Июль
Ӕртыццӕг, 1 июль
Бамбарут, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Еф. 5:17).
Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы» (2 Тим. 3:1). Ӕмӕ цалынмӕ Йегъовӕ ацы фыддунейӕн кӕрон не скӕна ӕмӕ зӕхмӕ фарн не ’рхӕсса, уӕдмӕ цард уӕззауӕй-уӕззаудӕр кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕххуыс ӕмӕ мӕ разамынд куы фӕхъӕуы, уӕд ме скаст кӕмӕ вӕййы?» Бирӕ ӕнустӕ раздӕр псаломзарӕггӕнӕг загъта, адӕймагӕн бахъуаджы сахат йе скаст Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ уа (Пс. 123:1–4). Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ кӕсай, уый абарӕн ис, лӕггадгӕнӕг йӕ хицаумӕ куыд кӕса, уыимӕ. Ома куыд? Лӕггадгӕнӕг фенхъӕлмӕ кӕсы, йӕ хицау ӕй хӕринагцух кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ йӕ хицаумӕ лӕмбынӕг кӕса, цӕмӕй-иу бамбара, цӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ-иу стӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ бакӕна. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас иртасӕм, цӕмӕй-иу бамбарӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ-иу стӕй йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уӕд ӕй фидарӕй зондзыстӕм, Йегъовӕ нын бахъуаджы сахат кӕй баххуыс кӕндзӕн. w18.07 12 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 2 июль
Кӕд [уӕ] Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар (Иоан. 8:36).
Йесо зӕрдӕ цы сӕрибардзинадӕй бавӕрдта, уый, абон бирӕтӕ цы сӕрибардзинадмӕ бӕллынц, уымӕй бирӕ хуыздӕр у. Афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ «уӕ кӕд Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар», уӕд кодта, адӕм миназты дӕргъы цы цагъарады сты, уый кой, тӕригъӕды цагъарады кой. Ӕмӕ уымӕй фыддӕр цагъарадӕн та скӕнӕн нӕй. Тӕригъӕды аххосӕй хатгай саразӕм цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (Иоан. 8:34). Стӕй ма нӕ уыцы тӕригъӕд фӕхъыгдары, раст цы у кӕнӕ нӕ бон цы у, уый аразын. Тӕригъӕды цагъартӕ кӕй стӕм, уый нын ӕрхӕссы бирӕ маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ ӕппынфӕстаг мӕлӕты хай бавӕййӕм (Ром. 6:23). Уӕдӕ ӕцӕг сӕрибардзинадӕй, Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн кӕй радта, уыцы сӕрибардзинадӕй, схайджын уыдзыстӕм, тӕригъӕдӕй бынтондӕр куы ссӕрибар уӕм, уӕд. Йесойы ныхӕстӕ, «кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ цӕмӕй ссӕрибар кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи тыххӕй мауал цӕрӕм ӕмӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы амоны, уый аразӕм (Иоан. 8:31; Матф. 16:24). Чырысти нын зӕрдӕ куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ ӕцӕг сӕрибар суыдзыстӕм, йӕ нывонд фидӕны цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонӕй дӕр куы схайджын уӕм, уӕд. w18.04 7 ф., 14–16 абз.
Майрӕмбон, 3 июль
Ӕрмӕстдӕр ды зоныс, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый (2 Аз. 6:30).
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнкъарӕнтӕ фембары, раст куы нӕ фӕхъуыды кӕнынц, суанг уӕд дӕр. Ӕркӕсӕм пехуымпар Ионӕйы хабармӕ. Хуыцау ӕй Ниневимӕ арвыста, цӕмӕй уым цӕрӕг адӕмӕн йӕ тӕрхон фехъусын кодтаид. Уыдон се ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодтой, ӕмӕ сыл Хуыцау бӕллӕх нал ӕруагъта. Фӕлӕ хабар афтӕ кӕй рауад, уый Ионӕйӕн тынг зын уыд. Уый «мӕстӕй рафыхт», цы тӕрхон сын хъусын кодта, уый кӕй нӕ сӕххӕст, уый тыххӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ Ионӕмӕ фӕразондзинад равдыста ӕмӕ йын йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн баххуыс кодта (Ионӕ 3:10–4:11). Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Ионӕ йӕ рӕдыд бамбӕрста, ӕмӕ ма йӕм ахӕм кад дӕр ӕрхауд, ӕмӕ йын Йегъовӕ уыцы хабар ныффыссын кодта, цӕмӕй махӕн зондзонӕн уа (Ром. 15:4). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ куыд фӕархайы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбары. Хуыцау фӕзоны, махӕй алчидӕр цы рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ февзары, уый. Уый нын уыны нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ, стӕй нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ нӕ ӕмбары. Йегъовӕ «нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм... [нӕ] бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны» (1 Кор. 10:13). Уый нӕ цӕй стыр ныфс уадзы! w19.03 16 ф., 6, 7 абз.
Сабат, 4 июль
Дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом (Дзут. 4:13).
Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ хистӕр лӕгтӕн сӕ хӕс ӕрмӕст раст динимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕвзарын нӕ уыд, фӕлӕ ма адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕ дӕр. Ӕркӕсӕм уыцы хъуыддӕгтӕй цалдӕрмӕ. Израилӕгтӕй-иу исчи искӕй куы амардта, уӕд-иу ын уайтагъд мӕлӕты тӕрхон хаст не ’рцыд. Горӕты хистӕр лӕгтӕ уал-иу фыццаг хъуыддаг равзӕрстой, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кодтаиккой, адӕймаг мӕлӕты аккаг у ӕви нӕ (Дык. з. 19:2–7, 11–13). Хистӕр лӕгтӕ ма-иу ӕвзӕрстой бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр – адӕм-иу кӕрӕдзийыл сӕ фӕллойы фӕдыл цы хъаст бахастой, уымӕй райдай ӕмӕ-иу лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы быцӕу рауад, уымӕй фӕу (Рац. 21:35; Дык. з. 22:13–19). Хистӕр лӕгтӕ-иу рӕстӕй куы тӕрхон кодтой ӕмӕ-иу израилӕгтӕ Закъон куы ’ххӕст кодтой, уӕд-иу уый се ’ппӕтӕн дӕр хаста пайда, стӕй-иу афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хастой (Лев. 20:7, 8; Ис. 48:17, 18). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕм уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй иннӕты уарзӕм ӕмӕ семӕ рӕстӕй архайӕм. Хуыцау лӕмбынӕг фӕкӕсы, цы фӕдзурӕм ӕмӕ цы фӕаразӕм, уымӕ, ӕмӕ, хӕдзары иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ фӕуыны. w19.02 23 ф., 16–18 абз.
Хуыцаубон, 5 июль
Уый уыд тынг уынгӕджы... фӕлӕ йӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр не схауд (Ис. 53:7).
Тыхст куы вӕййӕм, уӕд нын сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕмӕ ма, чи зоны, иннӕтимӕ тызмӕгӕй ӕмӕ мӕстыйӕ дӕр дзурӕм. Кӕд ды дӕр тыхст уавӕры вӕййыс, уӕд ахъуыды кӕн Йесойы цӕвиттоныл. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы уыд тынг тыхст уавӕры. Уый зыдта, стыр хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты (Иоан. 3:14, 15; Гал. 3:13). Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр мӕйы размӕ йӕхӕдӕг загъта, «тынг хъуырдухӕн кӕнын», зӕгъгӕ (Лук. 12:50). Ӕмӕ йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд та загъта: «Мӕ уд катай кӕны». Йесо Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзургӕйӕ цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыд (Иоан. 12:27, 28). Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Йесо хъӕбатырдзинад равдыста ӕмӕ йӕхи Хуыцауы знӕгты къухмӕ радта. Уыдон ын стыр хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕджы мард акодтой. Кӕд Йесо тыхст уавӕры уыд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уӕддӕр сӕрныллӕгӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодта. Ахӕм уавӕры уый ӕнцон кӕцӕй уыдаид. Уӕдӕ Йесойы сӕрныллӕгдзинадӕн ӕмбал нӕй! (Ис. 53:10). w19.02 11 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 6 июль
Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм (Дзут. 10:24).
Цӕмӕй ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм цӕуӕм, уый тыххӕй нӕ хатгай фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Мах ӕмбӕлӕм алыхуызон зындзинӕдтыл: кӕуыл цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцӕуы, кӕмӕн йӕ ныфс асӕтты, кӕмӕн та йе ’нӕниздзинад фӕцуды. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм. Кӕмӕндӕрты та нӕ нӕ бинонтӕ кӕнӕ хицауад нӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ уӕддӕр хъӕбатырдзинад ӕвдисӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕ нӕ цух кӕнӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, нӕ хъӕбатырдзинад куыд фӕзыны, йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыцы ӕфсымӕртыл (Дзут. 13:3). Йегъовӕйӕн зын уавӕрты дӕр кӕй лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй куы фехъусынц, уӕд сӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, ӕмӕ сӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъынц, хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыдзысты. Павел Ромы ахст куы уыд ӕмӕ, йе ’фсымӕртӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый-иу куы фехъуыста, уӕд-иу йӕ циныл цин бафтыд (Фил. 1:3–5, 12–14). Куы йӕ ссӕрибар кодтой, уый хӕдразмӕ кӕнӕ та уый хӕдфӕстӕ Павел ныффыста йӕ фыстӕг Дзуттӕгтӕм. Йӕ фыстӕджы уыцы иузӕрдион чырыстӕтты баразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕ макуы цух кодтаиккой (Дзут. 10:25). w19.01 28 ф., 9 абз.
Дыццӕг, 7 июль
Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19).
Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм – Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ мацӕмӕ дарӕм ӕмӕ нӕ хиуарзон фӕндтыл цӕуӕм. Зӕгъӕм, афтӕ бакӕны, цӕмӕй ӕдзухдӕр уӕм, йӕ зондыл чи цӕуы, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Йӕ нысан у, цӕмӕй нӕ рӕстӕг семӕ ӕрвитӕм, кӕд ӕмӕ йӕ зонӕм, ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ нӕ зондахастыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл ӕвзӕрырдӕм фӕзынынц, уӕддӕр (1 Кор. 15:33). Хӕйрӕг ма нын ноджыдӕр нӕ зӕрдӕмӕ куыд хъавы? Уый архайы, цӕмӕй адӕмы зондыл цӕуӕм, Йегъовӕйы зонд та мацӕмӕ дарӕм (Кол. 2:8). Хӕйрӕг адӕмы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй сын царды сӕйрагдӕр уа хъӕздыгдзинадмӕ тырнын. Ахӕм зондыл чи ныххӕцыд, уыдон, чи зоны, схъӕздыг уой, чи зоны та – нӕ. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый тӕссаг у. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мулк ӕмбырд кӕныныл, чи зоны, афтӕ суой, ӕмӕ сӕ нал дӕр се ’нӕниздзинад ӕндавдзӕн, нал дӕр сӕ бинонтӕ ӕмӕ нал дӕр, Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уый (1 Тим. 6:10). Нӕ уӕларвон Фыд у стыр зонды хицау, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм! (Еккл. 7:12; Лук. 12:15). w19.01 15 ф., 6 абз.; 17 ф., 9 абз.
Ӕртыццӕг, 8 июль
Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! Гыццыл хъуыддаджы дӕхи ӕууӕнкджынӕй равдыстай, ӕмӕ дын дӕ бар стырдӕр хъуыддаг бакӕндзынӕн. Цин кӕн дӕ хицауимӕ (Матф. 25:21).
Хуыцауы Фырт зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмбӕрстой, кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Зӕгъӕм, ассириӕгтӕ Иерусалим бацахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Езеки ӕфсады хистӕрты ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын «сӕ зӕрдӕты ныфс бауагътаид». Ӕмӕ «Езекийы ныхӕстӕй адӕмы ныфс бацыд» (2 Аз. 32:6–8). Иннӕты ныфс уадзын куыд ахсджиаг у, уый ма бӕрӕг у Иовы хабарӕй дӕр. Иовӕн йӕхи дӕр фидар кӕнын хъуыди, афтӕмӕй иннӕтӕн равдыста, адӕймаджы ныфс уадзын куыд хъӕуы, уый. Йе ’ртӕ ӕмбалы йӕм куы ’рбацыдысты, цӕмӕй дзы ныфс бауагътаиккой, уӕд сын Иов загъта, сӕ бынаты куы уыдаид, уӕд куыд бакодтаид, уый: «Ӕз уын уӕ зӕрдӕтӕ ныхасӕй бафидар кодтаин, рӕвдауӕн ныхасӕй [уӕ] ӕрсабыр кодтаин» (Иов 16:1–5). Ӕппынфӕстаг Иовы ныфс бауагъта Елиуй, ӕмӕ ма стӕй Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр (Иов 33:24, 25; 36:1, 11; 42:7, 10). w18.04 16 ф., 6 абз.; 17 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 9 июль
Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн (Ис. 41:10).
Исай уый размӕ дӕр ныффыста, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд бафидар кӕндзӕн, уый тыххӕй: «Йегъовӕ тыхджын ӕфсӕддонау ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ цонг разамынд дӕтдзӕн» (Ис. 40:10). Библийы дзырд «цонг» арӕх фӕамоны хъарумӕ. Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ, «йӕ цонг разамынд дӕтдзӕн», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ у хъомысджын Паддзах. Уый йе ’гӕрон тыхӕй раздӕр дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдта, ӕмӕ йыл абон дӕр йӕ ныфс чи дары, уыдоны фидар кӕны ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны (Дык. з. 1:30, 31; Ис. 43:10). Йегъовӕ ацы зӕрдӕвӕрд, «ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн», зӕгъгӕ, кӕй ӕххӕст кӕны, уый уӕлдай тынг рабӕрӕг вӕййы, не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд. Иуӕй-иу бӕстӕты не знӕгтӕ архайынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕной кӕнӕ та нын нӕ организаци бынтондӕр сӕхгӕной. Фӕлӕ мах уыцы хабӕртты тыххӕй ӕгӕр нӕ тыхсӕм. Йегъовӕ нын нӕ ныфс фидар кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). w19.01 5, 6 фф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 10 июль
Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон (Матф. 5:3).
Цӕрӕгойтӕй уӕлдай мах ӕмбарӕм, не Сфӕлдисӕджы кӕй хъуамӕ зонӕм ӕмӕ йӕм кӕй хъуамӕ ӕввахс кӕнӕм (Матф. 4:4). Хуыцаумӕ куы фӕхъусӕм, уӕд зондӕй схайджын вӕййӕм, свӕййӕм арфуынӕг ӕмӕ нӕ цардӕй вӕййӕм райгонд. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм ис Библи, стӕй ма нын Хуыцау «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45). Ӕмӕ нын ахӕм хӕринаг ис парахатӕй! (Ис. 65:13, 14). Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы фӕрцы хайджын уыдзынӕ зондӕй ӕмӕ сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ дӕ уый бирӕ цӕмӕйдӕрты хъахъхъӕндзӕн (Ӕмб. 2:10–14). Уыцы миниуджытӕ дӕм куы уой, уӕд дӕхи сайын никуы бауадздзынӕ. Зӕгъӕм, ахӕм мӕнг ныхӕстыл нӕ баууӕнддзынӕ, зӕгъгӕ, «Хуыцау нӕй» кӕнӕ «ӕхца ӕмӕ мулк адӕймаджы амондджын кӕнынц». Уыцы миниуджытӕ ма дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнай ӕмӕ, зиан чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕхи хизай. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Хуыцауы зонд агур ӕмӕ раст хъуыды кӕныныл архай. w18.12 20 ф., 6, 7 абз.
Сабат, 11 июль
Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ (Ис. 65:22).
Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нӕ бонтӕ «бӕласы бонтау бирӕ» уыдзысты? Ис ахӕм бӕлӕстӕ, ӕмӕ сыл цӕуы цалдӕргай мин азы. Цӕмӕй адӕймаг уыйбӕрц фӕцӕра, уый тыххӕй хъуамӕ уа ӕнӕниз. Адӕм, Исайы пехуымпарады цы уавӕрты кой цӕуы, ахӕм уавӕрты куы цӕриккой, уӕд уый уаид ӕцӕг дзӕнӕт! Ӕмӕ, уӕвгӕ, уыцы пехуымпарад ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн! Ахъуыды-ма кӕнӕм, ацы пехуымпарадӕй куыд зыны, фидӕны дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый. Зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр арфӕгонд ӕрцӕудзысты. Тӕссаг сын нал уыдзӕн нӕдӕр сырдтӕй, нӕдӕр фыдгӕнӕг адӕмӕй. Куырмытӕ, къуырматӕ ӕмӕ къуылыхтӕ иууылдӕр сдзӕбӕх уыдзысты. Адӕм сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ араздзысты ӕмӕ сӕ зӕххӕй тыллӕг исдзысты. Сӕ царды бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтӕй бирӕ фылдӕр. Ӕмӕ нӕ Библи ныфс уадзы, ахӕм дзӕнӕт ӕцӕгдӕр кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ нын, чи зоны, чидӕртӕ фӕдзурынц, уыцы пехуымпарӕдтӕ дзӕнӕтмӕ ницы бар дарынц, зӕгъгӕ. Нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын, зӕххыл ӕцӕгдӕр дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, ууыл? Уымӕй нӕ фидар ныфс ис, Йесо Чырысти – зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг – цы загъта, уый фӕрцы (Лук. 23:43). w18.12 5 ф., 13–15 абз.
Хуыцаубон, 12 июль
Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Нӕ бон у нӕ зондахаст ивын. Нӕ зондахаст кӕй фӕивы, ууыл арӕхдӕр фӕзыны, цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уый. Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, йӕ хъуыдытӕ алкӕддӕр раст кӕй вӕййынц. Ӕмӕ уӕд мах дӕр фӕнддзӕн, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «ацы дуне мауал фӕзмӕм», ома йӕ зондыл мауал цӕуӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм зондахаст ӕвдыст кӕм цӕуы, уыдӕттӕй, фӕнды интернет уа, фӕнды зарджытӕ уой, фӕнды ӕндӕр исты. Уый куыд ахсджиаг у, уый бамбарыны тыххӕй ахъуыды кӕнӕм, адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл хӕринаг куыд фӕзыны, ууыл. Зӕгъӕм, адӕймаг пайда хӕринӕгтӕ хӕры, цӕмӕй йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уа. Фӕлӕ йын цымӕ уый исты ӕххуыс фӕуыдзӕн, уыцы иу рӕстӕг, чи нал бӕззы, ахӕм хӕринӕгтӕ дӕр куы хӕра, уӕд? Кӕцӕй! Раст афтӕ, кӕд Йегъовӕйы хъуыдытӕ бамбарыныл ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ацы дунейы зондыл дӕр цӕуӕм, уӕд нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы фӕуыдзӕн. w18.11 21 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 13 июль
Фидар лӕуут: уӕ астӕутӕ ӕцӕгдзинадӕй ронау ӕрбалвасут (Еф. 6:14).
Хъуамӕ фӕндфидар уӕм ӕмӕ алы бон дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Дӕ астӕу рӕстдзинадӕй ронау ӕрбалвас. Рагзаманты-иу ӕфсӕддонтӕ цы рӕттӕ дардтой, уыдон-иу сын сӕ астӕутӕ ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ-иу ӕфсӕддоныл йӕ рон хъуамӕ уыдаид ӕнгом ӕлвӕст, кӕннод-иу ын ницы ӕххуыс уыдаид. Цымӕ мах та рӕстдзинад куыд хъахъхъӕны? Нӕ астӕутӕ дзы ронау ӕнгом ӕлвӕст куы уой, уӕд нӕ рӕдыд зондахастӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нын раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕххуыс кӕндзӕн. Исты нӕ куы цыбӕл кӕна кӕнӕ исты фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд нын Библийы рӕстдзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕндфидар уӕм ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ӕфсӕддон-иу тохмӕ ӕнӕ ронӕй ницы хуызы ацыдаид, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, рӕстдзинады рон кӕй никуы феуӕгъд кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ кӕй никуы раласдзыстӕм. Мах нӕ тых, нӕ бонӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй дзы нӕ астӕутӕ ӕнгом ӕлвӕст уой, ома цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм. w18.11 12 ф., 15 абз.
Дыццӕг, 14 июль
Балхӕн рӕстдзинад ӕмӕ йӕ ма ауӕй кӕн (Ӕмб. 23:23).
Цӕмӕй адӕймаг Библийы рӕстдзинад базона, уый тыххӕй йӕ хъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Стӕй уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уа йӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнынмӕ. Иугӕр рӕстдзинад «балхӕдтам», ома йӕ базыдтам, уӕд хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй йӕ «ма ауӕй кӕнӕм», ома йӕ ма ныууадзӕм. Лӕвар цы вӕййы, суанг уый райсыны тыххӕй дӕр хатгай фӕхъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Ӕмбисӕндты 23:23 стихы «балхӕнын»-ӕй цы дзуттаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «самал кӕнын» дӕр. Дыууӕ мивдисӕгӕн дӕр сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ, адӕймаг тынг цӕмӕн аргъ кӕны, ахӕм цыдӕр цӕмӕй йӕ къухы бафта, уый тыххӕй йӕ хъӕуы бафыдӕбон кӕнын йе та цӕуылдӕр йӕ къух сисын. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, базыдтай, базары банантӕ лӕвар кӕй дӕттынц. Цымӕ уыцы банантӕ дӕ хӕдзары стъолыл диссаджы хуызы февзӕрдзысты? Кӕцӕй! Хъуамӕ бафыдӕбон кӕнай – базармӕ ацӕуай ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссай. Уӕдӕ дӕ кӕд бананты тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дӕ базармӕ ацӕуыны тыххӕй бахъӕудзӕн рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Рӕстдзинадӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у. Ӕхца фидын ын нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ цӕмӕй самал кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы бафыдӕбон кӕнын. w18.11 4 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 15 июль
Йӕ цӕсгом хурау ныррухс, йӕ дарӕс та... цӕхӕртӕ калын райдыдта (Матф. 17:2).
Йесо йемӕ акодта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уым диссаджы цӕстылуайӕн федтой. Йесойӕн йӕ цӕсгом хурау ныррухс, йӕ уӕлӕдарӕс та рухсау цӕхӕртӕ калын райдыдта. Йӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы, «Моисей ӕмӕ Илийа», ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады тыххӕй (Лук. 9:29–32). Фӕстӕдӕр сӕ урс мигъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ сӕм мигъӕй райхъуысти хъӕлӕс – Хуыцауы хъӕлӕс! Уыцы цӕстылуайӕн ӕргом кодта, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕн цы стыр кад ӕмӕ йӕм цы стыр бартӕ хъуамӕ уыдаид, уый. Дзырд дӕр ыл нӕй, уыцы цӕстылуайӕны фӕрцы Йесо бафидар, ӕмӕ цӕттӕ уыд, разӕй йӕм цы фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ цы хъизӕмайраг мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыдонмӕ. Стӕй ма уый фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад дӕр бафидар, ӕмӕ цӕттӕ уыдысты, разӕй сӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ бирӕ азты дӕргъы цы куыст кӕнын хъуыди, уымӕ. Петр уыцы цӕстылуайӕн 30 азы фӕстӕ дӕр нӕ ферох кодта, ӕмӕ уый бӕрӕг у, йӕ фыстӕджы йӕ кой кӕй скодта, уымӕй (2 Пет. 1:16–18). w19.03 10 ф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 16 июль
Ӕвдисӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый... Ӕцӕг цы у, уый дзурӕм (2 Кор. 6:4, 7).
Ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг динтыл хӕст адӕмӕй цы хъуыддӕгтӕй хицӕн кӕнынц, уыдонӕй иу уый у, ӕмӕ алкӕддӕр, «раст цы у, уый фӕдзурынц» (Зах. 8:16, 17). Ӕнӕзонгӕ адӕмӕн, не ’мкусджытӕн, не ’мбӕлттӕн ӕмӕ нӕ хиуӕттӕн алкӕддӕр фӕдзурӕм, ӕцӕг цы у, уый, фӕнды гыццыл хъуыддаг уа, фӕнды стыр. Чи зоны, ӕрыгон дӕ ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ де ’мгӕрттӕ се ’мбалыл нымайой. Фӕлӕ къӕрцхъус у, цӕмӕй сусӕгӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ма аразай, бинонты ’хсӕн ӕмӕ ӕмбырды дӕхи уӕздан дарай, де ’мгӕртты раз ӕмӕ социалон сетьты та дӕхи бынтон ӕндӕрхуызон ӕвдисай. Дӕ ныййарджыты, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмӕ Йегъовӕйы ма сай (Пс. 26:4, 5). Йегъовӕ уыны, йӕхи афтӕ чи ӕвдисы, цыма йӕ кадджын кӕны, ӕцӕгӕй та ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоны (Мар. 7:6). Уӕдӕ хуыздӕр уаид, ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архаис: «Дӕ зӕрдӕ ма бахӕлӕг кӕнӕд тӕригъӕдджынтӕм, фӕлӕ дӕ мидӕг ӕдзухдӕр уӕд Йегъовӕйы тас» (Ӕмб. 23:17). w18.10 9 ф., 14, 15 абз.
Майрӕмбон, 17 июль
Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ алкӕддӕр чи уарзы, уый Хуыцауимӕ ис иудзинады, ӕмӕ Хуыцау дӕр ис йемӕ иудзинады (1 Иоан. 4:16).
Хуыцауы адӕм ӕгас зӕххыл дӕр сты иу бинонтау, ӕмӕ кӕрӕдзийы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртау уарзынц (1 Иоан. 4:21). Ӕмӕ кӕд кӕрӕдзийы тыххӕй хатгай стыр хъуыддӕгтӕ дӕр саразынц, уӕддӕр уыцы уарзондзинад арӕхдӕр бӕрӕг вӕййы бирӕ гыццыл хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕйӕ фӕныхас кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад фӕаразынц. Иннӕты хорзыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй бафӕзмӕм нӕ уӕларвон Фыды (Еф. 5:1). Йесо йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта. Уый загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн ...уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» (Матф. 11:28, 29). Чырыстийау «мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны», ома ӕххуысхъуаг адӕймаджы фарсмӕ чи балӕууы, уыдонӕй нӕ уӕларвон Фыд райгонд у ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ сты цинӕйдзаг (Пс. 41:1). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уарзондзинад ӕвдисӕм, нӕ бинонтыл, не ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл ӕмӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм, уымӕй. w18.09 28 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 18 июль
Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:9).
Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд Хуыцауы адӕмӕн фадат вӕййы, цӕмӕй-иу сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕной ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕной. Зӕгъӕм, нӕ бон у, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонмӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын (Иоан. 13:34, 35; Хъуыд. 11:27–30). Кӕнӕ та, ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ не ’мчырыстӕттӕй искӕй хӕдзар ныссыгъдӕг кӕнын кӕнӕ бацалцӕг кӕнын куы хъӕуа, уӕд сын нӕ бон у баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, Польшӕйы чи цӕры, иу ахӕм хойӕн, Габриелӕйӕн, донивылды фӕстӕ йӕ хӕдзар тынг ныппырх. Ӕмӕ йӕм иннӕ ӕмбырдтӕй ӕфсымӕртӕ баххуыс кӕнынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд фӕхъӕлдзӕгдӕр. Габриелӕ загъта: «Цӕмӕй фӕцух дӕн, уый йӕ дзурыны аккаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон дзаумӕттӕ йеддӕмӕ ницы сты. Фӕлтау уын зӕгъдзынӕн, хорзӕй мыл цы ’рцыд, уый. Уыцы хабары фӕстӕ ноджы тынгдӕр банкъардтон, чырыстон ӕмбырдӕй уай, уый цӕй стыр кад у ӕмӕ цӕй стыр циндзинад хӕссы». Ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ кӕмӕн баххуыс кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц, сӕ уырнындзинад тынг кӕй бафидар. Ӕмӕ сын чи феххуыс кӕны ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕимӕ чи фемгуыст кӕны, уыдонӕн уый сӕхицӕн дӕр вӕййы стыр цины хос (Хъуыд. 20:35; 2 Кор. 9:6, 7). w18.08 26 ф., 12 абз.
Хуыцаубон, 19 июль
Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).
Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, ӕмӕ-иу нын истӕмӕй тӕссаг куы уа, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъддӕр нӕхи бахъахъхъӕныныл бацархайӕм. Дзырд «хъахъхъӕн» махӕн нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, хъахъхъӕнӕг-иу цы куыст кодта, уый. Паддзах Соломоны заман-иу горӕты къулты сӕр лӕууыдысты хъахъхъӕнджытӕ, ӕмӕ-иу знӕгтӕ горӕтмӕ куы ’рбахӕстӕг сты, уӕд-иу фӕдисы хъӕр ныккодтой. Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг йӕ зондыл ма акӕна. Раджы заман-иу хъахъхъӕнджытӕ ӕмгуыст кодтой дуаргӕстимӕ (2 Сам. 18:24–26). Ӕмӕ-иу знаг горӕтмӕ куы ’рбахӕстӕг, уӕд-иу бацархайдтой, цӕмӕй-иу кулдуар ӕхгӕд ӕрцыдаид, ӕмӕ-иу афтӕмӕй горӕт бахъахъхъӕдтой (Неем. 7:1–3). Кӕд не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд нын хъахъхъӕнӕгау ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, Хӕйрӕг-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы ныхъхъава, ома-иу нын нӕ хъуыдытыл, не ’нкъарӕнтыл, нӕ фӕндтыл ӕмӕ нӕ бӕллицтыл бандавыныл куы архайа, уӕд-иу нӕ не ’фсарм бафӕдзӕхсдзӕн. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ, не ’фсарм нын цы дзуры, уымӕ байхъусӕм ӕмӕ-иу «дуар сӕхгӕнӕм». w19.01 17 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 20 июль
Кӕд [сӕм] фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уа, уӕд лӕггад кӕнӕнт (1 Тим. 3:10).
Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн йӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ бакӕнӕн ис ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхи зондӕй кӕнӕ та, сӕ адӕмыхатт цы зондыл хӕст у, уымӕй хъуамӕ ма архайой, фӕлӕ сӕ хъус дарой, уый фӕдыл Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ (2 Тим. 3:16, 17). Библийы разамындмӕ гӕсгӕ куы нӕ архайой, уӕд, ахӕм хӕстӕ кӕй бӕрны ис бакӕнӕн, уыцы ӕфсымӕрты къуылымпы кӕндзысты. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Иу бӕстӕйы иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, ӕмбырды йыл цы ахсджиаг хӕстӕ уыд, уыдон хорз ӕххӕст кодта, ӕмӕ йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ разы уыдысты, Библимӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймагмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон ӕм кӕй сты. Фӕлӕ, уыдонӕй хистӕр чи уыд, цалдӕр ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы йын рекомендаци нӕ лӕвӕрдтой, зӕгъгӕ, дам, ӕгӕр ӕрыгон у. Хъыгагӕн, уыцы ӕфсымӕры хистӕр нӕлгоймагӕй не снысан кодтой. Ӕмӕ цӕуылнӕ? Ӕрыгон кӕй уыд, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй! Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм зондахаст алыхуызон бӕстӕты бирӕтыл фӕзынд. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй разамынд Библийы агурӕм! Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн зӕгъӕн, Йесойы уынаффӕмӕ кӕй хъусӕм ӕмӕ адӕмӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ кӕй нӕ тӕрхон кӕнӕм (Иоан. 7:24). w18.08 12 ф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 21 июль
Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг (Ӕмб. 18:13).
Кӕй не сбӕрӕг кӕнай, ахӕм хабӕрттӕ иннӕтӕм электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй ӕрвитай, уый у тӕссаг. Кӕцыдӕр бӕстӕты хицауад архайы, цӕмӕй нын нӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕна, кӕцыдӕр бӕстӕты та нын хъусын кӕныны бар ӕппындӕр нӕй. Уыцы бӕстӕты, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон, гӕнӕн ис, барӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ парахат кӕной, цӕмӕй нӕ тас бауадзой кӕнӕ кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк кӕнӕм. Ӕркӕсӕм, Советон Цӕдисы хабар куыд уыд, уымӕ. КГБ-йы кусджытӕ алыхуызон бӕрнон ӕфсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кодтой, зӕгъгӕ, дам, се ’фсымӕртыл гадзрахатӕй рацыдысты. Хъыгагӕн, бирӕтӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци ныууагътой. Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕ бирӕтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Чидӕртӕ та нал ӕрбаздӕхтысты. Уыдон «сӕ уырнындзинады нау ныппырх» кӕнын бауагътой (1 Тим. 1:19). Нӕ бон куыд у ахӕм бӕллӕхӕй нӕхи бахизын? Ныфс чи сӕтты кӕнӕ бӕлвырд кӕй нӕ зонӕм, ахӕм хабӕрттӕ хъуамӕ ма парахат кӕнӕм. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр алцӕуыл хъуамӕ ма ӕууӕндӕм. Хъуамӕ-иу сбӕрӕг кӕнӕм, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый. w18.08 4 ф., 8 абз.
Ӕртыццӕг, 22 июль
Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты (Лук. 23:43).
Нӕ рӕстӕгмӕ чи ӕрхӕццӕ, ахӕм рагондӕр грекъаг къухфыстыты къӕдзыгтӕ кӕмдӕр ӕмбӕлынц, кӕмдӕр та – нӕ. Уӕдӕ цымӕ Йесойы ныхӕстӕ растдӕр куыд уаид ратӕлмац кӕнӕн: «Зӕгъын дын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» ӕви «Зӕгъын дын: абон уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты»? Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Йесо уымӕй гыццыл раздӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта, уый: «Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы уыдзӕн зӕххы хуылфы» (Матф. 12:40; 16:21; 17:22, 23; Мар. 10:34; Хъуыд. 10:39, 40). Уӕдӕ Йесо ӕмӕ, йӕ фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕг цы бон амардысты, уыцы бон Йесо дзӕнӕтмӕ нӕ бахауд. Йесо цалдӕр боны уыд «ингӕны [кӕнӕ «гадесы»]», цалынмӕ йӕ Хуыцау нӕ райгас кодта, уӕдмӕ (Хъуыд. 2:31, 32, фип.). Уыцы фыдгӕнӕг нӕ зыдта, Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ, йемӕ уӕларвон Паддзахады кӕй уыдзысты, уый фӕдыл бадзырд кӕй скодта (Лук. 22:29). Стӕй уыцы адӕймаг донаргъуыд нӕ уыди, ӕмӕ уӕдӕ уӕларвон цардмӕ дӕр хуынд нӕ уыд (Иоан. 3:3–6, 12). Уӕдӕ Йесо, зӕххыл цы дзӕнӕт уыдзӕн, уый кой кодта ӕмӕ уый фӕстӕдӕр хъуамӕ сӕххӕст уыдаид. w18.12 6 ф., 17, 18, 20, 21 абз.
Цыппӕрӕм, 23 июль
Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа, уымӕн ӕмӕ... уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм (Рац. 32:1).
Израилӕгтӕ сызгъӕрин родӕн кувын райдыдтой! Кӕд уымӕй Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызтысты, уӕддӕр сӕхи ахӕм хъуыдытӕй сайдтой, зӕгъгӕ, афтӕмӕй дӕр Йегъовӕйы фарс стӕм. Уыцы родӕн кӕй куывтой, уымӕй ма Аарон афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, уый у «бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл»! Цымӕ Йегъовӕ та уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы хабар афтӕ банымадта, цыма йыл гадзрахатӕй рацыдысты. Йегъовӕ Моисейӕн израилӕгтӕй загъта, зӕгъгӕ, «сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты» ӕмӕ «адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй». Йегъовӕйы маст сӕм ссыгъд ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фесафынвӕнд скодта (Рац. 32:5–10). Фӕлӕ Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, ӕмӕ израилӕгты сӕфты хай нал бакодта (Рац. 32:14). Кӕд Аарон уыцы сызгъӕрин род сарӕзта, уӕддӕр уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ иннӕ левиттау Йегъовӕйы фарс слӕууыд. Фӕстӕдӕр мингай адӕм мӕлӕты хай баисты, гуымирыйӕн кӕй куывтой, уый тыххӕй. Йегъовӕйы фарс чи уыд, уыдон та удӕгасӕй баззадысты ӕмӕ сын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хорзӕхӕй сӕ кӕй схайджын кӕндзӕн (Рац. 32:26–29). w18.07 20 ф., 13–16 абз.
Майрӕмбон, 24 июль
Уӕхи хъахъхъӕнут чиныджыдӕснытӕй. Уыдон уарзынц... цӕмӕй [сын] базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой. Уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты разӕй бадын, фынгтыл та – уӕлейӕ (Лук. 20:46).
Цымӕ адӕймагӕн ӕппӕты стырдӕр кад цы у? Уый, ацы дунейы адӕм уӕлдӕр ахуырад ӕмӕ хорз куысты фӕрцы йе та спорт кӕнӕ аивады архайгӕйӕ цы кад ссарынмӕ бӕллынц, уыцы кад нӕу. Ӕппӕты стырдӕр кад цы у, уый Павел бамбарын кодта мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Ныр та Хуыцауы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ, Хуыцау сымах базыдта, ӕмӕ ма уӕд дунейы ӕнӕпайда ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ куыд здӕхут? Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ та сын фӕстӕмӕ цагъартау лӕггад кӕнат?» (Гал. 4:9). Дунедарӕг Хуыцау дӕ зона, уымӕй стырдӕр кад ма цы хъуамӕ уа! Йегъовӕ нӕ хорз зоны, уарзы нӕ ӕмӕ, йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, уый йӕ фӕнды. Уӕвгӕ нӕ уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (Еккл. 12:13, 14). w18.07 8 ф., 3, 4 абз.
Сабат, 25 июль
Мӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр сты дӕ амындтыл (Пс. 119:99).
Цӕмӕй нын Хуыцауы закъӕттӕ пайда хӕссой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ сын аргъ кӕнӕм (Амос 5:15). Фӕлӕ цымӕ уый нӕ бон куыд у аразын? Хъуамӕ сахуыр уӕм алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Ӕрхӕссӕм иу цӕвиттон. Зӕгъӕм, ӕхсӕв ӕвзӕр фӕфынӕй кӕныс, ӕмӕ дын дохтыр бацамыдта, цы саразай, уый: пайда хӕринӕгтӕ хӕр, де уӕнгтӕ-иу аиваз ӕмӕ, дӕ алы боны хъуыддӕгтӕ куыд пълан кӕныс, уым исты фӕив. Ды уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын райдыдтай ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстай, кӕй дын ӕххуыс кӕнынц. Ӕмӕ уӕд уыцы дохтырӕй йӕ уынаффӕты тыххӕй бузныг куыннӕ уыдзынӕ! Раст афтӕ нын не Сфӕлдисӕг Хуыцау дӕр радта закъӕттӕ, ӕмӕ нӕ уыдон хъахъхъӕнынц, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ цы зиан хӕссынц, уымӕй, стӕй уыцы закъӕтты фӕрцы нӕ цард хуыздӕр кӕны. Зӕгъӕм, Библи адӕймаджы фӕдзӕхсы сайынӕй, фыдвӕндтӕ кӕнынӕй, давынӕй, ӕнӕгъдаудзинадӕй, тыхмийӕ ӕмӕ спиритизмӕй (Ӕмб. 6:16–19; Рарг. 21:8). Йегъовӕмӕ кӕй хъусӕм, уый нын хорздзинӕдтӕ куы ӕрхӕссы, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ дӕр тынгдӕр уарзын райдайӕм. w18.06 17 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 26 июль
Ды дзуттӕгты паддзах дӕ? (Иоан. 18:33).
Ӕвӕццӕгӕн, Пилат тарст, Йесо адӕмы Ромы хицауады ныхмӕ кӕй растын кӕндзӕн. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу» (Иоан. 18:36). Йесо политикӕйӕ дард лӕууыд, уымӕн ӕмӕ йӕ Паддзахад уӕлӕрвты хъуамӕ уыдаид. Ӕмӕ Пилатӕн загъта, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд, «цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыдаид» (Иоан. 18:37). Йесо хорз ӕмбӕрста, йӕ хӕс цы уыд, уый. Ӕмӕ мах дӕр, нӕ хӕс цы у, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд политикӕимӕ баст фарстаты суанг нӕ мидзӕрдӕйы дӕр никӕй фарс хӕцдзыстӕм. Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иу цӕуӕг цӕстдарӕг, кӕм лӕггад кӕны, уыцы ран цӕрӕг адӕмӕй загъта, сӕ адӕмыхаттӕй тынг сӕрыстыр кӕй сты, стӕй афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, хӕдбар паддзахад куы суой, уӕд сӕ цард фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты сӕрыл карзӕй-карздӕр дзурынц. Уыцы цӕстдарӕг ма загъта: «Ӕхсызгон у, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕ хъарутӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн кӕй дӕттынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ иудзинад кӕй хъахъхъӕнынц. Уыдон зонынц, хӕрам хъуыддӕгтӕн ӕмӕ иннӕ зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцау кӕй скӕндзӕн». w18.06 4, 5 фф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 27 июль
Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн (Иак. 4:7).
Библи йӕ хоны «Сайтан», ома «Ныхмӕлӕууӕг». Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты йӕ кой цӕуы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ чиныджы – 1 Азфыстыты, Иовы ӕмӕ Захарийы чингуыты. Цымӕ Йегъовӕ Мессийӕйы ӕрцыды размӕ уыцы знаджы тыххӕй афтӕ гыццыл цӕмӕн раргом кодта? Йегъовӕйы, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕндыди, цӕмӕй Сайтанмӕ уыцы кад ӕрхаудаид, ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты йӕ хъуыддӕгты кой арӕх уыдаид. Йегъовӕ Дзуттаг Фыстытӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн Мессийӕйы базонынӕн ӕмӕ йыл баууӕндынӕн баххуыс кодтаид (Лук. 24:44; Гал. 3:24). Сайтаны тыххӕй ӕмӕ, йӕ зондыл чи ацыд, уыцы зӕдты тыххӕй цы зонӕм, уымӕн йӕ фылдӕр хай Йегъовӕ раргом кодта, Мессийӕ куы ’рцыд, уӕд – Мессийӕйӕн йӕхи уылты ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты уылты. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид, кӕд ӕмӕ Йегъовӕ Сайтаны ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдоны фесафын Йесойӕн ӕмӕ сӕрстытӕн бахӕс кодта! (Ром. 16:20; Рарг. 17:14; 20:10). Рох дӕ ма уӕд, Хӕйрӕгӕн йӕ хъару ӕгӕрон кӕй нӕу. Махӕн ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕ ӕмӕ Йесо, стӕй Хуыцауы иузӕрдион зӕдтӕ. Се ’ххуысы фӕрцы нӕ бон у не знаджы ныхмӕ фидар лӕууын. w18.05 22, 23 фф., 2–4 абз.
Дыццӕг, 28 июль
Мӕ къалиутӕй дыргъ чи нӕ хӕссы, уый алыг кӕны (Иоан. 15:2).
Йегъовӕ нӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл нымайдзӕн, дыргъ куы хӕссӕм, кӕнӕ тыллӕг куы дӕттӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд (Матф. 13:23; 21:43). Уӕдӕ Иоанны 15:1–5 цы фӕсномыг ныхас фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, дыргъ хӕссын ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ кӕй нӕ амоны (Матф. 28:19). Кӕннод афтӕ рауаид, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кӕнын кӕмӕн нӕ бантысы, уыцы иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ, дыргъ чи нӕ хӕссы, ахӕм «къалиутӕ» сты. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй! Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ махӕн нӕ бон нӕу искӕй чырыстон фӕндагыл тыххӕй слӕууын кӕнын. Стӕй нын нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ дӕр, зынӕххӕстгӕнӕн цы у, ахӕмӕй ницы фӕаразын кӕны. Йегъовӕ адӕймагӕй домы, йӕ бон цы у, ӕрмӕстдӕр уый (Дык. з. 30:11–14). Уӕдӕ дыргъ хӕссын цӕмӕ амоны? Уый хъуамӕ уа, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон аразын кӕй у, ахӕм хъуыддаг. Цавӕр хъуыддаг? Йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 24:14). w18.05 14 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 29 июль
Сымахӕн уӕ фыд Хӕйрӕг у... [...] Уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд (Иоан. 8:44).
Нӕ рӕстӕджы дины разамонджытӕ тынг бирӕ сты. Адӕм сӕ хонынц хистӕртӕ, сауджынтӕ, раввинтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уыдон дӕр фарисейтау Библийы рӕстдзинад «ӕнӕфсармӕй.. ссӕндынц», стӕй «Хуыцауы рӕстдзинады бӕсты равзӕрстой мӕнгдзинад» (Ром. 1:18, 25). Уыдон амонынц алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ. Зӕгъӕм, дзурынц, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис ӕмӕ фыдгӕнджытӕ ӕнустӕм зындоны кӕй хъизӕмар кӕндзысты. Стӕй ма дзурынц, Хуыцау уый бар кӕй дӕтты, цӕмӕй нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ, сылгоймаг та сылгоймагимӕ лӕг ӕмӕ усы цард кӕной йе та сӕ цард баиу кӕной. Хицӕуттӕ адӕмы алыхуызон мӕнг ныхӕстӕй сайынц. Фӕлӕ ноджы фыддӕр сайд нырма разӕй ис! Тагъд рӕстӕджы хицӕуттӕ дзурдзысты: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» Фӕлӕ «уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт». Сӕ ныхӕстӕй афтӕ уайдзӕн, ӕмӕ ацы дунейӕн тӕссаг ницӕмӕйуал у, фӕлӕ хъуамӕ нӕхи сайын ма бауадзӕм. Мах ӕй хорз зонӕм, «давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр» (1 Фес. 5:1–4). w18.10 7, 8 фф., 6–8 абз.
Цыппӕрӕм, 30 июль
Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35).
Йесо Чырысти нӕ ныфсыл ныфс бафтауы «кънйӕзты» уылты, ома, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕй ӕмӕ ӕндӕр фыстӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ чи сты, уыдоны уылты. Уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхи нӕ «уырнындзинадӕн хицау [нӕ] кӕнынц», фӕлӕ «сты... [не] ’мкусджытӕ». Уыдоны фӕнды, цӕмӕй нын нӕ циныл цин ӕфтауой (Ис. 32:1, 2; 2 Кор. 1:24). Иннӕтӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хорз цӕвиттон ныууагъта апостол Павел. Ӕфхӕрд чи ӕййӕфта, уыцы фессалоникаг чырыстӕттӕм Павел ныффыста: «Афтӕ тынг уӕ уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕн систут адджын» (1 Фес. 2:8). Павел Ефесы цӕрӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн абоны стихы ныхӕстӕй равдыста, иннӕты ӕрмӕст ныхасӕй фидар кӕнын фаг кӕй нӕу. w18.04 21, 22 фф., 6–8 абз.
Майрӕмбон, 31 июль
Йегъовӕ у ӕнӕуынгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад (2 Кор. 3:17).
Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ не ’ргом Йегъовӕмӕ раздахӕм, ома йӕ хӕлӕрттӕ суӕм (2 Кор. 3:16). Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд хъуыддӕгтӕм Хуыцауы цӕстӕй нӕ, фӕлӕ адӕймаджы цӕстӕй кастысты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл уыди ӕмбӕрзӕн. Египетӕй рацӕугӕйӕ цы сӕрибардзинадӕй схайджын сты, уымӕй раст нӕ пайда кодтой – сӕ буары монцтӕ ӕфсадыныл систы (Дзут. 3:8–10). Фӕлӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тых цы сӕрибардзинад дӕтты, уый нӕ ӕнӕуи цавӕрдӕр цагъарадӕй нӕ сӕрибар кӕны. Уыцы сӕрибардзинад у, адӕм хъуыды дӕр кӕуыл никуы кодтой, ахӕм сӕрибардзинад. Уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ ссӕрибар уӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй, стӕй мӕнг динимӕ баст ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты цагъарадӕй дӕр (Ром. 6:23; 8:2). Уый цӕй диссаджы сӕрибардзинад у! Искӕй цагъар чи у кӕнӕ ахст чи у, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уой (Райд. 39:20–23). w18.04 9 ф., 3–5 абз.