Апрель
Ӕртыццӕг, 1 апрель
Йесо... [Петрӕн] загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан!.. Дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матф. 16:23).
Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕви ацы дунейы зондыл цӕуӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах архайӕм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Фӕлӕ цымӕ нӕ зондахастӕй та цы ис зӕгъӕн? Алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм? Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр уай, ууыл фыдӕбон кӕнын хъӕуы. Ацы дунейы зондыл та ӕнцонтӕй ис ацӕуӕн, уымӕн ӕмӕ «нӕ алыварс уӕлдӕфау... ахъардта» (Еф. 2:2). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ацы дунейы адӕм арӕх ахӕм зондыл фӕаразынц, цӕмӕй нӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрӕм, ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, уый хорз кӕсын райдайа. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын ӕнцон нӕу, ацы дунейы адӕмы хуызӕн хъуыды кӕнын райдайай, уый та ӕнцон у. Ацы дунейы зондыл цӕуын куы райдайӕм, уӕд, гӕнӕн ис, хиуарзон суӕм ӕмӕ нӕхи бафӕнда скъуыддзаг кӕнын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Мар. 7:21, 22). Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы зондӕй архайӕм, адӕмы зондӕй нӕ, фӕлӕ. w18.11 18 ф., 1 абз.; 19 ф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 2 апрель
Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт (Матф. 3:17).
Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕртӕ хатты куы ’рдзырдта ӕмӕ Йесойӕн тынг кӕй аргъ кӕны, уый куы равдыста, уӕд ын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид! Йесо Иорданы цӕугӕдоны аргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕ Аргъауӕг Иоанны йеддӕмӕ ничи фехъуыста. Цасдӕры фӕстӕ, Йесойы мӕлӕтӕй иу-афӕдз раздӕр, йӕ апостолтӕй ӕртӕйӕ фехъуыстой, Йегъовӕ Йесойы тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм» (Матф. 17:5). Ӕмӕ ма ноджыдӕр иу хатт, Йесойы мӕлӕтӕй цалдӕр боны раздӕр, Йегъовӕ йӕ Фыртмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта (Иоан. 12:28). Йесо зыдта, адӕм ӕй Хуыцауы фауӕг кӕй рахондзысты ӕмӕ стӕй худинаджы мӕлӕтӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕмӕ куывта, зӕгъгӕ, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Матф. 26:39, 42). Йесо «худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста», уымӕн ӕмӕ дунейы хорзӕх нӕ агуырдта, фӕлӕ йӕ Фыды хорзӕх (Дзут. 12:2). w18.07 10, 11 фф., 15, 16 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Марчы 14:3–9
Майрӕмбон, 3 апрель
Мӕ Фыд, кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус ма бануазын кӕн (Лук. 22:42).
Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уый фӕстӕ равдыста стыр хъӕбатырдзинад. Уый ӕмбӕрста, йӕ Фыды фӕндонмӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ бакодтаид, уый ӕмӕ уымӕ цӕттӕ уыд, кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, Хуыцауы фауӕг ӕй кӕй рахондзысты ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕджы мардӕй кӕй амардзысты, уӕддӕр (Матф. 26:65, 66). Йесо иузӕрдионӕй баззад, цӕмӕй Йегъовӕйы ном скадджын кодтаид, Дун-дунейы Хицауыл ӕй кӕй нымайы, уый равдыстаид ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн ӕнусон цардмӕ фӕндаг байгом кодтаид. Афтӕмӕй Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бацӕттӕ кодта, разӕй сӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ. Йесойы хъӕбатырдзинад ма уымӕй дӕр рабӕрӕг, ӕмӕ, йӕхи цы тыхсын кодта, ууыл не сси, фӕлӕ йӕ хъуыдытӕ уыдысты йӕ иузӕрдион апостолтыл. Зӕгъӕм, Иудӕйы куы арвыста, уӕд Ӕрымысӕн изӕры фӕдыл цы хуымӕтӕг амындтӕ радта, уыдоны фӕрцы йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууыдаиккой, йӕ туг кӕй ныккалдта, уый цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдон ӕмӕ, семӕ цы ног бадзырд арӕзт ӕрцыд, уый (1 Кор. 10:16, 17). w19.01 22 ф., 7, 8 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 11:1–11
Сабат, 4 апрель
Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном (Иоан. 12:28).
Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕм йӕ Фыд уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн». Йесо афтӕ уымӕн тыхсти, ӕмӕ йыл уыди стыр хӕс – хъуамӕ Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаид. Уый зыдта, ехсӕй йӕ кӕй фӕнӕмдзысты ӕмӕ йӕ фыдмард кӕй акӕндзысты (Матф. 26:38). Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд йӕ Фыды ном скадджын кӕнын. Ӕмӕ йӕ Хуыцауы фауӕг куы рахуыдтой, уӕд мӕты бафтыд, йӕ мӕлӕтӕй йӕ Фыды ном кӕй фӕхудинаг уыдзӕн, уый тыххӕй. Мах дӕр хатгай Чырыстийау ӕнаххосӕй ӕфхӕрд феййафӕм. Кӕнӕ та нӕ не знӕгтӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Ӕмӕ мах дӕр, чи зоны, мӕт кӕнӕм, мыййаг, уый тыххӕй Йегъовӕйы ном куы фӕхудинаг уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын ахӕм уавӕрты Йегъовӕйы ныхӕстӕ, мӕ ном скадджын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уыдзысты стыр ныфсы хос. Йегъовӕ йӕ ном ӕнӕмӕнгдӕр скадджын кӕндзӕн (Пс. 94:22, 23; Ис. 65:17). w19.03 11, 12 фф., 14, 16 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 11:12–19
Хуыцаубон, 5 апрель
Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта... бирӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн, стӕй йӕ кӕй амардзысты (Матф. 16:21).
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ хъустыл нӕ баууӕндыдысты. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Йесо Израилы паддзахад йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн, фӕлӕ сын ныр дзуры, тагъд хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ стӕй кӕй амардзысты. Уӕд ын апостол Петр афтӕ бакодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан! Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матф. 16:22, 23; Хъуыд. 1:6). Уыцы ныхӕстӕй Йесо равдыста, Хуыцауы зонд куыд тынг хицӕн кӕны Хӕйрӕджы дунейы зондӕй (1 Иоан. 5:19). Петр Йесойы цӕуын кодта, ацы дунейы адӕмӕй бирӕтӕ цы зондыл хӕст сты, ууыл. Йесо Петрӕн цы загъта, уымӕй равдыста, йӕхи ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ кӕнын кӕй нӕ бауадздзӕн, фӕлӕ Йегъовӕйы зондӕй кӕй архайдзӕн. w18.11 18 ф., 1, 2 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 11:20–12:27, 41–44
Къуырисӕр, 6 апрель
Хъусын кӕнут нӕ Хицауы мӕлӕты тыххӕй, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ (1 Кор. 11:26).
Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр милуангай адӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд Йегъовӕ, цас сты, уымӕ нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ сӕ алкӕмӕ дӕр хицӕнӕй йӕ хъус фӕдары. Уый фӕуыны, афӕдзӕй-афӕдзмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ куыд бацархайынц, цӕмӕй-иу уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацӕуой. Чидӕртӕ сӕ кӕд карз ӕфхӕрд ӕййафынц, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц. Иуӕй-иутӕ та кӕд не ’мбырдтӕм ӕдзух нӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуын тынг ахсджиагыл нымайынц. Йегъовӕ фӕуыны, фыццаг хатт чи ’рбацӕуы, уыдоны дӕр, ӕмӕ се ’хсӕн вӕййы, ӕнӕуи чи сцымыдис вӕййы, ахӕмтӕ дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, Ӕрымысӕн изӕрмӕ уыйбӕрц адӕм кӕй ӕрбацӕуы, уый (Лук. 22:19). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн ахсджиагдӕр вӕййы, уырдӕм ӕрбацӕуынмӕ сӕ цы баразӕнгард кӕны, уый. Фӕнды нӕ, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци ахуыр кӕной? (Ис. 30:20; Иоан. 6:45). w19.01 26 ф., 1–3 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 14:1, 2, 10, 11; Матфейы 26:1–5, 14–16
Ӕрымысӕн изӕр
хурныгуылды фӕстӕ
Дыццӕг, 7 апрель
Чырысти нӕ сӕрвӕлтау... амард (Ром. 5:8).
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уымӕй уӕлдай ма алы бон дӕр сӕ хорзыл тыхсти. Уый фылдӕр уыдоныл хъуыды кодта, йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Зӕгъӕм-иу фӕллад кӕнӕ тынг тыхст куы уыди, уӕд дӕр-иу сын йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта (Лук. 22:39–46). Йесо, иннӕтӕ йын хорзы кӕй цӕудзысты, уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, фӕлӕ-иу сын йӕхӕдӕг балӕггад кодта (Матф. 20:28). Мах стӕм ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр стӕм иу бинонтау, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ дӕр ӕрбаиу уой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнӕм, цӕмӕй адӕмы не ’мбырдтӕм хонӕм. Фӕлӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр та ӕххуыс кӕнын фӕнды, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй ӕмбырдтӕм кӕнӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыдонӕн (Гал. 6:10). Кӕй сӕ уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуой, уӕлдайдӕр та цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуой. Ӕмӕ ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхынц, уӕд мах дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесойау тынг фӕцин кӕнӕм (Матф. 18:14). w19.01 29 ф., 12, 14 абз.; 30 ф., 15 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 14:12–16; Матфейы 26:17–19 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Марчы 14:17–72
Ӕртыццӕг, 8 апрель
Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар. ...Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – «бадзырды туг» (Матф. 26:26–28).
Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд спайда кодта, Куадзӕн бӕрӕг кӕнгӕйӕ сӕм цы дзул ӕмӕ сырх сӕн уыд, уыдонӕй ӕмӕ йӕ апостолтӕн загъта, дзул кӕй амоны йӕ ӕнӕтӕригъӕд буармӕ, сӕн та – йӕ тугмӕ. Йесо тагъд йӕ апостолты тыххӕй хъуамӕ йӕ буар радтаид ӕмӕ йӕ туг ныккалдтаид. Апостолтӕм, чи зоны, диссаг нӕ фӕкаст, уыцы ахсджиаг хабар бӕрӕг кӕнынӕн ӕндӕр кӕй ницы хъӕудзӕн, уый. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕй цалдӕр мӕйы размӕ Йесо уазӕгуаты уыд йе ’ввахс ӕмбӕлттӕм – Лазӕр, Марфӕ ӕмӕ Марийӕмӕ – ӕмӕ сын рӕстдзинады тыххӕй цыдӕртӕ амонын райдыдта. Фӕлӕ Марфӕ хӕринаг кӕныныл сси, цӕмӕй йӕ кадджын уазӕджы раз стыр фынг ӕрӕвӕрдтаид. Йесо уый бафиппайдта, ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй уынаффӕ радта, цӕмӕй бамбӕрстаид, алы хатт ахӕм фынгтӕ ӕвӕрын ӕнӕмӕнг кӕй нӕу (Лук. 10:40–42). Ӕмӕ фӕстӕдӕр, йӕ мӕлӕтмӕ ма цалдӕр сахаты куы хъуыд, уӕд, Йесо йӕхӕдӕг бакодта, Марфӕйӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ – Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд фынгыл бирӕ ницы уыд. w19.01 20, 21 фф., 3, 4 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 15:1–47
Цыппӕрӕм, 9 апрель
Мӕ Фыд, скадджын [мӕ] кӕн, ратт мын уый бар, цӕмӕй... мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа (Иоан. 17:5).
Йегъовӕ, Йесо ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ йын скад кодта – куы йӕ райгас кодта, уӕд ӕй уӕлӕрвты «ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта» ӕмӕ йӕ схайджын кодта ӕнӕмӕлгӕ цардӕй. Ахӕм цардӕй та Хуыцау уӕдмӕ никуы никӕй схайджын кодта! (Фил. 2:9; 1 Тим. 6:16). Йегъовӕ Йесойӕн йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй ӕцӕгдӕр диссаджы кад скодта! Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы хорзӕх ма агурӕм? Хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн йӕ хорзӕхӕй алкӕддӕр кӕй фӕхай кӕны ӕмӕ сӕ арӕх, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййынц, афтӕ кӕй схорзӕхджын кӕны. Фидӕны нын Йегъовӕ куыд раарфӕ кӕндзӕн, уый ныр нӕ бон кӕронмӕ бамбарын дӕр нӕу. Фӕлӕ уал абон, ацы фыддунейы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдонимӕ тох кӕнгӕйӕ, хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, ацы дуне кӕй аивгъуыйдзӕн (1 Иоан. 2:17). Фӕлӕ нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ «мӕнгард нӕу», ӕмӕ нын нӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстам, уый никуы ферох кӕндзӕн (Дзут. 6:10). w18.07 11 ф., 17, 18 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Марчы 16:1
Майрӕмбон, 10 апрель
Курын [дӕ]... цӕмӕй се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой (Иоан. 17:20, 21).
Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт ӕхсӕвӕр куы хордта, уӕд йӕ мӕт ӕмӕ йӕ сагъӕс уыд иудзинадыл. Ӕмӕ йӕ апостолты раз йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы скуывта, уӕд дзы ракуырдта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕмвӕндӕй архайой ӕмӕ, йӕхӕдӕг йӕ Фыдимӕ иудзинады куыд ис, афтӕ уыдон дӕр кӕрӕдзиимӕ уой иудзинады. Ахӕм иудзинад уыдаид фидар бӕлвырдгӕнӕн, Йесойы зӕхмӕ Йегъовӕ кӕй рарвыста, уымӕн. Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгты-иу адӕм базыдтаиккой, сӕ кӕрӕдзийы куы уарзтаиккой, уымӕй. Ӕмӕ уыцы уарзондзинады фӕрцы сӕ иудзинады тӕгтӕ ноджы фидардӕр уыдаиккой (Иоан. 13:34, 35). Йесо уыцы изӕр иудзинады кой уыйбӕрц уымӕн кодта, ӕмӕ йӕ уыдта, йӕ апостолты ’хсӕн ӕцӕг иудзинад кӕй нӕ уыд. Зӕгъӕм, уымӕй гыццыл раздӕр йӕ апостолты ’хсӕн быцӕу рауад, «уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл» (Лук. 22:24–27; Мар. 9:33, 34). Иухатт та Иаков ӕмӕ Иоанн Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ йӕ Паддзахады йӕ фарсмӕ кадджын бынӕтты ӕрбадын кодтаид (Мар. 10:35–40). w18.06 8 ф., 1, 2 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Марчы 16:2–8
Сабат, 11 апрель
Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар (Райд. 2:24).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой (Матф. 19:3–6). Дӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуай, уый у стыр хӕрамдзинад. Уымӕ гӕсгӕ Дӕс фӕдзӕхстӕй иу уыд ахӕм: «Ма хӕт» (Дык. з. 5:18). Уый «Хуыцауы раз» у стыр тӕригъӕд (Райд. 39:7–9). Йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уымӕн, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом бирӕ азты дӕргъы дӕр ма байгас уа. Йегъовӕ ма сывӕллӕттыл дӕр тынг тыхсы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, израилаг ныййарджыты-иу хъуыди ууыл тыхсын, цӕмӕй сӕ цотӕн хӕрд ӕмӕ уӕлӕдарӕс уыдаид. Фӕлӕ ма сын Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кодтаиккой. Ныййарджытӕ-иу хъуамӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодтаиккой, цӕмӕй-иу сӕ цотӕн Йегъовӕйы бауарзын кодтаиккой ӕмӕ сын ӕххуыс кодтаиккой Закъонӕн аргъ кӕнынӕн (Дык. з. 6:6–9; 7:13). Ныййарджытӕй хъуамӕ рох ма уыдаид, сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы лӕвар кӕй сты, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кастаиккой ӕмӕ сӕ ма ӕфхӕрдтаиккой, фӕлӕ сын аргъ кодтаиккой (Пс. 127:3). w19.02 21 ф., 5, 7 абз.
Хуыцаубон, 12 апрель
Хуыцау... базондзӕн, иузӕрдион кӕй дӕн (Иов 31:6).
Иовы ныфс уыди, Хуыцау ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уый фӕрцы уыд иузӕрдион. Уый фидарӕй уырныдта, Хуыцау ын йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ кӕд уӕззау уавӕры уыди, уӕддӕр ӕй уырныдта, ӕппынфӕстаг арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауыл уыд иузӕрдион. Йегъовӕйы зӕрдӕ Иовӕй афтӕ барухс, ӕмӕ йӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, кӕд уӕд нырма ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр! (Иов 42:12–17; Иак. 5:11). Ӕмӕ йӕм разӕй та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕ. Хуыцау уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ фӕивта (Мал. 3:6). Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн кӕй арфӕ кӕны, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд ыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ диссаджы фидӕнӕй ныфс уыдзӕн (1 Фес. 5:8, 9). Хатгай дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ ацы фӕндагыл ӕрмӕстдӕр ды цӕуыс. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕм дӕуау Хуыцауыл сты иузӕрдион. Стӕй раджы заманты дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ иузӕрдионӕй баззадысты, суанг-иу сӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр (Дзут. 11:36–38; 12:1). w19.02 7 ф., 15, 16 абз.
Къуырисӕр, 13 апрель
Ут иу зондыл хӕст, иннӕты рыст уӕм хъарӕд, ӕфсымӕрты уарзут, кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ут сӕрныллӕг (1 Пет. 3:8).
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ хорз уаид ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Мӕ бон куыд у Йесойы уарзондзинад ноджы хуыздӕр фӕзмын? Мӕхи цы тыхсын кӕны, фылдӕр ууыл хъуыды кӕнын ӕви, мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕрты цы тыхсын кӕны, ууыл? Сӕ бон цы у, уымӕй сӕ фылдӕр истытӕ фӕдомын ӕви, сӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый мӕ зӕрдыл фӕдарын?» Цӕй ӕмӕ алкӕддӕр Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм. Тагъд нӕ Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнын нал хъӕудзӕн. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йесо куы ’рцӕуа, уӕд ма зӕххыл «йе ’взӕрст адӕмӕй» чи баззайа, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзӕн, цӕмӕй йемӕ уӕлӕрвты уой, ӕмӕ уӕд Ӕрымысӕн изӕр нал бӕрӕг кӕндзыстӕм (1 Кор. 11:26; Матф. 24:31). Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Ӕрымысӕн изӕр куы нал бӕрӕг кӕнӕм, уӕд дӕр-иу уыцы бон ӕхсызгонӕй ӕрымысдзыстӕм ӕмӕ-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, Йесо хуымӕтӕг амындтӕ кӕй радта, уымӕй кӕй равдыста сӕрныллӕгдзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ уарзондзинад. w19.01 25 ф., 17–19 абз.
Дыццӕг, 14 апрель
Дӕуӕн циндзинад хӕссы, рӕстдзинад зӕрдӕйы куы уа, уый. Баххуыс мын кӕн, цӕмӕй зонд базонон суанг мӕ зӕрдӕйы рӕбынӕй (Пс. 51:6).
Мидӕгӕй цавӕр стӕм, уымӕ хъус дарын ахсджиаг кӕй у, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Цӕмӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ хӕрзхъӕд хӕринаг хӕра, стӕй-иу хъуамӕ йе уӕнгтӕ дӕр айваза. Раст афтӕ, цӕмӕй нӕ «зӕрдӕ» фидар уа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй нӕхи ӕфсадӕм. Стӕй хъуамӕ, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм, зӕгъӕм, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурӕм (Ром. 10:8–10; Иак. 2:26). Фӕлӕ хатгай афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг бакастӕй ӕнӕниз фӕзыны, фӕлӕ ӕцӕгӕй та цавӕрдӕр низӕй рынчын вӕййы, йӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ фӕзоны, афтӕмӕй. Раст афтӕ махӕн дӕр, гӕнӕн ис, нӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ, нӕ лӕггадимӕ баст хъуыддӕгты ӕдзух кӕй архайӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар у, фӕлӕ ӕцӕгӕй та нӕ зӕрдӕйы ӕнӕгъдау фӕндтӕ фӕзынд (1 Кор. 10:12; Иак. 1:14, 15). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Хӕйрӕг кӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ зонд сзыгъуыммӕ кӕна. w19.01 15 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 15 апрель
Уӕдӕ ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн (Лук. 10:37).
Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕз дӕр иннӕтӕн самариаг лӕгау ӕххуыс кӕнын? (Лук. 10:30–35). Иннӕтӕ зындзинӕдтӕ куы февзарынц, уӕд сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын? Мӕ бон ма сын цӕмӕй у баххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, мӕ бон куыд у баххуыс кӕнын ӕмбырды ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, идӕдзтӕн кӕнӕ, йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, уыцы сывӕллӕттӕн? Мӕ бон у, „ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдауын“?» (1 Фес. 5:14; Иак. 1:27). Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд сын афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, фӕдӕттӕм, хорзӕй нӕм цы ис, уый. Ӕмӕ Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй дӕттын амондджын хъуыддаг у. Стӕй ма зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм (Хъуыд. 20:35; Дзут. 13:16). Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, ахӕм адӕймаджы тыххӕй паддзах Давид загъта: «Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн. Зӕххыл ӕй хондзысты амондджын адӕймаг» (Пс. 41:1, 2). Иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ дӕр уыдзӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, ӕмӕ ӕнустӕм амондджын уыдзыстӕм (Иак. 2:13). w18.09 19 ф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 16 апрель
Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн (Ис. 41:10).
Иу хо, Йосико, фехъуыста ӕвзӕр хабар. Йӕ дохтыр ын загъта, цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ кӕй нал фӕцӕрдзӕн. Цымӕ Йосико уыцы хабар фехъусгӕйӕ куыд бакодта? Уый ӕрхъуыды кодта, йӕ зӕрдӕмӕ тынг чи цыд, ахӕм стих – абоны стих. Йосикойӕн уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр, ӕмӕ дохтырӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕз нӕ тӕрсын, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ къухыл фидар хӕцы. Уыцы стихы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон нӕ зынаргъ хойӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл сӕвӕрдтаид. Ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу фыдӕвзарӕнты бахаугӕйӕ нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Йегъовӕ Исайӕн уыцы ныхӕстӕ фыццаджыдӕр уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй, фӕстӕдӕр Вавилонмӕ уацары кӕй акодтаиккой, уыцы дзуттӕгты ныфс уагътаиккой. Фӕлӕ ма Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, уыцы ныхӕстӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ ныфс фидар кодтаиккой (Ис. 40:8; Ром. 15:4). Абон мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ, Исайы чиныджы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон нӕ абон куыд тынг хъӕуынц, афтӕ никуыма (2 Тим. 3:1). w19.01 2 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 17 апрель
Кӕд ӕнӕуырнӕджы ацӕуын фӕнды, уӕд ацӕуӕд (1 Кор. 7:15).
Лӕг ӕмӕ ус хицӕнтӕй куы цӕрой, уӕддӕр нымад уыдзысты лӕг ӕмӕ усыл. Стӕй ахӕм уавӕры, чи зоны, сӕмбӕлой зындзинӕдтыл. Апостол Павел бамбарын кодта, дӕ цардӕмбалимӕ баззайай, уый раст цӕмӕн уыдзӕн, уый: «Ӕнӕуырнӕг лӕг сыгъдӕгыл нымад у йӕ усы фӕрцы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ус дӕр сыгъдӕгыл нымад у ӕфсымӕры фӕрцы. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уӕ сывӕллӕттӕ сыгъдӕг нӕ уаиккой, ныр та сыгъдӕг сты» (1 Кор. 7:14). Иузӕрдион чырыстӕттӕй бирӕтӕ стыр зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр сӕ цардӕмбӕлттимӕ баззадысты. Се ’хсӕн ахӕмтӕ ис, ӕмӕ сӕ цардӕмбӕлттӕ фӕстӕдӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. Ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕн дзӕгъӕлы кӕй нӕ быхстой, ууыл тынг цин кӕнынц (1 Кор. 7:16; 1 Пет. 3:1, 2). Абон ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр чырыстон ӕмбырдты ис бирӕ амондджын бинонтӕ. Де ’мбырды дӕр ахӕм бинонтӕ куыннӕ ис! Уыцы бинонты ӕфсымӕртӕ сӕ устыты уарзынц, хотӕ та сӕ лӕгты нымайынц. Ӕмӕ сӕ хабарӕй бӕрӕг у, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ бинонты цардӕн кад кӕной (Дзут. 13:4). w18.12 14 ф., 18, 19 абз.
Сабат, 18 апрель
Йегъовӕ Хуыцау скодта цӕхӕрадон... Едемы, ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта, кӕй скодта, уыцы адӕймаджы (Райд. 2:8).
Дзырд «Едем» нысан кӕны «ӕхсызгондзинад», ӕмӕ уыцы цӕхӕрадон ӕцӕгӕйдӕр уыд, адӕймаг ӕхсызгондзинад кӕм банкъардтаид, ахӕм бынат. Уыди дзы тынг рӕсугъд ӕрдз, фагӕй фылдӕр хӕринаг, стӕй дзы адӕм ӕмӕ сырдтӕ кӕрӕдзийӕ нӕ тарстысты (Райд. 1:29–31). Дзырд «цӕхӕрадон»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой дзырд пара́дейсос-ӕй (нысан кӕны «дзӕнӕт»). Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу грекъаг бӕлццон дзырд пара́дейсос куы фехъуыста, уӕд-иу йӕ цӕстытыл ауад ахӕм ныв: стыр рӕсугъд парк, знаггад дзы ничи никӕмӕн кӕны, ис дзы алыхуызон бӕрзонд дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ сыгъдӕг суадӕттӕ, доныбылты хизынц антилопӕты ӕмӕ фысты дзугтӕ (Cyclopaedia by M’Clintock and Strong). Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгдӕр дзӕнӕт кӕй уыд. (Абар Райдиан 2:15, 16.) Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы раст ахӕм дзӕнӕты ӕрцӕрын кодта. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты, ӕмӕ уый аххосӕй сӕхи дӕр ӕмӕ ма сӕ байзӕддӕгты дӕр уым цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фӕкодтой (Райд. 3:23, 24). Едемы цӕхӕрадоны уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм нал цард, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕддӕр Нойы заманты онг уыд, цалынмӕ Доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ. w18.12 3, 4 фф., 3–5 абз.
Хуыцаубон, 19 апрель
Ӕз, Йегъовӕ, дӕн... пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны (Ис. 48:17).
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хорз ӕгъдауыл ахуыр кӕнынц. Кӕд сывӕллӕттӕ, сӕ ныййарджытӕ сын цы амыдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ цард аразой, уӕд хӕсдзысты, фӕстӕдӕр кӕуыл нӕ фӕсмон кӕндзысты, ахӕм уынаффӕтӕ. Уый фӕрцы сӕхи бирӕ мӕстытӕй бахиздзысты ӕмӕ фыдӕнхъӕл дӕр ницӕмӕй фӕуыдзысты. Йегъовӕйы хорз фыдау фӕнды, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕ зӕрдӕрухс уой ӕмӕ амондджын цард кӕной (Ис. 48:18). Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй уагӕвӕрдтӕ радта, стӕй ма нын бацамыдта, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый дӕр. Хуыцау нын дзуры, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгты фӕдыл, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын уый куыд амоны, афтӕ кӕнӕм. Йӕ уагӕвӕрдтӕ нын нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ къӕхтӕ нӕ бӕттынц, фӕлӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ноджы ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ арфуынӕгдӕр суӕм (Пс. 92:5; Ӕмб. 2:1–5; Ис. 55:9). Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн, амондджын кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, нӕхи зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый ӕвзарын дӕр (Пс. 1:2, 3). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын у стыр пайда! w18.11 19, 20 фф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 20 апрель
Алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ [уӕ] дзурынц (1 Пет. 4:4).
Цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ сӕ зондыл аразой. Рӕстдзинады фӕндагыл куы слӕууыдыстӕм, уӕд нӕм не ’нӕуырнӕг ӕмбӕлттӕ ӕмӕ бинонтӕй чидӕртӕ сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивтой. Иутӕ сӕ, чи зоны, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый ныхмӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ иннӕтӕ та, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Нӕ бинонтӕ, не ’мкусджытӕ ӕмӕ нын нӕ къласӕгтӕ, чи зоны, дзурой, цӕмӕй семӕ алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнӕм. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм? Хъуамӕ нӕ хъуыдыйы дарӕм, Йегъовӕ уыдӕттӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Нӕ публикациты ссарӕн ис ӕрмӕг, алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ кӕцӕй равзӕрдысты, уый фӕдыл, ӕмӕ нын уый дӕр стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ахӕм бӕрӕгбӕттӕ Библимӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фидарӕй зондзыстӕм, «нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый» кӕй аразӕм (Еф. 5:10). Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ Ныхасыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд адӕмӕй нӕ тӕрсдзыстӕм (Ӕмб. 29:25). w18.11 11 ф., 10, 12 абз.
Дыццӕг, 21 апрель
Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма арӕзтаид, алы хъуыддаджы дӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта (Райд. 39:23).
Нӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы фӕива, уӕд, гӕнӕн ис, ууыл афтӕ суӕм, ӕмӕ ӕндӕр мацӕуылуал хъуыды кӕнӕм. Иосифӕн дӕр, гӕнӕн ис, йӕ хабар афтӕ рауадаид. Фӕлӕ уый йӕ уавӕрты, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр, цӕмӕн раарфӕ кодтаид, уый уыд. Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд-иу ын ахӕстоны хицау цыфӕнды ма бахӕс кодтаид, уӕддӕр-иу ӕй сарӕзта, Потифары хӕдзары куыд кодта, раст афтӕ (Райд. 39:21, 22). Мах дӕр, чи зоны, Иосифау бахауӕм, нӕ бар кӕуыл ма цӕуа, ахӕм уавӕры. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр, цӕмӕн раарфӕ кӕна, уый уыдзӕн (Пс. 37:5). Кӕд хатгай цӕуылдӕр тынг фӕтыхсӕм, уӕддӕр афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ, «цы бакӕнӕм, уый мауал зонӕм» (2 Кор. 4:8). Йегъовӕ уыдзӕн немӕ, уӕлдайдӕр та нын нӕ лӕггад ӕппӕты сӕйраг куы уа, уӕд. w18.10 29 ф., 11, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 22 апрель
Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).
Кӕй зоныс ӕмӕ кӕмӕн аргъ кӕныс, уыдонӕй дын исчи дӕ ном куы нал фӕхъуыды кӕны йе та дӕ, уымӕй фыддӕр, зонгӕ дӕр куы нал бакӕны, уӕд куыд фӕвӕййыс? Ӕвӕццӕгӕн дын тынг хъыг вӕййы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ иннӕтӕ зоной ӕмӕ нын аргъ кӕной. Ӕмӕ уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ, чи стӕм, уый зоной. Мах фӕнды, цӕмӕй нын аргъ кӕной, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ нын цы бантыст, уый тыххӕй (Ным. 11:16; Иов 31:6). Фӕлӕ кӕд афтӕ конд стӕм, уӕддӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй уыцы фӕнд, гӕнӕн ис, зыгъуыммӕ зондыл сараза. Ӕмӕ уӕд кадмӕ бӕллын райдайдзыстӕм. Хӕйрӕджы дуне адӕмы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй, зындгонд ӕмӕ кадджын суой, уымӕ тырной. Фӕлӕ мах дӕр уымӕ бӕллын куы райдайӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыдӕн, Йегъовӕ Хуыцауӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уыцы кад нал кӕндзыстӕм (Рарг. 4:11). w18.07 7 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 23 апрель
Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19).
Диссаг нӕу, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ, стыр бартӕ кӕй къухы ис, уыдоны ахӕм зондыл кӕй аразынц, цӕмӕй «гӕдыныхӕстӕ... кӕной» (1 Тим. 4:1, 2). Адӕмӕн уӕлдай стыр зиан хӕссы, дины разамонджытӕ сӕ куы фӕсайынц, уый. Цымӕ цӕмӕн? Адӕймаг сӕ мӕнг ахуырӕдтыл куы ӕууӕнда ӕмӕ, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ куы араза, уӕд, гӕнӕн ис, ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай фӕуа (Оси 4:9). Йесойы рӕстӕджы дӕр дины разамонджытӕ адӕмы сайдтой, ӕмӕ Йесо уый зыдта. Уый сын комкоммӕ загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Денджызыл ӕмӕ сурзӕххыл фӕзилут, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат уӕ динмӕ. Ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд та йӕ уӕхицӕй дыууӕ хатты тынгдӕр фӕкӕнут гееннӕйы [ома ӕнустӕм фесӕфыны] аккаг» (Матф. 23:15, фип.). Йесо уыцы дины разамонджытӕн загъта, сӕ фыд Хӕйрӕг кӕй у ӕмӕ йӕ схуыдта лӕгмар, ӕмӕ уыцы карз ныхӕстӕй равдыста, Хуыцауы раз аххосджын кӕй уыдысты (Иоан. 8:44). w18.10 7 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 24 апрель
Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой (Матф. 5:11).
Цымӕ Чырыстийы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йӕ ныхӕстӕм ма бафтыдта: «Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕм уӕлӕрвты ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хӕрзиуӕг,– афтӕ ӕфхӕрдтой, уӕ размӕ цы пехуымпартӕ уыд, уыдоны дӕр» (Матф. 5:12). Иухатт апостолты куы фӕнадтой ӕмӕ сын куы загътой, мауал хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд «Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ... цин кодтой». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй сӕ фӕнадтой, ууыл нӕ цин кодтой, фӕлӕ, «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл» (Хъуыд. 5:41). Абон дӕр Йегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд куы феййафынц, уӕд фидар вӕййынц ӕмӕ фӕцин кӕнынц (Иак. 1:2–4). Апостолтау мах дӕр ууыл нӕ фӕцин кӕнӕм, ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафӕм. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕнын ма бауадзӕм. «Амондджын Хуыцау» Йегъовӕ нӕ райгонд куы вӕййы, уӕд амондджын вӕййӕм, кӕд ӕфхӕрд феййафӕм, кӕд нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, кӕд фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр (1 Тим. 1:11). w18.09 21 ф., 18–20 абз.
Сабат, 25 апрель
Иууылдӕр сты маст ӕмӕ фыдӕбон (Пс. 90:10).
Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ адӕймагӕн йӕ царды бонтӕ сты «маст ӕмӕ фыдӕбон», бирӕты та ныфс ӕппындӕр ницӕмӕйуал ис (2 Тим. 3:1–5). Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы аз дӕр сӕхи амарынц 800 000 адӕймагӕй фылдӕр – зӕгъӕн ис, алы 40 секунды дӕр иу адӕймаг. Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ царды зындзинӕдтӕй уый онг свӕййынц, ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи амарынц. Кӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алкӕмӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йӕ цӕрын нал фӕнды, уӕддӕр бирӕтӕ сты зын уавӕрты, ӕмӕ сӕ нӕ уарзондзинад тынг хъӕуы. Иуӕй-иутӕн сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц ӕмӕ сыл фӕхудынц. Иннӕтӕн та се ’мкусджытӕ фидистӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ фыдкой фӕкӕнынц. Кӕйдӕрты сӕ фӕхъӕуы фӕскуыст кусын кӕнӕ та цавӕрдӕр куыст ӕмгъуыд рӕстӕгмӕ бакӕнын. Кӕмӕндӕрты та бинонты ’хсӕн вӕййы зындзинӕдтӕ, зӕгъӕм сын се ’нӕуырнӕг цардӕмбӕлттӕ ӕдзух ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Уыцы ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдты тыххӕй бирӕтӕм хъару нал баззайы ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. w18.09 13 ф., 3, 5 абз.
Хуыцаубон, 26 апрель
Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа! (3 Иоан. 4).
Чырыстон ныййарджытӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст фӕкӕнынц, сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы хъуыддаджы сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд. Афтӕ чи фӕархайы, уыдонӕй бирӕтӕн фӕстӕдӕр сӕ сывӕллӕттӕ сфӕнд кӕнынц Йегъовӕйӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, суанг дард рӕтты дӕр. Чи сӕ пионерӕй лӕггад кӕны, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕтты, чи та – Вефилы. Чидӕртӕ та сӕ лӕггад кӕнынц миссионертӕй. Ӕмӕ сӕ ныййарджыты бӕргӕ фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ арӕхдӕр уыной, фӕлӕ, кӕрӕдзийӕ дард кӕй сты, уый тыххӕй сын ахӕм фадат нӕ вӕййы. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр сӕ сывӕллӕтты фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр афтӕ лӕггад кӕной. Цымӕ цӕмӕн? Сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрынц, уый сын у зӕрдӕрухсы хос. Уыцы ныййарджытӕй бирӕтӕ Самуилы мад Аннӕйы ӕнкъарӕнтӕ хорз ӕмбарынц. Аннӕ йӕ лӕппуйы Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынӕн куы радта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, дам, ӕй Йегъовӕйӕн «ӕфстау дӕттын» (1 Сам. 1:28, фип.). Уыцы ныййарджытӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, афтӕмӕй Йегъовӕимӕ кӕй ӕмгуыст кӕнынц, уый. Ӕмӕ сын уымӕй ӕхсызгондӕр ницы у. w18.08 24 ф., 4 абз.
Къуырисӕр, 27 апрель
Зын уыдзӕн хъӕздыгӕн уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуын (Матф. 19:23).
Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ӕппындӕр нӕ уыдзӕн. Уый ма загъта: «Амондджын стут, мӕгуыртӕ, уымӕн ӕмӕ сымах у Хуыцауы паддзахад» (Лук. 6:20). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕгуыр адӕм се ’ппӕт дӕр Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ уӕлдай арфӕгонд ӕрцыдысты. Мӕгуыртӕй Йесойы фӕдылдзӕуӕг чи сси, ахӕмтӕ бирӕ нӕ уыд. Уӕдӕ никӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ, адӕймаг Хуыцауы хӕлар уыдзӕн ӕви нӕ, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр у, уымӕй кӕнгӕ у. Абон Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн ис хъӕздгуытӕ дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕ дӕр. Уыдон се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы уарзынц ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнынц. Хуыцауы Ныхас, хъӕздыг чи у, уыдонӕн дзуры, цӕмӕй «сӕ зӕрдӕ, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл ма дарой, фӕлӕ Хуыцауыл» (1 Тим. 6:17–19). Уымӕй уӕлдай-ма Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суой (1 Тим. 6:9, 10). Уӕдӕ не ’фсымӕртӕм Йегъовӕйы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд сын, хъӕздыг кӕнӕ мӕгуыр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзыстӕм тӕрхон. w18.08 10, 11 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 28 апрель
Уӕхи Хуыцауы бар бакӕнут (Иак. 4:7).
Мах Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, йӕ адӕмыл нӕ кӕй нымайы, уый тыххӕй ӕмӕ нӕ фӕнды уый хъуыддагӕй ӕвдисын. Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕхи йын кӕй снывонд кодтам, уый у, нӕ царды цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдонӕй ӕппӕты растдӕр уынаффӕ. Мах фидар лӕууӕм ӕвзӕрдзинады ныхмӕ. Стӕй ӕмбарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр Йегъовӕйы кӕй сты, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ уарзӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм (Ром. 12:10). Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Йегъовӕ нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы» (Пс. 94:14). Йегъовӕ йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау разыны, ӕмӕ цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ фарсмӕ уыдзӕн. Йегъовӕйы уарзтӕй нӕ суанг мӕлӕт дӕр нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). «Уӕдӕ цӕргӕ кӕнӕм ӕви мӕлгӕ кӕнӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы стӕм» (Ром. 14:8). Мах тынг бӕллӕм, Йегъовӕ, йӕ иузӕрдион хӕлӕрттӕй чи амард, уыдоны та фӕстӕмӕ цардмӕ куы раздаха, уыцы бонмӕ (Матф. 22:32). Уӕвгӕ, абон дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм. Библи мӕнгӕй нӕ зӕгъы: «Амондджын сты, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у, уыцы адӕм, йӕхицӕн бынӕн кӕй равзӕрста, уыцы адӕм» (Пс. 33:12). w18.07 26 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 29 апрель
Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Алцы кӕныны бар дӕр ис, фӕлӕ алцы нӕ фидар кӕны (1 Кор. 10:23).
Чидӕртӕ, чи зоны, хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, иугӕр адӕймаг уӕлдӕр ахуыры кӕнӕ куысты фӕдыл йӕхӕдӕг хӕссы уынаффӕтӕ, уӕд мын уый бар ис, ӕмӕ, мӕхимӕ хуыздӕр цы кӕсы ӕмӕ мын ме ’фсарм бар цӕмӕн дӕтты, уый равзарон. Чи зоны, дзурой, зӕгъгӕ, Павел дӕр афтӕ куы загъта: «Мӕ сӕрибардзинадӕн кӕйдӕр ӕфсарм тӕрхонгӕнӕг цӕмӕн хъуамӕ уа?» (1 Кор. 10:29). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддӕгты фӕдыл махӕй алкӕмӕн дӕр ис, нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ растдӕр чи у, ахӕм уынаффӕ рахӕссыны бар. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон кӕй нӕу ӕмӕ нӕ алы уынаффӕ дӕр цӕмӕдӕр кӕй ӕркӕндзӕн. Ӕмӕ Павел абоны стихы ныхӕстӕ дӕр уымӕн загъта. Уӕдӕ нын кӕд уынаффӕтӕ хӕссыны бар ис, уӕддӕр иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ, нӕхи цы фӕнды, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр сты. w18.04 10 ф., 10 абз.
Цыппӕрӕм, 30 апрель
Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн (Мал. 3:7).
Абон чырыстӕттӕй исчи, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг хона ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уый дӕр араза (Иуд. 11). Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, чырыстон ӕдзухдӕр хъусын кӕнынмӕ цӕуа ӕмӕ ӕмбырдтӕ дӕр ма цух кӕна, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг йӕ сӕрмӕ ӕнӕгъдау хъуыдытӕ уадза, искӕмӕ хӕлӕг кӕна йе та йе ’мчырыстӕттӕй искӕмӕй йе сӕфт уына (1 Иоан. 2:15–17; 3:15). Ахӕм хъуыдытӕ арӕх ӕркӕнынц тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм. Цӕуыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цы аразӕм, уый, чи зоны, иннӕтӕ ма зоной, фӕлӕ Йегъовӕ та алцыдӕр уыны ӕмӕ, кӕд йӕ фарс ӕппӕт зӕрдӕйӕ не стӕм, уӕд уый дӕр зоны (Йер. 17:9, 10). Фӕлӕ кӕд хатгай фӕрӕдийӕм, уӕддӕр ныл Йегъовӕ йӕ къух нӕ сисы. Рӕдыд фӕндагыл куы адзӕгъӕл вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ фӕдзуры: «Раздӕхут мӕм». Йегъовӕ ӕмбары, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын нын ӕнцон кӕй нӕ вӕййы. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕнды, цӕмӕй нӕхи фыддзинадӕй хизӕм (Ис. 55:7). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд уый дӕр нӕ фарс уыдзӕн ӕмӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕйы фӕндтыл «фӕуӕлахиз уӕм» (Райд. 4:7). w18.07 18 ф., 5, 6 абз.