Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es20 64–79 фф.
  • Май

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Май
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 май
  • Сабат, 2 май
  • Хуыцаубон, 3 май
  • Къуырисӕр, 4 май
  • Дыццӕг, 5 май
  • Ӕртыццӕг, 6 май
  • Цыппӕрӕм, 7 май
  • Майрӕмбон, 8 май
  • Сабат, 9 май
  • Хуыцаубон, 10 май
  • Къуырисӕр, 11 май
  • Дыццӕг, 12 май
  • Ӕртыццӕг, 13 май
  • Цыппӕрӕм, 14 май
  • Майрӕмбон, 15 май
  • Сабат, 16 май
  • Хуыцаубон, 17 май
  • Къуырисӕр, 18 май
  • Дыццӕг, 19 май
  • Ӕртыццӕг, 20 май
  • Цыппӕрӕм, 21 май
  • Майрӕмбон, 22 май
  • Сабат, 23 май
  • Хуыцаубон, 24 май
  • Къуырисӕр, 25 май
  • Дыццӕг, 26 май
  • Ӕртыццӕг, 27 май
  • Цыппӕрӕм, 28 май
  • Майрӕмбон, 29 май
  • Сабат, 30 май
  • Хуыцаубон, 31 май
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
es20 64–79 фф.

Май

Майрӕмбон, 1 май

Уарзут ӕрцӕуӕггаджы (Дык. з. 10:19).

Фӕстаг азты тынг бирӕ адӕмы бахъуыд сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм алидзын. Дӕ бон у сахуыр кӕнын, се ’взагыл салам раттӕн куыд ис, уый. Стӕй ма дӕ бон у сахуыр кӕнын, уыцы ’взагыл дзурӕг адӕмы чи бацымыдис кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм хъуыдыйады. Ӕмӕ сын уӕд дӕ бон уыдзӕн, нӕ сайтты се ’взагыл цы публикацитӕ ӕмӕ видеотӕ ис, уыдонӕй искӕцы равдисын. Цӕмӕй ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ алцыдӕр дӕтты. Зӕгъӕм, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды цы базонӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр вӕййы адӕмы ногӕй бӕрӕг кӕнын ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнут, цӕмӕй дзуапп сӕхи ныхӕстӕй дӕттын сахуыр уой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ рухс ноджы ирддӕрӕй кӕла. Сывӕллӕтты хуымӕтӕг ӕмӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ иуӕй-иуты рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнды (1 Кор. 14:25). w18.06 22, 23 фф., 7–9 абз.

Сабат, 2 май

Чырысти сымахыл куыд баузӕлыд, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийыл афтӕ узӕлут (Ром. 15:7).

Хорз уаид, нӕ зӕрдыл куы дариккам, кӕддӕр не ’ппӕт дӕр Хуыцауӕй дард кӕй уыдыстӕм (Еф. 2:12). Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ бауарзта ӕмӕ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта (Оси 11:4; Иоан. 6:44). Стӕй нӕ Чырысти дӕр суазӕг кодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын дуар байгом кодта, ӕмӕ уый фӕрцы ныр стӕм Хуыцауы бинонтӕй. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ Йесо хӕларзӕрдӕйӕ суазӕг кодта. Ӕмӕ уӕд мах та искӕуыл нӕхи куыд хъуамӕ тигъ кӕнӕм! Ацы дунейы кӕрон цас хӕстӕгдӕр кӕна, уыйас адӕм хъулон митӕ фылдӕр кӕндзысты, кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй тынгдӕр кӕсдзысты ӕмӕ къордтыл тынгдӕр дихтӕ кӕндзысты (Гал. 5:19–21; 2 Тим. 3:13). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ агурӕм «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд», цӕмӕй хъулон митӕ ма кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрӕм (Иак. 3:17, 18). Стыр цины хос нын у, ӕндӕр бӕстӕтӕй дӕр нын хӕлӕрттӕ кӕй ис. Мах сын се ’гъдӕуттӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ма сын се ’взаг дӕр сахуыр кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ фарн свӕййы «цӕугӕдоны хуызӕн», нӕ рӕстдзинад та – «денджызы уылӕнты хуызӕн» (Ис. 48:17, 18). w18.06 12 ф., 18, 19 абз.

Хуыцаубон, 3 май

Цӕттӕ ут фарны хорз хабар хъусын кӕнынмӕ – уый та уӕд уӕ къахыдарӕс (Еф. 6:15).

Ромаг ӕфсӕддонтӕн уыди сӕрмагонд къахыдарӕс, ӕмӕ-иу ӕнӕ уымӕй сӕ бон нӕ уыд тохмӕ ацӕуын. Уыцы дзабыртӕ уыдысты сӕракӕй хуыд, ӕртӕ гӕбазы иу иннӕйыл ӕвӕрд, афтӕмӕй. Ӕмӕ уыдысты тынг фидар, стӕй сӕ ӕнцон цӕуӕн уыди. Ромаг ӕфсӕддонтӕн тохы хӕцынӕн сӕрмагонд къахыдарӕс куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр ис, фарны хорз хабар хъусын кӕнынӕн нын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм «къахыдарӕс» (Ис. 52:7; Ром. 10:15). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, цӕмӕй искӕмӕн хорз хабар радзурӕм. 20 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм лӕппу, Бо, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ къласӕгтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурын нӕ уӕндыдтӕн. Ӕвӕццӕгӕн, ӕфсӕрмы кодтон. Куы йыл ахъуыды кӕнын, уӕд ӕй нӕ фембарын, цӕмӕн ӕфсӕрмы кодтон. Ныр ме ’мгӕрттӕн ӕхсызгонӕй фӕхъусын кӕнын». Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ зӕгъынц, рагацау сӕхи куы бацӕттӕ кӕнынц, уӕд сын стӕй хъусын кӕнын ӕнцондӕр кӕй вӕййы. w18.05 29 ф., 9–11 абз.

Къуырисӕр, 4 май

Бирӕ дыргъ... хӕссут (Иоан. 15:8).

Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ фарн уын дӕттын» (Иоан. 14:27). Йесойы фарн нын дарддӕр хъусын кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты вӕййы фарн, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы зӕрдӕ кӕй фӕрухс кӕнӕм. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ бон вӕййы дарддӕр дӕр уыцы хъуыддаджы архайын (Пс. 149:4; Ром. 5:3, 4; Кол. 3:15). Йесо йӕ апостолтӕн куы загъта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ цинӕй «ӕххӕстӕй» хайджын уой, уӕд сын уый фӕстӕ бамбарын кодта, кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзой (Иоан. 15:11–13). Стӕй загъта: «[Ӕз] уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ». Йесойы хӕлар уай, уый цӕй стыр арфӕдзинад у! Йесойы апостолты цы аразын хъуыди, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уыдаиккой? Хъуамӕ дарддӕр дӕр «бирӕ дыргъ хастаиккой» (Иоан. 15:14–16). Уымӕй иу-дыууӕ азы раздӕр Йесо йӕ апостолтӕн бафӕдзӕхста хъусын кӕнын ӕмӕ сын загъта: «Адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матф. 10:7). Гъемӕ сӕ уыцы изӕр йӕ мӕлӕты размӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй, цы куыст райдыдтой, уый дарддӕр дӕр кодтаиккой (Матф. 24:13; Мар. 3:14). w18.05 20, 21 фф., 15, 16 абз.

Дыццӕг, 5 май

Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн (Гал. 6:7).

Ӕрыгӕттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнут ӕмӕ уӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕрут. Уый тынг ахсджиаг у. Фӕлӕ уе ’мгӕрттӕй бирӕтӕн сӕ царды сӕйрагдӕр у сӕ рӕстӕг хорз ӕрвитын, ӕмӕ сымах дӕр, чи зоны, ахӕм зондыл аразой. Ӕмӕ, абон уа, райсом уа, уӕддӕр уӕ бахъӕудзӕн иннӕтӕн равдисын, уӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрдтат, уыдонӕй ахсджиагдӕр уын кӕй ницы ис. Уӕдӕ уын уе ’мгӕрттӕ къуылымпыйы хос макуы суӕнт! Уӕдӕ уӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уе ’мгӕртты зонды ныхмӕ фидар фӕлӕууат? Зӕгъӕм, уӕхи хизут, фӕрӕдийынӕй уын тӕссаг кӕм уа, ахӕм уавӕртӕй (Ӕмб. 22:3). Ахъуыды-иу кӕнут, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ уӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл. Стыр ӕххуыс ма уын фӕуыдзысты хистӕрты уынаффӕтӕ дӕр. Уӕдӕ уын уӕ ныййарджытӕ кӕнӕ иннӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ исты уынаффӕ куы дӕттой, уӕд-иу сӕм сӕрныллӕгӕй байхъусут (1 Пет. 5:5, 6). Фаг сӕрныллӕгдзинад дӕм ис, цӕмӕй-иу уынаффӕмӕ байхъусай? w18.04 28, 29 фф., 14–16 абз.

Ӕртыццӕг, 6 май

Цалынмӕ не ’рцӕуон, уӕдмӕ фидар хӕцут, цы уӕм ис, ууыл. Уӕлахиз чи кӕны ӕмӕ, ӕз цы бафӕдзӕхстон, уыдон кӕронмӕ чи ӕххӕст кӕны, уый ӕз адӕмтӕн хицауӕй сӕвӕрдзынӕн (Рарг. 2:25, 26).

Йесо Къаннӕг Азийы ӕмбырдтӕй иуӕй-иутӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй бӕрӕг у, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй аргъ кодта. Зӕгъӕм, Фиатирӕйы ӕмбырдӕн ныффыссын кодта: «Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ уарзондзинад, дӕ уырнындзинад, дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ фидардзинад, стӕй, дӕ фӕстаг хъуыддӕгтӕ фыццӕгтӕй фылдӕр кӕй сты, уый дӕр» (Рарг. 2:19). Йесо, бирӕ сын кӕй ӕнтыст, ӕрмӕст уый кой не скодта, фӕлӕ ма сӕ сӕ хорз миниуджыты тыххӕй дӕр раппӕлыд. Ӕмӕ сӕ кӕд кӕмӕндӕрты бауайдзӕф кӕнын хъуыди, уӕддӕр уал-иу сӕ алкӕмӕн дӕр фыццаг ныфсы ныхӕстӕ загъта, стӕй-иу сын фӕстагмӕ дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта (Рарг. 2:27, 28). Ахъуыды-ма кӕн, Йесо ӕппӕт ӕмбырдты сӕргъы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йын цы стыр бартӕ ис, ууыл! Йесо хӕсджын нӕу, ӕмӕ нын нӕ фыдӕбоны тыххӕй бузныг дзура. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нын равдисы, кӕй нын аргъ кӕны, уый. Ӕмӕ уымӕй Йесо хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзминаг куыннӕ у! w19.02 16 ф., 10 абз.

Цыппӕрӕм, 7 май

Иудӕ ӕмӕ Силӕ... бирӕ раныхӕстӕй ӕфсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ сӕ фидар кодтой (Хъуыд. 15:32).

Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет, ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи иста, уыдоны дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕтты дӕр ныфс уагъта. Петры ӕмӕ Иоанны (уыдон дӕр разамонӕг советӕй уыдысты) уырдӕм арвыста, цӕмӕй дзы чырыстон чи сси, уыдоны тыххӕй скуывтаиккой ӕмӕ уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй схайджын уыдаиккой (Хъуыд. 8:5, 14–17). Разамонӕг совет афтӕ кӕй бакодта, уый Филиппы дӕр ӕмӕ уыцы ног чырыстӕтты дӕр ныфс куыннӕ бауагътаид! Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет вефилӕгты ӕмӕ ӕндӕр сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфс уадзы. Ӕмӕ уый фӕрцы мах дӕр фыццаг ӕнусы чырыстӕттау бафидар вӕййӕм ӕмӕ фӕцин кӕнӕм! Уымӕй уӕлдай ма 2015 азы Разамонӕг совет рауагъта брошюрӕ «Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕх», цӕмӕй, рӕстдзинады фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыдоны дӕр ныфс бауагътаид. w18.04 19 ф., 18–20 абз.

Майрӕмбон, 8 май

Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн (Иоан. 8:32).

Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сын ӕгӕрон сӕрибардзинад куы уаид, уӕд сӕ цард бирӕ хуыздӕр уаид. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Адӕм ӕгӕрон сӕрибардзинадӕй хайджын куы уаиккой, уӕд цард цыхуызӕн уаид, уый цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр зын у. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, ӕхсӕнад цы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕры, уыдон хъуамӕ ахӕм уой, цӕмӕй адӕмӕн уыцы иу рӕстӕг сӕ бартӕ дӕр хъахъхъӕд цӕуой ӕмӕ сын ӕгӕрон сӕрибардзинад дӕр ма уа (The World Book Encyclopedia). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хуымӕтӕг хъуыддаг нӕу. Ӕмӕ уыйбӕрц закъӕттӕ дӕр уымӕн ис, стӕй уыйбӕрц юристтӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ дӕр уымӕн хъӕуы, цӕмӕй уыцы закъӕттӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕной ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ уыдонӕй пайда кӕной. Уӕдӕ цӕмӕй ӕцӕг сӕрибардзинадӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы саразын. Фыццаг уый, ӕмӕ хъуамӕ, Чырысти кӕй бацамыдта, уыцы рӕстдзинад нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Дыккаг та уый, ӕмӕ хъуамӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ суӕм. Фӕлӕ нӕ цымӕ уыцы рӕстдзинад цӕмӕй ссӕрибар кӕндзӕн? Йесо загъта: «Тӕригъӕд чи аразы, уый у тӕригъӕды цагъар. Уӕдӕ уӕ кӕд Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар» (Иоан. 8:34, 36). w18.04 6, 7 фф., 13, 14 абз.

Сабат, 9 май

Иннӕты рыст уӕм хъарӕд (1 Пет. 3:8).

Махӕн ӕхсызгон вӕййы, иннӕтӕ нын не ’нкъарӕнтӕ куы фембарынц ӕмӕ нӕ хорзыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй-иу сӕхи нӕ бынаты сӕвӕрой. Цавӕр ӕххуыс нӕ хъӕуы, уый бафиппайынц ӕмӕ нӕ фарсмӕ балӕууынц, хатгай, дзургӕ дӕр ницыма скӕнӕм, афтӕмӕй. Мах тынг бузныг вӕййӕм, нӕ зын нын чи бамбары, уыдонӕй. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ не ’ппӕты дӕр фӕнды архайын, цӕмӕй-иу иннӕты рыст нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм. Фӕлӕ, раст куы зӕгъӕм, уӕд нын уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? Иу уый, ӕмӕ стӕм ӕнӕххӕст (Ром. 3:23). Ӕмӕ уый тыххӕй фылдӕр нӕхиуыл фӕхъуыды кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ хъӕуы нӕ тых, нӕ бонӕй архайын, цӕмӕй иннӕтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сыл тыхсӕм. Кӕуылдӕрты та фӕзыны, куыд сӕ хъомыл кодтой, уый кӕнӕ сыл царды цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон, ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕнцон нӕ вӕййы иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын. Стӕй ма ныл хатгай фӕзыны, нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны зондахаст дӕр. Ацы фӕстаг бонты бирӕтӕ сты «хиуарзон», ӕмӕ сӕ иннӕты мӕт ӕппындӕр нӕй (2 Тим. 3:1, 2). Фӕлӕ иннӕты ӕнкъарӕнтӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Фырт Йесо Чырыстийы куы фӕзмӕм, уӕд. w19.03 14 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 10 май

Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).

Дӕс фӕдзӕхстӕй фӕстаг уыд, искӕй цы у, уымӕ ма бабӕлл, зӕгъгӕ (Дык. з. 5:21; Ром. 7:7). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ацы закъон уый тыххӕй радта, цӕмӕй ӕмбӕрстаиккой, зонд ӕмӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын тынг ахсджиаг кӕй у. Уый зоны, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕнынц ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ. Паддзах Давид уыцы къӕппӕджы бахауд. Давид ӕнӕуи хорз адӕймаг уыд. Фӕлӕ иуафон бабӕллыд кӕйдӕр усмӕ, ӕмӕ йӕ уыцы ӕвзӕр фӕнд ӕркодта тӕригъӕдмӕ (Иак. 1:14, 15). Давид уыцы сылгоймагимӕ ӕмуат ӕрцыд, йӕ лӕгыл та йын хинӕй рацыд ӕмӕ йӕ амарын кодта (2 Сам. 11:2–4; 12:7–11). Йегъовӕ адӕймагӕн ӕрмӕст йӕ уындмӕ нӕ кӕсы, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ дӕр. Хуыцау уыны, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый (1 Сам. 16:7). Уымӕй ӕмбӕхст ницы у – нӕдӕр нӕ хъуыдытӕ, нӕдӕр не ’нкъарӕнтӕ, нӕдӕр нӕ хъуыддӕгтӕ. Уый нын нӕ хорз миниуджытӕ уыны, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы миниуджытыл ӕдзухдӕр кусӕм. Фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу нӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд-иу семӕ тох кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ма ӕркӕной (2 Аз. 16:9; Матф. 5:27–30). w19.02 21 ф., 9 абз.; 22 ф., 11 абз.

Къуырисӕр, 11 май

Агурут Йегъовӕйы, зӕххыл цыдӕриддӕр сӕрныллӕг адӕм ис... уыдон. ...Агурут сӕрныллӕгдзинад (Соф. 2:3).

Библийы Моисейы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕххыл... [уый] хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд» (Ным. 12:3). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕныфсхаст адӕймаг уыд ӕмӕ иннӕты ныхмӕ фидар фӕлӕууын йӕ бон нӕ уыд? Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, растдӕр ахӕм вӕййы сабыр кӕнӕ сӕрныллӕг адӕймаг. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый афтӕ нӕу. Моисей уыд ныфсхаст ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Йегъовӕйы ӕххуысӕй уый Египеты хъомысджын паддзахы ныхмӕ ӕрлӕууыд, стӕй дуне адӕмы,– уыдаиккой 3 милуаны бӕрц,– ӕдзӕрӕг быдырыл акодта ӕмӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй се знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Кӕд мах Моисейы хуызӕн зындзинӕдтыл не ’мбӕлӕм, уӕддӕр алы бон дӕр ахӕм уавӕрты бахауӕм, ӕмӕ нын ӕнцон нӕ вӕййы сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын. Фӕлӕ уыцы миниуӕгыл кусын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, «сабыр адӕм... зӕхх бынӕн [кӕй] райсдзысты» (Пс. 37:11). Дӕхи сӕрныллӕг адӕймаг схонис? Иннӕтӕ дӕр дӕ ахӕм адӕймагӕй зонынц? w19.02 8 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 12 май

Додой сӕ къона... ӕвзӕр... хорз [чи хоны] (Ис. 5:20).

Адам ӕмӕ Евӕ ӕфсармӕй хайджын кӕй уыдысты, уый бӕрӕг у, Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уӕд куыд бакодтой, уымӕй – Хуыцауӕй сӕхи бамбӕхстой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын се ’фсарм ӕнцой нал лӕвӕрдта. Ӕфсарм у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕвзарын нӕ бон кӕй фӕрцы у, ахӕм миниуӕг. Йе ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын чи нӕ ахуыр кӕны, ахӕм адӕймаджы абарӕн ис, йӕ компас раст кӕмӕн нӕ кусы, ахӕм науимӕ. Ахӕм науыл цӕуын тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ йӕ дымгӕ ӕмӕ денджызы уылӕнтӕ йӕ фӕндагӕй иуырдӕм ахӕсдзысты. Раст чи кусы, ахӕм компасы фӕрцы та наутӕрӕгӕн йӕ бон уыдзӕн нау, цы фӕндагыл хъуамӕ цӕуа, уыцы фӕндагыл тӕрын. Раст афтӕ мах дӕр не ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нын хорз фӕндагамонӕг уыдзӕн. Адӕймаг йе ’фсарм хорз ӕвзӕрӕй иртасын куы нӕ ахуыр кӕна, уӕд-иу ӕй ӕвзӕр хъуыддаг саразынӕй нӕ бауромдзӕн (1 Тим. 4:1, 2). Чи зоны ма йӕ ууыл дӕр баууӕндын кӕна, ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый хорз у. w18.06 16 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 13 май

Ацы дуне мауал фӕзмут (Ром. 12:2).

Ацы дунейы зонд алы хатт уайтагъд нӕ рабӕрӕг вӕййы, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы сбӕрӕг кӕнын, цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Хатгай ног хабӕрттӕ афтӕ радзурынц, цӕмӕй-иу адӕм политикӕимӕ баст фарстаты иуты кӕнӕ иннӕты фарс рахӕцой. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, хъӕздыг ӕмӕ зындгонд адӕмы тыххӕй цы хабӕрттӕ бакӕсӕн кӕнӕ фехъусӕн вӕййы, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, ацы дуне ӕнтыстдзинӕдтыл цы нымайы, уый. Иуӕй-иу киноты ӕмӕ чингуыты та рабӕрӕг вӕййы ахӕм зондахаст, ӕмӕ адӕймаг ӕрмӕстдӕр йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты мӕт хъуамӕ кӕна, ӕмӕ уыцы хабар афтӕ равдисынц, цыма уый хорз ӕмӕ раст хъуыддаг у. Фӕлӕ уыцы зондахастӕн, Библийы цы фыст ис, уыимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Библи дзуры, адӕймаг йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр амондджын кӕй уыдзысты, фыццаджыдӕр Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд (Матф. 22:36–39). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ иууылдӕр ӕвзӕр сты. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Ацы дунейы зонд уайтагъд кӕм нӕ рабӕрӕг вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕ сбӕрӕг кӕныныл фӕархайын? Цавӕр телепередачӕтӕм кӕсдзынӕн кӕнӕ цавӕр чингуытӕ кӕсдзынӕн, уый ӕвзаргӕйӕ къӕрцхъус вӕййын? Мӕ сывӕллӕттӕм дӕр уыцы хъуыддаджы мӕ хъус фӕдарын? Ӕххуыс сын кӕнын, цӕмӕй алыхуызон хъуыддӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын сахуыр уой ӕмӕ, ацы дунейы цы фенынц ӕмӕ цы фехъусынц, уыдӕттӕй сӕхи хизой?» w18.11 22 ф., 18, 19 абз.

Цыппӕрӕм, 14 май

Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн (Ис. 41:10).

Йегъовӕ немӕ кӕй ис, уый куыд ӕвдисы? Йе ’ргом нӕм здахы ӕмӕ нӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй рӕвдауы. Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы зӕрдӕ нӕм дары, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта, уымӕ: «Зынаргъ мын кӕй дӕ, уый тыххӕй кадджын дӕ мӕ цӕсты, ӕмӕ дӕ тынг уарзын» (Ис. 43:4). Дун-дунейы ахӕм тых нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджыты ныууадзын кӕна. Уый сӕ алкӕддӕр уарздзӕн ӕмӕ сыл уыдзӕн ӕнувыд (Ис. 54:10). Йегъовӕ нын афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ уыцы зындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ аиуварс кӕндзӕн. Фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ «цӕугӕдӕттау» сӕ быны фӕкӕной ӕмӕ нын «арты ӕвзӕгтау» ахӕм зиан ӕрхӕссой, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, немӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ-иу нын кӕй баххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн. Уый нын нӕ зӕрдӕтӕй тас фӕсурдзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм, суанг нын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уа, уӕд дӕр (Ис. 41:13; 43:2). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл, «ӕз уыдзынӕн демӕ», зӕгъгӕ, куы ’ууӕндӕм, уӕд мах дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг уыдзыстӕм ныфсджын ӕмӕ фидар. w19.01 3 ф., 4–6 абз.

Майрӕмбон, 15 май

Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис, фӕлӕ сӕххӕст уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕндон (Ӕмб. 19:21).

Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ иннӕтӕ фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй уӕлдӕр ахуырмӕ ӕмӕ ӕхцаджын куыстмӕ тырнай. Фӕлӕ дын Йегъовӕ та ӕндӕр цыдӕр амоны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ныртӕккӕ скъолайы хорз ахуыр кӕнай, ӕмӕ фидӕны дӕ бон уа исты куыст ссарын ӕмӕ дӕхи фӕдарын (Кол. 3:23). Фӕлӕ уый зоны, ӕмӕ цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ кӕй хъӕуы, дӕ фидӕныл чи фӕзындзӕн, ахӕм ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссын. Ӕмӕ дын цы уагӕвӕрдтӕ дӕтты, уыдон дын фӕндагамонӕг уыдзысты ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзысты ацы фӕстаг бонты дӕ цард афтӕ аразынӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай (Матф. 24:14). Йегъовӕ хорз зоны, фидӕны цы уыдзӕн ӕмӕ ацы дунейы кӕрон цас хӕстӕг у, уый (Ис. 46:10; Матф. 24:3, 36). Стӕй ма Йегъовӕ зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнамонд цӕй тыххӕй уыдзыстӕм, уый. Уӕдӕ нӕм искӕй уынаффӕ цыфӕнды зондджын ма фӕкӕса, уӕддӕр Библимӕ гӕсгӕ куы нӕ уа, уӕд уый зондджын уынаффӕ схонӕн нӕ уыдзӕн. w18.12 19 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 16 май

Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн (Пс. 37:10).

«Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты. Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Пс. 37:11, 29; 2 Сам. 23:2). Цымӕ, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Уыдоны фидар ныфс уыд, фидӕны зӕххыл ӕрмӕстдӕр рӕстгӕнджытӕ кӕй цӕрдзысты ӕмӕ та зӕхх ногӕй кӕй суыдзӕн дзӕнӕт, Едемы цӕхӕрадон цавӕр уыд, растдӕр ахӕм. Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйӕ аздӕхтысты ӕмӕ йын йӕ фӕндон нал ӕххӕст кодтой, кӕд сӕхи йӕ лӕггадгӕнджытӕ хуыдтой, уӕддӕр. Гъемӕ сӕ Хуыцау вавилойнӕгты къухмӕ радта, ӕмӕ сын уыдон сӕ бӕстӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ бирӕты уацары акодтой (2 Аз. 36:15–21; Йер. 4:22–27). Фӕлӕ Хуыцауы пехуымпартӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй 70 азы фӕстӕ израилӕгтӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтаиккой. Ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Фӕлӕ ма уыцы пехуымпарӕдтӕ махмӕ дӕр хауынц, фидӕны зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый бӕлвырд кӕнынц. w18.12 4 ф., 9, 10 абз.

Хуыцаубон, 17 май

Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр уӕлдӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ – уӕ хъуыдытӕй (Ис. 55:9).

Дунейы адӕм цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕн сӕ фылдӕр вӕййынц, Библи цы дзуры, уый ныхмӕ. Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ абоны царды ацы дунейы уынаффӕтӕ Библийы уынаффӕтӕй бирӕ ахадгӕдӕр сты? Йесо загъта: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матф. 11:19). Кӕд ацы дунейӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст, зӕгъӕм, ног технологитӕ фӕзынд, уӕддӕр адӕмӕн сӕ бон нӕу, зӕгъӕм, хӕстытӕн, расизмӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕн кӕрон скӕнын, ӕмӕ уыцы хабӕртты аххосӕй бирӕтӕ сты ӕнамонд. Уымӕй уӕлдай ма ацы дуне ӕнӕгъдаудзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Фӕлӕ бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ бинонты цард халынц, адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынынц ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтӕм дӕр ӕркӕнынц. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕй та цы ис зӕгъӕн? Йӕ лӕггадгӕнджытӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕй кӕсынц ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнынц, уый фӕрцы сӕ бинонтимӕ амондджынӕй цӕрынц, сты ӕнӕниздӕр ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр се ’хсӕн ис фарн (Ис. 2:4; Хъуыд. 10:34, 35; 1 Кор. 6:9–11). Уымӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕйы хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты. w18.11 20 ф., 8–10 абз.

Къуырисӕр, 18 май

Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц (1 Кор. 15:33).

Мах ӕппӕт хъарутӕй архайӕм нӕ бинонтимӕ хӕларӕй цӕрыныл. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй рӕстдзинадыл нӕ къух ма сисӕм. Хъуамӕ нӕхицӕн ӕввахс ӕмбӕлттӕ агурӕм, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдоны ’хсӕн. Рӕстдзинады фӕндагыл чи цӕуы, уыдон хъуамӕ Хуыцауы цӕсты уой сыгъдӕг (Ис. 35:8; 1 Пет. 1:14–16). Рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нӕ алкӕй дӕр бахъуыд цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ бон уыдаид Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Кӕйдӕрты та бахъуыд сӕ цард цӕхгӕр фӕивын. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр, цы сыгъдӕг цард кӕнӕм, уый ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтыл хъуамӕ макуы баивӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй бахизӕм? Хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ мах ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй цы стыр аргъ бафыста, ууыл – йӕ Фырт Йесо Чырыстийы мах тыххӕй нӕ бавгъау кодта (1 Пет. 1:18, 19). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Чырыстийы нывондӕн цы стыр аргъ ис, уый. w18.11 11 ф., 10, 11 абз.

Дыццӕг, 19 май

Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ. Мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн (Мих. 7:7).

Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, сӕ уавӕртӕ куы фӕивтой, уӕд дӕр сын ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд сӕ лӕггад, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ циндзинад не ’рмынӕг. Сӕ цӕвиттонтӕй бӕрӕг у: нӕ уавӕрты, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм ӕмӕ Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕндзыстӕм. Йӕ рӕстӕджы, чи зоны, бамбарӕм, ӕмӕ, нӕ ног уавӕртыл кӕй сахуыр стӕм, уый фӕрцы Йегъовӕимӕ ӕнгомдӕр систӕм. Уӕ царды ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ’рцӕуа,– фӕнды уӕ лӕггадимӕ баст уой, фӕнды уе ’нӕниздзинадимӕ, фӕнды уӕ бинонты уавӕртимӕ,– уӕддӕр фидарӕй зонут, Йегъовӕ уыл кӕй тыхсы ӕмӕ уын йӕ рӕстӕджы кӕй баххуыс кӕндзӕн (Дзут. 4:16; 1 Пет. 5:6, 7). Стӕй уӕ уавӕрты, уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразут. Уӕ уӕларвон Фыдмӕ кувут ӕмӕ йын уӕ сагъӕстӕ йӕ бар бакӕнут. Уӕд сымах дӕр цыфӕнды уавӕрты дӕр уӕ зӕрдӕты фарн бахъахъхъӕндзыстут. w18.10 30 ф., 17 абз.; 31 ф., 19, 22 абз.

Ӕртыццӕг, 20 май

[Йегъовӕ] хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу (Пс. 103:14).

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хорзыл кӕй хъуыды кӕны, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис. Зӕгъӕм, уӕ хъус ӕрдарут 1 Самуилы 3:1–18 Йегъовӕ ӕрыгон Самуилӕн куыд баххуыс кодта хистӕр сауджын Илийӕн тӕрхоны хабар фехъусын кӕнынӕн. Йегъовӕйы закъон сывӕллӕттӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй ацӕргӕтӕн, уӕлдайдӕр та адӕмы хистӕртӕн, кад кодтаиккой (Рац. 22:28; Лев. 19:32). Ӕмӕ Самуилӕй та цы ис зӕгъӕн? Райсомӕй куы сыстад, уӕд, мыййаг, Илиймӕ бацыд ӕмӕ йын Хуыцауы карз тӕрхон хъӕбатырӕй фехъусын кодта? Нӕ, хабар афтӕ нӕ уыд. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Самуил «Илийӕн цӕстылуайӕны тыххӕй радзурын нӕ уӕндыд». Фӕлӕ Хуыцау Илийӕн равдыста, Самуилимӕ йӕхӕдӕг кӕй дзырдта. Гъемӕ Илий Самуилмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй дзы иу ныхас дӕр ма басусӕг кодтаид. Ӕмӕ йын уӕд Самуил «алцыдӕр радзырдта». Ӕмӕ уый размӕ цы хабар фехъуыста, уый дӕр ахӕм хабар уыд (1 Сам. 2:27–36). Ацы хабарӕй зыны, Йегъовӕ иннӕты хорзыл кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ стыр зонды хицау кӕй у. w18.09 23 ф., 2 абз.; 24 ф., 4, 5 абз.

Цыппӕрӕм, 21 май

О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры? [...] Йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад чи дзуры, уый (Пс. 15:1, 2).

Мӕнг ныхӕстӕ абон бирӕтӕ фӕкӕнынц. Иу журналы статьяйы «Сайгӕ цӕмӕн фӕкӕнӕм?» фыст ис, зӕгъгӕ, сайын нымайынц, «адӕймаджы удыхъӕды арф чи ныффидар, ахӕм миниуӕгыл» (National Geographic). Адӕм арӕх фӕсайынц, цӕмӕй зын уавӕры ма бахауой, зӕгъӕм, цӕмӕй сӕ рӕдыдтытӕ кӕнӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ма рахъӕр уой. Чидӕртӕ та фӕсайынц, цӕмӕй сӕхицӕн ӕхца самал кӕной йе та цӕмӕй сӕ къухы исты бафта. Уыцы статьяйы ма фыст ис: «Кӕмӕдӕрты искӕй асайын ницы кӕсы, фӕнды гыццыл хъуыддаджы уа, фӕнды стыр. Уыдон фӕсайынц ӕнӕзонгӕ адӕмы, се ’мкусджыты ӕмӕ ма суанг се ’мбӕлтты ӕмӕ сӕ хиуӕтты дӕр». Адӕм сайгӕ кӕй фӕкӕнынц, уый цӕмӕ ӕркӕны? Псаломзарӕггӕнӕг Давид Йегъовӕмӕ афтӕ куывта: «Дӕуӕн циндзинад хӕссы, рӕстдзинад зӕрдӕйы куы уа, уый» (Пс. 51:6). Давид зыдта, адӕймаг рӕстзӕрдӕ куы уа, уӕд дзургӕ дӕр, ӕцӕг цы у, уый кӕй кӕндзӕн. Ӕцӕг чырыстӕттӕ алы уавӕры дӕр «кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый фӕдзурынц» (Зах. 8:16). w18.10 7 ф., 4 абз.; 8 ф., 9, 10 абз.; 10 ф., 19 абз.

Майрӕмбон, 22 май

Куы сӕ кодта, уӕд сын тас ницӕмӕй уыди, ницӕмӕй тарстысты (Пс. 78:53).

Н. э. размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты ӕртӕ милуанӕй фылдӕр. Се ’хсӕн уыд сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, стӕй дзы рынчын ӕмӕ ӕнӕбон адӕм дӕр куыннӕ уыдаид. Цӕмӕй уыйбӕрц адӕм Египетӕй рацыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Разамонӕг. Ӕмӕ сын Йегъовӕ растдӕр ахӕм Разамонӕг уыд, Моисей та йӕ номӕй архайдта. Ӕмӕ кӕд израилӕгты, цӕрӕнбонты кӕм цардысты, уыцы зӕххӕй сыстын ӕмӕ кӕдӕмдӕр цӕуын бахъуыд, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты тас нӕ уыд (Пс. 78:52). Цӕмӕй израилӕгтӕ мӕт мацӕуыл кодтаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ цы сарӕзта? Фыццаджыдӕр сӕ Египетӕй ракодта, «ӕфсад къордтӕ-къордтӕй» куыд ракӕнынц, афтӕ (Рац. 13:18). Ӕмӕ уый фӕрцы израилӕгтӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, сӕ Хуыцауӕн йӕ бар алцӕуыл дӕр кӕй цӕуы. Уымӕй уӕлдай ма бонӕй уыдтой «мигъы хуызӕн цӕджындз», ӕхсӕв та – «артау судзгӕ цӕджындз», ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбӕрстой, Йегъовӕ семӕ кӕй ис, разамынд сын кӕй дӕтты ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны (Рац. 13:21). w18.09 26 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 23 май

Тӕхуды, ингӕны мӕ куы бамбӕхсис... ӕмгъуыд мын куы снысан кӕнис ӕмӕ мӕ куы ’рхъуыды кӕнис (Иов 14:13).

Рагзаманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ ахӕм уынгӕджы уавӕры уыдысты, ӕмӕ сӕм цӕрын нал цыд. Зӕгъӕм, Иов ахӕм стыр мӕстытӕ бавзӕрста, ӕмӕ сдзынӕзта: «Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды» (Иов 7:16). Ионӕ дӕр иуафон афтӕ ныфссаст уыд, ӕмӕ загъта: «Курӕг [дӕ] дӕн, Йегъовӕ, айс мын мӕ цард, уымӕн ӕмӕ мын цардӕй мӕлӕт хуыздӕр у» (Ионӕ 4:3). Пехуымпар Илийа дӕр зын уавӕры куы уыд, уӕд Хуыцаумӕ скуывта: «Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард» (1 Пад. 19:4). Фӕлӕ уыцы адӕймӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн зынаргъ уыдысты, ӕмӕ йӕ сӕ мӕлӕт нӕ фӕндыд. Ӕмӕ кӕд ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой, уӕддӕр сын уайдзӕф нӕ бакодта. Уый сӕ афтӕ бафидар кодта, ӕмӕ та сӕм цӕрын ӕрцыд, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ бон уыд дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. w18.09 13 ф., 4 абз.

Хуыцаубон, 24 май

Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:9).

Хуыцауы ӕмкусджыты зонынц, уазӕгуарзон кӕй сты, уымӕй. Чырыстон Грекъаг Фыстыты «уазӕгуарзон»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, адӕймаг ӕцӕгӕлӕттӕм, ома ӕнӕзонгӕ адӕммӕ, хӕларзӕрдӕ куы вӕййы, уый (Дзут. 13:2). Хуыцауы Ныхасы бакӕсӕн ис, сӕ уазӕгуарзондзинадӕй нын фӕзминаг чи сты, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй (Райд. 18:1–5). Нӕ бон у ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй иннӕтӕн ӕдзухдӕр ӕххуыс кӕнӕм,– «уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм», уыдон уой ӕви ӕндӕр исчи, уӕддӕр (Гал. 6:10). Дӕ бон нӕ уаид, рӕстӕгмӕ цӕрӕнбынат кӕй фӕхъӕуы, ахӕм ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджыты суазӕг кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауимӕ ӕмгуыст кӕнын? (3 Иоан. 5, 8). Уый у хорз фадат, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уат» (Ром. 1:11, 12). Ӕфсымӕртӕн та сӕ бон куыд у Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын? Хуыцауы Ныхас сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕной (1 Тим. 3:1, 8, 9; 1 Пет. 5:2, 3). Афтӕ чи кӕны, уыдоны фӕнды иннӕтӕн ӕнӕуи хъуыддӕгты дӕр ӕмӕ уырнындзинады хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕнын (Хъуыд. 6:1–4). Ӕмбырды хъуыддӕгты чи фӕархайы, уыцы ӕфсымӕртӕ дын зӕгъдзысты, иннӕтӕн лӕггад кӕнын стыр циндзинад кӕй хӕссы. w18.08 24 ф., 6, 7 абз.; 25 ф., 10 абз.

Къуырисӕр, 25 май

Ацӕргӕ нӕлгоймагӕн карз уайдзӕф ма кӕн, фӕлӕ йемӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй, цыма дӕ фыд у, афтӕ (1 Тим. 5:1).

Кӕд Тимофей, хистӕр кары чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгты разамынд лӕвӕрдта, уӕддӕр сӕм хъуамӕ уыдаид фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сын хъуамӕ кад кодтаид. Фӕлӕ, хистӕр кары чи ис, ахӕм чырыстон зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ куы араза кӕнӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгты сӕрыл куы дзура, уӕд та? Ахӕм уавӕры-иу хъуамӕ хъусӕй лӕууӕм? Ацӕргӕ чырыстон зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕд ын Йегъовӕ, ахӕм кары кӕй ис ӕмӕ йын иннӕтӕ кӕй кад кӕнынц, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ныххатыр кӕндзӕн. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Исайы 65:20 стихы цы фыст ис, уымӕ: «Тӕригъӕдджын адӕймагыл сӕдӕ азы дӕр куы цӕуа, уӕддӕр ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн». Йегъовӕ адӕймаджы кармӕ кӕй нӕ кӕсы, уый ма бӕрӕг у, Йезекил цы цӕстылуайӕн федта, уымӕй дӕр (Йез. 9:5–7). Уӕдӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй кад кӕнӕм Йегъовӕ Хуыцауӕн – «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис», уымӕн (Дан. 7:9, 10, 13, 14). Уӕд нӕм уыдзӕн фаг хъӕбатырдзинад, цӕмӕй-иу, кӕмӕн хъӕуа, уымӕн зонд бацамонӕм, цыфӕнды кары ма уа, уӕддӕр (Гал. 6:1). w18.08 11 ф., 13, 14 абз.

Дыццӕг, 26 май

Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл (Ӕмб. 14:15).

Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ-иу раст хъуыдымӕ ӕрцӕуӕм (Ӕмб. 3:21–23; 8:4, 5). Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нын тӕссаг уыдзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ нын йӕ дуне нӕ зонд кӕй сзыгъуыммӕ кӕндзысты, уымӕй (Еф. 5:6; Кол. 2:8). Уӕдӕ-иу цавӕрдӕр хабар куы сбӕрӕг кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр-иу уӕд уыдзӕн нӕ бон раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын. Нӕ рӕстӕджы адӕймаг хабӕрттӕ кӕцӕй нӕ базоны, ахӕм нӕй. Алыхуызон хабӕрттӕ базонӕм телевизор, радио, интернет ӕмӕ газетты руаджы. Стӕй ма нӕм, чи зоны, не ’мбӕлттӕ ӕмӕ нӕ зонгӕтӕ ӕдзухдӕр электронон почтӕйӕ ӕмӕ телефонӕй алыхуызон хабӕрттӕ ӕрбарвитынц. Ӕмӕ хатгай адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын кӕрон дӕр нӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг. Не ’мбӕлттӕ афтӕ, чи зоны, сӕ хорз зӕрдӕйӕ кӕнынц. Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ барӕй ӕрымысгӕ хабӕрттӕ фӕпарахат кӕнынц кӕнӕ хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕнынц. Уӕдӕ-иу хъуамӕ сбӕрӕг кӕнӕм, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый w18.08 3 ф., 1, 3 абз.

Ӕртыццӕг, 27 май

Ды ссардтай Хуыцауы хорзӕх (Лук. 1:30).

Хуыцауы Фырт зӕххыл куы хъуамӕ райгуырдаид, уыцы рӕстӕг куы ралӕууыд, уӕд Йегъовӕ равзӕрста иу сӕрныллӕг ӕнӕцыд чызджы, Марийӕйы, цӕмӕй уыцы диссаджы сывӕллон уымӕн райгуырдаид. Марийӕ царди Назареты, Иерусалимӕй ӕмӕ йӕ рӕсугъд кувӕндонӕй дард чи уыд, уыцы гыццыл горӕты (Лук. 1:26–33). Марийӕ фидар уырнындзинады хицау кӕй уыд, уый бӕрӕг у, йӕ хӕстӕг Елизаветӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ цы загъта, уымӕй (Лук. 1:46–55). Уӕдӕ Йегъовӕ Марийӕмӕ йӕ хъус дардта, ӕмӕ йӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй схорзӕхджын кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыд, афтӕ. Марийӕйӕн Йесо куы райгуырд, уӕд Йегъовӕ Иерусалимы ӕмӕ Вифлеемы кадджын адӕмӕй кӕнӕ хицӕуттӕй ахӕм кад никӕмӕн скодта, цӕмӕй сын уыцы хабар фехъусын кодтаид. Зӕдтӕ фӕзындысты хуымӕтӕг фыййӕуттӕм, Вифлеемы раз быдырты сӕ фысты дзугтӕ чи хъахъхъӕдта, уыдонмӕ (Лук. 2:8–14). Ӕмӕ стӕй уыцы фыййӕуттӕ ноггуырд сывӕллоны фенынмӕ ӕрбацыдысты (Лук. 2:15–17). Марийӕ ӕмӕ Иосиф уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыдаиккой, ӕмӕ Йесойӕн афтӕ скад кӕндзысты, ӕмӕ сын уый ӕхсызгон куыннӕ уыдаид! w18.07 9, 10 фф., 11, 12 абз.

Цыппӕрӕм, 28 май

Йегъовӕйы маст ссыгъд Соломонмӕ (1 Пад. 11:9).

Йегъовӕ Соломонмӕ цӕмӕн смӕсты? Библийы фыст ис: «Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ аздӕхт... Йегъовӕйӕ, дыууӕ хатты йӕм чи фӕзынд, уыцы Хуыцауӕй. Йегъовӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма ацыдаид, фӕлӕ йын уый йӕ ныхасы сӕрты ахызт». Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ Соломоны йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕкодта ӕмӕ йын нал ӕххуыс кодта. Соломонӕн йӕ байзӕддӕгтӕ та ӕнӕхъӕн Израилӕн паддзӕхтӕ нал уыдысты ӕмӕ-иу цалдӕр ӕнусы дӕргъы сӕ сӕр бирӕ бӕллӕхтӕ баййӕфта (1 Пад. 11:9–13). Соломоны хабар нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ чи не ’мбары ӕмӕ сын чи нӕ аргъ кӕны, уыдонимӕ лымӕн кӕнын нӕ уырнындзинадӕн тынг тӕссаг у. Чи зоны, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уыдонӕй чидӕртӕ не ’мчырыстӕттӕ сты, фӕлӕ сӕ уырнындзинад фидар нӕу. Йе та, чи зоны, нӕ рӕстӕг арӕх ӕрвитӕм, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонимӕ, зӕгъӕм, нӕ хӕстӕджытимӕ, нӕ сыхӕгтимӕ, не ’мкусджытимӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтимӕ. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм ӕмбӕлтты зондахаст ныл, гӕнӕн ис, афтӕ тынг фӕзына, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ мауал уӕм. w18.07 19 ф., 9, 10 абз.

Майрӕмбон, 29 май

Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19).

Хӕйрӕг адӕмы йӕ зондыл аразы алыхуызон кинотӕ ӕмӕ телепередачӕты уылты. Уый зоны, адӕймаг кӕйдӕр хабӕрттӕм куы фӕхъусы, уӕд ын уыдӕттӕ ӕнӕуи ирхӕфсӕн кӕй нӕ вӕййынц, фӕлӕ ма кӕй фӕзынынц йӕ зондахастыл, цӕмӕдӕр цы цӕстӕй кӕсы, ууыл ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл. Йесо дӕр уый зыдта, ӕмӕ-иу иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ ахӕм мадзалӕй пайда кодта. Радзырдта-иу сын алыхуызон фӕсномыг ныхӕстӕ, зӕгъӕм, самариаг лӕджы тыххӕй ӕмӕ сӕфт фырты тыххӕй (Матф. 13:34; Лук. 10:29–37; 15:11–32). Фӕлӕ Хӕйрӕджы зондӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдон цы хабӕрттӕ фӕдзурынц, уыдонмӕ хъусгӕйӕ, гӕнӕн ис, мах дӕр уыцы зондыл ацӕуӕм. Хъуамӕ ирхӕфсӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм. Иуӕй-иу кинотӕ ӕмӕ телепередачӕтӕ хи аирхӕфсынӕн хорз сты, стӕй дзы адӕймаг цӕуылдӕрты сахуыр вӕййы, зиан ын не ’рхӕссынц, афтӕмӕй. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Ирхӕфсӕн ӕвзаргӕйӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Ацы киномӕ кӕнӕ телепередачӕмӕ куы бакӕсон, уӕд, мыййаг, афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдайдзынӕн, ӕмӕ мӕ буары монцтыл цӕуон, уым ӕвзӕрӕй ницы ис?» (Гал. 5:19–21; Еф. 2:1–3). Куы йӕ бамбарай, ӕмӕ дӕ цавӕрдӕр телепередачӕ Хӕйрӕджы зондыл сараздзӕн, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Дӕхи дзы хиз, хӕцгӕ низӕй куыд хизай дӕхи, афтӕ! w19.01 15, 16 фф., 6, 7 абз.

Сабат, 30 май

Райсут ирвӕзындзинады згъӕрхуд (Еф. 6:17).

Ӕфсӕддонӕн-иу згъӕрхуд йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ махӕн дӕр «ирвӕзындзинады ныфсы згъӕрхуд» нӕ зонд хъахъхъӕны (1 Фес. 5:8; Ӕмб. 3:21). Хӕйрӕг ууыл архайы, цӕмӕй не згъӕрхуд нӕхӕдӕг нӕ сӕрӕй сисӕм. Цымӕ куыд? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесойы куы фӕлвӕрдта, уыцы хабар. Хӕйрӕг тынг хорз зыдта, Йесо ӕппынфӕстаг ӕппӕт адӕмӕн дӕр Паддзах кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ уал уый размӕ Йесо хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид. Ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр уайтагъд не суыдаид Паддзах, фӕлӕ хъуамӕ банхъӕлмӕ кастаид, Йегъовӕ уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ. Гъемӕ йын Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ дӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы, иу хатт мын бакув, ӕмӕ ацы тӕккӕ суыдзынӕ ӕппӕт дунейы хицау (Лук. 4:5–7). Раст афтӕ архайы мах фӕсайыныл дӕр. Уый зоны, Йегъовӕ нӕ ног дунейы бирӕ хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн. Фӕлӕ мах дӕр хъӕуы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, ӕмӕ нӕ уӕдмӕ та, чи зоны, хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа. Ӕмӕ Сайтан мах дӕр сайы, зӕгъгӕ дын абон дӕр хорз цардӕй цӕрыны фадат ис, ӕмӕ дзы дӕхи цӕмӕн цух кӕныс. Уый фӕнды, цӕмӕй нын сӕйрагдӕр уа ӕнӕмӕт цард кӕнын ӕмӕ нын Хуыцауы Паддзахад та афтӕ ахсджиаг ма уа (Матф. 6:31–33). w18.05 30, 31 фф., 15–17 абз.

Хуыцаубон, 31 май

Де ’рыгон бонты дӕ зӕрдӕ цинӕй райӕд (Еккл. 11:9).

Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уат. Уый уӕ къухы бафтдзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ куы ’вӕрат ӕмӕ алыхуызон уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ йӕ зондӕй куы архайат, уӕд. Цас тагъддӕр райдайат афтӕ кӕнын, уыйас тагъддӕр уӕхиуыл бавзардзыстут, Йегъовӕ дын разамынд дӕтта, хъахъхъӕна дӕ ӕмӕ дын арфӕ кӕна, уый куыд хорз у, уый. Ахъуыды-ма кӕнут, йӕ Ныхасы уылты уын цас хорз уынаффӕтӕ дӕтты! Ӕмӕ ацы уынаффӕ уӕ зӕрдӕмӕ айсут: «Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты» (Еккл. 12:1). Ӕрыгӕттӕ, сымах тынг раппӕлинаг стут, уымӕн ӕмӕ уын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! Сымах Хуыцауы хъуыддаджы уӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрут ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг нымайут уӕ царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕй иуыл. Уымӕй уӕлдай ма ацы дунейӕн уый бар нӕ дӕттут, цӕмӕй уӕ ныкъкъуылымпы кӕна. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнут, уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Хотӕ ӕмӕ уӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ уарзынц ӕмӕ цӕттӕ сты уӕ фарсмӕ балӕууынмӕ. Уӕдӕ уӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕнут, ӕмӕ уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтдзысты! w18.04 29 ф., 17, 19 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын