Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es20 136–151 фф.
  • Октябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Октябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 октябрь
  • Майрӕмбон, 2 октябрь
  • Сабат, 3 октябрь
  • Хуыцаубон, 4 октябрь
  • Къуырисӕр, 5 октябрь
  • Дыццӕг, 6 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 7 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 8 октябрь
  • Майрӕмбон, 9 октябрь
  • Сабат, 10 октябрь
  • Хуыцаубон, 11 октябрь
  • Къуырисӕр, 12 октябрь
  • Дыццӕг, 13 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 14 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 15 октябрь
  • Майрӕмбон, 16 октябрь
  • Сабат, 17 октябрь
  • Хуыцаубон, 18 октябрь
  • Къуырисӕр, 19 октябрь
  • Дыццӕг, 20 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 21 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 22 октябрь
  • Майрӕмбон, 23 октябрь
  • Сабат, 24 октябрь
  • Хуыцаубон, 25 октябрь
  • Къуырисӕр, 26 октябрь
  • Дыццӕг, 27 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 28 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 29 октябрь
  • Майрӕмбон, 30 октябрь
  • Сабат, 31 октябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
es20 136–151 фф.

Октябрь

Цыппӕрӕм, 1 октябрь

Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут (Ром. 12:15).

Мах Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ уӕлдай, адӕмы зӕрдӕты цы ис, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй-иу, иннӕтӕ цы ’нкъарынц ӕмӕ цӕуыл тыхсынц, уый бамбарӕм (2 Кор. 11:29). Ацы дунейы хиуарзон адӕмӕй уӕлдай, мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, нӕхицӕн «куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:4). Иннӕты зын бамбарыныл уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ архайой ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Сӕ бӕрны чи ис, уыдоны тыххӕй сӕ Хуыцауы раз дзуапп раттын хъӕудзӕн (Дзут. 13:17). Ӕмӕ цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын сӕ бон уа, уый тыххӕй хъуамӕ уой тӕригъӕдгӕнаг. Иннӕты рыст сӕм кӕй хъары, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Тӕригъӕдгӕнаг хистӕр нӕлгоймаг йе ’мчырыстӕттӕн йӕ рӕстӕг нӕ февгъау кӕны. Семӕ куы фӕныхас кӕны, уӕд сӕм фарстатӕ фӕдӕтты ӕмӕ сӕм стӕй лӕмбынӕг ӕмӕ фӕразонӕй фӕхъусы. Афтӕ архайын уӕлдай ахсджиаг у, нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕй йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурын куы фӕнда, фӕлӕ йын ныхӕстӕ ссарын зын куы уа, уӕд (Ӕмб. 20:5). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ се ’мчырыстӕттӕн сӕ рӕстӕг кӕй не ’вгъау кӕнынц, уый фӕрцы семӕ хорз хӕлӕрттӕ свӕййынц, кӕрӕдзийыл ноджы тынгдӕр феууӕндынц ӕмӕ кӕрӕдзийы тынгдӕр фӕуарзынц (Хъуыд. 20:37). w19.03 17 ф., 14–17 абз.

Майрӕмбон, 2 октябрь

Сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист нывӕфтыд къусты мидӕг куыд фидауынц, афтӕ фидауы, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас (Ӕмб. 25:11).

Иннӕтӕ нӕ куы фӕбузныг вӕййынц, уӕд мах фӕцин кӕнӕм. Ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕй куы фӕбузныг вӕййӕм, уӕд уыдон фӕцин кӕнынц. Адӕймагӕй бузныг кӕй стӕм, уый куы равдисӕм, уӕд ӕй зондзӕн, хорзы нын кӕй бацыд кӕнӕ нын кӕй баххуыс кодта, уый дзӕгъӕлы кӕй нӕу. Ӕмӕ уый фӕрцы та нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты. Иннӕтӕй бузныг кӕй стӕм, уый ӕвдисын тынг ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй фыст ис абоны стихы. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд рӕсугъд уаиккой сызгъӕрин фӕткъуытӕ ӕвзист къусы мидӕг! Исчи дын ахӕм лӕвар куы скӕнид, уӕд ын куыннӕ саргъ кӕнис! Бузныджы ныхӕстӕн дӕр ис ахӕм стыр аргъ. Уымӕй уӕлдай ма сызгъӕрин фӕткъуытӕ цасфӕнды дӕр фӕлӕууиккой. Раст афтӕ, адӕймагӕн-иу бузныджы ныхӕстӕ куы зӕгъай, уӕд-иу сӕ ӕхсызгонӕй ӕрымысдзӕн ӕмӕ сӕ, чи зоны, цӕрӕнбонты дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. w19.02 15 ф., 5, 6 абз.

Сабат, 3 октябрь

Адӕймаг сси мах хуызӕн – зоны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Райд. 3:22).

Адам ӕмӕ Евӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы дыргътӕй куы бахордтой, уӕд рабӕрӕг, Йегъовӕйыл кӕй не ’ууӕндыдысты ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ницӕмӕ дардтой. Уыдоны бафӕндыд, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Фӕлӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Хуыцауимӕ сын цы хӕлардзинад уыд, уымӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ ма сӕ цот дӕр уыдоны аххосӕй сӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастой (Ром. 5:12). Ӕркӕсӕм ефиопаг хицауы цӕвиттонмӕ. Уый Адам ӕмӕ Евӕйӕ тынг хицӕн кодта. Филипп ын хорз хабар куы фехъусын кодта, уӕд уый ӕвӕстиатӕй донаргъуыд райста. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти адӕмы тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн кӕй саргъ кодта (Хъуыд. 8:34–38). Мах дӕр Хуыцауӕн нӕхи куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ кӕй ӕмбарӕм, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар. w19.03 2 ф., 1, 2 абз.

Хуыцаубон, 4 октябрь

Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн (Иов 27:5).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иузӕрдиондзинад куыд ӕвдисынц? Уыдон Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынц ӕмӕ йыл алкӕддӕр сты ӕнувыд, ӕмӕ уый фӕрцы ӕдзухдӕр фӕаразынц, йӕ зӕрдӕ кӕмӕй барухс вӕййы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Дзырд «иузӕрдиондзинад»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый сӕйраджыдӕр амоны, ӕнӕхъӕн, ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп цы у, ахӕм цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн нывондӕн цы цӕрӕгойты хастой, уыдон хъуамӕ уыдаиккой ӕнӕсахъат, ӕнӕ хъӕндзинадӕй (Лев. 22:21, 22). Хуыцауы адӕмӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй сахъат фос нывондӕн хастаиккой, зӕгъӕм, къах, хъус кӕнӕ цӕстхъуаг чи уыд, ахӕм. Йегъовӕйӕн ахсджиаг уыд, цӕмӕй уыцы нывӕндтӕ уыдаиккой ӕнӕхъӕн, ӕнӕсахъат ӕмӕ ӕнаипп (Мал. 1:6–9). Ӕмӕ зын бамбарӕн нӕу, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджыты нывӕндтӕ уой ӕнӕхъӕн ӕмӕ ӕнаипп. Зӕгъӕм, ничи нӕ балхӕнид ӕмбыд дыргътӕ, скъуыд чиныг кӕнӕ саст кусӕнгарз. Алкӕй дӕр нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, цы балхӕнӕм, уый уа ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй. Уӕдӕ Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад уой ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй. w19.02 3 ф., 3 абз.

Къуырисӕр, 5 октябрь

Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ (Пс. 119:97).

Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй ӕвзӕр зондӕй хи хизын фаг нӕу. Хъуамӕ ма-иу, хорз цы у, ууыл хъуыды кӕнӕм. Раджы заманты-иу горӕттӕ хъахъхъӕдтой дуаргӕстӕ. Уыдон-иу кулдуар сӕхгӕдтой, цӕмӕй-иу знаг горӕтмӕ ма бабырстаид. Фӕлӕ-иу сӕм хӕринаг ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ куы ’рбаластой, уӕд-иу кулдуар байгом кодтой. Куы никуы-иу ӕй гом кодтаиккой, уӕд-иу горӕты цӕрджытӕ сыдӕй мардаиккой. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдӕ гом кӕнӕм, цӕмӕй-иу дзы Хуыцауы хъуыдытӕ ӕвӕрӕм. Библийы фыст сты Йегъовӕйы хъуыдытӕ, ӕмӕ йӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд Хуыцауы хъуыдытӕн уый бар фӕдӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ зондахастыл, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл ӕндавой. Хуыцауы Ныхас нын фылдӕр пайда кӕд хӕсдзӕн? Кӕсыны размӕ-иу куы скувӕм, уӕд-иу нын баххуыс кӕндзӕн, йӕ Ныхасы „цы диссӕгтӕ ис, уыдон“ ирдӕй фенынӕн» (Пс. 119:18). Хъуамӕ ма-иу, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды дӕр акӕнӕм. Куы фӕкувӕм, стӕй Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас нӕ зӕрдӕмӕ арф ныххизы, ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ уарзын райдайӕм (Ӕмб. 4:20–22). w19.01 18 ф., 14, 15 абз.

Дыццӕг, 6 октябрь

Цӕй уӕдӕ... Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд (Дзут. 13:15).

Йегъовӕ йӕ зоны, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй не сты, ӕмӕ нӕ алкӕй нывӕндтӕн дӕр стыр аргъ кӕны. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ-иу израилӕгтӕй цавӕр нывӕндтӕ айста, уый. Кӕйдӕрты-иу сӕ сӕ къух амыдта нывондӕн уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк ӕрхӕссын. Мӕгуыртӕн та-иу сӕ бон уыд «дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ лӕппын бӕлоны» ӕрхӕссын. Ӕмӕ-иу нывондӕн йӕ бон мӕргътӕ ӕрхӕссын дӕр кӕмӕн нӕ уыд, уый та-иу «ӕрхаста ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы дӕсӕм хай» (Лев. 5:7, 11). Иннӕ нывӕндтимӕ абаргӕйӕ, ссад асламдӕр уыди, фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нывондӕн дӕр аргъ кодта, кӕд-иу «ӕппӕты хуыздӕр ссад» уыд, уӕд. Нӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау абон мах нывӕндтӕн дӕр аргъ кӕны. Уый нӕ нӕ домы, цӕмӕй дзуапп дӕтгӕйӕ Аполлосау дзырдарӕхст уӕм кӕнӕ Павелау фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссӕм (Хъуыд. 18:24; 19:8). Йегъовӕйы уый фӕнды, ӕмӕ дзуаппытӕ дӕттыныл нӕ тых, нӕ бонӕй архайӕм. Нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, кувӕндоны ӕхцавӕрӕны дыууӕ лыстӕг ӕхцайы чи ныппӕрста, уыцы идӕдз усы. Йегъовӕйы цӕсты йын уыд стыр аргъ, уымӕн ӕмӕ радта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыди, уый (Лук. 21:1–4). w19.01 8, 9 фф., 3–5 абз.

Ӕртыццӕг, 7 октябрь

Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты (Матф. 10:22).

Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, адӕм нӕ се сӕфт кӕй уынынц. Йесо рагацау загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстаг бонты карз ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты (Матф. 24:9; Иоан. 15:20). Исайы пехуымпарад нӕ фӕдзӕхсы, не знӕгтӕ нӕ ӕрмӕст се сӕфт кӕй нӕ уындзысты, фӕлӕ ма нӕ ныхмӕ алыхуызон хӕцӕнгӕрзтӕй кӕй архайдзысты. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, не знӕгтӕ алыхуызӕтты архайынц: цыдӕртӕ ныл ӕрымысынц, нӕ организацийы номыл цъыф калынц ӕмӕ нӕ карзӕй ӕфхӕрынц (Матф. 5:11). Йегъовӕ сӕ нырма нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ уыдон немӕ тох кӕнгӕйӕ дарддӕр дӕр сӕ хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕндзысты (Еф. 6:12; Рарг. 12:17). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ куыд загъта, афтӕмӕй, нӕ ныхмӕ «цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). Йегъовӕ нӕ не знӕгтӕй хъахъхъӕны, «ӕмбӕхсӕн бынат тӕрккъӕвдайӕ» куыд хъахъхъӕны, афтӕ (Ис. 25:4, 5). Не знӕгтӕн сӕ фыдвӕндтӕ нӕ фӕрӕстмӕ уыдзысты – ахӕм зиан нын никуы ракӕндзысты, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа (Ис. 65:17). Хуыцауы знӕгтӕ се ’ппӕт дӕр «фӕцыдӕр уыдзысты, фесӕфдзысты» (Ис. 41:11, 12). w19.01 6, 7 фф., 13–16 абз.

Цыппӕрӕм, 8 октябрь

Йегъовӕйы сыгъдӕг тых кӕм ис, уым ис сӕрибардзинад (2 Кор. 3:17).

Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕ уарзы сӕрибардзинад, ӕмӕ мах дӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сӕрибардзинад уарзӕм. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнай, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи фыдбылызӕй бахиздзынӕ. Чи зоны, ахӕмты зоныс, ӕмӕ порнографимӕ фӕкӕсынц, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, цардӕн тӕссаг чи у, ахӕм спорты фӕархайынц, наркотиктӕ фӕкӕнынц кӕнӕ карз нозт фӕнуазынц. Чи зоны сын уыдӕттӕ цавӕрдӕр ӕхсызгондзинад ӕрхӕссынц. Фӕлӕ сын уый арӕх тынг зынаргъ слӕууы – исты ӕвзӕр низ сыл бахӕцы, ӕнӕниздзинадӕн зиан цы хӕссы, уыдӕттыл фӕцахуыр вӕййынц кӕнӕ та суанг мӕлгӕ дӕр акӕнынц (Гал. 6:7, 8). Уӕдӕ кӕд ахӕм ӕрыгӕттӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый сӕрибардзинад у, уӕд сӕхи сайынц (Тит. 3:3). Искуы афтӕ уыд, ӕмӕ адӕймаг Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕры, уый тыххӕй йыл цавӕрдӕр низ бахӕцыд? Уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй! Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕмӕ куы хъусай, уӕд, де ’нӕниздзинадӕн зиан цы ’рхӕсса, уыдӕттӕй дӕхи хиздзынӕ ӕмӕ уыдзынӕ ӕцӕг сӕрибар (Пс. 19:7–11). Ӕмӕ уыцы сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ куы пайда кӕнай, ома Хуыцауы закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕнай ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайай, уӕд Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ дӕ ныййарджытӕн дӕр равдисдзынӕ, фылдӕр сӕрибардзинад дын кӕй ис раттӕн (Ром. 8:21). w18.12 22, 23 фф., 16, 17 абз.

Майрӕмбон, 9 октябрь

Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар (Райд. 2:24).

Адамы тӕригъӕды аххосӕй уавӕр фӕивта. Зӕгъӕм, адӕм мӕлын кӕй райдыдтой, уый бинонты цардыл фӕзынд. Апостол Павел чырыстӕттӕн бамбарын кодта, мӕлӕт бинонты цардӕн кӕрон кӕй скӕны ӕмӕ, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амӕла, уымӕн уый фӕстӕ йӕ бон кӕй у йӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕнын (Ром. 7:1–3). Хуыцау Израилы адӕмӕн цы Закъон радта, уым уыд, бинонты цардмӕ чи хауд, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Закъон израилаг лӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу сын цалдӕргай усы уыдаид. Ахӕм ӕгъдау сӕм уыд, Хуыцау сын Закъон куы нӕма радта, уӕд дӕр. Ӕмӕ сын кӕд ахӕм бар уыд, уӕддӕр Закъон сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты хъахъхъӕдта, цӕмӕй ӕфхӕрды бынаты ма баззадаиккой. Зӕгъӕм, йӕ ус цагъар кӕмӕн уыд, ахӕм нӕлгоймаг-иу дыккаг ус куы ’рхаста, уӕд дӕр-иу йӕ фыццаг усы хъуамӕ хӕрд ӕмӕ дарӕсӕй цух ма уагътаид, стӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр, лӕгыл йӕ усы раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кодтаид (Рац. 21:9, 10). Кӕд мах Закъоны дӕлбар не стӕм, уӕддӕр уый фӕрцы ӕмбарӕм, Хуыцауы цӕсты бинонты цард куыд кадджын у, уый. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мах дӕр бинонты цардӕн кад кӕнӕм. w18.12 10 ф., 3 абз.; 11 ф., 5, 6 абз.

Сабат, 10 октябрь

Ахӕм хабар ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уын ӕй куы дзырдтаиккой, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид (Ав. 1:5).

Аввакум йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куы радзырдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, цымӕ Хуыцау куыд архайдзӕн, зӕгъгӕ. Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау, ӕмӕ Аввакумы ӕнкъарӕнтӕ хорз ӕмбӕрста. Уый уыдта, Аввакум куыд хъизӕмар кӕны, уый ӕмӕ зыдта, ӕххуысмӕ дӕр ӕм уый тыххӕй кӕй сдзынӕзта. Ӕмӕ йын уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ йын раргом кодта, тагъд ӕгоммӕгӕс дзуттӕгты кӕй бафхӕрдзӕн. Фыддзинадӕн тагъд рӕстӕджы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ, гӕнӕн ис, фыццаг Аввакумӕн фехъусын кодта. Йегъовӕ Аввакумӕн раргом кодта, тагъд архайын кӕй райдайдзӕн. Загъта йын, Иудӕйы цӕрӕг фыдзӕрдӕ адӕмы ныхмӕ халдейты, ома вавилойнӕгты, кӕй сыстын кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ бафхӕра. Йегъовӕ афтӕ кӕй загъта, уый уыдзӕн «уӕ рӕстӕджы», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы тӕрхон хъуамӕ кӕнӕ Аввакумы рӕстӕджы сӕххӕст уыдаид, кӕнӕ – йӕ дуджы цӕрӕг адӕмы рӕстӕджы. Аввакум ахӕм хабар фехъусын ӕнхъӕл нӕ уыд. w18.11 15 ф., 7, 8 абз.

Хуыцаубон, 11 октябрь

[Хуыцауы] фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой (1 Тим. 2:4).

Рӕстдзинад чи нӕма зоны, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дарыс? Зӕгъӕм, апостол Павел архайдта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ,– Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕртӕ чи зыдта, уыдон,– рӕстдзинад базыдтаиккой. Фӕлӕ ӕрмӕст уыдонӕн баххуыс кӕныныл нӕ архайдта. Зӕгъӕм, Павел йӕ фыццаг уацамындон балцы рӕстӕг горӕт Листрӕйы куы уыд, уӕд ликаойнаг ӕвзагыл дзурӕг адӕм Павел ӕмӕ Варнавӕйы сӕ хуыцӕуттӕ фенхъӕлдтой, ӕмӕ сӕ иуы Зевс хуыдтой, иннӕйы та – Гермес. Ахӕм кад сын кӕй скодтой, уый сӕм цымӕ хорз каст? Цымӕ афтӕтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, кӕд ацы хабары фӕрцы, уый размӕ дыууӕ горӕты цы ӕфхӕрд баййӕфтам, уый ферох кӕниккам? Мыййаг сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ кады кой куы айхъуыса, уӕд уый фӕрцы хорз хабар тынгдӕр апарахат уыдзӕн? Нӕ! Уыдон сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой, адӕмы астӕумӕ балыгъдысты ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Уый цы кусут? Мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм!» (Хъуыд. 14:8–15). w18.09 4, 5 фф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 12 октябрь

Нӕ [йӕ] зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты? Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут... ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцыдыстут (1 Кор. 6:9, 11).

Цӕмӕй адӕймаг рӕстдзинады фӕндагыл слӕууа ӕмӕ Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы йӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Апостол Петр уый фӕдыл ныффыста: «Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. ...Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 Пет. 1:14, 15). Рагон горӕт Коринфы цӕрджытӕ уыдысты тынг ӕгъдаухӕлд, ӕмӕ-иу рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын кӕй фӕндыд, уый-иу хъуыди йӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ саразын. Раст афтӕ абон дӕр бирӕты рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй бахъӕуы се ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Петр ма йӕ рӕстӕджы цӕрӕг чырыстӕттӕм ноджыдӕр ныффыста: «Фаг уын у, раздӕр ацы дунейы адӕмы зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат» (1 Пет. 4:3). w18.11 6 ф., 13 абз.

Дыццӕг, 13 октябрь

Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ (Хъуыд. 13:48).

«Ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймӕгты нӕ бон куыд у ссарын? Фыццаг ӕнусы куыд уыд, афтӕ абон дӕр уымӕн ис ӕрмӕстдӕр иу мадзал – хъусын кӕнын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цыфӕнды горӕт кӕнӕ хъӕумӕ ма бацӕуат, ссарут-иу дзы аккаг адӕймаг» (Матф. 10:11). Мах ӕмбарӕм, цӕстмӕ митӕ чи кӕны, йӕ сӕр бӕрзӕндты чи хӕссы кӕнӕ Хуыцау нымады дӕр кӕмӕ нӕу, ахӕм адӕймӕгтӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ байхъусдзысты. Мах агурӕм, ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, стӕй, рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймӕгты. Уыцы хъуыддаг абарӕн ис, Йесо хъӕддӕсныйы куыст куыд кодта, уыимӕ. Фыццаг уал-иу агурын райдыдта, зӕгъӕм, мебель, дуӕрттӕ, ӕфсондзтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ саразынӕн чи сбӕззыдаид, ахӕм хъӕдӕрмӕг. Ӕмӕ-иу ахӕм ӕрмӕг куы ссардта, уӕд-иу йӕ кусӕнгӕрзты ӕмӕ, цӕуыл сахуыр, уый руаджы алыхуызон дзауматӕ сарӕзта. Раст афтӕ мах дӕр фыццаг уал сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты фӕагурӕм, ӕмӕ сӕ куы ссарӕм, уӕд сын нӕ кусӕнгӕрзты ӕмӕ, цӕуыл сахуыр стӕм, уый руаджы феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матф. 28:19, 20). w18.10 12 ф., 3, 4 абз.

Ӕртыццӕг, 14 октябрь

Филипп ӕрцыд горӕт Самаримӕ ӕмӕ адӕмӕн райдыдта Чырыстийы тыххӕй хъусын кӕнын (Хъуыд. 8:5).

Йӕ уавӕртӕ кӕмӕн фӕивтой, фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕты сӕйраг Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд, уыдонӕй ма нын фӕзминаг у хорз хабар хъусынгӕнӕг Филипп дӕр. Иуафон Филипп Иерусалимы ӕххӕст кодта, йӕ бӕрны йын цы хъуыддаг бакодтой, уый (Хъуыд. 6:1–6). Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕртӕ фӕивтой. Ахуыргӕнинаг Стефаны куы амардтой, уый фӕстӕ чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ алырдӕмты ныххӕлиу сты. Филиппы фӕндыд дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Гъемӕ ацыд горӕт Самаримӕ, уымӕн ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнын хъуыди (Матф. 10:5; Хъуыд. 8:1). Филипп цӕттӕ уыд, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕй кӕдӕмфӕнды ма арвыстаид, уырдӕм ацӕуынмӕ, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр бабар кодта, хорз хабар кӕдӕм нӕма фӕхӕццӕ, уыцы рӕтты хъусын кӕнын. Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ самариӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты. Филипп та сӕм хорз цӕстӕй каст ӕмӕ сын зӕрдиагӕй хъусын кодта. Уӕдӕ диссаг нӕу, самариӕгтӕй йӕм бирӕтӕ лӕмбынӕг кӕй хъуыстой! (Хъуыд. 8:6–8). Филиппӕн ӕппӕты сӕйраг уыд йӕ лӕггад. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр арфӕ кодта (Хъуыд. 21:8, 9). w18.10 30 ф., 14–16 абз.

Цыппӕрӕм, 15 октябрь

Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм (Дзут. 10:24).

Йесо Дӕссахары бӕстӕйы куы уыд, уӕд ӕм уым «ӕрбакодтой, къуырма чи уыд, стӕй дзургӕ дӕр дзӕбӕх чи нӕ кодта, ахӕм адӕймаджы» (Мар. 7:31–35). Йесо йӕ адӕмы раз не сдзӕбӕх кодта, фӕлӕ йӕ «иуварс акодта» ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сдзӕбӕх кодта. Цымӕ цӕмӕн? Нӕлгоймаг къуырма кӕй уыд, уый тыххӕй-иу, чи зоны, бирӕ адӕмы ’хсӕн тыхсти. Йесо уый ӕмбӕрста, ӕмӕ йӕ хибар ран дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй сдзӕбӕх кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн нӕ бон нӕу ахӕм диссӕгтӕ аразын. Фӕлӕ нӕ бон у, не ’фсымӕрты цы тыхсын кӕны, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ сын се ’нкъарӕнтӕ бамбарыныл архайын. Йесо уыцы нӕлгоймаджы ӕнкъарӕнтӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ йыл батыхст. Афтӕ мах дӕр хъуамӕ ацӕргӕты ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи у, уыдоны хорзыл хъуыды кӕнӕм. Чырыстон ӕмбырды сӕйрагдӕр уый нӕу, ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ бантыса, фӕлӕ цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой (Иоан. 13:34, 35). Уарзондзинад нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ацӕргӕтӕн ӕмӕ, нӕфӕразгӕ чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуынӕн. Ӕмӕ кӕд сӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр сын не ’ххуыс не ’вгъау кӕнӕм (Матф. 13:23). w18.09 29, 30 фф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 16 октябрь

Алчидӕр нӕ хъуыды кӕнӕд, иннӕмӕн хуыздӕр цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ фидардӕр цы фӕкӕндзӕн, ууыл (Ром. 15:2).

Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр у тынг зынаргъ, ӕмӕ сӕм Йесо дӕр ахӕм зӕрдӕ дары (Гал. 2:20). Мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты бирӕ уарзӕм, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ исӕм ӕмӕ сыл тыхсӕм. Ӕмӕ сын цӕмӕй удӕнцойы хос уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:19). Куыд тынг бӕллӕм уыцы рӕстӕгмӕ, ӕмӕ, адӕймаджы ныфс цӕй тыххӕй асӕтты, уыдӕттӕн сӕ кой дӕр куы нал уа! Ног дунейы, адӕм сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый аххосӕй ничиуал мӕлдзӕн. Нал уыдзӕн низтӕ ӕмӕ хӕстытӕ. Ӕфхӕрд ничиуал ӕййафдзӕн ӕмӕ бинонты ’хсӕн зындзинӕдтӕ нал уыдзӕн. Адӕймаг фыдӕнхъӕл цӕмӕй фӕуа, ахӕмӕй ницыуал уыдзӕн. Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон адӕм иууылдӕр суыдзысты ӕххӕст. Фӕстаг фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны Йегъовӕ Хуыцау йӕ зӕххон хъӕбултыл банымайдзӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзӕн, «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинадӕй» (Ром. 8:21). Цӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы нӕ уарзондзинады фӕрцы фидар кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр, цы диссаджы хӕрзиуӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕхи цӕстӕй фенӕм! w18.09 14 ф., 10 абз.; 16 ф., 18 абз.

Сабат, 17 октябрь

Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ (Пс. 119:97).

Библи ахуыр кӕнын уый нӕу, ӕмӕ цавӕрдӕр ӕрмӕг уӕлӕнгӕйтты бакӕсай ӕмӕ фарстатӕн дзуаппытӕ бахахх кӕнай. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ мах фӕхъуыды кӕнӕм, цы бакастыстӕм, уый нын Йегъовӕйы тыххӕй, стӕй йӕ хъуыддӕгты ӕмӕ йӕ хъуыдыты тыххӕй цӕуыл дзурӕг у, ууыл. Стӕй фӕархайӕм, Хуыцау нӕ цыдӕр цӕмӕн домы, цӕмӕйдӕрты та нӕ фӕдзӕхсгӕ цӕмӕн кӕны, уый бамбарыныл. Уымӕй уӕлдай ма фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ царды нӕ фӕивын цы хъӕуы кӕнӕ нӕ нӕ зондахаст сраст кӕнын кӕм хъӕуы, ууыл. Чи зоны-иу нын Библи ахуыр кӕнгӕйӕ алы хатт нӕ рауайдзӕн ацы хъуыддӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ахъуыды кӕнын. Фӕлӕ хорз уаид, цы бакӕсӕм, ууыл ахъуыды кӕнынӕн-иу нӕ рӕстӕгӕн, зӕгъӕм, йе ’мбис, куы рахицӕн кӕниккам (1 Тим. 4:15). Адӕймаг Хуыцауы Ныхасыл ӕдзухдӕр куы фӕхъуыды кӕны, уӕд йӕхицӕн «сбӕлвырд кӕны», Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй. Ӕмбарын райдайы, Йегъовӕ алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайы. Йӕ зонд сног вӕййы ӕмӕ йӕ зондахаст фӕивы (Ром. 12:2). Ӕмӕ сабыргай Йегъовӕйы зондӕй архайын сахуыр вӕййы. w18.11 24 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 18 октябрь

Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:9).

Павел йӕхи ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй кӕйдӕрты схуыдта «Хуыцауы ӕмкусджытӕ», адӕмӕн кӕй хъусын кодтой ӕмӕ сын рӕстдзинад кӕй амыдтой, уымӕ гӕсгӕ (1 Кор. 3:6). Мах дӕр «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» схонӕн уыдзӕн, цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уымӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕзтӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд. Уый махӕн цӕй стыр кад у! Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты цинӕйдзаг. Иннӕтимӕ Библи чи ахуыр кодта ӕмӕ ныр дӕр чи ахуыр кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ уый сӕхицӕй зонынц. Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕ рӕстдзинад куы бамбарынц, сӕ уырнындзинад куы сырӕзы, сӕ царды цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ куы скӕнынц ӕмӕ иннӕтӕн дӕр Хуыцауы тыххӕй дзурын куы райдайынц, уӕд куыд фӕцин кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕхи цинӕн дӕр кӕрон нӕ вӕййы. Йӕ хабар афтӕ уыд Йесойӕн дӕр. Хъусын кӕнынмӕ цы 70 ахуыргӕнинаджы арвыста, уыдон цингӕнгӕ куы ’рбаздӕхтысты ӕмӕ сын цы бантыст, уый куы дзырдтой, уӕд уымӕн дӕр йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг (Лук. 10:17–21). w18.08 20 ф., 11, 12 абз.

Къуырисӕр, 19 октябрь

Йӕ зӕрдӕйыл йӕ ныфс чи дары, уый у ӕнӕзонд (Ӕмб. 28:26).

Нӕхи зондӕй ныфсджын куы уӕм, уӕд нӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ цавӕрдӕр уавӕр тынг хорз ӕмбарӕм, афтӕмӕй та хабар кӕронмӕ ма зонӕм. Раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын ма нӕ, чи зоны, къуылымпы кӕна, ӕмбырды искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уый дӕр. Не ’хсӕн цы рауад, ӕдзухдӕр ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, не ’фсымӕрыл ӕнӕууӕнк кӕнын ӕмӕ йӕм фаутӕ хӕссын райдайӕм. Ӕмӕ, зӕгъӕм, исчи йе ’взӕры кой куы ракӕна, уӕд, чи зоны, уыцы адӕймаджы ныхӕстыл ӕнцонтӕй баууӕндӕм. Уӕдӕ цы ис зӕгъӕн? Не ’фсымӕрмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ куы дарӕм йе та йӕм куы хӕлӕг кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы ӕфсымӕры тыххӕй исты рӕдыд хъуыдымӕ ӕрцӕуӕм (1 Тим. 6:4, 5). Цӕмӕй нӕхи ахӕм хабарӕй бахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕн нӕ зӕрдӕйы бынат ма скӕнӕм. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ сын зӕрдӕйӕ хатыр кӕнӕм (Кол. 3:12–14). w18.08 6 ф., 15 абз.; 7 ф., 18 абз.

Дыццӕг, 20 октябрь

Йегъовӕйы сты уӕлӕрвтӕ... зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон (Дык. з. 10:14).

Йегъовӕ адӕмы кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕт дӕр уый сты (Пс. 100:3; Рарг. 4:11). Фӕлӕ адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу Йегъовӕ йӕхицӕн равзӕрста, уӕлдай аргъ кӕмӕн кодта, ахӕм адӕмы. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн рагзаманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыцы израилӕгты тыххӕй 135-ӕм псаломы фыст ис, уыдон сты, «уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыцы адӕм», зӕгъгӕ (Пс. 135:4). Стӕй ма Осийы чиныджы дӕр рагацау фыст ӕрцыд, израилаг чи нӕ уыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй хъуамӕ суыдаиккой (Оси 2:23). Осийы пехуымпарад сӕххӕст, Йегъовӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты куы равзӕрста, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой (Хъуыд. 10:45; Ром. 9:23–26). Уыдон сты «сыгъдӕг адӕм» ӕмӕ, «Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм». Уыдон сӕрст ӕрцыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хуынд ӕрцыдысты уӕларвон цардмӕ (1 Пет. 2:9, 10). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕй та се ’ппӕтӕй цы ис зӕгъӕн? Йегъовӕ уыдоны дӕр хоны, «мӕ адӕм» ӕмӕ «ме ’взӕрст адӕм», зӕгъгӕ (Ис. 65:22). w18.07 22 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 21 октябрь

Йесо Чырысти куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнут сымах дӕр. ...Йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта ӕмӕ сси цагъары хуызӕн (Фил. 2:5, 7).

Рӕдаудзинад ӕвдисӕн куыд ис, уыцы хъуыддаджы ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо Чырысти, ӕмӕ йӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр фӕзмынц (Матф. 20:28). Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цымӕ мӕ бон нӕ уаид Йесойы ноджы хуыздӕр фӕзмын?» (1 Пет. 2:21). Йегъовӕ нӕ райгонд уыдзӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ Фырты дӕр куы фӕзмӕм, уӕд. Ӕмӕ кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ фӕзмӕм? Иннӕты хорзыл куы тыхсӕм ӕмӕ сын баххуыс кӕнынӕн фадӕттӕ куы агурӕм, уӕд. Афтӕ кӕнын куыд ахсджиаг у, уый Йесо бамбарын кодта, хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы (Лук. 10:29–37). Афтӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, адӕймаг цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр-иу ӕм се ’ххуысы къух кӕй хъуамӕ бадарой. Хъуыды ма йӕ кӕныс, уыцы фӕсномыг ныхас цӕмӕн радзырдта, уый? Иу дзуттаг лӕг ӕй бафарста: «Кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Ӕмӕ йын Йесо цы загъта, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ уыцы самариаг лӕгау рӕдау куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд кӕй уыдзӕн. w18.08 19 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 22 октябрь

Зӕд... ын загъта: «Дӕ бон хорз, Хуыцауӕн уарзон адӕймаг. Йегъовӕ демӕ ис» (Лук. 1:28).

Цымӕ Йегъовӕ Марийӕйӕн дарддӕр дӕр кад кодта, йӕ Фырты йын кӕй схъомыл кодта, уый тыххӕй? Бӕгуыдӕр! Хуыцау афтӕ бакодта, цӕмӕй Марийӕйы ныхӕстӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ Библийы фыст ӕрцыдаиккой. Куыд зыны, афтӕмӕй, Йесо ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг куы хъусын кодта, уӕд Марийӕйӕн уый фадат нӕ уыд, цӕмӕй йемӕ цыдаид. Чи зоны, идӕдз кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ Назареты баззайын бахъуыд. Фӕлӕ кӕд уый тыххӕй бирӕ хорздзинӕдтӕй уыд цух, уӕддӕр Йесойы мӕлӕты рӕстӕг йӕ фарсмӕ уыд (Иоан. 19:26). Фӕстӕдӕр та, Фӕндзайӕм боны размӕ ӕмӕ уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕг дӕр, Марийӕ уыди иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ (Хъуыд. 1:13, 14). Ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй уый дӕр уыцы бон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыд. Уӕдӕ уӕд уымӕн дӕр фӕзынди фадат, цӕмӕй уӕлӕрвты Йесоимӕ ӕнустӕм уа. Диссаджы хӕрзиуӕг йӕ иузӕрдион лӕггады тыххӕй! w18.07 9 ф., 11 абз.; 10 ф., 14 абз.

Майрӕмбон, 23 октябрь

Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн (1 Кор. 10:31).

Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уагӕвӕрдты фӕрцы ӕмбарын кодта, цавӕрдӕр зондахаст ӕмӕ хъуыддӕгтӕ цӕмӕ ӕркӕнынц, уый. Зӕгъӕм, бамбарын сын кодта, адӕймаг искӕмӕй йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд уый тыхмимӕ дӕр кӕй ӕркӕны, искӕмӕ йӕхи куы фӕмондаг кӕны, уӕд уый та ӕнӕгъдаудзинадмӕ дӕр кӕй ӕркӕны (Матф. 5:21, 22, 27, 28). Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын не ’фсарм, раст цы у, уый амондзӕн, ӕмӕ-иу уый фӕрцы, Хуыцауӕн кад чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ рахӕсдзыстӕм. Чырыстӕттӕ се ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ куы ахуыр кӕной, уӕд дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл сӕ иуӕн йе ’фсарм иу дзура, иннӕмӕн та – ӕндӕр. Цӕвиттонӕн райсӕм нозты хабар. Библийы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ карз нозт нуазӕн ӕппындӕр нӕй. Фӕлӕ, ӕгӕр бирӕ нуазай кӕнӕ фыднозт кӕнай, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Ӕмб. 20:1; 1 Тим. 3:8). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, кӕд чырыстон йӕхӕдӕг бӕрцӕй фӕнуазы, уӕд ӕй ӕндӕр ницӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Кӕд чырыстонӕн йе ’фсарм бӕрцӕй нуазынӕн бар дӕтты, уӕддӕр-иу хъуамӕ иннӕты ӕфсармыл дӕр ахъуыды кӕна. w18.06 18 ф., 10, 11 абз.

Сабат, 24 октябрь

Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй (Мар. 8:15).

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста, цӕмӕй фарисейты, саддукейты ӕмӕ, Ироды фарс чи уыд, уыдоны «ӕнхъизӕнӕй», кӕнӕ ахуырӕдтӕй, сӕхи хызтаиккой (Матф. 16:6, 12). Цымыдисаг уый у, ӕмӕ сын Йесо ацы уынаффӕ радта, адӕм ӕй паддзахӕй сӕвӕрын куы фӕнд кодтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Динтӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты куы фӕархайынц, уӕд уый арӕх ӕркӕны тыхмимӕ. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕдзӕхста, политикӕимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй мацы хъуамӕ уа. Ӕмӕ йӕ хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ уый тыххӕй дӕр хъавыдысты амарынмӕ. Тарстысты, адӕм иууылдӕр Йесойы фӕдыл куы ацӕуой ӕмӕ сын сӕ ныхасмӕ куы нал хъусой, уымӕй. Хабар афтӕ куы рауадаид, уӕд сын дины ӕмӕ политикӕйы цы стыр бартӕ уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой. Уыдон загътой: «Афтӕ [йӕ] куы ныууадзӕм, уӕд ыл адӕм иууылдӕр баууӕнддзысты, ӕмӕ ромӕгтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ нын нӕ кувӕндон дӕр сӕхи бакӕндзысты, ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр» (Иоан. 11:48). Гъемӕ хистӕр сауджын Кайафӕ спълан кодта, Йесойы куыд амардзысты, уый (Иоан. 11:49–53; 18:14). w18.06 6, 7 фф., 12, 13 абз.

Хуыцаубон, 25 октябрь

Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин (Ром. 12:9).

Сайтан пайда кӕны спиритизмӕй. Цӕмӕй адӕмы дӕлимонтимӕ баст хабӕрттӕ цымыдис кӕнын райдайой, уый тыххӕй пайда кӕны мӕнг динтӕй, стӕй ма ирхӕфсӕнтӕй дӕр. Киноты, видеохъӕзтыты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕртты спиритизм афтӕ ӕвдыст цӕуы, ӕмӕ адӕмы цӕст йӕхимӕ ӕлвасы. Ацы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахиздзыстӕм? Хъуамӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕйы организаци бӕлвырд дзурдзӕн, ирхӕфсӕнтӕй хорз кӕнӕ ӕвзӕр кӕцы у, уый. Алчидӕр нӕ хъуамӕ йе ’фсарм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ахуыр кӕна (Дзут. 5:14). Хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынӕн нын ӕххуыс кӕндзӕн апостол Павелы уынаффӕ, фыст ис абоны стихы. Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цымӕ, цы ирхӕфсӕнтӕ равзарын, уыдонмӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕнӕхин дӕн? Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын кӕнӕ ногӕй кӕмӕ бацӕуын, уыдон куы фениккой, цавӕр ирхӕфсӕн равзӕрстон, уый, уӕд афтӕ зӕгъиккой, ӕмӕ, дзургӕ цы кӕнын, аразгӕ дӕр уый кӕнын?» Иннӕтӕн цы фӕдзурӕм, уый нӕхӕдӕг дӕр куы аразӕм, уӕд Сайтаны къӕппӕджытӕй хуыздӕр хъахъхъӕд уыдзыстӕм (1 Иоан. 3:18). w18.05 25 ф., 13 абз.

Къуырисӕр, 26 октябрь

Уый мӕ фӕнды ӕмӕ Хуыцауӕн дӕр уый тыххӕй фӕлӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй уыдон фервӕзой (Ром. 10:1).

Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Фыццаг, хъуамӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнда, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймӕгты агурын. Дыккаг, хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй-иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ байгом кӕна (Хъуыд. 13:48; 16:14). 30 азы бӕрц пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Силванӕ, загъта: «Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ искӕй дуар бахойыны размӕ Йегъовӕмӕ скувын, цӕмӕй-иу адӕймагимӕ зӕрдиагӕй аныхас кӕнон». Нӕ бон ма у Хуыцаумӕ уый тыххӕй дӕр кувын, цӕмӕй-иу нын зӕдтӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты ссарынӕн баххуыс кӕной (Матф. 10:11–13; Рарг. 14:6). 30 азӕй фылдӕр пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Роберт, загъта: «Кӕмӕ фӕцӕуӕм, уыдонӕн сӕ царды тыххӕй зӕдтӕ алцыдӕр фӕзонынц. Ӕмӕ семӕ кӕй ӕмгуыст кӕнӕм, уый диссаг куыннӕ у!» Ӕртыккаг, хъуамӕ не ’ргом здахӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ хорзӕй цы ис, уымӕ. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Карл, загъта: «Адӕймаг сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй у, уый гыццыл цӕмӕйдӕрты дӕр бӕрӕг вӕййы, зӕгъӕм, йӕ мидбылты дӕм кӕй бахуды, хӕлар цӕстӕй дӕм кӕй ракӕсы кӕнӕ дӕм ӕнӕхинӕй исты фарста кӕй ратты, уымӕй. Ӕмӕ уыдӕттӕм мӕ хъус фӕдарын». Уӕдӕ Павелау махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ фӕразон уӕм ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг дӕттӕм. w18.05 15 ф., 13 абз.; 16 ф., 15 абз.

Дыццӕг, 27 октябрь

Ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм... кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр (Дзут. 10:24, 25).

Нӕ ныфсыл ныфс бафты, рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн кӕмӕн баххуыс кодтам, уыдон Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй куы фехъусӕм, уӕд. Апостол Иоанн ныффыста: «Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр... мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4). Пионертӕй бирӕтӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, кӕддӕр рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодтой, уыдон абоны онг Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, чидӕртӕ та сӕ пионертӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй фехъусын. Уӕдӕ, цӕйдӕр тыххӕй ныфссаст чи у, ахӕм пионерӕн, йӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхаста, уый йӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнӕм, уӕд ын афтӕмӕй йӕ ныфсыл ныфс бафтаудзыстӕм. Районон цӕстдарджытӕй бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ бинойнӕгтӕн дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы, кӕй бабӕрӕг кӕнынц, уыцы ӕмбырдты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сын арфӕйы ныхӕстӕ куы ныффыссынц, уӕд. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис хистӕр нӕлгоймӕгтӕй, миссионертӕй, пионертӕй ӕмӕ вефилӕгтӕй дӕр. Уыдонӕн дӕр тынг ӕхсызгон вӕййы, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй сын куы раарфӕ кӕнынц, уӕд. w18.04 23 ф., 14, 15 абз.

Ӕртыццӕг, 28 октябрь

[Паддзах] хъуамӕ йӕхицӕн бирӕ устытӕ... ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ мӕнӕй ма аздӕха (Дык. з. 17:17).

Фӕлӕ Соломон уыцы закъон фехӕлдта, ӕмӕ 700 усы ӕрхаста. Стӕй ма йын уыд 300 номылусы дӕр (1 Пад. 11:3). Йӕ устытӕй бирӕтӕ израилӕгтӕ нӕ уыдысты ӕмӕ куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн. Афтӕмӕй ма Соломон фехӕлдта ӕндӕр закъон дӕр – ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдоны йӕхицӕн хӕстӕгӕн кӕй хъуамӕ ма агуырдтаид, уыцы закъон (Дык. з. 7:3, 4). Соломон Йегъовӕйы закъӕттӕ сабыргай халын кӕй райдыдта, уый йӕ ӕркодта стыр тӕригъӕдтӕм. Мӕнгхуыцӕуттӕн – Астартӕйӕн ӕмӕ Хамосӕн – нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта. Стӕй сын йӕ устытимӕ иумӕ кувын дӕр райдыдта. Ӕмӕ уыцы нывондхӕссӕнтӕ кӕм сарӕзта? Уый размӕ Йегъовӕйы кувӕндон кӕм сарӕзта, уыцы горӕт Иерусалимы акомкоммӕ цы хох уыд, растдӕр уым! (1 Пад. 11:5–8; 2 Пад. 23:13). Чи зоны, Соломон йӕхи ахӕм хъуыдытӕй сайдта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн кувӕндоны дарддӕр дӕр нывӕндтӕ куы хӕсса, уӕд ын йе ’взӕр хъуыддӕгтӕм ӕнцад кӕсдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм ӕнцад никуы фӕкӕсы. w18.07 18, 19 фф., 7–9 абз.

Цыппӕрӕм, 29 октябрь

Райсут уырнындзинады стыр уарт – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын (Еф. 6:16).

Цымӕ дыл Сайтан цавӕр «судзгӕ фаттӕ» ӕхсы? Зӕгъӕм, Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ. Фӕнды йӕ, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнай, ӕмӕ дыл Йегъовӕ нӕ тыхсы ӕмӕ дӕ нӕ уарзы. 19-аздзыд Идӕ загъта: «Арӕх мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ мӕнӕй дард у ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уон». Цымӕ йын уӕд цы баххуыс кӕны? Идӕ загъта: «Ӕмбырдтӕ мын мӕ уырнындзинад тынг фидар кӕнынц. Раздӕр-иу ӕмбырды ӕнӕуи бадтӕн ӕмӕ-иу дзуаппытӕ нӕ лӕвӕрдтон – афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ, цы зӕгъинаг дӕн, уый никӕй хъӕуы. Фӕлӕ ныр ӕмбырдтӕм мӕхи фӕцӕттӕ кӕнын ӕмӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ хатты дзуапп раттын. Ромаг ӕфсӕддоны уартӕн уыди бӕлвырд дӕргъ ӕмӕ уӕрх. Фӕлӕ, Идӕйы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй нӕ уырнындзинады уарт, гӕнӕн ис, ӕмӕ йе гыццылдӕр фӕуа, йе та – стырдӕр. Нӕ уарт цӕйас уыдзӕн, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у (Матф. 14:31; 2 Фес. 1:3). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм! w18.05 29, 30 фф., 12–14 абз.

Майрӕмбон, 30 октябрь

Цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзон? (Хъуыд. 16:30).

Ахӕстонгӕс хорз хабармӕ ӕндӕр цӕстӕй ракаст ӕмӕ ӕххуыс ракуырдта ӕрмӕстдӕр зӕххӕнкъуысты фӕстӕ (Хъуыд. 16:25–34). Раст афтӕ абон дӕр, раздӕр хорз хабармӕ уазал цӕстӕй чи каст, уыдонӕй йӕм чидӕртӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынц ӕмӕ ӕххуыс бацагурынц, сӕ царды мӕсыг куы банкъуысы, уӕд. Чи зоны, чидӕртӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕ куыстӕй баззайынц, ӕмӕ сӕ ныфс асӕтты. Чидӕртӕ зӕрдӕсаст фӕвӕййынц, цавӕрдӕр ӕвзӕр низ сӕм куы ссарынц, йе та сӕ бинонтӕй кӕнӕ се ’мбӕлттӕй исчи куы фӕзиан вӕййы, уӕд. Уыдонӕй чидӕртӕ хъуыды кӕнын райдайынц, раздӕр-иу сӕм чи нӕ фӕзынд, ахӕм фарстатыл, зӕгъӕм, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл. Ӕмӕ ахӕм адӕмыл куы фембӕлӕм, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, сӕ царды фыццаг хатт бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын. Уӕдӕ дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсынмӕ цӕттӕ чи уа, уыцы адӕмы ныфс бауадзын (Ис. 61:1). w18.05 19, 20 фф., 10–12 абз.

Сабат, 31 октябрь

Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй... хорз хабар хъусын кӕнон (Лук. 4:18).

Ацы дунейы хуыцау адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ сӕрызонд бакуырм кодта, ӕмӕ уый тыххӕй сты мӕнг динты, коммерцийы ӕмӕ политикӕйы цагъарады (2 Кор. 4:4). Махмӕ та ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ Йесойау адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы, сӕрибардзинад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, базоной ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдайой (Матф. 28:19, 20). Уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ ма нӕм дзы чидӕртӕ мӕсты дӕр равӕййынц, Хуыцауы тыххӕй сын куы фӕдзурӕм, уӕд. Фӕлӕ нын уыцы хъуыддаг Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ бон у мӕ сӕрибардзинадӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразон?» Куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕйы адӕмӕй бирӕтӕ кӕй ӕмбарынц, ацы дунейы кӕрон куыд тынг хӕстӕг у, уый ӕмӕ сӕ цард кӕй фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, цӕмӕй пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтаиккой (1 Кор. 9:19, 23). Чидӕртӕ сӕ лӕггад кӕнынц, кӕм цӕрынц, уым, чидӕртӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Мах тынг цин кӕнӕм, уыйбӕрц адӕм сӕ сӕрибардзинадӕй ӕмбаргӕйӕ кӕй пайда кӕнынц ӕмӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кӕнынц! (Пс. 110:3). w18.04 11, 12 фф., 13, 14 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын