Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es20 36–50 фф.
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 мартъи
  • Къуырисӕр, 2 мартъи
  • Дыццӕг, 3 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 4 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 5 мартъи
  • Майрӕмбон, 6 мартъи
  • Сабат, 7 мартъи
  • Хуыцаубон, 8 мартъи
  • Къуырисӕр, 9 мартъи
  • Дыццӕг, 10 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 11 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 12 мартъи
  • Майрӕмбон, 13 мартъи
  • Сабат, 14 мартъи
  • Хуыцаубон, 15 мартъи
  • Къуырисӕр, 16 мартъи
  • Дыццӕг, 17 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 18 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 19 мартъи
  • Майрӕмбон, 20 мартъи
  • Сабат, 21 мартъи
  • Хуыцаубон, 22 мартъи
  • Къуырисӕр, 23 мартъи
  • Дыццӕг, 24 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 25 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 26 мартъи
  • Майрӕмбон, 27 мартъи
  • Сабат, 28 мартъи
  • Хуыцаубон, 29 мартъи
  • Къуырисӕр, 30 мартъи
  • Дыццӕг, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
es20 36–50 фф.

Мартъи

Хуыцаубон, 1 мартъи

Алцыдӕр ис дӕ дӕлбар (1 Аз. 29:12).

Райдианы чиныджы фыццаг дыууӕ сӕры кӕсгӕйӕ фенӕн ис, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы кӕй схайджын кодта, адӕм кӕмӕ батӕхуды кӕниккой, ахӕм сӕрибардзинадӕй ӕмӕ амондджын цардӕй. Уыдон цух ницӕмӕй уыдысты, ницӕмӕй тарстысты ӕмӕ сӕ ӕфхӕргӕ дӕр ничи кодта. Хӕринаг кӕм самал кӕной ӕмӕ куыст кӕм ссарой, уыдӕттыл тыхсын сӕ нӕ хъуыди. Стӕй сын низтӕ ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг нӕ уыд (Райд. 1:27–29; 2:8, 9, 15). Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй ис ӕгӕрон сӕрибардзинад. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уый у Сфӕлдисӕг, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ Дун-дунейы Хицау (1 Тим. 1:17; Рарг. 4:11). Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн та,– зӕдтӕ уой ӕви адӕм,– сӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕу. Уӕдӕ хъуамӕ алчидӕр ӕмбара, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй ис уый бар, ӕмӕ цавӕрдӕр закъӕттӕ дӕтта. Ӕмӕ Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд сын цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕдӕр зынӕххӕстгӕнӕн уыдысты, нӕдӕр сӕ ӕнӕхъӕугӕ схонӕн уыд, стӕй сын сӕ бартӕ дӕр не ссӕстой. w18.04 4 ф., 4, 6 абз.

Къуырисӕр, 2 мартъи

Куыд рӕсугъд сты... хорз хабар чи хӕссы... уый къӕхтӕ (Ис. 52:7).

Абоны зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы фӕразӕм (2 Кор. 4:7, 8). Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдонӕн куыд зын у ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй цӕрын. Йесойау мах адӕмӕн тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй [сын] хорз хабар радзурын». Рӕстдзинад кӕмӕн амонӕм, уыдонимӕ хъуамӕ фӕразон уӕм. Рох нӕ ма уӕд: мах Библийӕ хорз цы зонӕм, уыдӕттыл уыдон, чи зоны, никуы хъуыды кодтой. Стӕй бирӕтӕ сӕ диныл тынг ӕнувыд вӕййынц. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕ дин се ’гъдӕуттимӕ ӕнгом баст у, сӕ адӕмы кӕрӕдзийыл бӕтты ӕмӕ сын сӕ бинонты ӕнгомдӕр кӕны. Кӕд нӕ фӕнды зӕронд хид фехалын, ома цӕмӕй адӕймаг, ӕнувыд кӕуыл у, уыцы ахуырӕдтыл йӕ къух сиса, уӕд уал ын хъуамӕ баххуыс кӕнӕм ног хид саразынӕн, ома цӕмӕй Библийы рӕстдзинад базона ӕмӕ йӕ бауарза. Ӕмӕ уӕд цӕттӕ уыдзӕн, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл йӕ къух сисынмӕ. Цӕмӕй адӕймагӕн ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй хъӕуы рӕстӕг (Ром. 12:2). w19.03 23 ф., 10, 12 абз.; 24 ф., 13 абз.

Дыццӕг, 3 мартъи

Мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт (Мар. 1:11).

Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, уый ӕргом кӕй загъта, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мах дӕр иннӕты фидар кӕнынӕн фадӕттӕ агурӕм (Иоан. 5:20). Зынаргъ нын чи у, уыдон нӕ сӕ уарзтӕй куы барӕвдауынц ӕмӕ нӕ истӕй тыххӕй куы раппӕлынц, уӕд нын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, стӕй нӕ бинонты хъуамӕ нӕ уарзтӕй тавӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. Иннӕтӕй куы раппӕлӕм, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ сӕ фӕфӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. Уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ныфс уадзой. Сӕ сывӕллӕттӕй зӕрдиагӕй куы феппӕлынц ӕмӕ сӕ сӕ уарзтӕй куы фӕрӕвдауынц, уӕд сывӕллӕттӕ дидинӕгау райхӕлынц. Ацы ныхӕстӕй, «мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фырт ын йӕ фӕндон кӕронмӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ йыл кӕд Йегъовӕ афтӕ ӕууӕнды, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йесо Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (2 Кор. 1:20). Йесо йӕ Фыды фӕндон куыд иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн Йесойӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуын (1 Пет. 2:21). w19.03 8 ф., 3 абз.; 9 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 4 мартъи

Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн цард чи дӕтты, уыцы сыгъдӕг тыхы закъон дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты закъонӕй (Ром. 8:2).

Исчи нын зынаргъ лӕвар куы скӕны, уӕд дзы тынг бузныг вӕййӕм. Фӕлӕ израилӕгтӕ не саргъ кодтой, Йегъовӕ сын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн. Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, цы хӕрӕм, уый нын нӕй, зӕгъгӕ. Хъаст кодтой, Йегъовӕ сын цы маннӕ лӕвӕрдта, уымӕй дӕр. Ӕмӕ ма сӕ суанг фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхын дӕр ӕрфӕндыд! Ахъуыды-ма кӕн, кӕсаг, джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ ӕмӕ сын нурытӕ, Хуыцау сын цы сӕрибардзинад радта ӕмӕ ныр сӕ бон Йегъовӕйӕн кувын кӕй уыд, уымӕй зынаргъдӕр систы! Уӕдӕ диссаг дӕр нӕу, Йегъовӕйы маст сӕм тынг кӕй ссыгъд, уый (Ным. 11:5, 6, 10; 14:3, 4). Сӕ хабар нын у зондзонӕн. Апостол Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕ бузныг уыдаиккой, йӕ Фырт Йесо Чырыстийы фӕрцы сын цы сӕрибардзинад радта, уый тыххӕй (2 Кор. 6:1). w18.04 9, 10 фф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 5 мартъи

Уый уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон. Ӕгас зӕхх дӕр дзаг у Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй (Пс. 33:5).

Алкӕй дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ уарзой ӕмӕ йемӕ рӕстӕй архайой. Адӕймаг уыдӕттӕй цух куы вӕййы, уӕд йӕхимӕ ницӕйаг кӕсын райдайы ӕмӕ йӕ ныфс асӕтты. Йегъовӕ зоны, иннӕтӕ нӕ уарзой ӕмӕ немӕ рӕстӕй архайой, уый нӕ кӕй фӕнды (Пс. 33:5). Ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, йӕхӕдӕг дӕр нӕ бирӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ немӕ рӕстӕй архайой. Ӕмӕ уый ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ Моисейы уылты Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уымӕ бӕстондӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд. Моисейы закъонмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ йӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый (Ром. 13:8–10). Нӕ бон у фенын, Моисейы закъон Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уымӕ йӕ разӕнгард кӕны уарзондзинад (1 Иоан. 4:8). Уыцы закъӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр, 600 закъонӕй фылдӕрӕн, сӕ бындур уыдысты дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты – Хуыцауы уарзын ӕмӕ иннӕты уарзын (Лев. 19:18; Дык. з. 6:5; Матф. 22:36–40). Уыцы закъӕттӕй алкӕцы дӕр дзурӕг уыд Йегъовӕйы уарзондзинадыл. w19.02 20, 21 фф., 1–4 абз.

Майрӕмбон, 6 мартъи

Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр (Матф. 6:21).

Иов сылгоймӕгтимӕ йӕхи, куыд ӕмбӕлд, афтӕ дардта (Иов 31:1). Уый зыдта, дӕ бинойнагӕй уӕлдай ӕндӕр сылгоймӕгтӕм уарзоны цӕстӕй кӕсай, уый раст кӕй нӕу. Абон мах цӕрӕм ӕнӕгъдаудзинадӕй йедзаг дунейы. Иовау мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй, нӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм искӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕхсайын ма райдайа. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, ӕнӕгъдау кӕнӕ хӕлд нывтӕ искуы куы фенӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азилӕм (Матф. 5:28). Алы уавӕры дӕр ахӕм хиуылхӕцындзинад куы ’вдисӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдион уӕм. Иов Йегъовӕйы коммӕ кӕй касти, уый ма бӕрӕг уыд, мулкмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй дӕр. Уый ӕмбӕрста, йӕ ныфс йӕ исбоныл куы дара, уӕд ӕй уый стыр тӕригъӕдмӕ дӕр кӕй ӕркӕндзӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййафдзӕн (Иов 31:24, 25, 28). Абон мах ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр бӕллынц хъӕздыгдзинадмӕ. Фӕлӕ нын Библи куыд фӕдзӕхсы, афтӕ ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдион уӕм (Ӕмб. 30:8, 9; Матф. 6:19, 20). w19.02 6 ф., 13, 14 абз.

Сабат, 7 мартъи

Мӕ Фыд мӕн... бауарзта ӕмӕ ӕз та сымах... бауарзтон (Иоан. 15:9).

Йесо цыфӕнды ма арӕзтаид,– йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыд, Йегъовӕйау нӕ бирӕ кӕй уарзы (1 Иоан. 4:8–10). Йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы стыр уарзондзинад равдыстой, уый фӕрцы не ’ппӕт дӕр – сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр – стӕм арфӕгонд (Иоан. 10:16; 1 Иоан. 2:2). Стӕй, Ӕрымысӕн изӕр куыд бӕрӕг кӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Йесо цы амындтӕ радта, уыдонӕй дӕр бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзы ӕмӕ сыл кӕй тыхсы. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕныны фӕдыл бирӕ цыдӕртӕ аразын кӕй нӕ бафӕдзӕхста, фӕлӕ сын хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уымӕй дӕр равдыста йӕ уарзондзинад. Уыцы сӕрст чырыстӕтты Ӕрымысӕн изӕр алы аз дӕр бӕрӕг кӕнын хъуыдаид алыхуызон уавӕрты, суанг ахӕстӕтты уӕвгӕйӕ дӕр (Рарг. 2:10). Цымӕ-иу сӕ бон баци, Йесо сын цы бафӕдзӕхста, уый сӕххӕст кӕнын? Куыннӕ! Абоны онг дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй-иу Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной. w19.01 24 ф., 13–15 абз.

Хуыцаубон, 8 мартъи

Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн (Иоан. 8:32).

Абон нӕ рӕстдзинад цы хъуыддӕгтӕй сӕрибар кӕны, уыдонмӕ хауынц мӕнг динты ахуырӕдтӕ ӕмӕ мӕнгуырнындзинӕдтӕ дӕр. Фидӕны та схайджын уыдзыстӕм, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Ром. 8:21). Дӕ бон у ныртӕккӕ дӕр уыцы сӕрибардзинад банкъарын. Уый тыххӕй та дӕ хъӕуы Чырыстийы «ныхасмӕ гӕсгӕ», ома йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ, цӕрын (Иоан. 8:31). Ӕмӕ уӕд рӕстдзинад ӕнӕуи нӕ зондзынӕ, фӕлӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрдзынӕ. Ацы дунейы адӕм хорз цард цыфӕнды ма хоной, уӕддӕр у цыбыр. Райсом цы уыдзӕн, уый ничи зоны (Иак. 4:13, 14). Уӕдӕ, «ӕцӕг цардмӕ», ома ӕнусон цардмӕ, чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуай, уый зондыл дзурӕг у (1 Тим. 6:19). Хуыцау нӕ уыцы фӕндагыл тыххӕй нӕ цӕуын кӕны. Махӕн нӕхи бон у равзарын, цӕудзыстӕм ыл ӕви нӕ. Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕн, цӕмӕй дӕ бон зӕгъын уа, Хуыцау у «мӕ хай», зӕгъгӕ (Пс. 16:5). Цы «бирӕ хорздзинӕдтӕй» дӕ хайджын кӕны, уыдонӕн аргъ кӕн (Пс. 103:5). Ӕмӕ фидарӕй зон, Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд дын уый ӕнустӕм циндзинад кӕй хӕсдзӕн (Пс. 16:11). w18.12 28 ф., 19, 21 абз.

Къуырисӕр, 9 мартъи

Лӕг... йӕ усы ма ныууадзӕд (1 Кор. 7:11).

Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй бинонты цард сӕ цӕсты кадджын уа, Йесо ӕмӕ Йегъовӕйы цӕсты куыд кадджын у, афтӕ. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын уый алы хатт нӕ фӕуайы (Ром. 7:18–23). Уӕдӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр кӕмӕндӕрты сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ кӕй уыд. Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд». Фӕлӕ-иу хатгай уӕддӕр хабар афтӕ рауад (1 Кор. 7:10). Павел нӕ загъта, ус-иу йӕ лӕгӕй цӕй тыххӕй ацыд, уый. Фӕлӕ нӕ бон у зӕгъын, уый тыххӕй-иу дзы кӕй нӕ ацыд, ӕмӕ-иу лӕгмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд усӕн бар уыдаид, цӕмӕй дзы ахицӕн уыдаид ӕмӕ ногӕй смой кодтаид. Фӕлӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, ус йӕ лӕгӕй куы ацӕуа, уӕд «мой мауал скӕнӕд, науӕд та фӕстӕмӕ йӕ лӕгимӕ бафидауӕд». Уӕдӕ-иу ахӕм уавӕры уыдон Хуыцауы цӕсты уӕддӕр нымад уыдысты лӕг ӕмӕ усыл. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бинонты царды зындзинӕдтӕ куы фӕзына, фӕлӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй куы нӕ цӕуой, уӕд-иу хъуамӕ бафидауой. Сӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын. w18.12 13 ф., 14, 15 абз.

Дыццӕг, 10 мартъи

Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад (Матф. 6:33).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йӕ хъуыддаджы нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм (Матф. 28:19, 20; Иак. 4:8). Чидӕртӕ нӕ, гӕнӕн ис, рӕдийын кӕной, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл мауал цӕуӕм, ӕмӕ афтӕ, чи зоны, сӕ хорззӕрдӕйӕ кӕной. Зӕгъӕм дын дӕ куысты хицау хуыздӕр бынатӕй ӕмӕ стырдӕр мыздӕй зӕрдӕ бавӕрдта, фӕлӕ дын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, фаг рӕстӕг мауал уа ӕмбырдтӕм цӕуынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн. Кӕнӕ, зӕгъӕм, скъоладзау дӕ ӕмӕ дын фадат фӕзынд хуыздӕр скъолайы ахуыр кӕнынӕн, фӕлӕ ис ӕндӕр горӕты ӕмӕ дӕ хъӕудзӕн дӕ ныййарджытӕй дард цӕрын. Уыцы рӕстӕг, куыд бакӕнай, уый зондзынӕ? Ахӕм уавӕры куы бахауай, уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕс, зӕгъгӕ, уӕд Хуыцаумӕ скувдзынӕн, уыцы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагурдзынӕн ӕмӕ искӕимӕ аныхас кӕндзынӕн. Уыдӕттӕ ныр хъӕуы аразын, цӕмӕй, Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарай ӕмӕ йӕ зондӕй архайын сахуыр уай. Ӕмӕ дын ахӕм фадӕттӕ искуы куы фӕзына, уӕд дын фӕлварӕн не суыдзысты. Куыд бакӕнай, уый фидарӕй зондзынӕ, уымӕн ӕмӕ ныр аскъуыддзаг кодтай, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй у. w18.11 27 ф., 18 абз.

Ӕртыццӕг, 11 мартъи

Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).

Соломон Израилы паддзах куы сси, уӕд нырма ӕрыгон уыд. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕм Йегъовӕ фыны фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ, цы дын раттон». Соломон Хуыцауӕн дзуапп радта: «Ӕз нырма сывӕллон дӕн. Ацӕуын дӕр ӕмӕ ӕрбацӕуын дӕр куыд хъӕуы, уый нӕ зонын. [...] Уӕдӕ ратт дӕ цагъарӕн коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕна» (1 Пад. 3:5–10). Соломон афтӕ кӕй загъта, ратт мын «коммӕгӕс зӕрдӕ», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, куыд бонзонгӕ уыд, уый. Уӕдӕ йӕ Йегъовӕ дзӕгъӕлы нӕ уарзта (2 Сам. 12:24). Соломоны курдиат фехъусын Йегъовӕйӕн афтӕ ӕхсызгон уыд, ӕмӕ йын радта «зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ» (1 Пад. 3:12). Соломон цалынмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд, уӕдмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй уыд хайджын. Зӕгъӕм, ахӕм кад ӕм ӕрхауд, ӕмӕ «Израилы Хуыцау Йегъовӕйы номыл» кувӕндон сарӕзта (1 Пад. 8:20). Стӕй йӕ Хуыцау цы зондӕй схайджын кодта, уый фӕрцы йӕ кой дӕрдтыл айхъуыст. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ дзырдта, уыдон фыст ӕрцыдысты Библийы ӕртӕ чиныджы. Сӕ иу у Ӕмбисӕндты чиныг. w19.01 14 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 12 мартъи

Ацы дуне мауал фӕзмут (Ром. 12:2).

Иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сын исчи зонд амона. Уыдон фӕдзурынц, мӕхиуыл сӕр ис, зӕгъгӕ. Ома сӕ уый зӕгъын фӕфӕнды, ӕмӕ уынаффӕтӕ сӕхӕдӕг хӕсдзысты ӕмӕ сын уый бар ис, цӕмӕй, сӕхи цы фӕнды, уый аразой. Нӕ сӕ фӕфӕнды, ӕмӕ сын исчи уынаффӕгӕнӕг уа кӕнӕ искӕй хуызӕн уой. Фӕлӕ, цӕмӕдӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын алыхуызон хъуыддӕгты фӕдыл нӕхи хъуыды уа кӕнӕ нӕ хъуыды ӕргом дзурӕм, уый бар нын нӕй. 2 Коринфӕгтӕм 3:17 стихы фыст ис: «Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад». Йегъовӕ нын радта ахӕм сӕрибардзинад, цӕмӕй, нӕхи цавӕр фӕнды, ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм. Уый бар нын ис, ӕмӕ, нӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый ӕвзарӕм. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон у (1 Пет. 2:16). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарыны тыххӕй нӕ хъус ӕрдарӕм, Библийы уылты нын цы дзуры, уымӕ. w18.11 19 ф., 5, 6 абз.

Майрӕмбон, 13 мартъи

Димас бауарзта ацы дуне, ӕмӕ мӕ ныууагъта (2 Тим. 4:10).

Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд бамбӕрстам, куыст ӕмӕ ӕхцайӕ бирӕ ахсджиагдӕр кӕй у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм, бирӕ ӕхца бакусынӕн нын цы фадӕттӕ уыд, уыдоныл нӕ къух сисынмӕ. Фӕлӕ, рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ, гӕнӕн ис, тӕхуды кӕнын райдайӕм, ног техникӕ, зӕгъӕм, телефон, чи балхӕны ӕмӕ хъӕздыг цард чи кӕны, уыдонмӕ. Чи зоны нӕм афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ царды хорздзинӕдтӕй цух стӕм. Цы нын ис, уый фагыл куы нал нымайӕм, уӕд, гӕнӕн ис, тырнын райдайӕм фылдӕр ӕхца бакусынмӕ, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ та нын афтӕ ахсджиаг мауал уой. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Димасы хабар. Димас «ацы дуне» бауарзта ӕмӕ, Павелимӕ иумӕ цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдоныл йӕ къух систа. Цымӕ цӕмӕн бакодта афтӕ? Чи зоны, Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй фылдӕр уарзын райдыдта мулк ӕмӕ ӕхца. Кӕнӕ та йӕ, чи зоны, нал фӕндыд Павелимӕ лӕггад кӕныны тыххӕй йӕхи истӕмӕйты цух кӕнын. Йӕ хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис? Кӕд раздӕр мах дӕр мулк ӕмӕ ӕхца уарзтам, уӕд хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уыдӕттӕм ӕхсайын ма райдайа ӕмӕ афтӕ ма рауайа, ӕмӕ рӕстдзинадӕн нал аргъ кӕнӕм. w18.11 10 ф., 9 абз.

Сабат, 14 мартъи

Нӕ, нӕ амӕлдзыстут (Райд. 3:4).

Хӕйрӕг Евӕйы кӕй асайдта, уый уыди фыдвӕнд, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Евӕ йыл куы баууӕнда ӕмӕ бӕласы дыргътӕй куы бахӕра, уӕд кӕй амӕлдзӕн. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Евӕ ӕмӕ стӕй Адам дӕр Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг мӕлӕты хай баисты (Райд. 3:6; 5:5). Уымӕй уӕлдай ма, Адам тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый аххосӕй «мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр». Библийы ма афтӕ дӕр ис фыст, зӕгъгӕ, «мӕлӕт паддзах уыд, Адам цы тӕригъӕд ракодта, ахӕм тӕригъӕд чи нӕ ракодта, суанг уыдонӕн дӕр» (Ром. 5:12, 14). Ӕппӕты райдианы Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм уыдаиккой ӕххӕст ӕмӕ ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ ныр Адамы аххосӕй уыдӕттӕй сты ӕнӕхай. Цард куыд цыбыр у, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Нӕ царды бонтӕ сты ӕвдай азы. Ӕмӕ кӕд, уӕлдай фидар чи у, уымӕн ӕстай азы сты, уӕддӕр иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон» (Пс. 90:10). Ӕмӕ адӕм ахӕм кӕуинаг уавӕры Хӕйрӕджы аххосӕй сты! Йесо Хӕйрӕджы тыххӕй загъта: «[Уый] рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй» (Иоан. 8:44). Хӕйрӕг нӕ фӕивта. Уый ныр дӕр «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Рарг. 12:9). Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ныл Хӕйрӕг сайдӕй рацӕуа. w18.10 6, 7 фф., 1–4 абз.

Хуыцаубон, 15 мартъи

Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон (Матф. 5:9).

Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл куы фӕархайӕм, уӕд вӕййӕм амондджын. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Рӕстдзинады мыггаг тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иак. 3:18). Уӕдӕ кӕд ӕмбырды кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕимӕ кӕрӕдзи не ’мбарут, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа йемӕ хӕларӕй цӕрын. Йегъовӕ дӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн хорз миниуджытӕ ӕвдисын ӕмӕ амондджындӕр уыдзынӕ. Иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл архайын ахсджиаг кӕй у, уый Чырысти афтӕ бамбарын кодта: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матф. 5:23, 24). w18.09 21 ф., 17 абз.

Къуырисӕр, 16 мартъи

Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).

Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыд, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу-30 хатты скодта уарзондзинады кой. Йесо сын бафӕдзӕхста, «уӕ кӕрӕдзийы уарзут», зӕгъгӕ (Иоан. 15:12, 17). Сӕ уарзондзинадӕй иннӕтӕ хъуамӕ базыдтаиккой, йе ’цӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты (Иоан. 13:35). Йесо цы уарзондзинады кой кодта, уый ӕнӕуи зӕрдӕйы ӕнкъарӕн нӕу. Уый у удуӕлдай уарзт, хъуыддагӕй чи вӕййы бӕрӕг, ахӕм. Йесо загъта: «Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта. Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоан. 15:13, 14). Йегъовӕйы адӕмы иннӕтӕ зонынц, кӕрӕдзийы ӕцӕг, удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ иудзинады тӕгтӕй баст кӕй сты, уымӕй (1 Иоан. 3:10, 11). Кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц ӕмӕ алыхуызон бинонты ’хсӕн схъомыл сты, уӕддӕр ӕгас зӕххыл дӕр се ’хсӕн ис, Чырысти цы уарзондзинад ӕвдыста, ахӕм уарзондзинад. w18.09 12 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 17 мартъи

Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад (1 Тим. 5:8).

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ бинонтыл тыхсой. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты хъӕуы кусын, цӕмӕй сӕ бинонты фӕдарой. Мадӕлтӕй бирӕты фӕхъӕуы хӕдзары бадын, цӕмӕй сӕ гыццыл сывӕллӕттӕм кӕсой. Кӕмӕндӕрты та сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕ кӕсинаг сты, ӕмӕ сын ӕдзух ӕххуыс кӕнын фӕхъӕуы. Уыцы хъуыддӕгтӕн ӕнӕаразгӕ нӕй. Кӕд дӕуыл дӕр ахӕм хӕстӕ ис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ бон нӕ вӕййы Хуыцауы хъуыддӕгтӕн, дӕхи цас фӕндид, уыйбӕрц рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Фӕлӕ дӕ къухтӕ ма ’руадз! Дӕ бинонтыл кӕй тыхсыс, уый тыххӕй дӕ Йегъовӕ тынг райгонд у (1 Кор. 10:31). Кӕд дӕхи бинонтӕй кӕсинаг ничи у, уӕд дӕ бон нӕ уаид рынчын кӕнӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн йе та, ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕсинаг чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын? Кӕнӕ та дӕ бон нӕ уаид, ацӕргӕ хион кӕсинаг кӕмӕн ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм истӕмӕй фӕкӕсын? Ахъуыды кӕн, мыййаг, де ’мбырды ахӕм ӕххуыс никӕй хъӕуы (1 Кор. 10:24). w18.08 24 ф., 3, 5 абз.

Ӕртыццӕг, 18 мартъи

Хуыцау уыд йемӕ ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта йе ’ппӕт фыдӕвзарӕнтӕй дӕр (Хъуыд. 7:9, 10).

Ӕркӕсӕм Иосифы хабармӕ. Иаков ӕй хъулон уарзт кӕй кодта, уый тыххӕй йӕм йе ’фсымӕртӕ тынг хӕлӕг кодтой, ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Уӕд ыл цыд 17 азы (Райд. 37:2–4, 23–28). Иосиф 13 азы дӕргъы Египеты фыдцард кодта: фыццаг уыд цагъар, фӕстӕдӕр та йӕ ахӕстоны баппӕрстой. Стӕй йӕ фыдӕй дард кӕй уыд, уый дӕр ын зын куыннӕ уыдаид. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын ма райдыдтаид? Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд йӕ хъуыдытӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты, Йегъовӕ йын куыд ӕххуыс кодта, ууыл (Райд. 39:21; Пс. 105:17–19). Стӕй ма, ӕрыгондӕр куы уыд, уӕд ын Хуыцау фидӕны хабӕртты тыххӕй цы фынтӕ фенын кодта, уыдон дӕр дзы ныфс куыннӕ уагътаиккой, Йегъовӕ йын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Райд. 37:5–11). Ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дӕр, чи зоны, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ радзырдта (Пс. 145:18). Йегъовӕ-иу Иосифӕн йӕ куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Ӕмӕ-иу дзы уӕд ныфс бацыд, Хуыцау цыфӕнды зындзинӕдты дӕр йемӕ кӕй уыдзӕн. w18.10 28 ф., 3, 4 абз.

Цыппӕрӕм, 19 мартъи

Мӕгуыры йӕ хион дӕр нӕ уарзы, хъӕздыгӕн та бирӕ ӕмбӕлттӕ вӕййы (Ӕмб. 14:20).

Адӕймагмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл, чи зоны, фӕзына, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй у, уый. Иннӕтӕм цы зӕрдӕ дарӕм, ууыл, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уый куыд фӕзыны? Хуыцауы фӕндӕй Соломон, ӕнӕххӕст адӕймаг цы зондыл хӕст вӕййы, уый тыххӕй ныффыста, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, хъӕздыг чи у, ӕрмӕст ахӕм ӕфсымӕртимӕ лымӕн кӕнӕм, мӕгуыр чи у, уыцы ӕфсымӕртӕй та нӕхи дард ласӕм. Иннӕтӕн, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын тӕссаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ, гӕнӕн ис, мах аххосӕй ӕмбырд дихтӕ кӕнын райдайа. Ахӕм уавӕры уыдысты фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕй дӕр иуӕй-иутӕ, ӕмӕ ахуыргӕнинаг Иаков чырыстӕтты уыцы хъуыддагӕй бафӕдзӕхста (Иак. 2:1–4). Уӕдӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй не ’мбырдты ахӕм зондахастӕн йӕ кой дӕр ма уа ӕмӕ иннӕтӕн, цы сӕм ис ӕмӕ сӕм цы нӕй, уымӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм. w18.08 10 ф., 8–10 абз.

Майрӕмбон, 20 мартъи

Кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза (1 Пет. 4:8).

Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, не ’мчырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй дӕр. Уыдон дӕр махау Йегъовӕйы сты. Ӕмӕ нӕ уый рох куы нӕ уа, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм алкӕддӕр уыдзыстӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сӕ уарздзыстӕм (1 Фес. 5:15). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Малахийы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ «лӕмбынӕг фӕхъусы», йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕ (Мал. 3:16). Дзырд дӕр ыл нӕй, «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты» (2 Тим. 2:19). Цыфӕнды ма дзурӕм ӕмӕ цыфӕнды ма аразӕм, Хуыцау алцыдӕр зоны (Дзут. 4:13). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм хӕларзӕрдӕ куы нӕ вӕййӕм, уӕд уый Йегъовӕ фӕуыны. Ӕмӕ сӕм уазӕгуарзондзинад, рӕдаудзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад куы равдисӕм ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ уый дӕр фӕуыны (Дзут. 13:16). w18.07 26 ф., 15, 17 абз.

Сабат, 21 мартъи

Хъуамӕ [Йегъовӕйыл]... уай ӕнувыд (Дык. з. 10:20).

Уымӕй растдӕр ницы у, ӕмӕ Йегъовӕимӕ алкӕддӕр ӕнгом уӕм. Нӕ Хуыцауӕй хъомысджындӕр ӕмӕ зондджындӕр ничи у ӕмӕ нӕ уый хуызӕн ничи уарзы! Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ алкӕддӕр йӕ фарс лӕууӕм (Пс. 96:4–6). Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ цавӕрдӕр уавӕрты иузӕрдион нӕ разындысты. Ӕркӕсӕм Каины хабармӕ. Каин Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр никӕмӕн куывта, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадӕй райгонд нӕ уыд. Цымӕ цӕуылнӕ? Йегъовӕ уыдта, Каины зӕрдӕйы ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзынд (1 Иоан. 3:12). Ӕмӕ йын загъта: «Хорздзинад аразын куы райдайай, уӕд дӕ не сбӕрзонд кӕндзынӕн? Фӕлӕ хорздзинад аразын куы нӕ райдайай, уӕд тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст дӕ къӕсӕрыл ӕмӕ дӕ ӕрцахсынмӕ хъавы. Фӕлӕ йыл ды фӕуӕлахиз уыдзынӕ?» (Райд. 4:6, 7). Ӕндӕр ныхасӕй йын Йегъовӕ загъта: «Куы ’рфӕсмон кӕнай ӕмӕ мӕ фарс фидарӕй куы слӕууай, уӕд ӕз дӕр уыдзынӕн дӕ фарс». Фӕлӕ Каин Йегъовӕйы уынаффӕ ницӕмӕ ӕрдардта. w18.07 17 ф., 1, 3 абз.; 18 ф., 4 абз.

Хуыцаубон, 22 мартъи

Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ (Матф. 5:16).

Цӕмӕй адӕммӕ нӕ рухс кӕла, уый тыххӕй хъуамӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:19, 20). Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм нӕ хорз уагахастӕй дӕр. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нӕ адӕм фӕуынынц. Ӕмӕ-иу сӕм нӕ мидбылты куы бахудӕм ӕмӕ-иу сын хӕларзӕрдӕйӕ салам куы раттӕм, уӕд-иу махмӕ дӕр ӕмӕ, цы Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, уымӕ дӕр хуыздӕр цӕстӕй ракӕсдзысты. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хӕдзармӕ бацӕугӕйӕ та-иу хӕдзаронтӕн арфӕ ракӕнут, фарн ацы хӕдзары, зӕгъгӕ» (Матф. 10:12). Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ кӕм хъусын кодтой, уым ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу сӕм ӕнӕзонгӕ адӕймаг дӕр куы ’рбацыд, уӕд дӕр-иу ӕй мидӕмӕ бахуыдтой. Фӕлӕ абон бирӕ бӕстӕты ахӕм ӕгъдау нӕй. Бирӕтӕ, сӕ къӕсӕрыл ӕнӕзонгӕ адӕймаджы куы фенынц, уӕд стыхсынц кӕнӕ та мӕсты дӕр равӕййынц. Фӕлӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд-иу афтӕ нал стыхсдзысты ӕмӕ-иу сӕ маст дӕр атайдзӕн. Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты чи фӕхъусын кӕны, уыдон дӕр бафиппайдтой, сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуы, уыдонмӕ сӕ мидбылты куы бахудынц ӕмӕ сын салам куы раттынц, уӕд уыцы адӕмӕн ӕнцондӕр кӕй вӕййы стендмӕ бацӕуын ӕмӕ исты публикаци райсын. w18.06 22 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 23 мартъи

Хуыцау... никӕй хъулон кӕны (Хъуыд. 10:34).

Апостол Петрӕн иумӕйаг хъуыддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтимӕ уыд. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 36 азы Хуыцау бамбарын кодта, чырыстӕттӕн искӕй хъулон кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ӕмӕ уӕд Петр ромаг ӕфсӕддон Корнилийӕн хорз хабар радзырдта (Хъуыд. 10:28, 35). Уый фӕстӕ-иу Петр, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвыста ӕмӕ-иу семӕ иу фынгыл дӕр бадт. Фӕлӕ цалдӕр азы фӕстӕ Петр горӕт Антиохийы куы уыд, уӕд, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕттимӕ иу фынгыл нал бадт (Гал. 2:11–14). Павел Петрӕн уый тыххӕй карзӕй бауайдзӕф кодта, ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Петр йӕ зондахаст фӕивта. Уый цӕмӕй бӕрӕг у? Петр йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста Къаннӕг Азийы цӕрӕг чырыстӕттӕм – дзуттӕгтӕм дӕр ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонмӕ дӕр – ӕмӕ сӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзой (1 Пет. 1:1; 2:17). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, апостолтӕ Йесойӕ кӕй сахуыр сты «алыхуызон адӕмы» уарзын (Иоан. 12:32; 1 Тим. 4:10). Кӕд сӕ уымӕн цасдӕр рӕстӕг бахъуыд, уӕддӕр ӕппынфӕстаг сӕ зондахаст фӕивтой. Уыцы чырыстӕттӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй раивтой, уый фӕрцы сахуыр сты адӕммӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсын, ӕмӕ никӕйуал хъулон кодтой (Кол. 3:10, 11). w18.06 11 ф., 15, 16 абз.

Дыццӕг, 24 мартъи

Фидар лӕуут... уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстдзинады згъӕрхӕдон (Еф. 6:14).

Фыццаг ӕнусы ромаг ӕфсӕддонтӕ цы згъӕрхӕдӕттӕ дардтой, уыдонӕй иутӕ уыдысты тъӕпӕн ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕй конд. Ахӕм згъӕрхӕдонмӕ ӕфсӕддоны ӕдзухдӕр хъуыди йӕ хъус дарын, ӕфсӕйнаг гӕбӕзтӕ кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты ӕви нӕ, уымӕ, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ иннӕ хуылфыдзаумӕттӕ хъахъхъӕдтаид. Абон махӕн та нӕ «зӕрдӕ» згъӕрхӕдонау хъахъхъӕнынц Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ (Ӕмб. 4:23). Ӕфсӕддон йе ’фсӕйнаг згъӕрхӕдон, лӕмӕгъдӕр згъӕрӕй конд чи у, ахӕмыл никуы баивтаид. Раст афтӕ мах дӕр Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ никуы баивдзыстӕм, нӕхимӕ раст цы кӕсы, ууыл, уымӕн ӕмӕ нӕхи зондӕй нӕ зӕрдӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бахъахъхъӕндзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕдӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус дарӕм, Йегъовӕ нын цы «згъӕрхӕдон» радта, уый нын нӕ зӕрдӕ хорз ӕмбӕрзы ӕви нӕ, уымӕ. Рӕстдзинад цас фылдӕр уарзӕм, уыйас нын ӕнцондӕр уыдзӕн «згъӕрхӕдон» дарын, ома Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Пс. 111:7, 8; 1 Иоан. 5:3). w18.05 28 ф., 3, 4, 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 25 мартъи

Адӕм хыл кодтой Моисеимӕ (Ным. 20:3).

Израилӕгтӕ хъуыр-хъуыр кодтой, кӕд ӕмӕ сын Моисей бирӕ азты дӕргъы разамынд лӕвӕрдта ӕмӕ сын удуӕлдайӕ ӕххуыс кодта, уӕддӕр. Дон сӕм кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй Моисеймӕ смӕсты сты, раст цыма уый аххосӕй уыдысты дойны, уыйау (Ным. 20:1–5, 9–11). Моисей сӕм мӕстӕй рафыхт. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Моисей хъуамӕ къӕдзӕхӕн загътаид, цӕмӕй дон ратта. Фӕлӕ уый бӕсты адӕммӕ мӕстыйӕ сдзырдта ӕмӕ загъта, йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕн диссаг. Стӕй къӕдзӕх дыууӕ хатты ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон рагуылф кодта. Сӕрбӕрзонддзинадӕн йӕ зӕрдӕйы бынат кӕй радта ӕмӕ кӕй рамӕсты, уый тыххӕй стыр рӕдыд ӕруагъта (Пс. 106:32, 33). Уыцы уавӕры Моисей сӕрныллӕгдзинад нӕ равдыста, ӕмӕ уый тыххӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны фадатӕй ӕнӕхай фӕци (Ным. 20:12). Ацы хабарӕй ахуыр кӕнӕм дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Фыццаг: хъуамӕ ӕдзухдӕр сӕрныллӕгдзинадыл кусӕм, науӕд ныл сӕрбӕрзонддзинад фӕтых уыдзӕн, ӕмӕ ӕнӕзонд ныхӕстӕ ӕмӕ митӕ кӕнын райдайдзыстӕм. Дыккаг: тыхст уавӕры адӕймагӕн сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын ӕнцон нӕ вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ суанг ахӕм уавӕры дӕр архайӕм, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. w19.02 12, 13 фф., 19–21 абз.

Цыппӕрӕм, 26 мартъи

Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14).

Цымӕ Йесойы фӕдзӕхст кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый уаргъыл нымайӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йесо сӕнӕфсирбӕласы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд йӕ цинӕй хайджын кӕй уыдзыстӕм (Иоан. 15:11). Цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд ис? Йесо йӕхи абарста сӕнӕфсирбӕласимӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгты та – къалиутимӕ (Иоан. 15:5). Къалиутӕм дон ӕмӕ алыхуызон пайдайаг буаргъӕдтӕ фӕхӕццӕ кӕнынц, сӕнӕфсирбӕласы хъӕдыл куы вӕййынц, ӕрмӕстдӕр уӕд. Раст афтӕ мах дӕр, Йесойау цинӕй хайджын уыдзыстӕм, йемӕ иудзинады куы уӕм ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл куы цӕуӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (Иоан. 4:34; 17:13; 1 Пет. 2:21). 40 азӕй фылдӕр пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Ханне, загъта: «Уацамынды фӕстӕ алы хатт дӕр афтӕ фӕцин кӕнын, ӕмӕ мӕ ноджы тынгдӕр фӕфӕнды дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын». Ӕцӕгдӕр, нӕ зӕрдӕты циндзинад кӕй ис, уый нын хъарутӕ дӕтты дарддӕр хъусын кӕнынӕн, бирӕтӕ нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр (Матф. 5:10–12). w18.05 17 ф., 2 абз.; 20 ф., 14 абз.

Майрӕмбон, 27 мартъи

Ӕз... ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн... ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй базонынӕн (1 Тим. 2:7).

Апостолтӕй се ’мчырыстӕтты ныфс фидар кӕныныл Павел цас архайдта, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, ничи. Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕй хъусын кӕнынмӕ арвыста, бирӕ хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонмӕ, зӕгъӕм, грекъӕгтӕм, ромӕгтӕм ӕмӕ ӕндӕр ахӕм адӕмтӕм (Гал. 2:7–9). Павел йӕ уацамындон балцыты рӕстӕг хъусын кодта, ныртӕккӕ Турци кӕм ис, уыцы рӕтты, стӕй Греци ӕмӕ Италийы дӕр. Павелы фӕрцы уымыты фӕзынд чырыстон ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ, чырыстон дин чи райста, уыдонӕн сӕ цард ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕхи адӕмы къухӕй ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ хъуыди сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын (1 Фес. 2:14). Н. э. 50 азмӕ ӕввахс Павел, Фессалоникӕйы ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдмӕ ныффыста: «Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм уе ’ппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ... ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинадӕй чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ, уӕ уарзондзинад уӕ кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы фыдӕбон ӕмӕ... куыд фидар стут, уый» (1 Фес. 1:2, 3). Стӕй ма уыцы ӕмбырды чырыстӕтты баразӕнгард кодта: «Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11). w18.04 18, 19 фф., 16, 17 абз.

Сабат, 28 мартъи

Раздӕр [уал] хъуамӕ хорз хабар... хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10).

Ӕрыгӕттӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын куы уа, уӕд сӕ фӕнддзӕн иннӕтӕн дӕр Хуыцауы тыххӕй дзурын. Уыцы хъуыддаг ӕвӕстиатӕй кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ уый хъуамӕ уа нӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Уӕ бон нӕ уаид уӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайат? Уӕ бон нӕ уаид пионертӕй лӕггад кӕнын райдайын? Ӕмӕ кӕд хъусын кӕнын уӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уӕд уын цы баххуыс кӕндзӕн? Уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнат? Баххуыс уын кӕндзысты дыууӕ хъуыддаджы: уӕхи хорз цӕттӕ кӕнут ӕмӕ-иу уӕ разы исты цӕлхдур куы фӕзына, уӕддӕр-иу уӕ къухтӕ ма ’руадзут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд ма дис дӕр бакӕндзыстут, хъусын кӕныны хъуыддаг цас циндзинад хӕссы, ууыл. Зӕгъӕм, уӕ бон у, уе ’мкъласӕгтӕм арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕй искӕцыйӕн дзуапп бацӕттӕ кӕнын. Уыцы хъуыддаджы уын баххуыс кӕндзӕн чиныг «Ответы на твои вопросы» (2-аг том). Зӕгъӕм, 36 сӕры дзы дзырд цӕуы, Хуыцау дӕ цӕмӕн уырны, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнӕн куыд ис, ууыл. Ацы сӕр-иу бакӕсут ӕмӕ-иу ахъуыды кӕнут, цавӕр дзуапп раттӕн ис ахӕм фарстайӕн: «Хуыцау дӕ цӕмӕн уырны?» w18.04 27 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 29 мартъи

Цот уадзут, сбирӕ ут (Райд. 1:28).

Кӕд Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы сӕрибардзинадӕй схайджын кодта, уӕддӕр уыцы сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыди цавӕрдӕр закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Уыцы закъӕттӕй сын иуӕй-иутӕ Хуыцау сӕ мидӕг бавӕрдта. Зӕгъӕм, афтӕ сӕ скодта, ӕмӕ, цӕмӕй цардаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди улӕфын, хӕрын, фынӕй кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕнын. Уый тыххӕй сӕм, мыййаг, афтӕ каст, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ бартӕ ссӕндгӕ кӕны? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Йегъовӕ сӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сын уыцы хъуыддӕгтӕ ӕхсызгондзинад ӕмӕ циндзинад хастаиккой (Пс. 104:14, 15; Еккл. 3:12, 13). Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй цот уагътаиккой, зӕхх байдзаг кодтаиккой ӕмӕ йӕм зылдаиккой. Ахӕм фӕдзӕхст сын кӕй радта, уымӕй сын, мыййаг, сӕ бартӕ ссӕста? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Афтӕмӕй адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй се Сфӕлдисӕджы фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн баххуыс кодтаиккой, ома цӕмӕй зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суыдаид ӕмӕ йыл ӕххӕст адӕм ӕнустӕм цардаиккой (Пс. 127:3; Ис. 45:18). Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты куы нӕ ахызтаиккой, уӕд ӕнустӕм цардаиккой ӕмӕ сӕ бинонты цардӕй райгонд уыдаиккой. w18.04 4, 5 фф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 30 мартъи

Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ (Хъуыд. 13:48).

Кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонимӕ фӕразон куы уӕм, уӕд уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, ӕмӕ, Библийы рӕстдзинад куыддӕр фехъусой, афтӕ йӕ бамбардзысты ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты. Зӕгъӕм, нӕ бон куыд у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, адӕм зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уыцы ахуырад бамбарынӕн? Бирӕтӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, зӕгъгӕ, мӕлӕт адӕймаджы цардӕн кӕрон скӕны ӕмӕ йын ницыуал ныфс вӕййы кӕнӕ мӕлӕты фӕстӕ хорз адӕм уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Ӕркӕсӕм, иу ӕфсымӕр цы хорз мадзалӕй фӕпайда кӕны, уымӕ. Кӕимӕ фӕныхас кӕны, уыдонӕн уал фыццаг бакӕсы Райдианы 1:28 стих ӕмӕ сӕ стӕй бафӕрсы: «Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕм кӕм ӕмӕ цавӕр уавӕрты хъуамӕ цардаиккой?» Адӕм арӕхдӕр фӕзӕгъынц: «Зӕххыл, хорз уавӕрты». Уый фӕстӕ сын бакӕсы Исайы 55:11 стих ӕмӕ сӕ бафӕрсы: «Хуыцау йӕ фӕнд фӕивта?» Арӕхдӕр адӕм фӕзӕгъынц, нӕ, зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ сын ӕфсымӕр бакӕсы 37-ӕм псаломӕй 10-ӕм ӕмӕ 11-ӕм стихтӕ. Ацы стихты фӕрцы ӕфсымӕр кӕмӕндӕрты баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, Хуыцауы фӕнд ныр дӕр кӕй у, адӕм зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрой, уый. w19.03 24 ф., 14, 15 абз.; 25 ф., 19 абз.

Дыццӕг, 31 мартъи

Хъусут ӕм (Матф. 17:5).

Йегъовӕ бӕлвырд бамбарын кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ Фырт цы дзуры, уымӕ хъусӕм. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, хорз хабар куыд хъуамӕ хъусын кӕной, уый, стӕй сӕ цалдӕр хатты бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уой (Матф. 24:42; 28:19, 20). Йесо ма сӕ ноджыдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ тых, сӕ бонӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл архайдтаиккой ӕмӕ сӕ къухтӕ макуы ӕруагътаиккой (Лук. 13:24). Се ’ргом-иу сын раздӕхта, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, се ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уымӕ (Иоан. 15:10, 12, 13). Уыцы уынаффӕтӕ абон махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты. Йесо загъта: «Рӕстдзинады фарс чи у, уый мӕм хъусы» (Иоан. 18:37). Йесомӕ кӕй хъусӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн хъуамӕ «зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм» (Кол. 3:13; Лук. 17:3, 4). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, «ӕнцон куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр» (2 Тим. 4:2). w19.03 10 ф., 9, 10 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын