Январь
Дыццӕг, 1 январь
Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон нӕу рӕстдзинад бамбарын (Ӕмб. 28:5).
Ацы дунейы кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ фыдгӕнджытӕ кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр. Библийы уыдоны тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «кӕрдӕгау... зайынц» (Пс. 92:7). Уӕдӕ диссаг нӕу, бирӕтӕм ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм кӕй нал ис, уый. Павел чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Ӕвзӕрдзинадмӕ ут сабиты хуызӕн, зондӕй та – стыр адӕймӕгты хуызӕн» (1 Кор. 14:20). Цымӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн? Уый базонынӕн нын баххуыс кӕндзӕн абоны стихы дыккаг хай: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... алцыдӕр ӕмбарынц», ома зонынц, йӕ зӕрдӕ йын рухс кӕнӕн куыд ис, уый. Ахӕм хъуыды ма фыст ис Ӕмбисӕндты 2-аг сӕры 7-ӕм ӕмӕ 9-ӕм стихты. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ «рӕстзӕрдӕ адӕмӕн ӕвӕрд ис куырыхон зонд». Уыцы зонды фӕрцы уыдон «ӕмбарынц, цы нысан кӕны, раст, ӕнӕхӕрам ӕмӕ рӕстзӕрдӕ уай, уый – хорз цы у, уый ӕгасӕй дӕр». Ахӕм зондӕй хайджын уыдысты Ной, Данел ӕмӕ Иов (Йез. 14:14). Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, абон Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонӕй дӕр. Цымӕ дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Ды дӕр «алцыдӕр ӕмбарыс», ома зоныс, Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕн куыд ис, уый? Цӕмӕй уыцы хъуыддаг дӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы хорз базонай. w18.02 8 ф., 1–3 абз.
Ӕртыццӕг, 2 январь
Хицау Йесойы номыл донаргъуыд райстой (Хъуыд. 19:5).
Хъуамӕ ӕмбарӕм, уый бар кӕй никӕмӕн ис, ӕмӕ йӕ сывӕллонӕн кӕнӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн донаргъуыд тыххӕй исын кӕна. Йегъовӕ дӕр йӕхицӕн тыххӕй никӕй лӕггад кӕнын кӕны (1 Иоан. 4:8). Уый бӕсты сын хъуамӕ ӕмбарын кӕнӕм, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой. Донаргъуыд райсынмӕ сӕ цы хъуамӕ баразӕнгард кӕна? Рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой ӕмӕ сӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуын кӕй бафӕндыд, уый (2 Кор. 5:14, 15). Цымӕ адӕймаг донаргъуыд цавӕрдӕр бӕлвырд кары хъуамӕ райса? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Иутӕн сӕ уырнындзинад цыбыр рӕстӕгмӕ сфидар вӕййы, иннӕты та уымӕн фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы. Донаргъуыды бон у стыр цины бон. Фӕлӕ ма уыцы бон адӕймаг хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, Йегъовӕйӕн хи снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын адӕймагыл цы хӕс ӕвӕры, ууыл. Дӕ цард дӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ аразай, уый стыр фыдӕбон у. Йесо дӕр уыцы хъуыддаг ӕфсондзимӕ уымӕн абарста. Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ «сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн» (2 Кор. 5:15; Матф. 16:24). w18.03 6, 7 фф., 14–17 абз.
Цыппӕрӕм, 3 январь
Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый. Уый фӕрцы чидӕртӕ, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой, афтӕмӕй зӕдты суазӕг кодтой (Дзут. 13:2).
Мыййаг дын искуы афтӕ уыди, ӕмӕ-иу цӕйдӕр тыххӕй уӕхимӕ уазджыты нӕ фӕхуыдтай? Кӕд о, уӕд, гӕнӕн ис, дӕхи ӕнӕхай фӕкодтай цавӕрдӕр хорздзинӕдтӕй. Адӕймагӕн йӕ хӕдзары уазджытӕ куы вӕййы, уӕд йӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвиты ӕмӕ ма йӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ дӕр ссары. Уазӕгуарзон чи у, уымӕ афтӕ никуы кӕсдзӕн, ӕмӕ никӕй хъӕуы. Фӕлӕ, чи зоны, зӕгъай, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ дӕ уӕхимӕ искӕй фӕхонын ма фӕнда. Уымӕн вӕййы цалдӕр аххосаджы. Иу уый, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы ӕмӕ сӕ арӕх фӕхъӕуы цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй кӕмӕдӕрты, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ сын сӕ хӕдзармӕ уазджыты фӕхонынӕн нӕдӕр рӕстӕг ис, нӕдӕр хъарутӕ. Кӕд, мыййаг, дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ, чи зоны, хъӕуы дӕ графикыл ахъуыды кӕнын. Мыййаг дзы фӕивӕн ницы ис, цӕмӕй дӕ бон уа уазджыты хонын ӕмӕ уазӕгуаты цӕуын? Библи чырыстӕттӕн фӕдзӕхсы, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уой. Уӕдӕ, уыцы хъуыддагӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнай, уый хорз у. Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй, чи зоны, бахъӕуа, афтӕ ахсджиаг чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын. w18.03 16 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 4 январь
Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн (Лук. 4:43).
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ куыд архайын хъӕуы, уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо. Йӕ цардӕй ӕмӕ йӕ лӕггадӕй бӕрӕг уыд, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы фӕзмын ӕй кӕй фӕндыд. Алцӕмӕй дӕр уыд уый хуызӕн: куыд хъуыды кодта, адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта ӕмӕ куыд архайдта, уымӕй. Йесо Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кодта ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕн тынг аргъ кодта (Иоан. 8:29; 14:9; 15:10). Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, пехуымпар Исай, Йегъовӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у, уый тыххӕй цы ныффыста, уымӕ ӕмӕ йӕ стӕй абарӕм, Марк йӕ Евангелийы Йесойы тыххӕй цы ныффыста, уыимӕ (Ис. 63:9; Мар. 6:34). Цымӕ мах дӕр Йесойау тӕригъӕдгӕнаг стӕм, ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ разынӕм? Йесойау нын хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр у? Кӕд о, уӕд махӕй дӕр зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. w18.02 21 ф., 12 абз.
Сабат, 5 январь
Уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут (Еф. 6:4).
Сывӕллӕтты хъомыл кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕу, уӕлдайдӕр та абоны дунейы цӕргӕйӕ (2 Тим. 3:1–5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау алы адӕймаджы дӕр ӕфсармӕй схайджын кодта, фӕлӕ уӕддӕр, сывӕллон куы райгуыры, уӕд, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый нӕ фӕзоны, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы йе ’фсарм ахуыр кӕнын, ома йын зонд амонын (Ром. 2:14, 15). Иу Библи иртасӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, «зонд амонын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый амоны сывӕллоны афтӕ хъомыл кӕнынмӕ, цӕмӕй дзы, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зона, ахӕм адӕймаг рауайа. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд фӕлмӕнӕй куы фӕамонынц, уӕд сывӕллӕттӕ фембарынц, сӕ ныййарджытӕ сыл кӕй тыхсынц. Стӕй ма бамбарынц, алцы кӕныны бар сын кӕй нӕй, стӕй алы хъуыддаг дӕр йе хорзмӕ кӕй ӕркӕны, йе – ӕвзӕрмӕ. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ разамынд Йегъовӕйӕ агурой. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл алыхуызон адӕмыхӕттытӕ иу хъуыдыйыл хӕст нӕ вӕййынц, стӕй уыцы хъуыддаджы фӕдыл иу фӕлтӕрӕй иннӕ фӕлтӕрмӕ адӕмӕн сӕ хъуыды фӕивы. Фӕлӕ ныййарджытӕ Хуыцауы зондӕй куы архайой, уӕд ӕмбардзысты, сӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ хъомыл кӕной, уый, стӕй сӕ ныфс ацы дунейы зондыл дӕр нӕ дардзысты. w18.03 30 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 6 январь
Дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл (Фил. 2:12).
Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ нырма дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕддӕр дӕ ирвӕзындзинадыл хъуамӕ дӕхӕдӕг архайай. Ӕмӕ дӕ уый хъуамӕ рох ма уа, уымӕн ӕмӕ рӕзгӕ кары уӕвгӕйӕ сӕмбӕлыс ног фӕлварӕнтыл ӕмӕ дӕ фӕхъӕуы цавӕрдӕр ӕнкъарӕнтимӕ тох кӕнын. Иу ӕрыгон чызг уый тыххӕй афтӕ загъта: «Скъолайы искӕй гуырӕнбон куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд Ӕвдисӕнты сывӕллонӕн афтӕ зын нӕ вӕййы, цӕмӕй тъортӕй ма бахӕра. Фӕлӕ куы байрӕзы, уӕд ӕй йе ’мгӕрттӕ фӕразӕнгард кӕнынц ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнынмӕ. Ӕмӕ йӕ уӕд уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕйы закъӕттӕм хъусынӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ууыл». Донаргъуыд стырӕй чи райсы, уыдонӕн дӕр сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕуы, ӕнхъӕл куыд нӕ вӕййынц, афтӕ. Уыцы фӕлварӕнтӕ баст вӕййынц бинонты цардимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ куыстимӕ. Ӕцӕгдӕр, адӕймаг цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр ӕй фӕхъӕуы, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый равдисын (Иак. 1:12–14). w17.12 24 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 7 январь
Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут (Еф. 4:26).
Давид уыд Йегъовӕйы хӕлар. Ацы адӕймаг цы зындзинӕдтӕ баййӕфта, ахӕм зындзинӕдтӕ стӕмтӕ баййафынц. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы маст никӕмӕ хаста. Мӕнӕ цы ныффыста йӕхӕдӕг: «Ныууадз маст ӕмӕ фыдӕх. Ма мӕсты кӕн – уый дӕ фыдбылыз йеддӕмӕ ницӕмӕ ӕркӕндзӕн!» (Пс. 37:8). Нӕ маст «ныууадзын» нӕ сӕйраджыдӕр уымӕн хъӕуы, ӕмӕ афтӕмӕй бафӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы. Уый нын, «нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ цы хъӕуы, уый... нӕ бакӕны», фӕлӕ нын сӕ ныххатыр кӕны (Пс. 103:10). Фӕлӕ ма нӕ нӕ маст «ныууадзын» уый тыххӕй дӕр хъӕуы, ӕмӕ уый нӕхи пайдайӕн у. Адӕймаг мӕстыгӕр куы уа, уӕд уый, гӕнӕн ис, алыхуызон низтӕм дӕр асайа, зӕгъӕм, йӕ туджы ӕлхъывдад схиза, рӕуджыты низ ӕм фӕзына, йе та йӕ йӕ игӕр кӕнӕ йӕ ахсӕн хъыгдарын райдайа. Уымӕй уӕлдай ма адӕймаг мӕсты куы фӕкӕны, уӕд йӕ бон рӕстмӕ хъуыды кӕнын дӕр нал вӕййы. Иуӕй-иу хатт та адӕймаг, йӕ маст куы нӕ бауромы, уӕд уый фӕстӕ йӕхимӕ ныхъхъусы, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг йӕхимӕ не ’рцӕуы. Уӕдӕ бирӕ хуыздӕр у, адӕймаг йӕхиуыл хӕцын куы зона. Библийы дӕр афтӕ фыст ис: «Сабыр зӕрдӕ буарӕн у цард» (Ӕмб. 14:30). Уӕдӕ нӕ не ’мчырыстӕттӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йемӕ бафидауӕм? Уымӕн нын баххуыс кӕндзысты, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдон. w18.01 10 ф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 8 январь
Ды мын мӕ уд ингӕны нӕ ныууадздзынӕ. Иузӕрдион дыл чи у, уый нӕ бауадздзынӕ арф ингӕн фенын (Пс. 16:10).
Давиды уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ никуы амӕлдзӕн. Библийы комкоммӕ фыст ис, Давид кӕй базӕронд ӕмӕ кӕй амард. Стӕй ма дзы фыст ис: «Давид йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ Давиды горӕты бавӕрдтой» (1 Пад. 2:1, 10). Уӕдӕ уӕд 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ кӕмӕ амонынц? Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уымӕй цалдӕр къуырийы фӕстӕ Петр мингай адӕмы размӕ рацыд. Се ’хсӕн уыд дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй дзуттаг дин чи райста, уыдон дӕр (Хъуыд. 2:29–32). Петр сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Давид кӕй амард ӕмӕ йӕ зӕппадзы кӕй бавӕрдтой. Стӕй сын загъта, зӕгъгӕ, «Давид бирӕ раздӕр зыдта, Чырысти кӕй райгас уыдзӕн, ӕмӕ уый кой кодта». Ӕмӕ Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ сӕ чидӕр йӕ ныхӕстимӕ не сразы. Петр йӕ ныхӕстӕ сбӕлвырд кӕнынӕн ӕрхаста, Давид 110-ӕм псаломы 1-аг стихы кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕ (Хъуыд. 2:33–36). Уый фӕрцы уыцы бирӕ адӕм баууӕндыдысты, Йесо «Хицау ӕмӕ Чырысти» кӕй у, ууыл. Уыдон бамбӕрстой, 16-ӕм псаломы 10-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты, Йесо куы райгас, уӕд. w17.12 10 ф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 9 январь
Алцыдӕр банымадтам ӕмӕ сбарстам, стӕй, сӕ уӕз цас уыд, уый ныффыстам (Езд. 8:34).
Разамонӕг совет нӕ организацийы мысайнӕгтӕй куыд пайда кӕны, уыцы хъуыддаджы у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын (Матф. 24:45). Ӕхца хардз куыд цӕудзӕн, уый пълан кӕнгӕйӕ уыцы ӕфсымӕртӕ Хуыцаумӕ скувынц, цӕмӕй сын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕна (Лук. 14:28). Апостол Павел та иухатт ӕхца ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн баххуыс кодтаид. Павел ӕмӕ йын уыцы ӕхца бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ «архайдтой ӕппӕт дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй аразыныл, ӕмӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы раз нӕ, фӕлӕ адӕмы раз дӕр» (2 Кор. 8:18–21). Нӕ организаци дӕр ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты Ездрӕ ӕмӕ Павелау ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй фӕархайы (Езд. 8:24–33). Фӕстаг азты нӕ организацимӕ бирӕ пълӕнттӕ уыд. Ӕмӕ архайы, цӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй арӕзт ӕрцыдысты цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ. Уый фӕрцы, рӕдауӕй кӕй дӕттӕм, уыцы мысайнӕгтӕ, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ хардз цӕуынц. w18.01 19, 20 фф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 10 январь
Уадз уӕ зӕрдӕты мидӕг хицау уӕд Чырыстийы фарн (Кол. 3:15).
Уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн хатыр кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, не ’мчырыстӕттӕй чидӕр цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта ӕмӕ нын уымӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта, уӕд нӕ бон у ӕрхъуыды кӕнын, нӕхӕдӕг дӕр-иу иннӕты кӕй фӕхъыг кодтам, уый. Нӕ рӕдыд-иу нын кӕй ныххатыр кодтой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уарзондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй сӕ бузныг куыннӕ уыдыстӕм! (Еккл. 7:21, 22). Уӕлдай бузныг та стӕм Чырыстийӕ, Хуыцауы адӕмы хӕларзӕрдӕйӕ иумӕ кӕй ӕмбырд кӕны ӕмӕ се ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад кӕй ис, уый тыххӕй. Не ’ппӕт дӕр уарзӕм уыцы иу Хуыцауы, хъусын кӕнӕм уыцы иу хабар ӕмӕ ӕмбӕлӕм уыцы иу зындзинӕдтыл. Уӕдӕ кӕрӕдзи куы уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хӕларзӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд, цы фарны тӕгтӕй баст стӕм, уыдон фидардӕр кӕндзысты ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕг ӕдзухдӕр нӕ цӕстыты раз уыдзӕн. Хӕлӕг куы кӕнӕм, уӕд дӕр нын тӕссаг уыдзӕн, нӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай куы фӕуӕм, уымӕй. Библийы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, хӕлӕг кӕнын стыр бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны. Зӕгъӕм, Каин бахӕлӕг кодта йе ’фсымӕр Авелмӕ, ӕмӕ йӕ амардта. Корей, Дафан ӕмӕ Авирон Моисеймӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Паддзах Саул та райдыдта Давидмӕ хӕлӕг кӕнын, ӕмӕ йӕ амарыныл архайдта. w17.11 27 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 11 январь
Уыцы хъуыддаг сбӕрӕг кӕн, раиртас ӕй ӕмӕ йӕ бӕлвырд базон (Дык. з. 13:14).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ уой тынг лӕмбынӕг, цӕмӕй бамбарой, адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Уый бамбарын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Адӕймаг кӕй фӕсмон кӕны, уый бӕрӕг вӕййы, цы сарӕзта, уымӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уагӕй (Рарг. 3:3). Цӕмӕй йӕ тӕригъӕд хатыргонд ӕрцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕна. Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ уӕлдай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зӕрдӕтӕ нӕ уынынц. Уӕдӕ кӕд хистӕр нӕлгоймаг дӕ, уӕд дӕ бон куыд у базонын, адӕймаг ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕны ӕви нӕ? Фыццаджыдӕр, Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын зонд ӕмӕ арфуынындзинад ратта (1 Пад. 3:9). Дыккаджы та, Хуыцауы Ныхас ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары публикацитӕм ӕркӕс, цӕмӕй бамбарай, «ацы дунейы адӕм куыд ӕрӕнкъард вӕййынц», уый цӕмӕй хицӕн кӕны, «Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, адӕймаг афтӕ куы ӕрӕнкъард вӕййы», уымӕй (2 Кор. 7:10, 11). Ахъуыды кӕн, йӕ тӕригъӕдтыл-иу чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ-иу чи не ’рфӕсмон кодта, уыдоны тыххӕй Библийы цы фыст ис, ууыл. Хъуыддагмӕ-иу цы цӕстӕй ракастысты? Цавӕр хъуыдытӕ-иу сӕм уыд? Сӕхи-иу куыд дардтой? w17.11 17 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 12 январь
Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты (2 Тим. 3:2).
