Февраль
Сабат, 1 февраль
Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз (2 Тим. 4:5).
Йесо адӕмӕн тынг тӕригъӕд кодта. Уыдон дӕр-иу уыдтой, кӕй сӕ уарзы, уый, ӕмӕ-иу бирӕтӕ хорз хабармӕ зӕрдиагӕй байхъуыстой. Мах дӕр Йесойау тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд нын хъусын кӕнгӕйӕ фылдӕр ӕнтысдзӕн. Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны ӕнкъарӕнтӕ кӕй ӕмбарӕм, уый ӕвдисынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу нӕхи сӕ бынаты сӕвӕрӕм ӕмӕ, мах куыд фӕнды, цӕмӕй нын уыдон уой, афтӕ-иу сын уӕм нӕхӕдӕг дӕр (Матф. 7:12). Алы адӕймаджы дӕр цы тыхсын кӕны, ууыл-иу ахъуыды кӕнӕм. Уацамынды-иу се ’ппӕтӕн хъуамӕ уыцы-иу ныхӕстӕ ма дзурӕм. Фӕлӕ-иу хъуамӕ алы адӕймагӕн дӕр йӕ уавӕр бамбарыныл бацархайӕм ӕмӕ, цы хъуыдыйыл хӕст у, уый-иу базонӕм. Хорз уаид, уӕзданӕй-иу сӕм фарстатӕ куы дӕттиккам, цӕмӕй-иу сын сӕхи тыххӕй исты базонӕм ӕмӕ, цы хъуыдыйыл хӕст сты, уый бамбарӕм (Ӕмб. 20:5). Уый фӕрцы-иу базондзыстӕм, алы адӕймаджы дӕр цы тыхсын кӕны, уый. Ӕмӕ-иу уӕд нӕ бон уыдзӕн адӕмӕн се ’нкъарӕнтӕ бамбарын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын. Афтӕмӕй-иу Йесойы фӕзмдзыстӕм. (Абар 1 Кор. 9:19–23.) w19.03 20 ф., 2 абз.; 22 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 2 февраль
Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты (Ӕмб. 16:3).
Адам ӕмӕ Евӕ бӕласы дыргътӕй кӕй бахордтой, уымӕй рабӕрӕг, Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй кӕй нӕ саргъ кодтой. Не ’ппӕтӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй равдисӕм, Адам ӕмӕ Евӕ куыд бакодтой, уый растыл кӕй нӕ нымайӕм. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд уымӕй Йегъовӕйӕн равдисӕм, кӕй ӕмбарӕм, махӕн хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис. Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндӕм. Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕй дарддӕр дӕр фӕхъӕуы, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый аразын, йӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ милуангай адӕм раст афтӕ архайынц. Ды дӕр Хуыцауы Ныхас хуыздӕр бамбарыныл дарддӕр дӕр архай, дӕ рӕстӕг дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ ӕдзухдӕр ӕрвит ӕмӕ, дӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды тыххӕй цы базыдтай, уый иннӕтӕн зынгзӕрдӕйӕ дзур (Дзут. 10:24, 25). Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ-иу архай, Йегъовӕ дын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ (Ис. 30:21). Ӕмӕ уӕд алы хъуыддаджы дӕр уыдзынӕ ӕнтыстджын (Ӕмб. 16:20). w19.03 7 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 3 февраль
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр у уӕлейӕ, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ чи скодта... уыцы Фыдӕй (Иак. 1:17).
Йегъовӕ нын парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Зӕгъӕм, хорз уынаффӕтӕ фехъусӕм ӕмбырдты, стӕй сӕ бакӕсӕм нӕ журналты ӕмӕ нӕ сайтты. Искуы дын афтӕ уыди, ӕмӕ раныхасмӕ байхъуыстай, статья бакастӕ кӕнӕ нӕ интернет-телеуынынады программӕмӕ бакастӕ ӕмӕ ахъуыды кодтай, ай, мӕн цы хъуыди, растдӕр уый куы у, зӕгъгӕ? Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? (Кол. 3:15). Иу уый, ӕмӕ йын уыцы лӕвӕртты тыххӕй ӕппынӕдзух куывды мидӕг бузныг дзурӕм. Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый ма нӕ бон куыд у равдисын? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, кӕм ын кувӕм, уыцы бынӕттӕ сыгъдӕг ӕмӕ аив уой. Мах ӕдзухдӕр нӕ Паддзахады залтӕ фефснайӕм ӕмӕ сӕм фӕзилӕм, стӕй дзы цы аппаратурӕ вӕййы, уыимӕ арӕхстгай фӕархайӕм. Нӕ Паддзахады залтӕм, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы зилӕм, уӕд фылдӕр фӕлӕудзысты ӕмӕ тынг цалцӕггӕнинаг нӕ уыдзысты. Афтӕмӕй ӕхца фӕстауӕрц кӕндзыстӕм, ӕмӕ-иу ӕгас зӕххыл дӕр Паддзахады залтӕ цалцӕг кӕнынӕн ӕмӕ ног залтӕ аразынӕн фылдӕр ӕхца баззайдзӕн. w19.02 18 ф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 4 февраль
Адон сты йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам! (Иов 26:14).
