Мартъи
Къуырисӕр, 1 мартъи
«Уӕхи [сӕ] фӕхицӕн кӕнут,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут» (2 Кор. 6:17).
Чи зоны, ахӕм уавӕры бахауӕм, ӕмӕ нын нӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ не ’мбӕлттӕ ӕххӕст кӕнын кӕной, Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, ахӕм зианы ӕгъдӕуттӕ. Чи зоны нын ахӕм исты дзурой, цӕмӕй нӕм худинаг ӕркӕса, зӕгъӕм, чи амард, уый кӕй нӕ уарзтам ӕмӕ йын кӕй нӕ аргъ кодтам. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, дзурой мардӕн йӕ уд мах тыххӕй искӕмӕн кӕй разнаггад кӕндзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы уарзӕм, уӕд фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдты сӕрты нӕ ахиздзыстӕм. Карибы сакъадӕхты цӕрджытӕй бирӕты уырны, мардӕн йӕ уд се ’хсӕн кӕй вӕййы ӕмӕ йын удӕгасӕй ӕвзӕр чи уыд, уыдоны кӕй бафхӕры. Иу ран куыд фыст уыд, афтӕмӕй, дам, мардӕн йӕ уд адӕмы ӕлгъысты хай дӕр бакӕны. Африкӕйы та ахӕм ӕгъдау ис, ӕмӕ зианджын хӕдзары кӕсӕнтӕ бамбӕрзынц ӕмӕ, чи амард, уымӕн йӕ къамтӕ къулырдӕм азилынц. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй, дам, йӕхи ма фена! Фӕлӕ мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстимӕ баст чи сты, ахӕм ахуырӕдтыл не ’ууӕндӕм ӕмӕ ахӕм ӕгъдӕуттӕй нӕхи хизӕм (1 Кор. 10:21, 22). w19.04 16 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 2 мартъи
Алы хъуыддаджы дӕр [уӕ] куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр (Матф. 7:12).
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, иннӕтимӕ рӕстӕй архайынӕн сын чи ӕххуыс кодтаид, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕй иу у, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уый. Махӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй иннӕтӕ немӕ рӕстӕй архайой. Уӕдӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Уый, чи зоны, иннӕты сразӕнгард кӕна, цӕмӕй уыдон дӕр немӕ рӕстӕй архайой. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд та? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый... равзардзӕн» (Лук. 18:6, 7). Зӕгъӕн ис, уый у зӕрдӕвӕрд: нӕ рӕстаг Хуыцау зоны, ацы фӕстаг бонты цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уый, ӕмӕ, ӕфхӕрд кӕй къухӕй ӕййафӕм, уыдонӕн йӕ рӕстӕджы стӕрхон кӕндзӕн (2 Фес. 1:6). Йесо нын цы уагӕвӕрдтӕ бацамыдта, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд иннӕтимӕ рӕстӕй архайдзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Хӕйрӕджы дунейы ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм, уӕд нын ныфсы хос уыдзӕн, Йегъовӕ не ’фхӕрджытӕн кӕй стӕрхон кӕндзӕн, уый. w19.05 5 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 3 мартъи
Алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй (1 Пет. 3:15).
Ӕрыгӕттӕ, мыййаг, уӕ къласӕгтӕ иууылдӕр эволюцийыл ӕууӕндынц? Кӕд о, уӕд уӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды, цӕмӕй сын Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссат, Хуыцау нӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕн. Фӕлӕ уӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый уӕ бон нӕ бауыдзӕн. Уӕ бон цы у саразын? Уыцы фарста хорз раиртасут. Уӕ бон у уӕ разы дыууӕ нысаны сӕвӕрын: 1) алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ууыл ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндын ӕмӕ 2) цӕуыл ӕууӕндут, уый иннӕтӕн ноджы хуыздӕр ӕмбарын кӕнын (Ром. 1:20). Фыццаг уал ахъуыды кӕнут: «Мӕ къласӕгтӕ эволюцийыл цӕмӕн ӕууӕндынц?» Стӕй уыцы фарста нӕ публикациты фӕрцы раиртасут. Чи зоны уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндут, уый тыххӕй иннӕтӕн дзурын тынг зын у. Фӕлӕ арӕх уый афтӕ зын нӕ вӕййы. Адӕмӕн сӕ фылдӕр эволюцийыл уый тыххӕй феууӕндынц, ӕмӕ, сӕ цӕсты кад кӕмӕн ис, ахӕм чидӕр загъта, алцыдӕр эволюцийы руаджы кӕй фӕзынд. Рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, уымӕн, чи зоны, иу-дыууӕ бӕлвырдгӕнӕны дӕр фаг уой, цӕмӕй йын цы дзурат, ууыл баууӕнда (Кол. 4:6). w19.05 29 ф., 13 абз.
Цыппӕрӕм, 4 мартъи
Адӕймагӕн йӕ мад йӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕна, афтӕ уын ӕз дӕр уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн (Ис. 66:13).
Иухатт пехуымпар Илийа йе знӕгтӕй куы ’мбӕхст, уӕд афтӕ зӕрдӕрыст уыд, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд. Уӕд ӕм Йегъовӕ йӕ хъомысджын зӕды арвыста. Зӕд Илийайӕн хъуыддагӕй баххуыс кодта – тӕвд дзул ӕмӕ йын дон радта, цӕмӕй та йӕм хъарутӕ фӕзындаид (1 Пад. 19:5–8). Ацы хабарӕй ууыл ахуыр кӕнӕм, ӕмӕ хатгай гыццыл хорздзинад дӕр адӕймагӕн стыр ӕххуыс фӕвӕййы. Махӕн та нӕ бон цавӕр гыццыл хъуыддӕгтӕй у равдисын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй зӕрдӕрыст чи у, уыдоны кӕй уарзӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон сӕ у къӕбӕр ахӕрынмӕ фӕхонын, исты гыццыл лӕвар сын скӕнын кӕнӕ та сын открыткӕ балӕвар кӕнын. Ӕмӕ нын кӕд бынтон ӕнцон нӕу семӕ се ’нкъарӕнты тыххӕй дзурын, уӕддӕр сын ахӕм гыццыл хъуыддӕгты фӕрцы нӕ бон у равдисын, кӕй сыл тыхсӕм, уый. Йегъовӕ Илийайы диссаджы хуызы хъарутӕ бауагъта, цӕмӕй дард фӕндагыл Хоривы хохмӕ фӕцыдаид. Марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыцы знӕгтӕй уым дард уыд. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Цӕмӕй, гыццылӕй тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, ахӕм адӕймагӕн удӕнцой раттӕм, уый тыххӕй уал фыццаджыдӕр хъӕуы ууыл батыхсын, цӕмӕй йӕхи ӕдас хата. Йемӕ аныхас кӕнӕн ис йӕ хӕдзары, кӕнӕ та Паддзахады залы. w19.05 16 ф., 11 абз.; 17 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 5 мартъи
Зӕхх кӕудзӕн, кӕудзӕн... Нафаны хӕдзарвӕндаг хицӕнӕй (Зах. 12:12).
Зӕгъӕм, кӕсыс Захарийы чиныджы 12 сӕр. Уым фыст ис Мессийӕйы мӕлӕты тыххӕй пехуымпарад (Зах. 12:10). Уыцы сӕры 12-ӕм стихы бакастӕ, «Нафаны хӕдзарвӕндаг» Мессийӕйы мӕлӕтыл кӕй кӕудзӕн. Ацы ныхӕстӕ ӕнӕуи кӕсыны бӕсты хуыздӕр уаид, куы ’рлӕууис ӕмӕ куы ахъуыды кӕнис: «Цымӕ Нафаны хӕдзарвӕндаг Мессийӕимӕ куыд баст у?» Уый тыххӕй дӕ хъӕуы гыццыл бафыдӕбон кӕнын. Уыцы стихмӕ ис уӕлӕмхасӕн стихтӕ. Сӕ иу у 2 Самуилы 5:14 стих, ӕмӕ уырдыгӕй базонӕн ис, Нафан кӕй уыд паддзах Давиды фырттӕй иу. Иннӕ та у Лукайы 3:31 стих, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй уыд Нафаны байзӕддаг Марийӕйы хӕдзарвӕндаджы уылты. Ӕмӕ ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ куыннӕ сцымыдис уыдзынӕ. Ды зоныс, пехуымпарадмӕ гӕсгӕ Йесо паддзах Давиды байзӕддаг кӕй хъуамӕ уыдаид (Матф. 22:42). Давидӕн уыд 20 фыртӕй фылдӕр. Фӕлӕ Захари йӕ пехуымпарады, Йесойы мӕлӕтыл чи кӕудзӕн, уыцы хӕдзарвӕндӕгты кой кӕнгӕйӕ Давиды иннӕ фырттӕй ӕрмӕстдӕр Нафаны хӕдзарвӕндаджы кой скодта. Уый дӕм диссаг нӕ кӕсы? w19.05 29 ф., 17 абз.
Сабат, 6 мартъи
Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст (Ром. 12:2).
Цы хъуамӕ аразӕм? Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ ӕдзух куы иртасӕм, уӕд, Библийӕ цы базыдтам, уыдӕттӕ нӕхицӕн бӕлвырд кӕндзыстӕм ӕмӕ фидарӕй зондзыстӕм, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ раст кӕй сты. Уӕд, бӕлас арф уидӕгтӕ куыд ауадзы, афтӕ мах дӕр рӕстдзинады арф уидӕгтӕ ауадздзыстӕм ӕмӕ уырнындзинады фидар уыдзыстӕм (Кол. 2:6, 7). Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ уырнындзинад уын уӕ бӕсты ничи фидар кӕндзӕн. Уӕдӕ дарддӕр дӕр уӕ зондахаст ивут. Ӕдзух кувут ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуыс курут. Библийыл арф хъуыды кӕнут ӕмӕ-иу уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕнат, фервӕзын уӕ кӕмӕй хъӕуы, ахӕм хъуыдытӕ ӕмӕ уӕм миниуджытӕ ис ӕви нӕ. Уӕ зондахаст уын хуыздӕрырдӕм ивынӕн чи ӕххуыс кӕндзӕн, ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзарут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд Хӕйрӕджы дунейы зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстут ӕмӕ уӕ бон уыдзӕн басӕттын «рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон» (2 Кор. 10:5). w19.06 13 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 7 мартъи
Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин у ахӕм: сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕн сӕ тыхсты рӕстӕг сӕ фарсмӕ балӕуу (Иак. 1:27).
Руф Ноемины фарсмӕ куыд уыд ӕмӕ йын куыд ӕххуыс кодта, афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уыдонӕн (Руф 1:16, 17). Паулӕ загъта: «Мӕ цардӕмбал куы амард, уӕд мын иннӕтӕ фыццаг рӕстӕг тынг ӕххуыс кодтой. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр алчидӕр йӕхи царды хабӕрттӕм аздӕхт. Мӕнӕн та мӕ цард бынтондӕр фӕивта. Хорз вӕййы, иннӕтӕ куы фембарынц, зианджыны се ’ххуыс цалдӕр мӕйы кӕнӕ та суанг цалдӕр азы дӕр кӕй фӕхъӕуы». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм иухуызон не сты. Иуӕй-иутӕ, сӕ цардӕмбал сӕ фарсмӕ кӕй нал ис, ууыл тагъддӕр сахуыр вӕййынц. Фӕлӕ иннӕтӕн та, иумӕ-иу цы арӕзтой, уыдӕттӕ ныр иунӕгӕй цал хатты фӕаразынц, уал хатты сӕ зӕрдӕйы рыст сног вӕййы. Адӕм куыд алыхуызон сты, маст дӕр афтӕ алыхуызон фӕкӕнынц. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, идӕдзтӕн ӕххуыс кӕнын нын Йегъовӕ кӕй бахӕс кодта, ӕмӕ уый та стыр кад у. w19.06 24 ф., 16 абз.
Къуырисӕр, 8 мартъи
Мӕ дзыхыл рохтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй йӕ уромон, цалынмӕ мӕ разы фыдгӕнӕг уа, уӕдмӕ (Пс. 39:1).
Нӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд куы уа, уӕд хъуамӕ ӕмбарӕм, кӕй ис «рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн» (Еккл. 3:7). Дзурын цы нӕ хъӕуы, уый хъуамӕ ма дзурӕм, зӕгъӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты нӕмттӕ, стӕй, кӕм ӕмбырд кӕнӕм, куыд хъусын кӕнӕм ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕцӕй исӕм, уый. Уыцы хабӕрттӕ нӕдӕр, хицауады номӕй чи архайы, уыдонӕн дзурдзыстӕм, нӕдӕр не ’мбӕлттӕн ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕн (уӕлдай нӕу, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕви нӕ), фӕнды нӕхи бӕстӕйы цӕрой, фӕнды ӕндӕр бӕстӕты. Ахӕм рӕдыд куы ’руадзӕм, уӕд не ’фсымӕрты тӕссаг уавӕры баппардзыстӕм. Не ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд-иу хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ иудзинад фехӕла. Хӕдзары мидӕг бинонтӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суой, уӕд сӕ цардӕн ӕнӕфехӕлгӕ нӕй, ӕмӕ Хӕйрӕг дӕр уый зоны (Мар. 3:24, 25). Уый ӕдзухдӕр архайдзӕн, цӕмӕй нӕ ныддихтӕ кӕна. Ӕмӕ йӕ фӕнд йӕ къухы куы бафта, уӕд йемӕ нал тох кӕндзыстӕм, фӕлӕ кӕрӕдзиимӕ. Ахӕм къӕппӕджы фӕлтӕрд чырыстӕттӕ дӕр бахауынц. Уӕдӕ-иу искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй бацархайӕм, цӕмӕй-иу хъуыддаг банывыл кӕнӕм. Афтӕмӕй нӕ иудзинад бахъахъхъӕндзыстӕм (Кол. 3:13, 14). w19.07 11, 12 фф., 14–16 абз.
Дыццӕг, 9 мартъи
Хицауы цагъар... хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса (2 Тим. 2:24).
Арӕх адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайӕм, цы сын фӕдзурӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ, семӕ куыд фӕныхас кӕнӕм, уымӕй. Ӕхсызгон сын вӕййы, семӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы фӕдзурӕм, стӕй йӕ куы фӕуынынц, сӕ хорзыл кӕй хъуыды кӕнӕм. Цы зӕгъинаг стӕм, уымӕ байхъусын сӕ куы нӕ фӕфӕнды, уӕд сыл нӕ ныттыххӕй вӕййӕм. Хъуамӕ-иу бацархайӕм, динмӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсынц, уый бамбарыныл. Зӕгъӕм, Павел дзуттӕгтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ комкоммӕ Фыстадӕй хаста. Фӕлӕ Ареопагыл грекъаг философтимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын нӕ загъта, цы дзуры, уый Фыстадӕй кӕй у (Хъуыд. 17:2, 3, 22–31). Нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын? Библийыл чи не ’ууӕнды, ахӕм адӕймагимӕ ныхасгӕнгӕйӕ хуыздӕр уаид, куы нӕ йын дзуриккам, Библийы афтӕ ӕмӕ афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ. Кӕнӕ, зӕгъӕм, бамбӕрстам, адӕймаджы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фена, Библийӕ йын цыдӕр кӕй кӕсӕм. Уӕд ын ӕй ис телефоны кӕнӕ планшеты равдисӕн. w19.07 21 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 10 мартъи
Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма фӕсайды уой ӕмӕ ма адзӕгъӕл уат, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын ма райдайат (Дык. з. 11:16).
Хӕйрӕгӕн бантыст израилӕгты мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтауын. Уый спайда кодта, хӕрын сӕ кӕй хъуыди, уымӕй. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд зӕххы куыстытӕ хъуамӕ ӕндӕрхуызон кодтаиккой. Египеты куы цардысты, уӕд сӕ хуымтӕ цӕугӕдон Нилы донӕй ӕфсӕстой. Фӕлӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы стыр цӕугӕдон нӕ уыд. Зӕхх донӕй ӕфсӕстой къӕвдатӕ ӕмӕ-иу ыл цы ӕртӕх ӕрбадт, уый (Дык. з. 11:10–15; Ис. 18:4, 5.) Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ зӕхмӕ хъуамӕ ӕндӕрхуызон зылдаиккой. Фӕлӕ сын кӕд Йегъовӕ зӕхмӕ зилыны кой кодта, уӕд сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕй цӕмӕн фӕдзӕхста? Йегъовӕ зыдта, израилӕгты, зӕхмӕ зилын куыд хъӕуы, уый базонын кӕй бафӕнддзӕн, сӕ алыварс чи цард, уыцы мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕй. Зыдта ма уый дӕр, ӕмӕ Ханааны зӕхкусджытӕ куывтой Ваалӕн, ӕмӕ сӕ дины ӕгъдӕуттӕ сӕ зондахастыл тынг ӕндӕвтой (Ным. 25:3, 5; Тӕрх. 2:13; 1 Пад. 18:18). w19.06 3 ф., 4–6 абз.
Цыппӕрӕм, 11 мартъи
Ӕдзухдӕр уый тыххӕй фӕкувын, цӕмӕй уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна (Фил. 1:9).
Апостол Павел, стӕй Силӕ, Лука ӕмӕ Тимофей горӕт Филипптӕм куы ’рцыдысты, уӕд, кӕмӕн хъусын кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Уыцы цыппар ӕфсымӕры зынгзӕрдӕйӕ кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы дзы ӕмбырд фӕзынд. Ӕмӕ ног хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ райдыдтой иумӕ ӕмбырд кӕнын, ӕвӕццӕгӕн, уазӕгуарзон хо Лидийӕйы хӕдзары (Хъуыд. 16:40). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы ног ӕмбырд сӕмбӕлд фӕлварӕныл. Хӕйрӕг рӕстдзинады знӕгты сардыдта, ӕмӕ уыдон Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой ӕмӕ сӕ хъусын кӕнын хъыгдардтой. Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, уистӕй сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны баппӕрстой. Куы сӕ рауагътой, уӕд ацыдысты, Филиппты цы ног ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзынд, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ бафидар кодтой. Стӕй Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей горӕтӕй ацыдысты, Лука та, ӕвӕццӕгӕн, уым баззад. Цымӕ ӕмбырд та цы баци? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕ удӕй арт цагътой (Фил. 2:12). Павел сӕ тынг сӕрыстыр уыд! w19.08 8 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 12 мартъи
Ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар (Ӕмб. 22:7).
Мыййаг дӕ ӕрӕджы ӕндӕр ранмӕ ацӕуын бахъуыд? Кӕд о, уӕд, чи зоны, дӕ хӕрдзтӕ дзӕвгар фӕфылдӕр сты, ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, хӕстӕ фӕисай (Ӕмб. 22:3). Цӕмӕй хӕсты бын ма фӕуай, уый тыххӕй, ӕнӕмӕнг дӕ чи нӕ хъӕуы, ахӕм дзауматӕ кредитӕй ма ис. Адӕймаг тыхст уавӕры куы вӕййы, зӕгъӕм ӕй йӕ бинонтӕй искӕмӕ кӕсын куы фӕхъӕуы, уӕд ын хатт зын вӕййы аскъуыддзаг кӕнын, ӕхца ӕфстау цас райса, уый. Ахӕм уавӕрты Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кув, цӕмӕй дӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын. Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ сабыр уа ӕмӕ дӕ бон уа бамбарын, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый (Фил. 4:6, 7; 1 Пет. 5:7). Де ’мбӕлттимӕ ӕмӕ дӕ бинонтимӕ ӕнгом у. Цӕуыл тыхсыс ӕмӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый тыххӕй-иу де ’мбӕлттӕн радзур, уӕлдайдӕр та, дӕ уавӕры чи уыд, уыдонӕн. Ӕмӕ дын уый фӕрцы дӕр фенцондӕр уыдзӕн (Еккл. 4:9, 10). w19.08 22 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 13 мартъи
Паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой... Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ (Рар 16:16).
Цымӕ Йегъовӕ уыцы фӕстаг стыр хӕст Мегиддойы номӕй цӕмӕн схуыдта? Раджы заманты Мегиддойы раз ӕмӕ йӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы Изреелы дӕлвӕзы цыд бирӕ хӕстытӕ. Ӕмӕ-иу Йегъовӕ иуӕй-иу хатт йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй-иу се знӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Зӕгъӕм, «Мегиддойы дӕтты раз» баххуыс кодта израилаг тӕрхонгӕнӕг Варакӕн, цӕмӕй фӕуӕлахиз уыдаид ханаайнӕгты ӕфсадыл ӕмӕ се ’фсады хистӕр Сисарӕйыл. Варак ӕмӕ ус-пехуымпар Деворӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кодтой, сӕ къухы диссаджы хуызы цы уӕлахиз бафтыд, уый тыххӕй. Уыдон зарыдысты: «Арвӕй стъалытӕ хӕцыдысты... Сисарӕйы ныхмӕ. Афтӕ фесӕфӕнт де знӕгтӕ иууылдӕр, о Йегъовӕ, чи дӕ уарзы, уыдон та хурау ӕрттивӕнт!» (Тӕрх. 5:19–21, 31). Ӕмӕ Армагеддоны дӕр Хуыцауы знӕгтӕ фесӕфдзысты, чи йӕ уарзы, уыдон та фервӕздзысты. Фӕлӕ ацы дыууӕ хӕсты кӕрӕдзийӕ иу цӕмӕйдӕр тынг хицӕн кӕнынц. Армагеддоны хӕсты Хуыцауы адӕм хӕцгӕ нӕ кӕндзысты. Хӕцӕнгарз дӕр сӕм нӕ уыдзӕн! Сӕ «тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсой» ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтыл сӕ «зӕрдӕ куы дарой» (Ис. 30:15; Рарг. 19:11–15). w19.09 9 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 14 мартъи
Ӕрцӕут [мӕм] (Матф. 11:28).
Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йесомӕ «ӕрцыдыстӕм»? Цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр куы базонӕм, уӕд (Лук. 1:1–4). Уый нӕ бӕсты ничи сараздзӕн. Йесойы царды хабӕрттӕ-иу хъуамӕ нӕхӕдӕг раиртасӕм. Йесомӕ ма «ӕрцӕуӕм», куы аскъуыддзаг кӕнӕм, донаргъуыд кӕй райсдзыстӕм ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзыстӕм, афтӕмӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Йесомӕ афтӕмӕй дӕр ис «ӕрцӕуӕн», ӕмӕ нӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд-иу ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм куы бацӕуӕм. Уыдон сты «лӕвӕрттӕ», ӕмӕ сӕ Йесо радта, цӕмӕй йын йӕ «фыстӕм» кӕсой (Еф. 4:7, 8, 11; Иоан. 21:16; 1 Пет. 5:1–3). Хъуамӕ-иу сӕ ӕххуыс нӕхӕдӕг бацагурӕм. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕу нӕ хъуыдытӕ уынын ӕмӕ, цӕмӕй тыхсӕм, уый базонын. Ӕфсымӕр Джулиан афтӕ зӕгъы: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загътон, цӕмӕй мӕ бабӕрӕг кодтаиккой. Ӕмӕ мын уый уыд ӕппӕты хуыздӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу». Ахӕм иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу базонӕм, «Чырысти куыд хъуыды кӕны», уый, ома-иу ын йӕ зондахаст бамбарӕм ӕмӕ-иу ӕй бафӕзмӕм (1 Кор. 2:16; 1 Пет. 2:21). Ӕмӕ ахӕм ӕххуыс ӕцӕгдӕр у хистӕр нӕлгоймӕгты хуыздӕр лӕвӕрттӕй сӕ иу. w19.09 21 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 15 мартъи
Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты (Иоан. 10:16).
Библийы цы иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты кой цӕуы, уыдон архайдтой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ дзы бирӕтӕ 144 мины ’хсӕн нӕ уыдзысты. Сӕ иу уыд Аргъауӕг Иоанн (Матф. 11:11). Иннӕ ахӕм лӕггадгӕнӕг уыд Давид (Хъуыд. 2:34). Уыдон ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр адӕм райгас уыдзысты ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмӕн» дӕр фадат уыдзӕн, цӕмӕй равдисой, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс кӕй сты, уый. Зӕххыл адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй ахӕм хабар никуыма уыд, ӕмӕ Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕй дӕр милуангай адӕмы иумӕ ӕрӕмбырд кӕна. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл,– хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыдон дӕр, ӕндӕр фыстӕй чи сты, уыцы «тынг бирӕ адӕммӕ» ӕрбаиу уой. Тагъд Йегъовӕ стыр бӕллӕхы фесафдзӕн, адӕмӕн уыйбӕрц маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи бавзарын кодта, уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ динтӕ. «Тынг бирӕ адӕмӕй» та алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн – Йегъовӕйӕн зӕххыл ӕнустӕм лӕггад кӕндзысты! (Рарг. 7:14). w19.09 31 ф., 18, 19 абз.
Дыццӕг, 16 мартъи
Фӕстаг бонты фӕзындзӕн, хорз цы у, ууыл чи худдзӕн, ахӕм адӕм (2 Пет. 3:3).
Мах фӕнды Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй баззайын. Фӕлӕ, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ нӕ иузӕрдиондзинад, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр фӕлвӕрд цӕудзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл адӕм дарддӕр дӕр худой. Афтӕ уӕлдайдӕр уый тыххӕй уыдзӕн, ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы хъуыддӕгты нӕ архайӕм. Хъуамӕ ныртӕккӕ архайӕм, цӕмӕй ноджы иузӕрдиондӕр уӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр иузӕрдионӕй баззайын. Зӕххыл разамынд лӕвӕрд куыд цӕуы, уыцы хъуыддаджы стыр бӕллӕхы рӕстӕг цыдӕр фӕивдзӕн. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи уа, уыдон иуафон иууылдӕр уӕлӕрвтӕм ӕмбырдгонд ӕрцӕудзысты, цӕмӕй уыдон дӕр Армагеддоны хӕсты хӕцой (Матф. 24:31; Рарг. 2:26, 27). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Разамонӕг советы чи ис, уыдон зӕххыл нал уыдзысты. Фӕлӕ уӕддӕр «тынг бирӕ адӕмӕн» дарддӕр дӕр разамынд лӕвӕрд цӕудзӕн. Разамынд сын дӕтдзысты, «ӕндӕр фыстӕй» чи уыдзӕн, ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ. Мах хъӕудзӕн равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм. Ӕмӕ уый равдисдзыстӕм, уыцы ӕфсымӕртӕн кӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм ӕмӕ, Хуыцау уыдоны уылты цы разамынд дӕтдзӕн, уымӕ кӕй хъусдзыстӕм, уымӕй. Нӕ ирвӕзындзинад ууыл баст уыдзӕн! w19.10 17 ф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 17 мартъи
Ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн... [...] Ды кӕм амӕлай, уым амӕлдзынӕн ӕз дӕр (Руф 1:16, 17).
Ноемин Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йыл уыд иузӕрдион. Фӕлӕ йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты куы амардысты, уӕд ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ хуыдтаиккой ӕндӕр номӕй, «Марӕ», зӕгъгӕ (нысан кӕны «маст») (Руф 1:3, 5, 20, фип., 21). Уыцы фыдӕвзарӕнты рӕстӕг йӕ чындз Руф ӕппынӕдзух уыд йӕ цуры. Руф Ноеминӕн ӕрмӕст хъуыддагӕй не ’ххуыс кодта, фӕлӕ ма йӕ ныхасӕй дӕр рӕвдыдта. Хуымӕтӕг, зӕрдӕбын ныхӕстӕй йын ӕмбарын кодта, кӕй йӕ уарзы, уый ӕмӕ йын йӕ ныфс фидар кодта. Нӕ чырыстон хотӕй ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕмӕн йӕ цардӕмбал куы амӕлы, уӕд уыцы хо кӕнӕ ’фсымӕры не ’ххуыс тынг фӕхъӕуы. Ус ӕмӕ лӕджы абарӕн ис, фӕрсӕй-фӕрстӕм чи зайы, дыууӕ ахӕм бӕласимӕ. Рӕстӕг куыд фӕцӕуы, афтӕ уыцы бӕлӕстӕн сӕ уидӕгтӕ кӕрӕдзийыл стыхсынц. Ӕмӕ дзы стӕй иу ӕдбындзар куы стонынц, уӕд иннӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг бахъыгдард уа. Афтӕ адӕймаг дӕр йӕ цардӕмбалы мӕлӕты фӕстӕ, гӕнӕн ис, афтӕ маст кӕна, ӕмӕ бирӕ рӕстӕг йӕ бон йӕхимӕ ӕрцӕуын ма уа. w19.06 23 ф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 18 мартъи
Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый (Иак. 1:14).
Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм, ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ сыл цас рӕстӕг хардз кӕнӕм, ууыл дӕр. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ фылдӕр нӕхи ирхӕфсгӕ кӕнӕм, лӕггад нӕ, фӕлӕ. Фыццаг уал сбӕрӕг кӕн, ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг хардз кӕныс, уый. Зӕгъӕм, дӕ бон у къуырийы дӕргъы дӕхицӕн фыссын, ирхӕфсӕнтыл дын цас рӕстӕг ацӕуы. Къӕлиндары фӕнысан кӕн, телевизормӕ кӕсыныл, интернеты истӕмӕты кӕсыныл ӕмӕ дӕ телефоны алыхуызон хъӕзтытӕй хъазыныл цал сахаты бахардз кӕныс, уый. Куы йӕ бамбарай, ӕмӕ дын уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ацӕуы, уӕд-иу дӕхицӕн график скӕн. Фыццаг уал-иу дзы ныффысс, ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ кӕд араздзынӕ, уый. Ӕмӕ-иу стӕй рӕстӕг рахицӕн кӕн ирхӕфсӕнтӕн дӕр. Уый фӕстӕ-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ графикмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Уый фӕрцы дын рӕстӕг уыдзӕн Библи иртасынӕн, бинонты ахуырӕн, ӕмбырдтӕн ӕмӕ уацамындӕн, стӕй дӕм уыцы хъуыддӕгтӕн хъарутӕ дӕр уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ уӕд дӕ цӕсгом дӕр нӕ хӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ дын ирхӕфсӕнтыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг нӕ цӕудзӕн. w19.10 30 ф., 14, 16 абз.; 31 ф., 17 абз.
Майрӕмбон, 19 мартъи
Хорз цы у, уый аразын мӕ фӕфӕнды, фӕлӕ мӕ цы фӕфӕнды, уый саразын мӕ бон нӕ вӕййы (Ром. 7:18).
Н. э. иу-55 азы коринфаг чырыстӕттӕ ахсджиаг уынаффӕ рахастой. Иерусалимы ӕмӕ Иудейӕйы се ’фсымӕртӕ фырмӕгуыр кӕй уыдысты, уый куы базыдтой, уӕд сфӕнд кодтой ӕхца ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын (1 Кор. 16:1; 2 Кор. 8:6). Фӕлӕ цалдӕр мӕйы фӕстӕ апостол Павел базыдта, мысайнӕгтӕ кӕй нӕ ӕрӕмбырд кодтой, кӕд зӕгъгӕ кодтой, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ лӕвар дӕр афоныл не сцӕттӕ уыдаид ӕмӕ сын ӕй Иерусалиммӕ иннӕ ӕмбырдты мысайнӕгтимӕ арвитын нӕ бантыстаид (2 Кор. 9:4, 5). Коринфаг чырыстӕттӕ хорз уынаффӕ рахастой, ӕмӕ сӕ Павел раппӕлыд сӕ фидар уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма сын уымӕй уӕлдай загъта, цӕмӕй, цы хъуыддаг райдыдтой, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаиккой (2 Кор. 8:7, 10, 11). Сӕ хабарӕй бӕрӕг у, суанг иузӕрдион чырыстӕттӕн дӕр хатт ӕнцон кӕй нӕ вӕййы, цы уынаффӕ рахӕссынц, уымӕ гӕсгӕ архайын. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ уый тыххӕй фӕстӕ-фӕстӕ фӕкӕнӕм. Йе та, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы исты ӕрцӕуа ӕмӕ нӕ уый бакъуылымпы кӕна (Еккл. 9:11). w19.11 26, 27 фф., 3–5 абз.
Сабат, 20 мартъи
Райсут уырнындзинады стыр уарт (Еф. 6:16).
Стыр уарт-иу ӕфсӕддоны буарӕн йӕ фылдӕр хай куыд хъахъхъӕдта, афтӕ мах дӕр нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны ацы дунейы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинадӕй, фыддзинадӕй ӕмӕ ма Хуыцауы зӕрдӕмӕ ноджыдӕр чи нӕ цӕуы, ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕй дӕр. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах тох кӕнӕм фыдгӕнӕг тыхтимӕ (Еф. 6:10–12). Нӕ бон куыд у бамбарын, нӕ уырнындзинад фӕлварӕнты рӕстӕг фидар уыдзӕн ӕви нӕ? Фыццаджыдӕр хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Стӕй хъуамӕ Библи иртасӕм, цӕмӕй нӕхимӕ, Хуыцау нӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй кӕсӕм (Дзут. 4:12). Библийы фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у» (Ӕмб. 3:5, 6). Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй ахъуыды кӕн, ӕрӕджы цы уынаффӕтӕ рахастай, уыдонӕй иуӕй-иутыл. Чи зоны, ӕхцайӕ тынг тыхст уыдтӕ. Цымӕ уыцы рӕстӕг дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Дзуттӕгтӕм 13:5 стихы Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый, «никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн», зӕгъгӕ? Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, уымӕй дӕ ныфс бацыд? Кӕд афтӕ уыд, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ уырнындзинады уарт фидар у. w19.11 14 ф., 1, 4 абз.
Хуыцаубон, 21 мартъи
Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ (Пс. 127:3).
Сывӕллонмӕ ӕдзух кӕсын хъӕуы, ӕмӕ йын хъуамӕ йӕ фыд дӕр ӕмӕ йӕ мад дӕр сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ тыхтӕ ма ’вгъау кӕной. Ӕмӕ лӕг ӕмӕ усӕн фӕд-фӕдыл цалдӕр сывӕллоны куы райгуыра, уӕд сын афтӕ ӕнцон нӕ уыдзӕн сӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕн дӕр, цас ӕмбӕлы, уыйбӕрц рӕстӕг хицӕн кӕнын. Ахӕм ныййарджытӕй иуӕй-иутӕ загътой, хатт-иу сӕ сӕрӕн кӕй ницыуал зыдтой. Чи зоны, мад ӕдзух афтӕ фӕллад вӕййы, ӕмӕ йӕм Библи ахуыр кӕнынӕн, кувынӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн дӕр тыхтӕ нал вӕййы. Стӕй ма йын, чи зоны, сывӕллоны тыххӕй зын вӕййы ӕмбырдты программӕмӕ лӕмбынӕг хъусын, ӕмӕ йын уӕд ӕмбырдтӕ пайда дӕр нӕ хӕсдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бинойнаджы чи уарзы, ахӕм лӕг хӕдзары дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр йӕ бинойнагӕн ӕххуыс кӕндзӕн сывӕллӕттӕм фӕкӕсынӕн. Зӕгъӕм, йӕ бон ын у хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Стӕй архайдзӕн, цӕмӕй сын алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уа ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр пайда хӕсса. Уымӕй уӕлдай ма йӕ бинонтимӕ ӕдзух хъусын кӕнынмӕ цӕудзӕн. w19.12 24 ф., 8 абз.
Къуырисӕр, 22 мартъи
Фӕндзайӕм аз уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз (Лев. 25:11).
Цымӕ Сӕрибардзинады аз израилӕгтӕн цы пайда хаста? Зӕгъӕм-иу израилаг нӕлгоймаг стыр хӕс куы дардта, уӕд-иу ӕй бахъуыд йӕ зӕхх ауӕй кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Фӕлӕ-иу Сӕрибардзинады аз куы уыд, уӕд-иу ын йӕ зӕхх хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаиккой. Афтӕмӕй йӕ бон уыд «йӕ зӕххытӕм» аздӕхын, ӕмӕ фӕстӕдӕр уыцы зӕххытӕ йӕ цотӕн бынӕн баззадаиккой. Кӕнӕ та-иу, зӕгъӕм, стыр хӕс чи дардта, ахӕм израилаг нӕлгоймаджы бахъуыд йӕ сывӕллоны, науӕд та суанг йӕхи дӕр, цагъарӕй ауӕй кӕнын, цӕмӕй-иу йӕ хӕс бафыстаид. Ӕмӕ-иу Сӕрибардзинады азы ахӕм цагъар хъуамӕ фӕстӕмӕ «йӕ бинонтӕм» аздӕхтаид (Лев. 25:10). Уый фӕрцы-иу адӕймаг цӕрӕнбонтӕм цагъарӕй нӕ баззадаид. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ Моисейы уылты загъта: «Уе ’хсӕн хъуамӕ мӕгуыртӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты ӕмӕ кӕй бацахсдзынӕ, уыцы зӕххыл» (Дык. з. 15:4). Ацы дунейы та хабар бынтон ӕндӕрхуызон у. Арӕх хъӕздгуытӕ хъӕздыгдӕр свӕййынц, мӕгуыртӕ та – мӕгуырдӕр! w19.12 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 23 мартъи
Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн (Ӕмб. 27:11).
Йесо-иу зын уавӕрты куы уыд, уӕд-иу «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ» Хуыцаумӕ куывта (Дзут. 5:7). Йӕ зӕрдӕбын куывдтытӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд. Стӕй-иу кӕй куывта, уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр фӕндыд йӕ Фыды коммӕ кӕсын. Йегъовӕйӕн Йесойы куывдтытӕ хӕрздӕф буды хуызӕн уыдысты. Йесо йӕ цардӕй йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кодта ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм. Фӕлварӕнты рӕстӕг Йегъовӕйӕ зӕрдиагӕй ӕххуыс фӕкурӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм. Мах ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй нӕ хъусдзӕн, йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ йын хӕрздӕф буды хуызӕн кӕй сты. Мах фидарӕй зонӕм, нӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ нӕ коммӕгӕсдзинад нӕ уӕларвон Фыдӕн ӕхсызгон кӕй сты. w19.11 21, 22 фф., 7, 8 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 19:29–44
Ӕртыццӕг, 24 мартъи
Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар? (Матф. 24:45).
1919 азы Йесо сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары». Уыцы цагъар разамынд дӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн «хӕринаг афоныл дӕтты». Хуыцау ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй райгонд кӕй у, уый уынӕм? Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне тынг архайынц, цӕмӕй ӕууӕнкджын цагъары куыст ӕрлӕууын кӕной. Ӕмӕ ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй уыцы куыст ӕцӕгдӕр ӕрлӕууыдаид. Фӕлӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары ницы бакъуылымпы кодта: нӕдӕр дыууӕ дунеон хӕсты, нӕдӕр дунейы экономикӕйы уавӕр, нӕдӕр, нӕ фӕдыл кӕй зилынц ӕмӕ нӕ ӕнаххосӕй кӕй ӕфхӕрынц, уый. Цагъар Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн абоны онг дӕр уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтты. Ахъуыды-ма кӕн, абон нӕм цас публикацитӕ ис, ууыл. Уыдон иууылдӕр сты лӕвар ӕмӕ сты 900 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау ӕууӕнкджын цагъарӕн ӕххуыс кӕны. Хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр дзурӕг у Йегъовӕйы арфӕдзинадыл. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хорз хабар хъуыстгонд цӕуы «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:14). w19.11 24 ф., 15, 16 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 19:45–48; Матфейы 21:18, 19; 21:12, 13
Цыппӕрӕм, 25 мартъи
Уый [Чырыстийы] фехъуыста, Хуыцауы тас ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй (Дзут. 5:7).
Алы аз дӕр-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон хистӕр сауджын нывонд ӕрхӕссыны размӕ хъуамӕ буд ссыгътаид. Уый фӕрцы-иу нӕ дызӕрдыг кодта, нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд кӕй уыдзӕн. Уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йесойы йӕ цард нывондӕн ӕрхӕссыны размӕ хъуыди ахсджиаг цыдӕр саразын, ӕмӕ уый адӕмы фервӕзын кӕнынӕй бирӕ ахсджиагдӕр уыд. Цымӕ уый цы уыд? Цалынмӕ зӕххыл цард, уӕдмӕ хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ нывонд райстаид. Афтӕмӕй Йесо равдыстаид, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй у ӕппӕты растдӕр царды фӕндаг. Стӕй сбӕлвырд кодтаид, йӕ Фыдӕн, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар кӕй ис ӕмӕ уымӕй растдӕр разамынд кӕй ничи дӕтты. Йесо зӕххыл куы цард, уӕд алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ каст. Ӕмӕ кӕд фӕлварӕнтыл ӕмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ йӕм хъизӕмайраг мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зыдта, уӕддӕр ӕй фӕндыд сбӕлвырд кӕнын, йӕ Фыды хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй (Фил. 2:8). w19.11 21 ф., 6, 7 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 20:1–47
Майрӕмбон, 26 мартъи
Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ (Лук. 22:28).
Йесо цалынмӕ зӕххыл лӕггад кодта, уӕдмӕ йын йӕ иузӕрдион апостолтӕ уыдысты хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕмбисӕндты 18:24 стихы ахӕм ӕмбӕлтты тыххӕй фыст ис: «Вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр». Йесойӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ кӕй уыд, уымӕн тынг аргъ кодта. Цалынмӕ зӕххыл уыд, уӕдмӕ йыл йӕхи ӕфсымӕртӕй иу дӕр нӕ баууӕндыд (Иоан. 7:3–5). Иуафон йӕ хиуӕттӕ суанг афтӕ дӕр хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ сӕрызонд фӕцыди (Мар. 3:21). Уыдонӕй уӕлдай апостолтӕ Йесойӕн уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ сын йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Хатгай-иу апостолтӕ Йесойы фӕфыдӕнхъӕл кодтой, фӕлӕ уый йе ’ргом сӕ рӕдыдтытӕм не здӕхта. Уый зыдта, йӕ апостолтӕ йыл кӕй ӕууӕндынц (Матф. 26:40; Мар. 10:13, 14; Иоан. 6:66–69). Йӕ царды фӕстаг бон семӕ куы уыд, уӕд сын ахӕм ныхӕстӕ загъта: «[Ӕз] уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон» (Иоан. 15:15). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йесойӕн йе ’мбӕлттӕ кӕй уыдысты стыр ныфсы хос. w19.04 11 ф., 11, 12 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:1–6; Марчы 14:1, 2, 10, 11
ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
Хурныгуылды фӕстӕ
Сабат, 27 мартъи
Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы, мах Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стӕм, уымӕн (Ром. 8:16).
Цымӕ чырыстон – хо кӕнӕ ӕфсымӕр – куыд бамбары, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй ӕрцыд, уый? Бӕлвырд дзуапп ис, апостол Павел Ромы чырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы ныхӕсты. Уыцы чырыстӕтты «Хуыцау... ӕрхуыдта, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой». Абоны стихы цы ныхӕстӕ бакастыстӕм, уыдоны размӕ ма Павел загъта: «Цы сыгъдӕг тыхӕй схайджын стӕм, уый нӕ цагъартӕ нӕ аразы ӕмӕ нӕ ногӕй тасы не ’фтауы. Фӕлӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тыхы фӕрцы Хуыцау йӕхицӕн скодта фырттӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы сыгъдӕг тых разӕнгард кӕны, цӕмӕй дзурӕм: „Аввӕ, нӕ Фыд!“» (Ром. 1:7; 8:15). Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сӕрст чырыстӕттӕн бӕлвырд бамбарын кӕны, уӕларвон цардмӕ хуынд кӕй сты, уый (1 Фес. 2:12). Уӕларвон цардмӕ хуынд чи ’рцӕуы, уыдонӕн Йегъовӕ уыцы хъуыды сӕ зӕрдӕйы ӕмӕ сӕ зонды афтӕ ныффидар кӕны, ӕмӕ, уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты, ууыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг кӕнынц (1 Иоан. 2:20, 27). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты дӕр иннӕтау ӕмбырды уылты ахуыр кӕны. Фӕлӕ сӕ уый сӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй сын исчи зӕгъа, ӕцӕгдӕр сӕрст чырыстон дӕ, зӕгъгӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ кӕй сты, уый сын Йегъовӕ бӕлвырд бамбарын кӕны дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тыхы фӕрцы – йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы! w20.01 22 ф., 7, 8 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:7–13; Марчы 14:12–16 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Лукайы 22:14–65
Хуыцаубон, 28 мартъи
Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта (Иоан. 15:13).
«Чырыстийы закъонӕн» йӕ бындур у уарзондзинад, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр бындур нӕй (Гал. 6:2). Йесо цыфӕнды ма арӕзтаид,– алцӕмӕ дӕр ӕй разӕнгард кодта уарзондзинад. Уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын. Йесо адӕмӕн тӕригъӕд кодта, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ ахуыр кодта, рынчынты дзӕбӕх кодта, ӕххормаг адӕмы ӕфсӕста ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта (Матф. 14:14; 15:32–38; Мар. 6:34; Лук. 7:11–15). Ӕмӕ йӕ кӕд уыцы хъуыддӕгтӕн бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ хъуыд, уӕддӕр-иу иннӕтыл йӕхицӕй тынгдӕр тыхсти. Фӕлӕ йӕ уарзондзинад ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ цард иннӕты тыххӕй кӕй радта, уымӕй. Иннӕтыл нӕхицӕй тынгдӕр куы тыхсӕм, стӕй, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн куы тӕригъӕд кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Йесойы фӕзмдзыстӕм. Адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кӕнӕм, уый нӕ куы фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй сын хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй Чырыстийы закъон феххӕст кӕнӕм. w19.05 4 ф., 8–10 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:66–71
Къуырисӕр, 29 мартъи
[Йегъовӕ] мӕ рарвыста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзурон, кӕй ссӕрибар уыдзысты... цӕмӕй ӕфхӕрд адӕмы суӕгъд кӕнон (Лук. 4:18).
Хуыцауы Фырт зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй адӕмы дыууӕ хуызы ссӕрибар кодтаид. Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй ссӕрибар уыдаиккой, дины разамонджытӕ сын кӕй амыдтой ӕмӕ уаргъӕй уӕлдай чи нӕ уыдысты, уыцы ахуырӕдтӕй. Уыцы заман дзуттӕгтӕй бирӕтӕ уыдысты адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты ӕмӕ мӕнг ахуырӕдты уацары (Матф. 5:31–37; 15:1–11). Дины разамонджытӕ хъуамӕ адӕмы раст фӕндагыл кодтаиккой, фӕлӕ сӕхӕдӕг куырмытӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Мессийӕйыл ӕмӕ, цы рӕстдзинад амыдта, ууыл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй дарддӕр дӕр уыдысты талынджы, стӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд не ’рцыдысты (Иоан. 9:1, 14–16, 35–41). Йесо адӕмӕн рӕстдзинад амыдта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цард рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй сӕрныллӕг адӕмӕн равдыста, цы сын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕнг ахуырӕдтӕй ссӕрибар уой (Мар. 1:22; 2:23–3:5). Дыккаг уый, ӕмӕ Йесо ’рцыд, цӕмӕй адӕмы ссӕрибар кодтаид, сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы тӕригъӕды цагъарадӕй. Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцауӕн йӕ бон уыд хатыр кӕнын, уыцы нывондыл чи баууӕндыд ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ’вдыста, уыдоны тӕригъӕдтӕ (Дзут. 10:12–18). w19.12 10 ф., 8, 10 абз.; 11 ф., 11 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66
Дыццӕг, 30 мартъи
Сымахыл... Чырыстийы фӕрцы Хуыцау мыхуыр сӕвӕрдта, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тыхӕй,– сыгъдӕг тых у, Хуыцау нын цы бынтӕ скодта, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый ӕвдисӕн (Еф. 1:13, 14).
Йегъовӕ сӕрст чырыстӕттӕн йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы бӕлвырдӕй бамбарын кӕны, кӕй сӕ равзӕрста, уый. Афтӕмӕй сын сыгъдӕг тых вӕййы «ӕвдисӕн», кӕнӕ бӕлвырдгӕнӕн, фидӕны ӕнустӕм зӕххыл нӕ, фӕлӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты (2 Кор. 1:21, 22). Чырыстон сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцӕуа, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныр уӕлӕрвты йӕ бынат конд у? Нӕ. Уый бӕлвырдӕй зоны, уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд. Фӕлӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара ацы фӕдзӕхст: «Ӕфсымӕртӕ, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут» (2 Пет. 1:10). Уӕдӕ кӕд сӕрст чырыстон уӕларвон цардмӕ хуынд ӕрцыд, уӕддӕр йӕ хӕрзиуӕг райсдзӕн, кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Фил. 3:12–14; Дзут. 3:1; Рарг. 2:10). w20.01 21 ф., 5, 6 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 24:1–12
Ӕртыццӕг, 31 мартъи
Ӕнӕрхъуыды адӕймагӕн йӕ ныхӕстӕ сты карды цӕфау, зондджыны ӕвзаг та у ӕвдадзы хос (Ӕмб. 12:18).
Иовӕн йе ’мбӕлттӕ йӕ зын нӕ бамбӕрстой. Уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу уыди, Иов ӕцӕгӕй цы уавӕры уыд, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй кастысты, уый. Уымӕ гӕсгӕ раст хатдзӕгтӕ не скодтой ӕмӕ Иовы карз уайдзӕфты бын фӕкодтой. Ахӕм рӕдыдӕй нӕхи цӕй фӕрцы бахиздзыстӕм? Хъуамӕ ӕмбарӕм, адӕймагӕн йӕ уавӕр кӕронмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй фӕзоны. Бӕллӕх кӕуыл ӕрцыд, уыцы хо кӕнӕ ӕфсымӕр цы фӕдзуры, уымӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусӕм ӕмӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй-иу ын йӕ рыст бамбарӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд бауыдзӕн нӕ бон нӕ хойы кӕнӕ не ’фсымӕры зӕрдӕйы рыст нӕ зӕрдӕмӕ айсын. Иннӕты зын куы ’мбарӕм, уӕд, цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, уыдӕтты тыххӕй алы мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм. Иннӕты фыдкой кӕнын чи уарзы, уый ӕмбырд фидар нӕ кӕны, фӕлӕ йӕ дихтӕ кӕны (Ӕмб. 20:19; Ром. 14:19). Ахӕм адӕймаджы ныхӕстӕ, ӕнӕ уымӕй дӕр зӕрдӕрыст чи у, ахӕм адӕймагӕн, гӕнӕн ис, карды цӕфау уой (Еф. 4:31, 32). Цас хуыздӕр у, адӕймагӕн йӕ хорз миниуджытӕ куы уынӕм ӕмӕ йын йӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн куыд баххуыс кӕнӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм! w19.06 21, 22 фф., 8, 9 абз.