Апрель
Цыппӕрӕм, 1 апрель
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).
Аристарх уыди Фессалоникӕйӕ (Македонийӕ). Уый апостол Павелӕн уыд йе ’нувыд ӕмбал. Библийы фыццаг хатт Аристархы кой ис, Павелы ӕртыккаг уацамындон балцы кой кӕм ис, уым. Аристарх Павелимӕ Ефесы куы уыд, уӕд адӕм сызмӕстой ӕмӕ Аристархы ӕрцахстой (Хъуыд. 19:29). Куы йӕ ауагътой, уӕд йӕ сӕр нӕ бафснайдта, фӕлӕ дарддӕр дӕр уыди Павелимӕ. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ дӕр Аристарх уыди Павелы фарсмӕ, Грецийы куы уыдысты, уӕд. Кӕд Павелы йе знӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты, уӕддӕр ӕй нӕ ныууагъта (Хъуыд. 20:2–4). Н. э. 58 азмӕ ’ввахс Павелы Роммӕ куы арвыстой, уӕд Аристарх уыцы дард балцы йемӕ ацыд. Уыцы балцы рӕстӕг сӕ нау ныппырх (Хъуыд. 27:1, 2, 41). Куыд зыны, афтӕмӕй, Роммӕ куы ’рцыдысты, уӕд Аристарх цасдӕр рӕстӕг Павелимӕ ахст уыд (Кол. 4:10). Уӕдӕ ахӕм ӕнувыд ӕмбал Павелӕн стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос куыннӕ уыдаид! Аристархау махӕн дӕр нӕ бон у, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕнувыд ӕмбӕлттӕ уӕм. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ сӕ фарсмӕ уӕм ӕрмӕст хорз рӕстӕджыты нӕ, фӕлӕ «зын сахат» дӕр. w20.01 9 ф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 2 апрель
Амондджын ӕмӕ ӕнӕфау сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон (Рарг. 20:6).
Сӕрст чи ’рцӕуы, уыдонӕй исчи, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, уыцы стыр кады аккаг кӕй нӕу. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ кӕй равзӕрста, ууыл ӕппындӕр никуы фӕдызӕрдыг вӕййы. Фидӕны уӕлӕрвты кӕй цӕрдзӕн, ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд йӕ цин йӕ риуы нал фӕцӕуы. Стӕй Хуыцауӕй ахӕм кады тыххӕй тынг бузныг вӕййы (1 Пет. 1:3, 4). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты амӕлын фӕфӕнды? Ацы фарстайӕн дзуапп дӕтты апостол Павел. Уый сӕрст чырыстӕтты зӕххон буӕрттӕ абарста цатыримӕ. Ӕмӕ афтӕ загъта: «О, мах ацы цатыры мидӕг уаргъы бын тухӕнӕй мӕлӕм. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ дзы куы фервӕзиккам, уый нӕ фӕнды, фӕлӕ нӕ фӕнды ӕндӕры бацӕрын, цӕмӕй цард аныхъуыра, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый» (2 Кор. 5:4). Уыцы чырыстӕттӕ цардӕй не сфӕлмӕцыдысты ӕмӕ мӕлӕтмӕ нӕ бӕллынц. Уыдонӕн цард циндзинад хӕссы ӕмӕ сӕ фӕнды алы бон дӕр сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ цыфӕнды ма аразой,– цы диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ рох никуы вӕййы (1 Кор. 15:53; 2 Пет. 1:4; 1 Иоан. 3:2, 3). w20.01 23 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 3 апрель
Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны (Дзут. 12:6).
Куы бахъӕуы, уӕд нын нӕ уӕларвон Фыд зонд дӕр бацамоны. Йегъовӕ нын зонд алыхуызӕтты бацамоны. Зӕгъӕм, вӕййы афтӕ, ӕмӕ Библийы цыдӕр бакастыстӕм кӕнӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыды фехъуыстам, ӕмӕ бамбӕрстам, цыдӕр нӕ фӕивын кӕй хъӕуы. Кӕнӕ та нын Йегъовӕ баххуыс кӕны хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Ӕмӕ нын зонд куы фӕамоны, уӕд уый алкӕддӕр фӕаразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй (Йер. 30:11). Йегъовӕ нын фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕны. Уарзӕгой фыд йӕ сывӕллӕттӕн зын рӕстӕджы куыд баххуыс кӕны, афтӕ нын нӕ уӕларвон Фыд дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг баххуыс кӕны. Йегъовӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъахъхъӕны, адӕймаг дзы цӕй тыххӕй адард вӕййы, уыдӕттӕй (Лук. 11:13). Баххуыс ма нын кӕны, тыхст ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, зӕрдӕ нын бавӕрдта, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ нын уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразын ӕнцондӕр вӕййы. Цыфӕнды ныл ма ’рцӕуа, уӕддӕр нын нӕ уарзӕгой Фыд нӕ хъӕдгӕмттӕ иууылдӕр байгас кӕндзӕн. Цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдон рӕстӕгмӕ сты, Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ та уыдзысты ӕнустӕм (2 Кор. 4:16–18). w20.02 5 ф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 4 апрель
Нӕ мидӕг цы хӕлӕг ӕрцард, уый ӕппынӕдзух цӕмӕдӕрты бӕллы (Иак. 4:5).
Нӕ бон у, ӕмӕ хӕлӕгӕй бынтондӕр фервӕзӕм! Иосифы ӕфсымӕрты хабарыл-ма ахъуыды кӕнӕм. Иосифы куы ауӕй кодтой, уымӕй бирӕ азты фӕстӕ йемӕ Египеты фембӕлдысты. Цалынмӕ сын Иосиф йӕхи не схъӕр кодта, уӕдмӕ сӕ бафӕлвӕрдта, цӕмӕй базыдтаид, аивтой ӕви нӕ. Фынгтӕ сын ӕрӕвӕрын кодта ӕмӕ кӕстӕр ӕфсымӕрӕн, Вениаминӕн, цы хӕйттӕ ӕрвыста, уыдон иннӕты хӕйттӕй фылдӕр уыдысты (Райд. 43:33, 34). Фӕлӕ йӕм йе ’фсымӕртӕ нӕ бахӕлӕг кодтой. Сӕхи куыд дардтой ӕмӕ цы дзырдтой, уымӕй бӕрӕг уыд, се ’фсымӕрыл ӕмӕ сӕ фыдыл кӕй хъуыды кодтой, уый (Райд. 44:30–34). Иосифы ӕфсымӕртӕ хӕлӕг сӕ зӕрдӕтӕй бындзарӕй кӕй стыдтой, уый фӕрцы сӕ бон уыд афтӕ архайын, цӕмӕй та сӕ бинонты ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уыдаид (Райд. 45:4, 15). Уӕдӕ-иу мах дӕр хӕлӕг нӕ зӕрдӕтӕй бындзарӕй куы стонӕм, уӕд нӕ бинонты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Йегъовӕ нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй хӕлӕгӕн нӕ зӕрдӕты бынат скӕнын ма бауадзӕм ӕмӕ цӕмӕй фарнмӕ тырнӕм. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд куы уӕм, стӕй алцӕй тыххӕй дӕр бузныг куы уӕм, уӕд хӕлӕгӕн нӕ зӕрдӕты бынат нӕ уыдзӕн. w20.02 19 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 5 апрель
Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы мӕ хъӕлӕс ӕмӕ мӕ лӕгъстӕтӕ (Пс. 116:1).
Йегъовӕйы уарзондзинадӕн кӕй аргъ кӕныс, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, куы йӕм кувай, уымӕй. Цы дӕ тыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын куы дзурай ӕмӕ-иу ын йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг куы зӕгъай, уӕд ӕй тынгдӕр уарздзынӕ. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ куывдтытӕн дзуапп куыд ратты, уый-иу куы фенай, уӕд уӕ хӕлардзинад фидардӕр кӕндзӕн. Уӕд дӕ фидарӕй уырндзӕн, кӕй дӕ ’мбары, уый. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ зондахаст зонай. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ зонай, цӕмӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ уыдӕттӕ базондзынӕ, Библи куы ахуыр кӕнай, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уӕдӕ Библийӕн аргъ кӕн. Йегъовӕ чи у ӕмӕ цавӕр Хуыцау у, стӕй йӕм дӕу тыххӕй цавӕр фӕнд ис, уый базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Библийӕ. Алы бон дӕр ӕй куы кӕсай, Библийы ахуырмӕ дӕхи куы цӕттӕ кӕнай ӕмӕ, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Библийӕн кӕй аргъ кӕныс (Пс. 119:97, 99; Иоан. 17:17). Библи кӕсынӕн дын график ис? Алы бон дӕр ӕй фӕкӕсыс? w20.03 5 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 6 апрель
Ныхас кодта... кӕуыл ӕмбӕлд, уыдонимӕ (Хъуыд. 17:17).
Кӕд дӕ бон бирӕ цӕуын нӕу, уӕд дӕ бон у, зӕгъӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм ран сбадын ӕмӕ, дӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уыдонӕн хъусын кӕнын. Кӕнӕ та дӕ бон у писмотӕ фыссын кӕнӕ телефонӕй хъусын кӕнын, йе та, фадат куы фӕзына, уӕд хъусын кӕнын. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй бирӕтӕ ацы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, ӕмӕ сын уый хӕссы стыр циндзинад. Кӕд не ’нӕниздзинады тыххӕй нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм. Павел загъта: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Павелы уыцы хъару бахъуыд, иухатт йӕ уацамындон балцы рӕстӕг куы фӕрынчын, уӕд. Ӕмӕ уыцы хабары кой скодта, галатӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым: «Сымах ӕй зонут, фыццаг хатт уын хорз хабар рынчынӕй кӕй хъусын кодтон» (Гал. 4:13). Раст афтӕ, кӕд мах дӕр рынчын стӕм, уӕд, чи зоны, нӕ бон у уыцы уавӕрӕй спайда кӕнын, цӕмӕй иннӕтӕн, зӕгъӕм, дохтыртӕн, медицинон хотӕн ӕмӕ ӕндӕр ахӕм кусджытӕн, хорз хабар хъусын кӕнӕм. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ куысты вӕййынц, хъусынгӕнджытӕ сӕм хӕдзармӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд. w19.04 4, 5 фф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 7 апрель
Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12).
2018 азы 223 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр цардысты, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у кӕнӕ нын сӕрибарӕй архайыны бар кӕм нӕй, уыцы бӕстӕты. Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу. Ӕцӕг чырыстӕттӕ зонынц, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты. Ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ нын хицауад ӕнӕнхъӕлӕджы нӕ хъуыддаг сӕхгӕна, цӕмӕй нӕ бон мауал уа нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Кӕд нын хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕдта, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау йӕ арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕкодта. Фӕлӕ уый раст хъуыды нӕу. Ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ нӕ рухс кӕны. Ӕркӕсӕм-ма апостол Павелы хабармӕ. Хуыцау Павелӕй райгонд кӕй уыд, уый бирӕ цӕмӕйдӕрты уыд бӕрӕг. Зӕгъӕм, Павелмӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ, Чырыстон Грекъаг Фыстыты цы фыстӕджытӕ ис, уыдонӕй ныффыста 14 фыстӕджы. Стӕй Павел уыд иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол. Фӕлӕ уӕддӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфта (2 Кор. 11:23–27). Павелы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ иуӕй-иу хатт кӕй бауадзы, цӕмӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕфхӕрд ӕййафой. w19.07 8 ф., 1, 3 абз.
Цыппӕрӕм, 8 апрель
Нӕ тох [у]... уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ (Еф. 6:12).
Йегъовӕ ныл зӕрдиагӕй тыхсы, ӕмӕ уый бӕрӕг у бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕй иу уый у, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны не знӕгты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн. Нӕ сӕйраг знӕгтӕ сты Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕг тыхтӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм ӕмӕ нын дӕтты, сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый (Еф. 6:10–13). Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм. Махӕн дӕр нӕ бон у апостол Павелау фидарӕй зӕгъын: «Кӕд Хуыцау немӕ ис, уӕд нӕ ныхмӕ чи уыдзӕн?» (Ром. 8:31). Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕм не ’ргом ӕгӕр не здахӕм. Мах нӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ саразӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм (Пс. 25:5). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ зонӕм, Хӕйрӕг куыд архайы, уый, цӕмӕй ныл хинӕй ма рацӕуа (2 Кор. 2:11). w19.04 20 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 9 апрель
Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна (Иак. 1:19).
Ныфссаст адӕймагимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд ӕм лӕмбынӕг фӕхъусӕм? Адӕймаджы фарсмӕ бадай ӕмӕ йӕм ӕнӕдзургӕйӕ хъусай, уый фаг нӕу. Нӕ хотӕй кӕнӕ нын не ’фсымӕртӕй исчи йӕ сагъӕстӕ куы дзура, уӕд ын нӕ бон у равдисын, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йын йӕ рыст кӕй ӕмбарӕм. Хатгай уый тыххӕй фаг вӕййы цалдӕр фӕлмӕн ныхасы зӕгъын дӕр. Зӕгъӕм, нӕ бон ын у зӕгъын: «Зын мын у, ахӕм хабар дыл кӕй ӕрцыд». Йе та йӕм нӕ бон у иу кӕнӕ дыууӕ фарстайы раттын, цӕмӕй бамбарӕм, цы нын дзуры, уый хорз ӕмбарӕм ӕви нӕ. Зӕгъӕм, нӕ бон ӕй у бафӕрсын: «Ома дӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ..?» кӕнӕ та: «Раст дӕ бамбӕрстон..?» Афтӕ адӕймаг уындзӕн, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъусӕм ӕмӕ кӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ бамбарӕм (1 Кор. 13:4, 7). Фӕлӕ-иу дын адӕймаг йӕ сагъӕстӕ куы дзура, уӕд-иу «дзурынмӕ... тагъд ма кӕн». Йӕ ныхас-иу ын ӕрдӕгыл ма аскъуын, афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ йын уынаффӕ раттын кӕнӕ та йын йӕ зондахаст бараст кӕнын хъӕуы, уӕддӕр. Фӕразонӕй-иу ӕм хъус. Куыд бакӕна, уый дзурыны бӕсты йын фӕлтау равдисӕм, йӕ рыст ын кӕй ӕмбарӕм (1 Пет. 3:8). w19.05 17, 18 фф., 15–17 абз.
Сабат, 10 апрель
Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ (Еф. 5:25).
Лӕг хъуамӕ йӕ усы уарза, «Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта... афтӕ» (Еф. 5:28, 29). Лӕг хъуамӕ Чырыстийы удуӕлдай уарзондзинад фӕзма ӕмӕ фылдӕр йӕ усыл хъуыды кӕна, йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕн ахӕм уарзондзинад ӕвдисын ӕнцон нӕ вӕййы. Цымӕ цӕуылнӕ? Чи зоны, уымӕн, ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл сты, уыдон иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ нӕ уыдысты ӕмӕ семӕ рӕстӕй нӕ архайдтой. Чи зоны сын зын у се ’взӕр миниуджытӕ ныууадзын, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ууыл архайой ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы закъон ӕххӕст кӕной. Лӕг йӕ усы удуӕлдай уарзтӕй куы уарза, уӕд ын ус дӕр аргъ кӕндзӕн. Ӕмӕ фыд йӕ сывӕллӕтты куы уарза, уӕд сӕ ныхасӕй никуы ӕфхӕрдзӕн ӕмӕ сын фыдмитӕ нӕ кӕндзӕн (Еф. 4:31). Уый йӕ сывӕллӕттӕн ӕвдисдзӕн, кӕй сӕ уарзы ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕхи ӕдас хатой ӕмӕ хъахъхъӕд уой. Ӕмӕ уӕд уыдон дӕр сӕ фыды уарздзысты ӕмӕ йыл ӕууӕнддзысты. w19.05 6 ф., 21 абз.
Хуыцаубон, 11 апрель
Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах (Лук. 1:32, 33).
Марийӕмӕ уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ цавӕр хъуыдытӕ фӕзындаид? Цымӕ афтӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ Йесо Ироды кӕнӕ, йӕ фӕстӕ паддзах чи суыдзӕн, уый раивдзӕн? Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕхицӕн загътаид: «Йесо зӕххыл паддзах куы суа, уӕд ӕз уыдзынӕн паддзахы мад ӕмӕ мӕ бинонтимӕ иумӕ паддзахы галуаны цӕрдзынӕн». Фӕлӕ Библийы афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ Марийӕ йӕхицӕн Паддзахады кадджын бынат куырдта. Уый тынг сӕрныллӕг адӕймаг уыд! Дӕ зӕрдыл дар, Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ иртасгӕйӕ нӕ нысан сӕйраджыдӕр кӕй у Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Стӕй ма-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, цӕмӕй-иу фенӕм, цы нӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа (Иак. 1:22–25; 4:8). Библи иртасыны размӕ-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых ракурӕм. Хъуамӕ дзы ӕххуыс курӕм, цӕмӕй, цы ӕрмӕг иртасӕм, уый нын пайда ӕрхӕсса ӕмӕ бамбарӕм, нӕ удыхъӕды нӕ фӕивын цы хъӕуы, уый. w19.05 30, 31 фф., 18, 19 абз.
Къуырисӕр, 12 апрель
[Мӕ] зӕрдӕ мастӕй йедзаг у (1 Сам. 1:15).
Хатт хабар афтӕ рауайы, ӕмӕ зындзинӕдты бын фӕвӕййӕм. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Джон, у нервыты низӕй рынчын (рассеянный склероз). Джон зӕрдӕсаст фӕци, йӕ цардӕмбал, 19 азы кӕимӕ фӕцард, уый дзы куы ацыд, уӕд. Уый фӕстӕ та йӕ дыууӕ чызджы Йегъовӕйы ныууагътой. Иу лӕг ӕмӕ ус та, Боб ӕмӕ Линдӕ, сӕмбӕлдысты ӕндӕрхуызон зындзинӕдтыл. Сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕ куыстӕй баззадысты ӕмӕ сӕ бахъуыд сӕ хӕдзарӕй ӕндӕр ранмӕ ацӕуын. Уымӕй уӕлдай ма Линдӕмӕ ссардтой зӕрдӕйы низ, ӕмӕ йын дохтыр загъта, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ уыцы низӕй мӕлгӕ дӕр акӕна. Стӕй ма йӕм фӕзынд ӕндӕр низ дӕр – артрит. Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ хорз кӕй ӕмбары, истӕуыл куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд нын куыд зын вӕййы, уый. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна (Фил. 4:6, 7). Библийӕ нӕ бон у базонын, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ-иу сын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта, уый. w19.06 14 ф., 2, 3 абз.
Дыццӕг, 13 апрель
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).
Цардӕмбал кӕмӕн нал ис, уыдонӕн исты гыццыл хорздзинӕдтӕ куы кӕнӕм, уӕд ӕй уындзысты, ӕцӕгдӕр сӕ кӕй уарзӕм, уый. Иунӕгӕй чи баззайы, уый хорз ӕмбӕлттӕ тынг фӕхъӕуы. Уӕдӕ се ’мбӕлттӕ кӕй стӕм, уый сын нӕ бон равдисын куыд у? Ис сӕ фӕхонӕн иумӕ къӕбӕр бахӕрынмӕ кӕнӕ иу гыццыл иумӕ баулӕфынмӕ. Йе та сӕ нӕ бон у немӕ уацамынды акӕнын. Иуӕй-иу хатт сӕ вӕййы фӕхонӕн нӕ бинонты ахуырмӕ дӕр. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ «хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ» ӕмӕ у «идӕдзты тӕрхонгӕнӕг», кӕнӕ хъахъхъӕнӕг (Пс. 34:18; 68:5). Адӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрой, уӕд ӕппӕт зындзинӕдтӕ дӕр ферох уыдзысты. Тагъд ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, «раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:16, 17). Ӕмӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ, нӕ чырыстон хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕй уарзӕм, уый ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр ӕвдисӕм (1 Пет. 3:8.). w19.06 25 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 14 апрель
Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Дзут. 13:6).
Бирӕ азты размӕ иу «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Хуыцауы хорз чи зоны, уый йыл фӕлварӕны йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дардзӕн». Уӕдӕ цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм (Матф. 22:36–38; Иак. 5:11). Хъуамӕ Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ нӕ нысан хъуамӕ уа Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын (Иак. 4:8). Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус ӕрдар, Йегъовӕ куыд уарзӕгой, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау у, уымӕ. Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕйы ныхӕстӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ йӕ уарзондзинадыл дзурӕг куыд сты, ууыл (Рац. 34:6). Кӕмӕндӕрты зын вӕййы, Хуыцау сӕ кӕй уарзы, ууыл баууӕндын, уымӕн ӕмӕ сӕ никуы ничи уарзта. Кӕд дӕуӕн дӕр ууыл баууӕндын зын у, уӕд афтӕ бакӕн: алы бон дӕр-иу дӕхицӕн ныффысс, Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый цы хъуыддӕгтӕй равдисы, уыдон (Пс. 78:38, 39; Ром. 8:32). Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй Библийы цы бакӕсыс, ууыл-иу куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ бон бирӕ цыдӕртӕ уыдзӕн ныффыссын. Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уымӕн куы аргъ кӕнай, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ (Пс. 116:1, 2). w19.07 2, 3 фф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 15 апрель
Нӕхи уӕ уырнындзинадӕн [нӕ] хицау кӕнӕм, фӕлӕ стӕм уе ’мкусджытӕ, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ уырнындзинады фӕрцы лӕуут фидар (2 Кор. 1:24).
Йегъовӕ нын уый бар нӕ радта, цӕмӕй иннӕты бӕсты уынаффӕтӕ хӕссӕм. Цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ чи ӕрымысы, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕдасдзинадыл хъуыды кӕны. Ахӕм адӕймаг йӕхи йе ’фсымӕрты уырнындзинадӕн хицау кӕны. Сайтан Хӕйрӕг, дарддӕр дӕр Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ныхмӕ карзӕй цӕудзӕн (1 Пет. 5:8; Рарг. 2:10). Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон архайдзысты, цӕмӕй нӕ хъуыддаг ӕхгӕд ӕрцӕуа. Фӕлӕ хъуамӕ мацӕмӕй тӕрсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм! (Дык. з. 7:21). Йегъовӕ немӕ ис, ӕмӕ нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕной, уӕд дӕр нын ӕххуыс кӕндзӕн (2 Аз. 32:7, 8). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дины разамонджытӕй нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сын загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:19, 20). w19.07 13 ф., 18–20 абз.
Майрӕмбон, 16 апрель
Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн (Ӕмб. 20:5).
Куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд–иу хъуамӕ бацархайӕм, адӕймаг цавӕрдӕр хъуыдыйыл хӕст цӕмӕн у, уый бамбарыныл. Апостол Павел схъомыл дзуттӕгты ’хсӕн. Ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдонимӕ-иу ӕй ӕндӕрхуызон хъуыди ныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, Фыстад цы дзуры, уый тыххӕй бирӕ ницы зыдтой, йе та ӕппындӕр ницы зыдтой. Нӕ территорийы адӕм цавӕрдӕр хъуыдытыл хӕст цӕмӕн сты, уый хуыздӕр бамбарыны тыххӕй нӕ бон у уый фӕдыл ӕрмӕг раиртасын кӕнӕ фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытимӕ аныхас кӕнын (1 Кор. 9:20–23). Махӕн нӕ нысан у «аккаг» адӕмы ссарын (Матф. 10:11). Цӕмӕй уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хорз уыдзӕн, адӕмы-иу сӕ хъуыдыйӕ куы бафӕрсӕм ӕмӕ-иу сӕм стӕй лӕмбынӕг куы байхъусӕм. Английы иу ӕфсымӕр адӕмы фӕфӕрсы, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, сывӕллӕтты хъомыл кӕнын куыд хъӕуы кӕнӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕн куыд ис, уый фӕдыл цы хъуыды кӕнынц, уымӕй. Дзуапп куы раттынц, уӕд сын фӕзӕгъы: «Мӕнӕ ацы уынаффӕ фыст ӕрцыд 2 000 азы размӕ. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, хорз уынаффӕ у?» Уый фӕстӕ сын йӕ телефоны равдисы, рагацау кӕй бацӕттӕ кӕны, уыцы стихтӕ. Фӕлӕ, Библийӕ кӕй сты, уый нӕ фӕзӕгъы. w19.07 21, 22 фф., 7, 8 абз.
Сабат, 17 апрель
Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы, Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд кӕй амард, уымӕй (Ром. 5:8).
Хуыцауы цавӕр уарзтӕй хъуамӕ уарзӕм? Йесо иу фарисейӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матф. 22:36, 37). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы ӕрдӕг зӕрдӕйӕ уарзӕм. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзӕм. Цӕмӕй Хуыцауы уарзӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ хорз зонӕм. Библийы фыст ис: «Чи нӕ уарзы, уый... Хуыцауы нӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй, цӕмӕй Хуыцауы бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм Хуыцауы хуыздӕр базоныныл ӕмӕ, алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарыныл (Фил. 1:9). Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд Хуыцауы бауарзтам, кӕд ын йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй бирӕ нӕма зыдтам, уӕддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйы хуыздӕр куы базыдтам, уӕд та йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтам. Уымӕ гӕсгӕ, Библи ӕдзух кӕй фӕахуыр кӕнӕм ӕмӕ йыл лӕмбынӕг кӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уый хауы, нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уыдӕттӕм (Фил. 2:16). w19.08 9 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 18 апрель
Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у (Еккл. 4:9).
Кӕд дӕ ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын бахъуыд, уӕд дӕ уым дӕр хъӕуы ӕмбӕлттӕ ссарын. Ӕмӕ уый тыххӕй та дӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уай хорз ӕмбал. Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ дыл цы цымыдисаг хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн радзур, цӕмӕй уыдон дӕр уыной, дӕ лӕггад дын цы циндзинад хӕссы, уый. Чи зоны дӕ дӕ цардӕмбалимӕ, кӕм лӕггад кодтат, уырдыгӕй ацӕуын бахъуыд, йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй. Фӕлӕ-иу ӕй ма аххосджын кӕн. Ӕмӕ кӕд уый де ’нӕниздзинадимӕ у баст, уӕд та дӕхи ма аххосджын кӕн, мӕ цардӕмбалы фӕфыдӕнхъӕл кодтон, зӕгъгӕ. Рох дӕ ма уӕд: сымах стут «иу буар», ӕмӕ Йегъовӕйы раз дзырд радтат, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр кӕрӕдзийыл кӕй тыхсдзыстут (Матф. 19:5, 6). Кӕнӕ та уӕ, чи зоны, уый тыххӕй бахъуыд ацӕуын, ӕмӕ базыдтат, сывӕллон уын кӕй уыдзӕн, афтӕмӕй та цот уадзын нӕ фӕнд кодтат. Уӕд-иу уӕ сывӕллонӕн арӕх дзурут, тынг зынаргъ уын кӕй у ӕмӕ йӕ Хуыцауы «лӕварыл» кӕй нымайут, ӕмӕ уын сӕйраг, кӕм лӕггад кӕнут, уый кӕй нӕу (Пс. 127:3–5). Стӕй-иу ын радзурут, ӕххӕстрӕстӕг куыд лӕггад кодтат, уый тыххӕй. Афтӕмӕй уӕ сывӕллоны дӕр, гӕнӕн ис, бафӕнда ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. w19.08 22 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 19 апрель
Фенын [дын] кӕнон... йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаджы цы тӕрхон баййафдзӕн, уый (Рар 17:1).
Стыр Вавилон, ома мӕнг динтӕ се ’ппӕт дӕр, Хуыцауы ном тынг фӕхудинаг кодта. Мӕнг динтӕ Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ адӕмӕн дӕр уыдӕттӕ амонынц. Уыдон лымӕн кӕнынц зӕххон хицӕуттимӕ ӕмӕ сӕ фарс хӕцынц. Афтӕмӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй цӕуынц, ӕмӕ уымӕй сты хӕлд сылгоймаджы хуызӕн. Уымӕй уӕлдай ма сӕ адӕмы ссӕндынц ӕмӕ сӕ стигъынц. Стӕй ныккалдтой бирӕ туг, ӕмӕ сыл ис Хуыцауы лӕггадгӕнджыты туг дӕр (Рарг. 18:24; 19:2). Йегъовӕ уыцы «хӕтаг сылгоймаджы» фесафдзӕн «сырх-сырхид сырды» ӕмӕ йӕ «дӕс сыкъайы» фӕрцы. «Сырх-сырхид сырд» амоны Иугонд Нациты Организацимӕ. «Дӕс сыкъайы» та амонынц, уыцы организацийӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы хицауӕдтӕм. Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы уыцы хицауӕдтӕ ӕмӕ Иугонд Нациты Организаци сӕхи Стыр Вавилоныл ныццӕвдзысты. Уыдон ын «ницыуал... ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты», ома йын йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ фӕхӕсдзысты ӕмӕ йын йӕ фыдхъуыддӕгтӕ хурмӕ ракалдзысты (Рарг. 17:3, 16). Йе сӕфт ӕрцӕудзӕн тынг тагъд, цыма иу бонмӕ ӕрцыд, афтӕ. Ӕмӕ йын чи ’ххуыс кӕны, уыдон арвы цӕфау фӕуыдзысты, уымӕн ӕмӕ-иу ӕдзух йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Ӕз... маст никуы фендзынӕн» (Рарг. 18:7, 8). w19.09 10 ф., 10, 11 абз.
Дыццӕг, 20 апрель
Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут (Матф. 11:29).
Йесо йӕхимӕ алкӕй дӕр хоны. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын зӕрдиагӕй кӕй фӕнды, уыдонӕй Йесо фӕстӕмӕ никӕй арвитдзӕн (Иоан. 6:37, 38). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, цӕмӕй архайа, Йегъовӕ Йесойӕн кӕй бахӕс кодта, уыцы хъуыддаджы. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йесо алкӕддӕр немӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг аразынӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Матф. 28:18–20). Сӕрныллӕг адӕм Йесойы уарзтой (Матф. 19:13, 14; Лук. 7:37, 38). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо фарисейтӕй тынг хицӕн кодта. Уыцы дины разамонджытӕ уыдысты дурзӕрдӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд (Матф. 12:9–14). Йесо та уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг. Фарисейтӕ уыдысты кадуарзаг ӕмӕ сын адӕмы ’хсӕн кадджын бынат кӕй уыд, уымӕй хъал уыдысты. Йесо та дзырдта, кадмӕ бӕллын хорз кӕй нӕу. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй сӕрныллӕг уыдаиккой ӕмӕ иннӕтӕн лӕггад кодтаиккой (Матф. 23:2, 6–11). Фарисейтӕн адӕмыл сӕ бар цыди, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕм тарстысты (Иоан. 9:13, 22). Йесо та иннӕтӕн йӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй удӕнцой хаста ӕмӕ-иу сӕ хъарутӕ бауагъта. Ды дӕр Йесойы фӕзмыс? w19.09 20 ф., 1 абз.; 21 ф., 7–9 абз.
Ӕртыццӕг, 21 апрель
Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).
Ӕмбырдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Цы цӕстӕй сӕм кӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр сбӕрӕг кӕнӕн ис, фидӕны нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд фидар фӕлӕудзыстӕм ӕви нӕ (Дзут. 10:24, 25). Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Чи зоны, ныртӕккӕ гыццыл зындзинӕдты тыххӕй ӕмбырдтӕ цух кӕнӕм. Фӕлӕ, фӕстӕдӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ӕмбӕлын тӕссаг куы уа, уӕд та куыд кӕндзыстӕм? Хъуамӕ ныртӕккӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, ӕмбырдтӕ кӕй нӕ цух кӕндзыстӕм. Ӕмӕ нӕ не знӕгтӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын куы хъыгдарой, уӕддӕр нӕ уый нӕ бауромдзӕн. Хъуамӕ ныр дӕр ӕмбырдтӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын уарзӕм. Ӕмӕ уӕд, нӕ ныхмӕ карзӕй дӕр куы цӕуой ӕмӕ нын хицауад нӕ хъуыддаг дӕр куы сӕхгӕна, уӕддӕр фыццаджыдӕр Хуыцаумӕ хъусдзыстӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ (Хъуыд. 5:29). Нӕ зӕрдӕмӕ ӕппӕты тынгдӕр чи цӕуы, уыцы стихтӕ-иу бахъуыды кӕнӕм (Матф. 13:52). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагӕн йӕ бон нӕу алцы бахъуыды кӕнын. Фӕлӕ-иу дын Йегъовӕ йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъӕугӕ стихтӕ дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн (Иоан. 14:26). Уыцы стихтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уай ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайай. w19.07 3 ф., 5 абз.; 4 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 22 апрель
Уый зон, ӕмӕ фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (2 Тим. 3:1).
Кӕд 1914 азы фӕстӕ райгуырдтӕ, уӕд дӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр арвыстай ацы дунейы «фӕстаг бонты» цӕргӕйӕ. Йесо дзырдта, нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдоны тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хабӕртты кой махӕй алчидӕр фехъуыста. Уыдонмӕ хауынц хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, фыднизтӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх сты ӕмӕ Йегъовӕйы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый (Матф. 24:3, 7–9, 12; Лук. 21:10–12). Стӕй ма уынӕм, апостол Павел адӕмы тыххӕй цы дзырдта, уый дӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Мах, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты, фидарӕй уырны, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый (Мих. 4:1). 1914 азӕй ныр бирӕ рӕстӕг рацыд. Ӕмӕ зӕгъӕн ис, мах цӕрӕм «фӕстаг бонтӕн» сӕ фӕстаг бонты. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг у, ӕмӕ нӕ хъӕуы ахӕм ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын: «фӕстаг бонты» кӕрон цавӕр хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн? Ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хабӕрттӕ не ’рцӕуой, уӕдмӕ Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм? w19.10 8 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 23 апрель
Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).
Фидар уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕ уавӕртӕй кӕнгӕ нӕу. Цӕмӕй алкӕддӕр фидар уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм (Ром. 12:12). Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта, абоны стихы цы фыст ис, уымӕй. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ цыфӕнды зындзинӕдты дӕр иузӕрдионӕй баззайӕм. Ныртӕккӕ-иу алы фӕлварӕны дӕр фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар уыдзӕн, цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Фидардзинадӕн куыд у йӕ хабар, афтӕ хъӕбатырдзинадӕн дӕр: ӕцӕг хъӕбатыр уыдзыстӕм, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд. Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы дардзыстӕм? Хъуамӕ йын йӕ Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ, раджы заманты йӕ адӕмы куыд ирвӕзын кодта, ууыл хъуыды кӕнӕм (Пс. 68:20; 2 Пет. 2:9). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хицауӕдтӕ нӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд нӕ хъӕудзӕн ноджы стырдӕр хъӕбатырдзинад равдисын ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарын (Пс. 112:7, 8; Дзут. 13:6). Ӕмӕ нӕм цӕмӕй уыцы рӕстӕг ахӕм хъӕбатырдзинад разына, уый тыххӕй хъуамӕ ныр дӕр Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ алкӕддӕр кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ нын тӕссаг кӕй ницӕмӕй уыдзӕн (1 Кор. 13:8). w19.10 17, 18 фф., 15, 16 абз.
Сабат, 24 апрель
Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы (1 Иоан. 5:19).
Ацы дуне ис Хӕйрӕджы дӕлбар. Уый дзы афтӕ пайда кӕны, цӕмӕй, цардӕн нӕ цы фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕты фӕбӕллӕм, уыдӕттӕ нын сӕйраг суой, стӕй нын зындӕр уа нӕ буары монцтимӕ тох кӕнын (Еф. 2:1–3). Йӕ нысан у, цӕмӕй, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ бауарзӕм, уымӕн ӕмӕ уӕд Йегъовӕйыл афтӕ иузӕрдион нал уыдзыстӕм. Апостол Петр Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕроны кой ӕмӕ ног дунейы кой куы скодта, уӕд загъта: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:14). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард куы кӕнӕм, стӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд равдисдзыстӕм, ӕрмӕстдӕр ууыл кӕй стӕм иузӕрдион. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дуне дарддӕр дӕр архайдзысты, цӕмӕй нӕ фӕрӕдийын кӕной, ӕмӕ нӕ царды фыццаг бынаты Йегъовӕйы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр цыдӕртӕ ӕвӕрӕм (Лук. 4:13). Фӕлӕ мах уӕддӕр никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзыстӕм уый бар, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы Йегъовӕйы бынат бацахса. Мах ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл уыдзыстӕм иузӕрдион. Ӕрмӕстдӕр уый у ахӕм иузӕрдиондзинады аккаг! w19.10 27 ф., 4 абз.; 31 ф., 18, 19 абз.
Хуыцаубон, 25 апрель
Мӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕнцой нал зыдтон (Пс. 38:18).
Цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл мӕт кӕнын ӕвзӕр нӕу. Зӕгъӕм, фӕмӕт кӕнӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм, ууыл (1 Кор. 7:32). Уӕззау тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд фӕмӕт кӕнӕм, фӕстӕмӕ та Хуыцаумӕ куыд баввахс уӕм, ууыл. Фӕмӕт ма кӕнӕм, нӕ цардӕмбалы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм кӕнӕ, нӕ бинонтӕн ӕмӕ не ’мчырыстӕттӕн куыд баххуыс кӕнӕм, ууыл (1 Кор. 7:33; 2 Кор. 11:28). Фӕлӕ цӕуылдӕрты ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд уый нӕ уырнындзинадӕн зиан ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, чи зоны, ӕдзух фӕмӕт кӕнӕм, цӕмӕй нын фаг хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕс уа (Матф. 6:31, 32). Афтӕмӕй нын, гӕнӕн ис, царды сӕйрагдӕр суа мулк ӕмбырд кӕнын. Хабар афтӕ куы рауайа, уӕд Йегъовӕйыл нӕ ныфс нал дардзыстӕм ӕмӕ дзы адард уыдзыстӕм (Мар. 4:19; 1 Тим. 6:10). Кӕнӕ та, чи зоны, ӕгӕр мӕт кӕнӕм, иннӕтӕ нӕ цы хъуыды кӕнынц, ууыл. Уӕд тынгдӕр тӕрсдзыстӕм, адӕм ныл куы худой кӕнӕ нӕ куы ’фхӕрой, уымӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй нӕ, фӕлӕ. Цӕмӕй ныл ахӕм хабар ма ’рцӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад ратта (Ӕмб. 29:25; Лук. 17:5). w19.11 15 ф., 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 26 апрель
Кӕд [уӕ] искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй (Иак. 1:5).
Иуӕй-иу ахсджиаг уынаффӕтӕ никуы фӕивӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион кӕй уыдзыстӕм, уыцы уынаффӕтӕ (Матф. 16:24; 19:6). Фӕлӕ ӕндӕр уынаффӕтӕ, чи зоны, фӕивын бахъӕуа. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уавӕртӕ фӕивынц. Цы нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн? Хуыцауӕй ӕмбаргӕдзинад кур. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ хатт не ’ппӕтмӕ дӕр «зонд фаг» нӕ вӕййы. Уӕдӕ-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, уынаффӕ куы хӕссай, уӕд дӕр ӕмӕ-иу дӕ дӕ уынаффӕ фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр. Ӕмӕ-иу дын уӕд Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн. Лӕмбынӕг иртас. Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕс, стӕй-иу аныхас кӕн, кӕуыл ӕууӕндыс, уыдонимӕ (Ӕмб. 20:18). Уый ахсджиаг вӕййы, нӕ куыст фӕивын кӕнӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацӕуын куы сфӕнд кӕнӕм, уӕд, йе та нӕ ахӕм дӕсныйад равзарын куы фӕхъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхи дарын дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр. w19.11 27 ф., 6–8 абз.
Дыццӕг, 27 апрель
Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй? (Ром. 7:24).
Хуыцау иу цыдӕр сарӕзта, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдӕй ссӕрибар кӕна. Уымӕн гӕнӕн ис Йесо Чырыстийы фӕрцы. Н. э. размӕ 8 ӕнусы пехуымпар Исай загъта, адӕмӕн фидӕны цы сӕрибардзинад хъуамӕ ӕрцыдаид лӕвӕрд, уый тыххӕй. Уыцы сӕрибардзинад бирӕ хуыздӕр у, израилӕгтӕн-иу алы фӕндзайӕм аз дӕр цы сӕрибардзинад ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕй. Исай ныффыста: «Ӕз хайджын дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ Йегъовӕ байсӕрста, цӕмӕй сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнон. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй зӕрдӕсаст адӕмӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ бӕттон, цӕмӕй уацайрӕгтӕн хъусын кӕнон, кӕй ссӕрибар уыдзысты» (Ис. 61:1). Ацы пехуымпарад кӕуыл хъуамӕ сӕххӕст уыдаид? Уыцы ахсджиаг пехуымпарад ӕххӕст кӕнын райдыдта, Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уый фӕстӕ. Йӕ райгуырӕн горӕт Назареты ӕмбырдгӕнӕнмӕ куы бацыд, уӕд, чи дзы ӕрӕмбырд, уыцы дзуттӕгтӕн бакаст уыцы пехуымпарады ныхӕстӕ ӕмӕ стӕй бамбарын кодта, йӕхиуыл кӕй сӕххӕст (Лук. 4:16–19, 21). w19.12 9, 10 фф., 6–8 абз.
Ӕртыццӕг, 28 апрель
Нӕ Хуыцау [нын] радта хъарутӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккам, кӕд нӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр (1 Фес. 2:2).
Цӕмӕй ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕууай, уый тыххӕй хъуамӕ уай хъӕбатыр. Фӕлӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын хъӕбатырдзинад нӕ фаг кӕны, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Рох дӕ ма уӕд: ӕцӕг хъӕбатырдзинад адӕймагӕн йӕ асӕй, йӕ тыхӕй ӕмӕ йӕ курдиӕттӕй кӕнгӕ нӕу. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Давид ӕрыгонӕй Голиафимӕ куыд схӕцыд, уый. Давид Голиафы хуызӕн бӕрзонд ӕмӕ тыхджын нӕ уыд, стӕй гӕрзифтонг нӕ уыди. Давидмӕ хъама дӕр нӕ уыд, фӕлӕ уӕддӕр уыд тынг хъӕбатыр. Ӕмӕ уыцы сӕрбӕрзонд богалы ныхмӕ ныфсджынӕй рацыд. Давид ахӕм хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыд? Фидарӕй йӕ уырныдта, Йегъовӕ йемӕ кӕй ис (1 Сам. 17:37, 45–47). Давид Голиафы раз зынгӕ дӕр нӕ кодта, фӕлӕ Давид ууыл нӕ хъуыды кодта. Уый хъуыды кодта, Голиаф Йегъовӕйы раз зынгӕ дӕр кӕй нӕ кодта, ууыл. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Йегъовӕ немӕ кӕй ис, уый нӕ фидарӕй куы уырна ӕмӕ, не знӕгтӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы раз зынгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнынц, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм хъӕбатыр (2 Аз. 20:15; Пс. 16:8). w19.07 5 ф., 11–13 абз.
Цыппӕрӕм, 29 апрель
Уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ... уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос (Кол. 4:11).
Тихик апостол Павелӕн уыд ӕууӕнкджын ӕмбал (Хъуыд. 20:4). Н. э. 55 азмӕ ’ввахс Павелы фӕндмӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕхца ӕрӕмбырд кодтаиккой, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн баххуыс кодтаиккой. Ӕмӕ Павел, ӕвӕццӕгӕн, Тихикӕн бахӕс кодта, цӕмӕй уыцы ахсджиаг хъуыддаджы ӕфсымӕртӕм фӕкастаид (2 Кор. 8:18–20). Фӕстӕдӕр Павел Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд, уӕд дӕр ын Тихик стыр ӕххуыс фӕци. Павел Азийы ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдон сӕм фӕхӕццӕ кодта ӕмӕ сын радзырдта, кӕмӕй бафидар сты, ахӕм хабӕрттӕ (Кол. 4:7–9). Тихик Павелӕн алкӕддӕр уыди ӕнувыд ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмбал (Тит. 3:12). Чырыстӕттӕ се ’ппӕт Тихикы хуызӕн ӕууӕнкджын нӕ уыдысты. Павел н. э. 65 азмӕ ’ввахс, дыккаг хатт ахст куы уыд, уӕд, ныффыста, Азийы цӕрӕг чырыстӕттӕй йӕм бирӕтӕ цӕугӕ дӕр кӕй нӕ кодтой, ӕвӕццӕгӕн, знӕгтӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй (2 Тим. 1:15). Фӕлӕ Павел зыдта, йӕ бон кӕй у Тихикыл йӕ зӕрдӕ дарын, ӕмӕ йын ног хъуыддаг бахӕс кодта (2 Тим. 4:12). Павел бӕгуыдӕр аргъ кодта ахӕм хорз ӕмбалӕн. w20.01 10 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 30 апрель
Уыцы хабӕрттӕ Хуыцау махӕн раргом кодта (1 Кор. 2:10).
Чи зоны, хъуыды кӕныс, цымӕ ӕз сыгъдӕг тыхӕй сӕрст нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Уӕд ахъуыды кӕн ахӕм ахсджиаг фарстатыл: «Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дӕ зӕрдиагӕй фӕнды? Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы уӕлдай зынгзӕрдӕ дӕ? Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг фӕиртасыс? „Хуыцауы арф зонд“ иртасын тынг уарзыс? Уыныс ӕй, Йегъовӕ дын хъусын кӕныны хъуыддаджы тынг кӕй арфӕ кӕны? Дӕхицӕн хӕсыл нымайыс иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн ӕххуыс кӕнын? Йегъовӕ дын арӕх бӕлвырд хъуыддӕгты куыд баххуыс кӕны, уый феныс?» Ацы фарстатӕн дзуапп дӕтгӕйӕ фидарӕй, о, зӕгъгӕ, куы зӕгъай, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕларвон цардмӕ хуынд дӕ? Нӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу. Гӕнӕн ис, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ацы фарстатӕн ахӕм дзуапп раттой. Уӕвгӕ, кӕд дызӕрдыг кӕныс, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст дӕ ӕви нӕ, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрст чырыстон нӕ дӕ. Йегъовӕ кӕй ӕрхуыдта, уыдон нӕ фӕхъуыды кӕнынц, цымӕ сӕрст чырыстон дӕн ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Уыдон ӕй бӕлвырд зонынц! w20.01 23 ф., 14 абз.