Иов-иу йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта Хуыцауы диссаджы сконд дунейыл хъуыды кӕнынӕн (Иов 26:7, 8). Зӕгъӕм, хъуыды-иу кодта, зӕхх, арв ӕмӕ мигътӕ куыд конд сты, стӕй арв куыд ныннӕры, ууыл, ӕмӕ йӕ уыдӕттӕ дисы ӕфтыдтой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр ӕмбӕрста, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй бирӕ кӕй ницы зоны. Стӕй ма йӕ дисы ӕфтыдтой Йегъовӕйы ныхӕстӕ дӕр. Иов загъта: «Йӕ ныхӕстӕ йын хӕзнайау мӕ зӕрдӕйы ӕвӕрын» (Иов 23:12). Иов ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн аргъ кодта. Уый йӕ уӕларвон Фыды уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фидар фӕнд уыд, цӕмӕй Хуыцауыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдаид. Иов махӕн у фӕзминаг. Йӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕм Хуыцауы сконд хъуыддӕгты тыххӕй цы зыдтой, мах уымӕй бирӕ фылдӕр зонӕм. Стӕй махмӕ ис Библи ӕнӕхъӕнӕй, ӕмӕ уый фӕрцы зонӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕриддӕр зонӕм, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн йӕ коммӕ кӕсын, стӕй нӕ фидар фӕнд уыдзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уӕм (Иов 28:28). w19.02 5 ф., 12 абз.
Ӕртыццӕг, 5 февраль
Ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг? (Пс. 118:6).
Ӕнусты дӕргъы зӕххон хицӕуттӕ Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ архайдтой. Хатгай нӕ хицауад алыхуызон фыдхъуыддӕгты фӕаххосджын кӕны. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕм мӕсты кӕнынц, фыццаджыдӕр уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй хъусӕм, уый тыххӕй (Хъуыд. 5:29). Ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд феййафӕм – фӕхудынц ныл, ахӕстӕтты нӕ сбадын кӕнынц, суанг ма нӕ нӕмгӕ дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ мах Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы ахӕм уавӕрты вӕййӕм сабыр ӕмӕ сӕ нӕ маст нӕ фӕисӕм. Ӕркӕсӕм, Вавилоны уацары чи уыд, уыцы ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы – Анани, Мисаил ӕмӕ Азари – махӕн фӕзминаг цӕмӕй сты, уымӕ. Паддзах цы гуымиры сарӕзта, уый раз сӕ зонгуытыл ӕрхауын нӕ бакуымдтой ӕмӕ, цӕуылнӕ, уый йын фӕлмӕнӕй бамбарын кодтой. Йегъовӕ сӕ куы нӕ фервӕзын кодтаид, уӕддӕр цӕмӕфӕнды дӕр цӕттӕ уыдысты (Дан. 3:1, 8–28). Нӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд нӕ бон куыд у ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы бафӕзмын? Хъуамӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ ныл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн, ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм (Пс. 118:7). Стӕй нӕ исчи исты фыдхъуыддаджы куы аххосджын кӕна, уӕд дӕр-иу йемӕ хъуамӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй дзурӕм (1 Пет. 3:15). Уымӕй уӕлдай, нӕ уӕларвон Фыдӕй цӕй тыххӕй адард уыдзыстӕм, ахӕм исты саразыныл хъуамӕ макуы сразы уӕм. w19.02 10, 11 фф., 11–13 абз.
Цыппӕрӕм, 6 февраль
Фидар лӕуут! (Иоан. 16:33).
Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ бон у хъуыды кӕнын, Чырыстийы нывонды фӕрцы нын цы ныфс ис, ууыл (Иоан. 3:16; Еф. 1:7). Ӕрымысӕн изӕрмӕ цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нал баззад, ӕмӕ нын хорз фадат ис, цӕмӕй Чырыстийы нывондыл ноджы арфдӕр хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ ноджы тынгдӕр бузныг уӕм. Хорз уаид, Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ уыдзӕн кӕсинаг, уыдон куы бакӕсиккам ӕмӕ лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕниккам Йесойы мӕлӕтимӕ баст хабӕрттыл. Ӕмӕ уӕд Ӕрымысӕн изӕры ноджы хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, дзул ӕмӕ сӕнӕн цы стыр нысаниуӕг ис ӕмӕ Чырыстийы нывондӕн цы стыр тых ис, уый. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой ӕмӕ уый нӕхицӕн дӕр ӕмӕ нын зынаргъ чи у, уыдонӕн дӕр цы пайда хӕссы, уый куы ’мбарӕм, уӕд нӕ фидӕнӕй фидар ныфс уыдзӕн, стӕй хъӕбатырӕй архайдзыстӕм ӕмӕ кӕронмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм (Дзут. 12:3). Йесо, нӕ Хистӕр Сауджын, уӕлӕрвты диссаджы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад ӕвдисы – Хуыцауӕн мах тыххӕй лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй фервӕзӕм (Дзут. 7:24, 25). Уый тыххӕй дзы мах тынг бузныг стӕм! Ӕмӕ уый равдисдзыстӕм, Ӕрымысӕн изӕр, Йесо нын куыд бацамыдта, афтӕ куы бӕрӕг кӕнӕм, уымӕй (Лук. 22:19, 20). w19.01 22 ф., 8 абз.; 23, 24 фф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 7 февраль
О Йегъовӕ, ӕхсызгон дын уӕнт, зӕрдиагӕй дын цы нывӕндтӕ хӕссын, уыдон – мӕ кады ныхӕстӕ (Пс. 119:108).
Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм. Ӕмбырды дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уый хауы, Йегъовӕйӕн цы «кады нывонд» хӕссӕм, уымӕ, ӕмӕ уыцы нывонд нӕ бӕсты ничи хӕсдзӕн. (Дзут. 13:15.) Цымӕ Йегъовӕйы афтӕ фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр ӕмхуызон кады нывӕндтӕ хӕссӕм, ома ӕмхуызон дзуаппытӕ дӕттӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Ӕмбырд абарӕн ис, хорз ӕмбӕлттӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййынц, ахӕм бадтимӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ фӕнд кӕнынц физонӕг скӕнын ӕмӕ дын загътой, цӕмӕй исты хуымӕтӕг хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнай. Чи зоны, фӕтыхсай, фӕлӕ уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, бацархайдзынӕ, алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цы фӕцӕуа, ахӕм исты ӕрбахӕссыныл. Йегъовӕ у нӕ Фысым, ӕмӕ нын ӕмбырдты дзаджджын фынгтӕ ӕрцӕттӕ кӕны (Пс. 23:5; Матф. 24:45). Ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын куы ’рбахӕссӕм, уӕд, цыфӕнды хуымӕтӕг лӕвӕрттӕ ма уой, уӕддӕр. Уӕдӕ дӕхи ӕмбырдтӕм хорз цӕттӕ кӕн ӕмӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр дзуаппытӕ дӕтт. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы фынгӕй ӕрмӕст дӕхӕдӕг нӕ хӕрдзынӕ, фӕлӕ ма, цы лӕвӕрттӕ хӕссай, уыдонӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр хай кӕндзынӕ. w19.01 8 ф., 3 абз.; 13 ф., 20 абз.
Сабат, 8 февраль
Ӕндӕр хуыцауы фӕдыл чи алидзы, уыдонӕн сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц (Пс. 16:4).
Раджы заманты мӕнгхуыцӕуттӕн кувын арӕх баст уыд ӕнӕгъдау хъуыддӕгтимӕ (Оси 4:13, 14). Уый бирӕты зӕрдӕмӕ цыд, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон уыд сӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадын. Фӕлӕ сӕ цымӕ амондджын схонӕн уыд? Давид загъта: «Ӕндӕр хуыцауы фӕдыл чи алидзы, уыдонӕн сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц» (Пс. 16:4). Ноджы диссагдӕр та уый уыд, ӕмӕ-иу ахӕм адӕм сӕ сывӕллӕтты мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхастой! (Ис. 57:5). Йегъовӕ сын сӕ ӕгъатыр митӕй йе сӕфт уыдта (Йер. 7:31). Абон дӕр мӕнг динтӕй бирӕтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ, суанг гомосексуализм дӕр, ӕвзӕрыл нӕ нымайынц. Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕрибар сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕны (1 Кор. 6:18, 19). Ахӕм адӕмӕн «сӕ мӕстытӕ фылдӕр кӕнынц» ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр бафиппайдтай. Уӕдӕ цӕмӕй дӕхи уыдӕттӕй бахизай, уый тыххӕй дӕ уӕларвон Фыды коммӕ кӕс. Дызӕрдыг дӕр ма кӕн, уый дӕ пайдайӕн кӕй у. Рох дӕ ма уӕд: ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ цыфӕнды ӕхсызгондзинад ма хӕссой, уӕддӕр ӕппынфӕстаг адӕймагӕн зиан ӕрхӕссынц (Гал. 6:8). w18.12 27, 28 фф., 16–18 абз.
Хуыцаубон, 9 февраль
Ӕз дӕр [дӕм] хӕстӕг нӕ цӕудзынӕн (Оси 3:3).
Адӕймагӕн йӕ цардӕмбал ӕнӕгъдау хъуыддаг куы бакӕны, уӕд ӕй фӕхъӕуы уынаффӕ рахӕссын. Йесо загъта, ахӕм адӕймагӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕр искӕимӕ йӕ цард баиу кӕна (Матф. 19:9). Иннӕмӕй та йӕ бон у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы уыдзӕн. Оси дӕр Гомеры фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодта. Гомер Осиимӕ фӕстӕмӕ куы бацард, уӕд хъуамӕ «ӕндӕр лӕгмӕ мауал цыдаид». Оси йӕм йӕхӕдӕг дӕр цасдӕр рӕстӕг «хӕстӕг нӕ цыд», ома йемӕ ӕмуат не ’рцыд (Ос. 3:1–3). Фӕлӕ та фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, ногӕй ӕххӕст кӕнын райдыдта, лӕгыл йӕ усы раз цы хӕс ис, уый. Уыцы хабар амыдта, Йегъовӕ цӕттӕ кӕй уыд израилӕгтӕн ныххатыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй та йемӕ раздӕрау ӕнгом уыдаиккой (Оси 1:11; 3:4, 5). Уый абон бинонтӕн цӕуыл дзурӕг у? Йӕ цардӕмбал ӕнӕгъдау хъуыддаг кӕмӕн бакӕны, ахӕм адӕймаг куы аскъуыддзаг кӕны, кӕй дзы нӕ ахицӕн уыдзӕн, уый ӕмӕ йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ йын ныххатыр кодта (1 Кор. 7:3, 5). Ӕмӕ сын уӕд Библимӕ гӕсгӕ ахицӕн кӕныны бар нал вӕййы. Уый фӕстӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ иумӕ архайой, цӕмӕй сӕ бинонты цард банывыл кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной бинонты цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн. w18.12 13 ф., 13 абз.
Къуырисӕр, 10 февраль
Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы (Ӕмб. 22:3).
Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу, Йегъовӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нын уый алыхуызон уавӕрты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, ахӕм уавӕры бахаудыстӕм, ӕмӕ нӕ уайтагъд хъӕуы уынаффӕ рахӕссын, уӕд зондзыстӕм, куыд бакӕнӕм, уый. Потифары ус Иосифы куы рӕдийын кодта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид, уӕд ын Иосиф уайтагъд загъта, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзӕн. Бӕрӕг у, Иосиф рагацау кӕй хъуыды кодта, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл иузӕрдион уой, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл (Райд. 39:8, 9). Уый Потифары усӕн загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» Уӕдӕ Иосиф сахуыр, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Зӕгъӕм дӕм де ’мкусджытӕй чидӕр дзырдӕппарӕнтӕ фӕкӕны. Кӕнӕ дӕм, зӕгъӕм, чидӕр телефонӕй ӕнӕгъдау ныхӕстӕ ныффыста йе та дӕм хӕлд ныв ӕрбарвыста. Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, йӕ зондӕй архайын куы сахуыр уӕм ӕмӕ, ахӕм уавӕрты нӕхи куыд дардзыстӕм, уый ныр куы аскъуыддзаг кӕнӕм, уӕд нӕхи рӕдыд къахдзӕфӕй бахиздзыстӕм. w18.11 25 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 11 февраль
Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин (Ав. 3:18).
Иуӕй-иу библииртасджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы стих комкоммӕ ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ: «Хицауы тыххӕй фырцинӕй гӕппытӕ кӕндзынӕн, Хуыцауы тыххӕй фырцинӕй кафдзынӕн». Йегъовӕ нын диссаджы фидӕнӕй ӕнӕуи зӕрдӕ не ’вӕры, фӕлӕ ма нын дзуры, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныныл ныридӕгӕн дӕр кӕй архайы. Аввакумы чиныгӕй мах базыдтам ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм (Ав. 2:4). Уый тыххӕй та хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидардӕр кӕна. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн цалдӕр хъуыддаджы: 1) хъуамӕ ӕдзухдӕр Хуыцауӕн ӕргом кӕнӕм, цыдӕриддӕр нӕ тыхсын кӕны, уый; 2) хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы уылты цы дзуры, уымӕ ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ архайӕм; 3) хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ йӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Аввакум дӕр раст афтӕ архайдта. Кӕд райдианы маст кодта, уӕд дзы фӕстагмӕ та стыр ныфс бацыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы циндзинад фӕзынд! Мах дӕр Аввакумы куы фӕзмӕм, уӕд-иу нӕ нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакӕндзӕн! Ӕмӕ нын ацы фыддунейы цӕргӕйӕ та уымӕй стырдӕр ныфсы хос цы хъуамӕ уа! w18.11 17 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 12 февраль
[Йесо] амард се ’ппӕты тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард ӕмӕ чи райгас, уымӕн (2 Кор. 5:15).
Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ма зонӕм ӕндӕр хабарӕй дӕр. Библийы фыст ис: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Чырысти дӕр стыр уарзондзинад равдыста, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй! Ӕмӕ нӕ уыцы уарзондзинад тынг фидар кӕны! Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры, цыфӕнды мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ ма ’взарӕм, уӕддӕр нӕ кӕй ницы «фӕхицӕн кӕндзӕн Чырыстийы уарзтӕй» (Ром. 8:35, 38, 39). Хатгай царды зындзинӕдты тыххӕй нӕ хъару байсысы, нӕхимӕ ныхъхъусӕм кӕнӕ та Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ нал фӕлӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ Чырысти куыд тынг уарзы, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд-иу нӕ къухтӕ не ’руадздзыстӕм (2 Кор. 5:14). Чырыстийы уарзт нӕ стыр ныфс уадзы, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у фидар фӕлӕууын, зӕгъӕм, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, ӕрдзон бӕллӕх нын зиан куы ’рхӕсса, нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕхицӕн ӕнцой куы нал арӕм кӕнӕ истӕуыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, суанг уӕд дӕр. w18.09 14 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 13 февраль
Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл (Пс. 86:11).
Цӕмӕй раст фӕндагыл дарддӕр дӕр цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уыимӕ разы уӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕсӕм. Хъуамӕ нын рӕстдзинад царды ӕппӕты сӕйраг уа ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Мах дӕр Давидау хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, Хуыцауы раст фӕндагыл алкӕддӕр кӕй цӕудзыстӕм. Науӕд, чи зоны, фӕсмон кӕнын райдайӕм, рӕстдзинады тыххӕй цавӕрдӕр аргъ кӕй бафыстам, ууыл ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, ӕрфӕнда, нӕ къух цӕуыл систам, уыдӕттӕй истӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхын. Раст нӕ уаид, рӕстдзинадимӕ баст хабӕрттӕй иутимӕ разы куы уаиккам, иннӕтӕ та куы ницӕмӕ дариккам. Хъуамӕ, Хуыцауы Ныхасы цыдӕриддӕр фыст ис, уыимӕ разы уӕм. Цӕмӕй нӕ рӕстдзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕм. Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд, чи зоны, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнын райдайӕм ирхӕфсӕнтыл, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл, интернетыл ӕмӕ телевизорыл. Кӕд ацы хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр схонӕн нӕй, уӕддӕр сыл, гӕнӕн ис, бирӕ рӕстӕг цӕуа ӕмӕ нын Библи иртасынӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгтӕн фаг рӕстӕг мауал уа. w18.11 10 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 14 февраль
Ӕз рӕвдыдтон ӕмӕ сабыр кодтон мӕ уд (Пс. 131:2).
Нӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы фӕивы, уӕд ныл уый хатгай афтӕ фӕзыны, ӕмӕ мӕт кӕнын райдайӕм ӕмӕ нӕ ныфс асӕтты (Ӕмб. 12:25). Кӕнӕ та нӕ ног уавӕртыл зынтӕй сахуыр вӕййӕм. Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ сабыр уа? (Пс. 131:1–3). Цыфӕнды уӕззау уавӕрты ма бахауӕм, уӕддӕр-иу нын «Хуыцауы фарн» нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ зонд бахъахъхъӕндзӕн (Фил. 4:6, 7). Уӕдӕ истӕуыл тынг куы мӕт кӕнӕм кӕнӕ зӕрдӕсаст куы уӕм, уӕд-иу нӕм Хуыцауы фарны руаджы ахӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнӕм. Тыхст уавӕры-иу нын Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн, стӕй-иу нын не ’ргом раздахдзӕн, царды сӕйрагдӕр цы у, уый чи ӕмбарын кӕны, ахӕм стихтӕм (Иоан. 14:26, 27). w18.10 27 ф., 2 абз.; 28 ф., 5, 8 абз.
Сабат, 15 февраль
Кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут (Зах. 8:16).
Адӕмӕн ӕппӕты стырдӕр зиан цы хӕссы, уый цы у? Мӕнг ныхас! Мӕнг ныхас у искӕй зонгӕ-зонын асайын. Цымӕ фыццаг мӕнг ныхас чи загъта? Уый уыди Хӕйрӕг! Йесо Чырысти йӕ схуыдта «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44). Ӕмӕ кӕд загъта фыццаг мӕнг ныхас? Уыцы хабар ӕрцыд цалдӕр мин азы размӕ Едемы цӕхӕрадоны. Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, дзӕнӕты ӕрцӕрын кодта, ӕмӕ уым амондджынӕй цардысты. Йегъовӕ сӕ бафӕдзӕхста, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» куы бахӕрой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Хӕйрӕг Хуыцауы фӕдзӕхсты тыххӕй зыдта, фӕлӕ уӕддӕр калмы уылты Евӕйӕн загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Уый уыд ӕппӕты фыццаг мӕнг ныхас. Ӕмӕ стӕй загъта: «Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райд. 2:15–17; 3:1–5). w18.10 6 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 16 февраль
Амондджын сты сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фендзысты (Матф. 5:8).
Цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ уой сыгъдӕг. Уый тынг ахсджиаг у, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уӕд (2 Кор. 4:2; 1 Тим. 1:5). Йегъовӕ загъта: «Адӕймаг [мӕ] куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн» (Рац. 33:20). Уӕдӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн сӕ бон куыд у Хуыцауы фенын? Дзырд «фенын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма нысан кӕны «цӕстытыл ауайын кӕнын», «ӕмбарын», «зонын». Уӕдӕ Хуыцауы «фенын» нысан кӕны Хуыцауы хорз зонын ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕн аргъ кӕнын (Еф. 1:18). Мах ма Хуыцауы «фенӕм», куыд нын баххуыс кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд (Иов 42:5). Нӕ бон ма Хуыцауы «фенын» вӕййы, сыгъдӕгзӕрдӕ чи у ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. w18.09 20 ф., 13, 15, 16 абз.
Къуырисӕр, 17 февраль
Зонд у ӕппӕты сӕйрагдӕр. Уӕдӕ амал кӕн зонд (Ӕмб. 4:7).
Раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм. Цӕмӕй адӕймаг зондӕй хайджын уа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы цавӕрдӕр зонындзинӕдтӕ, фӕлӕ ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ фаг не сты. Зонд сӕйраджыдӕр бӕрӕг вӕййы, адӕймаг цавӕр уынаффӕтӕ фӕхӕссы, уымӕй. Библимӕ гӕсгӕ, суанг мӕлдзыджытӕ дӕр сты ӕрдзӕй зондджын, ӕмӕ уыцы зонд бӕрӕг у, сӕрдыгон сӕхицӕн хӕринаг кӕй ӕрцӕттӕ кӕнынц, уымӕй (Ӕмб. 30:24, 25). Чырысти,– «Хуыцауы зонд» кӕй уылты раргом, уый,– алкӕддӕр фӕаразы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон цы у, уый (1 Кор. 1:24; Иоан. 8:29). Мах дӕр сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ, раст цы у, уый куы аразӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн (Матф. 7:21–23). Уӕдӕ дарддӕр дӕр архай сӕрныллӕгдзинад дӕ удыхъӕды фидар кӕныныл. Афтӕмӕй ӕмбырды иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕной. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раст цы у, уый аразын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уый тыххӕй фӕхъӕуы рӕстӕг ӕмӕ фӕразондзинад. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ, сӕрныллӕг чи у, уыдон ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр уыдзысты амондджын. w18.09 7 ф., 18 абз.
Дыццӕг, 18 февраль
Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд... йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн (Гал. 6:4).
Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кодтаиккой ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ кӕд адӕм ныртӕккӕ ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у йемӕ алы бон дӕр ӕмгуыст кӕнын. Мах «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» стӕм, зӕгъӕм, йӕ Паддзахады хабар кӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ (1 Кор. 3:5–9). Ахъуыды-ма кӕн, ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг ахсджиагыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддаджы йемӕ ӕмгуыст кӕнын адӕймагӕн цӕй стыр кад у! Фӕлӕ ма Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнӕм ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Хуыцауимӕ цы хъуыддӕгты фемгуыст кӕнӕм, уыдонӕй цалдӕр сты: нӕ бинонтӕн ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕн куы феххуыс кӕнӕм; уазӕгуарзон куы вӕййӕм; йӕ организацийы алыхуызон хъуыддӕгты куы феххуыс кӕнӕм; фылдӕр лӕггад кӕнын куы райдайӕм (Кол. 3:23). Фӕлӕ-иу дӕхи иннӕтимӕ ма бар, Йегъовӕйӕн цас ӕмӕ куыд лӕггад кӕныс, уыцы хъуыддаджы. Рох дӕ ма уӕд, нӕ карӕй, не ’нӕниздзинадӕй, нӕ уавӕртӕй ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй не ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнӕм. w18.08 23 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 19 февраль
Ӕнхъӕлмӕ [йӕм] кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн (Ав. 2:3).
Йегъовӕ Аввакумы ныфс бауагъта, цы фарстатӕ йӕ тыхсын кӕнынц, уыдонӕн тагъд рӕстӕджы дзуапп кӕй фендзӕн, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Фӕразон у ӕмӕ мыл дӕ зӕрдӕ дар. Дӕ куывдӕн дын дзуапп ратдзынӕн, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ фӕстиат кӕнын, уӕддӕр!» Йегъовӕ Аввакумӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн бӕлвырд рӕстӕг кӕй снысан кодта. Ӕмӕ йӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕнхъӕлмӕ кастаид. Ӕмӕ Аввакум нӕ фӕфыдӕнхъӕл! Йегъовӕмӕ фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм, уӕд ыл цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ ныфс дардзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр. Йесо нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нын Йегъовӕ цы «рӕстӕджытӕ ӕмӕ афонтӕ» нӕ раргом кодта, уыдон базоныныл ма архайӕм (Хъуыд. 1:7). Уӕдӕ нӕ къухтӕ макуы ’руадзӕм, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй ӕмӕ фӕразонӕй Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Хъуамӕ нӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм (Мар. 13:35–37; Гал. 6:9). w18.11 16 ф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 20 февраль
Хуыцау [мын] бамбарын кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр чъизи кӕнӕ ӕлгъагыл кӕй хъуамӕ ма нымайон (Хъуыд. 10:28).
Петр йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ иннӕ дзуттӕгтау ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыд, ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи у, уыдон сыгъдӕг не сты. Фӕлӕ йыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны фӕрцы йӕ хъуыды фӕивта. Зӕгъӕм, Петр федта диссаджы цӕстылуайӕн (Хъуыд. 10:9–16). Хъуамӕ-иу Петрау нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм ӕмӕ-иу иннӕтӕй ӕххуыс ракурӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, хъулон митӕ нӕм ис ӕви нӕ. Ноджыдӕр ма нӕ бон цы у саразын? «Нӕ зӕрдӕтӕ... уӕрӕх [куы] байгом кӕнӕм», уӕд нӕ хъулон митӕ уарзондзинадӕй раивдзысты (2 Кор. 6:11–13). Мыййаг, дӕ рӕстӕг фылдӕр, дӕ расӕйӕ кӕнӕ дӕ адӕмыхаттӕй чи у йе та иу ӕвзагыл кӕимӕ дзурыс, уыдонимӕ уарзыс ӕрвитын? Кӕд афтӕ у, уӕд бацархай, цӕмӕй иннӕтимӕ дӕр лымӕн кӕнай. Хорз уаид, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи сты, ахӕм хоты ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты демӕ уацамынды куы акӕнис кӕнӕ-иу сӕ дӕ хӕдзармӕ къӕбӕр бахӕрынмӕ кӕнӕ бадтмӕ куы фӕхонис (Хъуыд. 16:14, 15). Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ уыцы хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты афтӕ тынг бауарздзынӕ, ӕмӕ дӕм хъулон митӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. w18.08 9 ф., 3, 6 абз.; 10 ф., 7 абз.
Майрӕмбон, 21 февраль
Къуылымпыйы хос ма ут (1 Кор. 10:32).
Иуӕй-иу чырыстӕттӕ ацы дунейы адӕмӕй тынг кӕй нӕ хицӕн кӕнынц, уый бӕрӕг вӕййы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, бадтыты рӕстӕг ӕнӕгъдау кӕфтытӕ фӕкӕнынц ӕмӕ, чырыстонӕн куыд не ’мбӕлы, сӕхи афтӕ фӕдарынц. Стӕй социалон сетьты ахӕм къамтӕ сӕвӕрынц ӕмӕ дзы ахӕм ныхӕстӕ ныффыссынц, ӕмӕ зын зӕгъӕн вӕййы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уый. Гӕнӕн ис, сӕ зондахаст ӕвзӕрырдӕм фӕзына, йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй иннӕтӕн фӕзминаг уа, ууыл чи архайы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл (1 Пет. 2:11, 12). Ацы дуне адӕймаджы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уой «тӕригъӕдджын буары монцтӕ, цӕстыты монцтӕ ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлын» (1 Иоан. 2:16). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм ӕмӕ ацы дунейы уӕм ӕмбаргӕ, цӕрӕм рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:12). Нӕ царды алы хъуыддаг дӕр,– фӕнды не ’ддаг бакаст уа, фӕнды нӕ дзыхыныхас, фӕнды хӕрд ӕмӕ нозт, фӕнды куыст,– иннӕтӕн хъуамӕ ууыл дзурӕг уа, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл стӕм иузӕрдион. w18.07 25 ф., 13, 14 абз.
Сабат, 22 февраль
Мах... кӕсӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм йӕ хорзӕхмӕ (Пс. 123:2).
Йегъовӕмӕ алкӕддӕр куы кӕсӕм, уӕд дзы иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй никуы адард уыдзыстӕм, стӕй-иу сӕм мӕсты дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Уый уӕлдай ахсджиаг у, кӕд махӕн дӕр Моисейау Йегъовӕйы организацийы кадджын хӕстӕ ис, уӕд. Дзырд дӕр ыл нӕй, махӕй алчидӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ хъуса ӕмӕ йын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕна. Ууыл баст у нӕ ирвӕзындзинад (Фил. 2:12). Фӕлӕ ныл цас фылдӕр хӕстӕ ис, уыйас нӕ Йегъовӕ фылдӕр домы (Лук. 12:48). Куыдфӕнды ма уа,– Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр куы уарзӕм, уӕд нын цӕлхдур ницы суыдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ уарзтӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Пс. 119:165; Ром. 8:37–39). Абон тынг уӕззау рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕддӕр кӕсӕм Йегъовӕмӕ – «уӕларвыл цӕрӕг» Хуыцаумӕ, цӕмӕй-иу бамбарӕм, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Пс. 123:1). Уӕдӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй иннӕты рӕдыдтыты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уӕм. w18.07 16 ф., 19, 20 абз.
Хуыцаубон, 23 февраль
Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын... уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной (Матф. 5:16).
Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы, уый нын стыр цины хос куыннӕ у! 2017 азы Библи ахуыр кодтам 10 000 000 адӕймагӕй фылдӕримӕ. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ рухс адӕммӕ кӕй кӕлы! Стӕй-ма ахъуыды кӕнӕм, фарон Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацыд, уыцы милуангай адӕмыл дӕр. Уый фӕрцы уыдон базыдтой, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ уымӕй стыр уарзондзинад кӕй равдыста, уый (1 Иоан. 4:9). Йегъовӕйы адӕм цӕрынц алы ӕмӕ алы бӕстӕты ӕмӕ дзурынц алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ нын уый къуылымпыйы хос нӕу. Мах уӕддӕр нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы иу бинонтау кадджын кӕнӕм (Рарг. 7:9). Цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурӕм ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ «ацы дунейы ӕрттивӕм рухсгӕнӕнтау» (Фил. 2:15). Нӕ хъуыддаг размӕ кӕй цӕуы, не ’хсӕн иудзинад кӕй ис ӕмӕ, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый кӕй нӕ рох кӕнӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. w18.06 21 ф., 1–3 абз.
Къуырисӕр, 24 февраль
Ахуыргӕнӕг, исты ахӕр (Иоан. 4:31).
Хуыцауы фӕндон уыд, цӕмӕй Йесо алкӕмӕн дӕр, суанг самариаг сылгоймагӕн дӕр, хорз хабар хъусын кодтаид, ӕмӕ Йесойӕн та йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд (Иоан. 4:32–34). Уыцы хабар цӕуыл дзурӕг уыд, уый Иаков ӕмӕ Иоанн кӕронмӕ нӕ бамбӕрстой. Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг Самарийыл куы акодтой, уӕд уыцы ран иу хъӕумӕ, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат агурӕг бацыдысты. Фӕлӕ сӕ уыцы хъӕуы цӕрӕг самариӕгтӕ нӕ бауагътой. Ӕмӕ уӕд Иаков ӕмӕ Иоанн рамӕсты сты ӕмӕ Йесойӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ сӕ аныхъуырӕд. Фӕлӕ сын Йесо карзӕй бауайдзӕф кодта (Лук. 9:51–56). Цымӕ Иаков ӕмӕ Иоанн ахӕм ӕдзӕстуарзон адӕмыл сӕ райгуырӕн бӕстӕ Галилейӕйы куы сӕмбӕлдаиккой, уӕд дӕр сӕм афтӕ тынг смӕсты уыдаиккой? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы адӕммӕ уый тыххӕй рамӕсты сты, ӕмӕ сӕм хъулон цӕстӕй кастысты. Фӕстӕдӕр апостол Иоанн самариӕгтӕн куы хъусын кодта ӕмӕ сӕ бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ куы айстой, уӕд, хӕрзаг, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, уый размӕ сӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй ракаст, уый тыххӕй (Хъуыд. 8:14, 25). w18.06 10, 11 фф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 25 февраль
Фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвасут (Еф. 6:14).
Библийы ӕцӕгдзинадӕй нӕ астӕутӕ ронау ӕнгом ӕлвӕст куы уой, уӕд нӕ фӕнддзӕн уыцы ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый дзурын. Нӕхи мӕнг ныхӕстӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм? Уымӕн ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕ сты, Хӕйрӕг уӕлдай ӕнтыстджынӕй кӕмӕй архайы, уыцы хӕцӕнгӕрзтӕй иу. Адӕймаг мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд уый зиан ӕрхӕссы йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йыл чи баууӕнды, уымӕн дӕр (Иоан. 8:44). Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм, цӕмӕй мӕнг ныхӕстӕ ма кӕнӕм (Еф. 4:25). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иу 18-аздзыд чызг, Абигейл, загъта: «Хатгай адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурын ницы пайда у, уӕлдайдӕр та, мӕнг ныхасы фӕрцы йӕ бон цыдӕр зын уавӕрӕй фервӕзын куы вӕййы, уӕд». Уӕдӕ, ӕцӕг цы у, уый цӕмӕн хъуамӕ дзурӕм? Викторийӕйыл цӕуы 23 азы ӕмӕ мӕнӕ цы дзуры: «Ӕцӕг цы у, уый куы дзурай, стӕй, цӕуыл ӕууӕндыс, уый сӕрыл куы дзурай, уӕд дӕ иннӕтӕ, чи зоны, ӕфхӕрой. Фӕлӕ дзы уӕддӕр пайда бирӕ фылдӕр ис, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй фӕныфсджындӕр уыдзынӕ, Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзынӕ ӕмӕ дӕ чи уарзы, уыдон дын тынгдӕр аргъ кӕнын райдайдзысты». Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ астӕутӕ ӕдзухдӕр уой ӕцӕгдзинады ронӕй ӕлвӕст. w18.05 28 ф., 3, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 26 февраль
Ма бафынӕй ут (Матф. 24:42).
Абон уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй «ма бафынӕй уӕм». Дунейы уавӕртӕ бонвыддӕр кӕнынц. Кӕрон ӕрцӕудзӕн, Йегъовӕ йын цы рӕстӕг снысан кодта, растдӕр уыцы рӕстӕг (Матф. 24:42–44). Уӕдмӕ та уал хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ фидӕныл хъуыды кӕнӕм. Алы бон дӕр Библи кӕс ӕмӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кув (1 Пет. 4:7). Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын фӕзминаг уӕнт. Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕн. Иннӕтӕн хорздзинад араз ӕмӕ дӕ рӕстӕг дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртимӕ ӕрвит. Уый фӕрцы зӕрдӕрухс уыдзынӕ ӕмӕ, рӕстӕг куыд тагъд атӕхдзӕн, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕндзынӕ (Еф. 5:16). Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд у, ӕмӕ нын уый стыр ныфсы хос куыннӕ у. Йегъовӕ нын ӕххуысӕн радта «лӕвӕрттӕ» – хистӕр нӕлгоймӕгты (Еф. 4:8, 11, 12). Уӕдӕ-иу дӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы бабӕрӕг кӕной, уӕд-иу уыцы фадатӕй спайда кӕн, цӕмӕй-иу сын сӕ уынаффӕтӕй дӕхицӕн зонд райсай. w18.06 24, 25 фф., 15–18 абз.
Цыппӕрӕм, 27 февраль
Мӕ фӕдзӕхстытӕ [мын] куы ӕххӕст кӕнат, уӕд дарддӕр дӕр хайджын уыдзыстут мӕ уарзондзинадӕй (Иоан. 15:10).
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, «дарддӕр дӕр» сӕ кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй йӕ уарзондзинадӕй хайджын уой. Цымӕ сын афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕразондзинад кӕй хъӕудзӕн, цӕмӕй, ӕцӕг чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрой. Ӕмӕ Иоанны 15:9, 10 стихты дзырдбастӕй, «дарддӕр дӕр», зӕгъгӕ, иу хатт нӕ, фӕлӕ дыууӕ хатты кӕй спайда кодта, уымӕй сын сӕ хъус ӕрдардта, фӕразондзинад куыд ахсджиаг у, уымӕ. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йесойы уарзтӕй хайджын уӕм ӕмӕ нӕ райгонд уа, уый нӕ кӕй фӕнды? Куы йӕм хъусӕм, уымӕй. Йесо нӕ бирӕ ницы домы – йӕхӕдӕг цы арӕзта, ӕрмӕстдӕр уый. Уый загъта: «Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (Иоан. 15:10). Уӕдӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм (Иоан. 13:15). Йесойы фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй ма ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый дӕр, уымӕн ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхстытӕ йӕ Фыдӕй сты (Матф. 17:5; Иоан. 8:28). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыдон дӕр сӕ уарзтӕй хайджын кӕнынц. w18.05 18 ф., 5–7 абз.
Майрӕмбон, 28 февраль
Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда (Ӕмб. 21:5).
Ӕрыгӕтты фӕхъӕуы ахуыры, куысты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ахсджиаг хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕссын. Цавӕрдӕр бӕлвырд нысӕнттӕ дын куы уа, уӕд дын уынаффӕтӕ хӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Ӕрыгӕттӕ, уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын цас раздӕр райдайат, уыйас тагъддӕр уӕ къухы бафтдзысты. Ӕгас зӕххыл дӕр не ’мбырдты цы мингай ӕрыгӕттӕ ис, уыдон сты раппӕлинаг. Уыдон сӕхи Йегъовӕйы бар бакодтой ӕмӕ сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у, Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтой, уыдонмӕ тырнын. Уыцы ӕрыгӕттӕ алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайынц, дзырд бинонты цардыл куы цӕуа, уӕддӕр. Ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй цух сты. Паддзах Соломон загъта: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл... Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмб. 3:5, 6). Чырыстон ӕмбырды цы ӕрыгӕттӕ ис, уыдон Йегъовӕйӕн зынаргъ сты. Уый сӕ тынг уарзы, хъахъхъӕны сӕ, разамынд сын дӕтты ӕмӕ сын арфӕ кӕны. w18.04 26 ф., 7 абз.; 27 ф., 9 абз.
Сабат, 29 февраль
Уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).
Апостол Иоанн уыд фыццаг ӕнусы «ӕмбырды цӕджындзтӕй» иу. Иоанны Евангелийӕ Йесойы лӕггады тыххӕй бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ ис базонӕн. Ацы чиныг ӕнусты дӕргъы чырыстӕтты ныфс уагъта, ӕмӕ абон мах дӕр стыр ныфс уадзы. Ӕрмӕстдӕр Иоанны Евангелийы ис фыст, Йесо кӕй загъта, чырыстӕтты сӕ уарзондзинадӕй базонӕн кӕй ис, уый тыххӕй (Иоан. 13:35). Бирӕ ахсджиаг хъуыдытӕ ма фыст ис Иоаннӕн йе ’ртӕ фыстӕджы дӕр. Хатгай нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕ ныфс асӕтты. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ куы бакӕсӕм, «Йесойы туг [нӕ] сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр», зӕгъгӕ, уӕд нын стыр удӕнцой ӕрхӕссынц (1 Иоан. 1:7). Ӕмӕ ныл кӕд уӕддӕр нӕ зӕрдӕ фӕхуды, уӕд нӕ ацы ныхӕстӕ, «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у», зӕгъгӕ, ныфс бауадзынц (1 Иоан. 3:20). Библи чи фыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр Иоанн ныффыста ахӕм ныхӕстӕ, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8, 16). Йӕ дыккаг ӕмӕ йе ’ртыккаг фыстӕджы та Иоанн раппӕлыд, «рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... [чи] цӕры», уыцы чырыстӕттӕй (2 Иоан. 4; 3 Иоан. 3, 4). w18.04 18 ф., 14, 15 абз.