Июнь
Дыццӕг, 1 июнь
Елхъаны иннӕ ус ӕй йе ’лхыскъ ныхӕстӕй уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста (1 Сам. 1:6).
Пехуымпар Самуилы мад, Аннӕ, алыхуызон зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Бирӕ азты дӕргъы йын сывӕллон нӕ цыд (1 Сам. 1:2). Израилӕгтӕм та афтӕ нымад уыд, ӕмӕ ахӕм сылгоймагӕн Хуыцау нӕ дӕтты зӕнӕг. Ӕмӕ уый тыххӕй Аннӕ йӕхимӕ ӕгад каст (Райд. 30:1, 2). Фӕлӕ йын масты хос ӕрмӕст уый нӕ уыд. Йӕ лӕг Елхъанӕн ма уыди ӕндӕр ус дӕр, Феннанӕ, ӕмӕ йын уымӕй уыди сывӕллӕттӕ. Аннӕ ӕнӕзӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй-иу ын Феннанӕ фидистӕ кодта ӕмӕ йын ӕлхыскъ ныхӕстӕ кодта. Аннӕ уый тыххӕй тынг маст кодта, гъемӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта» (1 Сам. 1:7, 10). Цымӕ йын цы баххуыс кодта? Аннӕ Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ цӕссыгкалгӕйӕ фӕдзырдта. Уый фӕстӕ хистӕр сауджын Илийӕн йӕ хабар бамбарын кодта. Уӕд ын Илий загъта: «Фарнимӕ цу ӕмӕ дын Израилы Хуыцау раттӕд, цы дзы куырдтай, уый». Ӕмӕ Аннӕ уырдыгӕй куы рацыд, «уӕд хӕргӕ дӕр бакодта, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:17, 18). Хуыцаумӕ кӕй скуывта, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. w20.02 21 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 2 июнь
Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый (Кол. 4:6).
Тагъд Йегъовӕ ацы дуне фесафдзӕн. Ӕмӕ фервӕздзысты, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ӕрмӕстдӕр уыдон (Хъуыд. 13:48). Ӕмӕ нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕнды нӕ бинонтӕн дӕр хъусын кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, ирвӕзындзинады хабар хъусын кӕнын куыд ӕмбӕлы ӕмӕ куыд не ’мбӕлы, уый. Ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд фӕархайӕм, цӕмӕй йемӕ фӕлмӕн, уӕздан ныхас кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бинонтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ та, гӕнӕн ис, тыхныхас кӕнӕ ӕгӕр ӕргом ныхас кӕнӕм. Бирӕтӕ куы ’рхъуыды кӕнынц, сӕ бинонтӕн райдианты куыд хъусын кодтой, уӕд фӕзӕгъынц, бӕргӕ, семӕ-иу ӕндӕрхуызон куы ныхас кодтаин, зӕгъгӕ. Ӕмӕ нӕ бинонтимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд хорз уаид, апостол Павелы уынаффӕ нӕ зӕрдыл куы дариккам. Фыст ис абоны стихы. Кӕннод сын ӕххуыс нӕ бакӕндзыстӕм, фӕлӕ ма сӕ нӕхимӕ сызнӕт кӕндзыстӕм. w19.08 14, 15 фф., 3–5 абз.
Цыппӕрӕм, 3 июнь
Чырысти... уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).
Библи Хуыцауы Фырты тыххӕй цы дзуры, уый куы базыдтай, уӕд цы ахъуыды кодтай? Дун-дунейы Йесойӕ уӕлдӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у. Йесо йӕ цард нӕ бавгъау кодта ӕмӕ йӕхи мах тыххӕй нывондӕн ӕрхаста. Уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты, Хуыцауы хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм (Иоан. 3:16). Йесо у нӕ Хистӕр сауджын. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын йӕ нывонд пайда хӕсса, стӕй цӕмӕй Хуыцаумӕ ’ввахс уӕм (Дзут. 4:15; 7:24, 25). Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты йӕ ном ссыгъдӕг кӕндзӕн, фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ нӕ фидӕны дзӕнӕты ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Матф. 6:9, 10; Рарг. 11:15). Йесо нын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый. Уый йӕ цард снывонд кодта Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн, ӕмӕ нын уымӕй фӕзминаг у (Иоан. 4:34). Библи Йесойы, Хуыцауы Фырты, тыххӕй цы дзуры, ууыл куы баууӕндай, уӕд ӕй бауарздзынӕ. Ӕмӕ дын уӕд царды ӕппӕты сӕйраг суыдзӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, уый Йесойӕн сӕйраг куыд уыд, афтӕ. w20.03 10 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 4 июнь
Ӕппынӕдзух кувут (1 Фес. 5:17).
Йесо зӕххыл фӕстаг бон куы уыд, уӕд иу ӕмӕ дыууӕ хатты не скуывта. Зӕгъӕм, скуывта, Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ’вӕрдта ӕмӕ йӕ апостолтӕм дзул ӕмӕ сӕны къус куы алӕвӕрдта, уый размӕ (1 Кор. 11:23–25). Стӕй семӕ иумӕ скуывта, Куадзӕн кӕм сбӕрӕг кодтой, уыцы бынатӕй ацӕуыны размӕ (Иоан. 17:1–26). Уыцы ӕхсӕв фӕстӕдӕр йӕ апостолтимӕ Гефсиманийы дыргъдонмӕ куы ’рбацыд, уӕд дӕр цалдӕр хатты скуывта (Матф. 26:36–39, 42, 44). Йесо ма скуывта суанг йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ дӕр (Лук. 23:46). Уӕдӕ Йесойыл йӕ царды фӕстаг бон цы хабӕрттӕ цыд, уыдонӕй-иу алкӕцыйы тыххӕй дӕр Йегъовӕмӕ скуывта. Йесо йӕ Фыдмӕ кӕй куывта ӕмӕ йыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый фӕрцы уӕззау фӕлварӕны фидар фӕлӕууыд. Ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр хъуамӕ уыцы ӕхсӕв кувгӕ кодтаиккой, фӕлӕ уыдон ӕрфынӕй сты. Ӕмӕ фӕлварӕны куы бахаудысты, уӕд хъӕбатырдзинад нӕ равдыстой (Матф. 26:40, 41, 43, 45, 56). Мах дӕр фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм, Чырыстийы куы фӕзмӕм ӕмӕ «ӕппынӕдзух [куы] кувӕм», ӕрмӕстдӕр уӕд. w19.04 8, 9 фф., 4, 5 абз.
Сабат, 5 июнь
Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын (Мал. 3:6).
Йегъовӕ йе сӕфт уыны спиритизмӕй! Уый израилӕгты бафӕдзӕхста: «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты чи басыгъта, дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты» (Дык. з. 18:10–12). Мах израилӕгтӕй уӕлдай Моисейы закъоны дӕлбар не стӕм. Фӕлӕ уӕддӕр зонӕм, Йегъовӕ спиритизммӕ уӕд цы цӕстӕй каст, ныр дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы. Йегъовӕ нӕ спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, Хӕйрӕг уыдӕттӕй кӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмӕн знаггад кӕна. Хӕйрӕг спиритизмӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы йӕ мӕнг ныхӕстыл баууӕндын кӕна, зӕгъӕм, адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕндӕр кӕмдӕр кӕй фӕцӕры, ууыл (Еккл. 9:5). Уымӕй уӕлдай ма спиритизмӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы тас уадза, стӕй цӕмӕй Йегъовӕйы ма базоной. Йӕ нысан у, цӕмӕй адӕм ӕууӕндой фыдгӕнӕг тыхтыл, Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ. w19.04 21 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 6 июнь
Кӕд ӕвзӕрдзинад аразыс, уӕд тӕрс (Ром. 13:4).
Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнын у стыр тӕригъӕд. Уый уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕхи ӕдас нал фӕхатынц ӕмӕ сын ахӕм митӕ чи бакӕны, уыдоныл нал феууӕндынц. Сывӕллӕтты ахӕм фыдхъуыддагӕй хъӕуы хъахъхъӕнын ӕмӕ, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн хъӕуы удӕнцой дӕттын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын (1 Фес. 5:14). Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, ахӕм адӕймаг ӕмбырды ном ӕгад кӕны (Матф. 5:16; 1 Пет. 2:12). Йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны ӕмӕ ӕмбырды ном чи худинаг кӕны, ахӕм адӕймагӕн ӕмбырды бынат нӕй. Ӕмбырдӕй исчи бӕстӕйы закъон куы фехалы, уӕд афтӕмӕй хицауады раз тӕригъӕд саразы, ӕмӕ уый зӕгъӕн ис, сывӕллонӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уыдонӕй дӕр. (Абар Хъуыддӕгтӕ 25:8.) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ахӕм бартӕ нӕй, ӕмӕ бӕстӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ адӕмӕн тӕрхон кӕной. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕмбырдӕй исчи сывӕллонӕн тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ куы бакӕны, уӕд уымӕ ӕнцад нӕ фӕкӕсынц ӕмӕ ууыл нӕ фӕархайынц, цӕмӕй сӕ хицауады ӕфхӕрдӕй бахизой. w19.05 9 ф., 4–7 абз.
Къуырисӕр, 7 июнь
Ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад (1 Кор. 3:19).
Йегъовӕ у нӕ Кадджын Зондамонӕг, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты дӕр ахизынӕн (Ис. 30:20, 21). Йӕ Ныхас Библийы ис бирӕ хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй «алцыдӕр хорз зонӕм ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уӕм» (2 Тим. 3:17). Библийы фӕрцы мах свӕййӕм, «ацы дунейы зондмӕ» гӕсгӕ цӕрынмӕ чи разӕнгард кӕны, уыдонӕй зондджындӕр (Пс. 119:97–100). Хъыгагӕн, ацы дуне адӕмы арӕх ахӕм зондыл фӕаразы, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл цӕуой. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы тох кӕнын, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы зондыл ма ацӕуӕм ӕмӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма бафӕзмӕм. Библийы дзӕгъӕлы нӕй афтӕ фыст: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса» (Кол. 2:8). Фӕстаг бонты адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ», ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у (2 Тим. 3:4). Ӕнӕгъдаудзинад уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ бирӕтӕ фӕрынчын вӕййынц хӕцгӕ низтӕй, зӕгъӕм, СПИД-ӕй. Уымӕй бӕрӕг у, ацы дунейы зонд ӕнӕзонддзинад кӕй у (2 Пет. 2:19). w19.05 21 ф., 1, 2, 4 абз.; 22 ф., 5 абз.
Дыццӕг, 8 июнь
Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуу (Еф. 6:11).
Хӕйрӕг израилӕгты баууӕндын кодта, сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын сӕ кӕй хъуыд, цӕмӕй сӕ зӕхх хъӕздыг тыллӕг раттаид, уый тыххӕй. Уыцы адӕмты уырныдта, цӕмӕй-иу сын сӕ хуыцӕуттӕ къӕвдатӕ рауагътаиккой, уый тыххӕй сӕ кӕй хъуыд цавӕрдӕр бӕлвырд ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи не ’ууӕндыд, уыдоны уырныдта, хус рӕстӕгӕн кӕрон ӕндӕрхуызон скӕнӕн кӕй нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кодтой мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ мӕнг хуыцау Ваалы номыл. Израилӕгты асайыны тыххӕй ма Хӕйрӕг спайда кодта сӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕй. Мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн куы куывтой, уӕд-иу кодтой алыхуызон ӕнӕгъдау митӕ. Уыцы адӕмтӕм ма уыди, кувӕндӕтты-иу кӕимӕ хӕтыдысты ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр. Гомосексуализм ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нӕ нымадтой – хорзыл нымад дӕр ма сӕм уыдысты! (Дык. з. 23:17, 18; 1 Пад. 14:24). Уыдоны уырныдта, се ’нӕгъдау ӕгъдӕутты фӕрцы-иу сӕ хуыцӕутты хорзӕх кӕй ссардзысты, ӕмӕ-иу сын уыдон хъӕздыг тыллӕг кӕй ратдзысты. Израилӕгтӕй бирӕтӕн уыцы ӕлгъаг ӕгъдӕуттӕ сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой. w19.06 2 ф., 3 абз.; 4 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 9 июнь
Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).
Вефилы чи лӕггад кодта, уыдонӕй ӕмӕ ӕндӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй мингӕйтты ӕндӕр рӕттӕм снысан кодтой кӕнӕ сын сӕ бар ӕндӕр хӕстӕ бакодтой. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сӕ лӕггад тынг уарзтой. Ӕмӕ сӕ, кӕм лӕггад кодтой, уырдыгӕй ацӕуын кӕй бахъуыд, уый сын зын куыннӕ уыд. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕн – Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ йыл лӕмбынӕг хъуыды кӕн. Стӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архай ӕмӕ дӕ ног ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ уацамынды цу. Йегъовӕ нӕ рох кӕны, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдоны, кӕд, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц аразын сӕ бон нал у, уӕддӕр. Хуымӕтӕг цард кӕн. Хӕйрӕджы дунейы бирӕтӕн сӕ сӕйраг мӕт у, фылдӕр мулк ӕмӕ ӕхца куыд самал кӕной, уый. Фӕлӕ ма бауадз, цӕмӕй дӕ ацы царды сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын бахъыгдарой (Матф. 13:22). Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон дын, гӕнӕн ис, дзурой, зӕгъгӕ дӕ хъӕуы фылдӕр ӕхца бакусын, цӕмӕй хуыздӕр цӕрай. Ӕмӕ дын афтӕ, чи зоны, сӕ хорз зӕрдӕйӕ дзурой де ’мбӕлттӕ ӕмӕ дӕ хиуӕттӕ дӕр. Фӕлӕ-иу сӕ зондыл ма ацу (1 Иоан. 2:15–17). Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Уый нын зӕрдӕ ӕвӕры, «бахъуаджы сахат» нын кӕй ратдзӕн, цы нӕ хъӕуы, уый. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уа фарн. Стӕй нӕ цух нӕ уадздзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй (Дзут. 4:16; 13:5, 6). w19.08 20 ф., 4 абз.; 21, 22 фф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 10 июнь
Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22).
Мыййаг, истӕуыл маст кӕныс? Исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд нӕ Йегъовӕ фембары, ӕмӕ нын уый у стыр ныфсы хос. Йегъовӕ зоны, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Суанг ма зоны, цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ дӕр (Пс. 103:14; 139:3, 4). Нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын баххуыс кӕндзӕн, адӕймаджы зӕрдӕсаст чи фӕкӕны, ахӕм зындзинӕдтыл-иу куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Истӕуыл куы маст кӕнай, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ дӕ уавӕр никуы фӕивдзӕн. Уый тыххӕй, чи зоны, дӕ ныфс асӕтта. Кӕд дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй йын дӕ сагъӕстӕ дзурай, ӕмӕ дын дӕ дзыназын ӕнӕмӕнгӕй фехъусдзӕн (Пс. 5:3; 1 Пет. 5:7). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ дӕ зындзинӕдты тыххӕй арӕх кув. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ демӕ комкоммӕ нӕ ныхас кӕндзӕн, фӕлӕ демӕ дзурдзӕн йӕ Ныхас Библийы уылты ӕмӕ йӕ организацийы уылты. Библийы фыст хабӕрттӕ куы кӕсай, уӕд-иу дын уыдон удӕнцой ӕрхӕсдзысты ӕмӕ-иу дӕ ныфс бауадздзысты. Уымӕй уӕлдай ма дын дӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзысты дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Ром. 15:4; Дзут. 10:24, 25). w19.06 16 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 11 июнь
Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты (Матф. 24:9).
Ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув. Дӕ цӕссыг калгӕйӕ-иу «дӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суадз» ӕмӕ, цӕмӕй тӕрсыс ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый-иу ын радзур (Йер. хъ. 2:19). Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй арӕх куы кувай, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ (Ром. 8:38, 39). Хуыцауы Паддзахад адӕмӕн арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна (Ным. 23:19). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд Хӕйрӕгӕн ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдонӕн ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй дӕ тас бауадзой (Ӕмб. 24:10; Дзут. 2:15). Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, Хуыцау йӕ Паддзахады тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ раиртасынӕн ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис. Уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн? Ӕркӕсӕм ӕфсымӕр Стэнли Джонсы хабармӕ. Уый йӕ уырнындзинады тыххӕй авд азы ахӕстоны фӕбадт. Цымӕ иузӕрдионӕй цӕй фӕрцы баззад? Ӕфсымӕр Джонс загъта: «Мӕ уырнындзинад фидар уыд, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, цы сараздзӕн, уый тыххӕй зыдтон, ӕмӕ йыл иу гыццыл дӕр никуы фӕдызӕрдыг дӕн. Ӕмӕ никӕй бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы ныууагътаин». Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй куы ’ууӕндай, уӕд дӕ зӕрдӕйы тас нӕ бацӕудзӕн (Ӕмб. 3:25, 26). w19.07 2 ф., 1 абз.; 3 ф., 6, 7 абз.
Сабат, 12 июнь
Цыфӕнды горӕт кӕнӕ хъӕумӕ ма бацӕуат, ссарут-иу дзы аккаг адӕймаг ӕмӕ-иу уымӕ ӕрлӕуут, цалынмӕ уыцы ранӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ (Матф. 10:11).
Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Чырыстийы ахуыргӕнинагӕн у йӕ бон, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа. Уымӕй уӕлдай ма, Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уыдонӕн сӕ цард ныр дӕр хуыздӕрырдӕм фӕивы, стӕй сын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 14:6; 17:3). Уӕдӕ нын Йесо цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕцӕгдӕр тынг ахсджиаг у. Фӕлӕ ацы хъуыддаг иунӕгӕй нӕ аразӕм. Апостол Павел йӕхи тыххӕй ӕмӕ йе ’мбӕлттӕй кӕйдӕрты тыххӕй загъта: «Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9). Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти ӕнӕххӕст адӕмы цӕй стыр кады аккаг скодтой! Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг ма адӕймагӕн стыр циндзинад хӕссы. Фыццаджыдӕр цы хъӕуы, цӕмӕй нӕ бон уа ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын? Хъӕуы, Йегъовӕйы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы агурын. Куы архайӕм, цӕмӕй-иу нӕ территорийы алкӕмӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй радзурӕм, ӕмӕ Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, кӕй стӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ. w19.07 15 ф., 3–5 абз.
Хуыцаубон, 13 июнь
Зонд адӕймаджы хъахъхъӕнгӕ кӕны, ӕхца йӕ куыд хъахъхъӕны, афтӕ. Фӕлӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ зонд хуыздӕр уымӕй сты, ӕмӕ сӕ хицауӕн йӕ цард хъахъхъӕнынц (Еккл. 7:12).
Бирӕтӕн фыццаг сӕ зӕрдӕ бацагайынц, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдон. Нью-Йорчы иу хо фӕхъусын кӕны китайӕгтӕн. Ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Семӕ афтӕ фӕныхас кӕнын, цӕмӕй-иу бамбарой, кӕй сыл тыхсын, стӕй сӕм лӕмбынӕг байхъусын. Куы йӕ базонын, ӕндӕр бӕстӕйӕ ӕрӕджы кӕй ӕрцыдысты, уӕд сӕ афӕрсын: „Ног бынатыл гыццыл ацахуыр дӕ? Куыст ссардтай? Амы адӕм дӕм цы цӕстӕй кӕсынц?“» Иуӕй-иу хатт ын уый фӕрцы фӕзыны фадат, цӕмӕй сын Библийы ахуырӕдтӕй искӕцымӕ сӕ хъус ӕрдара. Уавӕр куы фӕамоны, уӕд ма фӕзӕгъы: «Куыд хъуыды кӕныс, адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕра? Фӕнды мӕ Библийы дын иу ӕмбисонд равдисын: „Хылӕн йӕ райдайӕн у, дон куыд ратона, уый хуызӕн. Уӕдӕ цалынмӕ хыл нӕ райдыдта, уӕдмӕ ацу“. Куыд дӕм кӕсы, ацы уынаффӕ нын нӕ баххуыс кӕнид иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн?» (Ӕмб. 17:14). Адӕмимӕ афтӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, ногӕй сӕ бабӕрӕг кӕнын хъӕуы ӕви нӕ. w19.07 23 ф., 13 абз.
Къуырисӕр, 14 июнь
Иунӕг чи у, уый... Куы ахауа, уӕд ыл чи схӕцдзӕн? (Еккл. 4:10).
Ӕндӕр ранмӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын кӕй бахъуыд, уыдоны фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сӕ бамбарӕм. Чи зоны, цавӕрдӕр низимӕ тох кӕнынц кӕнӕ сӕ бинонтӕй чидӕр рынчын у. Кӕнӕ та сыл, гӕнӕн ис, зиан ӕрцыд. Йе та, чи зоны, тынг мысынц, кӕм лӕггад кодтой, уым сын цы ’мбӕлттӕ баззад, уыдоны, кӕд уый ӕргом не ’вдисынц, уӕддӕр. Арӕх сӕхӕдӕг дӕр нӕ фембарынц, сӕ зӕрдӕйы цытӕ фӕцӕуы, уый, ӕмӕ сӕ фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй сӕхимӕ ӕрцӕуой. Ахӕм лӕггадгӕнджытимӕ хъусын кӕнынмӕ куы цӕуай ӕмӕ йӕ куы уыной, куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕныс, уӕд ног уавӕртыл тагъддӕр сахуыр уыдзысты. Бирӕ азты дӕргъы ӕндӕр бӕстӕйы чи лӕггад кодта, иу ахӕм хо дзуры: «Кӕм лӕггад кодтон, уым-иу алы бон дӕр Библийы ахуыртӕ уагътон. Фӕлӕ ӕндӕр ран лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд-иу мын уым та искӕмӕн Библийӕ исты бакӕсын кӕнӕ видеоролик равдисын дӕр нӕ бантыст. Фӕлӕ мын бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтой. Семӕ мӕ кодтой Библийы ахуыртӕм, стӕй, ногӕй бабӕрӕг кӕнын кӕй хъуыд, уыдонмӕ. Уый фӕрцы уыцы территоримӕ ӕндӕр цӕстӕй ракастӕн. Стӕй, адӕмимӕ ныхас куыд райдайынц, уымӕ кастӕн, ӕмӕ ӕз дӕр сахуыр дӕн. Ӕмӕ мын ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы мӕ лӕггад ногӕй циндзинад хӕссын райдыдта». w19.08 22 ф., 10 абз.; 24 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 15 июнь
Фӕдзӕхсын Еводийы дӕр ӕмӕ Синтихийы дӕр, нӕ Хицауимӕ иудзинады кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмхуызон куыд хъуыды кӕной (Фил. 4:2).
Махӕн дӕр хатт Еводи ӕмӕ Синтихийау зын вӕййы нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын, уымӕн ӕмӕ сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ рӕдыдтытӕ йеддӕмӕ ницыуал фӕуынӕм. Ӕнӕрӕдигӕ нӕ ничи у, алы бон дӕр цӕмӕйдӕр рӕдийӕм. Ӕмӕ-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты рӕдыдтытӕм куы ныккомкоммӕ уӕм, уӕд сыл сыстырзӕрдӕ уыдзыстӕм ӕмӕ сӕ афтӕ тынг нал уарздзыстӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕры ферох, Паддзахады зал ӕфснайын кӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй смӕсты стӕм. Ӕмӕ йын уӕд йӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр куы ’рхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр мӕсты кӕндзыстӕм, ӕмӕ нӕ уарзондзинад ӕрмынӕг уыдзӕн. Кӕд ды дӕр искӕимӕ фӕзулдзых дӕ, уӕд ахъуыды кӕн: Йегъовӕ уыны дӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр ӕмӕ де ’фсымӕры хъӕндзинӕдтӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр уый дӕр уарзы ӕмӕ дӕу дӕр. Уӕдӕ хъуамӕ Йегъовӕйау нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Ӕмӕ нын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзын зын куы уа, фӕлӕ сӕ уӕддӕр куы уарзӕм, уӕд ӕнгомдӕр уыдзыстӕм (Фил. 2:1, 2). w19.08 9 ф., 7, 8 абз.
Ӕртыццӕг, 16 июнь
Йегъовӕ... сӕрныллӕг адӕймаджы уыны (Пс. 138:6).
Йегъовӕ уарзы сӕрныллӕг адӕмы. Ӕцӕг сӕрныллӕг чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон свӕййынц йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. «Сӕрбӕрзонд чи у, уыимӕ та йын иумӕйагӕй ницы ис». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй рӕвдыд уӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй сӕрныллӕгдзинадыл сахуыр уӕм. Сӕрныллӕгдзинад уый у, ӕмӕ адӕймаг йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр куы не ’вӕра ӕмӕ йӕхицӕй хъал ӕмӕ сӕрбӕрзонд куы нӕ уа. Библийӕ бӕрӕг у, сӕрныллӕг адӕймаг кӕй ӕмбары, Йегъовӕ Хуыцау уымӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у. Стӕй ма ӕмбары, алы адӕймаг дӕр дзы цӕмӕйдӕр хуыздӕр кӕй у, уый (Фил. 2:3, 4). Иуӕй-иутӕ сӕрныллӕг адӕмы каст кӕнынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та ахӕмтӕ не сты. Чи зоны, сты сабыр ӕмӕ ӕфсӕрмыгӕнаг. Кӕнӕ та сты уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын, сӕ адӕмыхатты ӕгъдау афтӕ кӕй домы йе та сӕ сӕ ныййарджытӕ афтӕ кӕй схъомыл кодтой, уымӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, гӕнӕн ис, сты тынг сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал. Ӕмӕ абон уа, райсом уа, уӕддӕр рабӕрӕг уыдзӕн, мидӕгӕй цавӕр сты, уый (Лук. 6:45). w19.09 2 ф., 1, 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 17 июнь
Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй йӕ маст райсдзӕн (2 Фес. 1:8)..
«Нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабармӕ» хауы, Йесо цыдӕриддӕр амыдта, уыдӕттӕ. Хорз хабары коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Нӕ цард уымӕ гӕсгӕ кӕй аразӕм, уымӕй. Стӕй Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕ нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, цӕрӕм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнӕм (Матф. 6:33; 24:14). Уымӕй уӕлдай ма Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн (Матф. 25:31–40). Тагъд уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн «ӕндӕр фыстӕн» сӕ хорздзинад бафидын (Иоан. 10:16). Куыд? Цалынмӕ Армагеддоны хӕст райдайа, уӕдмӕ, 144 минӕй ма чи баззайа, уыдон дӕр райгас уыдзысты уӕларвон цардмӕ ӕмӕ суыдзысты ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон удгоймӕгтӕ. Ӕмӕ 144 мины уыдзысты, Гогы чи ныццӕгъддзӕн ӕмӕ «тынг бирӕ адӕмы» чи фервӕзын кӕндзӕн, уыцы уӕларвон ӕфсӕдты ’хсӕн (Рарг. 2:26, 27; 7:9, 10). Уӕд «тынг бирӕ адӕм» куыд цин кӕндзысты, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кодтой, ууыл! w19.09 12, 13 фф., 16–18 абз.
Майрӕмбон, 18 июнь
Удӕнцой ссардзыстут (Матф. 11:29).
Йесо нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нын удӕнцой цӕмӕн хӕссы? Уымӕн ӕмӕ махӕн ис ӕппӕты хуыздӕр цӕстдарджытӕ. Нӕ сӕйраг Цӕстдарӕг Йегъовӕ, хорздзинадӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм ӕгъатыр хицау нӕу. Уый тынг аргъ кӕны, цы аразӕм, уымӕн (Дзут. 6:10). Уый нын дӕтты тых, цӕмӕй нӕ бон уа нӕ «хӕссинаг» хӕссын, ома нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразын (2 Кор. 4:7; Гал. 6:5). Нӕ Паддзах Йесо Чырысти нын фӕзминаг у, иннӕтӕн куыд уыди, уымӕй (Иоан. 13:15). Ӕмӕ нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр архайынц, цӕмӕй «фыстӕн се стыр фыййау» Йесойы фӕзмой (Дзут. 13:20; 1 Пет. 5:2). Уыдон нӕ ахуыр кӕнынц ӕмӕ нӕ хъахъхъӕнынц. Ӕмӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ фӕархайынц, цӕмӕй уой фӕлмӕнзӕрдӕ, хъӕбатыр ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой. Ис ма нын ӕппӕты хуыздӕр ӕмбӕлттӕ. Махӕн цы ӕнувыд ӕмбӕлттӕ ис, ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕндӕр никӕмӕн ис. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты хуызӕн ӕмкусджытӕ нын кӕй ис, уый стыр хорзӕх куыннӕ у! Уыдоны хуызӕн ӕгъдауджын адӕм нӕй, фӕлӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайынц. Иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрынц. Уыдон нӕ ӕрмӕст се ’мкусджытыл нӕ нымайынц, фӕлӕ ма се ’мбӕлттыл дӕр. Ӕмӕ ныл афтӕ ӕнувыд сты, ӕмӕ мах тыххӕй сӕ цард дӕр ратдзысты! w19.09 20 ф., 1 абз.; 23 ф., 12–14 абз.
Сабат, 19 июнь
Талынджы не стут, цӕмӕй уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрӕййафа, боны рухс давджыты куыд ӕрӕййафы, афтӕ (1 Фес. 5:4).
Апостол Павел фессалоникӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым скодта «Йегъовӕйы боны» кой (1 Фес. 5:1–6). Ацы скъуыддзаджы уыцы «бон» цы рӕстӕгмӕ амоны, уый райдайдзӕн, хицауӕдтӕ сӕхи «Стыр Вавилоныл», ома мӕнг динтыл се ’ппӕтыл дӕр, куы ныццӕвой, уымӕй, ӕмӕ фӕуыдзӕн Армагеддонӕй (Рарг. 16:14, 16; 17:5). Павел ма загъта, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй «Йегъовӕйы бонмӕ» цӕттӕ уӕм. Мах хъуамӕ «иннӕты хуызӕн фынӕй ма кӕнӕм», фӕлӕ хъуамӕ уӕм «цырддзаст». Хъуамӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм, кӕннод афтӕ нал уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ «ацы дунейӕ не стӕм» (Иоан. 15:19). Мах ӕй зонӕм, ӕгас зӕххыл дӕр сабыр цард ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ нӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй «райхъал уой», ома базоной, Библимӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕджы цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ цӕуа, уыдоны тыххӕй. Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд адӕмӕн нал уыдзӕн фадат Йегъовӕйы фӕндагыл ӕрлӕууынӕн. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй хъӕуы ныртӕккӕ ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын! w19.10 8 ф., 3 абз.; 9 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 20 июнь
Чиныджы тыхтон райс ӕмӕ дзы ныффысс, Израилы тыххӕй, Иудӕйы тыххӕй... цыдӕриддӕр дзырдтон, уыдӕттӕ (Йер. 36:2).
Йереми ӕмӕ йе ’мбал Варух тыхтон фыст куы фесты, уӕд Йереми Варухӕн загъта, цӕмӕй адӕмӕн, тыхтоны цы фыст уыд, уый фехъусын кодтаид (Йер. 36:5, 6). Кӕд Варухӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр Йеремийы ныхас сӕххӕст кодта. Ахъуыды-ма кӕн, Варух кувӕндоны кӕртмӕ куы бацыд ӕмӕ, тыхтоны цы фыст уыд, уый адӕмӕн куы бакаст, уӕд дзы Йереми куыд сӕрыстыр уыдаид (Йер. 36:8–10). Иудӕйы кънйӕзтӕ фехъуыстой, Варух цы сарӕзта, уый ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй йӕ уыдонӕн дӕр бакастаид! (Йер. 36:14, 15). Кънйӕзтӕ сфӕнд кодтой Йеремийы ныхӕстӕ паддзах Иоакимӕн радзурын. Йереми цы ныхӕстӕ ныффыста, уый паддзах Иоаким куы фехъуыста, уӕд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ тыхтон басыгъта. Стӕй бардзырд радта, цӕмӕй Йеремийы ӕмӕ Варухы ӕрцахстаиккой. Фӕлӕ Йереми ӕндӕр тыхтон райста, Варухмӕ йӕ радта ӕмӕ йын Йегъовӕйы ныхӕстӕ радзырдта. Ӕмӕ Варух ногӕй ныффыста, «Иудӕйы паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы тыхтоны цыдӕриддӕр фыст уыд, уый» (Йер. 36:26–28, 32). w19.11 3, 4 фф., 4–6 абз.
Къуырисӕр, 21 июнь
Хуыцау уӕ... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).
Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйы ном нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ суа, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕ свӕййы Ахуыргӕнӕг, удӕнцойдӕттӕг Фыд кӕнӕ хорз хабар Хъусынгӕнӕг, ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цӕйдӕрты кой ис скӕнӕн (Ис. 48:17; 2 Кор. 7:6; Гал. 3:8). Фӕлӕ арӕх йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕны адӕмы уылты дӕр (Матф. 24:14; 28:19, 20; 2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр ратта зонд ӕмӕ хъару, цӕмӕй-иу суӕм, йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынӕн чи хъӕуы, уый. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ уый уылты дӕр ӕххӕст кӕна. Фӕлӕ чидӕртӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕной, Йегъовӕ уыдоны уылты дӕр цыдӕр кӕй аразы, ууыл. Цымӕ цӕмӕн? Се ’взонджы хъару сӕм кӕй нал ис, сӕ уавӕртӕ кӕй нӕ амонынц кӕнӕ та сӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц нӕ аразынц. Чидӕртӕ та фӕхъуыды кӕнынц, ныртӕккӕ дӕр фаг аразын, зӕгъгӕ, ӕмӕ фылдӕр аразынмӕ нӕ фӕтырнынц. w19.10 20 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 22 июнь
Адӕймаг ӕхцауарзаг куы уа, уӕд уымӕй цӕуы алыхуызон фыдбылызтӕ (1 Тим. 6:10).
Мулкуарзаг куы уӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы уыйбӕрц нал араздзыстӕм. Апостол Павел загъта: «Иу ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа» (2 Тим. 2:4). Ромаг ӕфсӕддонтӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй ма ӕндӕр куыст дӕр кодтаиккой. Хорз ӕфсӕддонтау мах дӕр нӕ рох кӕндзыстӕм сӕйрагдӕр хъуыддаг – нӕ Хицӕутты, Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы, зӕрдӕтӕ рухс кӕнын. Уый бирӕ ахсджиагдӕр у, Хӕйрӕджы дунейы нын цыдӕриддӕр бантыса, уымӕй. Мах архайӕм, цӕмӕй нын фаг рӕстӕг ӕмӕ нӕм фаг хъарутӕ уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, стӕй нӕ уырнындзинады уартмӕ ӕмӕ ма нын Хуыцау ноджыдӕр цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонмӕ зилынӕн. Хъуамӕ алкӕддӕр къӕрцхъус уӕм! Цӕмӕн? Апостол Павел бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон» «уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл» уыдзысты (1 Тим. 6:9, 10). w19.11 17 ф., 12, 14, 15 абз.
Ӕртыццӕг, 23 июнь
Уӕд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт (1 Фес. 5:3).
«Йегъовӕйы боны» размӕ фехъусын кӕндзысты, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:1–6). 1 Фессалоникӕгтӕм 5:2 стихы «Йегъовӕйы бон» амоны «стыр бӕллӕхмӕ» (Рарг. 7:14). Стыр бӕллӕх мӕнӕ-мӕнӕ кӕй райдайдзӕн, уый цӕмӕй базондзыстӕм? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕх мӕнӕ-мӕнӕ райдайдзӕн. Цымӕ хицӕуттӕ цӕмӕн фехъусын кӕндзысты, сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ис, зӕгъгӕ? Ӕмӕ, мыййаг, дины разамонджытӕ дӕр семӕ разы уыдзысты ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ дзурдзысты? Гӕнӕн ис. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр та уыдон дӕр уыдзысты, дӕлимонтӕй чи цӕуы, ахӕм мӕнг ныхӕстӕ. Фӕлӕ уыцы мӕнг ныхӕстӕ уӕлдай тӕссаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ адӕмы бауырндзӕн, сабыр ӕмӕ ӕдас цард кӕй ралӕууыд. Афтӕмӕй та уый хӕдфӕстӕ райдайдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх. Ӕмӕ «ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт, арыны афон сылгоймагӕн йӕ тухитӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куыд райдайынц, афтӕ». Цы зӕгъӕн уыдзӕн Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй та? Уыдон бӕлвырдӕй нӕ зонынц, Йегъовӕйы бон кӕд райдайдзӕн, уый, ӕмӕ сын уыцы боны ’рцыд, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы уа. Фӕлӕ йӕм уыдон цӕттӕ уыдзысты. w19.09 9 ф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 24 июнь
Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон. Ис рӕстӕг агурынӕн ӕмӕ рӕстӕг, цы фесӕфтай, ууыл къух ауигъынӕн (Еккл. 3:1, 6).
Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ ӕвӕр. Дӕ разы бӕлвырд нысӕнттӕ куы ’вӕрай, уӕд-иу дӕ къухты ӕнцондӕрӕй бафтдзысты. Зӕгъӕм, сфӕнд кодтай Библи алы бон дӕр кӕсын. Фӕлӕ дӕхицӕн бӕлвырд график куы не скӕнай, уӕд, чи зоны, дӕ фӕнд дӕ къухы ма бафта. Кӕнӕ, зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ аскъуыддзаг кодтой, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты арӕхдӕр кӕй бӕрӕг кӕндзысты. Фӕлӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ иу адӕймаджы дӕр нӕма бабӕрӕг кодтой. Цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафта, уый тыххӕй сӕ бон уаид ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Хистӕр нӕлгоймӕгты ’ххуыс тынгдӕр кӕй хъӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты номхыгъд нӕм ис? Кӕд сӕ бӕрӕг кӕндзыстӕм, уымӕн график скодтам?» Уымӕй уӕлдай, у ӕмбаргӕ. Уыйбӕрц рӕстӕг никӕмӕн ис, стӕй уыйбӕрц фӕрӕзтӕ ӕмӕ хъарутӕ дӕр никӕмӕ ис, цӕмӕй йӕ бон уа, цыдӕриддӕр ӕй фӕнды, уый аразын. Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбаргӕ уӕм. Куы бамбарай, цы уынаффӕ рахастай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон архайын нӕ бауыдзӕн, уӕд-иу дӕ уынаффӕ фӕив. w19.11 29 ф., 11, 12 абз.
Майрӕмбон, 25 июнь
Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм. Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй (Рарг. 7:14).
Исайы 65:21–23 стихты фыст ис, фидӕны зӕххыл цавӕр цард уыдзӕн, уый тыххӕй. Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дзӕнӕты кусгӕ ничи кӕндзӕн ӕмӕ адӕм ӕрмӕстдӕр улӕфгӕ кӕндзысты. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, уыцы рӕстӕг Хуыцауы адӕм кӕй кӕндзысты, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕудзӕн ӕмӕ иннӕтӕн пайда чи хӕсдзӕн, ахӕм куыст. Чырыстийы миназон хицаудзинад куы фӕуа, уӕд, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ром. 8:21). Раджы заманты Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй-иу сӕ бон уыдаид сӕ фӕллад суадзын дӕр ӕмӕ сын рӕстӕг уыдаид Хуыцауы хъуыддӕгтӕн дӕр. Ӕмӕ Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр мах кусгӕ дӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ фӕллад дӕр уадздзыстӕм. Стӕй нын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы хъуыддӕгтӕн дӕр уыдзӕн рӕстӕг. Цӕмӕй абон адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕна. Ӕмӕ ног дунейы дӕр афтӕ уыдзӕн. Миназон хицаудзинады рӕстӕг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр уыдзысты цинӕфсӕст, уымӕн ӕмӕ сын уыдзӕн, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй райдзӕн, ахӕм куыст ӕмӕ архайдзысты Хуыцауы хъуыддӕгты. w19.12 12 ф., 15 абз.; 13 ф., 17, 18 абз.
Сабат, 26 июнь
[Ацы] ныхӕстӕ хъуамӕ уой дӕ зӕрдӕйы. Ӕмӕ сӕ арф нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы (Дык. з. 6:6, 7).
Дзырдбаст «арф нывӕрын» нысан кӕны, иу иннӕйӕн цы амоны, уый йын арӕх кӕй дзуры ӕмӕ йын ӕй йӕ зӕрдыл кӕй лӕууын кӕны, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кӕй ахуыр кӕны. Цӕмӕй ныййарджытӕ афтӕ кӕной, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ сывӕллӕттимӕ рӕстӕг ӕрвитой. Хатт ныййарджытӕн сӕ ныфс асӕтты, сывӕллӕттӕн уыцы иу цыдӕртӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕй фӕхъӕуы дзурын, уый тыххӕй. Фӕлӕ ныййарджытӕ куы ’мбарой, уый хорз фадат кӕй у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕной Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайынӕн, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн. Уӕдӕ уӕ сывӕллӕтты хъуамӕ хорз зонат. 127-ӕм псалом сывӕллӕтты бары фаттимӕ (Пс. 127:4). Фаттӕ алыхуызон ӕрмӕгӕй конд вӕййынц, стӕй дзы иутӕ даргъдӕр вӕййынц, иннӕтӕ та – цыбырдӕр. Афтӕ дыууӕ иухуызон сывӕллоны дӕр нӕ вӕййы. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ахъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕттӕй алкӕцыйы дӕр куыд ахуыр кӕндзысты, ууыл. Израилӕй чи у, иу ахӕм къай сӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрдтой. Уыдон радзырдтой, цы сын баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Нӕ лӕппуимӕ ӕмӕ-иу нӕ чызгимӕ Библи хицӕнтӕй ахуыр кодтам». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы бинонты хистӕр дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзӕн, сывӕллӕттӕй алкӕцыимӕ дӕр Библи хицӕнтӕй ахуыр кӕнын хъӕуы ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕви нӕ. w19.12 26, 27 фф., 18–20 абз.
Хуыцаубон, 27 июнь
Алы хъуыддаджы дӕр [уӕ] куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр (Матф. 7:12).
Адӕймаг тынг фӕаргъ кӕны, зын сахат йӕ фарсмӕ чи ’рбалӕууы, уыдонӕн! Райанӕн йӕ фыдыл цавӕрдӕр бӕллӕх ӕрцыд ӕмӕ фӕмард. Райан афтӕ зӕгъы: «Зӕрдӕйы рыст куы нӕ фӕсабыр кӕны, уӕд адӕймагӕн йӕ бон хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ аразын дӕр нӕ вӕййы. Ахӕм хъуыддӕгтӕ та бирӕ вӕййынц. Ӕмӕ дӕм иннӕтӕ истӕмӕй куы фӕкӕсой, гыццыл истӕмӕй дӕр, уӕд уый стыр ӕххуыс у». Уӕдӕ дӕ зӕрдыл дар, дӕ гыццыл хъуыддӕгтӕ дӕр иннӕтӕн стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты ӕмӕ сын афтӕмӕй ныфсы хос кӕй уыдзынӕ. Чырыстийы ахуыргӕнинаг Маркӕн Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ цыдӕртӕ уыд аразинаг. Фӕлӕ-иу уый рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу апостол Павелы бафидар кодтаид. Ӕмӕ Павел дӕр зыдта, Маркӕн куы зӕгъа, цӕмӕй йын баххуыс кӕна, уӕд ын «нӕ» кӕй нӕ зӕгъдзӕн. Анджелӕйӕн йӕ мадымады куы амардтой, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ йӕ фарсмӕ балӕууыдысты. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг уыд. Анджелӕ зӕгъы: «Куы йӕ зонай, ӕмӕ де ’мбӕлтты зӕрдиагӕй фӕнды баххуыс кӕнын, уӕд дӕ ныфс хӕсдзынӕ, цӕмӕй сын зӕгъай, ӕххуыс дӕ кӕй хъӕуы. Бӕрӕг вӕййы, баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй сты». Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕз дӕр иннӕтӕн ныфсы хос вӕййын ӕмӕ сын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕнын? Иннӕтӕ мӕ ахӕм адӕймагӕй зонынц?» w20.01 11, 12 фф., 14–16 абз.
Къуырисӕр, 28 июнь
Кӕд исчи, аккаг нӕу, афтӕмӕй уыцы дзулӕй хӕры кӕнӕ Хицауы сӕны къусӕй нуазы, уӕд ууыл уыдзӕн тӕригъӕд (1 Кор. 11:27).
Кӕд сӕрст чырыстон Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ халы, фӕлӕ дзул ӕмӕ сӕнӕй саходы, уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ дзы саходы, «аккаг нӕу, афтӕмӕй» (Дзут. 6:4–6; 10:26–29). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбарынц, ӕмӕ цӕмӕй «Хуыцауы хӕрзиуӕг, Йесо Чырыстийы фӕрцы... [сӕ] кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы уӕларвон цард», райсой, уый тыххӕй хъуамӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой (Фил. 3:13–16). Сыгъдӕг тых Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕрбӕрзонд ма уой, фӕлӕ сӕрныллӕг (Еф. 4:1–3; Кол. 3:10, 12). Сӕрст чырыстӕттӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр сты. Уыдон зонынц, сӕрст кӕй сты, уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сын, иннӕ лӕггадгӕнджытимӕ абаргӕйӕ, Йегъовӕ сыгъдӕг тых фылдӕр дӕтты. Уӕдӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Библи иннӕтӕй хуыздӕр ӕмбарынц. Стӕй иннӕ чырыстӕттӕй дӕр афтӕ никӕмӕн зӕгъдзысты, ды дӕр сӕрст чырыстон дӕ ӕмӕ хъуамӕ Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй аходын райдайай, зӕгъгӕ. Сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарынц, адӕмы уӕлӕрвты цӕрынмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй ӕрхоны. w20.01 27 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 29 июнь
Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йемӕ арӕх ныхас кӕнӕм. Уый нын дзуры, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ, ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы махмӕ байхъусынмӕ (Ром. 12:12). Афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ ӕнӕвдӕлон кӕнӕ фӕллад уа, ӕмӕ йӕ бон ма уа нӕ куывдтытӕм байхъусын. Мах та, цы нын дзуры, уымӕ фӕхъусӕм, Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы публикацитӕ куы фӕкӕсӕм, стӕй ӕмбырдты лӕмбынӕг куы фӕхъусӕм, уӕд. Йегъовӕимӕ арӕх куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд ӕм вӕййӕм ӕввахс. Уый фӕнды, цӕмӕй-иу ын дӕ зӕрдӕ раргом кӕнай (Пс. 62:8). Дӕ бон у ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Мӕ куывдтытӕ, мӕхи къухӕй кӕй ныффыстон ӕмӕ, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ кӕм радзырдтон, ахӕм писмоты хуызӕн вӕййынц ӕви ксерокопиты хуызӕн?» Дзырд дӕр ыл нӕй, ды Йегъовӕйы тынг уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр дӕ Хӕлар уа. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ йемӕ арӕх ныхас кӕнай. Радзур-иу ын дӕ зӕрдӕйы сусӕг хъуыдытӕ. Дзур ын дӕ цин дӕр ӕмӕ дӕ маст дӕр. Стӕй дзы дӕ бон у алкӕддӕр ӕххуыс курын. w20.02 9 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 30 июнь
Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут (1 Пет. 5:2).
Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бар бакодта ахсджиаг хъуыддаг – йӕ «дзугмӕ» йын кӕсын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын, Нееми Йегъовӕйы адӕмӕн куыд уыд, уымӕй. Нееми ӕвӕрд уыд хицауӕй Иудӕйы бӕстӕйӕн, ӕмӕ йӕм уыди стыр бартӕ (Неем. 1:11; 2:7, 8; 5:14). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Нееми цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Уый базыдта, адӕм кувӕндон хынджылӕггаг кӕй скодтой ӕмӕ левиттӕн, Закъонмӕ гӕсгӕ сӕм цы мысайнӕгтӕ ӕмбӕлд, уыдон кӕй нӕ лӕвӕрдтой. Уымӕй уӕлдай ма сабаты закъон хӕлдтой, иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ та сӕхицӕн ӕндӕр адӕмтӕй устытӕ ӕрхастой. Ӕмӕ Неемийы хъуыди уыцы хъуыддӕгтӕм ӕркӕсын (Неем. 13:4–30). Нееми йӕ бартӕй раст пайда кодта. Уый Хуыцауы адӕмӕн йӕхи закъӕттӕ не ’вӕрдта. Фӕлӕ-иу Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта ӕмӕ-иу ын йӕ разамынд агуырдта, стӕй адӕмӕн Хуыцауы Закъон амыдта (Неем. 1:4–10; 13:1–3). Уымӕй уӕлдай ма Нееми йе ’фсымӕртимӕ иумӕ сӕрныллӕгӕй куыста. Суанг ма семӕ Иерусалимы къултӕ дӕр амадта (Неем. 4:15). w19.09 15, 16 фф., 9, 10 абз.