Абон бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, сывӕллон йӕ ныййарджыты коммӕ ма кӕса, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, ӕмӕ уыцы зондахаст бӕрӕг у, иуӕй-иу чингуыты цы фыст вӕййы, стӕй, киноты ӕмӕ телепередачӕты цы февдисынц, уымӕй. Ӕцӕгӕй та сывӕллӕтты ӕгоммӕгӕсдзинад бинонты фарн халгӕ кӕны. Ӕмӕ уый ӕхсӕнадыл дӕр ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕвӕййы. Сывӕллӕтты ӕгоммӕгӕсдзинад бинонтӕн зиан кӕй хӕссы, уый адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕмбӕрстой. Зӕгъӕм, рагон Грецийы ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу йӕ ныййарӕджы чи ныццавта, уыцы адӕймаджы-иу, закъонмӕ гӕсгӕ йын цы бартӕ уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕнӕхай фӕкодтой. Ромы закъонмӕ гӕсгӕ та, фыдмӕ къух сисын нымад уыд уӕззау фыдракӕндыл, ӕмӕ-иу уый тыххӕй адӕймагӕн хаст ӕрцыд, лӕгмарӕн-иу кӕй рахастой, ахӕм тӕрхон. Дзуттаг Фыстыты дӕр ӕмӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр ис ахӕм фӕдзӕхст, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн кад кӕной (Рац. 20:12; Еф. 6:1–3). Сывӕллӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уой ӕмӕ ӕгоммӕгӕс ма суой? Сӕ ныййарджытӕ сӕ хорзыл кӕй тыхсынц, ууыл куы хъуыды кӕной, уӕд сӕ бузныг уыдзысты ӕмӕ сӕ фӕнддзӕн сӕ коммӕ кӕсын. Стӕй ма хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс уой. Ӕрыгӕттӕ се ’мгӕртты раз сӕ ныййарджыты хорзы кой куы кӕной, уӕд уыдон дӕр сӕ ныййарджытӕн кад кӕндзысты. w18.01 29 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 13 январь
Уыдонӕй алчидӕр уыдзӕн, дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн, ӕнӕдон бӕстӕйы цӕугӕдӕттӕ куыд уой, хурсыгъд бӕстӕйы – стыр къӕдзӕхы аууон, уый хуызӕн (Ис. 32:2).
Абон чырыстӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд, цӕмӕй ногӕй Йегъовӕмӕ баввахс уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагура. Уый афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй хъуамӕ ӕвзарой, уый Йегъовӕйы фӕнд у (Иак. 5:14–16). Дыккаджы та уый, ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уый хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуысы фӕрцы ногӕй Хуыцауы хорзӕх ссары ӕмӕ йӕ тынгдӕр фӕфӕнды йӕхи тӕригъӕдӕй хизын (Гал. 6:1; Дзут. 12:11). Ӕртыккаджы та уый, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс у ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр кӕнынц, йӕ тӕригъӕдыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс уадзын, цӕмӕй мауал маст кӕной ӕмӕ сӕхи мауал хӕрой. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты Йегъовӕ хоны, «тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынат» (Ис. 32:2). Уӕдӕ ӕмбырды ахӕм ӕгъдау кӕй ис, уый Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг у. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ зонынц, адӕймагӕн куыд фенцондӕр вӕййы, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ куы аныхас кӕны ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм куы байхъусы, уӕд. w17.11 10 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 14 январь
Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд... [ӕм] хъыг... фӕкӕсы (Дзут. 12:11).
Нӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд нын ӕнцон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕнӕмӕнг куы нӕ хъӕуа, уӕд хъуамӕ йемӕ телефонӕй ма дзурӕм, стӕй йӕм смс-тӕ, писмотӕ кӕнӕ интернетӕй ӕмӕ социалон сетьтӕй ма фыссӕм. Дӕ ныфс ма асӕттӕд! Уарзондзинад «алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары». Ӕмӕ мах дӕр ныфс ис, бирӕ кӕй уарзӕм, уый Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхдзӕн (1 Кор. 13:7). Кӕд ӕй уыныс, ӕмӕ, дӕ бинонтӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый ивын райдыдта, уӕд дӕ бон у кувын, цӕмӕй Библийы фӕрцы фидардӕр кӕна ӕмӕ Йегъовӕйы ныхӕстӕ, «раздӕх мӕм», зӕгъгӕ, йӕ зӕрдӕмӕ айса (Ис. 44:22). Йесо загъта, цыфӕнды адӕймагӕй йӕ фылдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм. Йесо ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ахӕм хъӕбатырдзинад кӕй разындзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уой, сӕ бинонтӕ сӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Ӕмӕ кӕд дӕ хиуӕттӕ, Йесойы фӕдыл кӕй цӕуыс, уый тыххӕй дӕ ныхмӕ систы, уӕд дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Кув ӕм, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна (Ис. 41:10, 13). Зон ӕй: Йегъовӕ ӕмӕ дӕ Йесо райгонд сты ӕмӕ дын дӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кӕндзысты. Ӕмӕ дын уый циндзинад хӕссӕд. w17.10 16 ф., 19–21 абз.
Дыццӕг, 15 январь
Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут кӕрӕдзийы зын (Кол. 3:12).
Азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой кӕнӕ рынчын чи у, уыдоны тухӕнтӕ уынгӕйӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм. Мах тынг бӕллӕм, адӕм уыцы зындзинӕдтӕй кӕд фервӕздзысты, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ фӕкувӕм, цӕмӕй йӕ Паддзахад ӕрцӕуа. Фӕлӕ уал нырма, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй рынчынтӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм. Иу фыссӕг йӕ чиныджы ныффыста, йӕ ацӕргӕ мадыл цы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй. Йӕ мад уыд Альцгеймеры низӕй рынчын. Иу бон уазӕгдонмӕ нӕ фӕхӕццӕ ӕмӕ йӕхи фесӕфта. Ӕмӕ йӕхи ныссыгъдӕг кӕныныл куыд архайдта, афтӕ йӕм чидӕр дуар ӕрбахоста. Уыдон уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, арӕх-иу ӕм чи цыд, уыцы дыууӕ хойы. Хотӕ йӕ бафарстой, ӕххуыс дӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Сылгоймаг сын загъта: «Мӕ цӕсгом уӕм нӕ хъӕцы, фӕлӕ хъӕуы». Хотӕ йын баххуыс кодтой йӕхимӕ базилынӕн. Стӕй йын цай скодтой ӕмӕ йемӕ иу цасдӕр абадтысты. Йӕ фырт уыцы хабӕрттӕ куы базыдта, уӕд сӕ тынг фӕбузныг ӕмӕ ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «адӕмӕн цы амонынц, уый, дам, сӕхӕдӕг дӕр аразынц». Ды дӕр ацӕргӕтӕн ӕмӕ рынчынтӕн сӕ зын ӕмбарыс ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй сын сӕ зын фӕрог кӕнай? (Фил. 2:3, 4). w17.09 9 ф., 5 абз.; 12 ф., 14 абз.
Ӕртыццӕг, 16 январь
Кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).
Куы йӕ зонай, ӕмӕ, де ’фсымӕрӕн цы хорздзинад аразынмӕ хъавыс, уый тыххӕй никуы ничи базондзӕн, уӕддӕр хъуамӕ цӕттӕ уай ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынмӕ (Матф. 6:1–4). Хъуамӕ ма-иу иннӕтӕн кад кӕнынмӕ дӕр фӕраздӕр уӕм (Ром. 12:10). Йесо иннӕтӕн кӕй кад кодта, уый равдыста, йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй (Иоан. 13:3–5, 12–15). Мах дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг суӕм ӕмӕ иннӕтӕн кад кӕнӕм. Апостолтӕ дӕр, Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта, уый кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой, цалынмӕ фӕстӕдӕр сыгъдӕг тыхӕй не схайджын сты, уӕдмӕ (Иоан. 13:7). Ахуырад нӕм кӕй ис, иннӕтӕй хъӕздыгдӕр кӕй стӕм кӕнӕ Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бар кадджын хӕстӕ кӕй ис, уый тыххӕй-иу нӕхицӕй куы нӕ ныхъхъал уӕм, уӕд уымӕй дӕр ӕвдисдзыстӕм, иннӕтӕн кӕй кад кӕнӕм (Ром. 12:3). Ӕмӕ искӕмӕй истӕй тыххӕй куы ’ппӕлой, уӕд сӕм хӕлӕг нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ сын сӕ циныл цин кӕндзыстӕм, кӕд мах дӕр уыцы хъуыддаджы цыдӕр сарӕзтам ӕмӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уыцы кад махмӕ дӕр ӕмбӕлы, уӕддӕр. w17.10 9 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 17 январь
Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон (1 Кор. 9:23).
Бирӕтӕ хъусынгӕнгӕйӕ федтой, Хуыцауы Ныхас адӕмыл куыд тынг бандавы, уый. Иу ӕфсымӕр бирӕ азты дӕргъы иу ацӕргӕ нӕлгоймагӕн хаста журналтӕ. Ӕмӕ та йын иуахӕмы ног «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» куы ’рбахаста, уӕд ма йын Библийӕ бакаст 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4 стихтӕ дӕр. Уым та фыст ис, зӕгъгӕ нын тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр. Ацы ныхӕстӕ нӕлгоймаджы зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдтой, ӕмӕ ӕфсымӕрӕн загъта, цӕмӕй йын сӕ ногӕй бакастаид. Уый фӕстӕ йын афтӕ, зӕгъгӕ, дам, нӕ мӕ бинойнагимӕ удӕнцой ӕцӕгдӕр хъуыди. Уыцы стихты фӕрцы йӕ бафӕндыд Библийӕ фылдӕр базонын. Хуыцауы Ныхасӕй уацамынды куы фӕпайда кӕнӕм, уӕд ын ӕцӕгдӕр стыр тых вӕййы! (Хъуыд. 19:20). w17.09 26 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 18 январь
Йе стӕг ӕмӕ [йын] йӕ буармӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид (Иов 2:5).
Хуыцауӕн уӕлӕрвты цы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдон куыннӕ смӕсты уыдаиккой ӕмӕ сӕм Хӕйрӕджы ныхӕстӕ ӕнӕзонд куыннӕ фӕкастаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ масты фӕдыл нӕ ацыд ӕмӕ, уыцы уавӕры растдӕр куыд уыд, афтӕ бакодта. Йегъовӕ дзырддаг фарста куыд скъуыддзаг кӕны, уымӕй бӕрӕг у, мӕсты кӕнынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы (Рац. 34:6; Иов 2:2–6). Цымӕ Йегъовӕ уыйбӕрц цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Уымӕн, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, «фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын? Исты зӕгъыны размӕ уал-иу хъуамӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ исты саразынмӕ тагъд ма кӕнӕм. Цавӕрдӕр ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕнын дӕ куы хъӕуа, уӕд-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн, цӕмӕй йыл бӕстон ахъуыды кӕнай. Йегъовӕйӕ зонд кур, цӕмӕй-иу, цы зӕгъын хъӕуы, уый зонай ӕмӕ-иу, растдӕр куыд у, афтӕ бакӕнай (Пс. 141:3). Мӕстыйӕ нын нӕхиуыл фӕхӕцын зындӕр вӕййы. Ӕмӕ уый фӕстӕ нӕ сонт ныхӕстыл ӕмӕ нӕ сонт митыл фӕфӕсмон кӕнӕм (Ӕмб. 14:29; 15:28; 19:2). w17.09 4 ф., 6, 7 абз.
Сабат, 19 январь
Кадыхуд... хистӕр сауджын Иоседекы фырт Йесойы сӕрыл ӕркӕн (Зах. 6:11).
Цымӕ уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хистӕр сауджын Йесо паддзах сси? Нӕ. Йесо Давиды байзӕддаг нӕ уыд, ӕмӕ йын паддзахы бынат бацахсыны бар нӕ уыд. Йӕ сӕрыл ын кадыхуд кӕй ӕркодтой, уый амыдта фидӕнмӕ – йӕ ном Тау кӕмӕн у, уый ӕнустӕм паддзахӕй ӕмӕ сауджынӕй ӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ. Библи йӕ ӕмбарын кӕны, уыцы Тау Йесо Чырысти кӕй у (Ис. 11:1; Матф. 2:23). Йесо у Паддзах дӕр ӕмӕ Хистӕр сауджын дӕр. Уый у Йегъовӕйы зӕдты ӕфсады разамонӕг ӕмӕ зӕрдиагӕй архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕм ацы фыддунейы ӕдас уой (Йер. 23:5, 6). Тынг тагъд Чырысти бацӕудзӕн тохы Хуыцауы хицаудзинады ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл, ӕмӕ адӕмтыл фӕуӕлахиз уыдзӕн (Рарг. 17:12–14; 19:11, 14, 15). Фӕлӕ уал уӕдмӕ уыцы Тауӕн стыр хъуыддаг ис бакӕнинаг. w17.10 29 ф., 12–14 абз.
Хуыцаубон, 20 январь
Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут (Кол. 3:9).
Дӕ дзаумӕттӕ куы счъизи уаиккой ӕмӕ ма ӕвзӕр тӕф дӕр куы скӕниккой, уӕд куыд бакӕнис? Ӕвӕццӕгӕн дын куыддӕр фадат фӕуид, афтӕ сӕ феппарис. Раст афтӕ, хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ йе сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уыны, уыдон нӕхицӕй аппарӕм, ныууадзӕм сӕ. Ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй Павел ныффыста: «Ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ». Павел цы хъуыддӕгты кой кодта, уыдонӕй иу у хӕтындзинад (Кол. 3:5–9). Библийы дзырд «хӕтындзинад» фӕамоны, закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуой, уымӕ, стӕй гомосексуализммӕ. Павел чырыстӕттӕн загъта, зӕгъгӕ, «амарут» уӕ «буары фӕндтӕ», ома, «хӕтындзинадмӕ» чи ’ркӕны, уыцы монцтӕ. Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаджы фидарӕй архайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй ахӕм ӕвзӕр фӕндтӕй фервӕза. Фӕлӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм. w17.08 18 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 21 январь
Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ (Мих. 7:7).
Пехуымпар Михей дӕр ӕмбӕлди, абон мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕмтыл. Уый цард фыдгӕнӕг паддзах Ахазы рӕстӕг. Иудӕйы бӕстӕ мӕнгард адӕмӕй ӕмӕ гӕртамхортӕй байдзаг. Адӕм «ӕвзӕрдзинад аразынмӕ дӕсны» систы (Мих. 7:1–3). Михей ӕмбӕрста, уыцы уавӕр йӕхи бон кӕй нӕ уыд фӕивын. Михеймӕ цы уырнындзинад уыд, махмӕ дӕр ахӕм уырнындзинад куы уа, уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм. Махӕн нӕ уавӕр, ахӕстоны йӕ мӕлӕты бонмӕ чи ’нхъӕлмӕ кӕсы, ахӕм ахст адӕймаджы уавӕры хуызӕн нӕу. Уымӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕй, ӕмӕ уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы бон ралӕууа. Фӕлӕ мах Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ тӕккӕ дӕр йӕ афоныл йӕ зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕнусон цард кӕй ратдзӕн! Уымӕ гӕсгӕ «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй» фидар лӕууӕм (Кол. 1:11, 12). Фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ хъуыр-хъуыр куы кӕнӕм, Йегъовӕ ӕгӕр фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн (Кол. 3:12). w17.08 4 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 22 январь
Йегъовӕ ӕххуыс кӕны сабыр адӕмӕн (Пс. 147:6).
Цы хъӕуы, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕна? Хъуамӕ Йегъовӕ уа не ’ввахс Хӕлар. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм сабыр, фӕлмӕн адӕймӕгтӕ (Соф. 2:3, фип.). Сабыр адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цы ’фхӕрд ӕййафы ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕвзары, уыдонӕн Йегъовӕ кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ. Йегъовӕ ахӕм адӕмӕй у райгонд. Фӕлӕ ма Библийы фыст ис, Йегъовӕ «фегад кӕны фыдгӕнджыты», зӕгъгӕ (Пс. 147:6б). Ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл сӕ бон акӕна. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй уарза, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ не сӕфт уынӕм, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй (Пс. 97:10). Зӕгъӕм, хъуамӕ не сӕфт уынӕм хӕтындзинадӕй. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, хӕтындзинадмӕ цыдӕриддӕр ӕркӕны, уымӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм, уыимӕ порнографийӕ дӕр (Пс. 119:37; Матф. 5:28). Чи зоны, уый ӕнцон тох ма уа, фӕлӕ Йегъовӕйы арфӕдзинад уый аргъ у. Фӕлӕ уыцы тохы нӕхи хъарутӕй ницы бакӕндзыстӕм. Хъуамӕ Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр кувӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. w17.07 19, 20 фф., 11–13 абз.
Ӕртыццӕг, 23 январь
Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн (Ӕмб. 19:17).
Кӕд нӕхицӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕнӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын нӕ уайы, уӕддӕр нӕ бон у нӕ исбонӕй иннӕтӕн лӕггад кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Адӕм тынг мӕгуыр кӕм цӕрынц, ахӕм бӕстӕты бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Ӕмӕ мысайнӕгты фӕрцы уыцы бӕстӕты дӕр ис фаг литературӕ ӕмӕ дзы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы. Зӕгъӕм, Конгойы, Мадагаскары ӕмӕ Руандӕйы Библитӕ вӕййынц тынг зынаргъ. Хатт сӕ аргъ вӕййы, адӕймаг къуыримӕ кӕнӕ иу мӕймӕ цас бакуса, уыйбӕрц. Бирӕ азты дӕргъы хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу не ’фсымӕрты хъуыди равзарын, Библи балхӕндзысты ӕви сӕ бинонтӕн хӕринаг. Ныртӕккӕ бирӕтӕ цы мысайнӕгтӕ дӕттынц, уыдоны фӕрцы, стӕй ӕхца афтӕ хардз кӕй цӕуынц, «цӕмӕй уӕргътӕ ӕмхуызон уой», уый фӕрцы Йегъовӕйы организацийӕн йӕ бон у Библитӕ тӕлмац кӕнын ӕмӕ сӕ бинонтӕй алкӕмӕн дӕр ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн лӕвар дӕттын (2 Кор. 8:13–15). w17.07 9 ф., 11 абз.
Цыппӕрӕм, 24 январь
Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11).
Иовы хабар нын ныфсы хос уымӕн у, ӕмӕ ӕвдисы, нӕ фӕлварӕнтӕ ууыл дзурӕг кӕй не сты, ӕмӕ нӕм Йегъовӕ мӕсты у. Фӕлварӕнтӕ нын дӕттынц фадат, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый равдисынӕн. Иузӕрдион ӕмӕ фидар кӕй стӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕны, стӕй нӕ фидӕнӕй цы ныфс ис, уый нӕ нӕ рох кӕны (Ром. 5:3–5). Иовы хабарӕй базонӕн ис, «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у» (Иак. 5:11). Мах ӕй зонӕм, йӕ хицаудзинады фарс куы уӕм, уӕд нӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны, цӕмӕй «цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Кол. 1:11). Зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕ вӕййы, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕй хъуамӕ сбӕлвырд уа, ууыл хъуыды кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхицӕн ӕдзух нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнӕм, цыфӕнды зындзинӕдты дӕр Хуыцауы хицаудзинады фарс кӕй хъуамӕ уӕм. w17.06 26 ф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 25 январь
Зыд мацӕуыл кӕнут (Лук. 12:15).
Ныртӕккӕ бирӕтӕн сӕ сӕйраг мӕт у, цӕмӕй сын уа, фӕстаг модӕмӕ гӕсгӕ чи сты, ахӕм дзаумӕттӕ, ногдӕр телефонтӕ, компьютертӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон мулчы фӕдыл цӕуынц, ома сын ӕхца ӕмӕ дзауматӕ сты ӕппӕты сӕйраг. Дӕуӕн та ӕппӕты сӕйраг цы у? Хорз уаид, алы чырыстон дӕр-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ куы ахъуыды кӕнид: «Фылдӕр рӕстӕг мын цӕуыл ацӕуы, цы ног машинӕтӕ фӕзынд ӕмӕ модӕйы цы ис, уый тыххӕй кӕсыныл ӕмӕ хъуыды кӕныныл ӕви ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕныныл? Царды хабӕрттыл ӕгӕр не сдӕн? Кувынӕн ӕмӕ мын Библи кӕсынӕн къаддӕр рӕстӕг нӕ баззайы?» Куы йӕ бамбарӕм, ӕмӕ ӕхца ӕмӕ дзауматӕ фылдӕр уарзын райдыдтам, Чырыстийы та – къаддӕр, уӕд ын хъуамӕ йӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕнӕм, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстыл. Йесо загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». Иу «хицау» дӕр ӕмӕ иннӕ «хицау» дӕр домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион (Матф. 6:24). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр «нӕ буары монцтимӕ», кӕнӕ фӕндтимӕ, тох кӕнӕм, ӕмӕ уыцы фӕндтӕм хауы мулк уарзын дӕр (Еф. 2:3). w17.05 25, 26 фф., 15, 16 абз.
Сабат, 26 январь
Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон (1 Кор. 9:23).
Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ абарӕн ис ӕлыг мигӕнӕнтимӕ. Фӕлӕ цы хабар хъусын кӕнӕм, уый зынаргъ хӕзнайӕ уӕлдай нӕу, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн дӕр ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Апостол Павел бирӕ фыдӕбон кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы (Ром. 1:14, 15; 2 Тим. 4:2). Ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын кӕй уарзта, уый йын ӕххуыс кодта уыцы хъуыддаг дарддӕр дӕр аразынӕн, кӕд ӕй ӕфхӕрдтой, уӕддӕр (1 Фес. 2:2). Цымӕ махӕн та нӕ бон куыд уаид равдисын, Павелау нӕ лӕггад кӕй уарзӕм, уый? Павел йӕ лӕггад кӕй уарзта, уый равдыста, зӕгъӕм, адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр кӕй пайда кодта, уымӕй. Павелау ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр хорз хабар хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты ӕмӕ, адӕмыл кӕмфӕнды ма ӕмбӕлӕм, уым (Хъуыд. 5:42; 20:20). Мах фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ бон куы вӕййы, уӕд фӕлӕггад кӕнӕм пионертӕй кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Науӕд та нӕ бон вӕййы ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын, стӕй хъусын кӕнынмӕ нӕ бӕстӕйы ӕндӕр ранмӕ кӕнӕ та суанг ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр ацӕуын (Хъуыд. 16:9, 10). w17.06 10, 11 фф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 27 январь
Ӕппӕт хӕхтӕ ӕмӕ сакъадӕхтӕ дӕр сӕ бынӕттӕй фезмӕлыдысты (Рарг. 6:14).
Ацы дунейы цы бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй бирӕтӕ ӕрцӕуынц хицӕн адӕймӕгты аххосӕй нӕ, фӕлӕ кӕцыдӕр организациты аххосӕй. Рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕны, уыцы динты аххосӕй милуангай адӕм, ӕцӕг Хуыцау чи у, уый нӕ зонынц, Библийыл не ’ууӕндынц, фидӕны зӕхх ӕмӕ адӕммӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕдыл ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр фарстаты фӕдыл сты рӕдыд хъуыдытыл хӕст. Кӕнӕ та райсӕм хицауӕдтӕ. Сӕ аххосӕй арӕх хӕстытӕ райдайынц, стӕй адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ ардауынц ӕмӕ мӕгуырты ӕмӕ, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕй, уыдоны ссӕндынц. Гӕртӕмттӕ кӕй фӕисынц, стӕй, кӕмӕн сӕ фӕфӕнды, уыдонӕн фылдӕр бартӕ кӕй раттынц, уый фӕрцы тынг схъӕздыг вӕййынц. Ӕнӕзӕгъгӕ нӕй, ӕхцайӕ ӕфсис чи нӕ зоны, уыцы организациты ӕмӕ компаниты тыххӕй дӕр. Уыдон ӕрдз сафынц ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмы фыдӕбонӕй дуне ӕхца кусынц. Уыцы организациты хицӕуттӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ схъӕздыг вӕййынц, дуне адӕм та фырмӕгуырӕй цы фӕуой, уый нӕ фӕзонынц. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, хицауӕдтӕ ӕмӕ, семӕ баст чи у, уыцы организацитӕ иууылдӕр кӕй банкъуысдзысты. Йегъовӕ сӕ се ’ппӕт дӕр сӕфты хай бакӕндзӕн, йӕ Паддзахады ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй (Йер. 25:31–33). w17.04 11 ф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 28 январь
Бӕллӕх йӕ рӕстӕджы не ’руадздзынӕн (1 Пад. 21:29).
Йегъовӕ «зӕрдӕтӕм... кӕсы» ӕмӕ уыны, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ахавмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста ӕмӕ йын ныххатыр кодта (Ӕмб. 17:3). Навуфейы бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Йегъовӕйы ног тӕрхоны тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд уый, ӕвӕццӕгӕн, сӕ уырнындзинадӕн фӕлварӕн сси. Фӕлӕ сӕрныллӕгдзинады фӕрцы сӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтаиккой. Куыд? Сӕрныллӕг куы уыдаиккой, уӕд Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтаиккой ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдтаид, Хуыцау хӕрам хъуыддаг кӕй никуы сараздзӕн, уый (Дык. з. 32:3, 4). Фидӕны Навуфей, йӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттӕ сӕхиуыл бавзардзысты, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕны, рӕстгӕнджыты куы райгас кӕна, уӕд (Иов 14:14, 15; Иоан. 5:28, 29). Сӕрныллӕг адӕймаг йӕ зӕрдыл дары Екклесиасты 12:14 стихы фыст ныхӕстӕ: «Ӕцӕг Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алцӕмӕн дӕр, алы сусӕг хъуыддагӕн дӕр, хорз уа ӕви ӕвзӕр». Йегъовӕ тӕрхон куы фӕхӕссы, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары, мах цы нӕ фӕзонӕм, уыдӕттӕ дӕр. Уӕдӕ сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ уыдзӕн. w17.04 24 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 29 январь
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).
Цард зындӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ не ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм лидзӕггаг фӕвӕййынц. Уый сын, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг зын уа. Зӕгъӕм, хъӕуы сӕ ахуыр кӕнын ног ӕвзаг, ног закъӕттӕ, ног ӕгъдӕуттыл, хъалонтӕ ӕмӕ алыхуызон фидинӕгтӕ фидын, стӕй сывӕллӕтты фӕхъӕуы ног скъоламӕ цӕуын, ныййарджыты та фӕхъӕуы сӕ сывӕллӕтты ӕндӕрхуызон хъомыл кӕнын. Иу ныхасӕй, хъуамӕ алцӕуыл дӕр сахуыр уой уыцы иу рӕстӕг! Ахӕм зындзинӕдтыл цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕмбӕлынц, уыдонӕн дӕ бон у фӕразонӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй ӕххуыс кӕнын? (Фил. 2:3, 4). Лидзӕггаг чи фӕвӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕн хицауады домӕнты тыххӕй иуӕй-иу хатт зын вӕййы ӕмбырдтӕм цӕуын. Зӕгъӕм, ӕрлидзджытӕн чи феххуыс кӕны, уыцы организаци сын куыст ссары, ӕмӕ сын фӕзӕгъынц, ӕнӕмӕнг ыл кӕй хъуамӕ сразы уой, цӕмӕй сын дарддӕр ӕххуыс кӕной ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕ ма атӕрой. Афтӕмӕй та, уыцы куыстыл куы сразы уой, уӕд сын ӕмбырдтӕм цӕуыны фадат нӕ уыдзӕн. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ ахӕм куыстытыл сразы сты, кӕй сын нал ӕххуыс кӕндзысты, уымӕй кӕй тарстысты ӕмӕ, куыд кӕной, уый кӕй нӕ зыдтой, уый тыххӕй. Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу, лидзӕггаг чи фӕци, уыцы ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ хотимӕ фембӕлӕм, куыддӕр ӕрцӕуой, афтӕ. Хъуамӕ йӕ феной, кӕй сыл тыхсӕм. Сӕ фарсмӕ куы балӕууӕм ӕмӕ сын куы баххуыс кӕнӕм, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн (Ӕмб. 12:25). w17.05 5 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 30 январь
Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн (Матф. 24:12).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бамбарын кодта, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый» цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн. Цытӕ ранымадта, уыдонӕй иу уыд, «адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад [кӕй] ӕруазал уыдзӕн» (Матф. 24:3). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттӕгтӕ сӕхи хуыдтой Хуыцауы адӕм, фӕлӕ сӕ уарзондзинад ӕруазал, Хуыцауы нал уарзтой. Уыцы рӕстӕг чырыстӕттӕн сӕ фылдӕрӕн уыд ӕндӕр зондахаст. Уыдон «хъусын кодтой... Йесойы тыххӕй хорз хабар», уарзтой Хуыцауы, се ’фсымӕрты ӕмӕ ма суанг, рӕстдзинад чи нӕма базыдта, уыцы адӕмы дӕр (Хъуыд. 2:44–47; 5:42). Фӕлӕ, хъыгагӕн, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ уарзондзинад ӕруазал. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Фыццаг ӕнусы Ефесы чи цард, уыцы чырыстӕттӕн Йесо загъта: «Райдианы дӕм цы уарзондзинад уыд, уый дӕм нал ис» (Рарг. 2:4). Цымӕ афтӕ цӕмӕн рауадаид? Гӕнӕн ис, ӕмӕ Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕ фӕхъӕстӕ сты, сӕ алыварс цы хиуарзон адӕм цард, уыдоны зондахастӕй (Еф. 2:2, 3). w17.05 17 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 31 январь
Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн (Матф. 5:33).
Йеффай уыд хъӕбатыр хӕстон ӕмӕ разамонӕг. Аннӕ уыд хорз бинойнаг ӕмӕ хӕдзары хорз ӕфсин. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Фӕлӕ ма сӕм уымӕй уӕлдай иумӕйагӕй цы уыд? Йеффай дӕр ӕмӕ Аннӕ дӕр Йегъовӕйӕн дзырд радтой, ӕмӕ дзы иу дӕр йӕ ныхас нӕ фӕсайдта. Уыдон фӕзминаг сты, абон Йегъовӕйӕн дзырд чи ратты, уыдонӕн. Библийы дзырд раттыны кой кӕм ис, уым фӕамоны, адӕймаг-иу Хуыцауӕн цы дзырд ратта, уымӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн-иу загъта, цыдӕр кӕй сараздзӕн, цыдӕр ын кӕй балӕвар кӕндзӕн, цавӕрдӕр хуызы лӕггад кӕнын кӕй райдайдзӕн кӕнӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты кӕй фӕцух кӕндзӕн. Ахӕм дзырд раттын адӕймаджы хъуамӕ йӕхи бафӕнда. Хъуамӕ йын ӕй тыххӕй мачи раттын кӕна. Фӕлӕ йӕ иугӕр радта, уӕд уыцы хъуыддаг Йегъовӕ тынг ахсджиагыл нымайы, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕна. Библимӕ гӕсгӕ, дзырд раттын сомы ракӕнынӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаг сомы ракӕны, цыдӕр кӕй сараздзӕн кӕнӕ кӕй нӕ сараздзӕн, уый номыл (Райд. 14:22, 23; Дзут. 6:16, 17). w17.04 3 ф., 1, 2 абз.