Август
Сабат, 1 август
Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй (Ром. 5:8).
Ӕмбырдты нын арӕх нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый. Мах сӕ уый тыххӕй тынг бузныг стӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Йесойы фӕзмӕм (2 Кор. 5:14, 15). Стӕй ма нӕ тынг фӕнды Чырыстийы нывонды тыххӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнын дӕр. Ӕмӕ йӕ нӕ бон кадджын кӕнын у, зӕгъӕм, ӕмбырдты зӕрдиагӕй дзуаппытӕ дӕтгӕйӕ. Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Фырты куыд тынг уарзӕм, уый равдисдзыстӕм, уыдоны тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ куы уӕм, уӕд. Ӕмбырдтӕм цӕуынӕн нӕ арӕх фӕхъӕуы нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Зӕгъӕм, ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕрӕн иу фембӕлд вӕййы кусгӕ бонты изӕры, арӕхдӕр фӕллад куы вӕййӕм, уӕд. Иннӕ фембӕлд та вӕййы улӕфгӕ бонты, иннӕтӕ сӕ фӕллад куы фӕуадзынц, уӕд. Цымӕ Йегъовӕ фӕуыны, ӕмбырдтӕм фӕлладӕй дӕр кӕй ацӕуӕм, уый? Куыннӕ! Ууыл ӕппӕт тыхтӕй кӕй фӕархайӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уарзондзинад кӕй ӕвдисӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ тынг аргъ кӕны (Мар. 12:41–44). w19.01 29 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 2 август
Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст (Лук. 7:13).
Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕмбӕлд, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Зӕгъӕм, Йесо цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, мӕгуыр уыдысты. Йӕ фыд Иосифимӕ кусгӕйӕ йӕхицӕй базыдта, уӕззау куыст цы у, уый (Матф. 13:55; Мар. 6:3). Йесо лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕдмӕ Иосиф, чи зоны, ӕгас нал уыд. Уӕдӕ Йесо, хионы мӕлӕт цы у, уый дӕр базыдта. Стӕй ма йӕхиуыл бавзӕрста, бинонтӕй чидӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы нӕ фӕцӕуы, уый дӕр (Иоан. 7:5). Йесо ахӕм уавӕрты кӕй уыд, уый фӕрцы сахуыр хуымӕтӕг адӕмӕн сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ се ’нкъарӕнтӕ ӕмбарын. Йесо иннӕты зын кӕй ӕмбӕрста, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг уыд, диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд. Уый тыххӕй сӕ нӕ арӕзта, ӕмӕ уый йӕ хӕсыл нымадта, фӕлӕ, чи хъизӕмар кодта, уыдонӕн-иу кӕй «фӕтӕригъӕд кодта», уый тыххӕй (Матф. 20:29–34; Мар. 1:40–42). Йесо сын сӕ зын йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид (Мар. 7:32–35; Лук. 7:12–15). w19.03 16 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 3 август
Кӕрӕдзийӕн барут (Кол. 3:13).
Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв уыд. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цы тыхст уыдаид, уый. Йӕ мӕлӕты онг хъуамӕ иузӕрдионӕй баззадаид. Ууыл баст уыд миллиардгай адӕймӕгты цард (Ром. 5:18, 19). Ноджы ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ, куыд бакӕндзӕн, уымӕй кӕнгӕ уыд, йӕ Фыды ном фӕхудинаг уыдзӕн ӕви срухс уыдзӕн (Иов 2:4). Ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттимӕ, ома йӕ апостолтимӕ, фӕстаг хатт ӕхсӕвӕр куы скодта, уӕд уыдоны ’хсӕн карз быцӕу рауад, «уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл». Диссаг уый у, ӕмӕ сӕм мӕсты не сси, фӕлӕ семӕ сабырӕй ныхас кодта. Ногӕй та сын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ фидарӕй бамбарын кодта, кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ уыдаиккой, уый. Ӕмӕ сӕ стӕй раппӕлыд, йӕ фӕлварӕнты рӕстӕг йӕ фарсмӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Лук. 22:24–28; Иоан. 13:1–5, 12–15). Тыхст уавӕры куы уӕм, уӕддӕр нӕ бон у Йесойы фӕзмын ӕмӕ иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй дзурын, нӕ зӕрдыл куы дарӕм, не ’ппӕт дӕр, иннӕтӕ нӕм цӕй тыххӕй смӕсты вӕййынц, ахӕм цыдӕр кӕй фӕзӕгъӕм ӕмӕ кӕй фӕаразӕм (Ӕмб. 12:18; Иак. 3:2, 5). Хорз ма уаид, иннӕтӕй-иу сӕ хорз миниуджыты тыххӕй куы раппӕликкам (Еф. 4:29). w19.02 11, 12 фф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 4 август
Йегъовӕ... йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзӕн, цӕмӕй тӕрхон кӕна (Пс. 9:7).
Закъон адӕймаджы хъахъхъӕдта, цӕмӕй-иу ӕй исты фыдракӕнды мӕнгӕй ма фӕаххосджын кодтаиккой. Кӕй-иу фӕаххосджын кодтой, уымӕн-иу уый бар уыд, цӕмӕй-иу ӕй чи аххосджын кодта, уый зыдтаид (Дык. з. 19:16–19; 25:1). Стӕй-иу ӕй цалынмӕ аххосджыныл банымадтаиккой, уӕдмӕ-иу хъуыддаг хъуамӕ сбӕлвырд уыдаид ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ (Дык. з. 17:6; 19:15). Ӕмӕ-иу, зӕгъӕм, адӕймаг фыдракӕнд кӕй ракодта, уымӕн-иу ӕрмӕстдӕр иу ӕвдисӕн куы уыд, уӕд та? Ахӕм адӕймаг-иу афтӕ куы ахъуыды кодтаид, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн, уӕд-иу йӕхи сайдтаид, уымӕн ӕмӕ-иу Йегъовӕ федта, цы сарӕзта, уый. О, Йегъовӕмӕ хӕрамдзинад ӕппындӕр нӕй, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йын чи архайы, уыдонӕн арфӕ ракӕны, йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кӕны, уыдоны та ӕфхӕргӕ бакӕны (2 Сам. 22:21–23; Йез. 9:9, 10). Хатгай, чи зоны, афтӕ фӕзыны, ӕмӕ, фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Фӕлӕ йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ уыцы фыдгӕнджытӕй дзуапп ӕрдомдзӕн (Ӕмб. 28:13). Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл куы не ’рфӕсмон кӕной, уӕд тагъд рӕстӕджы сӕхиуыл бавзардзысты, «удӕгас Хуыцауы къухмӕ бахауынӕй тӕссагдӕр [кӕй] ницы ис» (Дзут. 10:30, 31). w19.02 23, 24 фф., 20, 21 абз.
Ӕртыццӕг, 5 август
Моисейы хуызӕн пехуымпар Израилы никуы уыд, Йегъовӕ йӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зыдта (Дык. з. 34:10).
Дзырд дӕр ыл нӕй, Моисейы-иу разамынд куы хъуыд, уӕд-иу йе скаст алкӕддӕр уыд Йегъовӕмӕ. Уый «уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ» (Дзут. 11:24–27). Йегъовӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уымӕй дыууӕ мӕйы дӕр нӕма рацыд ӕмӕ Синайы хохмӕ дӕр нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ ӕрцыд иу хабар. Адӕм Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ хабар уый онг сси, ӕмӕ Моисей Йегъовӕмӕ сдзынӕзта: «Цы кӕнон ацы адӕмӕн? Гыццыл ма, ӕмӕ мӕ дуртӕй амардзысты!» (Рац. 17:4). Йегъовӕ Моисейӕн загъта, куыд бакӕнын ӕй хъӕуы, уый. Хъуамӕ йӕ лӕдзӕг райстаид ӕмӕ, Хоривы чи уыд, уыцы къӕдзӕх ӕрцавтаид, ӕмӕ уӕд къӕдзӕхӕй дон ракалдаид. Библийы кӕсӕм: «Моисей дӕр Израилы хистӕр лӕгты раз афтӕ бакодта». Къӕдзӕхӕй дон рагуылф кодта, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ дойны басастой. Гъемӕ хабар ууыл ахицӕн (Рац. 17:5, 6). w18.07 13 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 6 август
Уарзондзинад... фидар кӕны (1 Кор. 8:1).
Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны ӕмбырдты фӕрцы дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй дӕр йӕ уарзондзинад ӕвдисы. Ӕмӕ йӕ мах дӕр кӕй уарзӕм, уый уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ не ’фсымӕрты куы уарзӕм ӕмӕ сӕ куы фидар кӕнӕм. Фӕлӕ сын ӕрмӕст сӕ уырнындзинад фидар кӕнын фаг нӕу. Хорз ма уаид, сӕ зӕрдыл-иу сын куы ’рлӕууын кӕниккам, Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зынаргъ кӕй сты (1 Иоан. 4:19–21). Апостол Павел чырыстӕтты баразӕнгард кодта: «Ныр куыд кӕнут, афтӕ дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11). Уӕдӕ ӕмбырды ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ алкӕмӕн дӕр у йӕ бон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фӕзмын (Ром. 15:1, 2). Депресси кӕмӕн вӕййы, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕхъӕуы дохтырты ӕххуыс (Лук. 5:31). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмбарынц, ахӕм чырыстӕтты дохтырау кӕй не сдзӕбӕх кӕндзысты, фӕлӕ сын уӕддӕр сӕ бон у баххуыс кӕнын. Сӕ бон у ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14). w18.09 14 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 7 август
Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн (Ис. 41:10).
Йегъовӕйыл нӕ ныфс ноджы тынгдӕр дардзыстӕм, хуыздӕр ӕй куы базонӕм, уӕд. Ӕмӕ Хуыцауы та хорз базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Библи лӕмбынӕг кӕсгӕйӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу рагзаманты йӕ адӕмы куыд бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ сты ӕууӕнчы аккаг, ӕмӕ нӕ уыдоны фӕрцы фидарӕй уырны, Йегъовӕ махыл дӕр кӕй тыхсдзӕн. Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны, уый Исай равдыста рӕсугъд ныхӕстӕй. Уый Йегъовӕйы абарста фыййауимӕ, йӕ лӕггадгӕнджыты та – уӕрыччытимӕ. Исай Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн» (Ис. 40:11). Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ сабыр кӕнынц ӕмӕ нӕ ныфс уадзынц, Йегъовӕ нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдты дӕр нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой, уый тыххӕй-иу хъуыды кӕн абоны стихы ныхӕстыл. Ӕмӕ фидӕны фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕд дын фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдзӕн. w19.01 7 ф., 17, 18 абз.
Сабат, 8 август
О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос (Пс. 40:8).
Дӕ разы исты нысӕнттӕ сӕвӕрдтай? Кӕд о, уӕд архайыс, цӕмӕй дӕ къухы бафтой? Чи зоны, дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсай, ӕмбырды ноджы хуыздӕр дзуаппытӕ дӕттай кӕнӕ та-иу дӕ хӕслӕвӕрдтӕ ноджы хуыздӕр бацӕттӕ кӕнай. Науӕд та, чи зоны, дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй уацамынды Библийӕ ноджы арӕхстджындӕрӕй пайда кӕнай. Цавӕрфӕнды нысан ма уа, уӕддӕр, дӕ къухы куы бафты кӕнӕ та дын де ’нтыстдзинад иннӕтӕ куы бафиппайынц ӕмӕ дӕ уый тыххӕй куы раппӕлынц, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕцин кӕныс. Ӕмӕ, уӕвгӕ, куыннӕ хъуамӕ цин кӕнай, кӕд ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисыс, Йесойау дын Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй у! (Ӕмб. 27:11). Кӕд Хуыцауы хъуыддаджы цавӕрдӕр нысӕнттӕм тырныс ӕмӕ дын уый ӕппӕты сӕйраг у, уӕд фыдӕнхъӕл никуы фӕуыдзынӕ, фӕлӕ дӕ цардӕй алкӕддӕр уыдзынӕ райгонд. Апостол Павел ныффыста: «Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу» (1 Кор. 15:58). Фӕлӕ адӕм ацы дунейы цӕмӕдӕрты куы фӕбӕллынц, зӕгъӕм, хъӕздыгдзинадмӕ ӕмӕ кадмӕ, уӕд амондджындӕр нӕ фӕвӕййынц. Ӕмӕ кӕд сӕ къухы бирӕ цыдӕртӕ бафты, уӕддӕр арӕх сӕ цардӕй райгонд нӕ вӕййынц (Лук. 9:25). w18.12 22 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 9 август
Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты (Пс. 37:29).
Давид кодта, адӕм зӕххыл Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уыцы рӕстӕджы кой (2 Пет. 3:13). Исайы 65:22 стихы фыст ис: «Мӕ адӕмы бонтӕ уыдзысты бӕласы бонтау бирӕ». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕмы царды бонтӕ уыдзысты мин азтӕ. Раргомады 21:1–4 стихтӕм гӕсгӕ, ног дунейы Хуыцау адӕмы йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй та иу у, мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, уый. Адам ӕмӕ Евӕ дзӕнӕты цӕрыны фадатӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой. Фӕлӕ йӕ мах зонӕм, зӕххыл та ногӕй дзӕнӕт кӕй уыдзӕн. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, адӕм зӕххыл арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Давид ныффыста, сабыр адӕм ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн кӕй райсдзысты ӕмӕ йыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты (Пс. 37:11). Исайы чиныджы фыст пехуымпарӕдтӕ дӕр нӕ ныфс уадзынц, зӕххыл диссаджы дзӕнӕты кӕй цӕрдзыстӕм (Ис. 11:6–9; 35:5–10; 65:21–23). Ӕмӕ мах уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Цымӕ уый кӕд уыдзӕн? Йесо, йӕ фарсмӕ кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куы сӕххӕст уа, уӕд (Лук. 23:43). Дӕуӕн дӕр фадат ис, цӕмӕй уыцы дзӕнӕты цӕрай. w18.12 7 ф., 22, 23 абз.
Къуырисӕр, 10 август
Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).
Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ацы дунейы хъуыдытӕй нӕхи бынтондӕр бахизӕм? Нӕ, уый гӕнӕн нӕй. Нӕ бон нӕу ацы дунейӕ «искуыдӕм алидзын», ӕмӕ ныл уый тыххӕй хатгай йӕ зонд фӕзыны (1 Кор. 5:9, 10). Зӕгъӕм, уацамынды фембӕлӕм, рӕдыд хъуыдытыл хӕст чи вӕййы, ахӕм адӕмыл. Ӕмӕ сӕ кӕд нӕхи дард ласын нӕ бон нӕу, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй уыцы рӕдыд хъуыдытӕм не ’ргом ма здахӕм ӕмӕ уыдонау хъуыды кӕнын ма райдайӕм. Хъуамӕ-иу Йесойау, Хӕйрӕг нын цы хъуыдытӕ хъары, уыдон нӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм. Фӕлӕ уӕддӕр кӕцыдӕр хъуыддӕгты нӕ бон у ацы дунейы зондӕй нӕхи бахизын. Зӕгъӕм, хъуамӕ къӕрцхъус уӕм нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ. Библи нӕ фӕдзӕхсы, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм адӕймӕгтимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд ныл сӕ зондахаст кӕй фӕзындзӕн (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:12, 32, 33). Эволюци, тыхми кӕнӕ ӕнӕгъдаудзинад ӕвдыст кӕм цӕуы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй нӕхи куы хизӕм, уӕд нӕ зонд нӕ фӕхъӕстӕ уыдзӕн, «Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр» у, уыдӕттӕй (2 Кор. 10:5). w18.11 21 ф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 11 август
Ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл (Пс. 86:11).
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст фӕндагыл фӕндфидарӕй цӕуӕм? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Библийы рӕстдзинад иннӕтӕн амонӕм. Уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъамайыл, ома «Хуыцауы ныхасыл», фидар кӕй хӕцӕм (Еф. 6:17). Не ’ппӕты дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй арӕхстджындӕр кӕнӕм ӕмӕ, «рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны», ахӕм ахуыргӕнджытӕ уӕм (2 Тим. 2:15). Библийы фӕрцы иннӕтӕн рӕстдзинад балхӕнынӕн ӕмӕ сын мӕнг ахуырӕдтыл сӕ къух сисынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд Хуыцауы ныхӕстӕ нӕхи зӕрдӕты ӕмӕ нӕхи зонды дӕр ныффидар вӕййынц. Ӕмӕ уый фӕрцы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрыныл фӕндфидарӕй фӕархайӕм. Рӕстдзинад у Йегъовӕйы стыр лӕвар. Уыцы лӕвары фӕрцы нӕ уӕларвон Фыдимӕ стӕм хӕлӕрттӕ, ӕмӕ нын царды уымӕй зынаргъдӕр ницы ис. Абоны онг дӕр нын Йегъовӕ бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта, фӕлӕ, фидӕны нырма цас цыдӕртӕ базондзыстӕм, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй! Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнустӕм нӕ кӕй ахуыр кӕндзӕн. Уӕдӕ рӕстдзинадӕн зынаргъ налхъуытау аргъ кӕн. Дарддӕр дӕр ӕй «ӕлхӕн» ӕмӕ йӕ макуы «ауӕй кӕн» (Пс. 86:11). w18.11 8 ф., 2 абз.; 12 ф., 15–17 абз.
Ӕртыццӕг, 12 август
[Ной уыд] рӕстдзинад хъусынгӕнӕг (2 Пет. 2:5).
Ной Доны хъаймӕты размӕ адӕмӕн куы хъусын кодта, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕдзӕхсгӕ дӕр кодта, бӕллӕх сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, Йесо цы загъта, уымӕ: «Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр» (Матф. 24:38, 39). Кӕд Ноймӕ хъусӕг нӕ уыд, уӕддӕр йӕ хӕс иузӕрдионӕй ӕххӕст кодта – дарддӕр дӕр адӕмы фӕдзӕхста. Абон мах хорз хабар уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, цӕмӕй иууылдӕр базоной, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Йегъовӕйау мах дӕр тынг фӕнды, цӕмӕй адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой (Йез. 18:23). Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы бафӕдзӕхсӕм, тагъд Хуыцауы Паддзахад ацы фыддунейӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уымӕй (Йез. 3:18, 19; Дан. 2:44; Рарг. 14:6, 7). w18.05 19 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 13 август
Йӕ дзыхӕй раст ныхас кӕмӕн цӕуы, уыцы адӕймаг зӕгъдзӕн, раст цы у, уый (Ӕмб. 12:17).
Чи зоны, цӕрыс, хъусын кӕныны бар кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕйы. Ӕмӕ дӕ, зӕгъӕм, хицауады кусджытӕ ӕрцахстой ӕмӕ дӕ де ’фсымӕрты тыххӕй цыдӕртӕ фӕрсынц. Ахӕм уавӕры куыд бакӕндзынӕ? Алцыдӕр сын радзурдзынӕ? Чырысти та куыд бакодта, ромаг хицау Понтий Пилат ӕм фарстатӕ куы лӕвӕрдта, уӕд? Хатгай-иу куыд бакодта, афтӕ ацы хатт дӕр хъусӕй лӕууыд, ӕмӕ афтӕмӕй архайдта Библийы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн», зӕгъгӕ (Еккл. 3:1, 7; Матф. 27:11–14). Мах дӕр-иу ахӕм уавӕры хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус, цӕмӕй-иу не ’фсымӕрты тӕссаг уавӕры ма баппарӕм (Ӕмб. 10:19; 11:12). Зӕгъӕм де ’ввахс ӕмбал кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чидӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, ӕмӕ ды уый тыххӕй базыдтай. «Раст цы у», уый-иу радзур. Хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый радзурай ӕмӕ сӕ мацы басусӕг кӕнай. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ис уый бар, цӕмӕй уыцы хабары тыххӕй алцыдӕр зоной. Уый фӕрцы сӕ бон уыдзӕн бамбарын, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймагӕн хуыздӕр баххуыс кӕнӕн куыд ис, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа (Иак. 5:14, 15). w18.10 10 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 14 август
Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 5:11).
Нӕ бон куыд у иннӕты нӕ уарзондзинады фӕрцы фидар кӕнын? Нӕ бон сӕм у лӕмбынӕг хъусын (Иак. 1:19). Ныфссаст чи у, ахӕм адӕймагмӕ-иу лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн. Фӕлмӕнӕй ӕмӕ-иу ӕм уӕзданӕй фарстатӕ дӕтт, цӕмӕй-иу ын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарай ӕмӕ-иу ын йӕ зын дӕ зӕрдӕмӕ айсай. Дӕ цӕсгомы змӕлдӕй ӕмӕ-иу дӕ цӕстӕнгасӕй бӕрӕг уӕд, зӕрдӕйӕ йыл кӕй тыхсыс. Кӕд дын йӕ хабӕрттӕ бӕстондӕр радзурынмӕ хъава, уӕд-иу ӕй дзурын бауадз ӕмӕ-иу ӕм фӕразонӕй хъус. Афтӕ куы архайай, уӕд, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбардзынӕ. Стӕй дыл уый дӕр ӕууӕнддзӕн ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ ныхӕстӕм хъусын. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы уыной, ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсыс, уӕд сын стыр удӕнцойы хос уыдзынӕ. w18.09 14 ф., 10 абз.; 15 ф., 13 абз.
Сабат, 15 август
Балхӕн рӕстдзинад (Ӕмб. 23:23).
Рӕстдзинад балхӕнын кӕй фӕфӕнды, уыдонӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы ацы аргъ бафидын. Рӕстӕг хъӕуы, цӕмӕй хорз хабармӕ байхъусай, Библи ӕмӕ нӕ литературӕ кӕсай, Хуыцауы Ныхас арф иртасай, ӕмбырдтӕм дӕхи цӕттӕ кӕнай ӕмӕ сӕм цӕуай. Хъуамӕ-иу уыцы рӕстӕг балхӕнӕм, кӕнӕ та йӕ райсӕм, афтӕ ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕй (Еф. 5:15, 16, фип.). Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ базонынӕн цас рӕстӕг бахъӕуы? Уый кӕнгӕ вӕййы адӕймагӕн йӕ уавӕртӕй. Йегъовӕйы зонд ӕмӕ хъуыддӕгты тыххӕй цасфӕнды ма зонӕм, уӕддӕр нӕ бон у уыцы зонындзинӕдтыл ӕдзухдӕр ӕфтауын (Ром. 11:33). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыццаг номыры рӕстдзинад барст цыд «гыццыл дидинӕгимӕ» ӕмӕ дзы фыст уыд: «Рӕстдзинады „дидинджытӕй“ уӕ иу куы фӕуа, уӕд уын фаг ма уӕд. Иу дидинӕг фаг куы уыдаид, уӕд иннӕтӕ уӕвгӕ дӕр нӕ уыдаиккой. Ноджыдӕр агурут, ӕмбырд сӕ кӕнут». Суанг ӕнусты дӕргъы дӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын. Абон та тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнӕм ӕмӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, нӕ зонындзинӕдтыл ӕфтауӕм. w18.11 4 ф., 7 абз.
Хуыцаубон, 16 август
Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут (Еф. 5:25).
Библи лӕгтӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ устыты ӕмбарой ӕмӕ сӕ хорзыл хъуыды кӕной (1 Пет. 3:7). Ӕмбаргӕ лӕг афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ дзы йӕ бинойнаг бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй хицӕн кӕны, уый тыххӕй дзы ӕвзӕрдӕр у (Райд. 2:18). Уый йын йе ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл фӕархайы ӕмӕ йын фӕкад кӕны. Йӕ бинойнаджы ӕнкъарӕнтӕн чи аргъ кӕны, ахӕм лӕг ӕндӕр сылгоймагмӕ уарзоны цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йӕхи афтӕ нӕ дардзӕн, цыма йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Стӕй социалон сетьты ӕмӕ интернеты сылгоймӕгтӕм ахӕм цыдӕртӕ нӕ фысдзӕн, цӕмӕй исты ахъуыды кӕной (Иов 31:1). Лӕг йӕ бинойнагыл иузӕрдион уый тыххӕй у, ӕмӕ йӕ уарзы, стӕй Йегъовӕйы дӕр уарзы ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт уыны (Пс. 19:14; 97:10). w18.09 29 ф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 17 август
Сымахӕй йӕхи иннӕтӕй дӕлдӕрыл чи нымайы, уӕлдӕр гъе уый у (Лук. 9:48).
Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын нын ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы? Иу уый, ӕмӕ нӕ, раст цы у, уый аразынӕн фӕхъӕуы сӕрныллӕгдзинад. Ӕмӕ ацы «фӕстаг бонты» цӕргӕйӕ та сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын алы хатт нӕ фӕуайы, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс адӕм сты «хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд», стӕй «хиуыл хӕцын нӕ зонынц» (2 Тим. 3:1–3). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарӕм, ахӕм зондахаст ӕмӕ уагахаст раст кӕй не сты. Фӕлӕ нӕм, чи зоны, хатгай афтӕ кӕса, ӕмӕ ахӕм адӕмӕн сӕ къухы алцыдӕр ӕфты ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппарынц (Пс. 37:1; 73:3). Чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Мӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕты хорзыл тыхсон, уый уый аргъ у? Мӕхи „иннӕтӕй дӕлдӕр“ куы ’вӕрон, уӕд ма мын адӕмы цӕсты кад уыдзӕн?» Ацы дунейы адӕмау хиуарзон куы уӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ кӕй нал фидаудзыстӕм, уымӕй, стӕй нӕ чырыстӕттӕ схонӕн дӕр зынтӕй уыдзӕн. Уӕдӕ хорз уаид, Библийы кӕй кой ис, ахӕм сӕрныллӕг адӕймӕгты цӕвиттонтӕм куы ’ркӕсиккам ӕмӕ сӕ куы бафӕзмиккам. Уый нын стыр пайда фӕуыдзӕн. w18.09 3 ф., 1 абз.
Дыццӕг, 18 август
Раттын амондджындӕр хъуыддаг у (Хъуыд. 20:35).
Йегъовӕ куы никӕйма сфӕлдыста ӕмӕ иунӕгӕй куы уыд, суанг уӕд дӕр йӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст йӕхиуыл нӕ уыдысты. Уый цард радта зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» ӕмӕ уарзы хорздзинад аразын (1 Тим. 1:11; Иак. 1:17). Уый фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уӕм амондджын, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ ахуыр кӕны рӕдаудзинадыл (Ром. 1:20). Хуыцау нӕ сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ (Райд. 1:27). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй. Уӕдӕ цӕмӕй амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйау иннӕты хорзыл тыхсӕм ӕмӕ рӕдау уӕм (Фил. 2:3, 4; Иак. 1:5). Цымӕ афтӕ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ афтӕ сфӕлдыста. Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у Йегъовӕйау рӕдаудзинад ӕвдисын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ йе сконд адӕм фӕзмой, ӕмӕ рӕдаудзинад хъуыддагӕй куы равдисӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы (Еф. 5:1). w18.08 18 ф., 1, 2 абз.; 19 ф., 4 абз.
Ӕртыццӕг, 19 август
Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ (Иоан. 10:27).
Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ йын йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст хъусгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ ӕххӕст дӕр кӕнынц. Уыдон «царды сагъӕстыл» не свӕййынц (Лук. 21:34). Ӕппӕты сӕйраг сын у Йесойы фӕдзӕхстытӕм хъусын, ӕмӕ афтӕ фӕархайынц суанг зын уавӕрты дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Йесомӕ кӕй хъусӕм, уый ма равдисдзыстӕм, разамынд нын чи дӕтты, уыдонимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд (Дзут. 13:7, 17). Фӕстаг азты Хуыцауы организацийы бирӕ ивындзинӕдтӕ ӕрцыд. Зӕгъӕм, хъусын кӕнынӕн фӕзынд ног кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ, стӕй, къуырийы астӕу цы фембӕлд вӕййы, уым дӕр бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Уымӕй уӕлдай ма, Паддзахады залтӕ аразын, цалцӕг сӕ кӕнын ӕмӕ сӕм зилын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы дӕр цыдӕртӕ фӕивта. Ӕфсымӕртӕ нын цы разамынд дӕттынц, уый вӕййы йӕ тӕккӕ афоныл ӕмӕ дзурӕг у сӕ уарзондзинадыл. Ӕмӕ сӕ мах уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! Уыцы разамындмӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд нын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн. w19.03 10, 11 фф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 20 август
Хъуамӕ... нӕ алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм мауал рахӕсс-бахӕсс кӕной – хинӕй чи архайы... уыдонмӕ мауал хъусӕм (Еф. 4:14).
Ӕркӕсӕм, Йесо Навины заман Иорданы цӕугӕдоны ныгуылӕн фарс чи цард, уыцы израилӕгты хабармӕ (Йес. Н. 22:9–34). Иуафон уыдон фехъуыстой, скӕсӕн фарс чи цард, уыцы израилӕгтӕ стыр нывондхӕссӕн кӕй сарӕзтой. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ уыд. Фӕлӕ хабар кӕронмӕ нӕ зыдтой, ӕмӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ се ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты (Йес. Н. 22:9–12). Фӕлӕ уал сӕм уый размӕ ӕууӕнкджын нӕлгоймӕгты арвыстой, цӕмӕй, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый базыдтаиккой. Ӕмӕ цы базыдтой? Нывондхӕссӕн уый тыххӕй нӕ сарӕзтой, цӕмӕй йыл нывӕндтӕ хастаиккой, фӕлӕ цӕмӕй фидӕны фӕлтӕртӕн ӕвдисӕн уыдаид, уыдон дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодтой, уымӕн. Израилӕгтӕ куыннӕ цин кодтаиккой, се ’фсымӕртимӕ схӕцыныл кӕй нӕ фӕтагъд кодтой, фӕлӕ хабӕрттӕ кӕй сбӕрӕг кодтой, ууыл! w18.08 5 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 21 август
Афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа (1 Кор. 10:12).
Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй суанг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтынц. Чи зоны сӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ уӕддӕр райгонд уыдзӕн. Фӕлӕ, Йегъовӕйы хӕлар уай, уый дӕ кӕй фӕнды кӕнӕ афтӕ кӕй дзурыс, ӕмӕ йыл иузӕрдион дӕ, уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ райгонд у (1 Кор. 10:1–5). Моисей Синайы хохӕй куы нал ӕмӕ нал цыд, уӕд израилӕгтӕ тыхсын райдыдтой. Раст афтӕ абон мах дӕр, чи зоны, тыхсӕм, Йегъовӕ ныронг ацы дунейӕн кӕрон кӕй не скодта, ууыл ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, цыдӕр фӕстиат кӕны, зӕгъгӕ. Чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайӕм, ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цы диссаджы фидӕнӕй ӕвӕры, уый нырма тагъд нӕ ралӕудзӕн кӕнӕ та рӕсугъд фынӕй уӕлдай нӕу. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, фылдӕр хъуыды кӕнын райдайӕм нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл, Йегъовӕйы фӕндоныл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕ адард уӕм ӕмӕ ӕппынфӕстаг райдайӕм, раздӕр нӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хастам, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын. w18.07 21 ф., 17, 18 абз.
Сабат, 22 август
Цӕй тыххӕй мын зӕгъыс, уый дӕр сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын ды ссардтай мӕ хорзӕх ӕмӕ дӕ ӕз зонын дӕ номӕй (Рац. 33:17).
Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы арфӕдзинадӕй схайджын уӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ зона? Куыннӕ! Фӕлӕ нӕ цӕмӕй Хуыцау зона, ома нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайа, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ йын нӕхи снывонд кӕнӕм (1 Кор. 8:3). Фӕлӕ нын нӕ уӕларвон Фыдимӕ цы хӕлардзинад ис, уый хъӕуы зынаргъ хӕзнайау хъахъхъӕнын. Павел кӕмӕ фыста, уыцы галатаг чырыстӕттау мах дӕр хъуамӕ «дунейы ӕнӕпайда ӕмӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕн» цагъартау мауал лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕм хауы, адӕймаг ацы дунейы хорзӕхмӕ кӕй фӕбӕллы, уый дӕр (Гал. 4:9). Уыцы чырыстӕттӕ ахӕм арфӕдзинадӕй схайджын сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау зыдта. Фӕлӕ Павел куыд загъта, афтӕмӕй растдӕр уыцы ӕфсымӕртӕ фӕстӕмӕ афтид хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ Павел бафарста: «Кӕд уын уыйбӕрц бантыст, уӕд ма, кӕй ныууагътат, уыцы ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм фӕстӕмӕ цӕмӕн здӕхут?» w18.07 8 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 23 август
Зондджын адӕймаг байхъусдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн (Ӕмб. 1:5).
Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бамбарыны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ фехалӕм ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркӕны, уый нӕхиуыл бавзарӕм. Уый бӕсты нӕ бон у, Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы адӕмы рӕдыдтытӕй ахуыр кӕнын. Мах «фылдӕр базонӕм», Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕмы хабӕрттӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ сыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй нын Хуыцау амоны зонд. Ӕмӕ нын уымӕй хуыздӕр та зонд ничи бацамондзӕн! Зӕгъӕм, ахъуыды кӕнӕм, паддзах Давид, Йегъовӕйы закъон кӕй фехӕлдта ӕмӕ Вирсавиимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй цас мӕстытӕ бавзӕрста, ууыл (2 Сам. 12:7–14). Ацы хабар кӕсгӕйӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Давидӕн йӕ бон куыд уыди уыцы мӕстытӕй йӕхи бахизын? Ахӕм уавӕры куы уыдаин, уӕд цымӕ ӕз та куыд бакодтаин? Давидау тӕригъӕд сарӕзтаин ӕви Иосифау алыгъдаин?» (Райд. 39:11–15). Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ цы бӕллӕхтӕм ӕркӕнынц, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт ноджы тынгдӕр уындзыстӕм (Амос 5:15). w18.06 17 ф., 5, 7 абз.
Къуырисӕр, 24 август
Паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн (Матф. 22:21).
Арӕх адӕм политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын райдайынц, сӕ алыварс хӕрамдзинад кӕй фӕуынынц, уый тыххӕй. Йесойы рӕстӕджы ахӕм хъуыддӕгтӕй иу уыд хъалонтӕ фидыны хъуыддаг. Хъалонтӕ та бирӕ уыдысты, зӕгъӕм, исбоны тыххӕй, стӕй зӕххытӕ ӕмӕ хӕдзӕртты тыххӕй. Хабар фыддӕр кодта, хъалонисджытӕ гӕртамхортӕ кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Арӕх-иу хъалонисджытӕ хицӕуттӕн ӕхца бафыстой, цӕмӕй-иу сын стыр бартӕ радтаиккой. Ӕмӕ-иу стӕй уыцы барты фӕрцы сӕхицӕн бирӕ ӕхца куыстой. Иерихоны хъалонисджыты хицау Закхей схъӕздыг, адӕмӕй-иу хӕрамӕй ӕхца кӕй байста, уый фӕрцы (Лук. 19:2, 8). Ӕмӕ уыцы рӕстӕг афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ кодтой. Йесойы знӕгты фӕндыд, цӕмӕй хъалон фидыны хъуыддаджы искӕй фарс рахӕцыдаид ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныхасӕй ӕрцахстаиккой. Уыдон ӕй бафарстой, Ромы дӕлбар цӕрӕг адӕмӕй алчидӕр йӕхи тыххӕй цы хъалон хъуамӕ фыстаид, уымӕй. Уыцы хъалон уыд иу динар (Матф. 22:16–18). Дзуттӕгтӕ уыцы хъалонӕй се сӕфт уыдтой, уымӕн ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Ромы паддзахады дӕлбар кӕй уыдысты, уый. w18.06 5, 6 фф., 8–10 абз.
Дыццӕг, 25 август
Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн (Гал. 6:7).
Сайтаны фарс чи слӕууы, уыдоны уый ӕппынфӕстаг ӕркӕны бӕллӕхмӕ (Иов 21:7–17; Гал. 6:8). Сайтанӕн йӕ бар цӕуыл цӕуы, уый кӕй зонӕм, уый нын цавӕр пайда хӕссы? Уый фӕрцы нӕ бон у зӕххон хицӕуттӕм раст цӕстӕй кӕсын, стӕй ма нӕ уый разӕнгард кӕны хъусын кӕнынмӕ дӕр. Мах зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй хицӕутты нымайӕм (1 Пет. 2:17). Уый фӕнды, цӕмӕй хицауады закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм,– Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ куы нӕ уой, уӕд (Ром. 13:1–4). Фӕлӕ ма уый дӕр зонӕм, ӕмӕ хъуамӕ ацы дунейы хъуыддӕгты ма архайӕм – политикон партитӕй ӕмӕ хицӕуттӕй иуы иннӕмӕй хуыздӕрыл хъуамӕ ма нымайӕм (Иоан. 17:15, 16; 18:36). Сайтан Йегъовӕйы номыл цъыф кӕй калы ӕмӕ йӕ басусӕг кӕныныл кӕй архайы, уый зонгӕйӕ мах фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй адӕмӕн нӕ Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад дзурӕм. Мах нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, Йегъовӕйы ном кӕй хӕссӕм ӕмӕ йӕ кӕй дзурӕм, уый. Хуыцауы чи уарзы, уыдон бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын сты. Ӕхца ӕмӕ мулк чи уарзы, уыдонӕй та уый зӕгъӕн нӕй (Ис. 43:10; 1 Тим. 6:6–10). w18.05 24 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 26 август
Ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд (1 Кор. 7:10).
Бинонтӕн сӕ царды зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд цымӕ сӕ бон у хицӕнтӕй цӕрын? Сӕ бон хицӕнтӕй цӕрын цӕй тыххӕй у, уый фӕдыл Библийы ницы ис фыст. Павел ныффыста: «Кӕд сылгоймагӕн... ӕнӕуырнӕг лӕг ис, фӕлӕ йемӕ цӕрыныл разы у, уӕд йӕ лӕджы ма ныууадзӕд» (1 Кор. 7:12, 13). Хорз уаид, абон дӕр бинонтӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архаиккой. Афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ «ӕнӕуырнӕг лӕгӕн» йӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг вӕййынц, ӕмӕ йӕ усимӕ «цӕрыныл разы» нӕу. Гӕнӕн ис, йӕ усы фыднад кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй усӕн йе ’нӕниздзинадӕн кӕнӕ та йӕ цардӕн дӕр тӕссаг уа. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, лӕджы ма фӕнда йӕ бинонты дарын, науӕд та йӕ бинойнаджы Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕппындӕр ма уадза. Гӕнӕн ис, хо уый афтӕ банымайа, ӕмӕ йӕ цардӕмбал йемӕ «цӕрыныл разы» нӕу (лӕг цыфӕнды ма дзура, уӕддӕр) ӕмӕ аскъуыддзаг кӕна, кӕй дзы хъуамӕ ацӕуа. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ ахӕм уавӕрты дӕр сӕ цардӕмбӕлттимӕ баззайынц. Уыдон уыцы зындзинӕдтӕн фӕбыхсынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ бинонты цард фӕхуыздӕр уа. w18.12 13 ф., 14, 16 абз.; 14 ф., 17 абз.
Цыппӕрӕм, 27 август
Уыдон... фӕразон кӕй вӕййынц, уый фӕрцы раттынц тыллӕг (Лук. 8:15).
Лукайы 8:5–8, 11–15 тауӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас фыст ис, уым «нӕмыг» амоны «Хуыцауы дзырдмӕ», ома Паддзахады хабармӕ, «зӕхх» та амоны адӕймаджы зӕрдӕмӕ. Хорз зӕххыл чи ӕрхауд, уыцы нӕмыг уидаг ауагъта, ӕвзар суагъта ӕмӕ «радта тыллӕг сӕдӕ хатты фылдӕр». Уыцы нӕмыг нӕ зӕрдӕйы уидаг ауагъта, ӕвзар суагъта ӕмӕ ӕппынфӕстаг цӕттӕ уыд тыллӕг раттынмӕ. Ӕмӕ гыццыл раздӕр цы мӕнӕуы зӕнджы кой скодтам, уымӕн йӕ тыллӕг ног зӕнгтӕ нӕ, фӕлӕ ног нӕмгуытӕ куыд уыдысты, раст афтӕ махӕн дӕр нӕ тыллӕг ног ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ вӕййынц, фӕлӕ ног нӕмгуытӕ. Цымӕ уыцы тыллӕг куыд фӕдӕттӕм? Иннӕтӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд зӕгъӕн ис, нӕ зӕрдӕйы цы нӕмыг тыд ӕрцыд, раст ахӕм нӕмгуытӕ фӕтауӕм (Лук. 6:45; 8:1). Уӕдӕ кӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ тыллӕг дӕттӕм. w18.05 14 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 28 август
Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын (Рарг. 3:19).
Павел йе ’фсымӕрты тыххӕй цӕттӕ уыд йӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ. Мӕнӕ цы загъта йӕхӕдӕг: «Ӕз сымах тыххӕй, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн» (2 Кор. 12:15). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’фсымӕрты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй кӕй барӕвдауынц, уымӕй уӕлдай ма сын хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнынц. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, сӕ хорзыл кӕй тыхсынц (1 Кор. 14:3). Адӕймаджы бафидар кӕныны тыххӕй хатгай хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы уынаффӕ раттын дӕр. Ӕмӕ Библийӕ базонӕн ис, уыцы хъуыддаг аразгӕйӕ дӕр сӕ бон куыд у адӕймаджы ныфс бауадзын. Уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо. Куы райгас, уый фӕстӕ Къаннӕг Азийы кӕцыдӕр ӕмбырдтӕн бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ ма нӕ хъус ӕрдарӕм, уыцы хъуыддаг куыд сарӕзта, уымӕ. Ефесы, Пергамы ӕмӕ Фиатирӕйы ӕмбырдтӕн цалынмӕ нӕ бауайдзӕф кодта, уӕдмӕ сӕ сӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй раппӕлыд (Рарг. 2:1–5, 12, 13, 18, 19). Уӕдӕ хорз уаид, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ искӕмӕн уынаффӕ дӕтгӕйӕ Йесойы куы фӕзмиккой. w18.04 22 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 29 август
Фыдӕлтӕ... уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут (Еф. 6:4).
Ныййарджытӕ, ӕнӕуи низты кой куы кӕнӕм, уӕд сымах уӕ тых, уӕ бонӕй фӕархайут, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты уыцы низтӕй бахъахъхъӕнат. Ӕмӕ уый тыххӕй уӕ хӕдзар ӕдзухдӕр фефснайут ӕмӕ, уӕ бинонты ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг цӕмӕй вӕййы, уыдӕттӕ аппарут. Раст афтӕ хъуамӕ уӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕнат ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнат, цӕмӕй сӕхи хизой, Хӕйрӕджы зондӕй сӕ чи фӕхъӕстӕ кӕндзӕн, ахӕм кинотӕ, телепередачӕтӕ, видеохъӕзтытӕ ӕмӕ сайттӕй. Йегъовӕ уыл ахӕм хӕс сӕвӕрдта, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты уырнындзинадыл тыхсат (Ӕмб. 1:8). Уӕдӕ уын уый бар ис, цӕмӕй сӕ цыдӕртӕ домат ӕмӕ сын цӕмӕндӕрты та бар ма дӕттат, ӕрмӕст сын цы дзурут, уый хъуамӕ уа Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Кӕд уӕ сывӕллӕттӕ гыццыл сты, уӕд-иу сын дзурут, цӕмӕ ис кӕсӕн ӕмӕ цӕмӕ нӕй, уый ӕмӕ, афтӕ цӕмӕн у, уый дӕр-иу сын бамбарын кӕнут (Матф. 5:37). Куы байрӕзой, уӕд та-иу сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй, Йегъовӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый ӕмбарын сахуыр уой (Дзут. 5:14). Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ сывӕллӕттӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ (Дык. з. 6:6, 7; Ром. 2:21). w19.01 16 ф., 8 абз.
Хуыцаубон, 30 август
Зӕрӕдтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном (Пс. 148:12, 13).
Ӕрыгӕттӕ, уӕ бон у, ӕмӕ-иу ацӕргӕтӕн рӕстӕг ссарат ӕмӕ-иу семӕ аныхӕстӕ кӕнат. Бафӕрсут-иу сӕ, цы сын ӕххуыс кӕны Йегъовӕйӕн уал азы дӕргъы лӕггад кӕнынӕн. Цы уын радзурой, уый уӕ ӕнӕмӕнгӕй бафидар кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уыдон дӕр ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдзыстут, цӕмӕй адӕммӕ рӕстдзинады рухс кӕла! Уымӕй уӕлдай, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ-иу, ӕмбырдмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕн ӕгасцуай зӕгъой. Кӕд дын уацамындон фембӕлд уадзын бахӕс кодтой, уӕд ацӕргӕтӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр хъусын кӕнынмӕ цӕуой? Хъусын кӕнын сын ӕнцон кӕм уыдзӕн, ахӕм участок-иу сын ратт. Стӕй-иу сын семӕ ӕрыгондӕр хъусынгӕнджыты арвит, цӕмӕй-иу сӕм фӕкӕсой. Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕмӕ, йе ’нӕниздзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыдонӕн арӕх сӕ ныфс асӕтты, раздӕрау лӕггад кӕнын сӕ бон кӕй нал у, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ куы зоной, сӕ уавӕр сын кӕй ӕмбарут ӕмӕ сыл кӕй тыхсут, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕвгӕ, хӕларзӕрдӕ куы уат, уӕд уӕ бон уыдзӕн алкӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕной – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр, рӕстдзинады рагӕй чи ис, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕрӕджы чи сси, уыдонӕн дӕр (Лев. 19:32). w18.06 23, 24 фф., 10–12 абз.
Къуырисӕр, 31 август
Уӕ сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уӕд, фӕлӕ Хуыцауы цагъартау цӕрынӕн (1 Пет. 2:16).
Хъуамӕ нӕ рох макуы уа, Йегъовӕ нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Чырыстийы нывонды руаджы махӕн нӕ бон у Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ нын уый у стыр цины хос (Пс. 40:8). Хуыцау нын цы сӕрибардзинад дӕтты, уый тыххӕй йын ӕрмӕст бузныг хъуамӕ ма дзурӕм, фӕлӕ ма дзы раст пайда кӕнӕм. Зӕгъӕм, апостол Петр чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын уыцы сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уыдаид. Петры ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, ӕдзӕрӕг быдыры чи уыд, уыцы израилӕгтыл цы ’рцыд, уый. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ абон махмӕ ноджы тынгдӕр хауынц. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне адӕмы алыхуызон дзаумӕттӕй, хӕринӕгтӕй, ирхӕфсӕнтӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты сайынц. Рекламӕйы куыст чи кӕны, уыдон сӕ рекламӕты рӕсугъд ӕмӕ зындгонд адӕймӕгты февдисынц, цӕмӕй адӕм, ӕцӕгӕй сӕ хъӕугӕ дӕр чи нӕ кӕны, ахӕм дзауматӕ ӕлхӕной. Ацы дунейы къӕппӕджы чи бахауы, уыдон сӕ сӕрибардзинадӕй раст нал фӕпайда кӕнынц. Ӕмӕ уыцы къӕппӕджы та ӕнцонтӕй ис бахауӕн! w18.04 10 ф., 7, 8 абз.