Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es21
  • Май

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Май
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 май
  • Хуыцаубон, 2 май
  • Къуырисӕр, 3 май
  • Дыццӕг, 4 май
  • Ӕртыццӕг, 5 май
  • Цыппӕрӕм, 6 май
  • Майрӕмбон, 7 май
  • Сабат, 8 май
  • Хуыцаубон, 9 май
  • Къуырисӕр, 10 май
  • Дыццӕг, 11 май
  • Ӕртыццӕг, 12 май
  • Цыппӕрӕм, 13 май
  • Майрӕмбон, 14 май
  • Сабат, 15 май
  • Хуыцаубон, 16 май
  • Къуырисӕр, 17 май
  • Дыццӕг, 18 май
  • Ӕртыццӕг, 19 май
  • Цыппӕрӕм, 20 май
  • Майрӕмбон, 21 май
  • Сабат, 22 май
  • Хуыцаубон, 23 май
  • Къуырисӕр, 24 май
  • Дыццӕг, 25 май
  • Ӕртыццӕг, 26 май
  • Цыппӕрӕм, 27 май
  • Майрӕмбон, 28 май
  • Сабат, 29 май
  • Хуыцаубон, 30 май
  • Къуырисӕр, 31 май
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2021
es21

Май

Сабат, 1 май

Бацамонӕд [нын], цы сывӕллон райгуыра, уымӕн нын цы кӕнгӕ у, уый (Тӕрх. 13:8).

Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын? Манойау Йегъовӕйӕ ӕххуыс курут. Стӕй сын фӕзминаг ут. Уӕ сывӕллӕттӕн, раст цы у, уый кӕй амонут, уый ахсджиаг у. Фӕлӕ, цы аразут, уый сыл тынгдӕр фӕзындзӕн. Дзырд дӕр ыл нӕй, Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕттӕн, уыимӕ Йесойӕн дӕр, алцӕмӕй дӕр фӕзминаг уыдысты. Иосиф йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй фыдӕбон кодта. Стӕй ма сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кодтаиккой (Дык. з. 4:9, 10). Уый-иу «алы аз дӕр» йӕ бинонты Иерусалиммӕ Куадзӕнмӕ акодта (Лук. 2:41, 42). Чи зоны, иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ хъуыды кодтаиккой, ӕнӕхъӕн бинонтӕй ахӕм дард балцы цӕуын тынг зын кӕй у, ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ыл кӕй ацӕудзӕн ӕмӕ ӕгӕр бирӕ ӕхца кӕй бахардз кӕндзысты. Фӕлӕ Иосиф Хуыцауы хъуыддӕгтӕн аргъ кодта ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл ахуыр кодта. Марийӕ дӕр йӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уыд. Уый Фыстад хорз зыдта. Ӕмӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, уыдоны дӕр кӕй ахуыр кодта Хуыцауы Ныхас уарзын. w19.12 24, 25 фф., 9–12 абз.

Хуыцаубон, 2 май

Ӕз... дӕн ӕнӕххӕст, ауӕй мӕ кодтой тӕригъӕдӕн (Ром. 7:14).

Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый бӕрӕг у, Адам йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд куыд бакодта, уымӕй. Адам йӕ уӕларвон Фыды ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд йӕ бинонтӕй нал уыд. Ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр уыцы бинонтӕй фӕхауӕггаг кодта (Ром. 5:12). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы хабармӕ фӕрсырдыгӕй нӕ каст. Йегъовӕ Адамы бафхӕрдта, фӕлӕ йын йӕ байзӕддӕгты ӕнӕ ныфсӕй нӕ ныууагъта. Уый уайтагъд зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ коммӕ чи кӕса, уыцы адӕм та фӕстӕмӕ йӕ бинонтӕй кӕй уыдзысты (Райд. 3:15; Ром. 8:20, 21). Уымӕн гӕнӕн ис йӕ уарзон Фырт Йесойы нывонды фӕрцы. Йегъовӕ йӕ Фырты мах тыххӕй кӕй радта, уымӕй равдыста, куыд тынг нӕ уарзы, уый (Иоан. 3:16). Уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй! Уый нын нӕ куывдтытӕ хъусы ӕмӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, стӕй нӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма нӕ ахуыр кӕны, зонд нын амоны ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн. Фидӕны та нӕ схайджын кӕндзӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕй. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у! w20.02 6 ф., 16, 17 абз.; 7 ф., 20 абз.

Къуырисӕр, 3 май

Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд (Пс. 94:19).

Ӕвӕццӕгӕн, хатт цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕныс. Чи зоны дын чидӕр йӕ ныхӕстӕй кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта кӕнӕ та дӕхӕдӕг цыдӕр загътай кӕнӕ сарӕзтай. Зӕгъӕм, цӕмӕйдӕр фӕрӕдыдтӕ ӕмӕ ныр мӕт кӕныс, зӕгъгӕ мын ӕй Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Суанг ма, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕмӕ, афтӕ тынг кӕй мӕт кӕныс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕм фаг уырнындзинад нӕй ӕмӕ, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг уай, уый аккаг нӕ дӕ. Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр цӕвиттонмӕ. Пехуымпар Самуилы мад Аннӕ фидар уырнындзинады хицау уыд. Фӕлӕ йын йӕ бинонтӕй иу чидӕр ӕвзӕр кӕй уыд, уый тыххӕй йӕхицӕн ӕнцой нал ардта (1 Сам. 1:7). Апостол Павелӕн дӕр йӕ уырнындзинад фидар уыд, фӕлӕ уый дӕр цӕуылдӕрты мӕт кодта. Зӕгъӕм ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта «ӕппӕт ӕмбырдты мӕт» (2 Кор. 11:28). Паддзах Давидӕн дӕр уыди диссаджы уырнындзинад, ӕмӕ Йегъовӕйӕн тынг адджын сси (Хъуыд. 13:22). Фӕлӕ Давид стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта, ӕмӕ стӕй тынг маст кодта (Пс. 38:4). Йегъовӕ дзы алкӕмӕн дӕр удӕнцой радта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. w20.02 20 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 4 май

Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд (Матф. 16:24).

Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куыд снывонд кӕны? Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скувы ӕмӕ йын дзырд ратты, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзӕн. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны, уӕд йӕхи тыххӕй нал фӕцӕры. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ йӕ цард Йегъовӕйы бар вӕййы, ӕмӕ уый та стыр кад у (Ром. 14:8). Адӕймаг Йегъовӕйӕн фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, амӕй фӕстӕмӕ мын царды ӕппӕты сӕйраг уыдзӕн дӕуӕн лӕггад кӕнын, мӕхи цы фӕнды, уый аразын нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕ нын дзырд тыххӕй нӕ дӕттын кӕны. Фӕлӕ йын дзырд куы раттӕм, уӕд та йӕ разы хӕсджын уыдзыстӕм, цӕмӕй йӕ ӕххӕст кӕнӕм (Пс. 116:12, 14). Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд уый йӕхи ӕмӕ Йегъовӕйы йеддӕмӕ ничи фӕзоны. Донаргъуыд та райсы адӕмы раз, арӕхдӕр конгрессы. Донаргъуыд куы райсай, уӕд иннӕтӕ дӕр базондзысты, дӕ цард Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтай. Стӕй ма уымӕй равдисдзынӕ, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй уарзыс ӕмӕ дӕ фидар фӕнд кӕй у ӕнустӕм ын лӕггад кӕнын (Мар. 12:30). w20.03 9 ф., 4, 5 абз.

Ӕртыццӕг, 5 май

Мачи уӕ... фӕсайӕд (2 Фес. 2:3).

Хӕйрӕг адӕмы сайы, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕцӕгӕй чи у, уый ма базоной. Йесойы апостолты мӕлӕты фӕстӕ, раст дины ныхмӕ чи рацыд, уыдонӕй чидӕртӕ мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 20:29, 30). Уыдон адӕмы сайдтой, цӕмӕй, иунӕг ӕцӕг Хуыцау чи у, уый ма базыдтаиккой. Зӕгъӕм, Библийы къопитӕ-иу куы кодтой, уӕд-иу дзы Хуыцауы номы бӕсты ныффыстой «Хицау» кӕнӕ ӕндӕр титултӕ. Ӕмӕ, Библи чи каст, уыдонӕн-иу зын бамбарӕн уыд, Йегъовӕ цӕмӕй хицӕн кӕны, Библийы ма ноджыдӕр цы «хицӕутты» кой ис, уыдонӕй (1 Кор. 8:5). Уыцы къопиты Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ Йесойы дӕр «Хицау» кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ зын бамбарӕн уыд, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт хицӕн удгоймӕгтӕ кӕй сты, уый (Иоан. 17:3). Ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд Троицӕйы ахуырад, кӕд ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы йӕ кой дӕр нӕй, уӕд. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы базонӕн нӕй. Уӕдӕ ма сайд ӕндӕр цы вӕййы! (Хъуыд. 17:27). w19.06 4 ф., 11 абз.

Цыппӕрӕм, 6 май

Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз (2 Тим. 4:5).

Цӕмӕй нӕ лӕггады рохуаты мацы уадзӕм, уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн, арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл куы архайӕм, уый (Ӕмб. 1:5; 1 Тим. 4:13, 15). Йегъовӕ нӕ йе ’мкусджытыл кӕй нымайы, уый махӕн у стыр кад! (1 Кор. 3:9). Куы архайӕм, «цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнӕм» ӕмӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр нӕ лӕггадмӕ куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм (Фил. 1:10; Пс. 100:2). Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ ма дызӕрдыг кӕн: кӕд цавӕрдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс кӕнӕ та де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ лӕггады рохуаты мацы уадзай (2 Кор. 4:1, 7; 6:4). Дӕ бон бирӕ хъусын кӕнын у ӕви нӕ, уӕддӕр, Хуыцауӕн ӕппӕт удӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд дӕ циныл цин ӕфтдзӕн (Гал. 6:4). Дӕ лӕггады рохуаты мацы уадзай, ууыл куы архайай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс. «Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16). w19.04 6 ф., 15 абз.; 7 ф., 17 абз.

Майрӕмбон, 7 май

Сайтан... зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы (Рарг. 12:9).

Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ адӕмы сӕйраджыдӕр цы мадзӕлтты руаджы сайынц, уыдонӕй иу у спиритизм. Спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтыл хӕст чи у, уыдон фӕзӕгъынц, иннӕтӕй уӕлдай цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕй фӕзонынц ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл сӕ бар кӕй цӕуы. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, дӕсны фӕрсыны ӕмӕ астрологийы руаджы сӕ бон кӕй у базонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Чидӕртӕ та сӕхи афтӕ февдисынц, цыма мӕрдтимӕ ныхас кӕнынц. Чидӕртӕ та фӕкӕнынц хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ. Иртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Латинаг Америкӕйы бӕстӕтӕй ӕмӕ Карибы сакъадӕхтӕй кӕцыдӕрты, ӕдӕппӕтӕй 18 бӕстӕйы, алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтимӕ баст хабӕрттыл ӕууӕнды. Стӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы бӕстӕты алы ӕртыккаг адӕймаджы дӕр уырны, мӕрдтимӕ ӕмӕ ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ ныхас кӕнӕн кӕй ис. Иртасджытӕ ма сбӕрӕг кодтой, Африкӕйы 18 бӕстӕйы цӕрджытӕн се ’мбисӕй фылдӕр хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтимӕ баст хабӕрттыл кӕй ӕууӕндынц. Уӕдӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕхи спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй бахизӕм. w19.04 20, 21 фф., 3, 4 абз.

Сабат, 8 май

Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут, цӕмӕй... уе ’хсӕн ма уа хӕтаг (Дзут. 12:16).

Йегъовӕ Хуыцау йе сӕфт уыны фыддзинадӕй (Пс. 5:4–6). Уӕлдай тынгдӕр йе сӕфт уыны, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы бакӕнынц, уымӕй. Уымӕй фыддӕр ӕмӕ ӕнаккагдӕр хъуыддагӕн скӕнӕн нӕй! Ӕмӕ мах йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр уыцы фыдхъуыддагӕй не сӕфт уынӕм ӕмӕ, зӕгъгӕ, ӕмбырды ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд уымӕ ӕнцад нӕ кӕсдзыстӕм (Ром. 12:9). Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уый «Чырыстийы закъоны» ныхмӕ рацӕуы! (Гал. 6:2). Чырыстийы закъонмӕ хауынц, Йесо ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр адӕмы цӕуылдӕриддӕр ахуыр кодта, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уыцы закъонӕн йӕ бындур у уарзондзинад ӕмӕ разӕнгард кӕны рӕстӕй архайынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ сывӕллӕттӕм хорз зӕрдӕ дарынц, ӕмӕ уый фӕрцы сывӕллӕттӕ ӕмбарынц, ӕмбырды сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сын уым ӕдас кӕй у, уый. Фӕлӕ, сывӕллонӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнай, уый уарзондзинадыл нӕ, фӕлӕ хиуарзондзинадыл дзурӕг у. Стӕй уый у стыр фыдракӕнд, уымӕн ӕмӕ уый аххосӕй сывӕллон йӕхи ӕдас нал фӕхаты ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ ничи уарзы. Хъыгагӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуы. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ «ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ» кӕнынц фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ иуӕй-иутӕ исты райсын ӕнхъӕлӕй ӕмбырдтӕм цӕуын райдайынц (2 Тим. 3:13). Стӕй ма ӕмбырдӕй дӕр чидӕртӕ сӕ буары монцты фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сывӕллӕттӕн ӕвзӕр митӕ кодтой. w19.05 8 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 9 май

Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы (Иак. 5:16).

Зӕрдӕрыст адӕймагӕн хатгай зын вӕййы Хуыцаумӕ кувын. Чи зоны, йӕхи уый аккагыл нӕ нымайы. Цӕмӕй ахӕм адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ бон у йемӕ иумӕ Йегъовӕмӕ акувын ӕмӕ-иу кувгӕ-кувын уыцы адӕймаджы ном зӕгъын. Стӕй ма нӕ бон у куывды мидӕг зӕгъын, уыцы адӕймаг махӕн дӕр ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр тынг зынаргъ кӕй у. Нӕ бон ма у Йегъовӕйӕн зӕгъын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна. Ахӕм куывдтытӕ зӕрдӕрыст адӕймагӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Исты зӕгъыны размӕ-иу ахъуыды кӕн. Ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ сты карды цӕфау, фӕлмӕн ныхас та у ӕвдадзы хос (Ӕмб. 12:18). Уӕдӕ-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй-иу дӕ ныхӕстӕ уой фӕлмӕн ӕмӕ-иу адӕймаджы зӕрдӕ ӕрсабыр кӕной. Рох дӕ ма уӕд: цыфӕнды зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ма зӕгъай, уӕддӕр, Йегъовӕ Библийы кӕй ныффыссын кодта, уыцы ныхӕсты ис бирӕ стырдӕр тых (Дзут. 4:12). Иннӕтӕн удӕнцой раттыныл куы фӕархайӕм, уӕд сын афтӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы. Стӕй нӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы. Уымӕй иу фыдхъуыддаг дӕр ӕмбӕхст нӕу. Йегъовӕ алцыдӕр уыны, ӕмӕ, йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн (Ным. 14:18). w19.05 18 ф., 18 абз.; 19 ф., 19, 21 абз.

Къуырисӕр, 10 май

Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса (Кол. 2:8).

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы ныхмӕ скӕна. Уымӕ гӕсгӕ архайы, цӕмӕй нын нӕ зондахастыл бандава, ӕмӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм. Уый тыххӕй Хӕйрӕг пайда кӕны, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уыдӕттӕй (Кол. 2:4). Цымӕ нын ӕцӕгдӕр у тӕссаг, Хӕйрӕг нӕ куы фӕсайа, уымӕй? О! Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Колоссӕгтӕм 2:8 стихы цы фӕдзӕхст кӕсӕм, уый Павел ӕнӕуырнӕг адӕммӕ кӕй нӕ ныффыста, фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕм (Кол. 1:2, 5). Уыцы чырыстӕттӕн тӕссаг уыд, Хӕйрӕг сӕ куы фӕсайдтаид, уымӕй, ӕмӕ абон махӕн та ноджы тӕссагдӕр у (1 Кор. 10:12). Цӕмӕн? Хӕйрӕг зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты сайынмӕ (Рарг. 12:9, 12, 17). Уымӕй уӕлдай, мах цӕрӕм, ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ «фыддӕрӕй-фыддӕр» куы кӕнынц, уыцы рӕстӕг (2 Тим. 3:1, 13). w19.06 2 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 11 май

Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард (1 Пад. 19:4).

Йезавел Илийамӕ куы бартхъирӕн кодта, амардзынӕн дӕ, зӕгъгӕ, уӕд Илийа фӕтарст. Гъемӕ Вирсавимӕ алыгъд. Илийайӕн йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ «Хуыцауӕй мӕлӕт курын райдыдта». Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ йӕм цӕмӕн фӕзынд? Уымӕн ӕмӕ уыди «мах хуызӕн адӕймаг», ома уый дӕр уыд ӕнӕххӕст (Иак. 5:17). Ӕвӕццӕгӕн ыл йӕ маст ӕмӕ йӕ фӕллад ӕртӕфстысты. Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, раст дины сӕрыл кӕй тох кӕны, уый дзӕгъӕлы у, Израилы хорзырдӕм ницы ивы ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый йеддӕмӕ ничиуал лӕггад кӕны (1 Пад. 18:3, 4, 13; 19:10, 14). Йегъовӕ хорз ӕмбӕрста, Илийайы зӕрдӕйы цы уыд, уый. Ӕмӕ Илийа Йегъовӕйӕн йе ’нкъарӕнтӕ куы раргом кодта, уӕд ын Йегъовӕ уайдзӕф нӕ бакодта, фӕлӕ йын баххуыс кодта, цӕмӕй та йӕм ногӕй тыхтӕ фӕзындаид (1 Пад. 19:5–7). Фӕстӕдӕр ын Йегъовӕ йе стыр хъару равдыста, ӕмӕ йын афтӕмӕй фӕлмӕнӕй йӕ зондахаст сраст кодта. Стӕй ма йын загъта, Израилы ма йын кӕй ис, Ваалӕн чи нӕ куывта, 7 000 ахӕм адӕймаджы (1 Пад. 19:11–18). Уыдӕтты фӕрцы Йегъовӕ Илийайӕн равдыста, кӕй йӕ уарзта, уый. w19.06 15, 16 фф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 12 май

Хистӕрты коммӕ кӕсут. Кӕрӕдзиимӕ... ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у (1 Пет. 5:5).

Хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ нын цы разамынд дӕттынц, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи уӕлдай мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм. Зӕгъӕм, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, иу ахӕм бӕстӕйы бӕрнон ӕфсымӕртӕ уынаффӕ рахастой, хъусынгӕнджытӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй нӕ хъусын кӕндзысты, фӕлӕ-иу ӕндӕр фадӕттӕй кӕй пайда кӕндзысты, цӕмӕй-иу адӕмимӕ ӕнӕуи ныхас кӕнын райдайой. Стӕй ма хъусынгӕнджыты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй хъусын кӕнгӕйӕ журналтӕ макӕмӕн дӕттой. Фӕлӕ, пионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕрмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый йӕхӕдӕг хуыздӕр зоны, ӕмӕ адӕмӕн журналтӕ лӕвӕрдта. Иухатт кӕимӕдӕрты хъусын кодта, ӕмӕ, уацамынд куы фесты, уӕд сӕ пъӕлицӕйы кусджытӕ баурӕдтой. Ӕвӕццӕгӕн, чидӕр сӕ фӕдыл цыд ӕмӕ-иу журналтӕ кӕмӕн радтой, уыдонӕй сӕ фӕстӕмӕ иста. Ацы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ, куыд архайын хъӕуы, уый нӕхӕдӕг хуыздӕр зонӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕфсымӕрты разамындмӕ хъусӕм. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонимӕ куы ӕмгуыст кӕнӕм, уӕд нын алкӕддӕр арфӕ кӕндзӕн (Дзут. 13:7, 17). w19.07 12 ф., 17 абз.

Цыппӕрӕм, 13 май

Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12).

Йесо Чырысти йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв загъта, ацы дуне йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр йе сӕфт кӕй уындзӕн (Иоан. 17:14). Уӕдӕй нырмӕ, раст дины ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕм иузӕрдион чырыстӕтты ӕфхӕрынц. Ӕмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ не знӕгтӕ нӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр цӕудзысты (Матф. 24:9). Нӕ бон куыд у, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм, уымӕ нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын? Ӕвзӕрӕй ныл цы ’рцӕудзӕн, ӕппӕт уыдӕттыл хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы. Науӕд нӕ тас бацӕудзӕн ӕмӕ нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын райдайдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд, цы нӕма ’рцыд, уыдӕттӕй афтӕ тӕрсын райдайдзыстӕм, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм (Ӕмб. 12:25; 17:22). Адӕймаг цӕмӕйдӕр кӕй фӕтӕрсы, уый Хӕйрӕджы къухы у хорз хӕцӕнгарз (1 Пет. 5:8, 9). Уӕдӕ ахсджиаг у Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр ӕввахс кӕнын ӕмӕ ууыл ныртӕккӕ архайын. w19.07 2 ф., 1–3 абз.

Майрӕмбон, 14 май

Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).

Йесо Чырысти куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй ӕрӕмбырд уыдаиккой Галилейӕйы иу хохыл. Хъуамӕ уым семӕ фембӕлдаид. Ӕмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд ӕм, ӕвӕццӕгӕн, тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты (Матф. 28:16). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ», ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар гъеуӕд ӕрцыд (1 Кор. 15:6). Цымӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕн ӕрӕмбырд кодта? Бахӕс сын кодта диссаджы хъуыддаг. Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Матф. 28:18–20). Фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд, Йесойы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыцы ӕмбырды уыдысты. Уыцы ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг хӕс уыд Чырыстийӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Абон ӕгас зӕххыл дӕр чырыстон ӕмбырдтӕ сты дӕсгай минтӕ, ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ сӕйраг хӕс у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. w19.07 14 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 15 май

Зӕхх... лӕууы ӕнустӕм (Еккл. 1:4).

Норвегийӕ иу районон цӕстдарӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Хуыцауы тыххӕй ныхас кӕнын кӕй нӕ фӕфӕнды, уыдонӕй бирӕтӕ зӕрдиагдӕрӕй фӕныхас кӕнынц, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдоныл. Уыцы ӕфсымӕр адӕймагӕн салам ратты ӕмӕ йӕ стӕй бафӕрсы: «Куыд хъуыды кӕныс, фидӕны нӕм цавӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Нӕ ныфс кӕуыл хъуамӕ дарӕм: политиктыл, ахуыргӕндтыл ӕви ӕндӕр искӕуыл?» Уый фӕстӕ йӕм лӕмбынӕг байхъусы ӕмӕ йын бакӕсы, хуыздӕр фидӕны кой кӕм ис, Библийӕ ахӕм стих, йе та йын ӕй йӕхи ныхӕстӕй фӕзӕгъы. Иуӕй-иутӕ куы базонынц, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн ӕмӕ йыл ӕнустӕм хорз адӕм кӕй цӕрдзысты, уӕд сӕ бафӕнды фылдӕр базонын (Пс. 37:29). Хорз уаид, адӕмимӕ алыхуызӕтты куы фӕлвариккам ныхас райдайыныл. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ иу адӕймагмӕ цымыдисаг цы фӕкӕса, ууыл, гӕнӕн ис, иннӕйы дзурын дӕр ма бафӕнда. Иутӕ Хуыцауы кӕнӕ Библийы тыххӕй зӕрдиагӕй фӕныхас кӕнынц, ӕмӕ семӕ вӕййы ныхас уымӕй райдайӕн. Иннӕтимӕ та фыццаг фӕхъӕуы ӕндӕр истӕуыл аныхас кӕнын. Куыдфӕнды ма уа,– хъуамӕ архайӕм алыхуызон адӕмимӕ ныхас кӕныныл (Ром. 1:14–16). Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы зӕрдӕты рӕстдзинад Йегъовӕ сырӕзын кӕны (1 Кор. 3:6, 7). w19.07 22, 23 фф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 16 май

Кӕд нӕ Хуыцау афтӕ бауарзта, уӕд мах дӕр хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:11).

Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’фсымӕрты уарзӕм (1 Иоан. 4:20, 21). Гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ куы сты, уӕд сӕ куыннӕ хъуамӕ уарзӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ хъуамӕ уа, уымӕн ӕмӕ мах Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй йын йӕ диссаджы миниуджытӕ фӕзмӕм. Стӕй Йесойы дӕр фӕзмӕм. Уый нӕ афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ цард радта. Фӕлӕ нын уӕддӕр хатт зын вӕййы кӕрӕдзи уарзын. Еводи ӕмӕ Синтихи уыдысты зынгзӕрдӕ хотӕ. Павел йӕ фыстӕджы ныффыста, уыдон, дам, мемӕ «фӕрсӕй-фӕрстӕм» лӕггад кодтой. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хотӕ цӕйдӕр тыххӕй кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстой, ӕмӕ сӕ мыды къӕм бахауд. Павел се ’мбырдмӕ фыстӕг куы ныффыста, уӕд сӕ кой скодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй «ӕмхуызон... хъуыды кӕной» (Фил. 4:2, 3). Уымӕй уӕлдай ма Павел ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр бафӕдзӕхста: «Алцыдӕр кӕнут ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй ӕмӕ ӕнӕ быцӕутӕй» (Фил. 2:14). w19.08 9 ф., 6, 7 абз.

Къуырисӕр, 17 май

Кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссут (Гал. 6:2).

Бирӕ ӕмбырдтӕ, стӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр сӕхӕдӕг ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн феххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа дарддӕр лӕггад кӕнын. Зӕгъӕм сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауынц, ӕхцайӕ кӕнӕ сӕм ӕндӕр истӕмӕй фӕкӕсынц. Йе та кӕд дард кӕмдӕр лӕггад кӕнынц, уӕд сын сӕ бинонтӕн феххуыс кӕнынц. Кӕд уе ’мбырдмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй искӕйты снысан кодтой, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ хӕстӕ хорз не ’ххӕст кодтой кӕнӕ та цыдӕр рӕдыд ӕруагътой. Ахӕм лӕггадгӕнджытӕн хъӕуы ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ног уавӕртыл тагъддӕр сахуыр уой. Зӕрдиагӕй-иу сыл бацин кӕн ӕмӕ-иу сӕ раппӕл, цы арӕзтой ӕмӕ цы аразынц, уый тыххӕй, кӕд, зӕгъӕм, ныртӕккӕ се ’нӕниздзинады тыххӕй сӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр. Семӕ хуыздӕр базонгӕ у. Сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ дын сӕ зонындзинӕдтӕ стыр пайда ӕрхӕсдзысты. Ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн арӕх фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй цӕрӕнбынат ӕмӕ куыст ссарой. w19.08 23, 24 фф., 12, 13 абз.

Дыццӕг, 18 май

Ӕз [дӕ] ӕрбакӕндзынӕн... цӕмӕй мӕ базоной адӕмтӕ, сӕ цӕстыты раз дӕуыл, Гог, мӕ кад куы равдисон ӕмӕ мӕ ном куы срухс кӕнон, уӕд (Йез 38:16).

Гог йӕ ныфс дардзӕн «адӕймаджы хъаруйыл», ома йе ’фсӕдтыл ӕмӕ йӕ хӕцӕнгӕрзтыл (2 Аз. 32:8). Мах та нӕ ныфс дардзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый хицауӕдтӕм ӕнӕзонд ми фӕкӕсдзӕн. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, Стыр Вавилон дӕр хъомысджын уыд, фӕлӕ йӕ йӕ хуыцӕуттӕ «сырдӕй» ӕмӕ йӕ «дӕс сыкъайӕ» нӕ фервӕзын кодтой! (Рарг. 17:16). Ӕмӕ Гогмӕ афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ мах дӕр йӕ амӕттаг ӕнцонтӕй бауыдзыстӕм. Гъемӕ Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ уыдзӕн, «зӕхх чи ӕрӕмбӕрзы, уыцы мигъты хуызӕн». Фӕлӕ уӕд Гог бамбардзӕн, къӕппӕджы кӕй бахауд. Сырх денджызы раз фараоны хабар куыд рауад, раст афтӕ Гог дӕр бамбардзӕн, Йегъовӕимӕ кӕй хӕцы (Рац. 14:1–4; Йез. 38:3, 4, 18, 21–23). Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ Хуыцауы адӕмы сӕрыл Гогимӕ ӕмӕ йе ’фсӕдтимӕ тохы бацӕудзысты ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзысты (Рарг. 19:11, 14, 15). Хуыцауы сӕйраг знаг та, хицауӕдты чи фӕсайдта ӕмӕ сӕ Армагеддонмӕ чи ’рбакодта, уый, цы фӕуыдзӕн? Чырысти Хӕйрӕджы йӕ дӕлимонтимӕ дӕлдзӕхмӕ ныппардзӕн, ӕмӕ уым ахст уыдзысты иу мин азы дӕргъы (Рарг. 20:1–3). w19.09 11, 12 фф., 14, 15 абз.

Ӕртыццӕг, 19 май

Ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн (Ав. 2:3).

Мах тынг бӕллӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ тагъддӕр сӕххӕст уой. Фӕлӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны, уӕд ын, гӕнӕн ис, афтӕ зӕрдиагӕй мауал лӕггад кӕнӕм. Чи зоны ма нӕ ныфс дӕр асӕтта (Ӕмб. 13:12). Сӕ хабар афтӕ рауад, 20 ӕнусы райдианы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты. Сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕнхъӕлдтой, сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг 1914 азы кӕй райсдзысты. Ӕмӕ уыцы аз сӕ хӕрзиуӕг куы нӕ райстой, уӕд иузӕрдион чырыстӕттӕ куыд архайдтой? Уый сын цӕлхдур не сси. Уыдонӕн ӕппӕты сӕйраг уыд Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын, сӕ хӕрзиуӕг райсын нӕ, фӕлӕ. Ды дӕр куыннӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, Йегъовӕ йӕ ном куы ссыгъдӕг кӕна, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы сбӕлвырд кӕна ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр куы сӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ ацы хъуыддӕгтӕ йӕ рӕстӕджы кӕй сараздзӕн, ууыл. Уӕдмӕ та уал Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕн. Ӕмӕ дӕ кӕд цӕмӕдӕр, цас ӕнхъӕл уыдтӕ, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. w19.08 4 ф., 9, 10 абз.

Цыппӕрӕм, 20 май

Ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг (Матф. 11:29).

Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Адӕм мӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймагӕй зонынц? Иннӕтӕн балӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ, иуӕй-иутӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ фӕхӕссынц, ахӕм куыстытӕ бакӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын? Иннӕтӕм хӕлар зӕрдӕ дарын?» Йесо хорз зӕрдӕ дардта, йемӕ чи лӕггад кодта, уыдонмӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сын йемӕ лӕггад кӕнын ӕнцон уыдаид. Стӕй йын ӕхсызгон уыд йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кӕнын (Лук. 10:1, 19–21). Уыдон нӕ тарстысты Йесойы истӕмӕйты фӕрсын, уымӕн ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймаг уыд. Ӕмӕ-иу сӕ йӕхӕдӕг дӕр сӕ хъуыдыйӕ бафарста (Матф. 16:13–16). Зӕгъӕм, халсартӕн теплицӕйы хорз уавӕртӕ куыд вӕййы, раст афтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уыд хорз уавӕртӕ. Йесо сын цытӕ амыдта, уыдӕттӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ хастой тыллӕг – хорз хъуыддӕгтӕ. Дӕумӕ дӕр цавӕрдӕр бартӕ ис? Кӕд о, уӕд ахъуыды кӕн: «Мӕ бинонтӕн ӕмӕ ме ’мкусджытӕн куыд дӕн? Архайын, цӕмӕй мӕ хӕдзары фарн уа ӕмӕ ме ’мкусджытимӕ кӕрӕдзи ӕмбарӕм? Мыййаг, мӕхи афтӕ нӕ дарын, ӕмӕ мӕ истӕмӕй бафӕрсын нӕ фӕуӕндынц? Цы хъуыды кӕнынц, уый куы фӕдзурынц, уӕд сӕм байхъусын?» Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй фарисейты хуызӕн уӕм. Исчи-иу сын сӕ ныхӕстыл куы фӕдызӕрдыг, уӕд-иу мӕстӕй фӕцӕйтыдтой. Ӕмӕ-иу ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст чи уыд, уыдоны-иу карзӕй бафхӕрдтой (Мар. 3:1–6; Иоан. 9:29–34). w19.09 20 ф., 1 абз.; 21 ф., 9 абз.; 23 ф., 10, 11 абз.

Майрӕмбон, 21 май

Афтӕ куы дзурой: «Сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт (1 Фес. 5:3).

Алы бӕстӕты хицӕуттӕ иуӕй-иу хатт ахӕм ныхӕстӕ фӕзӕгъынц, бӕстӕты ’хсӕн ахастдзинӕдтӕ банывыл кӕныны кой куы фӕкӕнынц, уӕд. Фӕлӕ, Библи цӕй кой кӕны, зӕгъгӕ, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!» фехъусын кӕндзысты, уыцы хабар бынтон ӕндӕрхуызон уыдзӕн. Цӕмӕн? Уыцы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой, уӕд адӕмӕй бирӕтӕ хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ хицауӕдтӕн бантыст зӕххыл сабырдӕр ӕмӕ ӕдасдӕр цард скӕнын. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та «стыр бӕллӕхы» уыцы хицауӕдтӕн «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт» (Матф. 24:21). Мах ӕй нӕ зонӕм, хицӕуттӕ «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад» цӕмӕ гӕсгӕ фехъусын кӕндзысты ӕмӕ йӕ куыд фехъусын кӕндзысты. Стӕй нӕ зонӕм, ӕрмӕстдӕр ӕй иу хатт фехъусын кӕндзысты ӕви цалдӕр хатты. Фӕлӕ иу хъуыддаг зонӕм бӕлвырд: ацы дунейы хицӕуттӕн нӕ бантысдзӕн зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын, ӕмӕ нӕ сӕ ныхӕстӕ хъуамӕ ма фӕсайой. Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ «Йегъовӕйы бон» мӕнӕ-мӕнӕ райдайдзӕн! (1 Фес. 5:2). w19.10 8, 9 фф., 3, 4 абз.

Сабат, 22 май

Уыцы рӕстӕг дӕ адӕм фервӕздзысты (Дан. 12:1).

Армагеддоны хӕсты ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ мах тӕрсын ницӕмӕй хъӕуы. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уый уыдзӕн Хуыцауы хӕст, ӕмӕ мах хӕцын нӕ хъӕудзӕн (Ӕмб. 1:33; Йез. 38:18–20; Зах. 14:3). Йегъовӕ Йесо Чырыстийӕн бардзырд куы ратта, уӕд уый Хуыцауы ӕфсад тохмӕ ракӕндзӕн. Йемӕ тохмӕ рацӕудзысты, чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, стӕй бирӕ зӕдтӕ. Ӕмӕ иумӕ схӕцдзысты Хӕйрӕгимӕ, йӕ дӕлимонтимӕ ӕмӕ сӕ зӕххон ӕфсӕдтимӕ (Рарг. 6:2; 17:14). Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт ӕрцӕуа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17). Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ «стыр бӕллӕхы сӕрты» ахиздзысты, ӕмӕ уыдзысты «тынг бирӕ»! Ӕмӕ йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзысты (Рарг. 7:9, 13–17). Библийы фӕрцы нын фидар ныфс ис, кӕй фервӕздзыстӕм. Мах зонӕм, «Йегъовӕ [кӕй] хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны» (Пс. 31:23). Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ чи кадджын кӕны, уыдон иууылдӕр цин кӕндзысты, йӕ ном куы ссыгъдӕг кӕна, уӕд (Йез. 38:23). w19.10 18, 19 фф., 17, 18 абз.

Хуыцаубон, 23 май

Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).

Ацы «фӕстаг бонтӕн» сӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм уӕззау фӕлварӕнтыл (2 Тим. 3:1). Зӕгъӕм, Африкӕйы иу бӕстӕйы ӕвзӕрстыты фӕстӕ райдыдтой змӕстытӕ. Ӕхсӕз мӕйӕ фылдӕр нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ бон нӕ уыд сӕрибарӕй рацу-бацу кӕнын, уымӕн ӕмӕ адӕм тынг знӕт уыдысты ӕмӕ никӕуыл ауӕрстой. Уыцы зындзинӕдтӕ цӕй фӕрцы сфӕрӕзтой? Ӕдасдӕр ран чи цард, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ иуӕй-иуты суазӕг кодтой. Иу ӕфсымӕр загъта: «Кӕд ахӕм уавӕры уыдыстӕм, уӕддӕр амондджын уыдтӕн, уымӕн ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ мӕ фарсмӕ уыдысты. Нӕ бон уыд кӕрӕдзи фидар кӕнын». «Стыр бӕллӕх» куы райдайа, уӕд нӕ не ’мбӕлтты ӕххуыс тынг хъӕудзӕн (Рарг. 7:14). Уӕдӕ ахсджиаг у ныр архайын, цӕмӕй не ’мбӕлттимӕ ӕнгомдӕр суӕм (1 Пет. 4:7, 8). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ не знӕгтӕ мӕнг ныхӕсты фӕрцы архайдзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийыл мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ суӕм. Фӕлӕ уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Уыдонӕн сӕ бон нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты мауал уарзӕм. w19.11 2 ф., 1, 2 абз.; 7 ф., 19 абз.

Къуырисӕр, 24 май

Уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын (Еф. 6:16).

Хӕйрӕг у «мӕнгдзинады фыд», ӕмӕ, йӕ бар кӕуыл цӕуы, уыдоны уылты Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны (Иоан. 8:44). Зӕгъӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдон Йегъовӕйы организацийы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ, кӕй сзыгъуыммӕ кӕнынц, ахӕм хабӕрттӕ фӕпарахат кӕнынц интернеты, газетты, телепередачӕты ӕмӕ радиойы уылты. Уыцы мӕнг ныхӕстӕ сты Хӕйрӕджы «судзгӕ фаттӕ». Цы хъуамӕ аразӕм, исчи ахӕм мӕнг ныхӕстӕ куы кӕна, уӕд? Хъуамӕ сӕм ма хъусӕм! Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ мах ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл. Раст дин чи ныууагъта, уыдонимӕ нын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Чифӕнды кӕнӕ нӕ цыфӕнды ма рӕдийын кӕна, раст дин чи ныууагъта, уыдон цы дзурынц, уый нӕм цыфӕнды цымыдисаг ма кӕса, уӕддӕр сӕм никуы хъусдзыстӕм ӕмӕ семӕ нӕ быцӕу кӕндзыстӕм. Мах нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕной. Уайы дын, раст дин чи ныууагъта, уыдоны мӕнг ныхӕстӕм хъусынӕй ӕмӕ семӕ быцӕу кӕнынӕй дӕхи хизын? Кӕд о, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн нӕ ныхмӕ ис ӕндӕр хӕцӕнгӕрзтӕ дӕр. w19.11 15 ф., 8 абз.; 16 ф., 11 абз.

Дыццӕг, 25 май

Йегъовӕ кӕсы, зӕрдӕйы цы ис, уымӕ (Ӕмб. 16:2).

Цавӕрдӕр уынаффӕ дӕ цӕмӕн фӕнды рахӕссын, ууыл ахъуыды кӕн. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт. Уӕдӕ, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн хӕссӕм, ууыл-иу ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй нӕхи раз дӕр ӕмӕ иннӕты раз дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм. Нӕ зӕрдӕ нӕхимӕ истӕмӕй куы ’хсайа, уӕд нын зындӕр уыдзӕн нӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Зӕгъӕм, ӕрыгон ӕфсымӕр сфӕнд кодта пионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ иуцасдӕр рӕстӕг куы алӕггад кодта, уӕд ын йӕ нормӕ ӕххӕст кӕнын фӕзын, ӕмӕ йын йӕ лӕггад циндзинад нал хаста. Чи зоны йӕм райдианы афтӕ каст, ӕмӕ йӕ пионерӕй лӕггад кӕнын уый тыххӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та пионерӕй лӕггад кӕнын, чи зоны, уый тыххӕй райдыдта, ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ ныййарджыты йе та ӕндӕр искӕй зӕрдӕ барухс кӕнын. Ахъуыды кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Библи чи ахуыр кӕны, уый сфӕнд кодта йӕ тамако ныууадзын. Кӕд ын зын уыди, уӕддӕр иу-дыууӕ къуырийы нӕ бадымдта, фӕлӕ та стӕй ногӕй дымын райдыдта. Ӕппынфӕстаг уыцы ӕвзӕр хъуыддаг ныууагъта. Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый йын баххуыс кодта (Кол. 1:10; 3:23). w19.11 27 ф., 9 абз.; 29 ф., 10 абз.

Ӕртыццӕг, 26 май

Афтӕ цӕрут, уӕ цард Чырыстийы тыххӕй хорз хабары аккаг куыд уа (Фил. 1:27).

Апостол Павел сӕрст чырыстон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ каст «Хуыцауы хӕрзиуӕгмӕ», ома «уӕларвон цардмӕ». Ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, йӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ нысан йӕ къухы кӕй бафтдзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕмбӕрста, уыцы нысанмӕ дарддӕр дӕр «ӕппӕт хъарутӕй» кӕй хъуамӕ тырна (Фил. 3:14). Павелы фӕндыд, цӕмӕй филиппӕгтӕн сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сӕ нысаныл уыдаиккой. Ӕмӕ сын уый бамбарын кодта иу цымыдисаг абарсты фӕрцы. Павел филиппӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ бӕстӕ уӕлӕрвты кӕй ис, ома уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты (Фил. 3:20). Цӕмӕн сӕ хъуыди уый сӕ зӕрдыл дарын? Уыцы заман адӕм тырныдтой, цӕмӕй-иу ромӕгтыл нымад ӕрцыдаиккой. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты, бирӕ хуыздӕр чи у, ахӕм хицауады дӕлбар, ӕмӕ сын уый ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхастаид. Уӕдӕ уыимӕ абаргӕйӕ цы уыд, адӕймаг ромагыл нымад уыдаид, уый! Абон сӕрст чырыстӕттӕ сӕ нысанмӕ, ома, уӕлӕрвты ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты, уымӕ, тырнынц ӕппӕт хъарутӕй, ӕмӕ уымӕй сты фӕзминаг. w19.08 6 ф., 14, 15 абз.

Цыппӕрӕм, 27 май

Кӕд [уӕ] Фырт ссӕрибар кӕна, уӕд уыдзыстут ӕцӕг сӕрибар (Иоан. 8:36).

Уыцы сӕрибардзинад бирӕ хуыздӕр у, израилӕгтӕн-иу алы фӕндзайӕм аз дӕр цы сӕрибардзинад ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕй! (Лев. 25:8–12). Зӕгъӕм, алы фӕндзайӕм аз дӕр-иу кӕй ссӕрибар кодтой, уыцы израилӕгтӕ, гӕнӕн уыд, ногӕй цагъартӕ суыдаиккой, стӕй ӕнӕмӕлгӕ нӕ уыдысты. Йесо адӕмӕн цы сӕрибардзинад дӕтты, уымӕй та ӕнустӕм уыдзысты хайджын. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Йегъовӕ апостолты ӕмӕ ма ӕндӕр иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Хуыцау сӕ «йӕхицӕн скодта фырттӕ», ӕмӕ фидӕны хъуамӕ уӕларвон цардмӕ райгас уыдаиккой, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ уыдаиккой (Ром. 8:2, 15–17). Йесо Назареты ӕмбырдгӕнӕны цы сӕрибардзинады тыххӕй фехъусын кодта, уый фыццаг уыдонӕн ӕрцыд лӕвӕрд (Лук. 4:16–19, 21). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ нал уыдысты дзуттаг дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты ӕмӕ мӕнг ахуырӕдты уацары. Уымӕй уӕлдай ма сӕм Хуыцау ахӕм цӕстӕй каст, цыма ссӕрибар сты, мӕлӕтмӕ чи кӕны, уыцы тӕригъӕдӕй дӕр. Н. э. 33 азы Йегъовӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уӕд чырыстӕттӕн ахӕсгӕ хуызы райдыдта сӕрибардзинады аз. Уыцы «аз» фӕуыдзӕн, Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд. w19.12 11 ф., 11, 12 абз.

Майрӕмбон, 28 май

Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц (1 Кор. 15:33).

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут хорз ӕмбӕлттӕ ссарынӕн. Мад дӕр ӕмӕ фыд дӕр хъуамӕ зоной, сӕ сывӕллӕттӕ кӕимӕ лымӕн кӕнынц ӕмӕ цы фӕаразынц, уый. Уымӕ хауы, социалон сетьты сын цы ӕмбӕлттӕ ис, стӕй, телефонӕй кӕмӕ фӕфыссынц ӕмӕ сӕм чи фӕфыссы, уый зонын дӕр. Уый ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттыл се ’мбӕлтты зондахаст фӕзыны, ӕмӕ сӕ фӕзмын райдайынц. Ныййарджытӕй бирӕтӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитой, Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, ахӕм чырыстӕттимӕ. Дени ӕмӕ Бомин сты Кот-д’Ивуарӕй. Уыдон-иу районон цӕстдарӕджы сӕхимӕ арӕх суазӕг кодтой, арӕх-иу сӕм ӕрлӕууыд. Дени загъта: «Уый нӕ хистӕр лӕппуйыл тынг фӕзынд. Пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта, ӕмӕ ныр у районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг». Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цас раздӕр райдайой ахуыр кӕнын, уыйас хуыздӕр (Ӕмб. 22:6). Ахъуыды-ма кӕнӕм Тимофейыл. Йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ йӕ мадымад Лоидӕ йӕ «гыццылӕй фӕстӕмӕ» ахуыр кодтой (2 Тим. 1:5; 3:15). w19.12 25 ф., 14, 16 абз.; 26 ф., 17 абз.

Сабат, 29 май

Вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр (Ӕмб. 18:24).

Хъуамӕ иннӕтӕн уӕм ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ. Цӕвиттон, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн-иу хъуамӕ ӕрмӕст дзургӕ ма кӕнӕм, баххуыс дын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу сын хъуамӕ хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнӕм (Матф. 5:37; Лук. 16:10). Махӕй сӕ ныфс куы вӕййы, ӕцӕгдӕр сын кӕй баххуыс кӕндзыстӕм, уӕд сын тынг фенцон вӕййы. Афтӕ цӕмӕн у, уый иу хо бамбарын кодта: «Уӕд дӕ мӕт кӕнын нал фӕхъӕуы, адӕймаг йӕ ныхасӕн хицау разындзӕн ӕви нӕ». Зын уавӕры чи вӕййы кӕнӕ маст чи бавзары, уымӕн арӕх фенцондӕр вӕййы, кӕуыл ӕууӕнды, ахӕм ӕмбалӕн йӕ зӕрдӕ куы раргом кӕны, уӕд. Фӕлӕ цӕмӕй иннӕтӕн ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕразондзинад. Жаннӕйы йӕ цардӕмбал куы ныууагъта, уӕд ын йе ’мбӕлттӕ стыр ныфсы хос уыдысты. Йӕ зӕрдӕйы цытӕ цыд, уый-иу сын радзырдта. Уый зӕгъы: «Кӕд-иу сын уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтон, уӕддӕр-иу мӕм ӕнцад хъуыстой». Ды дӕр-иу иннӕтӕм лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд равдисдзынӕ, хорз ӕмбал кӕй дӕ. w20.01 10, 11 фф., 9–11 абз.

Хуыцаубон, 30 май

[Уый] нырма йӕ мады гуыбыны уыдзӕни, афтӕ схайджын уыдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй (Лук. 1:15).

Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдонӕй бирӕтӕ уыдысты сыгъдӕг тыхӕй хайджын, фӕлӕ сын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нӕ уыд. Зӕгъӕм, Давидӕн сыгъдӕг тых разамынд лӕвӕрдта (1 Сам. 16:13). Сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон уыд Йегъовӕйы арф хъуыдытӕ ӕмбарын. Стӕй сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй ныффыста Библийы кӕцыдӕр хӕйттӕ (Мар. 12:36). Фӕлӕ апостол Петр загъта, «Давид... уӕларвмӕ не ссыд», зӕгъгӕ (Хъуыд. 2:34). Аргъауӕг Иоанн дӕр хайджын уыд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй (Лук. 1:13–16). Йесо загъта, адӕмӕй Иоаннӕй уӕлдӕр кӕй ничи уыд. Фӕлӕ уый фӕстӕ загъта, Иоанн уӕларвон Паддзахады кӕй нӕ уыдзӕн (Матф. 11:10, 11). Йегъовӕ сын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы лӕвӕрдта диссаджы хъуыддӕгтӕ аразыны хъару, фӕлӕ сӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн нӕ равзӕрста. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иузӕрдион нӕ уыдысты? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ цардмӕ раздахдзӕн зӕххыл дзӕнӕты (Иоан. 5:28, 29; Хъуыд. 24:15). w20.01 23 ф., 15 абз.

Къуырисӕр, 31 май

Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта (1 Иоан. 4:19).

Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта ӕмӕ нын радта фадат, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ суӕм ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уӕм. Мах ӕрбаиу стӕм, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта ӕмӕ Чырыстийы нывондыл чи ’ууӕнды, уыцы адӕммӕ. Мах абон дӕр амондджын стӕм. Стӕй нын ис ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм – кӕнӕ уӕлӕрвты, кӕнӕ зӕххыл дзӕнӕты. Ӕмӕ ууыл дӕр тынг цин кӕнӕм. Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын уымӕн радта фадат, цӕмӕй йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уӕм. Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй бахъуыд йӕ зынаргъ Фырты нывондӕн ӕрхӕссын (Иоан. 3:16). Мах «стыр аргъӕй ӕлхӕд» ӕрцыдыстӕм (1 Кор. 6:20). Чырыстийы нывонды фӕрцы нын Йегъовӕ фадат радта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Нӕ бон у Йегъовӕйы – Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уый – нӕ Фыд хонын, ӕмӕ уый стыр кад куыннӕ у. Уымӕй хуыздӕр Фыд нӕй. Библийы фысджытӕй иу хъуыдытӕ кодта: «Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (Пс. 116:12). Ӕмӕ, чи зоны, махмӕ дӕр ахӕм фарста фӕзыны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ хорздзинӕдтӕ никуы бафиддзыстӕм. Фӕлӕ нӕ йӕхӕдӕг афтӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ мах дӕр бауарзтам. w20.02 8 ф., 1–3 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын