Сентябрь
Дыццӕг, 1 сентябрь
Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут (1 Пет. 1:8).
Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы рыст йӕ зӕрдӕмӕ айста. Се ’фсымӕр Лазӕры мӕлӕтыл куыд маст кӕнынц, уый фенгӕйӕ «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты» (Иоан. 11:32–35). Цымӕ Йесо уый тыххӕй скуыдта, ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбалы нал фендзӕн? Нӕ. Уый зыдта, тагъд Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн. Йесо уый тыххӕй скуыдта, ӕмӕ федта, йӕ зынаргъ ӕмбӕлттӕ куыд зӕрдӕсаст сты, уый, ӕмӕ сын сӕ рыст бамбӕрста. Йесо адӕмӕн сӕ рыст кӕй ӕмбӕрста, уый нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы. Ӕмӕ ахӕм тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй йӕ мах уарзӕм. Йесо ныр Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уый нын у стыр ныфсы хос. Тагъд уый ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Адӕм Хӕйрӕджы хицаудзинады тыххӕй цытӕ бавзӕрстой, уыдӕттӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ сын Йесойӕ хуыздӕр ничи баххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл куы уыд, уӕд йӕхӕдӕг дӕр алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста. Ӕцӕгдӕр, «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи... ӕмбары», ахӕм Хицау нын кӕй ис, уый махӕн у стыр арфӕдзинад! (Дзут. 2:17, 18; 4:15, 16). w19.03 17 ф., 12, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 2 сентябрь
Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд (Иоан. 6:44).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон у адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы базоной, фӕлӕ, рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсдзысты ӕви нӕ, уый махӕй кӕнгӕ нӕу (1 Кор. 3:6, 7). Адӕмы Йегъовӕмӕ мах не ’рбакӕнӕм, уый сӕ йӕхӕдӕг ӕрбакӕны йӕхимӕ. Адӕймаг хорз хабармӕ байхъусдзӕн ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, цавӕр зӕрдӕйы хицау у, уымӕй (Матф. 13:4–8). Рох нӕ ма уӕд: адӕмӕн сӕ фылдӕр, Чырысти сын цы хабар хъусын кодта, ууыл нӕ баууӕндыдысты, кӕд ӕмӕ уый ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг уыд, уӕддӕр. Уӕдӕ-иу адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд дӕр-иу хъуамӕ нӕ ныфс асӕттын ма бауадзӕм. Уӕдӕ, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн се ’нкъарӕнтӕ куы ’мбарӕм, уӕд уый хорзӕй цы ’рхӕсдзӕн? Афтӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн. Нӕхиуыл-иу банкъардзыстӕм, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у. Стӕй, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсын (Хъуыд. 13:48). Уӕдӕ нын «цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм» (Гал. 6:10). Афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый хӕсдзӕн стыр циндзинад (Матф. 5:16). w19.03 25 ф., 18, 19 абз.
Цыппӕрӕм, 3 сентябрь
Ӕмбырды астӕу дӕ кадджын кӕндзынӕн (Пс. 22:22).
Паддзах Давид ныффыста: «Йегъовӕ у стыр Хуыцау, уый у стыр кады аккаг» (Пс. 145:3). Давид Йегъовӕйы уарзта, ӕмӕ йӕ уыцы уарзондзинад разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ «ӕмбырды астӕу... кадджын кодтаид» (1 Аз. 29:10–13; Пс. 40:5). Абон мах Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, зӕгъӕм, ӕмбырды дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд. Алчидӕр нӕ аргъ кӕны, ӕмбырды иннӕтӕ цы дзуаппытӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн. Ӕхсызгон нын вӕййы, сывӕллӕттӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цы хуымӕтӕг дзуаппытӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ хъусын. Ныфсы хос нын вӕййы, рӕстдзинады фӕндагыл ӕрӕджы чи слӕууыд ӕмӕ Библийӕ ногӕй цыдӕр чи базыдта, уыдон зӕрдиагӕй дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц, уый. Нӕ зӕрдӕ ма нын бацагайы, ӕфсӕрмыгӕнаг чи у кӕнӕ не ’взагыл хорз чи нӕма дзуры, уыдон сӕхимӕ уыйбӕрц хъару куы ссарынц, цӕмӕй-иу ӕмбырды дзуапп раттой (1 Фес. 2:2). Нӕ бон куыд у равдисын, сӕ фыдӕбонӕн сын кӕй аргъ кӕнӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон сӕ у ӕмбырды фӕстӕ раппӕлын. Сӕ ныфсыл ма сын ныфс бафтаудзыстӕм, нӕхӕдӕг дӕр дзуаппытӕ куы дӕттӕм, уӕд. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр равдисдзыстӕм, кӕй сын аргъ кӕнӕм (Ром. 1:11, 12). w19.01 8 ф., 1, 2 абз.; 9 ф., 6 абз.
Майрӕмбон, 4 сентябрь
Бузныг ут (Кол. 3:15).
Дӕс нӕлгоймаджы уыдысты тынг уынгӕджы уавӕры. Уыдон уыдысты хъотырӕй рынчын, ӕмӕ, кӕй сдзӕбӕх уыдзысты, уымӕй сӕ ныфс нӕ уыд. Фӕлӕ иу бон дардмӕ ауыдтой Йесойы, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы. Уыдон фехъуыстой, Йесо адӕмы алыхуызон низтӕй кӕй дзӕбӕх кӕны. Гъемӕ йӕ куы федтой, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой: «Йесо, Ахуыргӕнӕг, батӕригъӕд нын кӕн!» Йесо уыцы дӕс нӕлгоймаджы сдзӕбӕх кодта. Цы хорздзинад сын сарӕзта, уый тыххӕй дзы се ’ппӕт дӕр бузныг куыннӕ уыдаиккой! Фӕлӕ сӕ иу, самариаг лӕг, Йесойӕ ӕрмӕст йӕ зӕрдӕйы нӕ уыд бузныг, фӕлӕ йын бузныджы ныхӕстӕ зӕгъгӕ дӕр кодта. Уыцы самариаг лӕг кӕй сдзӕбӕх, уый тыххӕй «Хуыцауы хъӕрӕй кадджын кӕнын» райдыдта (Лук. 17:12–19). Уыцы самариаг лӕгау мах дӕр фӕнды, хорздзинад нын чи саразы, уыдонӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын. Йегъовӕ у бузныгзӕрдӕ Хуыцау. Уый нын фӕзминаг у, иннӕтӕн кӕй аргъ кӕны, уый кӕй ӕвдисы, уымӕй. Зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕ йын чи рухс кӕны, уыдонӕн арфӕ кӕны (2 Сам. 22:21; Пс. 13:6; Матф. 10:40, 41). Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Хуыцауы фӕзмӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стӕм» (Еф. 5:1). Уӕдӕ иннӕтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый сӕйраджыдӕр уымӕн ӕвдисӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕйы фӕзмын. w19.02 14 ф., 1, 2 абз.; 15 ф., 4 абз.
Сабат, 5 сентябрь
Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн! (Иов 27:5).
Ӕрыгон хо ис скъолайы, ӕмӕ ахуыргӕнӕг ахуырдзаутӕн загъта, ӕнӕхъӕн къласӕй сӕ цавӕрдӕр бӕрӕгбоны кӕй хъӕудзӕн архайын. Хо зоны, уыцы бӕрӕгбон Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Ӕфсӕрмыгӕнаг ӕрыгон ӕфсымӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕны, ӕмӕ цы хӕдзармӕ хъуамӕ бахойа, уым йӕ къласаг цӕры. Уыцы къласаг уый размӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл худгӕ кодта. Ӕфсымӕр йӕ куысты бирӕ фыдӕбон кӕны, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара. Иу бон ын йӕ куысты хицау загъта, цӕмӕй, закъоны ныхмӕ цы у, ахӕм цыдӕр сараза. Фӕлӕ йын ӕфсымӕр бамбарын кодта, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕй домы, цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уой ӕмӕ закъон ма халой. Ӕмӕ не сразы, кӕд ын ӕнӕ куыстӕй баззайынӕй тӕссаг у, уӕддӕр (Ром. 13:1–4; Дзут. 13:18). Уыцы ӕртӕ Ӕвдисӕны, дӕумӕ гӕсгӕ, цавӕр миниуӕг равдыстой? Чи зоны, цалдӕр миниуӕджы кой дӕр скӕндзынӕ, зӕгъӕм, хъӕбатыр ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй разындысты, уый кой. Фӕлӕ ма ноджыдӕр равдыстой, уӕлдай ахсджиаг чи у, ахӕм миниуӕг – иузӕрдиондзинад. Алчидӕр сӕ Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион. Иу дӕр сӕ не сразы Хуыцауы уагӕвӕрдты сӕрты ахизыныл. Раст куыд у, афтӕ бакӕнынмӕ сӕ сразӕнгард кодта сӕ иузӕрдиондзинад. Уыцы миниуӕг кӕй равдыстой, уый тыххӕй сӕ Йегъовӕ алкӕмӕй дӕр сӕрыстыр куыннӕ у. Мах дӕр фӕнды афтӕ архайын, цӕмӕй нӕ нӕ уӕларвон Фыд сӕрыстыр уа. w19.02 2 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 6 сентябрь
Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон... у (Дзут. 10:1).
Хуыцауы Закъон уӕлдай тынгдӕр хъахъхъӕдта, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, ахӕмты, зӕгъӕм, сидзӕрты, идӕдзты ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгты. Хуыцау израилаг тӕрхонгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Ӕрцӕуӕггаджы кӕнӕ сидзӕры хъуыддаг куы ’взарай, уӕд хӕрам тӕрхон ма рахӕсс. Ӕмӕ идӕдзӕн йӕ дарӕс цъынды ма райс» (Дык. з. 24:17). Уӕдӕ бӕрӕг у, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдоныл Йегъовӕ зӕрдӕйӕ кӕй тыхст. Ӕмӕ сӕ чи ӕфхӕрдта, уыдонӕй-иу дзуапп ӕрдомдта (Рац. 22:22–24). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, сӕ бӕрны чи ис, уыдоныл тыхсой ӕмӕ сӕ уарзой. Стӕй Хуыцау йе сӕфт уыны, исчи искӕмӕн тыхми бакӕна, тугхӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуа кӕнӕ сывӕллӕттӕн тыхми бакӕна, уымӕй. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр, уӕлдайдӕр та, лӕмӕгъ чи у, уыдон, хъахъхъӕд уой ӕмӕ иннӕтӕ семӕ рӕстӕй архайой (Лев. 18:6–30). Йегъовӕ немӕ рӕстӕй кӕй архайы, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ куы уарзӕм, уӕд нӕ уый разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕм уарзондзинад ӕвдисӕм ӕмӕ семӕ рӕстӕй архайӕм w19.02 24, 25 фф., 22–26 абз.
Къуырисӕр, 7 сентябрь
Ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзӕм (Тит. 2:12).
Нӕ бон куыд у нӕхи Хӕйрӕджы зондӕй хъахъхъӕнын? Ӕркӕсӕм иу уавӕрмӕ. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй не ’хсӕн «хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн... йӕ кой дӕр ма уа» (Еф. 5:3). Фӕлӕ, зӕгъӕм, не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгты кой кӕнын куы райдайой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? Ахӕм уавӕры нӕ не ’фсарм, гӕнӕн ис, хъахъхъӕнӕгау бафӕдзӕхса (Ром. 2:15). Ӕмӕ нын не ’фсарм цы дзура, уымӕ байхъусдзыстӕм? Чи зоны, сцыбӕл уӕм, не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ цӕй кой кӕнынц, уымӕ кӕнӕ, цы нывтӕ ӕвдисынц, уыдонмӕ. Фӕлӕ растдӕр гъеуӕд хъӕудзӕн «дуар сӕхгӕнын», ома ныхас ӕндӕрырдӕм аздахын кӕнӕ та сӕ разӕй ацӕуын. Иннӕтӕ нӕ ӕвзӕр зондыл куы фӕаразынц кӕнӕ нӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куы фӕардауынц, уӕд нӕ, раст куыд у, афтӕ бакӕнынӕн фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй уыны, раст цы у, уый аразыныл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайӕм ӕмӕ нын кӕй ратдзӕн хъарутӕ ӕмӕ зонд, цӕмӕй-иу Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм (2 Аз. 16:9; Ис. 40:29; Иак. 1:5). w19.01 17, 18 фф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 8 сентябрь
Акастӕн, мӕ къухтӕ цы сарӕзтой... ӕппӕт уыдӕттӕм, ӕмӕ бамбӕрстон: ӕппӕт дӕр у дзӕгъӕлы... ӕмӕ... ницӕмӕй ис пайда (Еккл. 2:11).
Соломон уыд тынг хъӕздыг ӕмӕ хъомысджын паддзах. Иуафон уый йӕхицӕн загъта: «Цӕй, бавзарон, цы у циндзинад. Царды хорздзинӕдтӕ фенон» (Еккл. 2:1–10). Уый сарӕзта рӕсугъд хӕдзӕрттӕ, скодта дыргъдӕттӕ ӕмӕ парктӕ ӕмӕ йӕхицӕн «нӕ» ницӕмӕй дзырдта. Цымӕ уыдӕтты фӕрцы амондджын ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд уыд? Соломонӕн йӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Соломоны хабар дын зондзонӕн уыдзӕн? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дӕхи стыр рӕдыдтытӕй бахизай. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы уырнындзинад, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсай ӕмӕ йын йӕ фӕндон дӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрай. Ахӕм уырнындзинад дӕм куы уа, уӕд фӕсмойнаг никуы фӕуыдзынӕ. Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн, «йӕ номмӕ [йын] цы уарзондзинад» равдыстай, уый (Дзут. 6:10). Уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй дӕм фидар уырнындзинад уа. Уый фӕрцы раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ ӕмӕ ӕмбардзынӕ, дӕ уӕларвон Фыды ӕрмӕстдӕр дӕ хорз кӕй фӕнды (Пс. 32:8). w18.12 22 ф., 14, 15 абз.
Ӕртыццӕг, 9 сентябрь
Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй (Ром. 5:8).
Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, ахӕм адӕймаг Хуыцауыл ӕууӕнды ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсы. Уый Хуыцауӕй разамынд агуры ӕмӕ йӕ фидар фӕнд у йӕ коммӕ кӕсын (1 Кор. 2:12, 13). Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Давид. Уый зарыд: «Царды мидӕг Йегъовӕ у мӕ хай ӕмӕ мӕ нуазӕн» (Пс. 16:5). Давид цӕй кой кодта, афтӕ куы загъта, «мӕ хай», зӕгъгӕ? Йегъовӕимӕ ӕнгом кӕй уыд, уый кой. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕхи Хуыцауы уазӕг бакодта (Пс. 16:1). Ӕмӕ йын уый цы пайда ӕрхаста? Давид загъта: «Мӕ зӕрдӕ у цинӕй ӕфсӕст». Давид Хуыцауимӕ ӕнгом кӕй уыд, уымӕй стырдӕр циндзинад ын ницы хаста (Пс. 16:9, 11). Йӕ уды дзӕбӕхӕн чи цӕры ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ чи бӕллы, уыдон, Давиды зӕрдӕйы цы цин уыд, ахӕм цин никуы банкъардзысты (1 Тим. 6:9, 10). Уырнындзинад дӕм куы уа ӕмӕ Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд, цӕмӕн цӕрыс, уый зондзынӕ ӕмӕ дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ. Дӕ бон куыд у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын? Дӕ рӕстӕг Хуыцауимӕ ӕрвит – йӕ Ныхас ын кӕс, йе сконд хъуыддӕгтӕм ын де ’ргом здах ӕмӕ йын йӕ миниуджытыл, уыимӕ, кӕй дӕ уарзы, ууыл дӕр, хъуыды кӕн (Ром. 1:20). w18.12 25 ф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 10 сентябрь
Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын (Дзут. 13:4).
Павел бинонты царды тыххӕй цы загъта, уый у фӕдзӕхст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ бинонты цардӕн кад кӕной, хъуамӕ сын зынаргъ уа. Ды дӕр бинонты цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсыс, уӕлдайдӕр та, кӕд дӕхицӕн бинонтӕ ис, уӕд? Кӕд бинонты цардӕн кад кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Фарисейтӕ Йесойы хицӕн кӕныны тыххӕй куы бафарстой, уӕд сын уый се ’ргом раздӕхта, Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы тыххӕй цы загъта, уымӕ: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Мар. 10:2–12; Райд. 2:24). Йесо уыцы ныхӕстӕй равдыста, бинонты цардӕн бындур Хуыцау кӕй ӕрӕвӕрдта ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус иумӕ цӕрӕнбонтӕм кӕй хъуамӕ уой. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ, искуы ахицӕн уой, уый бар сын ис. Хуыцауы фӕнд уыд, цӕмӕй лӕгӕн уыдаид иу ус, усӕн та иу лӕг ӕмӕ кӕрӕдзийӕ макуы ахицӕн уыдаиккой. w18.12 10, 11 фф., 2–4 абз.
Майрӕмбон, 11 сентябрь
Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын куы райдыдтам, уӕд базыдтам, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм хъусын ахсджиаг кӕй у. Фӕлӕ, нӕ уырнындзинад цас тынгдӕр рӕзы, уыйас хуыздӕр фембарӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый – йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый ӕмӕ уый фӕзыны нӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ нӕ уынаффӕтыл Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныныл куы фӕархайӕм, уӕд нын уый ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ иннӕмӕй та уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый нӕ хатгай фӕхъыгдары раст хъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, мах зонӕм, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ, мулк ӕмӕ ӕхцамӕ, хъусын кӕныны хъуыддагмӕ, тугӕй пайда кӕнынмӕ ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕм. Фӕлӕ нын, чи зоны, зын вӕййы бамбарын, ахӕм цӕстӕй сӕм цӕмӕн кӕсы, уый. Уӕдӕ Йегъовӕйы зондӕй ноджы хуыздӕр архайын цӕй фӕрцы сахуыр уыдзыстӕм? Цӕмӕй уый нӕ къухы бафта, уый тыххӕй хъуамӕ Библи ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы хъуыдытӕ бамбарыныл архайӕм, лӕмбынӕг сыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм уый цӕстӕй кӕсӕм. w18.11 23, 24 фф., 2–4 абз.
Сабат, 12 сентябрь
Цас ма дӕм сиддзынӕн ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ ацы фыддзинадӕй фервӕзын кӕнай? (Ав. 1:2).
Аввакум царди тынг уӕззау рӕстӕджы. Йӕ алыварс адӕм уыдысты фыдзӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр, ӕмӕ йын уый тынг зын уыд. Аввакумӕн ахӕм фарстатӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой: «Цымӕ фыддзинадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? Йегъовӕ уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ архайын цӕуылнӕ райдайы?» Аввакум хӕрам хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕгъатырдзинад йеддӕмӕ ницы уыдта, ӕмӕ йӕ уыдӕттӕ мӕты ’фтыдтой. Уыцы тыхст рӕстӕг Аввакум Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй хъуыддӕгтӕм ӕркастаид. Чи зоны йӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ Йегъовӕ, йӕ адӕм цы уавӕры сты, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕныныл фӕстиат кӕны. Дӕумӕ дӕр искуы Аввакумы хуызӕн ӕнкъарӕнтӕ уыд? Цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Аввакум йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл нал дардта ӕмӕ, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдыдта? Нӕ! Аввакум, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕ цы тыхсын кодта, уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕн кӕй радзырдта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ къухтӕ кӕй не ’руагъта ӕмӕ Хуыцауыл раздӕрау йӕ зӕрдӕ кӕй дардта. Аввакум ахӕм тыхст уымӕн уыд, ӕмӕ не ’мбӕрста, Йегъовӕ цӕмӕн фӕстиат кӕны ӕмӕ йын йӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы. w18.11 14 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 13 сентябрь
Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут (Матф. 6:19).
Петр ӕмӕ Андрей уыдысты кӕсагахсджытӕ, ӕмӕ сын Йесо куы загъта, «рацӕут мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ ӕз скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ», зӕгъгӕ, уӕд уыдон «уайтагъд сӕ хызтӕ ныууагътой» (Матф. 4:18–20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстдзинад базоныны тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ дӕ куыстыл дӕ къух сисай. Адӕймаджы кусын хъӕуы, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ уӕддӕр арӕх, рӕстдзинад чи базоны, уыдоны фӕхъӕуы куыст ӕмӕ ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсын райдайын ӕмӕ, царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый бамбарын. Ӕркӕсӕм иу ӕрыгон сылгоймаджы, Марийӕйы, хабармӕ. Марийӕ цыди гольфмӕ. Уыцы спортмӕ афтӕ хорз арӕхст, ӕмӕ йын фадат фӕзынд, йӕ ахуырӕн ын чи фыстаид, иу ахӕм университетмӕ бацӕуынӕн. Марийӕ гольфӕй фылдӕр ницы уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сгуыхт спортсмен суыдаид ӕмӕ бирӕ ӕхца куыстаид. Фӕстӕдӕр райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ цард ивын райдыдта. Марийӕ ӕмбӕрста, ӕнцон ын кӕй нӕ уыдзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын дӕр ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг, схъӕздыг уа, ууыл архайын дӕр (Матф. 6:24). Ӕмӕ кӕд йӕ бӕллиц уый уыд, цӕмӕй сгуыхт спортсмен суыдаид, уӕддӕр рӕстдзинады тыххӕй уыдӕттыл йӕ къух систа. Ныр пионерӕй лӕггад кӕны ӕмӕ, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй, ныр куыд амондджын ӕмӕ райгонд у, афтӕ никуы. w18.11 5 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 14 сентябрь
Ай мӕнӕ хъӕддӕсны нӕу, Марийӕйы фырт? (Мар. 6:3).
Чырысти 30-аздзыдӕй хъӕддӕсныйы куыст ныууагъта ӕмӕ ахуыргӕнӕг сси, уымӕн ӕмӕ зыдта, уымӕй ахсджиагдӕр куыст кӕй нӕй. Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йын Хуыцау зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ саразын бахӕс кодта, уыдонӕй иу уыд йӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын (Матф. 20:28; Лук. 3:23; 4:43). Чырыстийӕн йӕ царды хъусын кӕнынӕй сӕйрагдӕр ницы уыд ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр уыцы хъуыддаджы лӕуд уыдаиккой (Матф. 9:35–38). Махӕй алчи хъӕддӕсны нӕу, фӕлӕ ахуыргӕнджытӕ та, ома хорз хабар хъусынгӕнджытӕ, не ’ппӕт дӕр стӕм. Уыцы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ дзы Хуыцау йӕхӕдӕг архайы. Библи нӕ хоны «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9; 2 Кор. 6:4). Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «О Йегъовӕ... Дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр у ӕцӕгдзинад» (Пс. 119:159, 160). Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм, «рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны», ахӕм кусджытӕ (2 Тим. 2:15). Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ сахуыр уӕм Библийӕ ноджы хуыздӕр пайда кӕнын. Уый у нӕ сӕйраг кусӕнгарз, ӕмӕ уый фӕрцы иннӕтӕн Йегъовӕйы, Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад амонӕм. w18.10 11 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 15 сентябрь
Лӕмӕгътӕн... ӕххуыс кӕнут. ...Уӕ зӕрдыл дарут Хицау Йесойы ныхӕстӕ (Хъуыд. 20:35).
Лӕг йӕ Хицауы, Йесо Чырыстийы, куы фӕзма ӕмӕ йӕ бинойнаджы хорзыл куы хъуыды кӕна, уӕд уымӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн «йӕ лӕджы нымайын» (Еф. 5:22–25, 33). Ӕмӕ ус йӕ лӕджы куы нымайа, уӕд ын йе ’нкъарӕнтӕ дӕр ӕмбардзӕн. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы хорзыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд уымӕй сӕ сывӕллӕттӕн вӕййынц фӕзминаг. Стӕй ма хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕной, хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ иннӕтыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕной. Зӕгъӕм, сӕ бон сын у зӕгъын, цӕмӕй-иу ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд-иу залы ма ратӕх-батӕх кӕной. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, искуы бадты куы уой, уӕд сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты бафӕдзӕхсын, цӕмӕй-иу фынгмӕ хистӕрты разӕй ма фӕуой. Сывӕллон нын исты хорздзинад куы сараза, зӕгъӕм нын дуарыл куы фӕхӕца, уӕд хорз уаид, куы-иу дзы раппӕликкам. Уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайдзӕн ӕмӕ бамбардзӕн, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у. w18.09 29 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 16 сентябрь
Иу Разамонӕг [уын] ис – Чырысти (Матф. 23:10).
Нӕ Паддзах, Йесо Чырысти, Хуыцауы адӕмӕн цы разамынд дӕтты, уый нын абон дӕр пайда хӕссы ӕмӕ нын фидӕны дӕр стыр ӕххуыс уыдзӕн. Ахъуыды кӕн, нӕ организаци ӕрӕджы цы ивындзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй архайыс, уый дын цы пайда хӕссы, ууыл. Зӕгъӕм, бинонты ахуыры рӕстӕг ис аныхас кӕнӕн, фембӕлдтимӕ ӕмӕ уацамындимӕ баст хъуыддӕгты цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдон дӕ бинонтӕн цы ’ххуыс фесты, ууыл. Йегъовӕйы организаци цы разамынд ратты, уый алкӕддӕр пайда ӕрхӕссы, ӕмӕ уый куы ’мбарӕм, уӕд уыцы разамындмӕ гӕсгӕ зӕрдиагдӕрӕй архайдзыстӕм. Зӕгъӕм, раздӕрау бирӕ литературӕ кӕй нал мыхуыр кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ бон у ӕхца фӕстауӕрц кӕнын. Стӕй ног технологитӕй кӕй пайда кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ бон у хорз хабар фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Ӕмӕ нын уый ӕхсызгон куыннӕ у. Уӕдӕ хорз уаид, электронон публикацитӕй, стӕй видеороликтӕй ӕмӕ аудиозаписьтӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, арӕхдӕр куы пайда кӕниккам. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Чырыстийӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы организацийы ӕхца, хуыздӕр куыд у, афтӕ хардзгонд цӕуа. Чырыстийы разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд уый фӕрцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинад бафидар вӕййы, стӕй уый ӕмбырды иудзинадӕн дӕр стыр ахъаз у. w18.10 25, 26 фф., 17–19 абз.
Цыппӕрӕм, 17 сентябрь
Тынг уӕ уарзӕм, ӕмӕ ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр (1 Фес. 2:8).
Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд, чи зоны, мах уылты ныфссаст адӕймаджы куывдӕн дзуапп ратта (2 Кор. 1:3–6). Фӕлӕ де ’фсымӕртӕй ӕмӕ дӕ хотӕй ӕххӕстдзинад ма дом. Раст цӕстӕй сӕм кӕс. Ӕххӕстдзинад куы домай, уӕд фӕфыдӕнхъӕл фӕуыдзынӕ (Еккл. 7:21, 22). Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй, сӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы. Ӕмӕ йӕ уыцы хъуыддаджы куы фӕзмай, уӕд иннӕты хъӕндзинӕдтӕн быхсдзынӕ (Еф. 4:2, 32). Цы дзурӕм, ууыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй-иу нын ныфссаст адӕймаг нӕ ныхӕстӕ афтӕ ма бамбара, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы фаг нӕ архайы, стӕй-иу ӕй хъуамӕ иннӕтимӕ ма барӕм. Фӕлтау-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕлӕм, цы аразы, уый тыххӕй ӕмӕ-иу дзы афтӕмӕй ныфс бауадзӕм. Уӕд «цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл», ома, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ йӕхицӕн цы ’нтысы, ууыл (Гал. 6:4). w18.09 16 ф., 16, 17 абз.
Майрӕмбон, 18 сентябрь
Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын (Иоан. 4:34).
Йесойӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын хӕринагӕй уӕлдай нӕ уыд. Цымӕ уыцы хъуыддаг хӕринагимӕ цӕмӕн ис абарӕн? Хӕрзхъӕд хӕринаг куы фӕхӕрӕм, уӕд уый не ’нӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны. Раст афтӕ, Хуыцауы фӕндон куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы. Кӕд нын Йегъовӕ цы амоны, уый аразӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зондӕй архайӕм (Пс. 107:43). Ӕмӕ уый фӕрцы стӕм арфӕгонд. Библийы зонды тыххӕй фыст ис: «Уый у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр, ӕмӕ дын циндзинад цыдӕриддӕр хӕссы, уыдонӕй йӕ ницӕимӕ ис абарӕн. [...] Чи йыл ныххӕцы, уыдонӕн у царды бӕлас, ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уыдоны схондзысты амондджын» (Ӕмб. 3:13–18). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоан. 13:17). Цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ амондджын уыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди, цы сын амыдта, уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр архайын. Йӕ амындтӕм ын искуы иу хатт байхъусын ӕмӕ йӕ искуы иу хатт бафӕзмын фаг нӕ уыд – уый хъуамӕ суыдаид сӕ царды фӕндаг. w18.09 4 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 19 сентябрь
Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ (Райд. 1:27).
Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн цы куыст бахӕс кодта, уый сӕ хъуамӕ сразӕнгард кодтаид иннӕты хорзыл хъуыды кӕнынмӕ, кӕд уӕд нырма Едемы цӕхӕрадоны сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр ничи уыд, уӕддӕр. Йегъовӕ сын раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, «цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райд. 1:28). Сфӕлдисӕг Хуыцауы куыд фӕндыд, цӕмӕй адӕм иууылдӕр амондджынӕй цардаиккой, раст афтӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр хъуамӕ фӕндыдаид, цӕмӕй сын цы цот рацыдаид, уыдон амондджын цард кодтаиккой. Адамы байзӕддӕгтӕ хъуамӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой. Ӕмӕ цӕмӕй ахӕм стыр куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ се ’ппӕты дӕр хъуыди ӕмвӕндӕй архайын. Адамӕй цы ӕххӕст цот рацыдаид, уыдон хъуамӕ Йегъовӕимӕ ӕмвӕндӕй архайдтаиккой, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой ӕмӕ йын йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаиккой. Ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы «ӕнцойадмӕ бацыдаиккой» (Дзут. 4:11). Ахъуыды-ма кӕн, уыцы куыст куыд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй кодтаиккой! Иннӕты хорзыл куы тыхстаиккой ӕмӕ рӕдау куы уыдаиккой, уӕд сын Йегъовӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ раарфӕ кодтаид. w18.08 18 ф., 2 абз.; 19, 20 фф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 20 сентябрь
Уый... мӕ буц хицауы раз дӕ цагъары фыдкой фӕкодта (2 Сам. 19:27).
Исчи нӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Йесо ӕмӕ Аргъауӕг Иоанн дӕр уый сӕхиуыл бавзӕрстой (Матф. 11:18, 19). Цымӕ Йесо йӕхи куыд дардта? Йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ ууыл нӕ хардз кодта, цӕмӕй йӕхи сӕрыл дзырдтаид. Фӕлӕ сын загъта, «зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй», зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй баразӕнгард кодта, цӕмӕй, цы арӕзта ӕмӕ цы дзырдта, уый фӕрцы сӕхӕдӕг сбӕрӕг кодтаиккой, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый. Йесойы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Гӕнӕн ис, чидӕртӕ мах дӕр ӕнаххосӕй аххосджын кӕной йе та нӕ фыдкой кӕной. Ӕмӕ нӕ, чи зоны, бафӕнда нӕ ном исты хуызты ссыгъдӕг кӕнын. Фӕлӕ нӕ бон у ӕндӕрхуызон архайын. Иннӕтӕ нӕ мӕнг ныхӕстӕ куы кӕной, уӕд нӕ бон у нӕхи афтӕ дарын, цӕмӕй уыцы ныхӕстыл мачи баууӕнда. Уӕдӕ Йесойы цӕвиттонӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ, куыд цӕрӕм, уымӕй нӕ бон равдисын уыдзӕн, цы хъуыддаджы нӕ аххосджын кӕной, уый ӕрымысгӕ цыдӕр кӕй у. w18.08 6 ф., 11–13 абз.
Къуырисӕр, 21 сентябрь
Хъуамӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай, хъуамӕ ууыл уай ӕнувыд (Дык. з. 10:20).
Каинӕн дӕр, Соломонӕн дӕр ӕмӕ израилӕгтӕн дӕр фадат уыд, цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой (Хъуыд. 3:19). Ӕцӕгдӕр, рӕдыд къахдзӕф чи саразы, уыдоныл Йегъовӕ йӕ къух нӕ сисы. Зӕгъӕм, Ааронӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кодта. Абон нӕ Йегъовӕ рӕдыд фӕндагӕй фӕдзӕхсы Библи ӕмӕ нӕ публикациты фӕрцы, стӕй ма не ’мчырыстӕтты фӕрцы дӕр. Ӕмӕ-иу ын йӕ уынаффӕтӕм куы байхъусӕм, уӕд-иу нӕм ӕнӕмӕнгдӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн. Йегъовӕ нын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уымӕй «цӕй тыххӕй стӕм хайджын», уый нӕ хъуамӕ рох ма уа (2 Кор. 6:1). Уый фӕрцы нӕ бон у «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕй ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзын» (Тит. 2:11–14). Цалынмӕ ацы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ нӕ иузӕрдиондзинад алыхуызон уавӕрты фӕлвӕрд цӕудзӕн. Цӕй уӕдӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы фарс фидарӕй слӕууӕм! w18.07 21 ф., 20, 21 абз.
Дыццӕг, 22 сентябрь
Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты (2 Тим. 2:19).
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕндфидарӕй архайӕм Йегъовӕйы хорзӕх ссарыныл, ацы дунейы хорзӕх ссарыныл нӕ, фӕлӕ? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн уый алкӕддӕр фӕхай кӕны йӕ хорзӕхӕй (Дзут. 6:10; 11:6). Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр тынг аргъ кӕны ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕй искӕмӕ йӕ хъус ма ӕрдара, уый мӕнгард хъуыддагыл нымайы. Уый «зоны рӕстгӕнджыты фӕндаг», стӕй зоны, «фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын» сӕ куыд хъӕуы, уый дӕр (Пс. 1:6; 2 Пет. 2:9). Дыккаг: Йегъовӕ нӕ арӕх схорзӕхджын кӕны, мах ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ вӕййӕм, афтӕ. Хорз хъуыддӕгтӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй чи аразы, ӕмӕ дзы адӕм раппӕлой, уыдонӕн Йегъовӕйӕ хӕрзиуӕг нӕ уыдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыдонӕн сӕ хӕрзиуӕг уый у (Матф. 6:1–5). Фӕлӕ ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ иннӕтӕ хъуыды дӕр не ’ркӕнынц. Йесо загъта, ахӕм адӕймӕгтӕн, «алцыдӕр чи уыны», уыцы Хуыцау Йегъовӕ сӕ хорздзинӕдтӕ ӕнӕмӕнгӕй кӕй бафиддзӕн. w18.07 9 ф., 8, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 23 сентябрь
Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый чъизи мауал хон (Хъуыд. 10:15).
Цӕстылуайӕны фӕстӕ Петр хъуыдытӕ кодта, цымӕ уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм растдӕр уӕд ӕрбацыдысты Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕ. Сыгъдӕг тых Петры сразӕнгард кодта Корнилийы хӕдзармӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ уый дӕр уыцы лӕгтимӕ араст. Петр адӕмӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ куы тӕрхон кодтаид, уӕд Корнилийы хӕдзармӕ йӕ къах дӕр нӕ бавӕрдтаид. Дзуттӕгтӕ, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, ахӕм адӕймаджы хӕдзармӕ хӕстӕг дӕр нӕ цыдысты. Уӕдӕ кӕд Петр дӕр ахӕм зондыл хӕст уыд, уӕд цымӕ Корнилийы хӕдзармӕ цӕмӕн ацыд? Цы цӕстылуайӕн федта ӕмӕ йын Хуыцауы сыгъдӕг тых цы разамынд радта, уый фӕрцы йӕ хъуыды фӕивта. Ӕмӕ Корнилийы ныхӕстӕм куы байхъуыста, уӕд загъта: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35). Петр, хӕрзаг, дис кодта, Хуыцау ын цы ног хабар бамбарын кодта, ууыл! w18.08 9 ф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 24 сентябрь
Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут (Амос 5:15).
Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дард лӕууӕм. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ахӕм уавӕры бахаудыстӕм, ӕмӕ Библийы уый фӕдыл бӕлвырд закъон нӕй, уӕд та куыд? Хуыцауӕн ӕхсызгон цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцӕудзӕн, уый цӕй фӕрцы бамбардзыстӕм? Кӕд не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ хорз ӕвзӕрӕй иртасын сахуыр кодтам, уӕд ахӕм уавӕры раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм. Йегъовӕ нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ радта, не ’фсармӕн фӕндагамонӕг чи сты, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Уый нын йӕхӕдӕг дзуры: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (Ис. 48:17, 18). Библийы уагӕвӕрдтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ сӕ нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы куы ’вӕрӕм, уӕд нын не ’фсарм хуыздӕр фӕндагамонӕг суыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы алы хатт дӕр раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм. Уагӕвӕрд у, адӕймаджы цавӕрдӕр зондыл чи фӕаразы ӕмӕ йӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм чи фӕразӕнгард кӕны, ахӕм ахсджиаг хъуыды. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ куы зонӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ нын цавӕрдӕр закъӕттӕ цӕмӕн дӕтты, уый. w18.06 17 ф., 5 абз.; 18 ф., 8–10 абз.
Майрӕмбон, 25 сентябрь
Паддзахӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? (Матф. 22:17).
Ироды фарс чи уыди, уыдон хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Йесо афтӕ куы зӕгъа, ӕмӕ ацы хъалон фидын нӕ хъӕуы, уӕд ӕй Ромы паддзахады знаг схондзыстӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй фӕаххосджын кӕндзыстӕм. Ӕмӕ афтӕ куы загътаид, хъӕуы йӕ фидын, зӕгъгӕ, уӕд та адӕм йӕ фӕдыл нал цыдаиккой. Цымӕ Йесо куыд бакодта? Йесо ацы фарстайы никӕй фарс рахӕцыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо зыдта, хъалонисджытӕй бирӕтӕ гӕртамхортӕ кӕй уыдысты. Фӕлӕ уый зыдта, йе ’ргом уыцы хъуыддагмӕ куы аздаха, уӕд бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаг рохуаты кӕй аззайдзӕн. Уый ӕмбӕрста, адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Уымӕй нын Йесо у фӕзминаг. Мах политикӕимӕ баст хъуыддӕгты хъуамӕ макӕй фарс хӕцӕм, суанг нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ раст сты, уӕд дӕр. Чырыстӕттӕ фыццаджыдӕр агурынц Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад (Матф. 6:33). Уымӕ гӕсгӕ мах политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кой нӕ фӕкӕнӕм ӕмӕ афтӕ нӕ фӕдзурӕм, «уый раст у» кӕнӕ «уый раст нӕу», зӕгъгӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ раздӕр политикӕимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл цавӕрдӕр хъуыдытыл фидар хӕцыдысты, фӕлӕ стӕй сӕ зондахаст аивтой. w18.06 6 ф., 9–11 абз.
Сабат, 26 сентябрь
Ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ (Райд. 6:2).
Ӕнӕгъдаудзинадӕй уӕлдай ма Сайтан уыцы зӕдты, чи зоны, цыбӕл кодта, ӕппӕт адӕмыл дӕр сӕ бар кӕй цӕудзӕн, уымӕй дӕр. Йӕ нысан, ӕвӕццӕгӕн, уый уыди, цӕмӕй, Йегъовӕ «сылгоймаджы... байзӕддаджы» тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый ма сӕххӕст уыдаид (Райд. 3:15). Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Йегъовӕ зӕххыл Доны хъаймӕт рауагъта ӕмӕ Сайтанӕн ӕмӕ дӕлимонтӕн сӕ пълӕнттӕ иууылдӕр фехӕлдта. Ӕнӕгъдаудзинады ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинады къӕппӕджы ӕнцонтӕй бахауӕн ис. Сайтаны фарс чи слӕууыд, уыцы зӕдтӕ миназты дӕргъы уӕлӕрвты Хуыцауӕн лӕггад кодтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ зӕрдӕты ӕвзӕр фӕндтӕн бынат радтой. Раст афтӕ мах дӕр, чи зоны, Хуыцауӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕты ӕвзӕр фӕндтӕ уидаг ауадзой (1 Кор. 10:12). Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм, ӕмӕ-иу нын дзы ӕнӕгъдау кӕнӕ сӕрбӕрзонд хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд-иу сӕ уайтагъд фӕсурӕм! (Гал. 5:26; Кол. 3:5). w18.05 25 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 27 сентябрь
Тынг зын мын... у ӕмӕ ӕдзух мӕ зӕрдӕ... риссы (Ром. 9:2).
Дзуттӕгтӕ хорз хабарӕй се сӕфт кӕй уыдтой, уый Павелӕн тынг зын уыд. Фӕлӕ сыл уый уӕддӕр йӕ къух нӕ систа. Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, цы зӕрдӕ сӕм дардта, уый тыххӕй ромӕгтӕм йӕ фыстӕджы дарддӕр цы ныффыста, уымӕ: «Уый мӕ фӕнды ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр уый тыххӕй фӕлӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй уыдон фервӕзой. Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» (Ром. 10:1, 2). Павел загъта, дзуттӕгтӕн уый тыххӕй кӕй хъусын кодта, ӕмӕ йӕ «фӕндыд», цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Павелы зӕрдиагӕй фӕндыд, цӕмӕй дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр фервӕзтаиккой (Ром. 11:13, 14). Уый Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн. Павел загъта: «Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты». Уый йе ’ргом здӕхта, хорзӕй сӕм цы уыд, уымӕ ӕмӕ йӕ ныфс уыд, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй райдайдзысты. Павел йӕхицӕй зыдта, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ, йӕ диныл ӕнувыд чи у, уыцы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Чырыстийы ӕнувыд ахуыргӕнинӕгтӕ суой. w18.05 13 ф., 4 абз.; 15, 16 фф., 13, 14 абз.
Къуырисӕр, 28 сентябрь
Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой (Еф. 4:29).
Махӕй алчидӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна, йӕ бон иннӕтӕн баххуыс кӕнын цӕмӕй у, ууыл. Павел дзуттаг чырыстӕттӕм ныффыста: «Бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны. Ӕмӕ уӕхицӕн аразут раст фӕндӕгтӕ, цӕмӕй къуылыхӕн йӕ къах ма фелвӕса, фӕлӕ сдзӕбӕх уа» (Дзут. 12:12, 13). Не ’ппӕтӕн дӕр, суанг сывӕллӕттӕн дӕр, нӕ бон у иннӕтӕн зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ дзурын. Павел радта ахӕм уынаффӕ: «Кӕд, Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стут, уый уын уӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕны, кӕд уарзтӕй рӕвдыд стут, кӕд уӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнут, кӕрӕдзийы фӕлмӕн уарзтӕй уарзут ӕмӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, уӕд мын мӕ циндзинадыл ноджыдӕр бафтаут: ӕмхуызон хъуыды кӕнут ӕмӕ ӕмхуызон уарзут уӕ кӕрӕдзийы, ут ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут. Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:1–4). w18.04 22 ф., 10 абз.; 23 ф., 12 абз.
Дыццӕг, 29 сентябрь
Сымах стут сӕрибар адӕм, ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинад... Хуыцауы цагъартау цӕрынӕн [уӕд] (1 Пет. 2:16).
Йегъовӕ нӕ Йесойы фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй уымӕн ссӕрибар кодта, цӕмӕй нӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уымӕн лӕггад кӕнынӕн раттӕм. Нӕ сӕрибардзинадӕй раст пайда кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн раттын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ацы дунейы зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕйраг не суыдзысты (Гал. 5:16). Уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг сты Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ. Кӕд фыдзӕрдӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау адӕмы ’хсӕн цардысты, уӕддӕр сӕ зондыл нӕ ацыдысты. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уымӕ – нау арӕзтой, сӕхицӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн хӕринаг ӕмбырд кодтой ӕмӕ адӕмы, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй фӕдзӕхстой. Библийы фыст ис: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22). Ӕмӕ кӕд уӕды дуне Доны хъаймӕты сӕфт ӕрцыд, уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ та аирвӕзтысты (Дзут. 11:7). w18.04 10 ф., 8 абз.; 11 ф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 30 сентябрь
Ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ дын сӕ кадимӕ ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ дӕттын (Лук. 4:6).
Сайтан ӕмӕ дӕлимонтӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» ӕрмӕст хицауӕдты фӕрцы нӕ сайынц, фӕлӕ ма мӕнг динтӕ ӕмӕ коммерцийы фӕрцы дӕр (Рарг. 12:9). Мӕнг динты руаджы Сайтан Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, стӕй ма адӕмӕй Хуыцауы ном басусӕг кӕныныл дӕр архайы (Йер. 23:26, 27). Ӕмӕ уый тыххӕй сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауӕн кувынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та кувынц дӕлимонтӕн (1 Кор. 10:20; 2 Кор. 11:13–15). Сайтан ма адӕмы сайы коммерцийы фӕрцы дӕр. Зӕгъӕм, адӕмы ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, адӕймаг амондджын уыдзӕн, бирӕ ӕхца ӕмӕ йӕм бирӕ мулк куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ӕмб. 18:11). Уыцы мӕнг ныхӕстыл чи баууӕнды, уыдон свӕййынц «Хъӕздыгдзинады» цагъартӕ, Хуыцауы цагъартӕ нӕ, фӕлӕ (Матф. 6:24). Ӕмӕ сӕ кӕд чидӕртӕ раздӕр Хуыцауы уарзтой, уӕддӕр мулкыл афтӕ свӕййынц, ӕмӕ сӕм уыцы уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нал вӕййы (Матф. 13:22; 1 Иоан. 2:15, 16). w18.05 23 ф., 6, 7 абз.