (Пс. 147:13, 14).

Израилӕгтӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд псаломзарӕггӕнӕг хъуыды кодта, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Йегъовӕ горӕты кулдуӕрттӕ кӕй сфидар кӕндзӕн, уый зонгӕйӕ псаломзарӕггӕнӕджы уыд фидар ныфс, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уымӕй. Чи зоны, зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ тынг тыхсыс. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цӕмӕй дын сӕ сӕрты ахизынӕн зонд ратта. Псаломзарӕггӕнӕг Хуыцауы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «зӕхмӕ ӕрвиты йӕ ныхас, йӕ дзырд тынг тагъд тӕхы». Стӕй та мит, халас ӕмӕ ихы кой скодта ӕмӕ бафарста: «Йӕ уазалӕн чи бафӕраздзӕн?» Уый фӕстӕ та загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «рарвиты йӕ ныхас, ӕмӕ атайынц» (Пс. 147:15–18). Нӕ Хуыцау алцыдӕр зоны ӕмӕ йӕ бон алцыдӕр у, йӕ бар цӕуы ихыл дӕр ӕмӕ митыл дӕр. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн куыннӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинадыл дӕр фӕуӕлахиз уай! w17.07 20 ф., 14, 15 абз.

Хуыцаубон, 24 февраль

О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай (Рарг. 4:11).

Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр нӕй ӕмӕ хъуамӕ йӕ фарс уӕм. Цӕмӕн? Ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ис бар, цӕмӕй, зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр чи ис, уыдонӕн Хицау уа. Хӕйрӕг ӕппындӕр ницы сфӕлдыста, ӕмӕ, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын нӕй. Хӕйрӕг ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕй равдыстой, сӕхиуыл кӕй фервӕссыдысты (Йер. 10:23). Сӕрибар кӕй уыдысты, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сын уыди бар, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуой. Сӕрибардзинады фӕрцы адӕймагӕн ис уынаффӕтӕ хӕссыны бар, фӕлӕ йе Сфӕлдисӕджы, Йегъовӕйы, ныхмӕ рацӕуа, уый бар ын нӕй. Фидарӕй зӕгъӕн ис: Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уый йӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕны. Адӕмӕн хъуамӕ Йегъовӕ уа сӕ Хицау ӕмӕ сын разамынд хъуамӕ уый дӕтта. w17.06 27, 28 фф., 2–4 абз.

Къуырисӕр, 25 февраль

Ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ... хъусын кӕнын (Хъуыд. 20:24).

Нӕ лӕггад зынаргъ хӕзнайыл куы нымайӕм, уӕд мах дӕр апостол Павелау дарддӕр хъусын кӕндзыстӕм, суанг нӕ куы ’фхӕрой, уӕд дӕр (Хъуыд. 14:19–22). 1930 азӕй 1940 азты райдиантӕм Америкӕйы Иугонд Штатты не ’фсымӕрты тынг ӕфхӕрдтой. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр хъусын кодтой. Ӕмӕ-иу сӕ хицауад хъусын кӕнын куы нӕ уагъта, уӕд-иу тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу бирӕ хӕттыты рамбылдтой. 1943 азы ӕфсымӕр Нейтан Норр, Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондоны цы хъуыддаг рамбылдтам, уый кой куы кодта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы адӕм фидар кӕй сты, уый фӕрцы рахӕссынц ахӕм уынаффӕтӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, нӕ лӕггад афтӕ тынг кӕй уарзӕм, уый фӕрцы нӕ уыцы хъуыддаг аразын ницы бакъуылымпы кӕндзӕн. Нӕ лӕггадӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд, хыгъды цы ныффыссӕм, ӕрмӕст ууыл нӕ тыхсдзыстӕм. Мах ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнӕм» (2 Тим. 4:5). w17.06 11, 12 фф., 11, 12 абз.

Дыццӕг, 26 февраль

Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй (Матф. 22:37).

Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусын, фидар лӕууын ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынын (Пс. 97:10). Фӕлӕ Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне ӕппӕт тыхтӕй архайынц афтӕ бакӕныныл, цӕмӕй Хуыцауыл сыстырзӕрдӕ уӕм ӕмӕ йӕ мауал уарзӕм. Ацы дунейы адӕм, уарзондзинад цы у, уый раст не ’мбарынц. Уыдон се Сфӕлдисӕджы нӕ уарзынц, фӕлӕ «сты хиуарзон» (2 Тим. 3:2). Сӕйрагдӕр сын сты сӕ «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын» (1 Иоан. 2:16). Апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл ма цыдаиккой: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ахӕм адӕймаг свӕййы Хуыцауы знаг (Ром. 8:6, 7). Адӕймаг мулк ӕмбырд кӕныныл куы свӕййы кӕнӕ йе ’нӕгъдау фӕндты фӕдыл куы фӕцӕуы, уӕд ӕппынфӕстаг тынг фӕфыдӕнхъӕл вӕййы (1 Кор. 6:18; 1 Тим. 6:9, 10). w17.05 18 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 27 февраль

Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд (2 Фес. 3:10).

Ӕрлидзӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сӕхицӕн ницы домдзысты, фӕлӕ иннӕтӕй се ’ххуысы тыххӕй бузныг уыдзысты. Афтӕмӕй сӕ фысымтӕ дӕр цин кӕндзысты, сӕ бон рӕдаудзинад ӕвдисын кӕй у, ууыл. Фӕлӕ ӕрлидзджытӕ сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ бацархайой, цӕмӕй сӕ бон суа сӕхи дарын. Уый фӕрцы сӕхицӕн аргъ кӕндзысты ӕмӕ се ’фсымӕртимӕ дарддӕр хӕларӕй цӕрдзысты (2 Фес. 3:7–9). Фӕлӕ уӕддӕр ӕрлидзджытӕн хъӕуы хъуыддагӕй баххуыс кӕнын. Уый тыххӕй нӕ бирӕ ӕхца нӕ хъӕуы, фӕлӕ сӕйраджыдӕр нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ уарзондзинад. Зӕгъӕм, ис сӕ сахуыр кӕнӕн автобустыл ӕмӕ маршруткӕтыл цӕуын кӕнӕ сын бацамонӕн, хорз ӕмӕ аслам хӕринаг кӕм ис балхӕнӕн, уый. Дӕ бон ма сын у баххуыс кӕнын, цӕмӕй кусӕнгӕрзтӕ балхӕной кӕнӕ та цавӕрдӕр куыстыл сахуыр уой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдзӕни къӕбӕры фаг кусын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕнай сӕ ног ӕмбырды хъуыддӕгты архайынӕн. Кӕд дӕ бон у, уӕд-иу сӕ ӕмбырдмӕ балас. Радзур-иу сын, уӕ территорийы куыд ис адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнӕн. Стӕй-иу сӕ демӕ уацамынды дӕр акӕн. w17.05 5 ф., 11, 12 абз.

Цыппӕрӕм, 28 февраль

Уӕ зӕрдӕ агурӕд, Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы сыгъдӕг ӕхсыр, цӕмӕй уый фӕрцы рӕзат ӕмӕ фервӕзат (1 Пет. 2:2).

Йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн зын у ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕсын (1 Кор. 2:14). Сӕ зонд кӕй фӕкъуырма вӕййы, уымӕ гӕсгӕ сын зын вӕййы, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын (Дзут. 5:11–14). Ӕмӕ иуӕй-иутӕн бафсис ницӕмӕйуал вӕййы – цас фылдӕр сын вӕййы, уыйас сӕ фылдӕр фӕхъӕуы (Еккл. 5:10). Фӕлӕ ныл цӕмӕй ахӕм зондахаст ма бандава, уымӕн ис хос: алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас Библи кӕсын. Йесо Хуыцауы ныхӕстыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы йӕ бон сси Хӕйрӕджы фӕлварӕнты ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Ӕмӕ цӕмӕй мулчы фӕдыл ма ацӕуӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын (Матф. 4:8–10). Уӕд Йесо фендзӕн, ӕхца ӕмӕ йӕ мулкӕй фылдӕр кӕй уарзӕм. w17.05 26 ф., 17 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын