Июнь
Къуырисӕр, 1 июнь
Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр ракурат мӕ номӕй, уый уын ратдзӕн (Иоан. 15:16).
Ацы ныхӕстӕ апостолты цӕй стыр ныфс бауагътаиккой! Уыдон кӕронмӕ не ’мбӕрстой, Йесо тагъд кӕй хъуамӕ амардаид, уый. Фӕлӕ сӕ Разамонӕджы мӕлӕты фӕстӕ дӕр ӕнӕ ӕххуысӕй нӕ баззадаиккой. Йегъовӕ сын сӕ куывдтытӕ алкӕддӕр хъуыстаид ӕмӕ сын хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесойы мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕхицӕй базыдтой, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, уый (Хъуыд. 4:29, 31). Абон дӕр хабар афтӕ у. Хорз хабар дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд Йесойы хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм. Стӕй нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, хъусын кӕнын нын ӕнцон куы нӕ уа ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курӕм, уӕд нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусдзӕн (Фил. 4:13). Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ Йесойы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм! Уыцы арфӕдзинӕдты фӕрцы нӕм хъару фӕзыны, цӕмӕй дарддӕр дӕр дыргъ хӕссӕм (Иак. 1:17). w18.05 21 ф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 2 июнь
Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр (Дзут. 10:24, 25).
Фондз азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ бамбӕрстой, Павел уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта, уый. Уыдон уыдтой, «Йегъовӕйы... бон» кӕй ӕрбаввахс кӕны ӕмӕ бамбӕрстой, Йесо сын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ горӕтӕй лидзын кӕй хъӕуы (Лук. 21:20–22; Хъуыд. 2:19, 20). Уыцы бон ралӕууыд н. э. 70 азы, ромӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Абон мах дӕр ахӕм уавӕры стӕм. Йегъовӕйы «стыр бон, адӕймагыл тас [чи] ӕфтауы», уыцы бон тынг хӕстӕг у (Иоил 2:11). Пехуымпар Софони загъта: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны» (Соф. 1:14). Ацы ныхӕстӕ мах рӕстӕгмӕ дӕр хауынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24). Абон уӕлдай ахсджиаг у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм нӕ хъус дарын, цӕмӕй-иу сын бахъуаджы сахат сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм. w18.04 20 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 3 июнь
Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у. Уӕдӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ (Йес. Н. 1:9).
Ацы ныхӕстӕ Йесо Навины стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой! Йегъовӕ сӕ Йесо Навинӕн загъта, цалынмӕ йӕ адӕм Зӕрдӕвӕрд зӕххыл не ’рцардысты, уӕдмӕ. Йегъовӕ-иу ӕрмӕст иугай адӕймӕгты нӕ бауагъта ныфс, фӕлӕ йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр. Зӕгъӕм, дзуттӕгтӕ Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд Йегъовӕ зыдта, сӕ ныфсыл сын ныфс бафтауын кӕй хъӕуы, ӕмӕ сын йӕ пехуымпары уылты зӕрдӕ бавӕрдта: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Ис. 41:10). Йегъовӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн дӕр сӕ ныфс фидар кодта, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмы ныфс уадзы (2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕ-иу йӕ Фырт Йесойы дӕр ныфс бауагъта. Зӕгъӕм, Йесо донаргъуыд куы райста, уый хӕдфӕстӕ Хуыцау уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17). Цалынмӕ Йесо зӕххыл лӕггад кодта, уӕдмӕ йын уыцы ныхӕстӕ стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой! w18.04 16 ф., 3–5 абз.
Цыппӕрӕм, 4 июнь
Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр (Райд. 2:17).
Йегъовӕ Адамӕн цы фӕдзӕхст радта, уый фӕдыл абон бирӕтӕ, чи зоны, зӕгъиккой, Адамӕн фаг сӕрибардзинад кӕй нӕ уыд. Фӕлӕ, сӕрибардзинадӕй хайджын уай, ома дын уынаффӕтӕ хӕссыны бар уа, ӕмӕ дын, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар уа, уыдон иу не сты. Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон уыд, Хуыцауы коммӕ кӕсдзысты ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ рахӕссын. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар та ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис. Ӕмӕ ууыл дзурӕг уыд, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны цы бӕлас сзайын кодта, уый дӕр – «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас» (Райд. 2:9). Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бӕласы дыргътӕй ма бахордтаиккой, уӕд сын афтӕмӕй бамбарын кодта, ӕцӕг сӕрибардзинадӕй хайджын ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзысты, ӕмӕ йӕм куы хъусой. Хъыгагӕн, нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, раст уынаффӕ нӕ рахастой – Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты. Цымӕ Адам ӕмӕ Евӕ ахӕм уынаффӕ кӕй рахастой, уый фӕрцы фылдӕр сӕрибардзинадӕй схайджын сты? Кӕцӕй! Уыдон бабӕллыдысты, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой. Сӕ фӕнд сӕ къухы кӕй нӕ бафтыд, уый иу, фӕлӕ ма Хуыцауӕй лӕвӕрд сӕрибардзинадӕй дӕр – ӕцӕг сӕрибардзинадӕй – ӕнӕхай фесты. w18.04 5, 6 фф., 9–12 абз.
Майрӕмбон, 5 июнь
Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр (Ис. 63:9).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ хъизӕмӕрттӕ куы февзарынц, уӕд сын ӕнӕуи нӕ фӕтӕригъӕд кӕны. Уый сын ӕххуыс дӕр бакӕны. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты ӕмӕ куы хъизӕмар кодтой, уӕд сын Йегъовӕ сӕ рыст ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ бафӕндыд сӕ хъизӕмӕрттӕй сӕ фервӕзын кӕнын. Хуыцау Моисейӕн загъта: «Ӕз федтон, мӕ адӕм... куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ сын фехъуыстон сӕ дзыназын... Зонын ӕй, куыд удхар кӕнынц. Ӕмӕ цӕуын, цӕмӕй сӕ египетӕгты къухӕй фервӕзын кӕнон» (Рац. 3:7, 8). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сӕ Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта. Фӕстӕдӕр израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ’рцардысты, уӕд-иу сӕ се знӕгтӕ ӕнцад цӕрын нӕ уагътой. Цымӕ-иу Йегъовӕ куыд бакодта? Уый «хъуыста, чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ алырдыгӕй чи ссӕста, уыдоны ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уый ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта». Йегъовӕ йӕ адӕмӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ-иу сын баххуыс кодта. Хуыцау-иу сын радта тӕрхонгӕнджытӕ, цӕмӕй-иу сӕ уыдон се знӕгты къухӕй фервӕзын кодтаиккой (Тӕрх. 2:16, 18). w19.03 15 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 6 июнь
Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна, йӕ гуыбыны кӕй фӕхаста, уымӕн ма фӕтӕригъӕд кӕна? Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн (Ис. 49:15).
Дӕс фӕдзӕхстӕй фыццаг дыууӕ ахӕм уыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдаиккой иузӕрдион, мӕнгхуыцӕуттӕн кувынӕй та сӕхи хызтаиккой (Рац. 20:3–6). Йегъовӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ уый тыххӕй нӕ радта, ӕмӕ йӕхи пайдайӕн уыдысты. Уыдон пайда уыдысты йӕ адӕмӕн. Ӕндӕр адӕмты хуыцӕуттӕн-иу куы куывтой, уӕд-иу бӕллӕхты хай баисты. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты ӕмӕ-иу иннӕтимӕ рӕстӕй куы архайдтой, уӕд та-иу сын арфӕ кодта (1 Пад. 10:4–9). Йӕхи Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг чи хоны, уыдонӕй йын кӕд чидӕртӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты хизынц ӕмӕ йӕ адӕм уыдоны аххосӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уӕд уый Йегъовӕйы аххос нӕу. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр Йегъовӕ уарзы ӕмӕ фӕуыны, кӕйдӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ куы бавзарӕм, уый. Кӕд мадӕн йӕ хъӕбулы рыст тынг зын вӕййы, уӕд Йегъовӕйӕн та мах рыст ноджы зындӕр вӕййы. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ хъуыддагмӕ ныр ма ӕрӕвнала, уӕддӕр йӕ рӕстӕджы, иннӕты чи ӕфхӕры ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонӕй дзуапп ӕрдомдзӕн. w19.02 22 ф., 13–15 абз.
Хуыцаубон, 7 июнь
Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд (Лук. 22:42).
Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр къуырийы дӕргъы ӕмбырдты фылдӕр фӕныхас кӕнӕм Чырыстийы цӕвиттоныл ӕмӕ, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй цы сӕрныллӕгдзинад равдыста, ууыл. Уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йесойау сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый нын зын куы уа, уӕд дӕр. Фӕхъуыды-ма кӕнӕм, йӕ мӕлӕты размӕ цалдӕр боны дӕргъы куыд хъӕбатырӕй архайдта, ууыл. Йесо зыдта, тагъд дзы йе знӕгтӕ кӕй хынджылӕг кӕндзысты, ехсӕй йӕ кӕй нӕмдзысты ӕмӕ йӕ хъӕдыл кӕй байтындздзысты (Матф. 20:17–19). Фӕлӕ уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ цард раттынмӕ. Ӕмӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд, йемӕ Гефсиманийы дыргъдоны чи уыд, уыцы апостолтӕн загъта: «Сыстут, цӕуын нӕ хъӕуы. Уӕртӕ ӕрбацӕуы мӕ уӕйгӕнӕг» (Матф. 26:36, 46). Ӕмӕ уырдӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ бирӕ адӕм ӕд хӕцӕнгӕрзтӕ куы ’рбацыд, уӕд размӕ рацыд, йӕхи сын бацамыдта ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ апостолты ауагътаиккой (Иоан. 18:3–8). Цӕй диссаджы хъӕбатырдзинад равдыста Йесо! Абон сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр фӕархайынц, цӕмӕй Йесойау хъӕбатыр уой. w19.01 27, 28 фф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 8 июнь
Агурут сӕрныллӕгдзинад (Соф. 2:3).
Нывгӕнӕджы алыхуызон рӕсугъд хуызтӕ куыд хъӕуы, цӕмӕй цыдӕр сныв кӕна, раст афтӕ мах дӕр хъӕуы алыхуызон миниуджытыл кусын, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Уыцы миниуджытӕй иуӕй-иутӕ сты коммӕгӕсдзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм коммӕгӕс. Хуыцауы фӕндонмӕ хауы, фӕлмӕн удыхъӕд нын уа, уый дӕр (Матф. 5:5; Гал. 5:23). Йӕ фӕндон ын куы феххӕст кӕнӕм, уӕд Хӕйрӕг тынг фӕмӕсты кӕны. Ӕмӕ кӕд сӕрныллӕг стӕм ӕмӕ нын фӕлмӕн удыхъӕд ис, уӕддӕр нӕ Хӕйрӕджы дунейы адӕмӕй бирӕтӕ се сӕфт уынынц (Иоан. 15:18, 19). Ӕмӕ цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй та нӕ хъӕуы хъӕбатырдзинад. Сӕрныллӕг чи нӕу, уыдон та сӕхицӕй вӕййынц хъал ӕмӕ уайтагъд рамӕсты вӕййынц, стӕй уыдон Йегъовӕйы коммӕ нӕ кӕсынц. Ӕмӕ растдӕр ахӕм у Хӕйрӕг дӕр. Уӕдӕ диссаг нӕу, сӕрныллӕг адӕмӕй йе сӕфт кӕй уыны! Уыдон хорз миниуджытӕ куы равдисынц, уӕд уымӕн йе ’взӕр миниуджытӕ ноджы тынгдӕр рабӕрӕг вӕййынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма афтӕмӕй сбӕлвырд кӕнынц, Хӕйрӕг мӕнгдзурӕг кӕй у. Ома куыд? Уыдон цыфӕнды зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр фӕлӕггад кӕнынц. Уӕдӕ Хӕйрӕг цыфӕнды ма дзура ӕмӕ цыфӕнды ма араза, уӕддӕр сӕ йӕ бон бауромын нӕу! (Иов 2:3–5). w19.02 8, 9 фф., 3–5 абз.
Дыццӕг, 9 июнь
Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн (Ис. 41:10).
Йегъовӕ зыдта, ахӕм рӕстӕг кӕй скӕндзӕн, ӕмӕ Вавилоны цӕрджыты се ’ппӕты дӕр тас бацӕудзӕн. Мидо-Персийы хъомысджын ӕфсӕдтӕ хъуамӕ Вавилон бацахстаиккой. Йегъовӕ афтӕмӕй фӕнд кодта йӕ адӕмы Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кӕнын (Ис. 41:2–4). Уыцы рӕстӕг куы ’рхӕццӕ, уӕд вавилойнӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕ зыдтой, се знаг кӕй ӕрбахӕстӕг кӕны, ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфс бауадзыныл архайдтой. Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Фидар у». Стӕй ма сӕхицӕн ноджы фылдӕр мӕнгхуыцӕуттӕ скодтой, зӕгъгӕ нӕ кӕд уыдон уӕддӕр фервӕзын кӕниккой (Ис. 41:5–7). Уацайраг дзуттӕгтӕн та сӕ зӕрдӕтӕ сабыр кодтой, Йегъовӕ Исайӕн цы ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдон: «Ды... Израил, [ӕндӕр адӕмтӕй уӕлдай] ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг. [...] Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн [кӕнӕ «ма тыхс»], уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн» (Ис. 41:8–10). Дӕ хъус-ма ӕрдар ацы ныхӕстӕм, «ӕз дӕ Хуыцау дӕн», зӕгъгӕ. Ацы ныхӕстӕ дзуттӕгты ныфс уагътой, Йегъовӕйӕ рох кӕй не сты. Уыдон алкӕддӕр уыдысты йӕ адӕм, ӕмӕ ныр дӕр ницы фӕивта. Йегъовӕ сын загъта: «Ӕз... уӕ хӕсдзынӕн... ӕмӕ уӕ ирвӕзын кӕндзынӕн». Уыцы ныхӕстӕ уацайраг дзуттӕгтӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой (Ис. 46:3, 4). w19.01 4 ф., 8 абз.
Ӕртыццӕг, 10 июнь
Уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Мар. 1:11).
Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрттӕ хатты ӕрдзырдта ӕмӕ фыццаг хатт цы загъта, уый фыст ис Марчы 1:9–11 стихты. Йегъовӕ загъта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт». Йесойӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕ кӕй райы, уый фехъусын! Йегъовӕйы ныхӕстӕй Йесойы тыххӕй базонӕн ис ӕртӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг: Йесо у йӕ Фырт. Дыккаг: Йегъовӕ йӕ Фырты уарзы. Ӕмӕ ӕртыккаг: Йегъовӕ йӕ Фыртӕй у райгонд. Ацы ныхӕстӕй, «ды дӕ мӕ... Фырт», зӕгъгӕ, Йегъовӕ равдыста, йӕ зынаргъ Фырт Йесойы бӕрны ног хӕс кӕй бакӕндзӕн. Йесо уӕлӕрвты куы уыд, уӕд дӕр уыди Хуыцауы Фырт, уымӕн ӕмӕ уыди, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы уӕларвон удгоймӕгтӕй иу. Фӕлӕ донаргъуыд куы райста, уӕд сӕрст ӕрцыд сыгъдӕг тыхӕй. Йесо сси Хуыцауы сӕрст Фырт, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕмӕй равдыста, Йесойӕн ныфс кӕй фӕзынд, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхдзӕн, цӕмӕй уым нысангонд Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын суа (Лук. 1:31–33; Дзут. 1:8, 9; 2:17). Уӕдӕ ныр ӕмбарӕм, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн загъта, «ды дӕ мӕ... Фырт», зӕгъгӕ (Лук. 3:22). w19.03 8 ф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 11 июнь
Зонд... Йегъовӕйы ныхмӕ куы уа, уӕд ницы у (Ӕмб. 21:30).
Ӕвзӕр уынаффӕ фыццаг хатт лӕвӕрд ӕрцыд, зӕххыл адӕм куы фӕзындысты, уӕд. Уыцы уынаффӕ уыд Хӕйрӕгӕй. Уый Евӕйӕн загъта, Адамимӕ амондджындӕр кӕй уыдзысты, сӕхи цы фӕнды, уый куы аразой, уӕд (Райд. 3:1–6). Хӕйрӕг йӕхиуыл хъуыды кодта. Уый фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ, стӕй сӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр йӕ дӕлбар уыдаиккой ӕмӕ Йегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн куывтаиккой. Фӕлӕ сын цыдӕриддӕр уыд, уый сын Йегъовӕ радта. Адамӕн радта Евӕйы, Евӕйӕн та – Адамы, ӕмӕ сӕ схайджын кодта уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕй. Ӕрцӕрын сӕ кодта рӕсугъд цӕхӕрадоны. Стӕй сын радта ӕххӕст буӕрттӕ, ӕмӕ сӕ бон уыд афтӕмӕй ӕнустӕм цӕрын. Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты. Уыдон сӕхи сӕ Царддӕттӕгӕй фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ йӕ куыд зоныс, афтӕмӕй уый стыр бӕллӕхтӕм ӕркодта. Кӕй ӕртонынц, ахӕм дидинӕг сабыргай куыд бахус вӕййы ӕмӕ куыд амӕлы, афтӕ уыдон дӕр сабыргай базӕронд сты ӕмӕ фӕстагмӕ амардысты. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уый аххосӕй (Ром. 5:12). Адам ӕмӕ Евӕйау абон адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ, сӕхи цы фӕнды, уый аразынц (Еф. 2:1–3). Ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи фыдбылызы баппарынц. Уый бӕрӕг у абоны стихы ныхӕстӕй. w18.12 20 ф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 12 июнь
[Мах] дзурӕм... адӕймаджы зонды фӕрцы кӕй базыдтам, ахӕм зондджын ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ, сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй базыдтам, ахӕм ныхӕстӕй – Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи цӕуы, ахӕм ныхӕстӕй (1 Кор. 2:13).
Апостол Павел уыд зондджын ӕмӕ ахуыргонд адӕймаг, стӕй зыдта дзуттаг ӕвзаг дӕр ӕмӕ грекъаг ӕвзаг дӕр (Хъуыд. 5:34; 21:37, 39; 22:2, 3). Фӕлӕ-иу ӕй уынаффӕ хӕссын куы хъуыди, уӕд-иу ацы дунейы зондӕй нӕ архайдта, фӕлӕ-иу архайдта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (Хъуыд. 17:2; 1 Кор. 2:6, 7). Уый фӕрцы йын хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ ӕнтыст ӕмӕ хайджын уыд ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй (2 Тим. 4:8). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы хъуыдытӕ ацы дунейы хъуыдытӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй сты. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын ӕмӕ нын бирӕ ӕнтысдзӕн. Йегъовӕ нӕ йӕ зондыл тыххӕй нӕ цӕуын кӕны, ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» дӕр, стӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц (Матф. 24:45; 2 Кор. 1:24). Адӕймагӕн йӕхиуыл ис уыцы хӕс, цӕмӕй йӕ зондахаст ива ӕмӕ уый фӕрцы, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уа. w18.11 20, 21 фф., 12, 13 абз.
Сабат, 13 июнь
Хъыг ӕмӕ мастӕн... сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Ис. 35:10).
Хуыцау пехуымпар Исайы уылты загъта, йӕ адӕм сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’рыздӕхой, уӕд сын уым тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн. Израилӕгты тӕрсын нӕ хъуыд нӕдӕр сырдтӕй, нӕдӕр фыдгӕнӕг адӕмӕй. Стырӕй-чысылӕй, алкӕмӕн дӕр дзы уыдаид ӕдас (Ис. 11:6–9; 35:5–10; 51:3). Уыцы пехуымпарады ма куыд загъд уыд, афтӕмӕй зӕхх – Израилы зӕххӕн йӕ кӕцыдӕр хай нӕ, фӕлӕ ӕнӕхъӕн зӕхх – «байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй, денджыз дӕттӕй куыд дзаг у, афтӕ». Исай та ногӕй загъта, йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ чи хъуамӕ ӕрыздӕхтаид, уыцы израилӕгтӕн нӕдӕр сырдтӕй ӕмӕ нӕдӕр адӕмӕй тӕссаг кӕй нӕ уыдаид. Сӕ зӕхх хъуамӕ лӕвӕрдтаид хъӕздыг тыллӕг, уымӕн ӕмӕ Едемы цӕхӕрадонау уыдаид донӕфсӕст (Райд. 2:10–14; Йер. 31:12). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ӕрмӕстдӕр уӕд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой? Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ, чи ӕрыздӕхт, уыдон диссаджы хуызы сӕ низтӕй фервӕзтысты. Зӕгъӕм, куырм чи уыд, уыдон цӕстӕй нӕ ракастысты. Уӕдӕ Хуыцау уыцы пехуымпарады фӕрцы бамбарын кодта, адӕм сӕ низтӕй фидӕны кӕй сдзӕбӕх уыдзысты. w18.12 5 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 14 июнь
Дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрут (3 Иоан. 3).
Мах фӕнды рӕстдзинады фӕндагыл ӕнустӕм цӕуын. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр фӕндфидарӕй цӕуӕм? Рӕстдзинады фӕндагыл фӕндфидарӕй цӕуынӕн нын баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм. Библийы хӕзнатӕ агурынӕн ӕдзухдӕр рӕстӕг хицӕн кӕн. Уый фӕрцы рӕстдзинадӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ никуы ауӕй кӕндзынӕ. Ӕмбисӕндты 23:23 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй ма хъуамӕ балхӕнӕм «зонд, зондамынд ӕмӕ ӕмбарындзинад» дӕр. Библийӕ цыдӕртӕ ӕнӕуи базонай, уый фаг нӕу. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Ӕмбарындзинад нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ бон вӕййы бамбарын, цы базыдтам, уый куыд баст у, уӕдмӕ цы зыдтам, уыимӕ. Зондӕй хайджын куы уӕм, уӕд нӕ уый фӕрцы фӕнддзӕн, цы зонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын. Хатгай та нын рӕстдзинад зонд дӕр бацамоны, ома нын равдисы, цы нӕ фӕивын хъӕуы, уый. Хъуамӕ-иу уыцы зондамындмӕ алы хатт дӕр байхъусӕм. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый у ӕвзистӕй дӕр зынаргъдӕр (Ӕмб. 8:10). w18.11 9 ф., 3 абз.; 11 ф., 13, 14 абз.
Къуырисӕр, 15 июнь
Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн (Ӕмб. 23:23).
Царды дын ӕппӕты зынаргъдӕр цы у? Къаддӕр аргъ цӕмӕн ис, ахӕм истӕуыл ӕй баивис? Махӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, ӕппӕты зынаргъдӕр у, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый, ӕмӕ йӕ ницӕуыл баивдзыстӕм. Стӕй ма аргъ кӕнӕм Библийы рӕстдзинадӕн, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон у нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕнгомдӕр кӕнын (Кол. 1:9, 10). Ахъуыды-ма кӕн, нӕ Кадджын Зондамонӕг нын йӕ Ныхас Библийы цас цыдӕртӕ амоны! Хуыцау нын ӕргом кӕны, йӕ ном куыд тынг ахсджиаг у ӕмӕ цы диссаджы миниуджыты хицау у, уый. Стӕй ма нын ӕргом кӕны, афтӕ тынг нӕ кӕй уарзы, ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырты мах тыххӕй радта. Йегъовӕ ма нын ӕмбарын кӕны, цы у, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын амоны, нӕ цард куыд хъуамӕ аразӕм, уый. Мах ацы зонындзинӕдтӕн тынг аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у не Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсдӕр кӕнын, стӕй уыдоны фӕрцы зонӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый. w18.11 3 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 16 июнь
Кӕрӕдзийы ма сайут (Кол. 3:9).
