Февраль
Къуырисӕр, 1 февраль
[Йегъовӕ] уарзы... раст тӕрхон (Пс. 33:5).
Библимӕ гӕсгӕ, рӕстӕй архайын уый у, ӕмӕ, Хуыцау растыл цы нымайы, уый аразай ӕмӕ макӕй хъулон кӕнай. Ӕркӕсӕм, Йесо цы арӕзта, уымӕй куыд зыны, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый хорз кӕй ӕмбӕрста. Йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дзуттаг дины разамонджытӕ се сӕфт уыдтой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй ӕмӕ хуымӕтӕг дзуттӕгтыл былысчъилтӕ кодтой, стӕй сылгоймӕгты ницӕмӕ дардтой. Йесо та хъулон никӕй кодта, уый алкӕимӕ дӕр архайдта рӕстӕй. Йе ’ххуыс-иу нӕ бавгъау кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, фӕлӕ-иу уырнындзинад кӕмӕ разынд, уыдонӕн (Матф. 8:5–10, 13). Йесо алкӕмӕн дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, хъусын кодта (Матф. 11:5; Лук. 19:2, 9). Стӕй сылгоймӕгтимӕ тызмӕгӕй никуы дзырдта ӕмӕ сӕ никуы ӕфхӕрдта. Уый сын аргъ кодта ӕмӕ сӕм хӕлар зӕрдӕ дардта, иннӕты цӕсты ӕнаккаг чи уыд, суанг уыдонмӕ дӕр (Лук. 7:37–39, 44–50). Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Хъулон макӕй кӕнӕм, фӕлӕ-иу хорз хабармӕ байхъусын кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдонӕн-иу хъусын кӕнӕм, хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр, стӕй, цавӕрфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр. Чырыстон нӕлгоймӕгтӕ та Йесойы бафӕзмынц, сылгоймӕгтӕн куы фӕаргъ кӕнынц ӕмӕ уый хъуыддагӕй дӕр куы февдисынц, уӕд. w19.05 2 ф., 1 абз.; 5 ф., 15–17 абз.
Дыццӕг, 2 февраль
Мах [уӕ] рӕвдыдтам, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбулты куыд фӕрӕвдауы, афтӕ (1 Фес. 2:7).
Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ Павелы фӕзмой ӕмӕ, зӕрдӕрыст чи у, уыдонӕн Библийы фӕрцы удӕнцой дӕттой ӕмӕ сӕ ныхасӕй рӕвдауой. Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн цымӕ удӕнцой ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ дӕттой? Нӕ, махӕй алкӕмӕн дӕр у йӕ хӕс иннӕты «фидар кӕнын» (1 Фес. 4:18). Зӕгъӕм, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыцы хотӕн стыр ӕххуыс ӕмӕ удӕнцойы хос уыдзысты фӕлтӕрдджын хотӕ. Йегъовӕ йӕхи дзӕгъӕлы нӕ бары, йӕ хъӕбулы зӕрдӕ чи сабыр кӕны, ахӕм мадимӕ (Ис. 66:13). Библийы ис, тыхст уавӕры чи уыд, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ чи сабыр кодта, ахӕм сылгоймӕгты цӕвиттонтӕ (Иов 42:11). Чырыстон сылгоймӕгтӕ зӕрдӕрыст хоты ныхасӕй куыд барӕвдауынц, уымӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны! Хатгай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕлтӕрдджын хотӕн хибарӕй фӕзӕгъынц, цӕмӕй зӕрдӕрыст хотӕн баххуыс кӕной. Зӕрдӕрыст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕмӕн баххуыс кӕныныл куы архайӕм, уӕд-иу хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм ӕмӕ сӕ дзурын кӕй тыххӕй нӕ фӕнда, ахӕм хабӕрттӕй-иу сӕ ма фӕрсӕм (1 Фес. 4:11). w19.05 16, 17 фф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 3 февраль
[Хъуамӕ] алы хъуыддаг дӕр сбӕлвырд уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ (Матф. 18:16).
Хистӕр нӕлгоймӕгты барадон комитет скӕныны размӕ ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъӕуы хабар сбӕрӕг кӕнын? Уымӕн ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ афтӕ раст у. Кӕй аххосджын кӕнынц, уый куы зӕгъа, ахӕм хъуыддаг нӕ бакодтон, зӕгъгӕ, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты барадон комитет скӕныны размӕ хъӕуы хабар дыууӕ ӕвдисӕны ныхасмӕ гӕсгӕ сбӕрӕг кӕнын (Дык. з. 19:15; 1 Тим. 5:19). Ӕмӕ кӕд уыцы ӕвдисӕнтӕ – адӕймаджы чи аххосджын кӕна, уый ӕмӕ ма ноджыдӕр иу адӕймаг – сбӕлвырд кӕной, ахӕм хъуыддаг кӕй бакодта, уӕд уый фаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ барадон комитет скӕной. Кӕд уыцы хабарӕн ӕрмӕстдӕр иу ӕвдисӕн уа, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ раст не сты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, уӕддӕр уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕгдӕр уӕззау тӕригъӕд сарӕзта. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕттӕ сты, уыцы фыдхъуыддаг зиан кӕмӕндӕриддӕр ӕрхаста, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Стӕй сӕ хъус дардзысты, ахӕм фыдхъуыддаджы кӕй аххосджын кӕнынц, уымӕ, цӕмӕй ӕмбырд бахъахъхъӕной (Хъуыд. 20:28). w19.05 11 ф., 15, 16 абз.
Цыппӕрӕм, 4 февраль
Уыдӕттыл хъуыды кӕн... цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад алчидӕр уына (1 Тим. 4:15).
Ахсджиаг у сывӕллӕттӕн, иртасын куыд хъӕуы, уый амонын. Зӕгъӕм, хъуамӕ зоной, ӕмбырдмӕ цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы, уый. Стӕй ма сӕ хъӕуы зонын, скъолайы сӕ, цӕуыл ӕууӕндынц, уый сӕрыл дзурын куы бахъӕуа, уӕд сӕ бон кӕм у ӕрмӕг ссарын (Дзут. 5:14). Сывӕллӕттӕ-иу хӕдзары Библи иртасынӕн иу цасдӕр рӕстӕг куы рахицӕн кӕной, уӕд-иу сын ӕнцондӕр уыдзӕн, ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уый ӕмбарын. Ныййарджытӕ-иу бинонты ахуырӕн цас рӕстӕг хъуамӕ рахицӕн кӕной, уый кӕнгӕ у сӕ сывӕллӕтты карӕй ӕмӕ сӕ миниуджытӕй. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдоны дӕр хъӕуы зонын, Библи куыд ис иртасӕн, уый. Семӕ ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы, Библийы ахуырмӕ кӕнӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ фарстатӕн дзуаппытӕ кӕй фӕнысан кӕнынц, уый. Фӕлӕ ма сын хъуамӕ амонӕм, сӕхи бон куыд у Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ арф иртасын. Афтӕмӕй-иу, зын уавӕры куы бахауой, уӕд-иу сӕхӕдӕг нӕ публикациты уынаффӕтӕ ссарыныл бацархайдзысты. w19.05 26 ф., 2 абз.; 28 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 5 февраль
Басӕттӕм рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон (2 Кор. 10:5).
Хӕйрӕджы тынг фӕнды, цӕмӕй нын нӕ зондахаст аива. Уый пайда кӕны алыхуызон хъуыдытӕй ӕмӕ ахуырӕдтӕй, цӕмӕй нын, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый нӕ зондахастыл хуыздӕрырдӕм ма ӕндава. Хӕйрӕг абон дӕр пайда кӕны, Едемы цӕхӕрадоны Евӕмӕ цы фарста радта, уыцы фарстайӕ: «Хуыцау... ӕцӕгдӕр загъта..?» (Райд. 3:1). Хӕйрӕджы дунейы арӕх ахӕм фарстатӕ фехъусӕм, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, ууыл, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын райдайӕм. Зӕгъӕм, ахӕмтӕ: «Хуыцауы зӕрдӕмӕ ӕцӕгдӕр нӕ цӕуы, дыууӕ нӕлгоймаджы кӕнӕ дыууӕ сылгоймаджы лӕг ӕмӕ усы цард куы фӕкӕнынц, уый? Хуыцауы ӕцӕгдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕнат? Уӕ Хуыцауы ӕцӕгдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй туг уадзыныл разы кӕнат? Бирӕ уӕ чи уарзы, уыцы Хуыцауы ӕцӕгдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй, уӕ хӕстӕджытӕй кӕнӕ уын уе ’мбӕлттӕй ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ дзурат?» Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтам, ууыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм. Нӕ уырнындзинадмӕ чи хауы, уыцы ахсджиаг фарстатӕн дзуаппытӕ куы нӕ агурӕм, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдайдзыстӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый раст кӕй у, ууыл. Ӕмӕ нын ӕппынфӕстаг уыцы дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕ зонд сдзӕгъӕл кӕндзысты ӕмӕ Хуыцауыл нал ӕууӕнддзыстӕм. w19.06 12, 13 фф., 15–17 абз.
Сабат, 6 февраль
Иууылдӕр ут иу зондыл хӕст, иннӕты рыст уӕм хъарӕд, ӕфсымӕрты уарзут, кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ут сӕрныллӕг (1 Пет. 3:8).
Йегъовӕ нӕ тынг уарзы (Иоан. 3:16). Ӕмӕ мах дӕр фӕнды нӕ уарзӕгой Фыды фӕзмын. Уымӕ гӕсгӕ, апостол Петр куыд загъта, афтӕмӕй нӕм хъуамӕ иннӕты рыст хъара, ӕфсымӕрты уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм. Апостол Павел дӕр загъта, хорздзинад алкӕмӕн дӕр кӕй хъуамӕ аразӕм, «уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн» (Гал. 6:10). Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зындзинӕдтӕ куы февзарынц, уӕд нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сын баххуыс кӕнӕм. Йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, ахӕм адӕймаджы нӕ бон куыд у ныхасӕй барӕвдауын? Фыццаджыдӕр ын хъуамӕ исты зӕгъӕм, кӕд фӕтыхсӕм кӕнӕ, цы зӕгъӕм, уый нӕ фӕзонӕм, уӕддӕр. Йӕ сӕрыхицау ӕнӕнхъӕлӕджы кӕмӕн амард, иу ахӕм хо, Паулӕ, загъта: «Ӕмбарын ӕй, исчи куы амӕлы, уӕд бирӕтӕ, сӕхи куыд дарой, уый нӕ фӕзонынц. Сӕ ныхӕстӕ зианджынмӕ хъыг куы фӕкӕсой, уымӕй фӕтӕрсынц. Фӕлӕ фӕлтау афтӕ уӕд, цӕйнӕфӕлтау ӕппындӕр мацы зӕгъай». Зианджын цавӕрдӕр зондджын ныхӕстӕм нӕ фенхъӕлмӕ кӕсы. Паулӕ зӕгъы: «Ме ’мбӕлттӕ-иу мын, „тынг хъыг мын у“, зӕгъгӕ, кӕй загътой, уый тыххӕй-иу сӕ бузныг уыдтӕн». w19.06 20 ф., 1 абз.; 23 ф., 14 абз.
Хуыцаубон, 7 февраль
О Йегъовӕ, фехъус се ’ртхъирӕнтӕ ӕмӕ дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой (Хъуыд. 4:29).
Хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алцыдӕр афтӕ спълан кӕндзысты, цӕмӕй цӕсты ма хауат. Чи зоны, уынаффӕ рахӕссой, гыццыл къордтӕй кӕй ӕмбырд кӕндзыстут, стӕй фембӕлдты рӕстӕг ӕмӕ бынӕттӕ арӕх кӕй ивдзысты. Хорз хабар куыд хъусын кӕндзыстӕм, уый алы ран дӕр кӕнгӕ уыдзӕн, цы уавӕртӕ дзы уа, уыдонӕй. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр-иу хъусын кӕнынӕн фадӕттӕ ссардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ зӕрдиагӕй фӕнды иннӕтӕн йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын (Лук. 8:1). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Советон Цӕдисы куыд хъусын кодтой, уый фӕдыл историк Эмили Бэран загъта: «Хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн куы загъта, хъусын кӕныны бар сын кӕй нӕй, уӕд уыдон райдыдтой сӕ сыхӕгтӕн, се ’мкусджытӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн хъусын кӕнын. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй лагертӕм ӕрвитын куы райдыдтой, уӕд-иу уым та ахст адӕмӕн хъусын кодтой». Уӕдӕ кӕд нӕ хъуыддаг уым ӕхгӕд уыд, уӕддӕр не ’фсымӕртӕ дарддӕр хорз хабар хъусын кодтой. Цӕй уӕдӕ дын уыцы ӕфсымӕртӕ фӕзминаг уӕнт! w19.07 11 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 8 февраль
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Нӕ бон куыд у, уырнӕг чи нӕу, ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы бауарзой ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой? Хъуамӕ ӕмбарӕм, адӕймаг нӕм куыд байхъусы, уый арӕх баст кӕй вӕййы, кӕм схъомыл, ууыл. Зӕгъӕм, Европӕйӕ чи у, уый хорз хабармӕ иу цӕстӕй ракӕсы, Азийӕ чи у, уый та – ӕндӕр цӕстӕй. Цымӕ цӕмӕн? Европӕйы бирӕтӕ Библийӕ цыдӕртӕ зонынц ӕмӕ фехъуыстой, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста. Азийы та кӕд иуӕй-иутӕ Библийӕ гыццыл цыдӕртӕ фӕзонынц, уӕддӕр бирӕтӕ уый тыххӕй ницы зонынц. Иуӕй-иу азиаг бӕстӕты адӕмӕй бирӕты нӕ уырны, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый. Фӕлӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ никуы фӕивдзысты. Йӕхи уырнӕг чи нӕ фӕхоны, уыдонӕй алы аз дӕр бирӕтӕ свӕййынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Бирӕтӕ дзы уый размӕ дӕр хӕрзӕгъдау цард кодтой, фӕлӕ сын уырнӕг адӕмы цӕстмӕ митӕ ӕнад уыдысты. Чидӕртӕ та ӕнӕгъдау цард кодтой, ӕмӕ сӕ хъуыди се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕйы фӕрцы кӕй ссардзыстӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыцы адӕмы (Хъуыд. 13:48; 1 Тим. 2:3, 4). w19.07 21 ф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 9 февраль
Нӕ ныфс нӕ сӕтты (2 Кор. 4:16).
Уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл дзӕнӕты,– хъуамӕ нӕ нысанмӕ дарддӕр «ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм». Нӕ уавӕртӕ цавӕрфӕнды ма уой, уӕддӕр хъуамӕ, «фӕстейӕ цы баззад», уымӕ ма фӕкӕс-фӕкӕс кӕнӕм ӕмӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын исты хъыгдара (Фил. 3:16). Чи зоны нӕ цӕмӕдӕр, цас ӕнхъӕл уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд кӕнӕ та не уӕнгты ӕвзонджы хъару нал ис. Йе та, гӕнӕн ис, бирӕ азты дӕргъы стыр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм ӕмӕ ӕфхӕрд ӕййафӕм. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ «мӕт мацӕуыл кӕнӕм», фӕлӕ Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнӕм ӕмӕ дзы курӕм, цы нӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кӕндзӕн, хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаиккам, ахӕм фарнӕй. (Фил. 4:6, 7). Ерысы чи фӕархайы, уыдон кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кӕнынц, уӕд сӕ хъарутыл нал фӕауӕрдынц. Афтӕ мах дӕр нӕ фӕндаджы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр хъуамӕ уой нӕ нысаныл. Хъуамӕ нӕ хъарутыл ма ауӕрдӕм ӕмӕ нӕм цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ зӕрдиагӕй тырнӕм. Мах фӕнды, нӕ бон цас у, уыйбӕрц аразын. w19.08 7 ф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 10 февраль
Кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ... кӕут (Ром. 12:15).
Чи зоны, афтӕ дӕр уа, ӕмӕ, зианджын адӕймагӕн цы зӕгъӕм, уый ма зонӕм. Фӕлӕ нын нӕ цӕссыг куы фена, уӕд ӕй зондзӕн, йӕ рыст ын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам. Йесойы ӕмбал Лазӕр куы амард, уӕд йӕ хотӕ, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ, стӕй иннӕтӕ дӕр тынг маст кодтой. Йесо цыппар боны фӕстӕ уырдӕм куы ’рбацыд ӕмӕ адӕмы кӕугӕ куы федта, уӕд «йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты», кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, Лазӕры кӕй райгас кӕндзӕн, уӕддӕр (Иоан. 11:17, 33–35). Йесо йӕ цӕссыг кӕй нӕ баурӕдта, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Лазӕр кӕй амард, уый Йегъовӕйӕн дӕр зын уыд. Стӕй Йесойы цӕссыгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ уыцы бинонты бирӕ уарзта, ӕмӕ уый Марфӕ ӕмӕ Марийӕйӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаид. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр куы уыной, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм, уӕд ӕй зондзысты, иунӕг кӕй не сты, фӕлӕ сын кӕй ис, сӕ фарсмӕ чи балӕууа, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Зианджын адӕймагмӕ-иу лӕмбынӕг куы байхъусӕм, уӕд-иу дзы афтӕмӕй дӕр ныфс бауадздзыстӕм. Йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын-иу ӕй бауадз ӕмӕ, исты «ӕнӕзонд ныхӕстӕ» куы кӕна, уӕд-иу ӕм ма смӕсты у (Иов 6:2, 3). Кӕй маст кӕны, уымӕй уӕлдай ма, чи зоны, тыхст дӕр у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыцы хӕстӕджытӕ йын цыдӕр кӕй аразын кӕнынц, уый тыххӕй. Хорз уаид, йемӕ иумӕ куы скувис. Йегъовӕйӕн-иу балӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй йын хъарутӕ ратта ӕмӕ йын баххуыс кӕна зондӕй архайынӕн (Пс. 65:2). w19.04 18, 19 фф., 18, 19 абз.
Цыппӕрӕм, 11 февраль
Ӕргом ын кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ (Пс. 62:8).
Ӕххӕстрӕстӕг кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнӕм,– Вефилы ӕви ӕндӕр искуы,– мах тынг бауарзӕм, кӕимӕ фӕлӕггад кӕнӕм, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмӕ, кӕм фӕлӕггад кӕнӕм, суанг уыцы бынат дӕр. Ӕмӕ нӕ уырдыгӕй ацӕуын куы бахъӕуы, уӕд нӕ зӕрдӕ бамӕгуыр вӕййы. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕмысӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ семӕ фӕдзуры, уӕлдайдӕр та нӕ кӕд, хицауад нӕ ныхмӕ цӕуын кӕй райдыдта, уый тыххӕй бахъуыд ацӕуын, уӕд (Матф. 10:23; 2 Кор. 11:28, 29). Ӕндӕр ранмӕ нӕ куы снысан кӕнынц, уӕд ма нӕ арӕх фӕхъӕуы ног ӕгъдӕуттыл ахуыр кӕнын. Ӕмӕ фӕстӕмӕ нӕхи бӕстӕмӕ куы аздӕхӕм, уӕд дӕр нын, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа ногӕй цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын йӕ бон кӕмӕн нал вӕййы кӕнӕ ӕндӕр ранмӕ кӕй снысан кӕнынц, уыдон, гӕнӕн ис, ӕхцайӕ фӕтыхсой. Чи зоны, мӕт кӕной, дарддӕр куыд кӕндзысты, ууыл ӕмӕ сӕ ныфс дӕр асӕтта. Цы сын баххуыс кӕндзӕн ахӕм уавӕры? Йегъовӕмӕ ӕввахс у (Иак. 4:8). Уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын? Дӕ ныфс дар, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауыл» (Пс. 65:2). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, «ӕрмӕст хъуыды дӕр цӕуыл акӕнӕм, уымӕй бирӕ фылдӕр саразын» (Еф. 3:20). Цӕй тыххӕй йӕм фӕкувӕм, ӕрмӕст уый нӕ саразы. Йӕ бон у, ӕмӕ, ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ нын баххуыс кӕна нӕ зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн. w19.08 21 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 12 февраль
Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ (Рарг. 16:16).
Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Армагеддон у ядерон хӕст кӕнӕ стыр ӕрдзон бӕллӕх. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, Армагеддон кӕй уыдзӕн, уый у хорз хабар, цины хабар (Рарг. 1:3). Армагеддоны хӕст адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн ирвӕзындзинад. Уый адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. Уыцы хӕсты фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, рӕстгӕнджытӕ та удӕгасӕй баззайдзысты. Армагеддоны фӕрцы ма нӕ планетӕ дӕр фервӕздзӕн, чи йӕ сафы, уыдонӕй, ӕмӕ уыцы хӕст афтӕмӕй дӕр адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхӕсдзӕн (Рарг. 11:18). Дзырд «Армагеддон» Библийы иу хатт йеддӕмӕ не ’мбӕлы. Цы дзуттаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «Мегиддойы хох» (Рарг. 16:16, фип.). Мегиддо уыди рагон Израилы горӕттӕй сӕ иу (Йес. Н. 17:11). Фӕлӕ Армагеддоны кой куы кӕнӕм, уӕд уый зӕххыл цавӕрдӕр бынатмӕ нӕ амоны. Бӕлвырдӕй уый амоны, «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» куы ӕрӕмбырд уой ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацӕуой, уыцы рӕстӕгмӕ (Рарг. 16:14). w19.09 8 ф., 1–3 абз.
Сабат, 13 февраль
Йӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ кӕмӕ нӕ фӕцыд, ахӕм нал баззад, фӕлӕ йын баххуыс кӕнын никӕй бон баци (Лук. 8:43).
Уыцы сылгоймаг 12 азы хъӕрзыд йӕ низӕй, ӕмӕ цынӕ дохтырмӕ фӕцыд, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ йын ничи баххуыс кодта. Закъонмӕ гӕсгӕ уыцы сылгоймаг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд (Лев. 15:25). Иу бон фехъуыста, Йесо рынчынты кӕй дзӕбӕх кӕны, ӕмӕ йӕм ацыд. Куы йӕ ссардта, уӕд ын йӕ уӕлӕдарӕсы хаутыл андзӕвыд, ӕмӕ уайтагъд адзӕбӕх! Фӕлӕ йӕ Йесо ӕрмӕст йӕ низӕй не сдзӕбӕх кодта. Цы цӕстӕй йӕм ракаст, уый фӕрцы сылгоймаг йӕхимӕ ницӕйаг нал касти. Зӕгъӕм, Йесо йемӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕй схуыдта, «мӕ чызг», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ йын кӕй кад кӕны. Уыцы сылгоймагӕн уый удӕнцой куыннӕ ӕрхастаид ӕмӕ дзы ног хъарутӕ куыннӕ бауагътаид! (Лук. 8:44–48). Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы сылгоймаг Йесомӕ йӕхӕдӕг кӕй ацыд. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхӕдӕг архайӕм, цӕмӕй-иу Йесомӕ «ӕрцӕуӕм». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чи йӕм «ӕрцӕуы», уыдоны нырма диссаджы хуызы сӕ низтӕй не сдзӕбӕх кӕны. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хоны, зӕгъгӕ мӕм «ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн» (Матф. 11:28). w19.09 20 ф., 2, 3 абз.
Хуыцаубон, 14 февраль
Федтон тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй (Рарг. 7:9).
Ахӕм хабары тыххӕй ма раздӕр ныффыста пехуымпар Захари дӕр: «Уыцы рӕстӕг алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ цӕмӕй ӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмы ӕрӕмбырд кӕнӕн уа, уый тыххӕй хорз хабар хъуамӕ хъуыстгонд цӕуа бирӕ ӕвзӕгтыл. Тӕлмацы куыст ныры хуызӕн никуыма цыд. Ныр нӕ публикацитӕ тӕлмац кӕнӕм 900 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ «тынг бирӕ адӕмы» ӕмбырд кӕны ӕппӕт адӕмтӕй дӕр. Ӕмӕ уый у, цы диссӕгтӕ аразы, уыдонӕй сӕ иу. Уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уыйбӕрц ӕвзӕгтыл кӕй ис, уый фӕрцы «тынг бирӕ адӕм» Йегъовӕйӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынц, кӕд алыхуызон адӕмыхӕттытӕй сты, уӕддӕр. Стӕй адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонынц, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау кӕй уарзынц, уымӕй. Уыдӕттӕ уынгӕйӕ нӕ уырнындзинад тынг бафидар вӕййы! (Матф. 24:14; Иоан. 13:35). w19.09 30 ф., 16, 17 абз.
Къуырисӕр, 15 февраль
Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн (Матф. 24:21).
Стыр бӕллӕхы рӕстӕг цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдонӕй адӕм арвы цӕфау фӕуыдзысты. Сӕхи цӕстӕй фендзысты, сӕ ныфс цӕуыл дардтой, уыдӕттӕ иууылдӕр – политикӕ, коммерци ӕмӕ ацы дунейы иннӕ хӕйттӕ – куыд банкъуысыдысты ӕмӕ сӕ куыд ницыуал баззад, уый. Уый сын уыдзӕн «тухиты бон», стӕй сӕ цардӕн тӕрсдзысты, уымӕн ӕмӕ уый уыдзӕн адӕмы историйы ӕппӕты ӕвирхъаудӕр заман (Соф. 1:14, 15). Уыцы рӕстӕг суанг Йегъовӕйы адӕмӕн дӕр, гӕнӕн ис, сӕ цард фӕуӕззаудӕр уа. Уӕд дӕр ацы дунейӕ кӕй нӕ уыдзыстӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Чи зоны ма, цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй дӕр цух ӕййафӕм. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нӕ цӕттӕ кӕны стыр бӕллӕхмӕ, цӕмӕй нӕ бон уа уыцы рӕстӕг иузӕрдионӕй баззайын (Матф. 24:45). Уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ аразы. Зӕгъӕм, бацӕттӕ нӕ кодта, 2016–2018 азты цы регионалон конгресстӕ ацыд, уыдоны фӕрцы. Йегъовӕйы бон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ уыцы конгрессты фехъуыстам, цавӕр миниуджытӕ нӕ хъӕуы уӕлдай тынгдӕр нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. w19.10 14 ф., 2 абз.; 16 ф., 10 абз.; 17 ф., 12 абз.
Дыццӕг, 16 февраль
Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ «Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат» ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр (1 Кор. 10:21).
Хӕринаг куы акомдзаг кӕнӕм ӕмӕ нӕ комдзаг куы аныхъуырӕм, уӕд уый фӕстӕ, куыд батайдзӕн, ууыл нӕ бар нал фӕцӕуы. Пайда хӕринаг адӕймаджы ӕнӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны, пайда чи нӕу, ахӕм хӕринаг та – ӕвзӕрырдӕм. Хӕринаг нын фӕпайда ӕви нӕ, уый, чи зоны, ӕвиппайды ма рабӕрӕг уа. Фӕлӕ, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕнӕмӕнг рабӕрӕг уыдзӕн. Ирхӕфсӕнтӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у. Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ нӕ бон вӕййы равзарын, нӕ зонды цы сӕвӕрдзыстӕм, уый. Фӕлӕ уый фӕстӕ, цы ирхӕфсӕн равзӕрстам, уый йӕ куыст кӕнын райдайы – нӕ хъуыдытыл ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл фӕзыны. Хорз ирхӕфсӕнтӕ нӕ кӕнынц уӕнгрог, ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ та нын зиан хӕссынц (Иак. 1:14, 15). Ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ цы зиан хӕссынц, уый, чи зоны, ӕвиппайды ма рабӕрӕг уа. Фӕлӕ, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд ӕнӕмӕнг рабӕрӕг уыдзӕн. Библи дӕр нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсы: «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн. Йӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн чи тауы, уый йӕ тӕригъӕдджын буар ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ» (Гал. 6:7, 8). Уӕдӕ хъуамӕ нӕхи алкӕддӕр хизӕм, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ кӕм ис, ахӕм ирхӕфсӕнтӕй! (Пс. 97:10). w19.10 30 ф., 12–14 абз.
Ӕртыццӕг, 17 февраль
Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут, ӕмӕ... цӕрут уарзгӕйӕ (Еф. 5:1, 2).
Йегъовӕ йӕ уарзондзинад равдыста, йӕ Фырты нывондӕн кӕй радта, уымӕй (Иоан. 3:16). Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы уарзондзинад бафӕзмын? Махӕн дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алчидӕр у тынг зынаргъ, стӕй, «сӕфт фысау» чи адзӕгъӕл вӕййы ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕмӕ чи ӕрбаздӕхы, уыдоныл мах зӕрдиагӕй бацин кӕнӕм (Пс. 119:176; Лук. 15:7, 10). Стӕй ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутыл нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ сын бахъуаджы сахат баххуыс кӕнӕм (1 Иоан. 3:17). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй уарзой (Иоан. 13:34, 35). Ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уый у ног фӕдзӕхст. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕрӕдзийы уарзой, Чырысти сӕ куыд бауарзта, афтӕ, ӕмӕ Моисейы закъон та уый нӕ домдта. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы ног фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй кӕрӕдзийы хъуамӕ уарзӕм удуӕлдай уарзтӕй. Хъуамӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты нӕхицӕй фылдӕр уарзӕм. Хъуамӕ сӕ афтӕ уарзӕм, цӕмӕй цӕттӕ уӕм уыдоны тыххӕй суанг нӕ цард раттынмӕ дӕр, Чырысти мах тыххӕй куыд радта йӕ цард, афтӕ. w19.05 4 ф., 11–13 абз.
Цыппӕрӕм, 18 февраль
Курут, ӕмӕ уын ратдзысты, агурут, ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты (Лук. 11:9).
Цӕмӕй-иу нӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын кӕна, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ ӕппынӕдзух кувӕм (Лук. 11:13). Лукайы 11:5–9 стихты фыст ис Чырыстийы фӕсномыг ныхӕстӕй иу. Уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тых цӕмӕн ратдзӕн, уый. Цы нӕлгоймаджы кой дзы цӕуы, уый фӕндыд, ӕхсӕвы йӕм чи ’рбацыд, уыцы адӕймаджы хорз суазӕг кӕнын. Ӕмбӕрста йӕ, уазӕгӕн къӕбӕр бахӕрын кӕнын кӕй хъӕуы, фӕлӕ йӕм ницы уыд. Йесо загъта, уыцы нӕлгоймагӕн йӕ сыхаг дзул уый тыххӕй кӕй радта, ӕмӕ йӕ нал ӕмӕ нал уагъта. Уыцы фӕсномыг ныхасы фӕрцы нӕ Йесо цӕуыл ахуыр кӕны? Кӕд ӕнӕххӕст адӕймаг, чи йын лӕгъстӕ кодта, уыцы сыхагӕн баххуыс кодта, уӕд нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд куыннӕ баххуыс кӕндзӕн, ӕппынӕдзух дзы йӕ сыгъдӕг тых чи куры, уыдонӕн! Уӕдӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд-иу хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ фехъусдзӕн, ууыл (Пс. 10:17; 66:19). Кӕд Хӕйрӕг ӕдзухдӕр нӕ ныхмӕ тох кӕны, уӕддӕр хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, фидар кӕй фӕлӕудзыстӕм, ууыл. w19.11 13 ф., 17–19 абз.
Майрӕмбон, 19 февраль
Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат (Мар. 6:31).
Йесо ӕмбӕрста, йӕхи дӕр ӕмӕ-иу йӕ апостолты дӕр иуӕй-иу хатт баулӕфын кӕй хъуыд. Фӕлӕ уӕды рӕстӕджы бирӕтӕ уыдысты, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы хъӕздыг лӕджы кой кодта, уый хуызӕн, ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ ахӕм сты. Уыцы лӕг йӕхицӕн дзырдта: «Хӕр, нуаз, хъӕлдзӕгӕй ӕрвит дӕ бонтӕ» (Лук. 12:19; 2 Тим. 3:4). Уымӕн ӕппӕты сӕйраг уыди улӕфын ӕмӕ хи ирхӕфсын. Фӕлӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕн та сӕйраг сӕ уды дзӕбӕхӕн цӕрын нӕ уыд. Мах дӕр архайӕм, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕныныл. Куыстӕй сӕрибар куы вӕййӕм, уӕд ӕрмӕст улӕфгӕ нӕ фӕкӕнӕм, фӕлӕ ма фӕаразӕм хорз хъуыддӕгтӕ – хорз хабар фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм. Мах тынг ахсджиагыл нымайӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый фӕаразӕм, цӕмӕй дарддӕр дӕр уыцы табуйаг хъуыддӕгты лӕуд уӕм (Дзут. 10:24, 25). Искуыдӕм улӕфынмӕ куы ацӕуӕм, уӕд уым дӕр ӕмбырдтӕм фӕцӕуӕм, стӕй, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонимӕ Библийыл аныхас кӕнынӕн фадӕттӕ фӕагурӕм (2 Тим. 4:2). w19.12 7 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 20 февраль
Ацы хъуыддаг бакӕнын [уӕ] ӕрмӕст фӕндгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ аразын дӕр райдыдтат. Гъемӕ йӕ ныр кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут (2 Кор. 8:10, 11).
Йегъовӕ нын бар дӕтты, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, куыд цӕрдзыстӕм, уый. Ахуыр нӕ кӕны раст уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ йын нӕ уынаффӕтӕй йӕ зӕрдӕ куы фӕрухс кӕнӕм, уӕд нын феххуыс кӕны (Пс. 119:173). Хуыцауы Ныхасӕй цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд раст уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм (Дзут. 5:14). Фӕлӕ раст уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕддӕр нын, гӕнӕн ис, зын уа, цы хъуыддаг райдыдтам, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Ӕрыгон ӕфсымӕр сфӕнд кодта Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын. Цалдӕр къуырийы йӕ касти, фӕлӕ йӕ стӕй цыдӕр бакъуылымпы кодта. Хо аскъуыддзаг кодта, пионерӕй кӕй лӕггад кӕндзӕн, фӕлӕ, лӕггад кӕнын кӕд райдайдзӕн, уыцы бон та аргъӕвы. Хистӕр нӕлгоймӕгты совет аскъуыддзаг кодта, ӕмбырды фылдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй бӕрӕг кӕндзысты, фӕлӕ бирӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ хъуыддагмӕ нӕма бавнӕлдтой. Кӕд адон алыхуызон уавӕртӕ сты, уӕддӕр цӕмӕйдӕр иухуызон сты. Уыцы чырыстӕттӕй алчидӕр уынаффӕ рахаста, фӕлӕ йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын нӕ райдыдта. w19.11 26 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 21 февраль
Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда (Ӕмб. 21:5).
Чырысти нӕ рӕстӕг абарста Нойы рӕстӕгимӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, мах «тынг уӕззау рӕстӕджы» цӕрӕм (Матф. 24:37; 2 Тим. 3:1). Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кодтой, нырма уал сывӕллӕттӕ кӕй нӕ рауадздзысты, цӕмӕй сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа. Сывӕллӕттӕ рауадзыны фарста скъуыддзаг кӕнгӕйӕ ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ «банымайой», се схъомыл кӕнынӕн сӕ «цас бахъӕудзӕн», уый (Лук. 14:28, 29). Сывӕллӕттӕ чи схъомыл кодта, уыцы ныййарджытӕ фӕзӕгъынц, сывӕллон схъомыл кӕнынӕн ӕрмӕст ӕхца кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ тыхтӕ дӕр. Уӕдӕ хорз уаид, лӕг ӕмӕ ус ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккой: «Цӕмӕй нӕ бинонтӕн, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ уа, уый тыххӕй нӕ дыууӕйы дӕр хъӕудзӕн кусын? Ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ цы сты, уый иухуызон ӕмбарӕм? Нӕ дыууӕйы дӕр куы хъӕуа кусын, уӕд нын нӕ сывӕллӕттӕм чи кӕсдзӕн? Сӕ зондахастыл сын чи ӕндавдзӕн ӕмӕ кӕй фӕзмдзысты?» Ацы фарстатыл сабырӕй чи фӕныхас кӕны, уыдон фӕархайынц, абоны стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. w19.12 23 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 22 февраль
Уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос (Кол. 4:11).
Апостол Павел иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахауд тӕссаг уавӕры (2 Кор. 11:23–28). Уымӕй уӕлдай ма йӕ тухӕнӕй мардта йӕ «буары... сындз» – чи зоны, уый уыд цавӕрдӕр низ (2 Кор. 12:7). Тынг зын ма йын уыд, йе ’мкусӕг Димас ӕй кӕй ныууагъта, уый дӕр. Ныууагъта йӕ, «уымӕн ӕмӕ... бауарзта ацы дуне» (2 Тим. 4:10). Павел уыд сӕрст чырыстон, стӕй уыди хъӕбатыр адӕймаг ӕмӕ иннӕтӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кодта. Фӕлӕ-иу уымӕн дӕр хатт йӕ ныфс асаст (Ром. 9:1, 2). Йегъовӕ-иу Павелы ныфсыл ныфс бафтыдта ӕмӕ-иу ын баххуыс кодта. Куыд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бафидар-иу ӕй кодта йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (2 Кор. 4:7; Фил. 4:13). Стӕй ма-иу дзы ныфс бауагъта иннӕ чырыстӕтты уылты дӕр. Павел йе ’мкусджытӕй кӕмӕйдӕрты загъта, уыдон, дам, мын фесты «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:11). Номгай кӕй ранымадта, уыдоны ’хсӕн уыдысты Аристарх, Тихик ӕмӕ Марк. Уыцы ӕфсымӕртӕ-иу Павелы бафидар кодтой ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой йӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. w20.01 8 ф., 2, 3 абз.
Дыццӕг, 23 февраль
Уый уын уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ байгом кодта (Еф. 1:18).
Йесо дзырдта, сӕрст чырыстон цы фенкъары, уый, сӕрст чи нӕу, уыцы адӕймагӕн кӕй нӕй бӕлвырд бамбарын кӕнӕн (Иоан. 3:3–8). Чырыстӕттӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцӕуынц, уӕд цӕуыл райдайынц хъуыды кӕнын? Цалынмӕ сӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ байсӕрста, уӕдмӕ сын уыди ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс. Уыдон бӕллыдысты, Йегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон куы скӕна ӕмӕ ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт куы сараза, уыцы рӕстӕгмӕ. Чи зоны-иу сӕ цӕстытыл ауад, сӕ бинонтӕй кӕнӕ се ’мбӕлттӕй чи амард, уыдон куы райгас уой, уӕд сыл куыд цин кӕндзысты, уый. Фӕлӕ, сӕрст куы ’рцыдысты, уӕд райдыдтой ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын. Цымӕ цӕмӕн? Мыййаг, уый тыххӕй, ӕмӕ, ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты, уыцы ныфсӕй райгонд нал уыдысты? Ӕви, бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрстой кӕнӕ сӕхимӕ кӕй ныхъхъуыстой, уый тыххӕй? Нӕ, уыдӕтты тыххӕй нӕ райдыдтой ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын. Стӕй дзы ӕвиппайды ахӕм хъуыды никӕмӕ фӕзынд, зӕгъгӕ, ӕнустӕм зӕххыл цӕрынӕй сфӕлмӕцдзынӕн. Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ бакодта, ӕмӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын райдыдтой, стӕй сын ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфсы бӕсты фӕзынд уӕлӕрвты цӕрыны ныфс. w20.01 22 ф., 9–11 абз.
Ӕртыццӕг, 24 февраль
Алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд (Ром. 13:1).
Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ хистӕр лӕгтӕ ӕрмӕст Йегъовӕйӕн кувынимӕ баст хъуыддӕгтӕ не ’взӕрстой, фӕлӕ ма-иу адӕмы ’хсӕн цы хабӕрттӕ рауад, уыдон, стӕй фыдракӕндтӕ дӕр. Фӕлӕ «Чырыстийы закъонмӕ» гӕсгӕ та, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хӕс ӕндӕр у. Тӕригъӕд чи саразы, уымӕн йӕ хъуыддаг куы февзарынц, уӕд сӕ хӕс вӕййы, йӕ лӕггадимӕ ӕмӕ йӕ уырнындзинадимӕ баст чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы фарстатӕм ӕркӕсын (Гал. 6:2). Уыдон зонынц, Хуыцау фыдракӕндтӕ ӕмӕ адӕмы бартимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕвзарын зӕххон хицӕутты бар кӕй бакодта. Ӕмӕ сын ис бар, фыдракӕнд чи саразы, уыдоны фӕивар кӕнын кӕнӕ сӕ ахӕстоны сбадын кӕнын (Ром. 13:2–4). Чырыстон уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд фӕархайынц? Уыдон Библийы фӕрцы хъуыддаг равзарынц ӕмӕ уынаффӕ рахӕссынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдыл фӕдарынц, Чырыстийы закъоны бындур уарзондзинад кӕй у. Ӕмӕ сӕ уарзондзинад фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕной: «Тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕмбырды зиан кӕмӕндӕриддӕр ӕрхаста, уыдонӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн?» Ӕмӕ тӕригъӕд чи сарӕзта, уый кой куы кӕнӕм, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахъуыды кӕнынц: «Йӕ тӕригъӕдыл фӕсмон кӕны? Нӕ бон ын у баххуыс кӕнын, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уа?» w19.05 6, 7 фф., 23, 24 абз.
Цыппӕрӕм, 25 февраль
Ӕз мӕ Фыды фӕрцы... цӕрын (Иоан. 6:57).
Йесо ацы ныхӕстӕй равдыста, йӕ Фыды кӕй нымадта йӕ Царддӕттӕгыл ӕмӕ йӕ Дарӕгыл. Йесо йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр йӕ Фыдыл дардта, ӕмӕ йын Йегъовӕ лӕвӕрдта, цӕрынӕн ӕй цыдӕриддӕр хъуыд, уый. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йыл иузӕрдион уыдаид (Матф. 4:4). Йегъовӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм. Йӕ Ныхасы нын раргом кодта, чи у, уый, стӕй йӕм цавӕр фӕнд ис, цӕмӕн нӕ сфӕлдыста ӕмӕ фидӕны цавӕр хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый. Нӕ ныййарджыты кӕнӕ нын ӕндӕр кӕйдӕр уылты баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ базыдтаиккам. Ӕмӕ нын ныр дӕр ӕххуыс кӕны фӕлмӕнзӕрдӕ хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕтты уылты. Уымӕй уӕлдай ма нӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕмбырдты ахуыр кӕны. Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, нӕ Фыд Йегъовӕ нӕ алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы (Пс. 32:8). w20.02 3 ф., 8 абз.; 5 ф., 13 абз.
Майрӕмбон, 26 февраль
Тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ (Ром. 14:19).
Хӕлӕг кӕм ис, уым фарн нӕй. Ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕйӕ хӕлӕг бындзарӕй стонӕм, стӕй ахӕмӕй мацы аразӕм, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ хӕлӕг кӕной. Нӕ бон куыд у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй хӕлӕг сӕ зӕрдӕты бынат ма скӕна, стӕй нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’хсӕн фарн уа? Цы аразӕм, уый иннӕтыл арӕх тынг фӕзыны. Ацы дунейы фӕнды, цӕмӕй, цы нӕм ис, уымӕй «ӕппӕлӕм» (1 Иоан. 2:16). Фӕлӕ уый уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнын райдайынц. Цӕмӕй нӕм иннӕтӕ ма хӕлӕг кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух ма дзурӕм, цы нӕм ис кӕнӕ балхӕнинаг цы стӕм, уыдӕттыл. Уымӕй уӕлдай ма ныл кӕд ӕмбырды цавӕрдӕр кадджын хӕстӕ ис, уӕд хъуамӕ нӕхимӕ иннӕты ’ргом ӕгӕр ма здахӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хӕлӕг сӕ зӕрдӕты уидӕгтӕ уадзын райдайдзӕн. Фӕлӕ иннӕтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, хорзӕй цы аразынц, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд сын ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй райгонд уой, цы аразынц, уымӕй, ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. w20.02 18 ф., 15, 16 абз.
Сабат, 27 февраль
Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты (Ром. 1:20).
Дӕ бон у Йегъовӕйы хуыздӕр базонын, цы сфӕлдыста, уыдӕтты фӕрцы (Рарг. 4:11.) Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕ цы зайӕгойтӕ скодта ӕмӕ цы цӕрӕгойтӕ сфӕлдыста, уыдоны йе стыр зонд куыд зыны, ууыл. Уӕдӕ адӕймаджы буар дӕр диссаджы конд у. Ӕмӕ дӕ бон у уый тыххӕй дӕр фылдӕр базонын (Пс. 139:14). Стӕй ма-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ хур куыд скодта ӕмӕ дзы цас энерги ис, ууыл дӕр. Ӕмӕ ма хурӕй уӕлдай ис миллиардгай стъалытӕ (Ис. 40:26). Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр нымайдзынӕ. Фӕлӕ, Йегъовӕ стыр зонд ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй у, уый зонын фаг нӕу, цӕмӕй йӕ тынг бауарзай ӕмӕ йӕ хӕлар суай. Хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй ноджы фылдӕр базонай. Хъуамӕ дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ дӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, уый. Дӕ зӕрдыл дар, «куы йӕ агурай, уӕд ӕй [кӕй] ссардзынӕ» (1 Аз. 28:9). Йегъовӕ дӕ йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта (Йер. 31:3). Йегъовӕ дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый тыххӕй цас фылдӕр базонай, уыйас ӕй ноджы тынгдӕр уарздзынӕ. w20.03 4 ф., 6, 7 абз.
Хуыцаубон, 28 февраль
Хуыцау [нын] ахӕм куыст... кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты (2 Кор. 4:1).
Апостол Павелӕн царды ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Коринфы куы уыд, уӕд ӕхцайӕ хъуаг ӕййӕфта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй хъуыди кусын. Уый фӕрцы ма йӕ бон уыд коринфӕгтӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ уыцы хъуыддаг «лӕвар... аразын» (2 Кор. 11:7). Кӕд Павелы кусын хъуыди, уӕддӕр Хуыцауы хъуыддаг царды фыццаг бынаты ӕвӕрдта ӕмӕ алы сабаты дӕр хъусын кодта. Павелӕн йӕ уавӕр куы фӕхуыздӕр, уӕд ын фадат фӕзынд уыцы хъуыддаджы фылдӕр архайынӕн. Уый «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ – дзуттӕгтӕн хъусын кодта ӕмӕ сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уымӕн» (Хъуыд. 18:3–5; 2 Кор. 11:9). Фӕстӕдӕр Павел Ромы куы уыд ӕмӕ йӕ дыууӕ азы дӕргъы хӕдзары ахстӕй куы дардтой, уӕд-иу хъусын кодта, чи-иу ӕм ӕрбацыд, уыдонӕн, стӕй-иу фыстӕджытӕ фыста (Хъуыд. 28:16, 30, 31). Павел архайдта, цӕмӕй йӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мацы хъыгдардтаид. w19.04 4 ф., 9 абз.