Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es20 165–180 фф.
  • Декабрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Декабрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дыццӕг, 1 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 2 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 3 декабрь
  • Майрӕмбон, 4 декабрь
  • Сабат, 5 декабрь
  • Хуыцаубон, 6 декабрь
  • Къуырисӕр, 7 декабрь
  • Дыццӕг, 8 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 9 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 10 декабрь
  • Майрӕмбон, 11 декабрь
  • Сабат, 12 декабрь
  • Хуыцаубон, 13 декабрь
  • Къуырисӕр, 14 декабрь
  • Дыццӕг, 15 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 16 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 17 декабрь
  • Майрӕмбон, 18 декабрь
  • Сабат, 19 декабрь
  • Хуыцаубон, 20 декабрь
  • Къуырисӕр, 21 декабрь
  • Дыццӕг, 22 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 23 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 24 декабрь
  • Майрӕмбон, 25 декабрь
  • Сабат, 26 декабрь
  • Хуыцаубон, 27 декабрь
  • Къуырисӕр, 28 декабрь
  • Дыццӕг, 29 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 30 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 31 декабрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2020
es20 165–180 фф.

Декабрь

Дыццӕг, 1 декабрь

Йесо... сын фӕтӕригъӕд кодта (Мар. 6:34).

Йесо Чырыстийы диссаджы миниуджытӕй иу уый у, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ зындзинӕдтӕ ӕмбары, ӕмӕ нӕ уый стыр ныфс уадзы. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд-иу адӕмӕн сӕ циныл цин кодта, сӕ мастыл та – маст (Ром. 12:15). Зӕгъӕм, иухатт 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста, ӕмӕ фӕстӕмӕ цингӕнгӕйӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд йӕхицӕн дӕр «йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг» (Лук. 10:17–21). Ӕмӕ Лазӕры хиуӕтты та йӕ мӕлӕтыл маст кӕнгӕ куы федта, уӕд «йӕхицӕн дӕр йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ нынкъард» (Иоан. 11:33). Йесо ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ ӕнӕххӕст адӕммӕ афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ цӕмӕн уыд ӕмӕ сын цӕмӕн тӕригъӕд кодта? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ адӕмы уарзта. Йесо «зӕххон адӕмыл» цин кодта (Ӕмб. 8:31). Йесо адӕмы кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ-иу архайдта, куыд хъуыды кӕнынц, уый бамбарыныл. Апостол Иоанн Йесойы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый «зыдта, адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый» (Иоан. 2:25). w19.03 20 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 2 декабрь

Цыдӕриддӕр [ӕм] ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид (Иов 1:11).

Хӕйрӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ Иов йӕ исбонӕй ӕнӕхай фӕци, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фӕмард сты, стӕй йын адӕмы цӕсты раздӕрау кад нал уыд. Уымӕй уӕлдай ма йын Хӕйрӕг йӕ дӕс сывӕллоны бабын кодта. Фӕстагмӕ та Иовӕн йӕхиуыл сӕрӕй къӕхты бынмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ бафтыдта. Иовы ус афтӕ маст кодта, ӕмӕ Иовӕн йӕ фыртыхстӕй загъта, Хуыцауы ралгъит ӕмӕ амӕл, зӕгъгӕ. Иовӕн цард царды ад нал кодта, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыд. Ӕмӕ уӕд Хӕйрӕг ӕндӕрхуызон архайын райдыдта. Иовмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы куы ’рбацыдысты, уӕд уымӕй афтӕ спайда кодта, цӕмӕй Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ Иовы фарсмӕ дзӕвгар рӕстӕг фесты, фӕлӕ йын йӕ зын нӕ фӕрог кодтой. Уый бӕсты йын зӕндтӕ амонын ӕмӕ йын фидистӕ кӕнын райдыдтой. Уыдон загътой, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хуыцау кӕй ӕруагъта ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад йӕ цӕсты кӕй ницы у. Суанг ма йӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, фыдгӕнӕг дӕ ӕмӕ, дам, дыл уыцы бӕллӕхтӕ дӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты! (Иов 1:13–22; 2:7–11; 15:4, 5; 22:3–6; 25:4–6). w19.02 4 ф., 7, 8 абз.

Цыппӕрӕм, 3 декабрь

Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн (Пс. 111:10).

Мах хъуамӕ тӕрсӕм Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Адам ӕмӕ Евӕ ууыл куы архайдтаиккой, цӕмӕй сӕм Хуыцауы тас уыдаид, уӕд йӕ ныхмӕ нӕ рацыдаиккой. Фӕлӕ уыдон уыцы стыр тӕригъӕд ӕруагътой. Ӕмӕ уӕд «сӕ цӕстытӕ байгом сты», ома бамбӕрстой, тӕригъӕдджын кӕй систы. Ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт цы ныууагътаиккой, ӕндӕр ницы. Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы закъон кӕй фехӕлдтой, уый кӕй бамбӕрстой, уый тыххӕй сӕм худинаг ӕркаст, бӕгънӕг кӕй сты, уый, ӕмӕ сӕ астӕутыл бӕласы сыфтӕ ӕрбабастой (Райд. 3:7, 21). Кӕд не ’ппӕт дӕр нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт рахастам, уӕддӕр хъуамӕ мӕлӕтӕй ӕгӕр ма тӕрсӕм. Йегъовӕ ууыл батыхст, цӕмӕй нын ӕнустӕм цӕрыны ныфс уа. Ӕмӕ исты тӕригъӕд куы саразӕм, фӕлӕ зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Йегъовӕ ныххатыр кӕндзӕн. Хуыцау нын нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый фӕрцы. Ӕмӕ уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый сӕйраджыдӕр уымӕй равдисдзыстӕм, ӕмӕ нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд куы райсӕм (1 Пет. 3:21). w19.03 5, 6 фф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 4 декабрь

Уыцы адӕмӕй Йефоннийы фырт Халевы ӕмӕ Навины фырт Йесойы йеддӕмӕ иу дӕр нал баззад (Ным. 26:65).

Израилӕгтӕ Хуыцауӕй бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уыдаиккой бузныг. Зӕгъӕм, Йегъовӕ сӕ Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта, египетӕгтыл дӕс бӕллӕхы куы ’руагъта, уый фӕстӕ. Фӕстӕдӕр та Египеты ӕфсад Сырх денджызы фесӕфта, ӕмӕ афтӕмӕй израилӕгты фервӕзын кодта. Израилы адӕм Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг уыдысты, ӕмӕ йӕ кадӕн уӕлахизы зарӕг ныззарыдысты. Фӕлӕ цымӕ алкӕддӕр уыдысты бузныгзӕрдӕ? Израилӕгтӕ ног зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлдысты, уӕд сӕ айрох сты, Йегъовӕ сын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдон иууылдӕр. Ӕмӕ уӕд рабӕрӕг, бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ уыдысты, уый (Пс. 106:7). Цымӕ куыд? Библийы кӕсӕм: «Израилы фырттӕ иууылдӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой» (Рац. 16:2, 8). Фӕлӕ уый афтӕ уыд, цыма Йегъовӕйыл хъуыр-хъуыр кодтой. Йӕ адӕм бузныгзӕрдӕ кӕй нӕ разындысты, уый йын ӕхсызгон кӕцӕй уыд. Ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ загъта, ӕнӕхъӕн фӕлтӕр, Йесо Навин ӕмӕ Халевӕй фӕстӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры кӕй амӕлдзӕн (Ным. 14:22–24). w19.02 17 ф., 12, 13 абз.

Сабат, 5 декабрь

Ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг (Матф. 11:29).

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ын йӕ мӕлӕт ӕрымысыны тыххӕй стыр бӕрӕгбон скӕной. Уый бӕсты сын загъта, цӕмӕй-иу афӕдз иу хатт уыцы бон сбӕрӕг кӕной, бирӕ дзы мацы уа, афтӕмӕй (Иоан. 13:15; 1 Кор. 11:23–25). Уымӕй бӕрӕг у, Йесо сӕрбӕрзонд кӕй нӕ уыд. Махӕн тынг ӕхсызгон у, нӕ уӕларвон Паддзахы диссаджы миниуджытӕй иу сӕрныллӕгдзинад кӕй у (Фил. 2:5–8). Нӕ бон куыд у Йесойы сӕрныллӕгдзинад бафӕзмын? Хъуамӕ, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:3, 4). Ногӕй та не ’ргом аздахӕм, Йесо фӕстаг ӕхсӕв зӕххыл куы уыд, уымӕ. Йесо зыдта, тагъд хъизӕмайраг мардӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ йӕ мӕт уыд йӕ иузӕрдион апостолтыл, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ мӕлӕтыл ын тынг кӕй маст кӕндзысты. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхсӕв амындтӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдта (Иоан. 14:25–31). Йесо сӕрныллӕгӕй равдыста, йӕхи разӕй иннӕтыл кӕй хъуыды кӕны. Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта! w19.01 21 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 6 декабрь

О Йегъовӕ, ӕхсызгон дын уӕнт, зӕрдиагӕй дын цы нывӕндтӕ хӕссын, уыдон – мӕ кады ныхӕстӕ (Пс. 119:108).

Дӕ къухыл схӕцай, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр, мыййаг, де уӕнгтӕ нӕ адон вӕййынц? Кӕд о, уӕд ахӕм уавӕры ӕрмӕст ды нӕ дӕ. Нӕ фылдӕр дзуапп дӕтгӕйӕ фӕтыхсынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр уый цӕмӕйдӕр хорз у. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрныллӕг дӕ ӕмӕ иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрыс. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ уыцы миниуӕгӕн аргъ кӕны (Пс. 138:6; Фил. 2:3). Фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕмбырды кадджын кӕнай ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауай (1 Фес. 5:11). Йегъовӕ дӕ уарзы, ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ныфсджын уай. Ӕркӕсӕм Библийӕ иуӕй-иу хъуыдытӕм. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр ныхасӕй рӕдийӕм, стӕй алы хатт нӕ ныхас фӕлмӕн ӕмӕ уӕздан нӕ вӕййы (Иак. 3:2). Йегъовӕ нӕ уый нӕ домы, ӕмӕ ӕххӕст уӕм, стӕй нӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсынц (Пс. 103:12–14). Уыдон сты нӕ бинонтӕ, ӕмӕ нӕ уарзынц (Мар. 10:29, 30; Иоан. 13:35). Уыдон ӕмбарынц, хатгай нын раст дзуапп раттын кӕй нӕ рауайы. w19.01 8 ф., 3 абз.; 10, 11 фф., 10, 11 абз.

Къуырисӕр, 7 декабрь

Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты (Еккл. 12:1).

Ацы дунейы цӕргӕйӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй дын цард цины хос уа ӕмӕ амондджын уай. Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы ӕнтыстджын уыдзынӕ ныр дӕр ӕмӕ, хистӕр кары куы уай, уӕд дӕр. Цӕмӕй уый хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй Библийы ӕркӕсдзыстӕм, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх куыд бацахстой, уыцы хабармӕ. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ хӕстӕг куы уыдысты ӕмӕ йӕ куы хъуамӕ бацахстаиккой, уӕд сын цымӕ Хуыцау цавӕр амындтӕ радта? Мыййаг сын афтӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй хуыздӕр хӕцын сахуыр уыдаиккой ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи тохмӕ бацӕттӕ кодтаиккой? (Дык. з. 28:1, 2). Нӕ, уый сын загъта, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаиккой ӕмӕ йыл сӕ ныфс дардтаиккой (Йес. Н. 1:7–9). Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уый хорз уынаффӕ нӕ уыд. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уый уыд ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй израилӕгтӕ Ханааны цӕрӕг адӕмтыл иу иннӕйы фӕдыл фӕуӕлахиз сты (Йес. Н. 24:11–13). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцаумӕ хъусай, уый тыххӕй хъӕуы уырнындзинад, ӕмӕ уырнындзинады фӕрцы та адӕймаг алкӕддӕр вӕййы ӕнтыстджын. Афтӕ уыд раджы заманты дӕр ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. w18.12 25 ф., 3, 4 абз.

Дыццӕг, 8 декабрь

Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Дӕумӕ куы сты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ (Иоан. 6:68).

Иуӕй-иутӕн цӕлхдур сси, нӕ организаци Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй бамбарын кодта, уый. Иннӕ чырыстӕттӕ та, раст дины ныхмӕ чи сси кӕнӕ та нын нӕ ахуырӕдты ныхмӕ чи фӕдзуры, уыдоны зондыл ацыдысты. Уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдӕй зонгӕ-зонын адард сты (Дзут. 3:12–14). Цас хуыздӕр уыдаид, сӕ уырнындзинад фӕцудын куы нӕ бауагътаиккой ӕмӕ апостол Петрау сӕ ныфс Йесойыл куы дардтаиккой! Чидӕртӕ та рӕстдзинад сабыргай ныууадзынц, чи зоны йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц, афтӕ куыд рауад, уый. Ахӕм адӕймӕгты абарӕн ис, былӕй сабыргай иуварс кӕй ахӕссы, ахӕм бӕлӕгъимӕ. Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм, ӕмӕ нӕ «уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса» (Дзут. 2:1). Иуварс кӕй ахӕссы, уыдонӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауӕй зонгӕ-зонын адард вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр уый тыххӕй, гӕнӕн ис, Йегъовӕимӕ сын цы хӕлардзинад ис, уымӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкӕной. w18.11 9 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 9 декабрь

Дӕ адӕм лӕудзысты цӕттӕйӕ (Пс. 110:3).

Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй ноджы фылдӕр истӕуылты сахуыр уай ӕмӕ уый фӕрцы дӕ лӕггадимӕ баст хӕстӕ ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнай? Кӕд о, уӕд, чи зоны, дӕ бон уаид Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы сахуыр кӕнын. Ацы скъоламӕ фӕхонынц, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, ахӕм фӕлтӕрд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ, цы базонынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы, Йегъовӕйы организацийы сын цы хӕстӕ ис, уыдон ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын. Уыцы скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат чи бадӕтты, уыдон хъуамӕ цӕттӕ уой, скъолайы фӕстӕ сӕ кӕдӕм снысан кӕной, уым лӕггад кӕнынмӕ. Дӕу дӕр нӕ фӕндид уыцы фадатӕй спайда кӕнын? (1 Кор. 9:23). Йегъовӕйы адӕмӕй кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй уӕм рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, стӕй, иннӕты кӕй уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм, уый алы бон дӕр хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Уый фӕрцы стӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд, стӕй нӕ зӕрдӕйы ис фарн (Гал. 5:22, 23). Цыфӕнды уавӕрты дӕр Йегъовӕйау рӕдау куы уай ӕмӕ йемӕ ӕмгуыст куы кӕнай, уӕд дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр цинӕйдзаг уыдзӕн! (Ӕмб. 3:9, 10). w18.08 27 ф., 16–18 абз.

Цыппӕрӕм, 10 декабрь

Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд (Матф. 19:6).

Кӕмӕдӕрты, чи зоны, ахӕм фарста фӕзына: «Цымӕ чырыстӕттӕн хицӕн кӕныны ӕмӕ сӕ цард ӕндӕр искӕимӕ баиу кӕныны бар ис?» Йесо, уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый фӕдыл загъта: «Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ йӕ фыццаг усы тӕригъӕды цӕуы. Ӕмӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаг ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны» (Мар. 10:11, 12; Лук. 16:18). Бӕрӕг у, Йесойы цӕсты бинонты цард кадджын кӕй уыд ӕмӕ йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕм иннӕтӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кастаиккой. Лӕг-иу йӕ усӕй (ус ыл иузӕрдион уыд, афтӕмӕй) куы ахицӕн ӕмӕ-иу ӕндӕр искӕй куы ракуырдта, уӕд-иу уый нымад уыд хӕтындзинадыл. Ӕмӕ уый зӕгъӕн уыд, йӕ лӕгӕй-иу чи ахицӕн, ахӕм усӕй дӕр. Цымӕ цӕмӕн? Лӕг ӕмӕ ус куы ахицӕн вӕййынц, уӕд уымӕй сӕ бинонты цардӕн кӕрон не скӕнынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы цӕсты уӕддӕр нымад вӕййынц «иу буарыл». Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма, лӕг йӕ усӕй (ус ыл иузӕрдион куы уыдаид, афтӕмӕй) куы ахицӕн уыдаид, уӕд ӕй афтӕмӕй гадзрахатӕй цӕуын кодтаид. Ома куыд? Уӕды заман-иу хатгай афтӕ уыд, ӕмӕ-иу лӕг йӕ усӕй куы ахицӕн, уӕд-иу усы ногӕй смой кӕнын бахъуыд, йӕхи фӕдарын-иу ын зын кӕй уыд, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый афтӕ нымад уыд, ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд. w18.12 11 ф., 8, 9 абз.

Майрӕмбон, 11 декабрь

Ӕз лӕудзынӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты (Ав. 2:1).

Аввакум Йегъовӕимӕ куы аныхас кодта, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн. Афтӕ фӕндфидар кӕй уыд, уый бӕрӕг у, уый фӕстӕ дӕр ма афтӕ кӕй загъта, «ӕнцад ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн бӕллӕхы бонмӕ», зӕгъгӕ, уымӕй (Ав. 3:16). Аввакум Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг: цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр-иу хъуамӕ ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм. Дыккаг: хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм, Йегъовӕ нын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы дзуры, уымӕ. Ӕртыккаг: хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ ӕмӕ нӕ хъуамӕ фидар ныфс уа, нӕ зындзинӕдтӕн нын кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕйы рыст кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн. Аввакумау ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ куы кувӕм, стӕй нын цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ йӕм фӕразонӕй куы ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ фидар лӕудзыстӕм. Цы ныфс нын ис, уый фӕрцы цыфӕнды зындзинӕдтӕн дӕр фӕраздзыстӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты уыдзӕн циндзинад (Ром. 12:12). w18.11 15, 16 фф., 11, 12 абз.

Сабат, 12 декабрь

Сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕнӕнт... аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты (1 Тим. 2:9).

Искӕмӕн къуылымпыйы хос уай, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы? Йесо загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уыцы гыццылтӕй иуы дӕр чи фӕрӕдийын кӕна, уымӕн... хуыздӕр уаид, йӕ хъуырыл ын куыройыдур куы бакӕниккой ӕмӕ йӕ денджызы куы ныппариккой» (Мар. 9:42). Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, исчи искӕй рӕдийын кӕна, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны. Ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды кӕй фӕзмыдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Йегъовӕ дӕр уымӕ раст ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы. Уый йе сӕфт уыны, адӕймаг йӕхи цы фӕнды, уый куы фӕаразы ӕмӕ иннӕты ӕнкъарӕнтыл куы нӕ фӕхъуыды кӕны, уымӕй (Иоан. 14:9). Мах дӕр уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы цӕстӕй кӕсӕм? Нӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг вӕййынц? Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕмӕ цавӕрдӕр модӕ цӕуы, фӕлӕ йӕ зонӕм, ӕмӕ ахӕм кондӕй куы цӕуӕм, уӕд уый ӕмбырдӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, чи зоны ма мӕсты дӕр кӕндзысты, йе та сӕм махмӕ кӕсгӕйӕ, гӕнӕн ис, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ фӕзына. Цымӕ цӕттӕ стӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл нӕ къух сисӕм ӕмӕ афтӕмӕй, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый равдисӕм? w18.11 25 ф., 9, 10 абз.

Хуыцаубон, 13 декабрь

Сайтан Йегъовӕйӕн афтӕ бакодта: «Исты дзӕгъӕлы тӕрсы Иов Хуыцауӕй? ...Дӕ къух-ма сис ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уымӕ бавнал, кӕддӕра дӕ ӕргом нӕ ралгъитид» (Иов 1:9, 11).

Не ’ппӕт дӕр иузӕрдион цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинад. Уыцы зӕд Хуыцауы ныхмӕ рацыд ӕмӕ Йегъовӕйӕ загъта, хицауӕн кӕй нӕ бӕззы, йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр кӕй никӕй мӕт кӕны ӕмӕ иннӕты кӕй сайы, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф бакалдта. Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы фарс рахӕцыдысты ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты (Райд. 3:1–6). Едемы сын цы цард уыд, уый фӕрцы сын бирӕ фадӕттӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзтаиккой ӕмӕ уыцы уарзондзинад тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтаид. Фӕлӕ Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ куы рацыд, уӕд сӕ уарзондзинад ӕнӕхъӕн ӕмӕ ӕнаипп нӕ разынд. Фӕстӕдӕр ма сӕвзӕрд ӕндӕр фарста дӕр: ахӕм адӕймаг разындзӕн, Йегъовӕйы чи уарза ӕмӕ йыл уый фӕрцы иузӕрдионӕй чи баззайа? Ӕндӕр ныхасӕй, адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ иузӕрдион уой? Ацы фарста Хӕйрӕг сӕвзӕрын кодта Иовы кой кӕнгӕйӕ (Иов 1:8–11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый дӕр махау ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыди. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уарзта, иузӕрдион ыл кӕй уыд, уый тыххӕй. w19.02 3, 4 фф., 6, 7 абз.

Къуырисӕр, 14 декабрь

Цыдӕриддӕр [ӕм] уыди, уый... ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта (Матф. 13:46).

Рӕстдзинад чи агуры ӕмӕ йӕ чи ссары, уыдоны абарӕн ис, Йесо Чырысти йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой кодта, уыимӕ. Уыцы сӕудӕджер агуырдта зынаргъ налхъуыттӕ, ӕмӕ, иу ахӕм налхъуыт куы ссардта, уӕд ӕм «цыдӕриддӕр уыди, уый уыцы сахат ауӕй кодта», цӕмӕй йӕ балхӕдтаид (Матф. 13:45, 46). Мах дӕр афтӕ бакодтам. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ ма Библийӕ ноджыдӕр ӕндӕр хабӕртты тыххӕй рӕстдзинад куы базыдтам, уӕд нын афтӕ зынаргъ сси, ӕмӕ цӕттӕ уыдыстӕм нӕхи цӕмӕйфӕнды дӕр фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй раст фӕндагыл слӕууыдаиккам. Ӕмӕ цалынмӕ рӕстдзинадӕн аргъ кӕнӕм, уӕдмӕ йӕ никуы «ауӕй кӕндзыстӕм» (Ӕмб. 23:23). Фӕлӕ, хъыгагӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ рӕстдзинадӕн нал аргъ кӕнынц, чидӕртӕ та йӕ суанг уӕй дӕр акодтой. Ахӕм хабар махыл макуы ӕрцӕуӕд! Цӕмӕй рӕстдзинадӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ макуы ауӕй кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... цӕрӕм» (3 Иоан. 2–4). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нын царды ӕппӕты сӕйраг рӕстдзинад хъуамӕ уа. w18.11 9 ф., 3 абз.

Дыццӕг, 15 декабрь

Израилӕгтӕн сӕ уырнындзинады фӕрцы Иерихоны къултӕ ныккалдысты, авд боны йӕ алыварс куы фӕзылдысты, уӕд (Дзут. 11:30).

Зӕд израилӕгты бафӕдзӕхста, цӕмӕй Иерихонмӕ ма бабырстаиккой. Ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй-иу ӕхсӕз боны дӕргъы горӕты алыварс иу хатт ӕрзылдаиккой, ӕвдӕм бон та – авд хатты. Израилы хӕстонтӕй чидӕртӕ, чи зоны, ахъуыды кодтаиккой: «Нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ фесафдзыстӕм ӕмӕ нӕ тыхтӕ дзӕгъӕлы нӕ бахардз кӕндзыстӕм?!» Фӕлӕ сӕ Разамонӕг, Йегъовӕ, цы аразын хъӕуы, уый зыдта. Израилӕгтӕ йын йӕ разамындмӕ байхъуыстой, ӕмӕ Иерихон бацахстой, горӕты цӕрджытимӕ сӕ хӕцын дӕр нӕ бахъуыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстой, Йегъовӕ сын уыцы амындтӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ радта, ӕмӕ сӕ уырнындзинад бафидар (Йес. Н. 6:2–5). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хатгай, чи зоны, кӕронмӕ нӕ фембарӕм, нӕ организаци цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ цӕмӕн скӕны, уый. Зӕгъӕм нӕ куы разӕнгард кодтой, цӕмӕй Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, стӕй уацамынды ӕмӕ ӕмбырдты рӕстӕг телефонтӕй ӕмӕ планшеттӕй пайда кӕнӕм, уӕд нӕм уый райдианты, чи зоны, бынтон хорз нӕ каст. Фӕлӕ ныр, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбарӕм, стыр ӕххуыс нын кӕй сты. Нӕ организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, уыдон цы пайда хӕссынц, уый куы фӕуынӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, стӕй уый нӕ иудзинадӕн дӕр ахъаз кӕны. w18.10 23 ф., 8, 9 абз.

Ӕртыццӕг, 16 декабрь

Хицау, Израилы паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къахыл ныр не слӕууын кӕндзынӕ? (Хъуыд. 1:6).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнхъӕлдтой, Мессийӕ сӕ се ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Ӕмӕ Галилейӕйы цӕрӕг адӕмы дӕр Йесойы сӕ паддзахӕй сӕвӕрын, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй фӕндыд. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йесойӕ хуыздӕр паддзахӕн скӕнӕн нӕ уыд: уыди дзырдарӕхст, рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормӕгты ӕфсӕста. Йесо иу-5 000 лӕджы куы бафсӕста, уӕд адӕм дисӕй мардысты. Ӕмӕ йӕ уӕд бамбӕрста, цы фӕнд кӕнынц, уый. Библийы фыст ис: «Йесо... зыдта, адӕм ӕрбацӕуынмӕ кӕй хъавынц, цӕмӕй йӕ ӕрцахсой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой, ӕмӕ фӕстӕмӕ иунӕгӕй хохмӕ ацыд» (Иоан. 6:10–15). Иннӕ бонмӕ адӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕрсабыр сты. Йесойы Галилейӕйы денджызы иннӕ фарс куы ссардтой, уӕд сын бамбарын кодта, уый тыххӕй кӕй не ’рцыд, цӕмӕй сын сӕ цард фӕхуыздӕр кодтаид, фӕлӕ сын цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзырдтаид. Ӕмӕ сын загъта: «Сӕфгӕ чи кӕны, уыцы хӕринагыл ма уӕд уӕ фыдӕбон, фӕлӕ, сӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ ӕнусон цард чи дӕтты, уыцы хӕринагыл» (Иоан. 6:25–27). w18.06 4 ф., 4, 5 абз.

Цыппӕрӕм, 17 декабрь

Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн (Ис. 42:3).

Адӕм цъӕл хъӕзӕй уӕлдай ӕмӕ, мӕнӕ-мӕнӕ чи ахуысдзӕн, ахӕм цырагъӕй уӕлдай нӕ уыдысты, ӕмӕ сын Йесо се ’нкъарӕнтӕ ӕмбӕрста. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ семӕ уыд фӕразон ӕмӕ сӕм уыд хӕларзӕрдӕ (Мар. 10:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чырысти адӕмы куыд хорз ӕмбӕрста ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, махӕн нӕ бон афтӕ нӕу. Фӕлӕ нӕ бон у ӕмӕ нӕ хӕс дӕр у, цӕмӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕмыл хъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ уымӕ хауы, семӕ куыд, кӕд ӕмӕ цас фӕныхас кӕнӕм, уый. Ацы дунейы кӕрӕф ӕмӕ дурзӕрдӕ коммерсантты, хицӕутты ӕмӕ дины разамонджыты тыххӕй милуангай адӕм сты «ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ никӕуылуал ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ ныфс ницӕмӕйуал ис. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, цы дзурӕм ӕмӕ куыд дзурӕм, уымӕй бӕрӕг уа, се ’нкъарӕнтӕ сын кӕй ӕмбарӕм. Бирӕтӕ хорз хабармӕ байхъусынц, Библийы фӕрцы сын рӕстдзинад арӕхстджынӕй кӕй амонӕм, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сыл зӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм ӕмӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕй кӕсӕм, уый тыххӕй дӕр. w18.09 31, 32 фф., 13, 14 абз.

Майрӕмбон, 18 декабрь

Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон (Матф. 5:3).

Ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый куы ӕмбарӕм, уӕд нӕ рох кӕндзыстӕм, Хуыцауы кӕй хъуамӕ зонӕм ӕмӕ нӕ йе ’ххуыс ӕмӕ йӕ разамынд тынг кӕй хъӕуынц. Уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Библи куы ахуыр кӕнӕм, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд. Ацы хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм, ӕмӕ тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм, тагъд Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (Тит. 2:13). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм, уӕд хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, цыфӕнды ныл ма ӕрцӕуа, уӕддӕр. Апостол Павел ныффыста: «Хицауимӕ [ома Йегъовӕимӕ] иудзинады кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр цин кӕнут. Ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут!» (Фил. 4:4). Цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс ӕмбал уа, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа Хуыцауы зонд (Ӕмб. 3:13, 18). Фӕлӕ цӕмӕй алкӕддӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ дарддӕр дӕр цӕрӕм, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ. Уый ахсджиаг кӕй у, уый Чырысти бамбарын кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут» (Иоан. 13:17; Иак. 1:25). Уый ӕнӕмӕнг у, кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр зонӕм ӕмӕ ӕнустӕм амондджын уӕм, уӕд. w18.09 18 ф., 4–6 абз.

Сабат, 19 декабрь

[Епафрас] ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй фӕкувы сымах тыххӕй (Кол. 4:12).

Епафрас йе ’мчырыстӕтты хорз зыдта ӕмӕ сыл зӕрдиагӕй тыхсти. Павел дзы афтӕ кӕй загъта, «мӕнау ахст... у», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг у, Епафрас йӕхӕдӕг дӕр зын уавӕры кӕй уыд (Филим. 23). Фӕлӕ уый уӕддӕр йӕхиуыл нӕ хъуыды кодта. Иннӕты тыххӕй-иу куывта ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй кувын, сӕ нӕмттӕ-иу сын дзурӕм, афтӕмӕй. Ахӕм куывдтытӕн ис стыр тых (2 Кор. 1:11; Иак. 5:16). Ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕй тыххӕй уаид кувын, ууыл. Чи зоны, ӕмбырды де ’мбӕлттӕй чидӕр кӕнӕ кӕцыдӕр бинонтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц кӕнӕ та сӕ хъӕуы цавӕрдӕр ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын йе та цавӕрдӕр цыбӕлдзинӕдты ныхмӕ тох кӕнын. Ноджыдӕр ма нӕ бон у кувын, йӕ хиуӕттӕй чидӕр кӕмӕн фӕзиан, ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ хӕст зиан кӕмӕн ӕрхаста йе та ӕхцайӕ тыхст чи у, уыдоны тыххӕй. Нӕ куывдтытӕй баххуыс кӕнӕн кӕмӕн ис, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ сты. w18.09 5, 6 фф., 12, 13 абз.

Хуыцаубон, 20 декабрь

Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у (Хъуыд. 20:35).

Павел ӕрмӕст уый кой нӕ кодта, ӕмӕ хъуамӕ иннӕтӕн, цы нӕм ис, уымӕй хай кӕнӕм. Уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд-иу сын хъуамӕ сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм, Библийӕ-иу сын уынаффӕ раттӕм ӕмӕ-иу сын, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕнӕм (Хъуыд. 20:31–35). Павел-иу ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр равдыста, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй иннӕтӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ ма ’вгъау кӕнӕм, зӕрдиагӕй сыл тыхсӕм ӕмӕ сын нӕ уарзондзинад ма хӕлӕг кӕнӕм. Адӕм сӕхи куыд фӕдарынц, уый чи иртасы, уыдон дӕр бафиппайдтой, иннӕтӕн хорздзинад чи аразы, уыдон амондджын кӕй вӕййынц. Иу статьяйы куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕм сӕхӕдӕг дӕр дзурынц, искӕмӕн хорзы куы бацӕуынц, уӕд бирӕ амондджындӕр кӕй вӕййынц. Уыцы иртасджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, адӕймаг иннӕтӕн куы феххуыс кӕны, уӕд ӕй фӕзоны, цӕмӕн цӕры, уый ӕмӕ йӕ цардӕй вӕййы райгонддӕр. Уымӕ гӕсгӕ эксперттӕ адӕмы арӕх фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй-иу сӕ рӕстӕгӕй рахицӕн кӕной иннӕтӕн алыхуызон хъуыддӕгты баххуыс кӕнынӕн, зӕгъгӕ, дам, афтӕмӕй адӕймагӕн йе ’нӕниздзинад дӕр хуыздӕр вӕййы, стӕй бирӕ амондджыдӕр вӕййы. Фӕлӕ уый махмӕ диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ нын не Сфӕлдисӕг, нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр дзуры, хорздзинад аразгӕйӕ адӕймаг амондджын кӕй вӕййы (2 Тим. 3:16, 17). w18.08 22 ф., 17, 18 абз.

Къуырисӕр, 21 декабрь

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут, фӕлӕ раст тӕрхон кӕнут (Иоан. 7:24).

Исайы пехуымпарады Йесо Чырыстийы тыххӕй цы фыст ис, уый Хуыцауы лӕггадгӕнджыты стыр ныфс уадзы. Исай загъта, Йесо, «цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ [кӕй] нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ [кӕй] нӕ кӕндзӕн уайдзӕф». Уый «мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон» (Ис. 11:3, 4). Ацы ныхӕстӕ нын ныфсы хос цӕмӕн сты? Уымӕн ӕмӕ ахӕм дунейы цӕрӕм, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, цӕстӕй цы уынынц, уымӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнынц. Уӕдӕ не ’ппӕты дӕр хъӕуы алцӕмӕй ӕххӕст Тӕрхонгӕнӕг, не ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ нын чи никуы тӕрхон кӕндзӕн, ахӕм! Алы бон дӕр алыхуызон адӕмыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый фӕдыл нӕм алыхуызон хъуыдытӕ фӕзыны. Фӕлӕ иннӕтӕй цы ахъуыды кӕнӕм, уый алы хатт раст нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ Йесойӕ уӕлдай мах ӕххӕст не стӕм. Адӕймаг йе ’ргом фылдӕр фездахы, цӕстӕй цы уыны, уымӕ. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм, фӕлӕ раст тӕрхон кӕнӕм. Бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн се ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕнӕм. w18.08 8 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 22 декабрь

Дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл» (Ис. 30:21).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау махмӕ уӕлӕрвтӕй не ’рдзуры. Фӕлӕ нӕ йӕ Ныхас Библийы фӕрцы ахуыр кӕны. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг» Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕдзухдӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты (Лук. 12:42). Ахӕм хӕринаг нӕм ис парахатӕй, зӕгъӕм, мыхуыргонд публикацитӕ, нӕ сайтты цы ӕрмӕг ис, уый, стӕй видеотӕ ӕмӕ нӕ публикациты аудиозаписьтӕ. Йегъовӕ Библийы цыдӕриддӕр ныффыссын кодта, уый фӕрцы нӕ фидарӕй уырны, йӕ бар алцӕуыл дӕр кӕй цӕуы ӕмӕ нын Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ фыддуне цыфӕнды зиан ма ’рхӕссой, уӕддӕр ӕй кӕй сраст кӕндзӕн. Цӕй ӕмӕ, Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уымӕ лӕмбынӕг хъусӕм. Уый фӕрцы абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр фидар фӕлӕудзыстӕм. Библи нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Сымах хъӕуы фидардзинад, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый» (Дзут. 10:36). w19.03 13 ф., 17, 18 абз.

Ӕртыццӕг, 23 декабрь

Йегъовӕ загъта... Йесойӕн, Моисейы лӕггадгӕнӕгӕн: «Мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей амард. Уӕдӕ ныр сыст ӕмӕ ӕппӕт ацы адӕмимӕ... ахиз Иорданыл» (Йес. Н. 1:1, 2).

Моисей израилӕгтӕн разамынд бирӕ азты дӕргъы лӕвӕрдта, ӕмӕ Йесо Навин, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодта, адӕм ӕй сӕ разамонӕгыл банымайдзысты ӕви нӕ, ууыл (Дык. з. 34:8, 10–12). Иу энциклопеди ӕмбарын кӕны Йесо Навины 1:1, 2 стихтӕ, ӕмӕ дзы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Рагзамантӕй фӕстӕмӕ афтӕ у, ӕмӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг куы фӕивы, уыцы рӕстӕг бӕстӕйы ӕдасдзинадӕн уӕлдай тӕссаг вӕййы». Йесо Навинӕн, цӕуыл мӕт кодтаид, уый уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайынмӕ цӕттӕ уыд (Йес. Н. 1:9–11). Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йегъовӕ Йесо Навинӕн ӕмӕ израилӕгтӕн разамынд лӕвӕрдта йӕ зӕды уылты. Фидарӕй зӕгъӕн ис, уыцы зӕд кӕй уыд Хуыцауы фыццаггуырд Фырт, Библи йӕ хоны «Дзырд» (Рац. 23:20–23; Иоан. 1:1). Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы израилӕгтӕ уыцы ивындзинадмӕ раст цӕстӕй ракастысты ӕмӕ Йесойы сӕ ног разамонӕгыл банымадтой. w18.10 22, 23 фф., 1–4 абз.

Цыппӕрӕм, 24 декабрь

Йегъовӕйӕ чи тӕрсы... уыдоны тыххӕй йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг (Мал. 3:16).

Йегъовӕ зоны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны, ӕмӕ сӕ нӕмттӕ фыст ӕрцӕуынц йӕ «зӕрдылдарӕн чиныджы». Нӕ нӕмттӕ Йегъовӕйы «зӕрдылдарӕн чиныджы» фыст кӕй ӕрцыдысты, уый махыл ӕвӕры цавӕрдӕр хӕс. Малахи куыд ныффыста, афтӕмӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ «тӕрсӕм ӕмӕ йын йӕ... номыл хъуыды кӕнӕм». Фӕлӕ ӕндӕр искӕмӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн кувын куы райдайӕм, уӕд нӕ нӕмттӕ Йегъовӕйы «царды чиныгӕй» хӕлд ӕрцӕудзысты (Рац. 32:33; Рарг. 3:5). Йегъовӕйӕн, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм, уый фӕдыл дзырд раттын ӕмӕ донаргъуыд райсын фаг нӕу. Уыцы дыууӕ къахдзӕфы иу хатт йеддӕмӕ нӕ саразӕм. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый у царды фӕндаг, ӕмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр, цӕрӕнбонты, нӕ коммӕгӕсдзинад хъуыддагӕй ӕвдисӕм (1 Пет. 4:1, 2). w18.07 23, 24 фф., 7–9 абз.

Майрӕмбон, 25 декабрь

Иугӕр Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ фӕстейӕ ныууагътам, уӕд ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ (Дзут. 6:1).

Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр ӕрмӕст уый фӕрцы фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ не суыдзыстӕм. Ууыл хъӕуы «ӕппӕт хъарутӕй» архайын. Хъуамӕ нӕ зонындзинӕдтыл ӕфтауӕм ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр бамбарыныл архайӕм. Уый тыххӕй та хъӕуы Библи алы бон дӕр кӕсын (Пс. 1:1–3). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Чырыстӕттӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр закъон у уарзондзинады закъон. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Йесойы ӕфсымӕр Иаков уарзондзинад схуыдта «паддзахы закъон» (Иак. 2:8). Павел та загъта: «Чи уарзы, уый закъон сӕххӕст кодта» (Ром. 13:10). Ӕмӕ уарзондзинад ахӕм ахсджиаг миниуӕг кӕй у, уый нӕм диссаг дӕр нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Библи дзуры, «Хуыцау у уарзондзинад», зӕгъгӕ (1 Иоан. 4:8). w18.06 19 ф., 14, 15 абз.

Сабат, 26 декабрь

Афтӕ йӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ йӕ дзыхӕй ссыд ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ (Пс. 106:33).

Израилӕгтӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, мӕсты та сӕм Моисей сси. Моисей хиуылхӕцгӕ нӕ разынд, ӕмӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ загъта. Йӕ ныхӕстӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл нӕ ахъуыды кодта. Моисейӕн йе скаст Йегъовӕмӕ нал уыд. Уый йе ’ргом аздӕхта, иннӕтӕ сӕхи куыд дардтой, уымӕ. Адӕм доны тыххӕй фыццаг хатт куы хъуыр-хъуыр кодтой, уӕд Моисей раст архайдта (Рац. 7:6). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр дӕс азы дӕргъы уыцы змӕнтаг адӕммӕ кӕсгӕйӕ бафӕллад ӕмӕ йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта. Чи зоны, Моисей фылдӕр хъуыды кодта йе ’нкъарӕнтыл, Йегъовӕйы куыд скадджын кӕна, ууыл нӕ, фӕлӕ. Кӕд Моисейы хуызӕн иузӕрдион адӕймаг йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕр аздӕхта ӕмӕ фӕрӕдыд, уӕд махыл дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм хабар ӕрцӕуа. Моисей Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куыд лӕууыд, афтӕ мах дӕр лӕууӕм, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дунейы къӕсӕрыл (2 Пет. 3:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй никӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы диссаджы фадатӕй ӕнӕхай фӕуа. Фӕлӕ цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 2:17). w18.07 15 ф., 14–16 абз.

Хуыцаубон, 27 декабрь

Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут (1 Иоан. 2:14).

Сайтанӕн йӕ бон нӕу адӕмӕн тыххӕй исты саразын кӕнын (Иак. 1:14). Бирӕтӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй аразынц, Сайтаны цы фӕнды, уый. Фӕлӕ адӕймаг рӕстдзинад куы базоны, уӕд ӕй фӕхъӕуы равзарын, кӕмӕн лӕггад кӕндзӕн – Хуыцауӕн ӕви Сайтанӕн (Хъуыд. 3:17; 17:30). Кӕд Хуыцауы фӕндон фӕндфидарӕй ӕххӕст кӕнӕм, уӕд Сайтанӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм (Иов 2:3; 27:5). Сайтанӕн ӕмӕ ма дӕлимонтӕн сӕ бар ноджыдӕр цӕуыл нӕ цӕуы? Зӕгъӕм, Библийы никуы ис фыст, сӕ бон кӕй у адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ фенын. Уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕн у сӕ бон (1 Сам. 16:7; Мар. 2:8). Кӕд ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ ныхӕстӕ дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ уой, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ Хӕйрӕджы кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нын ахӕм зиан ракӕна, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа (Пс. 34:7). Мах хъуамӕ не знаджы зонӕм, фӕлӕ дзы тӕрсгӕ хъуамӕ ма кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕрцы суанг ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ Сайтаныл фӕуӕлахиз уа. Йӕ ныхмӕ куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнг алидздзӕн (Иак. 4:7; 1 Пет. 5:9). w18.05 26 ф., 15–17 абз.

Къуырисӕр, 28 декабрь

Дӕ хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ фӕндтӕ дӕ къухы бафтдзысты (Ӕмб. 16:3).

Зӕгъӕм, сфӕнд кодтай ӕндӕр горӕтмӕ цавӕрдӕр ахсджиаг хабары фӕдыл ацӕуын, ӕмӕ дӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы дард балц. Вокзалы дуне автобустӕ ис. Хъуамӕ сбадай, кӕдӕм дӕ хъӕуы цӕуын, уырдӕм чи цӕуы, уыцы автобусыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕцыфӕнды автобусыл куы сбадай, уӕд бынатмӕ нӕ фӕхӕццӕ уыдзынӕ. Ӕрыгӕттӕ абон ахӕм уавӕры сты: разӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы дард балц. Фӕлӕ уыцы балцы автобусыл ацӕуӕн нӕй. Уыцы балц у уӕ цард! Хатгай сымах дӕр фӕтыхсут, уымӕн ӕмӕ уӕ фӕхъӕуы бирӕ ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ уын царды бӕлвырд нысан куы уа, уӕд уын раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕнцондӕр уыдзӕн. Царды уын алцӕмӕй ахсджиагдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын уыдзӕн? Ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ та хъуамӕ рухс кӕнат уӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр, дзырд ахуырыл, куыстыл, бинонтӕ скӕныныл, цот рауадзыныл ӕви ӕндӕр истӕуыл цӕуа, уӕддӕр. Хуыцауы зӕрдӕ ма ноджыдӕр хъуамӕ рухс кӕнат, уӕ лӕггады уӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрут, уыдонӕй дӕр. Ӕрыгӕттӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын уын царды фыццаг бынаты куы уа, уӕд уын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ уӕ фӕндтӕ уӕ къухы бафтдзысты. w18.04 25 ф., 1–3 абз.

Дыццӕг, 29 декабрь

Дӕдӕй, мӕ чызг! Мӕ зӕрдӕ мын барӕхуыстай. Мӕхӕдӕг дӕ хауӕггаг фӕкодтон (Тӕрх. 11:35).

Йеффай йӕ ныхас нӕ фӕсайдта ӕмӕ йӕ чызджы Силоммӕ арвыста, цӕмӕй цӕрӕнбонты уым Хуыцауы цатыры лӕггад кодтаид (Тӕрх. 11:30–35). Кӕд Йеффайӕн уый тынг зын уыд, уӕд йӕ чызгӕн та ноджы зындӕр уыд. Фӕлӕ уӕддӕр, йӕ фыд Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уыд (Тӕрх. 11:36, 37). Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йын бар нал уыдаид, цӕмӕй смой кодтаид, цот рауагътаид ӕмӕ йӕ фыды хӕдзарвӕндаг адарддӕр кодтаид. Уӕдӕ кӕд искӕмӕн йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын хъуыди, уӕд Йеффайы чызгӕн. Библийы фыст ис: «Израилы ӕрфидар ахӕм ӕгъдау: афӕдзӕй-афӕдзмӕ, афӕдз цыппар боны, Израилы чызджытӕ цыдысты Галаады цӕрӕг Йеффайы чызгмӕ, цӕмӕй-иу дзы феппӕлыдаиккой» (Тӕрх. 11:39, 40). Нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕй чидӕртӕ бинонтӕ не скӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразой (1 Кор. 7:32–35). Ӕмӕ уыдон дӕр уый аккаг куыннӕ сты, цӕмӕй сӕ ӕппӕлӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм. w18.04 17 ф., 10, 11 абз.

Ӕртыццӕг, 30 декабрь

Йӕ фыццаджы бынат чи нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынат чи ныууагъта, уыцы зӕдтӕ (Иуд. 6).

Доны хъаймӕты размӕ Сайтан зӕдтӕй кӕйдӕрты сцыбӕл кодта, цӕмӕй зӕххон сылгоймӕгтимӕ ӕмуат ӕрцыдаиккой. Ӕмӕ ныр, уыйау Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтыл се ’ппӕтыл дӕр йӕ бар цӕуы. Библийы уый тыххӕй фыст ис, «залиаг калм» йӕ фӕдыл «раласта уӕларвон стъалытӕн се ’ртыккаг хай», зӕгъгӕ (Райд. 6:1–4; Рарг. 12:3, 4). Уыцы зӕдтӕ Хуыцауы бинонтыл сӕ къух куы систой, уӕд афтӕмӕй сӕхи Сайтаны дӕлбар бакодтой. Фӕлӕ уыцы змӕнтӕг зӕдтӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сӕ алчидӕр хицӕнӕй архайы. Хуыцау куыд сфидар кодта Паддзахад, афтӕ Сайтан дӕр йӕхи ӕнӕуынгӕ хицауад скодта. Йӕхӕдӕг дзы у паддзах, дӕлимонтӕн та радта хицауы бартӕ ӕмӕ сӕ «дунейы хицӕуттӕ» скодта (Еф. 6:12). Сайтан йӕхицӕн цы хицауад скодта, уый фӕрцы ӕппӕт зӕххон хицауӕдтыл дӕр йӕ бар цӕуы. w18.05 23 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 31 декабрь

Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн. Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фӕамонынц зонд (Пс. 16:7).

Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый хатгай равдисы, уарзӕгой фыдау нын зонд кӕй фӕамоны, уымӕй. Давид Йегъовӕйы зондамындӕй алкӕддӕр уыд бузныг. Давид-иу Хуыцауы хъуыдытӕм йе ’ргом здӕхта ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕныныл архайдта. Уый фӕрцы йӕ зондахаст раст кодта ӕмӕ йӕ удыхъӕд хуыздӕрырдӕм ивта. Ды дӕр афтӕ куы архайай, уӕд Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы суыдзынӕ фӕлтӕрд чырыстон. Иу хо, Кристин, загъта: «Библи иртасгӕйӕ, цы бакӕсын, ууыл лӕмбынӕг куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Йегъовӕ уыцы ныхӕстӕ мӕнӕн ныффыссын кодта!» Фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уый ацы дунемӕ ӕмӕ йӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсы. Йегъовӕ дын ахӕм диссаджы зонындзинӕдтӕ цӕмӕн дӕтты? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй зонай, царды ӕппӕты сӕйраг цы у, уый, стӕй зондджын уынаффӕтӕ хӕссай ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсай! (Ис. 26:3) w18.12 26 ф., 9, 10 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын