Январь
Ӕртыццӕг, 1 январь
Зӕххыл... Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд (Ным. 12:3).
Моисей Египеты паддзахы бинонтӕй куы уыд, уӕд ӕй сӕрныллӕг адӕймаг схонӕн нӕ уыд. Моисей ахӕм мӕстыгӕр разынд, ӕмӕ иу лӕджы амардта, хӕрам хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй. Моисеймӕ афтӕ каст, ӕмӕ раст бакодта ӕмӕ дзы Йегъовӕ райгонд у. Йегъовӕ йын 40 азы дӕргъы ӕххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, израилӕгты цагъарадӕй ссӕрибар кӕнынӕн ӕрмӕст хъӕбатырдзинад фаг кӕй нӕу. Хъуыди ма йӕ сӕрныллӕгдзинадыл кусын дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ суыдаид коммӕгӕс ӕмӕ йын хъуамӕ уыдаид фӕлмӕн удыхъӕд. Моисей уыцы миниуджытыл бакуыста, ӕмӕ сси хорз разамонӕг (Рац. 2:11, 12; Хъуыд. 7:21–30, 36). Абон бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ Моисейы фӕзмой. Исчи-иу дын дӕ ныхас куы ницӕмӕ ӕрдара кӕнӕ та дӕм фау куы ’рхӕсса, уӕд-иу ӕм ма фӕхъыг у. Сӕрныллӕг у ӕмӕ, куы фӕрӕдийыс, уӕд-иу дӕ рӕдыдыл басӕтт (Еккл. 7:9, 20). Алыхуызон зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архай. Ӕмӕ дӕ чи смӕсты кӕны, уыдонимӕ-иу фӕлмӕнӕй ныхас кӕн (Ӕмб. 15:1). Бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ куы фӕархайынц, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс вӕййы, бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды вӕййы фарн ӕмӕ сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй иннӕтӕн вӕййынц фӕзминаг. w19.02 8 ф., 1 абз.; 10 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 2 январь
Йесо... сын фӕтӕригъӕд кодта (Мар. 6:34).
Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо уыцы адӕмӕн уый тыххӕй кӕй фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ «уыдысты ӕнӕфыййау фыстау». Ӕвӕццӕгӕн, зыдта, се ’хсӕн кӕй уыд мӕгуыртӕ, стӕй, йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй уӕззау куыст чи кодта, ахӕмтӕ. Се ’хсӕн ма, чи зоны, уыдаид, зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕмтӕ дӕр. Ӕмӕ сын Йесо се ’нкъарӕнтӕ хорз ӕмбӕрстаид. Йӕхӕдӕг дӕр уыцы зындзинӕдтӕй кӕцыдӕртыл ӕмбӕлдаид. Йесо адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уымӕ гӕсгӕ сын хъусын кодта, удӕнцой сын чи ’рхастаид, ахӕм хабар (Ис. 61:1, 2). Йесойы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йесойы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ абон дӕр адӕм сты «ӕнӕфыййау фыстау». Уыдон зындзинӕдтӕй сӕ хъуырмӕ сты. Ӕмӕ махмӕ ис, удӕнцой сын чи ’рхӕсдзӕн, ахӕм хабар – Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Рарг. 14:6). Йесойау мах дӕр «ӕххуысхъуаг ӕмӕ мӕгуыр» адӕмӕн тӕригъӕд кӕнӕм, ӕмӕ сын хъусын дӕр уый тыххӕй кӕнӕм (Пс. 72:13). Мах зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм. w19.03 21, 22 фф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 3 январь
Табу Йегъовӕйӕн, алы бон дӕр нын нӕ уаргъ чи хӕссы, уымӕн (Пс. 68:19).
Мах Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм. Уый нӕ алы бон дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын кӕны, стӕй ма нын йӕхи тыххӕй ӕмӕ йӕм цавӕр фӕндтӕ ис, уый тыххӕй рӕстдзинад ӕргом кӕны (Иоан. 8:31, 32). Йегъовӕ нын ӕмбырды уылты разамынд дӕтты ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн ӕмӕ нын ныфс ӕвӕры, ӕнустӕм дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм (Рарг. 21:3, 4). Йегъовӕ нӕ куыд бирӕ уарзы ӕмӕ нӕ цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, ууыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ уӕд йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсдзыстӕм ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ мацӕмӕй фӕриссын кӕнӕм. Йегъовӕ цы дзуры, уый аразын цы стыр пайда хӕссы, уый ӕдзухдӕр дӕ зӕрдыл куы дарай, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕ Хӕйрӕг куыдфӕнды ма рӕдийын кӕна, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзынӕ. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм дӕм мин азы фӕстӕ ног дунейы цы ’нкъарӕнтӕ уыдзӕн, ууыл. Донаргъуыд кӕй райстай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ӕмбардзынӕ, царды ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ кӕй рахастай! w19.03 6 ф., 14 абз.; 7 ф., 19 абз.
Сабат, 4 январь
Чи ссардзӕн хорз ус? Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр (Ӕмб. 31:10).
Бинонтӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый куы февдисынц, уӕд сӕ уый алкӕмӕн дӕр пайда фӕхӕссы. Лӕг ӕмӕ ус, кӕрӕдзийӕ бузныг кӕй сты, уый цас арӕхдӕр февдисынц, уыйас ӕнгомдӕр вӕййынц. Стӕй сын афтӕмӕй ӕнцондӕр вӕййы кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнын. Йӕ бинойнагӕн чи аргъ кӕны, ахӕм лӕг, йӕ бинойнаг хорзӕй цы фӕзӕгъы ӕмӕ цы фӕаразы, уый ӕнӕуи нӕ бафиппайы, фӕлӕ ма дзы уый тыххӕй ӕппӕлгӕ дӕр ракӕны (Ӕмб. 31:28). Стӕй ӕмбаргӕ ус дӕр йӕ лӕгӕн фӕзӕгъы, цӕй тыххӕй йын аргъ кӕны, уый. Ныййарджытӕ, уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый ӕвдисой? Ма уӕ рох кӕнӕд, уӕ сывӕллӕттӕ, сымах цы дзурут ӕмӕ цы аразут, уымӕ кӕй кӕсынц. Уӕдӕ уын хорзӕй исты куы саразынц, уӕд-иу сын бузныг зӕгъут ӕмӕ сын афтӕмӕй фӕзминаг ут. Стӕй ма сын амонут, цӕмӕй-иу сӕхӕдӕг дӕр бузныг зӕгъой, хорздзинад сын чи саразы, уыдонӕн. Ӕмбарын сын кӕнут, сӕ бузныджы ныхӕстӕ зӕрдӕйӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕ иннӕтӕн тынг ӕхсызгон кӕй вӕййынц. w19.02 17 ф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 5 январь
Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн! (Иов 27:5).
Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иовы кӕй фӕндыд Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын, цыфӕнды ма ’рцыдаид, уӕддӕр. Ӕмӕ махӕн уымӕй у фӕзминаг. Хӕйрӕг Иовы кой кӕнгӕйӕ цы фарста сӕвзӕрын кодта, уый махӕй алкӕмӕ дӕр хауы. Цымӕ куыд? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хӕйрӕг махӕй дӕр дзуры, Йегъовӕйы ӕцӕгӕй кӕй нӕ уарзӕм, ӕмӕ йыл зын уавӕры бахаугӕйӕ нӕ зӕрдӕ кӕй сивдзыстӕм ӕмӕ йын кӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм! (Иов 2:4, 5; Рарг. 12:10). Уый дӕм хъыг куыннӕ кӕсы. Фӕлӕ-ма иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕн. Йегъовӕ бауадзы, цӕмӕй-иу дын Хӕйрӕг дӕ иузӕрдиондзинад бафӕлвара. Уый дыл ӕууӕнды ӕмӕ дын фадат дӕтты, цӕмӕй йыл иузӕрдион кӕй дӕ, уый равдисай ӕмӕ, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны, уый сбӕлвырд кӕнай. Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, дӕ бон кӕй у, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай ӕмӕ дын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй дын ӕххуыс кӕндзӕн (Дзут. 13:6). Дунедарӕг Хуыцау дыл афтӕ ӕууӕнда, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! Уӕдӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй иузӕрдион уӕм. Афтӕмӕй бӕлвырд кӕнӕм, Хӕйрӕг мӕнгдзурӕг кӕй у, нӕ уӕларвон Фыды номыл цъыф калын нӕ уадзӕм ӕмӕ, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм. w19.02 5 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 6 январь
Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уыдон хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц (Иоан. 16:2).
Йесо йӕ апостолтӕн загъта, разӕй сӕм цавӕр фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Стӕй сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ фӕзмой ӕмӕ сын загъта, «фидар лӕуут», зӕгъгӕ (Иоан. 16:1–4а, 33). Ӕмӕ Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ азтӕ куы рацыд, уӕд дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты удуӕлдай ӕмӕ хъӕбатыр. Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн алыхуызон фӕлварӕнты рӕстӕг ӕххуыс кодтой, кӕд-иу уый тыххӕй хатгай сӕхӕдӕг дӕр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уӕддӕр (Дзут. 10:33, 34). Абон мах дӕр фӕархайӕм, цӕмӕй Йесойау хъӕбатыр уӕм. Зӕгъӕм, хъӕбатырдзинад нӕ фӕхъӕуы, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн. Хатгай не ’фсымӕрты ӕнаххосӕй ахӕстӕтты сбадын кӕнынц. Ӕмӕ-иу сын уӕд хъуамӕ, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм, зӕгъӕм-иу уыдоны тыххӕй кувӕм, стӕй-иу хицауады раз ӕмӕ тӕрхондӕтты сӕ сӕрыл дзурӕм (Фил. 1:14; Дзут. 13:19). Хъӕбатырдзинад ма ӕвдисӕм, «ныфсджынӕй» кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр (Хъуыд. 14:3). Йесойау нӕ фидар фӕнд у хорз хабар хъусын кӕнын, иннӕтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, суанг уӕд дӕр. w19.01 22, 23 фф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 7 январь
Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Дзут. 10:24, 25).
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу, ӕмбырды иннӕты чи бафидар кӕна, ахӕм дзуаппытӕ дӕттӕм? Ӕппӕты сӕйрагдӕр у алы ӕмбырдмӕ цӕттӕ кӕнын. Алцыдӕр-иу рагацау куы спълан кӕнай, стӕй-иу дӕхи хорз куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд-иу уый фӕрцы дзуаппытӕ ныфсджындӕрӕй дӕтдзынӕ (Ӕмб. 21:5). Дӕхи ӕмбырдтӕм хорз цӕттӕ кӕнай, уымӕ цы хауы? Цӕттӕ кӕныны размӕ уал-иу Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых ракур (Лук. 11:13; 1 Иоан. 5:14). Уый фӕстӕ-иу цалдӕр минуты рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу статьяйыл дӕ цӕст ахӕссай. Ахъуыды-иу кӕн статьяйы номыл ӕмӕ дӕлсӕргӕндтыл, стӕй-иу ӕркӕс нывтӕм ӕмӕ рамкӕтӕм. Абзацтӕ куы кӕсай, уӕд-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр амынд стихтӕ бакӕс. Цы кӕсай, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн, уӕлдай тынгдӕр та-иу дӕ хъус ӕрдар, абзацӕй цы хъуыдытӕ зӕгъинаг дӕ, уыдонмӕ. Дӕхи цас хуыздӕр цӕттӕ кӕнай, уыйас дын уый фылдӕр пайда хӕсдзӕн ӕмӕ дын ӕмбырды дзуаппытӕ дӕттын ӕнцондӕр уыдзӕн (2 Кор. 9:6). w19.01 9 ф., 6 абз.; 11, 12 фф., 13–15 абз.
Ӕртыццӕг, 8 январь
Ныффысс ацы цӕстылуайӕн (Ав. 2:2).
Йегъовӕ Аввакумӕн, цы йӕ тыхсын кодта, уыдӕттӕ кӕй ныффыссын кодта, уымӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: хъуамӕ ма тӕрсӕм, цы нӕ тыхсын кӕны кӕнӕ цӕуыл дызӕрдыг кӕнӕм, уыдӕтты тыххӕй Хуыцауӕн дзурын. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй йын нӕ зӕрдӕтӕ ӕргом кӕнӕм (Пс. 50:15; 62:8). Аввакум Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ дардта, уымӕн ӕмӕ йӕ нымадта йӕ Хӕларыл ӕмӕ йӕ Фыдыл, ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодта. Аввакум нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ тыхст хъуыдытӕ сӕ быны скодтаиккой, стӕй йӕхи зондӕй ныфсджын нӕ уыд. Уый-иу йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдта, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын нӕ сагъӕстӕ ӕргом кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм (Пс. 65:2). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу нӕ Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакӕндзӕн, ома-иу нын уынаффӕ ратдзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн (Пс. 73:23, 24). Цыфӕнды зындзинӕдты ма бахауӕм, уӕддӕр-иу нын Хуыцау баххуыс кӕндзӕн, нӕ уавӕрмӕ нын цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы нӕхӕдӕг дӕр нӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсдзыстӕм. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарӕм. w18.11 13 ф., 2 абз.; 14 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 9 январь
Зӕххыл цы сыгъдӕджытӕ цӕры... уыдон, уыцы кадджын адӕм, сты мӕ цин (Пс. 16:3).
Давид, йӕхи карӕн чи уыд, ӕрмӕст ахӕмтимӕ нӕ лымӕн кодта. Йе ’ввахс ӕмбал чи уыди, уый хъуыды кӕныс? Йӕ ном хуынд Ионафан. Библийӕ зонӕм, се ’хсӕн диссаджы хӕлардзинад кӕй уыд. Фӕлӕ йӕ зоныс, Ионафан Давидӕй иу-30 азы хистӕр кӕй уыди? Уӕдӕ сӕ уӕд цы иу кодта? Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауыл ӕууӕндыдысты, кӕрӕдзийӕн аргъ кодтой ӕмӕ сӕ алчидӕр Хуыцауы знӕгтимӕ хӕцгӕйӕ цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый сӕ дыууӕ дӕр уыдтой (1 Сам. 13:3; 14:13; 17:48–50; 18:1). Давид ӕмӕ Ионафанау мах дӕр фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, ахӕм ӕмбӕлттӕ нын куы вӕййы, уӕд. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Кирӕ, загъта: «Ис мын, алы ӕмӕ алы бӕстӕты чи цӕры ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи сты, бирӕ ахӕм ӕмбӕлттӕ». Ды дӕр алыхуызон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, Библи ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕгас зӕххыл дӕр не ’хсӕн цы иудзинад ис, уый. w18.12 26 ф., 11–13 абз.
Майрӕмбон, 10 январь
Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны (Матф. 19:9).
Ныхӕстӕм «хӕтыны азым» хауынц, тӕригъӕдыл нымад чи сты, ахӕм хъуыддӕгтӕ: цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, проституци, лӕг ӕмӕ ус чи не сты, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уый, гомосексуализм ӕмӕ фосимӕ схуыссын. Зӕгъӕм, лӕгмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, уӕд усӕн йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ахицӕн дзы уа ӕви нӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕмӕ адӕймагмӕ хӕтыны (порне́йа) азым ӕрхӕссӕн куы уа, уӕд дзы йӕ цардӕмбал ӕнӕмӕнг хъуамӕ ахицӕн уа. Зӕгъӕм, лӕг ӕнӕгъдау хъуыддаг куы бакӕна, уӕд ус, гӕнӕн ис, аскъуыддзаг кӕна, кӕй дзы нӕ ахицӕн уыдзӕн. Цымӕ цӕмӕн? Чи зоны йӕ уӕддӕр уарздзӕн ӕмӕ цӕттӕ уыдзӕн, цӕмӕй йын ныххатыр кӕна ӕмӕ йемӕ иумӕ архайа сӕ бинонты цард банывыл кӕныныл. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дӕр ахъуыды кӕндзӕн, ӕмӕ, йӕ лӕгӕй куы ахицӕн уа ӕмӕ ногӕй куы не смой кӕна, уӕд цавӕрдӕр зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзӕн. Йӕ бон бауыдзӕн йӕхи фӕдарын? Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдонӕй йӕхи кӕй фӕцух кӕндзӕн, уый йын фӕлварӕн не суыдзӕн? Йӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзӕн? Сывӕллӕттӕ та цы бауыдзысты? (1 Кор. 7:14). Ӕцӕгдӕр, ӕнцон ын нӕ уыдзӕн. w18.12 12 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 11 январь
Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон, ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут (Пс. 97:10).
Йегъовӕ йе сӕфт уыны фыддзинадӕй (Ис. 61:8). Йегъовӕ зоны, нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам, уый тыххӕй хатгай нӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзыны. Фӕлӕ нын уӕддӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй мах дӕр ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм. Йегъовӕ фыддзинадӕй йе сӕфт цӕмӕн уыны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фыддзинадмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсдзыстӕм ӕмӕ нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хизын. Ӕвзӕрдзинадмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ Хуыцауы цӕсты ӕвзӕр кӕй сты, кӕд Библийы комкоммӕ сӕ кой нӕй, уӕддӕр. Зӕгъӕм, ацы дунейы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй иу у ахӕм кафт, ӕмӕ сылгоймаг (арӕхдӕр ӕрдӕгбӕгънӕгӕй), чи йын бафыста, ахӕм нӕлгоймаджы уӕрджытыл бадгӕйӕ ӕнӕгъдау кӕфтытӕ куы фӕкӕны. Ӕмӕ фӕстаг рӕстӕг уыцы кафт тынг апарахат. Иуӕй-иутӕ уыцы кафт ӕнӕгъдаудзинадыл нӕ нымайынц, зӕгъгӕ, дам, ын ӕмуат ӕрцӕуынимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Фӕлӕ цымӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы зондӕй архайынц? Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ, ӕвзӕрдзинадмӕ цыдӕриддӕр хауы, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны. Уӕдӕ хиуылхӕцгӕ уӕм ӕмӕ, уый йе сӕфт цӕмӕй уыны, мах дӕр уымӕй не сӕфт уынӕм. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр нӕхи хизын (Ром. 12:9). w18.11 25 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 12 январь
Рӕстгӕнӕг... цӕрдзӕн, иузӕрдион кӕй у, уый фӕрцы (Ав. 2:4).
Апостол Павел йӕ фыстӕджыты ацы ныхӕстӕ ӕртӕ хатты ӕрхаста (Ром. 1:17; Гал. 3:11; Дзут. 10:38). Цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ Аввакумы чиныг не ’ппӕтӕн дӕр у стыр ӕххуыс ӕмӕ дзы зондӕн бирӕ цыдӕртӕ ис райсӕн. Йегъовӕ, рӕстӕй чи цӕры ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕй алкӕй дӕр ӕнусон цардӕй схайджын кӕндзӕн. Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарӕм, цыфӕнды тыхст уавӕры ма уӕм, уӕддӕр. Аввакумы уылты Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ныфс ӕвӕры, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм ӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, адӕм йӕ Паддзахады дӕлбар куы цӕрой, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕд зӕххыл цӕрдзӕн ӕрмӕстдӕр амондджын ӕмӕ фарнуарзаг адӕм ӕмӕ иууылдӕр лӕггад кӕндзысты Йегъовӕйӕн (Матф. 5:5; Дзут. 10:36–39). w18.11 16, 17 фф., 15–17 абз.
Къуырисӕр, 13 январь
Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрут (3 Иоан. 4).
Фыццаг ӕнусы Йесойы ахуырӕдтӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕстӕдӕр нал фӕндыд рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын. Зӕгъӕм, Йесо бирӕ адӕмы диссаджы хуызы куы бафсӕста, уӕд бирӕтӕ йӕ фӕдыл Галилейӕйы денджызы иннӕ фарсмӕ ацыдысты. Фӕлӕ сын стӕй Йесо загъта, арвыцӕфау кӕмӕй фесты, ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕймаджы Фырты буар куы нӕ хӕрат ӕмӕ йын йӕ туг куы нӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут». Уыцы ныхӕстӕй йӕ цы зӕгъын фӕнды, уымӕй бафӕрсыны бӕсты уыдон загътой: «Ай цӕй ӕнахуыр ныхӕстӕ кӕны! Кӕй бон у уыдӕттӕм хъусын?» Йӕ ныхӕстӕ сын къуылымпыйы хос фесты, ӕмӕ «уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты ӕмӕ йемӕ нал цыдысты» (Иоан. 6:53–66). Хъыгагӕн, абон дӕр чидӕртӕ рӕстдзинад ныууадзынц. Иуӕй-иутӕн къуылымпыйы хос фӕци, бирӕтӕ кӕй зонынц, ахӕм ӕфсымӕртӕй чидӕр цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, уый. Кӕмӕдӕрты та хъыг фӕкаст, Библийӕ сын уынаффӕ кӕй радтой, уый. Чидӕртӕ та рӕстдзинад ныууагътой, се ’мчырыстӕттӕй кӕимӕдӕрты кӕй нал фидыдтой, уый тыххӕй. w18.11 9 ф., 3–5 абз.
Дыццӕг, 14 январь
Иу Разамонӕг [уын] ис – Чырысти (Матф. 23:10).
Чырысти абон дӕр ӕмбырдтӕн разамынд дӕтты. Уӕдӕ, нӕ организаци цавӕрдӕр ивындзинад цӕмӕн сарӕзта, уый кӕронмӕ куы не ’мбарай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Чырысти раджы заманты Хуыцауы адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, ууыл. Йесо Навины рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фыццаг ӕнусы дӕр Чырысти цы разамынд лӕвӕрдта, уый фӕрцы Хуыцауы адӕм уыдысты хъахъхъӕд, сӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ се ’хсӕн уыд иудзинад (Дзут. 13:8). Чырысти нын абон афоныл разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, нӕ уырнындзинадыл нын кӕй тыхсы (Матф. 24:45). Чырысти разамынд куыд дӕтты, уымӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕ уырнындзинадыл нын кӕй тыхсы. Чырысти ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ хъарутӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ саразӕм, уымӕн ӕмӕ абон зӕххыл уымӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй (Мар. 13:10). w18.10 25 ф., 13–16 абз.
Ӕртыццӕг, 15 январь
Цӕрут, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут, уымӕн аккагӕй ӕмӕ алкӕддӕр ут сӕрныллӕг (Еф. 4:1, 2).
Хиуыл хӕцыны хъуыддаджы нын фӕзминаг у Давид. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2 Самуилы 16:5–13. Иухатт паддзах Саулы хӕстӕг Шимей Давиды ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕлгъитын райдыдта, стӕй сыл дуртӕ ӕхста ӕмӕ сыл сыджыт калдта. Ӕмӕ кӕд Давидӕн бартӕ йӕ къухы уыдысты ӕмӕ йӕ бон уыд Шимейы бафхӕрын, уӕддӕр афтӕ нӕ бакодта. Цымӕ Давидмӕ уыйбӕрц хъару кӕцӕй разынд, цӕмӕй йӕхиуыл фӕхӕцыдаид? 3-аг псаломмӕ цы разныхас ис, уымӕ гӕсгӕ, ацы псалом Давид ныффыста, «йӕ фырт Авессаломӕй куы алыгъд, уӕд». Куыд зыны, афтӕмӕй ацы псаломы фыццаг дыууӕ стихы ӕмӕ 2 Самуилы 16 сӕры уыцы иу хабӕртты кой цӕуы. 3-аг псаломы 4-ӕм стихӕй базонӕн ис, Давид ныфсджын кӕмӕй уыд, уый: «Ӕз хъӕр кӕндзынӕн Йегъовӕмӕ, ӕмӕ мын уый дзуапп ратдзӕн». Мах дӕр ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй бахай кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. Дӕу дӕр исчи ӕнаххосӕй куы бафхӕры, уӕд хиуылхӕцгӕ разыныс ӕмӕ уыцы адӕймагӕн зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕныс? Фидарӕй дӕ уырны, Йегъовӕ дын дӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны ӕмӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, стӕй дын кӕй арфӕ кӕндзӕн? w18.09 6, 7 фф., 16, 17 абз.
Цыппӕрӕм, 16 январь
Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:9).
Хъусын кӕнгӕйӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй алкӕддӕр уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы, бынӕттон адӕм цы зондыл ӕмӕ цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уый хорз зонын. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд вӕййӕм ӕнӕхуынд уазджытау. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ участокмӕ ӕрбацӕуынӕн равзарӕм, адӕм нӕм ӕхсызгондӕрӕй кӕд байхъусдзысты, ахӕм рӕстӕг (Матф. 7:12). Мыййаг, кӕм хъусын кӕныс, уым адӕм улӕфгӕ бонты ӕрӕгмӕ сыстынц? Кӕд о, уӕд уал-иу хъусын кӕнын райдай уынджы кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Йе та уал-иу бацу, уый размӕ кӕмӕн хъусын кодтай, уыдонӕй раджы чи сысты, уыцы адӕймӕгтӕм. Бирӕтӕ тынг ӕнӕвдӕлон вӕййынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы фӕстиат кӕныны бӕсты хуыздӕр уыдзӕн, нӕ ныхас-иу цыбыртӕй куы зӕгъиккам (1 Кор. 9:20–23). Адӕм куы уыной, ӕмӕ сын рӕстӕг бирӕ кӕй нӕй, уый ӕмбарӕм, уӕд нӕм, чи зоны, иннӕ хатт дӕр ӕхсызгонӕй байхъусой. Уацамынды, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон куы ’вдисӕм, уӕд уыдзыстӕм «Хуыцауы ӕмкусджытӕ». Ӕмӕ, чи зоны, Йегъовӕ мах фӕрцы искӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕна (1 Кор. 3:6, 7). w18.09 32 ф., 15–17 абз.
Майрӕмбон, 17 январь
Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты (Матф. 5:5).
Фӕлмӕн удыхъӕд дын куы уа, уӕд уый фӕрцы амондджын куыд уыдзынӕ? Бирӕтӕ сты ӕгъатыр ӕмӕ тызмӕг, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарынц. Фӕлӕ рӕстдзинад куы базонынц, уӕд сӕ «удыхъӕд ногмӕ раивынц» ӕмӕ вӕййынц хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон (Кол. 3:9–12). Уый фӕрцы фарнӕй хайджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынц ӕмӕ сты амондджын. Уымӕй уӕлдай ма сын Хуыцауы Ныхас зӕрдӕ ӕвӕры, «зӕхх бынӕн [кӕй] райсдзысты» (Пс. 37:8–10, 29). Цымӕ Чырыстийы цы зӕгъын фӕндыд, афтӕ куы загъта, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон «зӕхх бынӕн райсдзысты», зӕгъгӕ? Сӕрст чырыстӕттӕ зӕхх бынӕн райсдзысты, уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ куы суой ӕмӕ зӕххӕн разамынд куы дӕттой, уӕд (Рарг. 20:6). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн нӕй, уыцы милуангай адӕм та зӕхх бынӕн уыцы хуызы райсдзысты, ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Уыдон суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст, уыдзысты фарнӕй хайджын ӕмӕ амондджын. w18.09 19 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 18 январь
Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ (Иак. 1:19).
Уыцы хъуыддаджы нын Йегъовӕ куыд у фӕзминаг, афтӕ ничи (Райд. 18:32; Йес. Н. 10:14). Ӕркӕсӕм, Рацыды 32:11–14 стихтӕй уый куыд зыны, уымӕ. Йегъовӕ ӕнӕ Моисейӕ дӕр зыдта, куыд ӕй бакӕнын хъӕуы, уый, фӕлӕ йын уӕддӕр бар радта, цӕмӕй йӕ цы тыхсын кодта, уый загътаид. Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Ӕнцон дын уаид, рӕдыд зондыл хӕст чи у, ахӕм адӕймагмӕ фӕразонӕй байхъусын ӕмӕ, уый куыд дзуры, афтӕ бакӕнын? Хуыцау фӕразонӕй фӕхъусы, чи йыл нӕ дызӕрдыг кӕны ӕмӕ йӕм афтӕмӕй чи фӕкувы, уыдонӕй алкӕй куывдтытӕм дӕр. Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Кӕд Йегъовӕ ахӕм сӕрныллӕг у, ӕмӕ адӕймаджы ныхасмӕ байхъусы, зӕгъӕм, Аврааммӕ, Рахилмӕ, Моисеймӕ, Йесо Навинмӕ, Маноймӕ, Илийамӕ ӕмӕ Езекимӕ куыд байхъуыста, афтӕ, уӕд цымӕ ӕз дӕр хъуамӕ афтӕ ма кӕнон? Ме ’фсымӕртӕн кӕй кад кӕнын, уый равдисыны тыххӕй мӕ бон нӕ уаид бацархайын, цӕмӕй-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусон ӕмӕ сӕм исты хорз хъуыды куы фӕзына, уӕд-иу уымӕ гӕсгӕ бакӕнон? Мӕ бинонтӕй кӕнӕ ме ’мбырдӕй ме ’ххуыс ныр уӕлдай тынгдӕр кӕй хъӕуы? Мӕ бон куыд у равдисын, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсын?» (Райд. 30:6; Тӕрх. 13:9; 1 Пад. 17:22; 2 Аз. 30:20). w18.09 6 ф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 19 январь
Рӕдау адӕймаг бафсӕддзӕн хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты (Ӕмб. 11:25).
Ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт чи кӕны, ахӕм адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы рӕдаудзинад ӕвдисын. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо цы дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты кой кодта, уыдон: хъуамӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ уарзӕм, стӕй иннӕты дӕр уарзӕм, нӕхи куыд уарзӕм, афтӕ (Мар. 12:28–31). Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон ӕй фӕзмгӕ дӕр кӕнынц. Йегъовӕ дӕр ӕмӕ Йесо дӕр сты рӕдау. Ӕмӕ мах дӕр разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй рӕдаудзинад ӕвдисӕм, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕцӕг амондджын уыдзыстӕм. Уӕдӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ рӕдау куы уӕм ӕмӕ иннӕтӕн хорздзинад куы аразӕм, уӕд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм, стӕй уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр стыр пайда хӕсдзӕн. Кӕд ныртӕккӕ дӕр иннӕтӕн, уӕлдайдӕр та дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн, удуӕлдайӕ феххуыс кӕныс, уӕд раппӕлинаг дӕ (Гал. 6:10). Ӕмӕ дарддӕр дӕр ууыл куы архайай, уӕд дӕ иннӕтӕ уарздзысты ӕмӕ дын аргъ кӕндзысты, ӕмӕ уый фӕрцы уыдзынӕ амондджын. w18.08 22 ф., 19, 20 абз.
Къуырисӕр, 20 январь
Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут (Иоан. 7:24).
Йегъовӕйӕн уӕлдай нӕу, адӕймаг цавӕр расӕйӕ кӕнӕ цавӕр адӕмыхаттӕй у, стӕй, цавӕр ӕвзагыл дзуры, уый. Уымӕн йӕ зӕрдӕйӕн адджын сты, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймӕгтӕ (Гал. 3:26–28; Рарг. 7:9, 10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕхӕдӕг дӕр зоныс. Фӕлӕ, чи зоны, иннӕ адӕмыхӕттытӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм бӕстӕйы кӕнӕ ахӕм бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дӕумӕ афтӕ кӕса, ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы та арф кӕмдӕр хъулон митӕ уа. Суанг ма Петр дӕр,– Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны, уыцы ног хабар иннӕтӕн чи бамбарын кодта, уый,– фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг хъулон митӕ кӕнын райдыдта (Гал. 2:11–14). Уӕдӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй иннӕтӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнӕм? Хъулон митӕ нӕм ис ӕви нӕ, уый бамбарыны тыххӕй-иу хъуамӕ Библийы фӕрцы нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм (Пс. 119:105). Нӕ бон ма у нӕ хорз ӕмбалы бафӕрсын, мыййаг мӕм хъулон митӕ нӕ вӕййы, зӕгъгӕ (Гал. 2:11, 14). Гӕнӕн ис, хъулон митӕ нӕ зӕрдӕйы афтӕ ныффидар уой, ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр ма кӕнӕм, уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕм кӕй ис. w18.08 9 ф., 5, 6 абз.
Дыццӕг, 21 январь
Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ (Матф. 5:16).
Дӕхимӕ ахӕм фарстатӕ ратт: «Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй дӕн иузӕрдион, уый иннӕтӕ дӕр уынынц? Алы фадатӕй дӕр фӕпайда кӕнын, цӕмӕй-иу, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый иннӕтӕн зӕгъон?» Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕргом зӕгъын куы ӕфсӕрмы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд фӕриссын кӕндзыстӕм! (Пс. 119:46; Мар. 8:38). Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй чидӕртӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕй тынг нал хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕмӕ «ацы дунейы зондыл» цӕуын райдыдтой (1 Кор. 2:12). Ацы дунейы зонд адӕймагыл афтӕ фӕзыны, ӕмӕ йӕ «буары монцты» фӕдыл ацӕуы (Еф. 2:3). Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн сӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ се ’ддаг бакаст ӕфсармыл дзурӕг нӕ вӕййынц, кӕд уый фӕдыл ӕмбырдты ӕмӕ нӕ публикациты бирӕ уынаффӕтӕ вӕййы, уӕддӕр. Уыдон фӕдарынц ӕлхъывд ӕмӕ гом дзаумӕттӕ, ӕмӕ суанг ӕмбырдтӕм дӕр афтӕмӕй фӕцӕуынц. Стӕй сӕ сӕрӕлвыдӕй ӕмӕ сӕ сӕрыфастӕй сӕхимӕ адӕмы ӕркӕсын кӕнынц (1 Тим. 2:9, 10). Ӕмӕ иннӕ адӕмы ’хсӕн куы вӕййынц, уӕд зын раиртасӕн вӕййы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сӕ чи у ӕмӕ, «ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый» (Иак. 4:4). w18.07 24, 25 фф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 22 январь
Сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут (Матф. 23:8).
«Ӕфсымӕртӕ» нӕ уымӕн ис схонӕн, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Адамы цот стӕм (Хъуыд. 17:26). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уымӕн кӕй сты, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы нымайынц сӕ уӕларвон Фыдыл (Матф. 12:50). Уыдон иууылдӕр систы Хуыцауы стыр бинонтӕй, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл баста уарзондзинад ӕмӕ уырнындзинад. Ӕмӕ-иу апостолтӕ сӕ фыстӕджыты се ’мчырыстӕтты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уымӕн схуыдтой (Ром. 1:13; 1 Пет. 2:17; 1 Иоан. 3:13). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уый куы бамбарын кодта, ӕмӕ кӕрӕдзи хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл кӕй хъуамӕ нымайой, уӕд ма сын сӕ хъус ӕрдардта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой, уымӕ дӕр (Матф. 23:11, 12). Куыд зонӕм, афтӕмӕй-иу апостолтӕ сӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй иуӕй-иу хатт кӕрӕдзи ныхмӕ систы. Уымӕй уӕлдай ма сыл, чи зоны, иннӕ дзуттӕгты зондахаст фӕзынд. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй тынг буц уыдысты, Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ зӕххыл уыдонӕй хуыздӕр адӕмыхатт нӕй. Фӕлӕ сын Аргъауӕг Иоанн загъта: «Хуыцауӕн мӕнӕ ацы дуртӕй дӕр йӕ бон у Авраамӕн сывӕллӕттӕ скӕнын» (Лук. 3:8). w18.06 9, 10 фф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 23 январь
Дзурынмӕ тагъд чи нӕ кӕны, уымӕ ис ӕцӕг зонындзинӕдтӕ (Ӕмб. 17:27).
Истӕуыл кӕнӕ искӕмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы смӕсты вӕййӕм, уӕд уал исты зӕгъыны размӕ ахъуыды кӕнӕм? Нӕ маст бауромӕм? (Ӕмб. 10:19; Матф. 5:22). Исчи нӕ куы смӕсты кӕна, уӕд-иу хъуамӕ «уыцы хъуыддаг Хуыцауы бар бакӕнӕм, цӕмӕй уый ныккала йӕ маст» (Ром. 12:17–21). Уый цӕуыл дзурӕг у? Мӕсты кӕныны бӕсты хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ йӕ рӕстӕджы хъуыддаг куыд алыг кӕндзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, не скаст Йегъовӕмӕ кӕй у. Маст исыны хъуыддаг нӕхимӕ куы райсӕм, уӕд та афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы ницӕмӕ дарӕм. Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты цы ног разамынд ратты, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕархайӕм? Цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕдыл ног разамынд куы райсӕм, уӕд-иу хъуамӕ уыцы хъуыддӕгтӕ, раздӕр сӕ куыд кодтам, афтӕ мауал кӕнӕм, фӕлӕ-иу ног разамындмӕ гӕсгӕ уайтагъд архайын райдайӕм (Дзут. 13:17). Фӕлӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, цӕмӕй-иу, «фыст цы у, уый сӕрты ма ахизӕм» (1 Кор. 4:6). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд фидарӕй зӕгъӕн уыдзӕн, Йегъовӕмӕ кӕй кӕсӕм. w18.07 15, 16 фф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 24 январь
Тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ (Дзут. 6:1).
Закъон арӕхдӕр фӕхауы иу цавӕрдӕр уавӕрмӕ, уагӕвӕрд та – алыхуызон уавӕртӕм. Уӕдӕ цас фӕлтӕрдджындӕр кӕнай, уыйас уагӕвӕрдтӕн тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ. Зӕгъӕм, гыццыл сывӕллон нӕ фембары, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ тӕссаг цӕмӕй сты, уый, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ йӕ ныййарджытӕ цӕмӕндӕрты бар нӕ фӕдӕттынц, цӕмӕй йӕ фыдбылызӕй бахизой (1 Кор. 15:33). Фӕлӕ сывӕллон куы фестырдӕр вӕййы, уӕд Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмбарын райдайы. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕхи бон вӕййы хорз ӕмбӕлттӕ равзарын (1 Кор. 13:11; 14:20). Уӕдӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас нын не ’фсарм хуыздӕр фӕндагамонӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Хуыцау нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый нӕм ис. Библийы фыст закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын куы сахуыр уӕм, уӕд «алцыдӕр хорз зондзыстӕм ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уыдзыстӕм» (2 Тим. 3:16, 17). w18.06 19 ф., 14 абз.; 20 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 25 январь
Кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты? (Лук. 10:29).
Йесо бамбарын кодта, дзуттӕгтӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ самариӕгтӕй хорз истӕуыл сахуыр уой, зӕгъӕм, алкӕй дӕр уарзын (Лук. 10:25–37). Йесо уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» хъусын кодтаиккой (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ цӕмӕй уыцы хӕс ӕххӕст кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ сӕрбӕрзонддзинад сӕ къӕхты бын ныссӕндын ӕмӕ сӕ хъулон митӕ ныууадзын. Йесо-иу арӕх ракодта, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдоны хорзы кой, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кодтаиккой. Зӕгъӕм, дзуттаг чи нӕ уыд, иу ахӕм ӕфсӕддон хицауӕй йӕ диссаджы уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд (Матф. 8:5–10). Йӕ райгуырӕн горӕт Назареты та радзырдта, Йегъовӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдонӕн куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй. Сӕ иу уыд, Сарептӕйы чи цард, уыцы идӕдз сылгоймаг, иннӕ та – хъотырӕй рынчын чи уыд, уыцы сириаг лӕг, Нееман (Лук. 4:25–27). Уымӕй уӕлдай, Йесо хорз хабар радзырдта иу самариаг сылгоймагӕн. Ӕмӕ ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма самариаг горӕты дыууӕ боны дӕр фӕци, уымӕн ӕмӕ уыцы горӕты цӕрджыты бафӕндыд Йесойы ныхӕстӕм байхъусын (Иоан. 4:21–24, 40). w18.06 10 ф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 26 январь
Уӕхи сифтонг кӕнут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй, цӕмӕй уӕ бон уа Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууын (Еф. 6:11).
Апостол Павел чырыстӕтты абарста хӕстонтимӕ. Мах дӕр хӕстонтау не знӕгтимӕ хӕцӕм. Ӕрмӕст мах зӕххон адӕймӕгтимӕ нӕ тох кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕуынгӕ удгоймӕгтимӕ – Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтимӕ. Уыдон адӕмимӕ тох кӕнынц миназты дӕргъы, ӕмӕ хӕцынмӕ тынг дӕсны сты. Ӕмӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ сыл никуы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, уӕлдайдӕр та афтӕ, чи зоны, ӕрыгӕттӕ хъуыды кӕной. Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрыгӕттӕ ахӕм хъомысджын знӕгтыл фӕуӕлахиз уой? О, ис, ӕмӕ сыл, уӕвгӕ, уӕлахиз кӕнынц! Цӕй фӕрцы? Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы. Уымӕй уӕлдай ма уыдон фӕлтӕрд хӕстонтау сӕхи «сифтонг кӕнынц, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй», ӕмӕ уый фӕрцы сӕхи тохмӕ бацӕттӕ кӕнынц (Еф. 6:10–12). Павел ацы цӕвиттонӕй куы спайда кодта, уӕд йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, уыд, ромаг ӕфсӕддонтӕ-иу цы дзауматӕ дардтой, уыдон (Хъуыд. 28:16). w18.05 27 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 27 январь
Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).
Мах сӕйраджыдӕр уымӕн хъусын кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмы ’хсӕн Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ ном рухс кӕнӕм (Иоан. 15:1, 8). Фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон нӕу, Хуыцауы ном, куыд у, уымӕй ноджы сыгъдӕгдӕр скӕнын. Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг ӕмӕ табуйаг у. Фӕлӕ-ма нӕ хъус ӕрдарӕм, пехуымпар Исай цы загъта, уымӕ: «Хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы ном рухс кӕнат» (Ис. 8:13). Мах Хуыцауы ном рухс кӕнӕм, иннӕ нӕмттӕй йӕ ӕппӕты кадджындӕрыл кӕй нымайӕм ӕмӕ, йӕ ном табуйаг кӕй у, уый иннӕтӕн дӕр кӕй ӕмбарын кӕнӕм, уымӕй. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй ӕмӕ, адӕмӕн зӕххыл дзӕнӕт скӕнын кӕй фӕнд кӕны, уый тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд уый фӕрцы бамбарынц, Хӕйрӕг Йегъовӕйы тыххӕй цытӕ фӕдзырдта, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты (Райд. 3:1–5). Стӕй ма Йегъовӕйы ном фӕрухс кӕнӕм, «кад ӕмӕ намысы аккаг» ӕмӕ «стыр тыхы хицау» кӕй у, уый адӕмӕн куы фембарын кӕнӕм, уӕд дӕр (Рарг. 4:11). w18.05 18 ф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 28 январь
Хорз у Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын. [...] О Йегъовӕ, дӕ хъуыддӕгтӕ мын ӕрхастой стыр циндзинад, дӕ къухты хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ фырцинӕй зарын (Пс. 92:1, 4).
Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ фыццаджыдӕр уымӕн хъуамӕ ӕвӕрӕм, ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзыстӕм, йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй ӕмӕ дзы йӕ уарзондзинады тыххӕй бузныг кӕй стӕм. Ахъуыды-ма кӕнут, Йегъовӕ уын цас цыдӕртӕ радта: цард, уырнындзинад, Библи, ӕмбырд ӕмӕ фидӕнӕй диссаджы ныфс. Хуыцауы хъуыддӕгтӕ уын фыццаг бынаты куы уой, уӕд ӕм ӕнгомдӕр кӕндзыстут, стӕй уымӕй равдисдзыстут, цы арфӕдзинӕдтӕй уӕ схайджын кодта, уыдоны тыххӕй дзы бузныг кӕй стут. Уыцы нысӕнттӕм тырнгӕйӕ мах фӕаразӕм, Йегъовӕйы цӕсты хорз цы у, уый. Ӕмӕ йӕм афтӕмӕй дӕр ӕнгомдӕр кӕнӕм. Апостол Павел зӕрдӕ бавӕрдта: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10). Афтӕ макуы хъуыды кӕнут, ӕмӕ нырма ӕгӕр ӕрыгон стут, цӕмӕй уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрат. Мыййаг, дӕ бон нӕу дӕ разы исты нысӕнттӕ сӕвӕрын ӕмӕ архайын, цӕмӕй дӕ къухы бафтой? (Фил. 1:10, 11). w18.04 26 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 29 январь
Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад (2 Кор. 3:17).
Фыццаг ӕнусы Ромы паддзахад сӕрыстыр уыд, цы закъӕттӕ дзы уыд, уыдонӕй, стӕй дзы адӕмӕн бирӕ бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинад кӕй уыд, уымӕй. Фӕлӕ уыцы хъомысджын паддзахадӕн цы бантыст, уый йын сӕйраджыдӕр бантыст йӕ цагъарты руаджы. Иуафон дзы цагъар уыд алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр. Дзырд дӕр ыл нӕй, сӕрибардзинад ӕмӕ цагъарадимӕ баст фарстатӕ уыдысты, хуымӕтӕг адӕмӕн ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, ахӕм фарстатӕ. Ӕмӕ уыцы паддзахады цӕрӕг чырыстӕтты дӕр куыннӕ тыхсын кодтаиккой. Сӕрибардзинады тыххӕй арӕх фыста апостол Павел. Фӕлӕ уӕды заманы цӕрӕг адӕмӕй уӕлдай Павел ууыл нӕ архайдта, цӕмӕй адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кодтаид. Уый йе ’мчырыстӕттимӕ иумӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар базонынӕн ӕмӕ, Йесо Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, уый бамбарынӕн. Павел йе ’мчырыстӕттӕн бамбарын кодта, ӕцӕг сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уый. w18.04 8 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 30 январь
Симон, Симон! Сайтан куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат. Фӕлӕ ӕз зӕрдиагӕй куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн (Лук. 22:31, 32).
Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв апостол Петрӕн загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Петр уыд фыццаг ӕнусы «ӕмбырды цӕджындзтӕй» сӕ иу (Гал. 2:9). Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр цы хъӕбатырдзинад равдыста, уый йе ’фсымӕрты стыр ныфс уагъта. Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы куы фӕлӕггад кодта, уӕд йе ’мчырыстӕттӕм ныффыста: «Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон... цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтауон ӕмӕ уын бамбарын кӕнон, Хуыцау уын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый ӕцӕг кӕй у. Ӕмӕ уыцы стыр хорзӕхыл фидар хӕцут» (1 Пет. 5:12). Петры фыстӕджытӕ йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕтты ныфс уагътой. Ӕмӕ абон дӕр стыр ныфс уадзынц, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куы сӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны! (2 Пет. 3:13). w18.04 17 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 31 январь
Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый... уыдзӕн амондджын (Иак. 1:25).
Адӕм кӕмфӕнды ма цӕрой, уӕддӕр бӕллынц сӕрибар цардмӕ. Бирӕтӕ сӕрибардзинадыл тох кӕнгӕйӕ скӕнынц митингтӕ ӕмӕ ма суанг революцитӕ дӕр. Фӕлӕ цымӕ сӕ фӕндтӕ ӕцӕгдӕр сӕ къухы бафтынц? Кӕцӕй! Уый нӕ, фӕлӕ ма уыдӕттӕ арӕх уымӕ дӕр ӕркӕнынц, ӕмӕ бирӕтӕ бабын вӕййынц. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, паддзах Соломоны ныхӕстӕ раст кӕй сты: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Еккл. 8:9). Абоны стихы Иаков ныффыста, адӕймаг ӕцӕг амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый тыххӕй. Уыцы «ӕнаипп закъон» чи радта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, адӕймаджы цы хъӕуы, цӕмӕй амондджын ӕмӕ зӕрдӕрухс уа. Уый фыццаг дыууӕ адӕймаджы схайджын кодта ӕцӕг сӕрибардзинадӕй ӕмӕ ма сӕ амондджынӕй цӕрынӕн ноджыдӕр цы хъуыди, уый сын радта. w18.04 3 ф., 1–3 абз.