Январь
Майрӕмбон, 1 январь
Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фӕнды уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ архайын, цӕмӕй сӕ лӕггады «рохуаты мацы уадзой» (2 Тим. 4:5). Царды уымӕй ахсджиагдӕр куыст нӕй, ӕмӕ йӕ хъӕуы ӕвӕстиатӕй кӕнын. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты сӕ бон нӕу, цас сӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Мах фӕхъӕуы ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр аразын, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты нӕ хъӕуы бирӕ кусын, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты фӕдарӕм. Кӕмӕндӕрты та нӕ нӕ бинонтӕй чидӕр у кӕсинаг, йе та нӕхӕдӕг стӕм рынчын кӕнӕ нын ис депресси. Науӕд та цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Кӕд нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын, уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныфс асӕттын ма бауадзӕм. Йесо зыдта, Паддзахады хъуыддаджы архайгӕйӕ се ’ппӕтӕн сӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн иухуызон тыллӕг дӕттын (Матф. 13:23). Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм, уымӕн (Дзут. 6:10–12). w19.04 2 ф., 1–3 абз.
Сабат, 2 январь
Хӕйрӕг у... мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд (Иоан. 8:44).
Мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕны, уымӕй Йегъовӕйы номыл цъыф калы. Уыцы мӕнг ныхӕстӕй иу у, зӕгъгӕ, дам, чи амӕлы, уыдонӕй кӕйдӕрты Хуыцау зындоны арты хъизӕмарӕй мары. Ахӕм мӕнг ныхӕстӕй Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф калы! Ома куыд? Хуыцау у уарзондзинад, фӕлӕ уыцы ахуырӕдты тыххӕй афтӕ уайы, цыма Хуыцау ӕгъатыр у, Хӕйрӕг йӕхӕдӕг куыд у, раст афтӕ (1 Иоан. 4:8). Уый махӕн тынг зын у. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр уый зын у, уымӕн ӕмӕ уый ӕгъатырдзинадӕй йе сӕфт уыны (Йер. 19:5). Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийы нывондыл не ’ууӕндынц (Матф. 20:28). Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй ма иу ахӕм у, ӕмӕ, дам, адӕймагӕн ис ӕнӕмӕлгӕ уд. Ӕцӕгдӕр афтӕ куы уаид, уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ бон уаид ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ Чырыстийы дӕр нӕ хъуыдаид мах тыххӕй йӕ цард дӕттын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уыдаиккам. Рох нӕ ма уӕд, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уымӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Йегъовӕ дӕр адӕммӕ равдыстой стыр уарзондзинад – уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста (Иоан. 3:16; 15:13). Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн куыд зын у, мӕлӕтимӕ баст мӕнг ахуырӕдты тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийы нывондыл кӕй не ’ууӕндынц, уый! w19.04 14 ф., 1 абз.; 16 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 3 январь
«Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, цӕмӕй йын зонд амона?» Мах та хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ (1 Кор. 2:16).
Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ кӕм фыст сты? Йесо зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ фыст сты цыппар Евангелийы. Чырыстон Грекъаг Фыстыты иннӕ чингуыты фӕрцы дӕр ис бамбарӕн, Йесо алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ чи фыста, уыдон сӕ сыгъдӕг тыхы разамындӕй фыстой ӕмӕ, «Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» хъуыды кодтой. Чырысти цы амыдта, уый хауы нӕ царды алы хъуыддагмӕ дӕр. Уӕдӕ, «Чырыстийы закъон» кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ алы хъуыддагӕй дӕр, ӕмӕ уӕлдай нӕу, хӕдзары уӕм, куысты, скъолайы ӕви ӕмбырды (Гал. 6:2). Ацы закъоны тыххӕй мах фылдӕр базонӕм Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ кӕсгӕйӕ ӕмӕ сыл хъуыды кӕнгӕйӕ. Ӕмӕ дзы цы амындтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй уыцы закъон феххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, фӕхъусӕм нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ, Йесо адӕмы цӕуылдӕриддӕр ахуыр кодта, уыдӕттӕ йын Йегъовӕ бацамыдта (Иоан. 8:28). w19.05 3 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 4 январь
Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр (2 Тим. 3:13).
Адӕймагӕн хъыг вӕййы, чидӕртӕ, Хӕйрӕгӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕй фӕаразынц, уый. Фӕлӕ Йегъовӕ Хӕйрӕджы фыдхъуыддӕгтӕ иууылдӕр уыны. Уый нын уыны нӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ йӕ бон у махӕн удӕнцой раттын. Ахӕм «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» кӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн у стыр арфӕдзинад. «Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр, цӕмӕй нын цы удӕнцой дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын» (2 Кор. 1:3, 4). Гыццылӕй йӕ хиуӕттӕй чидӕр тыхми кӕмӕн бакодта кӕнӕ та ахӕм хабарӕй йӕ ныййарджытӕ кӕй нӕ бахъахъхъӕдтой, уыдонӕн уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы удӕнцой дӕттын. Псаломзарӕггӕнӕг Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр удӕнцой кӕй дӕтдзӕн (Пс. 27:10). Давиды уырныдта, адӕймагыл йӕ бинонтӕ куы нӕ тыхсой, уӕддӕр Йегъовӕ кӕй суыдзӕн йӕ Фыд. Йегъовӕ ахӕм адӕймагӕн удӕнцой ратты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты уылты. Хуыцауӕн иумӕ кӕимӕ лӕггад кӕнӕм, уыдонимӕ мах стӕм иу бинонтау. Йесо иухатт ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у мӕнӕн ме ’фсымӕр дӕр, мӕ хо дӕр ӕмӕ мӕ мад дӕр» (Матф. 12:48–50). w19.05 15, 16 фф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 5 январь
Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Сӕйраджыдӕр цы хъуамӕ иртасӕм? Хъуамӕ-иу алы бон дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм Хуыцауы Ныхас иртасынӕн. Алы къуыри дӕр нӕ ӕмбырдмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ Библийӕ цы сӕртӕ фӕхъӕуы бакӕсын, уыдон фӕкъаддӕр кодтой, цӕмӕй нын фылдӕр рӕстӕг уа, цы бакӕсӕм, ууыл ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ нӕ публикациты фылдӕр ӕрмӕг бацагурынӕн. Нӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй-иу Библийы сӕртӕ ӕнӕуи бакӕсӕм. Хъуамӕ-иу, цы бакӕсӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уӕм (Пс. 19:14). Ӕмбырды «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» статья куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы Библи хуыздӕр бамбарӕм. Уымӕ гӕсгӕ-иу дӕ хъус дар Библийы стихтӕм, уӕлдайдӕр та, ӕмбырды рӕстӕг кӕй кӕсдзыстӕм, уыдонмӕ. Ахъуыды-иу кӕн, стихты сӕйраг хъуыдытӕ абзацимӕ куыд баст сты, ууыл. Стӕй ма-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у, статьяйы цы стихтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын (Пс. 119:27). w19.05 27 ф., 5, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 6 январь
Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын (Иоан. 4:34).
Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уыцы хъуыддаджы нын ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон ныууагъта Йесо Чырысти. Уымӕн царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. Цӕмӕй хорз хабар фылдӕр адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаид, уый тыххӕй сӕдӕгай километртӕ фӕцыд. Йесо алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй-иу адӕмӕн сӕ хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кодтаид. Иудзырдӕй йын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау хорз хабар хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын. Мах цӕттӕ вӕййӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ бон уа хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын (Мар. 6:31–34; 1 Пет. 2:21). Чырыстӕттӕй чидӕртӕ лӕггад кӕнынц сӕрмагонд пионертӕй, чидӕртӕ та – пионертӕй ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй. Иннӕтӕ та сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг. Чидӕртӕ та лӕггад кӕнынмӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Фӕлӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг бирӕ аразынц. Нӕ бон бирӕ у лӕггад кӕнын ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ, нӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр нӕ домы. w19.04 4 ф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 7 январь
Мӕ ныхӕстӕ ӕмӕ дын мӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕхсызгон уӕнт, о Йегъовӕ (Пс. 19:14).
Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Цымӕ мӕ зӕрдӕйы мидӕг искӕмӕ хӕлӕг кӕнын?» (1 Пет. 2:1). «Кӕцӕй дӕн, цавӕр ахуырад мӕм ис кӕнӕ мӕм цас ӕхца ис, уый тыххӕй, мыййаг, мӕхи иннӕтӕй хуыздӕр нӕ хонын?» (Ӕмб. 16:5). «Мӕнмӕ цы ис, уыдӕттӕ кӕмӕ нӕй кӕнӕ, мӕ адӕмыхаттӕй чи нӕу, уыдонмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ кӕсын?» (Иак. 2:2–4). «Хӕйрӕджы дунейы цы ис, уыдӕттӕй мӕ зӕрдӕмӕ исты цӕуы?» (1 Иоан. 2:15–17). «Ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тыхми кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ уарзын?» (Пс. 97:10; 101:3; Амос 5:15). Ацы фарстатӕн дзуапп куы раттӕм, уӕд бамбардзыстӕм, цӕуыл нӕ хъӕуы кусын, уый. Махыл не ’мбӕлттӕ тынг фӕзынынц (Ӕмб. 13:20). Кӕимӕ кусӕм кӕнӕ скъолайы кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон нын, ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ, Хуыцау куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнынӕн не ’ххуыс кӕнынц. Фӕлӕ нӕ бон у нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ ӕмбырды ссарын. Уым нӕ разӕнгард кӕнынц «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзут. 10:24, 25). w19.06 12 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 8 январь
Иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны (Ӕмб. 19:11).
Йегъовӕ нӕ афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ’взарӕм ӕмӕ маст кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ бамбарӕн ис, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй исчи истӕуыл тынг куы фӕмаст кӕны, уӕд хатт ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ цӕмӕн фӕкӕны, уый (Иов 6:2, 3). Кӕд суанг Йегъовӕйы тыххӕй кӕнӕ махӕн нӕхи тыххӕй дӕр цыдӕр раст нӕ загъта, уӕддӕр-иу ӕм хъуамӕ ма рамӕсты уӕм ӕмӕ-иу ын йӕ ныхӕсты тыххӕй уайдзӕфтӕ ма кӕнӕм. Стыр зындзинадыл чи сӕмбӕлд, ахӕм адӕймагӕн иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы цавӕрдӕр уынаффӕ раттын кӕнӕ йын зонд бацамонын (Гал. 6:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уый сӕ бон куыд у аразын? Уыцы хъуыддаджы хъуамӕ фӕзмой Елиуйы. Уый Иовмӕ тынг лӕмбынӕг хъуыста (Иов 33:6, 7). Елиуй бамбӕрста, Иов куыд хъуыды кодта, уый ӕмӕ йын ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ радта уынаффӕ. Елиуйы чи фӕзмы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймагмӕ лӕмбынӕг байхъусынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй йын йӕ уавӕр бамбарой. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ уынаффӕ куы раттынц, уӕд сын уый дӕр сӕ уынаффӕмӕ хуыздӕр байхъусы. w19.06 22, 23 фф., 10, 11 абз.
Сабат, 9 январь
Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29).
Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын? Филиал уе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд ӕмӕ уынаффӕтӕ дӕтдзӕн. Фӕлӕ филиалӕн фадат куы нӕ уа, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд дӕтта, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уе ’мбырды алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ бон уа Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын. Уыдон уын разамынд дӕтдзысты, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 28:19, 20; Дзут. 10:24, 25). Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ лӕггадгӕнджытӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг алкӕддӕр кӕй уыдзӕн (Ис. 65:13, 14; Лук. 12:42–44). Ӕмӕ Хуыцауы организаци алцыдӕр араздзӕн, цӕмӕй дын уа, иузӕрдионӕй баззайынӕн дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Фӕлӕ уӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы ’рцӕуа, уӕд дӕхи бон та цы уыдзӕн аразын? Дӕ Библи ӕмӕ иннӕ публикацитӕ хорз кӕм бамбӕхсай, ахӕм бынат-иу ссар. Уыцы хӕзнатӕ,– фӕнды мыхуыргонд публикацитӕ уой, фӕнды электронон,– ӕнцонтӕй сӕ кӕм ссарой, ахӕм ран ма уадз. Алчидӕр хъуамӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араза, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уа. w19.07 10, 11 фф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 10 январь
Алыхуызон адӕмӕн дӕр сдӕн алцыдӕр, цӕмӕй исты хуызы иуӕй-иуты уӕддӕр фервӕзын кӕнон (1 Кор. 9:22).
Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр дины хабар афтӕ уыд, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр динтыл хӕст уыдысты. Фӕлӕ фӕстаг азты уавӕр тынг фӕивта. Фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, йӕхи уырнӕгыл чи нӕ нымайы, ахӕм адӕм. Суанг ма кӕцыдӕр бӕстӕты адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕхи уырнӕг нӕ хонынц (Матф. 24:12). Цымӕ цӕуылнӕ? Кӕмӕндӕрты сӕйраг сты ирхӕфсӕнтӕ, кӕмӕндӕрты та царды сагъӕстӕ ӕнцой нӕ дӕттынц (Лук. 8:14). Чидӕртӕ систы атеисттӕ. Кӕйдӕрты та Хуыцау уырны, фӕлӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, дин адӕмы хъуыди раджы заманты, нӕ рӕстӕджы та никӕй хъӕуы ӕмӕ, дам, ницы пайда у. Стӕй ма фӕзӕгъынц, динӕн, дам, наукӕимӕ иумӕйагӕй ницы ис, стӕй, дам, ӕмбаргӕ адӕймаг диныл хӕст куыд хъуамӕ уа. Уыдон се ’мбӕлттӕй, сӕ ахуыргӕнджытӕй йе та телевизоры фехъусынц (кӕнӕ интернеты бакӕсынц), цард эволюцийы фӕрцы кӕй фӕзынд. Фӕлӕ Хуыцауыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уымӕн та сын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ничи ’рхӕссы. Иуӕй-иутӕн дин фенад дины разамонджыты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сты ӕхцауарзаг ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ къухы фылдӕр бартӕ уа. Кӕцыдӕр бӕстӕты та хицауад адӕмӕн бар нӕ дӕтты, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕной. w19.07 20 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 11 январь
Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу (1 Кор. 15:58).
Махӕн ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ хъаруджын уӕм, цӕмӕй чырыстон фӕндагыл ӕнтыстджынӕй згъорӕм. Кӕд ацӕргӕ чырыстӕттӕн се уӕнгты уыйас хъару нал ис, уӕддӕр дзы бирӕтӕн сӕ зӕрдӕты зынг судзы ӕмӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый дӕттын (2 Кор. 4:16). Чи зоны, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕныс, фӕлӕ ныр де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон нал у раздӕрау бирӕ аразын. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ номыл цыдӕриддӕр сарӕзтай, уымӕн (Дзут. 6:10). Стӕй дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕйы бирӕ уарзӕм ӕви нӕ, уый, цас аразӕм, уымӕй баргӕ нӕу. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм, цингӕнгӕйӕ кӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ, нӕ бон цы у, уый кӕй аразӕм, уымӕй (Кол. 3:23). Йегъовӕ ӕмбары, нӕ бон алцы кӕй нӕу, ӕмӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ нӕ домы (Мар. 12:43, 44). w19.08 3 ф., 6 абз.; 5 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 12 январь
Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной (Матф. 5:16).
Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ ’рбакӕны чырыстон ӕмбырды «хорз хъуыддӕгты» фӕрцы (Матф. 5:14, 15; 1 Пет. 2:12). Кӕд дӕ цардӕмбал Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕд де ’мбырдӕй искӕимӕ зонгӕ у? Ӕмбырдмӕ-иу ӕй фӕхон (1 Кор. 14:24, 25). Мах ныфс ис, нӕ бинонтӕ иууылдӕр рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты ӕмӕ немӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ сын кӕд тынг зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ суой, уӕддӕр Хуыцауы фӕндагыл ма ’рлӕууой. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ нӕхи ма аххосджын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ сӕхӕдӕг рахӕсдзысты. Нӕ бон нӕу, мах цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл искӕй тыххӕй баууӕндын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр дӕ бинонтӕ куы уыной, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ куыд амондджын дӕ, уӕд, гӕнӕн ис, сӕ хъуыды фӕивой. Дӕ бинонты тыххӕй кув. Семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕн. Ӕмӕ сын дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн (Хъуыд. 20:20). Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ дӕм дӕ бинонтӕ куы байхъусой, уӕд фервӕздзысты! w19.08 18, 19 фф., 15–17 абз.
Ӕртыццӕг, 13 январь
Буарӕн йӕ цырагъ цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн рухс (Матф. 6:22).
Ацы ныхӕстӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Хъуамӕ хуымӕтӕг цард кӕнӕм, ома нӕ хъарутӕ иууылдӕр хъуамӕ арӕзт уой иунӕг нысанмӕ ӕмӕ нӕ уыцы хъуыддаджы хъуамӕ мацы къуылымпы кӕна. Йесойӕн йӕхицӕн дӕр царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаг царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ мах дӕр Йесойау архайӕм, цӕмӕй «фыццаджыдӕр агурӕм Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад», ома нын царды ӕппӕты сӕйраг уа Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Матф. 6:33). Цӕмӕй нӕ хъарутӕ иууылдӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ саразӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Иу уый, ӕмӕ хуымӕтӕг цард куы кӕнӕм. Уый фӕрцы нын фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн ӕмӕ йӕ бауарзынӕн. Зӕгъӕм, нӕ бон нӕ уаид нӕ куысты график фӕивын, цӕмӕй нын къуырийы дӕргъы хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа? Кӕнӕ та нын кӕд цавӕрдӕр ирхӕфсӕнтӕ бирӕ рӕстӕг исынц, уӕд нӕ бон нӕ уаид исты фӕивын? w19.04 5, 6 фф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 14 январь
Ӕз цӕрын бӕрзонд ӕмӕ сыгъдӕг бынаты, стӕй, ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыдонимӕ (Ис. 57:15).
Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕн фӕстаг азты сӕ лӕггады ӕрцыд ивындзинӕдтӕ, ӕмӕ сын уый ӕнцон нӕ уыд. Уыдон сӕ лӕггад тынг уарзтой. Бирӕтӕ сӕ уыцы хъуыддаджы лӕуд уыдысты бирӕ азты дӕргъы. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ тынг маст кодтой, цалынмӕ ног уавӕртыл нӕ сахуыр сты, уӕдмӕ. Цымӕ сын цы баххуыс кодта? Йегъовӕйы кӕй уарзынц, сӕйраджыдӕр уый. Уыдон ӕй ӕмбарынц, сӕхи цавӕрдӕр куыстӕн кӕнӕ бынатӕн кӕй не снывонд кодтой, фӕлӕ Хуыцауӕн (Кол. 3:23). Ӕмӕ цӕттӕ сты Йегъовӕйӕн кӕмфӕнды дӕр сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынмӕ. Уыдон се ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, кӕй сыл тыхсы (1 Пет. 5:6, 7). Сӕрныллӕгдзинад нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд уый пайда хӕсдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Стӕй-иу нын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн зындзинӕдтӕн фӕразын. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм нӕ уӕларвон Фыдмӕ. w19.09 6, 7 фф., 15–17 абз.
Майрӕмбон, 15 январь
Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ сты раст – зӕрдӕ цинӕй дзаг кӕнынц. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый ссары стыр хорзӕх (Пс. 19:8, 11).
Йегъовӕ Давиды ӕрмӕст йӕ бинонтӕн нӕ сӕвӕрдта хистӕрӕй. Сӕвӕрдта ма йӕ паддзахӕй ӕнӕхъӕн Израилы адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ Давидмӕ уыд стыр бартӕ. Фӕлӕ-иу афтӕ дӕр уыд, ӕмӕ-иу йӕ бартӕй раст не спайда кодта, ӕмӕ стыр рӕдыдтытӕ ӕруагъта (2 Сам. 11:14, 15). Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ каст. Йегъовӕ-иу ын зонд куы бацамыдта, уӕд-иу ӕм байхъуыста. Ӕмӕ-иу ын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзырдта (Пс. 51:1–4). Уымӕй уӕлдай, Давид уыд сӕрныллӕг ӕмӕ-иу ӕрмӕст нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕм нӕ байхъуыста, фӕлӕ сылгоймӕгты уынаффӕтӕм дӕр (1 Сам. 19:11, 12; 25:32, 33). Кӕд-иу Давид фӕрӕдыд, уӕддӕр-иу ын йӕ рӕдыдтытӕ зонды хос фесты. Ӕмӕ йын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Уый зыдта, Йегъовӕйы коммӕ кӕсын цы пайда хӕссы, уый. Абон нӕхи цӕстӕй уынӕм, Йегъовӕйы коммӕ чи кӕсы, уыдон куыд хицӕн кӕнынц, йӕ уынаффӕтӕ йын чи ницӕмӕ дары, уыдонӕй. Йегъовӕйы коммӕ чи кӕсы, уыдон «цины хъӕр кӕнынц, сӕ зӕрдӕ кӕй райы, уый тыххӕй» (Ис. 65:13, 14). w19.09 17 ф., 15 абз.; 19 ф., 21 абз.
Сабат, 16 январь
Федтон тынг бирӕ адӕм... Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз (Рарг. 7:9).
1935 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой иу хъуыддаг: цӕмӕй «тынг бирӕ адӕмӕн» сӕ бон уа «паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» лӕууын, уый тыххӕй сӕ уӕлӕрвты цӕрын кӕй нӕ хъӕуы. Кӕд цӕргӕ зӕххыл кӕндзысты, уӕддӕр сӕ бон уыдзӕн «паддзахбадӕны... раз» лӕууын. Уый тыххӕй сӕ хъӕуы Йегъовӕйы Дун-дунейы Хицауыл нымайын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын (Ис. 66:1). «Уӕрыччы раз» кӕй лӕудзысты, уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ ӕууӕнддзысты Чырыстийы нывондыл. Зӕгъӕм, Матфейы 25:31, 32 стихты дӕр фыст ис, «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр», уыимӕ фыдгӕнджытӕ дӕр, кӕй «ӕрӕмбырд уыдзысты» Йесойы раз, йӕ кадджын паддзахбадӕныл куы ’рбада, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ уӕлӕрвты нӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, фӕлӕ зӕххыл. Уӕдӕ ног ӕмбарынад бӕгуыдӕр раст уыд. Уый фӕрцы ис бамбарӕн, Библи афтӕ цӕуылнӕ дзуры, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты. Хуыцау ӕрмӕстдӕр иу къордӕн бавӕрдта зӕрдӕ, уӕлӕрвты ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕй. Уыдон сты 144 мины ӕмӕ Йесоимӕ иумӕ «зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Рарг. 5:10). w19.09 28 ф., 9 абз.
Хуыцаубон, 17 январь
Уарзут Йегъовӕйы, иузӕрдион ыл чи у, уыдон уе ’ппӕт дӕр (Пс. 31:23).
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Стыр Вавилонӕй рацӕуой ӕмӕ сын йемӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацыуал уа. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ нӕ фидар фӕнд уа, дарддӕр дӕр раст диныл хӕст кӕй уыдзыстӕм. Аныхас кӕнӕм дыууӕ хъуыддагыл. Фыццаг: хъуамӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрӕм. Хъуамӕ ацы дунейы хӕлд зондыл ма ныххӕцӕм. Адӕймаг хӕта ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕна, уый мах растыл нӕ нымайӕм. Ӕмӕ уымӕ хауы, нӕлгоймаг нӕлгоймагимӕ кӕнӕ сылгоймаг сылгоймагимӕ сӕ цард куы баиу кӕнынц йе та ӕндӕр ӕнӕгъдау митӕ куы фӕкӕнынц (Матф. 19:4, 5; Ром. 1:26, 27). Дыккаг: хъуамӕ дарддӕр дӕр не ’мчырыстӕттимӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Мах пайда кӕнӕм алыхуызон фадӕттӕй. Ӕрӕмбырд вӕййӕм Паддзахады залты, куы бахъӕуы, уӕд та хӕдзӕртты ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты дӕр, суанг сусӕгӕй дӕр. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр мах ӕмбырдтӕм цӕудзыстӕм. «Уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). w19.10 15 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 18 январь
Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион (Рац. 34:14).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. Ӕмӕ нӕхи куы аирхӕфсӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ бахъӕлдзӕг вӕййынц. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «царды мидӕг адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ куы хӕра, куы нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй йӕ удӕн хорзӕй исты куы уынын кӕна» (Еккл. 2:24). Фӕлӕ ацы дунейы ирхӕфсӕнтӕн сӕ фылдӕр ахӕмтӕ сты, ӕмӕ ныл, гӕнӕн ис, ӕвзӕрырдӕм фӕзыной. Уыцы ирхӕфсӕнтӕ адӕмы халгӕ кӕнынц – Хуыцау ӕвзӕрыл цы хъуыддӕгтӕ нымайы, уыдон сӕм ӕвзӕр нал фӕкӕсынц кӕнӕ та суанг сӕ зӕрдӕмӕ цӕуын дӕр райдайынц. Мах фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уӕм иузӕрдион. Уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ «Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрӕм» ӕмӕ «хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр» (1 Кор. 10:21, 22). Дыууӕ адӕймаджы иумӕ къӕбӕр куы фӕхӕрынц, уӕд уый арӕх дзурӕг вӕййы, хӕларӕй кӕй цӕрынц, ууыл. Кӕд, тыхми, спиритизм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕм вӕййы, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ равзарӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕхӕрӕм Хуыцауы знӕгты конд хӕринӕгтӕй. Ахӕм ирхӕфсӕнтӕ ныл ӕвзӕрырдӕм фӕзындзысты. Ӕмӕ ма афтӕмӕй хӕлы, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый дӕр. w19.10 26 ф., 2 абз.; 29, 30 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 19 январь
Адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ (2 Пет. 1:21).
Цӕмӕй наудзау дымгӕйы фӕрцы бынатмӕ бахӕццӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ дыууӕ хъуыддаджы сараза. Фыццаг: хъуамӕ денджызмӕ рацӕуа ӕмӕ, дымгӕ кӕцырдӕм дымы, уыцырдӕм йӕ нау сараза. Афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд наулӕууӕны баззайдзӕн. Дыккаг: хъуамӕ наупӕлӕзтӕ сиса ӕмӕ сӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тынгдӕр айтындза. Уый уымӕн хъӕуы, ӕмӕ, дымгӕ куы дыма, уӕддӕр нау размӕ нӕ ацӕудзӕн, цалынмӕ наупӕлӕзтӕ дымгӕйӕ нӕ байдзаг уой, уӕдмӕ. Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын, йӕ сыгъдӕг тых нын куы ’ххуыс кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕмӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: хъуамӕ цӕуӕм, Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ кӕдӕм кӕны, уыцырдӕм, ома Хуыцауы хъуыддӕгты архайӕм. Дыккаг: хъуамӕ нӕ «наупӕлӕзтӕ», гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тынгдӕр айтындзӕм, ома уыцы хъуыддӕгты ӕппӕт хъарутӕй архайӕм (Пс. 119:32). Уӕд нӕ сыгъдӕг тых размӕ хӕсдзӕн, нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ-иу фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд дӕр ӕмӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. w19.11 9 ф., 8 абз.; 10 ф., 11 абз.
Ӕртыццӕг, 20 январь
Мӕ фарн уын дӕттын (Иоан. 14:27).
Йесо зӕххыл фӕстаг бон куы уыд, уӕд ын тыхст хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, уымӕн ӕмӕ зыдта, тагъд фыдгӕнджыты къухӕй хъизӕмайраг мардӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ йӕм ахӕм мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, ӕрмӕст ууыл нӕ тыхст. Уый йӕ Фыды тынг уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Йесо зыдта, разӕй йӕм цы уӕззау фӕлварӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уым иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы ном кӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. Йесо адӕмы дӕр уарзта ӕмӕ зыдта, се ’нусон цард баст кӕй у, кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Фӕлӕ кӕд Йесо ахӕм тыхст уыд, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы уыди фарн. Уый хайджын уыд «Хуыцауы фарнӕй» – Йегъовӕимӕ ӕнгом чи у, уыдон кӕмӕй вӕййынц хайджын, уыцы фарнӕй. Ӕмӕ уыцы фарны фӕрцы йӕ зӕрдӕ уыд сабыр ӕмӕ ӕгӕр нӕ тыхсти (Фил. 4:6, 7). Йесо цы фыдӕвзарӕнты бахауд, ахӕм фыдӕвзарӕнты махӕй иу дӕр никуы бахаудзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзысты (Матф. 16:24, 25; Иоан. 15:20). Стӕй Йесойау махӕн дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ тыхст хъуыдытӕ ӕнцой нӕ дӕтдзысты. w19.04 8 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 21 январь
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы зынг ма хуыссын кӕнут (1 Фес. 5:19).
Хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕн, уымӕн аргъ кӕнын?» Йегъовӕ нын ӕвдисы, абон йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны. Ӕмӕ дзы мах бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй стӕм бузныг (1 Фес. 5:18). Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы организацийӕн ӕххуыс кӕнын? Не ’ххуыс бӕрӕг уыдзӕн, Библийӕ, нӕ публикацитӕй, нӕ фембӕлдты ӕмӕ нӕ конгрессты цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уымӕй. Уый ма бӕрӕг уыдзӕн, хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй куы архайӕм, уымӕй дӕр (1 Кор. 15:58). Мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ нывӕндтӕй райгонд уа. Мах Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм, бузныг дзы кӕй стӕм, уый тыххӕй. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр дӕтдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм. Стӕй йын йӕ организацийӕн ӕппӕт хъарутӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисдзыстӕм, кӕй йын лӕггад кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайӕм! w19.11 25 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 22 январь
Чи мыл ӕууӕнды, уый... ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн (Иоан. 14:12).
Йесо уый зӕгъинаг нӕ уыд, ӕмӕ уыйау диссӕгтӕ араздзыстӕм. Фӕлӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кӕндзысты фылдӕр рӕтты, ахуыр кӕндзысты фылдӕр адӕмы ӕмӕ сӕ лӕггад ахӕсдзӕн фылдӕр рӕстӕг. Кӕд искуы кусыс, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕ куысты мӕ куыстуарзагӕй зонынц? Цы куыст мын бахӕс кӕнынц, уый афоныл ӕмӕ бӕстон бакӕнын?» Кӕд о, уӕд дыл дӕ хицау дӕр ӕууӕнддзӕн. Стӕй ахӕм ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг кӕй дӕ, уый уынгӕйӕ, чи зоны, де ’мкусджыты дӕр бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын. Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куыд архайыс, уый тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы хъуыддаджы мӕ куыстуарзагӕй зонынц? Уацамындмӕ мӕхи хорз бацӕттӕ кӕнын? Хорз чи байхъусы, уыдонмӕ ногӕй ӕвӕстиатӕй бацӕуын? Хъусын кӕнгӕйӕ алыхуызон фадӕттӕй фӕпайда кӕнын?» Кӕд о, уӕд дын дӕ лӕггад ӕнӕмӕнг циндзинад хӕсдзӕн. w19.12 5 ф., 14, 15 абз.
Сабат, 23 январь
Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа (Еф. 5:33).
Кӕд лӕг ӕмӕ ус сфӕнд кодтой сывӕллӕттӕ рауадзын, уӕд хъуамӕ аныхас кӕной дыууӕ ахсджиаг фарстайыл. Фыццаг: кӕд фӕнд кӕнынц сывӕллӕттӕ рауадзын? Дыккаг: цал сывӕллоны сӕ хъӕуы? Ацы фарстатыл хуыздӕр кӕд уыдзӕн аныхас кӕнын ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн сты? Ацы фарстатыл аныхас кӕнын арӕхдӕр хуыздӕр вӕййы, цалынмӕ лӕппу ӕмӕ чызг сӕ цард нӕ баиу кӕнынц, уӕдмӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ахсджиаг у, цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ иухуызон цӕстӕй кӕсой. Стӕй ма хъуамӕ аныхас кӕной, сӕхимӕ уыцы хӕс райсынмӕ цӕттӕ сты ӕви нӕ. Иуӕй-иуты нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд сын сывӕллон уайтагъд рацӕуа, ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнынц, иу кӕнӕ дыууӕ азы кӕй банхъӕлмӕ кӕсдзысты. Фӕхъӕуы сӕ рӕстӕг, цӕмӕй бамбарой, бинонты цард цы у, уый. Уыдон фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ нын цалынмӕ сывӕллӕттӕ нӕ райгуыра, уӕдмӕ нын кӕрӕдзийӕн фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ дӕр баввахсдӕр уыдзыстӕм. w19.12 23 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 24 январь
Ӕцӕг ӕмбал... у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).
Ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл, ӕвзарынц рыст ӕмӕ маст. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ сты уӕззау низӕй рынчын, кӕуылдӕр зиан ӕрцыд. Кӕмӕндӕр йӕ бинонтӕй чидӕр кӕнӕ йе ’мбал рӕстдзинад ныууагъта. Кӕмдӕрты та нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕрдзон бӕллӕхтӕ стыр зиан ӕрхӕссынц. Ӕмӕ, ахӕм зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыцы чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр хъӕуы ныфс уадзын. Нӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын? Хъуамӕ сын уӕм ӕнувыд ӕмбӕлттӕ. Ӕнувыд ӕмбӕлттӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ не ’вгъау кӕнынц. Иу ӕфсымӕрӕн, Питерӕн, дохтыр загъта, сдзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм низӕй рынчын кӕй у ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фыддӕр кӕй кӕндзӕн. Йӕ бинойнаг Кэтрин радзырдта: «Дохтырмӕ нӕ не ’мбырдӕй иу къай акодта, ӕмӕ йын йӕ низы тыххӕй уӕд базыдтам. Уыцы хо ӕмӕ ӕфсымӕр нын уайтагъд загътой, уыцы уӕззау уавӕры нӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзысты ӕмӕ нӕ се ’ххуыс кӕдфӕнды ма бахъӕуа,– алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзысты». Ахӕм ӕмбӕлттӕ нын баххуыс кӕнынц нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн, ӕмӕ нын стыр ныфсы хос сты! w20.01 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 25 январь
Се ’ппӕт дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой (Хъуыд. 2:4).
Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны иу хӕдзары уӕллаг уаты чи ӕрӕмбырд, уыцы ахуыргӕнинӕгты ’хсӕн ды дӕр куы уыдаис, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтаис, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдтӕ, ууыл (Хъуыд. 2:5–12). Фӕлӕ цымӕ сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр уыцы иухуызон ӕрцӕуынц сыгъдӕг тыхӕй сӕрст? Нӕ. Ӕркӕсӕм, адӕймаг сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕд ӕрцӕуы, уымӕ. Уыцы бон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрмӕст 120 ахуыргӕнинаджы бӕрц не ’рцыдысты. Фӕстӕдӕр ма уыцы бон сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ноджыдӕр 3 мины бӕрц. Уыцы хабар ӕрцыд, донаргъуыд куы райстой, уӕд (Хъуыд. 2:37, 38, 41). Фӕлӕ уый фӕстӕ азты се ’ппӕты хабар афтӕ нӕ уыд. Зӕгъӕм, самариӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, сӕ донаргъуыдӕй цасдӕр куы рацыд, уӕд (Хъуыд. 8:14–17). Корнилий ӕмӕ йӕ хӕдзаронты хабар та бынтон диссаг уыд. Уыдон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, донаргъуыд нӕма райстой, афтӕ (Хъуыд. 10:44–48). w20.01 20, 21 фф., 2–4 абз.
Дыццӕг, 26 январь
Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон (Иоан. 17:26).
Йесо Йегъовӕйы арӕх хуыдта «Фыд». Ӕрмӕст цыппар Евангелийы кӕсгӕйӕ фенӕн ис, афтӕ йӕ кӕй схуыдта 165 хатты бӕрц. Цымӕ йӕ афтӕ арӕх цӕмӕн хуыдта «Фыд»? Йесойы фӕндыд, цӕмӕй адӕм бамбӕрстаиккой, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у (Иоан. 17:25). Ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ Фыртмӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕ. Йегъовӕ алкӕддӕр хъуыста Йесойы куывдтытӕ ӕмӕ-иу ын дзуапп дӕр радта (Иоан. 11:41, 42). Йесо-иу цыфӕнды зын уавӕры дӕр уыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны (Лук. 22:42, 43). Йегъовӕ уарзӕгой Фыд у, ӕмӕ Йесойӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Матф. 26:53; Иоан. 8:16). Йегъовӕ йӕ ӕппӕт хъизӕмӕрттӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид. Йесо зыдта, цыфӕнды ма бавзара, уӕддӕр уый рӕстӕгмӕ кӕй уыдзӕн (Дзут. 12:2). Йегъовӕ равдыста, Йесойы кӕй уарзта, уый. Йӕ куывдтытӕ йын хъуыста, цӕрынӕн ӕй цыдӕриддӕр хъуыд, уый йын лӕвӕрдта, ахуыр ӕй кодта ӕмӕ йын ӕххуыс кодта (Иоан. 5:20; 8:28). w20.02 3 ф., 6, 7 абз.; 4 ф., 9 абз.
Ӕртыццӕг, 27 январь
Алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн. Къуылымпыйы хос... [макӕмӕн] ут (1 Кор. 10:31, 32).
Цавӕрдӕр ӕгъдау ӕххӕст кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ уынаффӕ иннӕты ӕфсармыл, уӕлдайдӕр та не ’мчырыстӕтты ӕфсармыл, куыд фӕзындзӕн, ууыл. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй искӕмӕн къуылымпыйы хос уӕм! (Мар. 9:42). Стӕй нӕ нӕ фӕнды, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдоны истӕмӕй фӕхъыг кӕнын. Раст нӕ уаид, семӕ куы быцӕу кӕниккам ӕмӕ сын се ’гъдӕуттыл куы худиккам. Рох нӕ ма уӕд: уарзондзинадӕн ис стыр тых! Уый нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй семӕ уӕзданӕй дзурӕм ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм. Нӕ ныхмӕ чи у, уыдонмӕ уарзондзинад куы ’вдисӕм, уӕд сын, чи зоны, сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн кӕнӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй иннӕтӕн рагацау зӕгъ (Ис. 43:10). Дӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕ куы зоной, Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, раст куыд у, афтӕ бакӕнын. Цӕй ӕмӕ, мӕлӕты тыххӕй цы рӕстдзинад зонӕм, уый сӕрыл фидарӕй дзурӕм (Ром. 1:16). w19.04 17, 18 фф., 14–16 абз.
Цыппӕрӕм, 28 январь
Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн (1 Кор. 15:9).
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд йӕ 12 апостолы йемӕ иумӕ лӕггад кодтой. Апостол Павел та чырыстон сси, Йесо куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕмӕ кӕд фӕстӕдӕр «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостолӕй» ӕвзӕрст ӕрцыд, уӕддӕр 12 апостолы нымӕцмӕ нӕ хауд (Ром. 11:13; Хъуыд. 1:21–26). Павел сӕм нӕ хӕлӕг кодта, стӕй йын хъыг нӕ уыд, Йесоимӕ афтӕ ӕввахс кӕй уыдысты, уый. Фӕлӕ йын цы уыд, уымӕй райгонд уыд. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд куы уӕм, уӕд мах дӕр Павелау аргъ кӕндзыстӕм, Йегъовӕ бартӕ кӕмӕн радта, уыцы ӕфсымӕртӕн (Хъуыд. 21:20–26). Йегъовӕ ахӕм ӕгъдау сфидар кодта, цӕмӕй нысангонд ӕфсымӕртӕ ӕмбырдӕн разамынд дӕттой. Ӕмӕ кӕд рӕдигӕ дӕр фӕкӕнынц, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ нымайы «лӕвӕрттыл» (Еф. 4:8, 11). Уыцы ӕфсымӕрты куы нымайӕм ӕмӕ сын сӕ разамындмӕ сӕрныллӕгӕй куы хъусӕм, уӕд Йегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад бахъахъхъӕндзыстӕм, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм. w20.02 17 ф., 13 абз.; 18 ф., 14 абз.
Майрӕмбон, 29 январь
Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта (1 Иоан. 4:19).
Цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ дӕр, чи зоны, Библийӕн аргъ кодтай ӕмӕ Йесо Чырыстийы уарзтай. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы базонгӕ дӕ, уӕд, чи зоны, уыдоны дӕр бауарзтай. Фӕлӕ дын уыдӕттӕ зынаргъ кӕй сты, уый фаг нӕу, цӕмӕй дӕ бафӕнда дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Донаргъуыд райсын дӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ фӕнда, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕ тынгдӕр куы никӕй ӕмӕ куы ницы уарзай, уӕд дӕ ничи ӕмӕ ницы бахъыгдардзӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма дын уыцы уарзондзинад донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай. Йесо загъта, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй хъуамӕ уарзӕм (Мар. 12:30). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ афтӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм? Йӕхӕдӕг нӕ куыд тынг уарзы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй мах дӕр бауарздзыстӕм. w20.03 4 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 30 январь
Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз (2 Тим. 4:5).
Ныхӕстӕ, «дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕн хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн, цас хъусын кӕнӕм, ӕрмӕст уый нӕу ахсджиаг, фӕлӕ нӕ уымӕ цы разӕнгард кӕны, уый дӕр. Кӕд нӕ уымӕ, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзӕм, уый разӕнгард кӕны, уӕд ӕппӕт удӕй лӕггад кӕндзыстӕм (Мар. 12:30, 31; Кол. 3:23). Хуыцауӕн ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагӕн дӕттай ӕмӕ, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразай. Хъусын кӕнын нӕхицӕн стыр кадыл куы нымайӕм, уӕд архайдзыстӕм, цӕмӕй хорз хабар, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Чи зоны, нӕ бон нӕу, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кӕнын тынг уарзӕм. Мах архайӕм, цӕмӕй хорз хабар арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарӕм. Мах фӕнды, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. w19.04 2 ф., 3 абз.; 3 ф., 4, 6 абз.
Хуыцаубон, 31 январь
Йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй (Иоан. 8:44).
Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй адӕмы мастыл ӕмӕ хъизӕмӕрттыл ноджы фылдӕр бафты. Зӕгъӕм, йӕ сывӕллон кӕмӕн амӕлы, ахӕм ныййарджытӕн чидӕртӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ӕй Хуыцау йӕхимӕ айста, цӕмӕй уӕлӕрвты зӕд суа. Цымӕ уыцы ныхӕстӕй сӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр вӕййы ӕви ноджы тынгдӕр фӕмаст кӕнынц? Зындоны тыххӕй ахуырад куы райсӕм, уӕд уый та дины разамонджытӕн ӕфсон уыд, цӕмӕй-иу фыдмитӕ кодтаиккой, аргъуаны ахуырӕдты ныхмӕ чи уыд, уыдонӕн. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты-иу хъӕдыл басыгътой. Чиныджы «Испанская инквизиция» куыд фыст ис, афтӕмӕй, уыцы ӕгъатыр митӕ чи кодта, уыдонӕй чидӕртӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, афтӕмӕй еретиктӕн (ома аргъуаны знӕгтӕн) фадат дӕттӕм, зындоны арт цыхуызӕн у, уый бамбарынӕн, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ мӕлӕты размӕ ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ зындонӕй фервӕзын. Иуӕй-иу бӕстӕты адӕмы фӕфӕнды, чи сын амард, уыдоны хорзӕх ссарын ӕмӕ сын скад кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй марды кӕндтӕ фӕкӕнынц. Ӕндӕр бӕстӕты та марды кӕндтӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй сӕ мӕрдты фыдӕх ма баййафа. Хъыгагӕн, мӕлӕтимӕ баст мӕнг ахуырӕдтӕ адӕмӕн ӕцӕг удӕнцой нӕ хӕссынц, фӕлӕ сӕ мӕты ӕмӕ ма суанг тасы дӕр бафтауынц. w19.04 14 ф., 1 абз.; 16 ф., 10 абз.