Иннӕты чи сайы, уыдон Йегъовӕйы нӕ асайдзысты. Библийы фыст ис: «[Хуыцауӕй] ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзут. 4:13). Зӕгъӕм, Анани ӕмӕ Сапфирӕ сӕ зӕрдӕйы ахӕм фыдвӕнд скодтой, цӕмӕй апостолтыл хинӕй рацыдаиккой. Анани ӕмӕ Сапфирӕ сӕ зӕхх ауӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ цасдӕр бамбӕхстой, иннӕтӕ та апостолтӕм ӕрбахастой. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сӕ хорзы кой айхъуыстаид, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ апостолтӕн загътой, сӕ зӕххы ӕхца иууылдӕр кӕй ӕрбахастой. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ ӕмбӕхст ницы уыд, ӕмӕ, апостолты кӕй асайдтой, уый тыххӕй сӕ бафхӕрдта (Хъуыд. 5:1–10). Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, сайгӕ чи кӕны, уыдонмӕ? Хӕйрӕг дӕр, стӕй, иннӕты чи сайы ӕмӕ ууыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр «ӕппӕрст ӕрцӕудзысты судзгӕ сондоны цады» (Рарг. 20:10; 21:8; Пс. 5:6). Мах зонӕм, «Хуыцау адӕймаг [кӕй] нӕу, цӕмӕй сайа». Йегъовӕйӕн «йӕ бон... нӕу фӕсайын» (Ным. 23:19; Дзут. 6:18). Уый йе сӕфт уыны «мӕнг ӕвзагӕй» (Ӕмб. 6:16, 17). Цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм. w18.10 8 ф., 10–13 абз.
Ӕртыццӕг, 17 июнь
Уыдӕттыл хъуыды кӕн (1 Тим. 4:15).
Зӕгъӕм, де ’мкусджытӕ ӕхца ӕмбырд кӕнынц, мӕнг динимӕ баст чи у, ахӕм бӕрӕгбонмӕ, ӕмӕ дын дӕ куысты хицау загъта, цӕмӕй ды дӕр ӕхца радтай. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Ахӕм уавӕры кӕд бахаудзынӕ, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыны бӕсты фӕлтау ныр ахъуыды кӕн, Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Ӕмӕ искуы ахӕм уавӕры куы бахауай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, раст куыд у, афтӕ бакӕнын ӕмӕ, раст цы у, уый зӕгъын. Йегъовӕ хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл рагацау куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм, дохтырты ӕххуыс нӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фидарӕй аскъуыддзаг кодтам, нӕдӕр туг, нӕдӕр йӕ цыппар сӕйраг хайы бауадзыныл кӕй не сразы уыдзыстӕм (Хъуыд. 15:28, 29). Фӕлӕ хос кӕныны мадзӕлттӕй иуӕй-иутӕ тугимӕ баст вӕййынц, ӕмӕ алы чырыстоны дӕр йӕхи фӕхъӕуы Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ уынаффӕ рахӕссын. Хорз уаид, ахӕм уынаффӕ рагацау куы рахӕссиккам, рынчындонмӕ куы бахауӕм, уӕд нӕ, фӕлӕ. Рыстытӕ куы ’взарӕм ӕмӕ нын дохтыртӕ куы дзурой, цӕмӕй тагъддӕр уынаффӕ рахӕссӕм, уӕд нын ӕнцон нӕ уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын. Уыцы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагурын, туджы гӕххӕтт байдзаг кӕнын ӕмӕ дохтыримӕ аныхас кӕнын рагацау хъӕуы. w18.11 24 ф., 5 абз.; 26 ф., 15, 16 абз.
Цыппӕрӕм, 18 июнь
Мӕнмӕ чи хъусы, уый... цӕрдзӕн ӕдасӕй (Ӕмб. 1:33).
Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл тыхсы, фыййау йӕ дзугыл куыд фӕтыхсы, афтӕ ӕмӕ нӕ не знӕгтӕй хъахъхъӕны. Ӕмӕ ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нын уый у стыр удӕнцойы хос! Йегъовӕ йӕ адӕмы, тынг тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы рӕстӕджы дӕр нӕ ныууадздзӕн (Рарг. 7:9, 10). Уӕдӕ Хуыцауы адӕмы уыцы рӕстӕг тӕрсын ницӕмӕй хъӕудзӕн,– ӕрыгон уой ӕви ацӕргӕ, ӕнӕниз уой ӕви рынчын, уӕддӕр. Уыдон сӕ зӕрдыл дардзысты Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «[Уӕхи-иу] сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг» (Лук. 21:28). Ӕмӕ сӕ уымӕй фидар ныфс уыдзӕн, суанг сыл Гог, ома адӕмты къорд, йӕхи куы ныццӕва, уыцы рӕстӕг дӕр (Йез. 38:2, 14–16). Цымӕ сӕ уый фидарӕй цӕмӕн уырндзӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон зонынц, Йегъовӕ кӕй нӕ фӕивта. Хуыцау алкӕддӕр ӕвдисдзӕн, йӕ адӕмы хорзыл кӕй хъуыды кӕны ӕмӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у (Ис. 26:20). w18.09 26 ф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 19 июнь
Зынаргъ... дӕ мӕ цӕсты, ӕмӕ дӕ тынг уарзын (Ис. 43:4)
Израилӕгтӕн цӕй стыр удӕнцой ӕрхастаиккой ацы ныхӕстӕ. Ды дӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ фидар ныфс уӕд, йӕ зӕрдӕйӕн адджын кӕй дӕ. Библи нӕ ныфс уадзы: «Уый у хъомысджын Хуыцау, ӕмӕ дӕ фервӕзын кӕндзӕн. Дӕумӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ райдзӕн» (Соф. 3:16, 17). Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры, цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ’взарой, уӕддӕр сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сын удӕнцой кӕй дӕтдзӕн. Цы зӕрдӕ сӕм дары, уый равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Сымах хӕсдзысты сӕ хъӕбысы. Сӕ хъӕбысы уӕ сбадын кӕндзысты ӕмӕ уыл цинтӕ кӕндзысты. Адӕймагӕн йӕ мад йӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕна, афтӕ уын ӕз дӕр уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн» (Ис. 66:12, 13). Ахъуыды-ма кӕн, сывӕллон йӕ мады хъӕбысы куы вӕййы ӕмӕ йыл мад куы фӕцинтӕ кӕны, уӕд куыд ӕдыхст вӕййы! Йегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой. Макуы дызӕрдыг кӕн, ды дӕр Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй дӕ (Йер. 31:3). w18.09 13 ф., 6, 7 абз.
Сабат, 20 июнь
Искӕй [ма] фӕнды абон Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын? (1 Аз. 29:5).
Рагзаманты Израилы адӕмӕн уыд алыхуызон фадӕттӕ Хуыцауы хъуыддагӕн ӕххуыс кӕнынӕн (Рац. 36:2; Неем. 11:2). Ӕмӕ абон дӕуӕн дӕр бирӕ фадӕттӕ ис, цӕмӕй дӕ рӕстӕгӕй, дӕ курдиӕттӕй ӕмӕ дӕм цы ис, уымӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынӕн пайда кӕнай. Уый дын хӕсдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзынӕ. Хуыцауы организацийӕн алыхуызон хъуыддӕгты чи феххуыс кӕны, уыдонӕн арӕх фӕзыны ног ӕмбӕлттӕ. Ӕркӕсӕм, Паддзахады залтӕ аразынӕн 18 азы дӕргъы чи ӕххуыс кодта, иу ахӕм хойы хабармӕ. Йӕ ном хуыйны Марджи. Уыцы хо-иу ӕрыгондӕр хотӕм йӕ хъус дардта ӕмӕ-иу сын, арӕзтадон куыстытӕ куыд кӕнын хъӕуы, уый амыдта. Ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй-иу уыцы хъуыддаджы архайгӕйӕ кӕрӕдзийы уырнындзинад тынг бафидар кодтой (Ром. 1:12). Ӕмӕ Марджи зындзинӕдтыл куы ӕмбӕлд, уӕд-иу ӕй, арӕзтадон куыстыты рӕстӕг кӕимӕ балымӕн, уыдон фидар кодтой. Ды дӕр ахӕм куыстыты искуы архайдтай? w18.08 25 ф., 9, 11 абз.
Хуыцаубон, 21 июнь
Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд. Фӕлӕ дзыхыныхасӕй, уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй, уарзондзинадӕй, уырнындзинадӕй ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕй фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн (1 Тим. 4:12).
Павел ацы ныхӕстӕ куы ныффыста, уӕд Тимофейыл цыдаид 30 азӕй гыццыл фылдӕр. Кӕд ахӕм кары уыд, уӕддӕр ын Павел йӕ бӕрны ахсджиаг хӕстӕ бакодта. Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕн сӕ кармӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм. Йесо Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд уымӕн дӕр 33 азмӕ бирӕ цыдӕртӕ бантыст. Иуӕй-иу бӕстӕты ӕрыгӕттӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц. Ӕмӕ, чи зоны, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕрты кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй снысан кӕнын раст нӕу, ӕмӕ сын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, рекомендаци ма дӕттой. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ цӕмӕй ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны ахӕм хӕстӕ бакӕнӕн уа, уый тыххӕй бӕлвырд цавӕрдӕр кары хъуамӕ уа (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9). w18.08 11, 12 фф., 15, 16 абз.
Къуырисӕр, 22 июнь
Дӕхи хиз... мӕнг зонындзинадӕй (1 Тим. 6:20).
Раст уынаффӕ рахӕссӕн ис, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ӕрмӕстдӕр ахӕм хабар зонгӕйӕ. Уӕдӕ-иу исты бакӕсинаг куы уӕм, уӕд-иу хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг (Фил. 4:8, 9). Ӕууӕнчы аккаг чи нӕу, ахӕм сайтты ног хабӕрттӕ кӕнӕ, электронон почтӕйӕ кӕй ӕрбарвитынц ӕмӕ бӕлвырд кӕй нӕ фӕзонӕм, ахӕм хабӕрттӕ кӕсыныл хъуамӕ нӕ рӕстӕг ма хардз кӕнӕм. Уӕлдай тынгдӕр та нӕхи хъуамӕ хизӕм, раст дины ныхмӕ чи сси, уыдоны сайттӕй. Уыдоны фӕнды Хуыцауы адӕмы раст фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кӕнын. Ӕцӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссын. Уӕдӕ нӕхиуыл хъуамӕ макуы фервӕссӕм, мӕнӕн уыдӕттӕй тӕссаг нӕу, зӕгъгӕ. Ӕркӕсӕм, Моисейы заман Зӕрдӕвӕрд зӕхх сгарынмӕ 12 нӕлгоймаджы куы арвыстой, уыцы хабармӕ. Фӕстӕмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд уыдонӕй 10 адӕймаджы уыцы зӕххӕй ӕвзӕр йеддӕмӕ ницы дзырдтой (Ным. 13:25–33). Уыдон хабар афтӕ ныддиссаг кодтой, ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕн сӕ ныфс бынтондӕр асаст (Ным. 14:1–4, 6–10). Хабар ӕцӕгӕй куыд уыд, уый не сбӕрӕг кодтой ӕмӕ Йегъовӕйыл сӕ ныфс нӕ сӕвӕрдтой, фӕлӕ ӕвзӕр хабарыл баууӕндыдысты. w18.08 4 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 23 июнь
Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц (1 Кор. 15:33).
Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ цавӕрдӕр хорз миниуджытӕ ис. Стӕй бирӕтӕ, кӕд Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, уӕддӕр фыдхъуыддӕгтӕ нӕ фӕаразынц. Кӕд дӕ зонгӕтӕй дӕр уый зӕгъӕн ис, уӕддӕр сӕ цымӕ хорз ӕмбӕлттӕ ис схонӕн? Ахъуыды кӕн, семӕ кӕй лымӕн кӕныс, уый, Йегъовӕимӕ дын цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн? Ӕххуыс дын кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнай? Цавӕр зондыл хӕст сты? Мыййаг, фылдӕр модӕйыл, ӕхцайыл, телефонтӕ ӕмӕ планшеттыл, ирхӕфсӕнтыл кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттыл фӕдзурынц? Мыййаг, арӕх иннӕты фыдкой фӕкӕнынц? Ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц? Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны» (Матф. 12:34). Кӕд ӕй бамбӕрстай, ӕмӕ, дӕ рӕстӕг кӕимӕ ӕрвитыс, уыдоны тыххӕй дын тӕссаг у, Йегъовӕйы хӕлар куы нал уай, уымӕй, уӕд уымӕ ӕнцад ма кӕс! Семӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвит. Кӕнӕ та, чи зоны, бахъӕуа афтӕ бакӕнын, ӕмӕ сӕм ӕмгӕрон дӕр мауал цӕуай (Ӕмб. 13:20). w18.07 19 ф., 11 абз.
Ӕртыццӕг, 24 июнь
Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг нӕ уыд (Ным. 12:3).
Моисейыл 80 азы куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ бахӕс кодта, цӕмӕй израилӕгты Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодтаид (Рац. 3:10). Цалдӕр хатты Моисей ӕфсӕнттӕ ссардта. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ йемӕ уыд фӕразон ӕмӕ ма йын ахӕм тых радта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын (Рац. 4:2–9, 21). Йӕ бон уыд Моисейы тас бауадзын, цӕмӕй йӕ коммӕ бакастаид. Фӕлӕ Йегъовӕ равдыста фӕразондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад. Уый зыдта, Моисей бонзонгӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймаг кӕй у ӕмӕ дзы ныфс бауадзын кӕй хъӕуы, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ загъта, йемӕ кӕй уыдзӕн. Цымӕ уый Моисейыл куыд фӕзынд? Фӕстӕдӕр Моисей сси хорз разамонӕг. Уый иннӕтыл тыхсти ӕмӕ сӕм уыд фӕлмӕнзӕрдӕ, Йегъовӕ йын йӕхиуыл куыд тыхст ӕмӕ йӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ уыд, раст афтӕ. Кӕд уӕм цавӕрдӕр бартӕ ис, уӕд ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйау уат хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон ӕмӕ уын уӕ бӕрны кӕй бакодта, уыдоны хорзыл хъуыды кӕнат (Кол. 3:19–21; 1 Пет. 5:1–3). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесо Чырыстийы куы фӕзмат, уӕд иннӕтӕн уемӕ ӕнцон уыдзӕн ӕмӕ сын ныфсы хос уыдзыстут (Матф. 11:28, 29). w18.09 24, 25 фф., 7–10 абз.
Цыппӕрӕм, 25 июнь
Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой! (Пс. 133:1).
Хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн немӕ ӕхсызгон уыдзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ иудзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты. Кӕд ныр дӕр ууыл архайыс, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ дӕ бон нӕ уаид де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ноджы хуыздӕр базонын? (2 Кор. 6:11–13). Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ сыхӕгтӕ дӕр уыной рӕстдзинады рухс? Хӕларзӕрдӕ сӕм куы уай, уӕд сӕ, чи зоны, искӕй рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнда. Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Мӕ сыхӕгтӕ мӕм цы зӕрдӕ дарынц? Мӕ хӕдзар ӕфснайд вӕййы, стӕй йӕ алыварс дӕр сыгъдӕг вӕййы? Нӕ сых фидауын кӕны ӕви йӕ фыдынд кӕны? Мӕ сыхӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ нӕ фӕзивӕг кӕнын?» Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу сӕ афӕрс, сӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ сӕ хорз уагахаст сӕ хӕстӕджытыл, сӕ сыхӕгтыл, се ’мкусджытыл кӕнӕ сӕ къласӕгтыл куыд фӕзынд, уымӕй. Ӕмӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ цымыдисаг хабары нӕ радзурдзысты (Еф. 5:9). w18.06 24 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 26 июнь
Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уыдон хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц (Иоан. 16:2).
Афтӕ хъуыды кодтой, Чырыстийы ахуыргӕнинаг Стефаны чи амардта, уыдон дӕр (Хъуыд. 6:8, 12; 7:54–60). Диссаг у, фӕлӕ ӕнусты дӕргъы дины разамонджытӕй бирӕтӕ Хуыцауы номӕй арӕзтой фыдхъуыддӕгтӕ, суанг ма-иу кӕйдӕрты маргӕ дӕр акодтой, кӕд ӕмӕ афтӕмӕй, цы Хуыцауӕн куывтой, уымӕн йӕ закъӕттӕ хӕлдтой, уӕддӕр! (Рац. 20:13). Дзырд дӕр ыл нӕй, се ’фсарм сын, раст цы у, уый нӕ амыдта! Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын не ’фсарм хорз фӕндагамонӕг уа? Хуыцауы Ныхасы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон пайда сты «адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн» (2 Тим. 3:16). Уӕдӕ Библи арф куы иртасӕм, лӕмбынӕг ыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ахуыр кӕндзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Ӕмӕ нын уӕд не ’фсарм суыдзӕн хорз фӕндагамонӕг. w18.06 16, 17 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 27 июнь
Райсут... Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас (Еф. 6:17).
Ромаг ӕфсӕддонӕн-иу йӕ хъама уыд иу-50 сантиметры дӕргъӕн. Ӕфсӕддонтӕ уыцы хъаматӕй хӕцынмӕ тынг арӕхстысты, уымӕн ӕмӕ сӕхи алы бон дӕр фӕлтӕрдтой. Павел Хуыцауы Ныхас абарста, Йегъовӕ нын кӕй радта, ахӕм хъамаимӕ. Фӕлӕ дзы цӕмӕй нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнын кӕнӕ нӕ зондахаст сраст кӕнын нӕ бон уа, уый тыххӕй дзы хъуамӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм (2 Кор. 10:4, 5; 2 Тим. 2:15). Хӕйрӕгӕй ӕмӕ дӕлимонтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Кӕд тыхджын сты, уӕддӕр Йегъовӕйӕ тыхджындӕр не сты. Стӕй ӕнустӕм дӕр нӕ уыдзысты. Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд уыдзысты ахст ӕмӕ сӕ бон ӕппындӕр ницы уыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ та бынтондӕр сӕфт ӕрцӕудзысты (Рарг. 20:1–3, 7–10). Мах зонӕм, не знаг чи у, куыд архайы ӕмӕ йӕ нысан цы у, уый. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон бауыдзӕн Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын! w18.05 30 ф., 15 абз.; 31 ф., 19–21 абз.
Хуыцаубон, 28 июнь
Уӕд калм [сылгоймагӕн] загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут» (Райд. 3:4).
Адам зыдта, кӕлмытӕ дзургӕ кӕй нӕ кӕнынц. Ӕмӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, Евӕимӕ калмы уылты ӕнӕуынгӕ уӕларвон удгоймаг кӕй ныхас кодта (Райд. 3:1–6). Адам ӕмӕ Евӕ уыцы ӕнӕуынгӕ удгоймаджы тыххӕй ницы зыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр Адам йӕ зондыл ацыд ӕмӕ афтӕмӕй рацыд йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды ныхмӕ (1 Тим. 2:14). Уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ райдыдта ӕргом кӕнын, Адам ӕмӕ Евӕйы йе ’взӕр зондыл чи акодта, уый, ӕмӕ загъта, ӕппынфӕстаг уыцы знаг сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕ загъта, калмы уылты чи дзырдта, уыцы ӕнӕуынгӕ удгоймаг цасдӕр рӕстӕг, Хуыцауы чи уарза, уыдоны ныхмӕ кӕй цӕудзӕн (Райд. 3:15). Йегъовӕ никуы загъта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕды ном куыд у, уый. Ӕмӕ йӕ кӕд ӕндӕрхуызон схуыдта, уӕддӕр уыцы ном, Едемы хабӕрттӕй иу-2 500 азы куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд раргом кодта (Иов 1:6). w18.05 22 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 29 июнь
Уыдон... фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг (Лук. 8:15).
Кӕд, хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕм кӕсынц, ахӕм ран хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныфс асӕтты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, апостол Павелы ӕнкъарӕнтӕ бамбардзыстӕм. Павел хорз хабар хъусын кодта иу-30 азы дӕргъы ӕмӕ бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой (Хъуыд. 14:21; 2 Кор. 3:2, 3). Фӕлӕ дзуттӕгтӕй чырыстон фӕндагыл стӕмтӕ йеддӕмӕ не слӕууыд, кӕд уыдонӕн баххуыс кӕныныл дӕр архайдта, уӕддӕр. Сӕ фылдӕр ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, чидӕртӕ та ма суанг йӕ фӕдыл дӕр зылдысты (Хъуыд. 14:19; 17:1, 4, 5, 13). Цымӕ, уыцы дзуттӕгтӕ хорз хабарӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый Павелыл куыд фӕзынд? Уый загъта: «Куыд Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг, афтӕ, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын... тынг зын мын... у ӕмӕ ӕдзух мӕ зӕрдӕ... риссы» (Ром. 9:1–3). Павелмӕ ахӕм ӕнкъарӕнтӕ цӕмӕн уыд? Хъусын кӕныны хъуыддагыл ӕнувыд кӕй уыд ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Дзуттӕгтӕн дӕр, тынг сыл кӕй тыхст, уый тыххӕй хъусын кодта. Ӕмӕ Хуыцауы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн кӕй не саргъ кодтой, уый йын тынг зын уыд. Павелау мах дӕр адӕмӕн уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ сыл зӕрдӕйӕ тыхсӕм (Матф. 22:39; 1 Кор. 11:1). w18.05 13 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 30 июнь
Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы (Ӕмб. 12:25).
Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ныфс бауадзын кӕй фӕхъӕуы, иннӕты фидар кӕныны хӕс кӕуыл ис, суанг уыдоны дӕр. Уый Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ, цӕмӕй уын бахай кӕнон, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ сфидар уат. Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ром. 1:11, 12). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй-иу хатгай Павелӕн йӕхи дӕр хъуыди бафидар кӕнын (Ром. 15:30–32.) Сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ма фӕхъӕуы ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн дӕр. Сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын фӕхъӕуы, йӕхи бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр. Уыдон бинонтӕ уый тыххӕй не скӕнынц, ӕмӕ сӕ фӕнды сӕ цард, «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг» чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймагимӕ баиу кӕнын, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр фӕдзӕхсы, афтӕ (1 Кор. 7:39). Йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын ма фӕхъӕуы, ӕфхӕрд чи ӕййафы ӕмӕ йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыцы чырыстӕттӕн дӕр (2 Фес. 1:3–5). w18.04 21 ф., 3–5 абз.