Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es20 151–165 фф.
  • Ноябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ноябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 ноябрь
  • Къуырисӕр, 2 ноябрь
  • Дыццӕг, 3 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 4 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 5 ноябрь
  • Майрӕмбон, 6 ноябрь
  • Сабат, 7 ноябрь
  • Хуыцаубон, 8 ноябрь
  • Къуырисӕр, 9 ноябрь
  • Дыццӕг, 10 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 11 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 12 ноябрь
  • Майрӕмбон, 13 ноябрь
  • Сабат, 14 ноябрь
  • Хуыцаубон, 15 ноябрь
  • Къуырисӕр, 16 ноябрь
  • Дыццӕг, 17 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 18 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 19 ноябрь
  • Майрӕмбон, 20 ноябрь
  • Сабат, 21 ноябрь
  • Хуыцаубон, 22 ноябрь
  • Къуырисӕр, 23 ноябрь
  • Дыццӕг, 24 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 25 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 26 ноябрь
  • Майрӕмбон, 27 ноябрь
  • Сабат, 28 ноябрь
  • Хуыцаубон, 29 ноябрь
  • Къуырисӕр, 30 ноябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
es20 151–165 фф.

Ноябрь

Хуыцаубон, 1 ноябрь

Ацы дзулӕй чи хӕра, уый цӕрдзӕн ӕнустӕм (Иоан. 6:58).

Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс ис, фидӕны нӕ кӕй схайджын кӕндзӕн, Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕхай цӕмӕй фесты, ӕппӕт уыдӕттӕй, уыимӕ ӕнусон цардӕй. Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нал фӕндыд, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ уарзтой. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр сын Йегъовӕ сӕ цард уайтагъд нӕ байста, фӕлӕ сын фадат радта, цӕмӕй цот рауагътаиккой ӕмӕ сӕхӕдӕг уынаффӕтӕ хастаиккой, куыд сӕ хъомыл кӕндзысты, уый фӕдыл. Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын сӕ кӕй бафӕндыд, уый цӕмӕ ӕркодта, уымӕй рабӕрӕг, куыд ӕнӕзонд уыдысты, уый. Сӕ хистӕр фырт йе ’фсымӕры фыдмард акодта, уый ницы аххосджын уыд, афтӕмӕй. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ зӕхх байдзаг ӕгъатыр ӕмӕ хиуарзон адӕмӕй (Райд. 4:8; 6:11–13). Фӕлӕ Йегъовӕ рагацау аскъуыддзаг кодта, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй йын чи лӕггад кӕна, уыдоны куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый (Иоан. 6:38–40, 57). Йегъовӕ куыд уарзӕгой ӕмӕ фӕразон Хуыцау у, уый тыххӕй фылдӕр куы базонай, уӕд ӕй тынгдӕр уарзын райдайдзынӕ. Ӕмӕ уӕд дӕхицӕн фидарӕй зӕгъдзынӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы зондыл кӕй никуы ацӕудзынӕ ӕмӕ дӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзынӕ. w19.03 2, 3 фф., 4, 9 абз.

Къуырисӕр, 2 ноябрь

Иннӕты рыст уӕм хъарӕд (1 Пет. 3:8).

Цӕмӕй дӕм иннӕты рыст хъара, уый тыххӕй-иу дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мчырыстӕтты зындзинӕдтӕ бамбарыныл бацархай. Дӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕн де ’мбырды ӕрыгӕттӕн ӕмӕ ацӕргӕтӕн, стӕй, рынчын чи у ӕмӕ зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн. Куыд сты, уымӕй-иу сӕ бафӕрс. Сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дын куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг хъус. Равдис-иу сын, се ’нкъарӕнтӕ сын кӕй ӕмбарыс. Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй-иу сын баххуыс кӕн. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, ӕцӕг уарзтӕй сӕ кӕй уарзыс (1 Иоан. 3:18). Иннӕтӕн нӕ баххуыс кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ адӕм зындзинӕдтӕм иухуызон цӕстӕй нӕ ракӕсынц. Иуты фӕфӕнды сӕ сагъӕстӕ искӕмӕн ракӕнын, иннӕтӕ та сӕ зындзинӕдты тыххӕй дзурын нӕ фӕуарзынц. Уӕдӕ-иу хъуамӕ иннӕты, махмӕ цы нӕ хауы, ахӕм цӕмӕйдӕрты ма фӕрсӕм (1 Фес. 4:11). Ӕмӕ нын кӕд, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый радзурой, уӕддӕр нӕм, чи зоны, сӕ ныхӕстӕ раст ма фӕкӕсой. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа: уыдон се ’нкъарӕнтӕ сты, мах ӕнкъарӕнтӕ нӕ, фӕлӕ. Мах фӕнды ууыл архайын, цӕмӕй рӕвдз уӕм байхъусынмӕ, дзурынмӕ та тагъд ма кӕнӕм (Матф. 7:1; Иак. 1:19). w19.03 19 ф., 18, 19 абз.

Дыццӕг, 3 ноябрь

Тынг фӕтарстӕн (Неем. 2:2).

Рӕстдзинады тыххӕй иннӕтӕн дзурын тӕрсыс? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Неемийы. Уый лӕггад кодта хъомысджын паддзахы хӕдзары. Иуафон Нееми уыд ӕнкъард, уымӕн ӕмӕ фехъуыста, Иерусалимы къултӕ ӕмӕ йӕ кулдуӕрттӕ пырхӕй кӕй лӕууынц (Неем. 1:1–4). Паддзах ӕй куы бафарста, ӕнкъард цӕмӕн дӕ, зӕгъгӕ, уӕд Нееми тынг фӕтарст. Уый уайтагъд Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ стӕй паддзахӕн загъта, цавӕр ӕххуыс ӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ паддзах Хуыцауы адӕмӕн, цӕмӕйдӕриддӕр хъуыди, уымӕй баххуыс кодта (Неем. 2:1–8). Ныр та аныхас кӕнӕм Ионӕйы цӕвиттоныл. Йегъовӕ йӕ Ниневийы цӕрджытӕм арвыста, цӕмӕй сын тӕрхоны хабар фехъусын кодтаид, фӕлӕ уый афтӕ старст, ӕмӕ бынтон ӕндӕрырдӕм алыгъд (Ионӕ 1:1–3). Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы йӕ бон баци уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ ниневиӕгтӕн кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы сӕ цард бахъахъхъӕдтой (Ионӕ 3:5–10). Уӕдӕ Неемийы хабарӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ ӕмбырды дзуапп раттыны размӕ хорз уаид скувын. Ионӕйы хабарӕй та ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр ныфсджынӕй лӕггад кӕнӕм. w19.01 11 ф., 12 абз.

Ӕртыццӕг, 4 ноябрь

Мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ [йӕ бинонты]... чи ныууагъта, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ... абон сӕдӕ хатты фылдӕр чи не ссара... ӕмӕ фидӕны та – ӕнусон цард (Мар. 10:29, 30).

Библийы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын чи райдайы, уыдонӕй кӕмӕдӕрты се ’мбӕлттӕ ӕмӕ сӕ хиуӕттӕ сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивынц. Цымӕ цӕмӕн? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты тыххӕй Хуыцаумӕ куывта: «Ссыгъдӕг сӕ кӕн рӕстдзинады фӕрцы. Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоан. 17:17). Дзырдбастӕй «ссыгъдӕг сӕ кӕн» цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «рахицӕн сӕ кӕн». Библийы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрын куы райдайӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ацы дунейӕ нӕхи рахицӕн кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зондыл нал фӕцӕуӕм. Ӕмӕ иннӕтӕй хицӕн кӕнын кӕй райдайӕм, уый тыххӕй нӕм уыдон дӕр сӕ зӕрдӕйы ахаст фӕивынц. Ӕмӕ кӕд нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ хӕларӕй цӕрыныл фӕархайӕм, уӕддӕр нӕм, гӕнӕн ис, раздӕрау хорз зӕрдӕ мауал дарой кӕнӕ та ма суанг нӕ ныхмӕ дӕр цӕуой. Уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Йесо загъта: «О, адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:36). Фӕлӕ зӕрдӕ бавӕрдта, рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй нӕхи цӕмӕйфӕнды ма фӕцух кӕнӕм, уӕддӕр нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уыдон бирӕ фылдӕр кӕй уыдзысты. w18.11 6 ф., 11 абз.

Цыппӕрӕм, 5 ноябрь

Бузныг [сӕ сты]... иннӕ адӕмты ӕмбырдтӕ иууылдӕр (Ром. 16:4).

Апостол Павел хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн тынг аргъ кодта, ӕмӕ уый ӕвдыста, уыдоны тыххӕй ӕдзух Хуыцауӕн бузныг кӕй дзырдта, уымӕй. Кӕй сын аргъ кодта, уый ма бӕрӕг уыд, цы фыстӕджытӕ сӕм ныффыста, уыдонӕй дӕр. Зӕгъӕм, Ромӕгтӕм 16:1–15 стихты Павел ской кодта 27 хо ӕмӕ ӕфсымӕры тыххӕй. Прискӕ ӕмӕ Акилӕйы тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «уыдон мӕн тыххӕй сӕ цард мӕлӕты дзыхмӕ ӕппӕрстой». Фивӕйы тыххӕй та ныффыста, зӕгъгӕ, уый «бирӕты фарсмӕ балӕууыд, балӕууыд мӕ фарсмӕ дӕр». Павелӕн уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ зынаргъ уыдысты, ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ кӕй фыдӕбон кодтой, уый тыххӕй сӕ раппӕлыд. Павел ӕмбӕрста, йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ хорз миниуджыты кой ракодта. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ фыстӕг ын ӕмбырды куы кастысты, уӕд уыцы чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыдаид! Фидарӕй зӕгъӕн ис, Павелимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕй систы. Ды дӕр де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн равдисыс, хорзӕй цы аразынц ӕмӕ цы фӕзӕгъынц, уый тыххӕй сын кӕй аргъ кӕныс? w19.02 16 ф., 8, 9 абз.

Майрӕмбон, 6 ноябрь

Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн (Иов 27:5).

Цӕмӕй иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххӕст уӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Мах не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Фӕлӕ нӕ уый хъуамӕ мӕты ма ’фтауа. Цымӕ цӕуылнӕ? Йегъовӕ нӕ хъӕндзинӕдтӕм йе ’ргом не здахы. Йӕ Ныхасы фыст ис: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ?» (Пс. 130:3). Хуыцау зоны, ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын кӕй стӕм, ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй ныххатыр кӕны (Пс. 86:5). Стӕй ма Йегъовӕ зоны, нӕ бон алцы кӕй нӕу, ӕмӕ, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ никуы фӕдомы (Пс. 103:12–14). Цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм. Нӕ уарзондзинад ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад алкӕддӕр хъуамӕ уой ӕнӕхъӕн, ӕнаипп, ӕнӕ хъӕндзинадӕй. Ӕмӕ кӕд фӕлварӕнты дӕр ахӕм уарзондзинад равдисӕм, уӕд стӕм иузӕрдион (1 Аз. 28:9; Матф. 22:37). Мах Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ зонӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Нӕ уӕларвон Фыды уарзӕм, ӕмӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ ахъуыды кӕнӕм, Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, ууыл. Афтӕмӕй мах ӕвдисӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм. w19.02 3 ф., 4, 5 абз.

Сабат, 7 ноябрь

Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).

Раст цы у, уый аразын пайда кӕй хӕссы, уый нӕхиуыл куы бавзарӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы (Иак. 1:2, 3). Йегъовӕ нӕ уый тыххӕй у сӕрыстыр, фыд йӕ хъӕбултӕй куыд вӕййы сӕрыстыр, афтӕ. Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ циныл цин бафты ӕмӕ нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕмб. 27:11). Фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ бон вӕййы равдисын, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн «ӕрдӕгзӕрдӕйӕ» кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм (Пс. 119:113, фип.). Мах Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын (1 Пад. 8:61). Цымӕ уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ ма рӕдийӕм? Нӕ, уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Исты рӕдыд-иу куы ’руадзӕм, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕнӕм паддзах Езекийы цӕвиттон. Уый дӕр рӕдыдтытӕ ӕруагъта, фӕлӕ сыл ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта (Ис. 38:3–6; 2 Аз. 29:1, 2; 32:25, 26). Цӕй уӕдӕ Хӕйрӕджы зонды ныхмӕ фидар лӕууӕм. Стӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй нын «коммӕгӕс зӕрдӕ» уа ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм (1 Пад. 3:9; Пс. 139: 23, 24). w19.01 18, 19 фф., 17, 18 абз.

Хуыцаубон, 8 ноябрь

Цӕй уӕдӕ... Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15).

Ӕмбырды дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр пайда ӕрхӕссы (Ис. 48:17). Цымӕ куыд? Фыццаг уый, ӕмӕ дзуапп раттын куы сфӕнд кӕнӕм, уӕд нӕ уӕлдай тынгдӕр фӕфӕнды нӕхи ӕмбырдмӕ хорз бацӕттӕ кӕнын. Нӕхи хорз куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд Хуыцауы Ныхас ноджы хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм. Ӕмӕ Библи цас хуыздӕр фембарӕм, уыйас нын ӕнцондӕр вӕййы, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын. Дыккаг уый, ӕмӕ дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд нын ӕмбырдтӕ фылдӕр циндзинад фӕхӕссынц. Ӕртыккаг та уый, ӕмӕ нӕ дзуапп цӕттӕ кӕнгӕйӕ фӕхъӕуы бафыдӕбон кӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цы хъуыдытӕ фӕзӕгъӕм, уыдон уый фӕстӕ дӕр нӕ зӕрдыл фӕлӕууынц. Нӕ уырнындзинады тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ма Йегъовӕйы зӕрдӕ дӕр фӕрухс кӕнӕм. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ нӕм фӕхъусы ӕмӕ, дзуапп раттыны тыххӕй кӕй бафыдӕбон кӕнӕм, уымӕн тынг аргъ кӕны (Мал. 3:16). Ӕмӕ нын кӕй аргъ кӕны, уый куыд ӕвдисы? Йӕ зӕрдӕ рухс кӕныны тыххӕй цы аразӕм, уый тыххӕй нын арфӕ кӕны (Мал. 3:10). Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй ахсджиаг у, цӕмӕй ӕмбырды дзуаппытӕ дӕттӕм. w19.01 8 ф., 3 абз.; 9, 10 фф., 7–9 абз.

Къуырисӕр, 9 ноябрь

Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут (Ром. 12:9).

Йегъовӕ у ӕмбаргӕ Хуыцау. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕнӕнымӕц закъӕттӕ нӕ дӕтты, фӕлӕ сӕ фӕразонӕй ахуыр кӕны уарзондзинады закъон ӕххӕст кӕнын. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм. Йесойӕ дӕр уый ис зӕгъӕн. Зӕгъӕм, адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд бамбарын кодта, адӕймаджы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм цы ’ркӕны, уый (Матф. 5:27, 28). Ног дунейы дӕр нӕ Йесо, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ахуыр кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ дӕр ӕмӕ фыддзинадмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм (Дзут. 1:9). Стӕй зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр суыдзыстӕм ӕххӕст. Ахъуыды-ма кӕн, ӕвзӕр фӕндтӕ нӕм куы нал уа ӕмӕ нын не ’нӕххӕстдзинад цы ’взарын кӕны, уыдӕттӕй куы фервӕзӕм, уӕд куыд хорз уыдзӕн! Ӕппынфӕстаг, Хуыцау нын зӕрдӕ цы «диссаджы сӕрибардзинадӕй» бавӕрдта, уымӕй схайджын уыдзыстӕм (Ром. 8:21). Ног дунейы нӕ сӕрибардзинад ӕгӕрон нӕ уыдзӕн. Ӕцӕг сӕрибар схонӕн ис, Хуыцауы чи фӕзмы, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаджы (1 Иоан. 4:7, 8). w18.12 23 ф., 19, 20 абз.

Дыццӕг, 10 ноябрь

Уӕд ын ныффыссӕд, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт... ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзарӕй арвитӕд (Дык. з. 24:1).

Израилаг нӕлгоймагӕн бар уыд, цӕмӕй-иу йӕ усӕй ахицӕн уыдаид, «йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уыдаиккой», уӕд. Уыцы «ӕнӕуаг» митӕ цы уыдысты, уый фӕдыл Закъон бӕлвырдӕй ницы дзырдта. Уыдон цавӕрдӕр гыццыл хъуыддӕгтӕ нӕ уыдаиккой, фӕлӕ, зӕгъӕм, ус йӕ бинонты ном кӕй тыххӕй фӕхудинаг кодтаид, ахӕм митӕ (Дык. з. 23:14). Фӕлӕ, Йесо зӕххыл куы цард, уыцы заман хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕ цардӕмбӕлттӕй гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр ахицӕн сты (Матф. 19:3). Мах нӕ фӕнды уыцы израилӕгты зондахаст бафӕзмын. Пехуымпар Малахи бамбарын кодта, Хуыцау хицӕн кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Йӕ рӕстӕджы-иу нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сӕ устытӕй, «[се] ’взонджы бонты... [сӕ] цард кӕимӕ баиу кодтой», уыдонӕй, ахицӕн сты. Чи зоны-иу сӕ уый тыххӕй ахицӕн сты, цӕмӕй-иу ӕрыгондӕр сылгоймӕгты,– мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕмты,– ракуырдтаиккой. Хуыцау уымӕ цы цӕстӕй каст, уый фӕдыл Малахи ныффыста: «Ӕз ме сӕфт уынын хицӕн кӕнынӕй» (Мал. 2:14–16). Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу, уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕппӕты райдианы афтӕ загъта, адӕймаг «баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар», зӕгъгӕ (Райд. 2:24). Ӕмӕ Йесо дӕр бинонты цардмӕ растдӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы, уый равдыста ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:6). w18.12 11 ф., 7, 8 абз.

Ӕртыццӕг, 11 ноябрь

Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл (Матф. 9:37).

Йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ дард рӕтты лӕггад кӕнынц. Уыдонӕн ис пехуымпар Исайы хуызӕн зӕрдӕйы уаг. Йегъовӕ афтӕ куы бафарста, зӕгъгӕ, «кӕй арвитон, чи ацӕудзӕн мах тыххӕй», уӕд Исай загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8). Дӕу дӕр дӕ уавӕртӕ амонынц, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнай ӕмӕ уымӕ цӕттӕ дӕ? Йесо хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы фӕдыл загъта: «Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Матф. 9:38). Дӕуӕн дӕр дӕ бон нӕ уаид, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран пионерӕй лӕггад кӕнын? Кӕнӕ та дӕ бон нӕ уаид искӕмӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй, «кусджытӕ» кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран пионерӕй лӕггад кӕнын у ӕппӕты хуыздӕр мадзал, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс, уый равдисынӕн. Фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй ма дӕ бон цавӕр фадӕттӕй уаид спайда кӕнын? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ. w18.08 27 ф., 14, 15 абз.

Цыппӕрӕм, 12 ноябрь

Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут (Дзут. 13:5).

Евангелитӕй базонӕн ис, Йегъовӕ мулк ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй. Хуыцау йӕ Фырты схъомыл кӕнынӕн равзӕрста, хуымӕтӕг цард чи кодта, ахӕм бинонты (Лев. 12:8; Лук. 2:24). Марийӕйӕн Йесо куы райгуырд, уӕд ӕй «нывӕрдта кӕвдӕсы, уымӕн ӕмӕ, ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат не ссардтой» (Лук. 2:7). Йегъовӕйы куы фӕндыдаид, уӕд, Йесо кӕм райгуырдаид, уымӕн бирӕ хуыздӕр бынат ссардтаид. Фӕлӕ йын сӕйрагдӕр уыд, цӕмӕй Йесойы схъомыл кодтаиккой, фидар уырнындзинад кӕмӕн уыдаид, ахӕм бинонтӕ. Ацы хабарӕй нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ хъӕздыгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Иуӕй-иу ныййарджытӕ фӕбӕллынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн, царды хуыздӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый уа, кӕд сын уый тыххӕй, Йегъовӕйӕ кӕй адард уыдзысты, уымӕй тӕссаг вӕййы, уӕддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй нын ӕппӕты сӕйраг уа, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Ды дӕр уыцы хъуыддагмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс? Дӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг вӕййынц? w18.11 24 ф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 13 ноябрь

Амондджын сты уыцы адӕм, сӕ Хуыцау Йегъовӕ кӕмӕн у! (Пс. 144:15).

Йегъовӕ у амондджын Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уӕм амондджын, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы (Дык. з. 12:7; Еккл. 3:12, 13). Фӕлӕ ацы дунейы цӕргӕйӕ амондджын уай, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цымӕ цӕуылнӕ? Чырыстӕттӕ бахауынц алыхуызон зын уавӕрты, зӕгъӕм, сӕ хиуӕттӕй чидӕр фӕзиан вӕййы, кӕйдӕр сын ӕмбырдӕй ацух кӕнынц, сӕ цардӕмбӕлттӕй ахицӕн вӕййынц кӕнӕ та ӕнӕ куыстӕй баззайынц. Сӕ зӕрдӕйы ма циндзинад нал вӕййы, сӕ бинонты фарн куы фехӕлы, се ’мкусджытӕ йе та сыл сӕ къласӕгтӕ куы фӕхудынц, ӕфхӕрд куы феййафынц кӕнӕ сӕ ахӕстоны куы сбадын кӕнынц, уӕд дӕр. Зын ма вӕййы, йе ’нӕниздзинад кӕмӕн фӕцуды, уӕззау низӕй рынчын чи вӕййы кӕнӕ депресси кӕмӕн вӕййы, уыдонӕн дӕр. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо Чырысти адӕмӕн цы удӕнцой хаста, уый фӕрцы кӕй уыдысты амондджын (Матф. 11:28–30). Чырысти адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд ранымадта, мах дӕр амондджын кӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уыцы миниуджытӕй цалдӕр. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй амондджын уӕм, кӕд Хӕйрӕджы дунейы цӕргӕйӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ’взарӕм, уӕддӕр. w18.09 17, 18 фф., 1–3 абз.

Сабат, 14 ноябрь

Марды номыл уӕхи ма лыгтӕ кӕнут ӕмӕ уе ’рфгуытӕ ма дасут (Дык. з. 14:1).

Кӕмӕндӕрты ӕнцон вӕййы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл сӕ къух сисын (Ӕмб. 23:23). Кӕмӕндӕрты та уый тынг зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, сӕ бинонтӕ, се ’мкусджытӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕ ныхмӕ дзурын куы райдайой, уымӕй. Цавӕрдӕр ӕгъдӕуттыл сын сӕ къух сисын уӕлдай зын вӕййы, сӕ хиуӕттӕ марды кӕндтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд. Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттыл нӕ къух сисӕм? Рагон Ефесы уыд бирӕ кӕлӕнгӕнджытӕ. Уыцы адӕмӕй чырыстон чи сси, уыдон рӕстдзинад балхӕныны тыххӕй цы сарӕзтой? Библийы фыст ис: «Бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой. Сӕ аргъ сын куы банымадтой, уӕд рауад фӕндзай мин ӕвзист ӕхцайы» (Хъуыд. 19:19, 20). Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ рӕстдзинады тыххӕй бафыстой стыр аргъ, ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыдысты. w18.11 7 ф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 15 ноябрь

Адӕм иууылдӕр сунӕтгонд куы ’рцыдысты, уӕд иуцасдӕр, цалынмӕ не сдзӕбӕх сты, уӕдмӕ, баззадысты, сӕ цатыртӕ кӕм уыдысты, уым (Йес. Н. 5:8).

Израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ куы ахызтысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Йесо Навин сӕмбӕлд, йӕ къухы хъама кӕмӕн уыд, иу ахӕм лӕгыл. Уый йын загъта, «Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг» кӕй у ӕмӕ йын бамбарын кодта, Израилы адӕмы бахъахъхъӕнынмӕ кӕй ӕрцыд (Йес. Н. 5:13–15). Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, уыцы зӕд Йесо Навинӕн бӕлвырд амындтӕ радта, Иерихон куыд бацахсой, уый фӕдыл. Уыцы амындтӕй кӕцыдӕртӕ израилӕгтӕм фыццаг, чи зоны, ӕнахуыр фӕкастаиккой. Зӕгъӕм, Йегъовӕ йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Израилы нӕлгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сунӕт скӕнын кодтаид. Фӕлӕ афтӕмӕй цалдӕр боны дӕргъы хӕцынхъом нӕ уыдаиккой. (Райд. 34:24, 25; Йес. Н. 5:2). Чи зоны, израилаг хӕстонтӕ хъуыды кодтой: «Знӕгтӕ нӕм куы ’рбабырсой, уӕд ма нӕ бинонты куыд бахъахъхъӕндзыстӕм?» Фӕлӕ фӕстӕдӕр ахӕм хабар фехъуыстой, зӕгъгӕ, дам, «Израилы фыртты тӕссӕй Иерихоны цӕрджытӕ сӕ горӕты кулдуӕрттӕ фидар сӕхгӕдтой» (Йес. Н. 6:1). Уыцы хабар фехъусгӕйӕ израилӕгтӕ Хуыцауы разамындыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын куыннӕ райдыдтаиккой! w18.10 23 ф., 5–7 абз.

Къуырисӕр, 16 ноябрь

Уый цы кусут? Мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм! (Хъуыд. 14:15).

Нӕ бон куыд у Павелы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын? Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы нын хъусын кӕныны хъуыддаджы цы ’нтысы, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхицӕн кад ма агурӕм. Хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Кӕмӕн хъусын кӕнын, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсын? Мыййаг, искӕцы адӕмыхатмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дарын?» Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕархайынц, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕной, сӕ территорийы цавӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕм цӕры, уый. Фӕнды сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кӕнын. Суанг ма, иннӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕмӕ фӕкӕсынц, ахӕм адӕмыхӕттыты ӕвзаг дӕр сахуыр кӕнынц ӕмӕ сын се ’гъдӕуттӕ базоныныл фӕархайынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи уыдонӕй хуыздӕрыл нӕ нымайынц. Уыдон, адӕймаг кӕцы адӕмыхаттӕй у, уымӕ нӕ фӕкӕсынц, фӕлӕ, цавӕр адӕймаг у, уымӕ, ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕндаг ссарой. w18.09 5 ф., 9, 11 абз.

Дыццӕг, 17 ноябрь

Фӕзынд галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл адӕмы асайдта (Хъуыд. 5:37).

Ромӕгтӕ Иудӕйы амардтой. Иудӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр ныхмӕдзӕуджытӕй уӕлдай, хуымӕтӕг дзуттаг адӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕйы ӕрцыдмӕ. Афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ ромӕгты ӕфсондзӕй ссӕрибар кӕндзӕн ӕмӕ Израилӕн йӕ раздӕры кад раздахдзӕн (Лук. 2:38; 3:15). Бирӕты уырныдта, Мессийӕ йӕ паддзахад кӕй сфидар кӕндзӕн зӕххыл, бӕлвырдӕй та – Израилы. Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ куы уыдаид, уӕд, дунейыл чи ныппырх, уыцы дзуттӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхын. Суанг ма Аргъауӕг Иоанн дӕр иухатт Йесойы бафарста: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?» (Матф. 11:2, 3). Ӕвӕццӕгӕн, Иоанны фӕндыд базонын, дзуттӕгты Йесо ссӕрибар кӕндзӕн ӕви ӕндӕр исчи. Йесо куы райгас ӕмӕ Еммаусмӕ фӕндагыл йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйыл куы сӕмбӕлд, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, афтӕ кӕй ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Израил Йесо ссӕрибар кӕндзӕн (Лук. 24:21). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ апостолтӕ Йесойы бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ?» (Хъуыд. 1:6). w18.06 4 ф., 3, 4 абз.

Ӕртыццӕг, 18 ноябрь

Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды (Ӕмб. 14:15).

Уӕлдай къӕрцхъус хъуамӕ уӕм, Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй исты хабӕрттӕ куы фехъусӕм, уӕд. Рох нӕ ма уӕд, Хӕйрӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл ӕдзухдӕр фаутӕ кӕй ӕвӕры (Рарг. 12:10). Йесо дӕр нӕ дзӕгъӕлы нӕ бафӕдзӕхста, уе знӕгтӕ уыл «алы ӕвзӕртӕ... мысдзысты», зӕгъгӕ (Матф. 5:11). Уыцы ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй, арвыцӕфау кӕмӕй фӕуай, ахӕм хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ дис нӕ кӕндзыстӕм. Электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй де ’мбӕлттӕм ӕмӕ дӕ зонгӕтӕм исты хабӕрттӕ ӕрвитын уарзыс? Исты цымыдисаг хабар куы бакӕсыс кӕнӕ куы фехъусыс, уӕд дӕ журналистау фӕфӕнды, цӕмӕй-иу уыцы хабар иннӕтӕн фыццаг ды радзурай? Кӕд о, уӕд уал-иу уый размӕ ахъуыды кӕн: «Цы хабар радзурынмӕ хъавын, уый ӕцӕг у? Уыцы хабар сбӕрӕг кодтон?» Цы арвитынмӕ хъавыс, уый куы не сбӕрӕг кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕрымысгӕ хабар радзурай. Уӕдӕ куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд-иу ӕй фӕлтау ма арвит, сыхал-иу ӕй! w18.08 3 ф., 3 абз.; 4 ф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 19 ноябрь

Дӕттут, ӕмӕ уын дӕтдзысты (Лук. 6:38).

Йесойы фӕнды, цӕмӕй рӕдау уӕм ӕмӕ уый фӕрцы уӕм амондджын. Рӕдаудзинадӕн бирӕтӕ саргъ кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорздзинадӕн алчи нӕ фӕаргъ кӕны. Фӕлӕ уӕддӕр рӕдау куы уӕм, уӕд, чи зоны, искӕйты махмӕ кӕсгӕйӕ бафӕнда рӕдаудзинад ӕвдисын. Уӕдӕ дарддӕр дӕр хорздзинад аразӕм, афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нын нӕ рӕдаудзинадӕн нӕ саргъ кӕндзысты, уӕд дӕр. Чи йын цы зоны, иу хорз хъуыддаг цас хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзӕн. Ӕцӕг рӕдау чи у, уый нӕ фенхъӕлмӕ кӕсы, иннӕтӕ йын йӕ хорздзинад кӕй бафиддзысты, уымӕ. Йесойӕн дӕр йӕ хъуыдыйы уый уыд, афтӕ куы загъта: «Куывд куы кӕнай, уӕд-иу фӕхон мӕгуырты, цӕнкуылты, къуылыхты ӕмӕ куырмыты. Ӕмӕ уӕд уыдзынӕ амондджын, уымӕн ӕмӕ дын уыдон дӕ хорздзинад цӕмӕй бафидой, уый сӕм нӕй» (Лук. 14:13, 14). Библийы фысджытӕй иу загъта: «Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд». Иннӕ та афтӕ загъта: «Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг» (Ӕмб. 22:9; Пс. 41:1). Уӕдӕ рӕдау куы уӕм ӕмӕ иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын. w18.08 21, 22 фф., 15, 16 абз.

Майрӕмбон, 20 ноябрь

Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн (Ӕмб. 3:5, 6).

Алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы цавӕрдӕр хабар сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ раст хъуыдымӕ ӕрцӕуын, уымӕн ӕмӕ, цы хабӕрттӕ фехъусӕм, уыдонӕй бирӕтӕ вӕййынц ӕрымысгӕ кӕнӕ та кӕмдӕр ӕцӕг вӕййынц, кӕмдӕр та нӕ. Стӕй ма нӕ фӕкъуылымпы кӕны не ’нӕххӕстдзинад дӕр. Уӕдӕ-иу нын раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ зонӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ архайӕм. Уыцы уагӕвӕрдтӕй иу у ахӕм: хабар куы не сбӕрӕг кӕнай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг (Ӕмб. 18:13). Иннӕ уагӕвӕрд та нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, цӕмӕй-иу алы ныхасыл ма ӕууӕндӕм, фӕлӕ-иу хабар кӕронмӕ базонӕм (Ӕмб. 14:15). Ӕртыккаг уагӕвӕрд та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм. Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ хъахъхъӕндзысты ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнӕм, раст хъуыдымӕ-иу ӕрцӕуӕм ӕмӕ-иу раст уынаффӕ рахӕссӕм. w18.08 7 ф., 19 абз.

Сабат, 21 ноябрь

Сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи сси нӕ Фыд, уый коммӕ... куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм, кӕд ӕмӕ нӕ цард уымӕй аразгӕ у? (Дзут. 12:9).

Донаргъуыд куы райстам, уӕд уымӕй иннӕтӕн дӕр равдыстам, ныр Йегъовӕйы кӕй стӕм ӕмӕ нӕ цард йӕ бар кӕй кӕнӕм. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд уый дӕр уымӕй равдыста, йӕ цард Йегъовӕйы бар кӕй бакодта. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесо Йегъовӕйӕн загъта: «О мӕ Хуыцау, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос» (Пс. 40:7, 8). Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы фыст ис: «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ уӕд арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Матф. 3:16, 17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо ӕнӕуи дӕр йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы уыд. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн стыр цины хос уыд, йӕ Фырты ӕрмӕстдӕр уый фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕндыд, уый. Раст афтӕ мах дӕр нӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы ӕмӕ нӕ уый тыххӕй йӕ арфӕдзинӕдтӕй дӕр схайджын кӕны (Пс. 149:4). w18.07 23 ф., 4, 5 абз.

Хуыцаубон, 22 ноябрь

Афтӕ уӕ фӕнды, ӕмӕ уын мах ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон? (Ным. 20:10).

Моисей, «мах», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кодта йӕхи ӕмӕ Аароны кой. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Моисей Йегъовӕйы не скадджын кодта, афтӕмӕй та уыцы диссаджы тыххӕй ӕппӕт кад дӕр Йегъовӕмӕ ӕмбӕлд. Уый ма бӕрӕг у псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй дӕр: «Меривӕйы дӕтты раз Моисейы мӕсты кодтой, ӕмӕ уыдоны тыххӕй бӕллӕхы бахауд. Афтӕ йӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ» (Пс. 106:32, 33; Ным. 27:14). Моисей Йегъовӕйӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлд, уыцы кад не скодта. Ӕмӕ Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Сымах, ӕз уын... цы загътон, уый ныхмӕ рацыдыстут» (Ным. 20:24). Уый уыди стыр тӕригъӕд! Ацы хабарӕй бирӕ раздӕр, израилӕгтӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд, Йегъовӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны бар нӕ радта ӕнӕхъӕн фӕлтӕрӕн (Ным. 14:26–30, 34). Ӕмӕ Моисей йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд дӕр афтӕ архайдта, ӕмӕ уый уыди раст ӕмӕ. Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыд. w18.07 14 ф., 9, 12 абз.; 15 ф., 13 абз.

Къуырисӕр, 23 ноябрь

Цӕйнӕфӕлтау де ’фсымӕр фӕрӕдийа, фӕлтау дзидза дӕр ма хӕр, сӕн дӕр ма нуаз ӕмӕ ӕндӕр ахӕм исты дӕр ма араз (Ром. 14:21).

Кӕд нын не ’фсарм нуазыны бар дӕтты, не ’мчырыстӕттӕй кӕмӕндӕр та йе ’фсарм уый бар нӕ дӕтты, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, мӕнӕн мӕ бар мӕхи у, зӕгъгӕ. Не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ фыднозт кодтой, фӕлӕ ныр нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕуынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй ахӕм ӕфсымӕр мах аххосӕй фӕстӕмӕ уыцы хъуыддагыл бафта! (1 Кор. 6:9, 10). Уӕдӕ нӕм ахӕм ӕфсымӕртӕй исчи уазӕгуаты куы уа, уӕд ын тыххӕй нӕ нуазын кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Тимофей ӕрыгон куы уыд, уӕд сунӕт скӕныныл сразы, кӕд уый ӕнцон хъуыддаг нӕ уыд, уӕддӕр. Афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ зыдта, кӕмӕн хъусын кӕнинаг уыд, уыцы дзуттӕгтӕ уый ахсджиаг хъуыддагыл кӕй нымадтой. Тимофейы дӕр Павелау нӕ фӕндыд, цӕмӕй искӕмӕн къуылымпыйы хос суыдаид (Хъуыд. 16:3; 1 Кор. 9:19–23). Ды дӕр цӕттӕ дӕ иннӕты тыххӕй дӕхи истӕмӕй фӕцух кӕнынмӕ? w18.06 18, 19 фф., 12, 13 абз.

Дыццӕг, 24 ноябрь

Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг (Соф. 3:9).

Рӕстдзинады фӕндагыл чи нӕ цӕуы, ахӕм искӕимӕ куы базонгӕ вӕййыс, уӕд уыцы адӕймаджы тыххӕй цы фӕзоныс? Фӕзоныс ын йӕ ном ӕмӕ, хуызӕй цавӕр у, уый, ӕндӕр, ӕвӕццӕгӕн, ницы. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ куы базонгӕ вӕййыс, уӕд та хабар бынтон ӕндӕрхуызон вӕййы. Фӕзоныс, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы кӕй уарзы. Стӕй ма фӕзоныс, Йегъовӕ йӕм хорзӕй цыдӕр кӕй федта ӕмӕ йӕ йӕ организацимӕ кӕй ӕрбакодта, цӕмӕй йын иннӕтимӕ иумӕ лӕггад кӕна (Иоан. 6:44). Ӕмӕ, цы адӕмыхаттӕй кӕнӕ цы бӕстӕйӕ у, йе та, цавӕр уавӕрты схъомыл, уый куы нӕ зонай, уӕд дӕр зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ды уыцы адӕймаджы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зоныс, уый та – дӕу тыххӕй. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ куы базонгӕ вӕййыс, уӕд ӕй фӕзоныс, кӕй уӕ иу кӕнынц царды ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, адӕймаг ӕндӕр ӕвзагыл куы фӕдзуры, уӕд дӕр ӕй фӕзоныс, уӕ дыууӕ дӕр рӕстдзинады «сыгъдӕг ӕвзагыл» кӕй дзурут. Уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ уӕ дыууӕйы дӕр уыцы иу Хуыцау уырны, уӕ цард уыцы иу уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразут ӕмӕ уӕ фидӕнӕй уыцы иу ныфс ис. Уыдӕтты фӕрцы кӕрӕдзийыл феууӕндут ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ свӕййут. w18.12 21 ф., 9, 10 абз.

Ӕртыццӕг, 25 ноябрь

Сунӕт куы не скӕнат, уӕд нӕ фервӕздзыстут (Хъуыд. 15:1).

Чырыстийы разамындӕй разамонӕг совет уынаффӕ рахаста, дзуттаг чи нӕу, уыцы чырыстӕтты сунӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (Хъуыд. 15:19, 20). Фӕлӕ уыцы хабарӕй бирӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд дӕр ма-иу дзуттаг чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕттӕн сунӕт скодтой. Цымӕ Чырыстийы уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн бахъуыд, цӕмӕй сунӕт кӕныны фарста кӕронмӕ лыггонд ӕрцыдаид, кӕд ӕмӕ йӕ мӕлӕт Моисейы закъонӕн кӕрон скодта, уӕд? (Кол. 2:13, 14). Адӕймаджы хатгай бахъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй ног разамындмӕ гӕсгӕ архайын райдайа. Дзуттаг чырыстӕттӕй дӕр кӕйдӕрты хъуыди рӕстӕг сӕ зондахаст фӕивынӕн. Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нал хъӕуы, ууыл сразы уыдаиккой, уый сын зын уыд (Иоан. 16:12). Уыцы чырыстӕттӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмӕй уай, уый тыххӕй хъуамӕ сунӕтгонд уай (Райд. 17:9–12). Чидӕртӕ та сунӕт уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ ӕфхӕрд баййафынӕй тарстысты (Гал. 6:12). Фӕлӕ рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Чырысти Павелы фыстӕджыты уылты сунӕт кӕныны фарста ноджы бӕлвырддӕр бамбарын кодта (Ром. 2:28, 29; Гал. 3:23–25). w18.10 24, 25 фф., 10–12 абз.

Цыппӕрӕм, 26 ноябрь

[Кайафӕ] дзуттӕгтӕн... бауынаффӕ кодта, хуыздӕр уын у, ӕмӕ адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг амӕла, зӕгъгӕ (Иоан. 18:14).

Кайафӕ ӕхсӕвыгон ӕфсӕддонты Йесойы ӕрцахсынмӕ арвыста. Фӕлӕ Йесо зыдта, марынвӕнд ӕй кӕй кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт ӕхсӕвӕр куы скодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй семӕ хъаматӕ райстаиккой – фӕндыд ӕй, цӕмӕй сын иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодтаид. Ӕмӕ уый тыххӕй, уым цы дыууӕ хъамайы уыд, уыдон фаг уыдысты (Лук. 22:36–38). Фӕстӕдӕр адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд Петр уыцы хъаматӕй иу фелвӕста, ӕмӕ дзы сӕ иуы ныццавта. Дзырд дӕр ыл нӕй, Петр афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ, Йесойы ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй смӕсты ис (Иоан. 18:10). Фӕлӕ Йесо Петрӕн загъта: «Дӕ хъама йӕ бынаты сӕвӕр, уымӕн ӕмӕ чидӕриддӕр йӕ къухмӕ хъама райса, уый йӕ мӕлӕт хъамайӕ ссардзӕн» (Матф. 26:52, 53). Цымӕ Йесо уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта? Уыцы изӕр ма кувгӕ дӕр кӕй тыххӕй кодта, уыцы хъуыддаг – ацы дунейӕ кӕй хъуамӕ ма уой, уый (Иоан. 17:16). Хӕрам хъуыддӕгтӕ сраст кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ис. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад. Ӕмӕ ахӕм змӕст ӕмӕ дихтӕ дунейы не ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый уынгӕйӕ Йегъовӕ куыннӕ хъуамӕ цин кӕна! (Соф. 3:17). w18.06 7 ф., 13, 14, 16 абз.

Майрӕмбон, 27 ноябрь

Залиаг калм сылгоймагмӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ ацыд, сылгоймаджы цотӕй ма чи баззад, уыдонимӕ тох кӕнынмӕ (Рарг. 12:17).

Сайтан нӕ цӕмӕдӕрты кӕй цыбӕл кӕны, уымӕй уӕлдай ма архайы, цӕмӕй нӕ тас бауадза ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Зӕгъӕм, йӕ бон у хицауад нӕ ныхмӕ скӕнын, цӕмӕй нӕ хъусын кӕнын мауал уадзой. Йе та йӕ бон у не ’мкусджыты кӕнӕ нӕ къласӕгты ахӕм зондыл саразын, цӕмӕй ныл, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй худой (1 Пет. 4:4). Йӕ бон ма у не ’нӕуырнӕг бинонты дӕр нӕ ныхмӕ скӕнын, кӕд нӕ хорзыл тыхсынц, уӕддӕр, ӕмӕ нын, чи зоны, дзурын райдайой, цӕмӕй ӕмбырдтӕм мауал цӕуӕм (Матф. 10:36). Ахӕм уавӕрты фидар цӕй фӕрцы фӕлӕудзыстӕм? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ ӕмбарӕм, ахӕм хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ Сайтан немӕ тох кӕны (Рарг. 2:10). Стӕй ма хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хъуыддаг ӕцӕгӕй цӕй мидӕг ис, уый: Сайтан загъта, ӕнцон нын куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй лӕггад кӕндзыстӕм Йегъовӕйӕн, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд та йӕ кӕй ныууадздзыстӕм (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Уымӕй уӕлдай, цыфӕнды фӕлварӕны дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ хъарутӕ курӕм. Рох дӕ ма уӕд, Хуыцау нӕ никуы ныууадздзӕн (Дзут. 13:5). w18.05 26 ф., 14 абз.

Сабат, 28 ноябрь

Нӕ [йӕ] зоныс, мыггаг кӕм ссӕудзӕн (Еккл. 11:6).

Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ хорз хабар никӕй хъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй хъусын кӕнӕм, уый адӕмыл ӕнӕфӕзынгӕ кӕй нӕ фӕвӕййы. Кӕд нӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусынц, уӕддӕр нӕм фӕрсырдыгӕй кӕсынц. Сӕ хъус фӕдарынц, аив конд кӕй вӕййӕм, нӕхи уӕздан кӕй фӕдарӕм ӕмӕ нӕ мидбылты кӕй фӕхудӕм, уымӕ. Ӕвзӕр цӕстӕй нӕм чи кӕсы, уыдонӕй чидӕртӕ нӕ уагахаст уынгӕйӕ фӕстӕдӕр, чи зоны, сӕ хъуыды фӕивой. Пионертӕ Сержо ӕмӕ Олиндӕ радзырдтой: «Цасдӕр рӕстӕг горӕты фӕзмӕ нал ацыдыстӕм, рынчын кӕй уыдыстӕм, уый тыххӕй. Ӕмӕ стӕй куы ацыдыстӕм, уӕд нын, нӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон дзырдтой: „Кӕм фесӕфтыстут? Ӕрымысыдыстӕм уӕ“». Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ нӕ къухтӕн ӕнцой куы нӕ дӕттӕм, уӕд афтӕмӕй ахъаз кӕндзыстӕм ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕн – хорз хабар «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» хъусын кӕнынӕн (Матф. 24:14). Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый уыдзӕн стыр цины хос. Йегъовӕ уарзы, фӕразон чи у ӕмӕ уый фӕрцы тыллӕг чи дӕтты, уыдоны! (Лук. 8:15). w18.05 16 ф., 16–18 абз.

Хуыцаубон, 29 ноябрь

Табу... Хуыцауӕн Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр (2 Кор. 1:3, 4).

Йегъовӕ у ныфсдӕттӕг Хуыцау. Уый адӕмы ныфс уадзы, тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст куы систы, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ. Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уый хӕдфӕстӕ Йегъовӕ загъта, Райдианы 3:15 стихы чи ис фыст, уыцы пехуымпарад. Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, «рагон калмӕн», Сайтан Хӕйрӕгӕн, стӕй йе ’ппӕт фыдхъуыддӕгтӕн дӕр кӕрон кӕй скӕндзӕн (Рарг. 12:9; 1 Иоан. 3:8). Ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ, уыцы пехуымпарад куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый куы бамбӕрстаиккой, уӕд сӕ уый стыр ныфс бауагътаид. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Ной цард, фыдмитӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи кодта, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Уыцы рӕстӕг Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр йӕ бинонтӕ лӕггад кодтой. Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн уыд, ӕмӕ Нойӕн йӕ ныфс асастаид (Райд. 6:4, 5, 9, 11; Иуд. 6). Фӕлӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта, фыдадӕмы се ’ппӕты дӕр фесафынмӕ кӕй хъавы ӕмӕ йын бацамыдта, йӕ бинонты аирвӕзын кӕныны тыххӕй йӕ цы кӕнын хъӕуы, уый (Райд. 6:13–18). Ной йӕхи цардӕй федта, Йегъовӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау кӕй у, уый. w18.04 15 ф., 1, 2 абз.

Къуырисӕр, 30 ноябрь

Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут (1 Фес. 5:11).

Чи зоны нын ӕнцон нӕ вӕййы иннӕтӕн, цы зӕрдӕ сӕм дарӕм, уый тыххӕй ӕргом дзурын. Фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтауай, уый ахӕм зын хъуыддаг дӕр нӕу. Адӕймагмӕ ӕнӕуи дӕ мидбылты бахудай, хатгай уый дӕр фаг вӕййы, цӕмӕй дзы ныфс бацӕуа. Фӕлӕ дӕм уый куы нӕ бахуда, уӕд уый, чи зоны, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕуылдӕр тыхсы. Ахӕм адӕймагмӕ лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд ын уый дӕр, чи зоны, стыр удӕнцойы хос фӕуа (Иак. 1:19). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ныфссаст чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Паддзах Соломон ныффыста: «Куыд хорз у, йӕ афоныл кӕй зӕгъай, ахӕм ныхас! Рухс цӕстӕнгас хъӕлдзӕг кӕны адӕймаджы зӕрдӕ, хорз хабар фидар кӕны стджытӕ» (Ӕмб. 15:23, 30, фип.). Адӕймагӕн ма йӕ ныфсыл ныфс бафты, Паддзахады зарджытӕ куы фӕзары, уӕд дӕр (Кол. 3:16; Хъуыд. 16:25). Йегъовӕйы бон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ нӕ нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауын тынгӕй-тынгдӕр хъӕудзӕн (Дзут. 10:25). w18.04 23 ф., 16 абз.; 24 ф., 18, 19 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын