Июль
Цыппӕрӕм, 1 июль
[Хуыцауӕй] курут, цы уӕ хъӕуы, уый (Фил. 4:6).
Исчи нын рӕхуыст ныхас куы фӕзӕгъы кӕнӕ нын ӕвзӕрӕй исты куы саразы, уӕлдайдӕр та не ’мбал кӕнӕ нӕ хиуӕттӕй исчи, уӕд нын уый, гӕнӕн ис, ӕнцой мауал дӕтта. Кӕд истӕуыл тыхсӕм кӕнӕ истӕуыл мӕт кӕнӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, Библийы кӕй кой цӕуы, уыцы Аннӕйы хабар. Уымӕн йӕ лӕджы дыккаг ус ӕдзух фидистӕ кодта (1 Сам. 1:12). Аннӕйау махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕимӕ бирӕ ныхас кӕнын ӕмӕ йын дзурын, цӕуыл тыхсӕм, цӕуыл мӕт кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕй тӕрсӕм, уыдӕтты тыххӕй. Ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ нӕ куывдтытӕ уой рӕсугъд ӕмдзӕвгӕты хуызӕн. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ йын кӕугӕйӕ фӕдзурӕм, нӕ маствӕллад зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ никуы сфӕлмӕцы. Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихты цы уынаффӕ ис, уый дӕр. Апостол Павел бӕлвырдӕй загъта, Йегъовӕйӕн бузныг кӕй хъуамӕ дзурӕм. Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй йын вӕййы бузныг зӕгъӕн, зӕгъӕм, цард нын кӕй радта, уый тыххӕй, цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй, йе ’нувыд уарзты тыххӕй ӕмӕ нын фидӕны цы диссаджы цард балӕвар кӕндзӕн, уый тыххӕй. w20.02 20 ф., 3 абз.; 21 ф., 6 абз.
Майрӕмбон, 2 июль
Ис рӕстӕг... дзурынӕн (Еккл. 3:7).
Нӕ бон дзурын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар (Рац. 4:10, 11; Рарг. 4:11). Йӕ Ныхасы нын ӕмбарын кӕны, уыцы лӕварӕй раст куыд ис пайда кӕнӕн, уый. Хъуамӕ алкӕддӕр цӕттӕ уӕм Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй дзурынмӕ (Матф. 24:14; Ром. 10:14). Афтӕмӕй фӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Йесо зӕхмӕ уый тыххӕй дӕр ӕрцыд, цӕмӕй адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй рӕстдзинад дзура (Иоан. 18:37). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, куыд ныхас кӕнӕм, уый дӕр ахсджиаг кӕй у. Искӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд-иу хъуамӕ дзурӕм «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй». Стӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, адӕймагыл кӕй хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йӕ ма фӕхъыг кӕнӕм, кӕд мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕнды, уӕддӕр (1 Пет. 3:15). Уӕд ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ йын рӕстдзинад амондзыстӕм, ӕмӕ йын, чи зоны, йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕм. Хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн уынаффӕ раттын куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хъусӕй лӕууӕн нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ ӕмбарой, уынаффӕ раттынӕн йӕхи рӕстӕг кӕй ис. w20.03 18 ф., 2–4 абз.
Сабат, 3 июль
Ӕппынӕдзух кувут (Матф. 26:41).
Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын? Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинадыл бафтауа (Лук. 17:5; Иоан. 14:1). Уырнындзинад нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ, Йесойы фӕдыл чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хӕйрӕг фӕлварӕнты ӕппардзӕн (Лук. 22:31). Уырнындзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн? Кӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сарӕзтам, уӕд нӕ уырнындзинад баразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакӕнӕм, ӕмӕ уӕд афтӕ тынг нал мӕт кӕндзыстӕм. Йегъовӕ махӕй хуыздӕр зоны, уыцы уавӕры цы ис саразӕн, уый, ӕмӕ нӕ уый фидарӕй куы уырна, уӕд уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн (1 Пет. 5:6, 7). Цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуыйны Роберт ӕмӕ йыл цӕуы 80 азӕй фылдӕр. Уый загъта: «Царды мын бирӕ фӕлварӕнтӕ уыди, фӕлӕ-иу мын, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихты цы уынаффӕ ис, уый баххуыс кодта. Зӕгъӕм, иуафон сӕмбӕлдтӕн ӕхцаимӕ баст зындзинӕдтыл. Стӕй ма цасдӕр рӕстӕг хистӕр нӕлгоймагӕй нал лӕггад кодтон». Робертӕн цы ’ххуыс кӕны йӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн? «Куыддӕр тыхсын райдайын, афтӕ Хуыцаумӕ скувын,– загъта Роберт.– Цас арӕхдӕр ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй фӕкувын, уыйас мӕ зӕрдӕйы фылдӕр фарн вӕййы». w19.04 9, 10 фф., 5–7 абз.
Хуыцаубон, 4 июль
Дӕ разы, ӕрмӕстдӕр дӕ разы, сарӕзтон тӕригъӕд (Пс. 51:4).
Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уый тӕригъӕд саразы Хуыцауы раз. Адӕймаг искӕй ныхмӕ тӕригъӕд куы саразы, уӕд афтӕмӕй тӕригъӕд саразы Йегъовӕйы раз дӕр. Ӕркӕсӕм, Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕй иу цӕмӕдӕр. Адӕймаг-иу искӕмӕй исты куы адавта кӕнӕ-иу ыл сайдӕй куы рацыд, уӕд-иу Закъонмӕ гӕсгӕ уый афтӕ нымад уыд, ӕмӕ «Йегъовӕйы раз сарӕзта тӕригъӕд» (Лев. 6:2–4). Ӕмбырдӕй исчи сывӕллонӕн тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ куы бакӕны, уӕд ыл сывӕллон нал феууӕнды ӕмӕ йӕхи ӕдас нал фӕхаты. Зӕгъӕн ис, ахӕм адӕймаг сывӕллонӕй цыдӕр давы кӕнӕ йыл сайдӕй цӕуы ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы раз тӕригъӕд аразы. Ахӕм адӕймаг Йегъовӕйы ном худинаг кӕны. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕмбарой, сывӕллонӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнай, уый Хуыцауы цӕсты уӕззау тӕригъӕд кӕй у ӕмӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсой. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы статьятӕй кӕцыдӕрты дзырд цӕуы, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы хъӕдгом байгас уа, стӕй иннӕтӕн сӕ бон куыд у ахӕм адӕймӕгтӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ сын удӕнцой раттын. Ис ма дзы уынаффӕтӕ ныййарджытӕн, сӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын сӕ бон куыд у, уый фӕдыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн та Библимӕ гӕсгӕ бӕлвырд разамынд фӕдӕттынц, исчи ахӕм тӕригъӕд куы сараза, уӕд куыд хъӕуы архайын, уый фӕдыл. Разамонӕг совет арӕх ӕркӕсы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн уыцы фарстайы фӕдыл цы разамынд ис, уымӕ ӕмӕ, куы бахъӕуы, уӕд дзы цыдӕртӕ фӕивы. w19.05 9, 10 фф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 5 июль
Ау, удӕгӕсты тыххӕй хъуамӕ мӕрдты фӕрсой? (Ис. 8:19).
Хуыцауы Ныхас абарӕн ис цыргъ хъамаимӕ, ӕмӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты ныхмӕ уымӕй хуыздӕр хӕцӕнгарз нӕй (Еф. 6:17). Зӕгъӕм, Библи ӕргом кӕны, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый, ӕмӕ уый фӕрцы зонӕм, мӕрдтӕн сӕ бон у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын, зӕгъгӕ, уый мӕнг ныхас кӕй у (Пс. 146:4). Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй у йӕ бон, фидӕны цы уыдзӕн, уый рагацау зӕгъын (Ис. 45:21; 46:10). Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, фыдгӕнӕг тыхтӕ цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонӕй не сӕфт уындзыстӕм ӕмӕ сӕ нӕхи хиздзыстӕм. Уӕдӕ спиритизмимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕй дӕхи хиз. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхи хизӕм спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Зӕгъӕм, мӕрдтимӕ чи фӕныхас кӕны, уыдонмӕ нӕ фӕцӕуӕм ӕмӕ мӕрдтимӕ ныхас кӕнынӕн ӕндӕр мадзӕлттӕй дӕр нӕ пайда кӕнӕм. Мах нӕхи хизӕм, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырадимӕ баст зианы ӕгъдӕуттӕй. Стӕй фидӕны хабӕрттӕ базоныны тыххӕй дӕсныфӕрсджытӕм нӕ фӕцӕуӕм ӕмӕ астрологийӕ нӕ пайда кӕнӕм. Мах ӕй зонӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр тынг тӕссаг кӕй сты ӕмӕ дзы чи архайы, уыдон сӕхи Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтимӕ кӕй бӕттынц. w19.04 21, 22 фф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 6 июль
Хуыцау... [сӕ] сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕхи бар ныууагъта, цӕмӕй чъизи хъуыддӕгтӕ кӕной (Ром. 1:24).
Ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыцы адӕм, Библийы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл худгӕ фӕкӕнынц ӕмӕ фӕдзурынц, зӕгъгӕ, дам, афтӕ цӕрын никӕй бон бауыдзӕн. Чидӕртӕ фӕзӕгъынц: «Кӕд Хуыцау адӕмӕн афтӕ дзуры, цӕмӕй сӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуой, уӕд сӕ ахӕм монцтимӕ цӕмӕн сфӕлдыста?» Афтӕ уый тыххӕй фӕдзурынц, ӕмӕ хӕст сты ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, алчидӕр хъуамӕ араза, цы йӕ фӕнды, уый. Фӕлӕ нӕ Библи фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ буары монцты фӕдыл ма цӕуӕм, стӕй нын дзуры, нӕ бон кӕй у не ’взӕр фӕндтимӕ тох кӕнын (Кол. 3:5). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ скодта бинонты цард, ӕмӕ лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон у, цӕмӕй-иу ӕмуат ӕрцӕуой (1 Кор. 7:8, 9). Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый фӕдыл Библи цы дзуры, уый тынг хицӕн кӕны, ацы дуне уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. Библи ӕмуат ӕрцӕуыны ныхмӕ нӕу, фыст дзы ис, уыцы хъуыддаг ӕхсызгондзинад кӕй хӕссы (Ӕмб. 5:18, 19). Фӕлӕ нӕ фӕдзӕхсгӕ дӕр кӕны: «Алчидӕр уӕ зонӕд йӕ буары рохтыл хӕцын, сыгъдӕг ӕмӕ йын кадджын куыд уа, цӕмӕй... ӕнӕфсисӕй чъизи монцты фӕдыл ма цӕуа» (1 Фес. 4:4, 5). w19.05 22, 23 фф., 7–9 абз.
Ӕртыццӕг, 7 июль
Ды ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕ. Ӕрбацӕудзынӕ тыхдымгӕйау. Де ’ппӕт ӕфсӕдтимӕ ӕмӕ, демӕ цы бирӕ адӕмтӕ уа, уыдонимӕ (Йез 38:9).
Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йын хицауӕдтӕ йӕ адӕмы фесафой. Йӕ адӕм ын йӕ ном сӕрыстырӕй хӕссынц, стӕй уыдон йӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Стыр Вавилонӕй рацыдысты (Хъуыд. 15:16, 17; Рарг. 18:4). Уымӕй уӕлдай, уыдон иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц уырдыгӕй рацӕуынӕн. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл Стыр Вавилоны «бӕллӕхтӕ» не ’рцӕудзысты. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн (Йез 38:2, 8). Йегъовӕ мӕнг динтӕ иууылдӕр куы фесафа, уӕд йӕ адӕм уыдзысты, ӕвирхъау тыхдымгӕйы фӕстӕ иунӕг бӕлас куыд баззайа, уыйау. Ӕмӕ Хӕйрӕг фырмӕстӕй тондзӕн. Ӕмӕ уӕд «ӕлгъаг пехуымпар-ныхӕсты» фӕрцы, ома, дӕлимонтӕй чи цӕуы, уыцы ныхӕсты фӕрцы, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ рацӕудзӕн (Рарг. 16:13, 14). Уыцы цӕдис хуыйны «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог». Ӕмӕ хицауӕдтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕрбацыдысты, «Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (Рарг. 16:16). w19.09 11 ф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 8 июль
Зондджынты ныхӕстӕ ӕнӕпайда... сты (1 Кор. 3:20).
Раджы заманты Хӕйрӕг израилӕгты ӕнӕгъдау хъуыддӕгтыл бафтыдта мӕнг дины фӕрцы. Ӕмӕ афтӕ кӕны абон дӕр. Мӕнг динтӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайынц ӕмӕ адӕмы дӕр ахӕм зондыл аразынц. Уый тыххӕй, йӕхи Хуыцаумӕ кувӕг чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕ, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ нал цӕрынц. Ӕмӕ уый та цӕмӕ ’ркӕны, уый тыххӕй ныффыста апостол Павел йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм (Ром. 1:28–31). «Цы не ’мбӕлы», уыдӕттӕм хауынц ӕппӕт ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ дӕр, уыимӕ гомосексуализм дӕр (Ром. 1:24–27, 32; Рарг. 2:20). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм! Адӕмы философитӕ сты Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ ӕмӕ адӕймаджы ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ мацӕмӕ дара. Уыдон, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ ӕвдисынмӕ нӕ разӕнгард кӕнынц, фӕлӕ «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» аразынмӕ (Гал. 5:19–23). Адӕмы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕрбӕрзонд уой, ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймаг та свӕййы «хиуарзон» (2 Тим. 3:2–4). Уыцы миниуджытӕн иумӕйагӕй ницы ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты цы миниуӕг ӕвдисынмӕ разӕнгард кӕны, уыимӕ – сӕрныллӕгдзинадимӕ (2 Сам. 22:28). w19.06 5, 6 фф., 12–14 абз.
Майрӕмбон, 9 июль
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).
Илийа Йегъовӕйӕн уӕззау рӕстӕджыты лӕггад кодта ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Йегъовӕ Илийайӕн загъта, цӕмӕй йӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ Елисейы бар бакодтаид. Афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕрцы Илийайӕн фӕзынд, йӕ ныфсыл-иу ын ныфс чи бафтыдтаид, ахӕм хорз ӕмбал. Мах дӕр-иу, цӕуыл фӕмӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ нӕ хорз ӕмбалӕн куы радзурӕм, уӕд-иу нын нӕ зӕрдӕйы уаргъ фӕрогдӕр кӕндзӕн (2 Пад. 2:2). Кӕд дын, дӕ зӕрдӕ кӕмӕн раргом кӕнай, ахӕм ӕмбал нӕй, уӕд та Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй, дӕ ныфсыл дын ныфс чи бафтаудзӕн, ахӕм фӕлтӕрд чырыстон дӕ фарсмӕ балӕууа. Йегъовӕ Илийайӕн йӕ маст сфӕразынӕн баххуыс кодта, ӕмӕ ма йын Илийа уый фӕстӕ дӕр бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Илийайы хабар нӕ стыр ныфс уадзы. Хатт цӕуылдӕр афтӕ фӕмаст кӕнӕм, ӕмӕ нӕм хъару нал вӕййы ӕмӕ нын циндзинад ницыуал фӕхӕссы. Уыцы рӕстӕг-иу нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын тых ратдзӕн, цӕмӕй йын нӕ бон дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын уа (Ис. 40:28, 29). w19.06 15 ф., 4 абз.; 16 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 10 июль
Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уымӕн та тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн (Ӕмб. 29:25).
Фылдӕр хъӕбатырдзинад нӕм фӕзындзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Хъусын кӕнгӕйӕ мах сахуыр вӕййӕм нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын ӕмӕ адӕмӕй нал фӕтӕрсӕм. Зӕгъӕм, адӕймаг гимнастикӕ куы фӕкӕны, уӕд свӕййы тыхджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Раст афтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, куыстуӕтты, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты, стӕй нын фадат куы фӕзыны, уӕд куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд свӕййӕм ноджы хъӕбатырдӕр, ныфсджындӕр ӕмӕ фидардӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕ хъуыддаг нын куы сӕхгӕной, уӕд дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм (1 Фес. 2:1, 2). Ӕркӕсӕм, стыр хъӕбатырдзинад чи равдыста, ахӕм иузӕрдион хойы цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуынди Нэнси Юэн. Нэнси ныллӕджытӕ сылгоймаг уыд, иу метр ӕмӕ ’рдӕг йеддӕмӕ нӕ уыди. Фӕлӕ ахӕм хъӕбатыр уыд, ӕмӕ дзы тас афтӕ ӕнцонтӕй нӕ бауагътаис. Нэнси цард Китайы, ӕмӕ кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта. Уый тыххӕй 20 азӕй фылдӕр ахӕстоны фӕбадт. Иухатт ма йын допросы рӕстӕг афтӕ дӕр загътой, зӕгъгӕ, дам, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бӕстӕйы дӕуӕй фыдзонддӕр адӕймаг нӕй. w19.07 5 ф., 13, 14 абз.
Хуыцаубон, 11 июль
Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Кӕйдӕрты тынг фӕфӕнды, Библийы цы фыст ис, уый базонын. Фӕлӕ бирӕтӕй фыццаг афтӕ зӕгъӕн вӕййы, ӕмӕ сӕ ӕппындӕр ницы хъӕуы. Ӕмӕ ахӕм адӕмӕн, чи зоны, хъӕуа, сӕ зӕрдӕ сын цы бацагайа, ахӕм исты зӕгъын. Цӕмӕй уацамынды ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕхи хорз цӕттӕ кӕнын. Дзӕбӕх ахъуыды кӕн, адӕмы цавӕр фарстатыл бафӕндид аныхас кӕнын ӕмӕ алы фарстайыл дӕр ныхас кӕнын куыд райдайдзынӕ, ууыл. Зӕгъӕм, адӕймагӕн ис зӕгъӕн: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсон? Абон мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл адӕм ӕмбӕлынц ӕнӕхъӕн дунейы дӕр. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, ӕнӕхъӕн зӕххӕн дӕр иу хицауад куы уаид, уӕд уыцы зындзинӕдтӕн кӕрон не скӕнид?» Уый фӕстӕ ис Данелы 2:44 стихыл аныхас кӕнӕн. Кӕнӕ та афтӕ ис ныхас райдайӕн: «Куыд хъуыды кӕныс, ныййарджытӕн цы баххуыс кӕндзӕн сӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнынӕн, цӕмӕй уӕздан ӕмӕ коммӕгӕс уой?» Ӕмӕ уый фӕстӕ аныхас кӕн Дыккаг закъоны 6:6, 7 стихтыл. Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ куы свӕййынц, уӕд ма нӕ цинӕн кӕрон кӕм вӕййы! w19.07 15 ф., 4, 6, 7 абз.
Къуырисӕр, 12 июль
Зӕххон адӕймагӕн йӕ бон хуыцӕуттӕ скӕнын у? Цы скӕны, уыдон цӕй хуыцӕуттӕ сты! (Йер. 16:20).
Иу азиаг бӕстӕйы иу ӕфсымӕр рагӕй хъусын кӕны, уырнӕг чи нӕу, ахӕм адӕмӕн, ӕмӕ уый радзырдта: «Ам исчи афтӕ куы фӕзӕгъы, мӕн Хуыцау нӕ уырны, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй арӕхдӕр фӕфӕнды зӕгъын, ӕмӕ, бынӕттон адӕм цы хуыцӕуттӕн кувынц, уыдоныл не ’ууӕнды. Ӕмӕ йын ӕз дӕр фӕзӕгъын, сӕ фылдӕр ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕ кӕй сты ӕмӕ, уӕвгӕ, хуыцӕуттӕ дӕр кӕй не сты. Ахӕм адӕмӕн ма арӕх бакӕсын Йеремийы 16:20 стих ӕмӕ сӕ бафӕрсын: „Куыд ис базонӕн, ӕцӕг хуыцау кӕцы у ӕмӕ ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕ кӕцытӕ сты, уый?“ Лӕмбынӕг сӕм байхъусын ӕмӕ сын стӕй бакӕсын Исайы 41:23 стих: „Радзурут нын, уый фӕстӕ цы уыдзӕн, уый, цӕмӕй йӕ базонӕм, хуыцӕуттӕ кӕй стут“. Ӕмӕ сын ӕрхӕссын цӕвиттон, Йегъовӕ-иу фидӕны тыххӕй цы загъта, уый-иу куыд сӕххӕст, уымӕн». Ӕндӕр ӕфсымӕр та зӕгъы: «Равдисын сын, Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис кӕнӕ Библийы пехуымпарӕдтӕй чи сӕххӕст, уыдонӕй искӕцы. Стӕй ма семӕ фӕныхас кӕнын ӕрдз, стъалытӕ ӕмӕ планетӕты тыххӕй. Уый фӕстӕ сын бамбарын кӕнын, уыдӕттӕ куыд бӕлвырд кӕнынц, удӕгас ӕмӕ зондджын Сфӕлдисӕг кӕй ис. Адӕймаг куы сразы вӕййы, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау ӕцӕгдӕр ис, зӕгъгӕ, уӕд ын равдисын, Библийы Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый». w19.07 23, 24 фф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 13 июль
Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
«Ахсджиагдӕр цы у», уыдӕттӕм хауы, Йегъовӕйы ном кӕй хъуамӕ рухс кӕнӕм, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты ӕмӕ ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад кӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, уый (Матф. 6:9, 10; Иоан. 13:35). Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ нӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр куы вӕййынц, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм. Павел ма загъта, зӕгъгӕ уӕм хъуамӕ «фау ӕрхӕссӕн» мацӕмӕй уа. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ алцӕмӕй ӕххӕст уӕм. Ӕдзух куы архайӕм, цӕмӕй нӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна, ӕмӕ-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд нӕм Йегъовӕ фау ницӕмӕй хӕсдзӕн. Нӕ уарзондзинад цы хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг, уыдонӕй иу у, иннӕтӕн цӕлхдур кӕй не свӕййӕм, уый. «Иннӕтӕн цӕлхдур» кӕй хъуамӕ ма уӕм, уыцы фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Чырыстон иннӕтӕн цӕлхдур цӕмӕй свӕййы? Зӕгъӕм, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзары, йӕ уӕлӕ цы дары кӕнӕ та суанг кӕм кусы, уымӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕвзӕрӕй мацы аразӕм. Фӕлӕ искӕмӕн йе ’фсарм афтӕ куы дзура, ӕмӕ раст нӕ кӕнӕм, ӕмӕ йын афтӕмӕй цӕлхдур куы суӕм, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Матф. 18:6). w19.08 10 ф., 9–11 абз.
Ӕртыццӕг, 14 июль
Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм. Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй (Рарг. 7:14).
1935 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бамбӕрстой, «тынг бирӕ адӕм» кӕй сты, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ (Рарг. 7:9, 10). Ӕмӕ цӕмӕй стыр бӕллӕхы сӕрты ахизой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй базоной Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг нӕ, фӕлӕ, цалынмӕ нӕ райдайа, уӕдмӕ. Уый фӕрцы сын уыдзӕн фидар уырнындзинад ӕмӕ сӕ бон бауыдзӕн, Миназон хицаудзинады размӕ «ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын» (Лук. 21:34–36). «Тынг бирӕ адӕмӕн» цы ныфс ис, уый сын стыр циндзинад хӕссы. Уыдон ӕмбарынц, иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уӕлӕрвты цӕрдзысты ӕви зӕххыл, уый Йегъовӕ кӕй скъуыддзаг кӕны. Сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр зонынц, сӕ хӕрзиуӕг кӕй райсдзысты ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ, Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы (Ром. 3:24). w19.09 28 ф., 10 абз.; 29 ф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 15 июль
Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый у уӕ фидар мӕсыг (Неем. 8:10).
Кӕд дӕ ӕндӕр ранмӕ снысан кодтой, уӕд дӕ бон у уым дӕр ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнын. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ, кӕм лӕггад кодтай, уым дӕ хӕстӕ хорз не ’ххӕст кодтай кӕнӕ та дӕ ныр пайда нал ис. Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕ дӕ царды куыд архайы, ууыл ӕмӕ дарддӕр хорз хабар хъусын кӕн. Фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы иузӕрдион чырыстӕтты фӕзм. Уыдон алырдӕмты куы ныххӕлиу сты, уӕд «иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой хорз хабар, Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 8:1, 4). Дарддӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы куы архайай, уӕд уый хорз тыллӕг ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, иу ран хицауад сӕ бӕстӕйӕ пионертӕй кӕйдӕрты куы рарвыста, уӕд уыдон ацыдысты хӕстӕг бӕстӕтӕй иумӕ. Уым дӕр хъуыди, пионертӕ цы ӕвзаг зыдтой, уыцы ’взагыл дзурӕг хъусынгӕнджыты ’ххуыс. Цалдӕр мӕймӕ дзы уыцы ’взагыл къордтӕ фӕзынд, ӕмӕ сӕм бирӕ адӕм ӕрбаиу. Не стырдӕр цин хъуамӕ уа, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс у ӕмӕ дзы зонд, разамынд ӕмӕ ӕххуыс кур. Рох дӕ ма уӕд, раздӕр кӕм лӕггад кодтай, уым дӕ зӕрдӕмӕ уымӕн кӕй цыд, ӕмӕ дзы адӕмӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕххуыс кодтай. Уӕдӕ ног бынаты дӕр ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уым дӕр дӕ лӕггад дӕ зӕрдӕмӕ цӕуа (Еккл. 7:10). w19.08 24, 25 фф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 16 июль
Сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи сси нӕ Фыд, уый коммӕ... куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм? (Дзут. 12:9).
Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Йегъовӕйӕн уый бар ис, ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн амона, куыд хъуамӕ цӕрой, уый (Рарг. 4:11). Фӕлӕ ма йӕ коммӕ уый тыххӕй дӕр хъуамӕ кӕсӕм, ӕмӕ уымӕй хуыздӕр Хицау нӕй. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕмӕн бирӕ хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ уыд. Фӕлӕ сӕ хицаудзинад Йегъовӕйы хицаудзинадимӕ абарӕн дӕр нӕй. Йегъовӕйы хуызӕн зондджын, уарзӕгой, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг хицау никуы уыд (Рац. 34:6; Ром. 16:27; 1 Иоан. 4:8). Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Алы хъуыддаджы дӕр ӕм фӕхъусӕм ӕмӕ фӕархайӕм, цӕмӕй-иу нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм (Ӕмб. 3:5). Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нын ӕнцондӕр вӕййы, йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй йын фылдӕр куы базонӕм ӕмӕ, уыцы миниуджытӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгты дӕр кӕй зынынц, уый куы фембарӕм, уӕд (Пс. 145:9). Ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. Йегъовӕйы куы уарзӕм, уӕд нӕ дӕргъӕй-дӕргъмӕ номхыгъд нӕ хъӕудзӕн, цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цы хъуамӕ ма аразӕм, уый фӕдыл. w19.09 14 ф., 1, 3 абз.
Сабат, 17 июль
Ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог (Матф. 11:30).
Хӕйрӕг адӕмыл сӕвӕрдта, сӕ бон хӕссын кӕй нӕу, ахӕм уӕргътӕ. Зӕгъӕм, уый фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ уый аккаг не стӕм, цӕмӕй нӕ уарза. Ахӕм мӕнг ныхӕстӕй адӕймагӕн йӕ ныфс куыннӕ асӕтдзӕн ӕмӕ уый уӕззау уаргъ куыннӕ у! (Иоан. 8:44). Чырыстимӕ куы «ӕрцӕуӕм», уӕд нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕны (Матф. 11:28). Ӕмӕ Йегъовӕ не ’ппӕты дӕр тынг уарзы (Ром. 8:32, 38, 39). Йесо нын цы «хӕссинаг» бахӕс кодта хӕссын, уый хицӕн кӕны нӕ иннӕ «хӕссинӕгтӕй». Зӕгъӕм, бирӕтӕ куысты тынг бафӕллайынц, ӕмӕ ма сӕ куыстӕй сӕ зӕрдӕ дӕр нӕ фӕрайы. Йегъовӕйӕн ӕмӕ Чырыстийӕн куы балӕггад кӕнӕм, уӕд та ныл базыртӕ базайы. Арӕх куыстӕй фӕлладӕй ӕрбацӕуӕм, ӕмӕ нӕм ӕмбырдмӕ ацӕуынӕн хъарутӕ дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр ацӕуӕм. Ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ нӕ фӕллад фӕцыдӕр вӕййы. Ӕмӕ хабар афтӕ вӕййы, хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг Библи куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр. Кӕд уыцы хъуыддӕгтӕн бирӕ тыхтӕ фӕхъӕуы, уӕддӕр нӕ арфӕдзинӕдтӕ фылдӕр вӕййынц! w19.09 20 ф., 1 абз.; 23, 24 фф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 18 июль
Давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ... ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр (1 Фес. 5:2).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, йӕ «бонмӕ» ма цы гыццыл рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм. Хъуамӕ «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Фӕстаг бонты цы ахсджиаг хабӕрттӕ цӕудзӕн, Йесо уыдоны кой куы кодта, уӕд загъта, цы куыст кӕндзыстӕм, уый тыххӕй дӕр: «Зӕгъын ма уын уый дӕр, ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа» (Мар. 13:4, 8, 10; Матф. 24:14). Ахъуыды-ма кӕн: хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуыс, уӕд алы хатт дӕр феххӕст кӕныс ацы пехуымпарад! Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алы аз дӕр ноджы фылдӕр адӕм фехъусы. Фӕстаг бонты ӕгас зӕххыл дӕр хъусынгӕнджыты нымӕцыл цас бафтыд, ууыл-ма ахъуыды кӕнӕм. 1914 азы 43 бӕстӕйы уыди 5 155 хъусынгӕнӕджы. Абон та 240 бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕ сты 8,5 милуаны бӕрц! Фӕлӕ уӕддӕр нӕ куыст нӕма фӕци. Хъуамӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм, адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн (Пс. 145:11–13). w19.10 8 ф., 3 абз.; 9, 10 фф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 19 июль
Хуыцау уын алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕны, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы дӕр рӕдауӕй дӕттат. Ӕмӕ нӕ фыдӕбоны фӕрцы ахӕм рӕдаудзинады тыххӕй адӕм Хуыцауӕн арфӕ кӕнынц (2 Кор. 9:11).
Йегъовӕ Верзелийы уылты баххуыс кодта паддзах Давидӕн. Давид йӕ адӕмимӕ лыгъди йӕ фырт Авессаломӕй, ӕмӕ уыдысты ӕххормаг, фӕллад ӕмӕ дойныйӕ мардысты. Верзели, ацӕргӕ лӕг, ӕмӕ ма йемӕ чидӕртӕ Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн ӕрбахастой, цы сӕ хъуыд, уыдӕттӕ, кӕд сӕхи цардӕн дӕр тӕссаг уыд, уӕддӕр. Верзели афтӕ нӕ хъуыды кодта, мӕ карӕн адӕймагӕй ма Йегъовӕйӕн цы пайда ис, зӕгъгӕ. Уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн бахъуаджы сахат баххуыс кодта – цӕстуарзонӕй сын бахай кодта, цы йӕм уыд, уыдӕттӕй (2 Сам. 17:27–29). Ацы хабарӕй та нӕ бон цы у базонын? Цыфӕнды кары куы уӕм, уӕддӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у мах уылты баххуыс кӕнын, не ’мчырыстӕттӕй тыхст чи у, уыдонӕн, фӕнды не ’мбырдӕй уой, фӕнды ӕндӕр бӕстӕйы цӕрой (Ӕмб. 3:27, 28; 19:17). Гӕнӕн куы нӕ уа, цӕмӕй сӕм нӕхӕдӕг ацӕуӕм ӕмӕ сын истӕмӕй баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын. Ӕмӕ уӕд нӕ организаци уыцы мысайнӕгты фӕрцы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзӕн, кӕм бахъӕуа, уым ӕмӕ, кӕд бахъӕуа, уӕд (2 Кор. 8:14, 15). w19.10 21 ф., 6 абз.
Дыццӕг, 20 июль
Ис ахӕм лымӕнтӕ, ӕмӕ цӕттӕ вӕййынц кӕрӕдзи аскъуыдтӕ кӕнынмӕ дӕр. Фӕлӕ вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр (Ӕмб. 18:24).
Чи зоны нын ӕнцон нӕу, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый иннӕтӕн дзурын, чидӕр нӕ кӕй фӕхъыг кодта, уый тыххӕй (Ӕмб. 18:19). Кӕнӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цӕмӕй нӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ скӕнӕм, уымӕн нын фаг рӕстӕг нӕй, стӕй нӕм уымӕн хъарутӕ дӕр нӕй. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ уой, уӕд хъуамӕ ныр семӕ хорз ӕмбӕлттӕ суӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та ахсджиаг у, цӕмӕй-иу сын, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурӕм (1 Пет. 1:22). Йесо йе ’мбӕлттыл кӕй ӕууӕндыд, уый равдыста, семӕ-иу ӕргом кӕй ныхас кодта ӕмӕ-иу сӕ кӕй ницы сусӕг кодта, уымӕй (Иоан. 15:15). Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау архайын – нӕ цин, нӕ сагъӕстӕ ӕмӕ нӕ мӕстытӕ не ’мбӕлттӕн дзурын. Исчи демӕ куы фӕныхас кӕны, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъус. Ӕмӕ-иу, чи зоны, фенай, уыцы адӕймаджы хуызӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй дӕ, зӕгъӕм, куыд хъуыды кӕныс, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ дӕм вӕййы ӕмӕ дӕм цы фӕндтӕ ис, уымӕй. Ды дӕр-иу де ’мбӕлттимӕ зӕрдӕбынӕй куы ныхас кӕнай ӕмӕ-иу сын, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы дзурай, уӕд семӕ ноджы ӕнгомдӕр уыдзынӕ (Ӕмб. 27:9). w19.11 4 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 21 июль
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ (Йез. 2:4).
Ныртӕккӕ мах хъусын кӕнӕм хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг та, ӕвӕццӕгӕн, хъусын кӕндзыстӕм ӕндӕр хабар – карз хабар. Библи йӕ бары тынг стыр ихимӕ (Рарг. 16:21). Чи зоны, адӕмӕн хъусын кӕндзыстӕм, тынг тагъд Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Йӕ рӕстӕджы базондзыстӕм, уыцы хабар бӕлвырдӕй цы уыдзӕн ӕмӕ йӕ куыд хъусын кӕндзыстӕм. Цымӕ, уацамынды цы мадзӕлттӕй пайда кӕнӕм, уӕд дӕр уыдонӕй пайда кӕндзыстӕм ӕви ӕндӕртӕй? Банхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ йӕ фендзыстӕм. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй нӕм ахӕм кад ӕрхаудзӕн, ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кӕндзыстӕм Йегъовӕйы тӕрхоны хабар! (Йез. 2:3–5). Цы хабар хъусын кӕндзыстӕм, уый тыххӕй хицауӕдтӕ, ӕвӕццӕгӕн, сфӕнд кӕндзысты хъусын кӕныны хъуыддаг бынтондӕр ӕрлӕууын кӕнын. Ӕмӕ нӕ уӕд хъӕудзӕн Йегъовӕйы ӕххуыс, ныртӕккӕ нӕ уацамынды йе ’ххуыс куыд хъӕуы, афтӕ. Нӕ Хуыцау нын ӕнӕмӕнг ратдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнӕм (Мих. 3:8). w19.10 16 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 22 июль
Иуӕй-иутӕ... уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты (1 Тим. 6:10).
Дзырдбаст «адзӕгъӕл сты» уый нысан кӕны, ӕмӕ гӕнӕн ис, ӕнӕмӕнг нӕ чи нӕ хъӕуы, уыцы дзауматӕ ӕмбырд кӕныныл суӕм, ӕмӕ, сӕйрагдӕр цы у, уый нӕ айрох уа. Ӕмӕ нӕм уӕд, гӕнӕн ис, фӕзына «бирӕ... ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тим. 6:9). Фӕлӕ хъуамӕ ма рох кӕнӕм, уыцы фӕндтӕй Хӕйрӕг кӕй пайда кӕны, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна. Зӕгъӕм, фаг ӕхца нӕм ис бирӕ цыдӕртӕ балхӕнынӕн. Цымӕ, нӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, фӕлӕ, ӕнӕмӕнг чи нӕу, ахӕм дзауматӕ куы ӕлхӕнӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй исты ис? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм: кӕд нӕ бон цавӕрдӕр дзаума балхӕнын у, уӕд нӕм фаг рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ уыдзӕн, цӕмӕй дзы пайда кӕнӕм ӕмӕ йӕм зилӕм? Стӕй афтӕ нӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уыцы дзауматӕ ӕгӕр уарзын райдайдзыстӕм? Уӕд уыдзыстӕм, Йесо цы ӕрыгон нӕлгоймагимӕ ныхас кодта, уый хуызӕн. Йесо йын загъта, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр арӕзтаид, фӕлӕ уый нӕ бафӕндыд (Мар. 10:17–22). Цас хуыздӕр уаид, хуымӕтӕг цард куы кӕниккам ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куы дӕттиккам! w19.11 17, 18 фф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 23 июль
Алцыдӕр бӕстон чи кӕны, уымӕн йӕ фӕндтӕй ис пайда (Ӕмб. 21:5).
Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын хъарутӕ ратта, цы уынаффӕ рахастам, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн (Фил. 2:13). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых куы курай, уӕд дын ратдзӕн, цас хъӕуа, уыйбӕрц хъарутӕ. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дын дӕ куывдӕн дзуапп нӕ дӕтты, уӕддӕр-иу ӕм дарддӕр кув. Йесо загъта: «Курут, ӕмӕ уын [сыгъдӕг тых] ратдзысты» (Лук. 11:9, 13). Стӕй спълан кӕн, дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдзынӕ, уый. Цӕмӕй цыфӕнды хъуыддаг дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнай, уый тыххӕй хъӕуы, куыд ӕй араздзынӕ, уый спълан кӕнын ӕмӕ стӕй уыцы пъланмӕ гӕсгӕ архайын. Раст афтӕ, уынаффӕ куы фӕхӕссыс, уӕд-иу спълан кӕн, уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куыд архайдзынӕ, уый. Исты стыр куыст дын аразинаг куы уа, уӕд-иу ӕй къаддӕр хӕйттыл адих кӕн, цӕмӕй, цы дын бантыст, уый уынай. Апостол Павел коринфӕгтӕн ахӕм уынаффӕ радта, цӕмӕй-иу «къуырийӕн йӕ фыццаг бон», мысайнагӕн цы дӕттинаг уыдысты, уый-иу хицӕнӕй сӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ сӕм стӕй Павел куы ’рцыдаид, уӕд сӕ ӕхца ӕмбырд кӕнын нал хъуыдаид (1 Кор. 16:2). Стыр куыст къаддӕр хӕйттыл куы адих кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ йӕ дӕ бон саразын нӕ бауыдзӕн. w19.11 29 ф., 13, 14 абз.
Сабат, 24 июль
Дӕ ном дын чи зоны, уыдон дыл сӕ зӕрдӕ дардзысты, уымӕн ӕмӕ ды, о Йегъовӕ, никуы ныууадздзынӕ, чи дӕ агуры, уыдоны (Пс. 9:10).
Кӕд адӕймаг Хуыцауы ном, стӕй, цы сарӕзта кӕнӕ цы загъта, уый тыххӕй цыдӕртӕ зоны, уӕд, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ Йегъовӕйы зоны. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕйы хорз зоны. Куыд ис Йегъовӕйы хорз базонӕн? Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд райдайдзыстӕм ӕмбарын, Йегъовӕ цыдӕр цӕмӕн дзуры кӕнӕ цӕмӕн аразы, уый. Уый фӕрцы та-иу бамбардзыстӕм, цы хъуыдыйыл хӕст стӕм, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ. Ӕмӕ нӕм Йегъовӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый-иу куы бамбарӕм, уӕд та-иу хъуамӕ кӕнгӕ дӕр афтӕ кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ныл чидӕртӕ худой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайӕм, уӕд та, чи зоны, нӕ ныхмӕ тынгдӕр рацӕуой. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд нӕ иунӕгӕй нӕ ныууадздзӕн. Афтӕмӕй ӕвӕрдзыстӕм бындур, цӕрӕнбонтӕм чи уыдзӕн, ахӕм хӕлардзинадӕн – мах суыдзыстӕм Хуыцауы хӕлӕрттӕ. Цымӕ ӕцӕгдӕр у нӕ бон Йегъовӕйы афтӕ хорз базонын? Бӕгуыдӕр! w19.12 16, 17 фф., 3, 4 абз.
Хуыцаубон, 25 июль
Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ (Пс. 127:3).
Ныййарджытӕн хатт тынг зын вӕййы сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын. Фӕлӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйы лӕвар сты, ӕмӕ уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы ныййарджытӕн баххуыс кӕнынмӕ. Уый сын сӕ куывдтытӕм зӕрдиагӕй фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп ратты Библийы ӕмӕ нӕ публикациты уылты. Стӕй ма сын баххуыс кӕны, се ’мбырды цы фӕлтӕрдджын ныййарджытӕ ис, уыдоны цӕвиттонты ӕмӕ сӕ уынаффӕты фӕрцы дӕр. Чидӕртӕ афтӕ зӕгъынц, ӕмӕ, дам, сывӕллоны 20 азы хъӕуы хъомыл кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фӕстӕ дӕр ныййарӕг ныййарӕгӕй баззайы. Фӕлӕ цалынмӕ ныййарджытӕн уыцы 20 азы ис, уӕдмӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕттой, хуыздӕрӕй сӕм цы ис, уый, зӕгъӕм, хъуамӕ сӕ уарзой, сӕ рӕстӕг сын ма ’вгъау кӕной ӕмӕ сӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрой. Сывӕллӕттӕн ныййарджытӕ цы фӕамонынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ иухуызон нӕ айсынц. Фӕлӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм ныййарджытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ разы сты иу азиаг хойы, Джоаннӕ Мэйы, ныхӕстимӕ: «Мӕ ныййарджытӕй тынг бузныг дӕн, зонд мын кӕй амыдтой ӕмӕ мын Йегъовӕйы кӕй бауарзын кодтой, уый тыххӕй. Уыдон мын ӕнӕуи цард нӕ радтой, фӕлӕ, райгонд кӕмӕй дӕн, ахӕм цард» (Ӕмб. 23:24, 25). Ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй милуантӕ. w19.12 27 ф., 21, 22 абз.
Къуырисӕр, 26 июль
[Хуыцау] нын удӕнцой дӕтты... цӕмӕй... махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын (2 Кор. 1:4).
Бафидар кӕнын кӕй фӕхъӕуы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ссарын зын нӕу. Кӕд нӕ ныфс нӕ хӕссӕм иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, уӕддӕр хъуамӕ уымӕн фадӕттӕ агурӕм. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, зын уавӕры чи ис, уымӕн цы зӕгъдзынӕн кӕнӕ йын цӕмӕй баххуыс кӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мах дӕр иннӕтыл куы тыхсӕм, уӕд сын уыдзыстӕм ныфсы хос. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ дунейы уавӕртӕ дӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзысты ӕмӕ цард дӕр уӕззаудӕр кӕндзӕн (2 Тим. 3:13). Стӕй ма нӕхи аххосӕй дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ стӕм тӕригъӕдджын, ӕмӕ рӕдийӕм. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕудзӕн иннӕты ӕххуыс. Апостол Павел йӕ царды кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззад, иннӕ чырыстӕттӕ йын ныфсы хос кӕй уыдысты ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы дӕр. Куы сӕ фӕзмӕм, уӕд мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайынӕн (1 Фес. 3:2, 3). w20.01 12, 13 фф., 17–19 абз.
Дыццӕг, 27 июль
Йӕхи апостол чи хоны... уыдоны... бафӕлвӕрдтай (Рарг. 2:2).
Сӕрст чырыстӕттӕ сӕхицӕн уӕлдай кад нӕ агурынц (Фил. 2:2, 3). Уыдон зонынц, Йегъовӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы байсӕрста, уӕд уый тыххӕй кӕй нӕ фехъусын кодта, хъуамӕ йӕ алчидӕр базона, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ дис нӕ фӕкӕнынц, кӕйдӕр уайтагъд куы нӕ бауырны, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй ӕрцыдысты, уый. Уыдон зонынц, Библи кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй-иу уайтагъд ма баууӕндӕм, йӕхи Хуыцауы ’взӕрст адӕймаг чи хоны, ууыл. Сӕрст чырыстӕтты нӕ фӕнды сӕхимӕ адӕмы ӕргом здахын. Ӕмӕ, искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕнынц, уӕд сын нӕ фӕдзурынц, сӕрст кӕй сты, ӕмӕ уымӕй ӕппӕлгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц (1 Кор. 4:7, 8). Сӕрст чырыстӕттӕ иннӕ сӕрст чырыстӕтты нӕ фӕагурынц, цӕмӕй семӕ аныхас кӕной, сӕрст кӕй ӕрцыдысты, ууыл кӕнӕ хицӕн къордӕй Библи ахуыр кӕной (Гал. 1:15–17). Афтӕ куы кӕниккой, уӕд ӕмбырды иудзинад нал уаид. Уыдон архаиккой сыгъдӕг тыхы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг тых Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уа (Ром. 16:17, 18). w20.01 28 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 28 июль
Ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ цӕуын куы райдайой, уӕд-иу уӕхи сӕмраст кӕнут ӕмӕ-иу уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг (Лук. 21:28).
Мӕнг динтыл хӕст чи уыд, уыцы адӕм куы феной, ӕмӕ ма зӕххыл ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты дин баззад, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, мӕстӕй рафыцдзысты. Ӕвӕццӕгӕн, уый уымӕ ӕркӕндзӕн, ӕмӕ адӕм змӕнтдзысты ӕмӕ нӕ кой кӕндзысты интернеты, телевизоры ӕмӕ радиойы. Хицауӕдтӕ ӕмӕ сӕ хицау, Хӕйрӕг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй се сӕфт фендзысты, уыдоны йеддӕмӕ ӕндӕр дин кӕй нал баззайдзӕн, уый тыххӕй. Хицауӕдтӕн сӕ фӕнд, ома динтӕ иууылдӕр зӕххы цъарӕй фесафын, сӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Гъемӕ махырдӕм фӕуыдзысты. Ӕмӕ уӕд хицауӕдтӕ суыдзысты, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог. Уыдон баиу уыдзысты, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмыл сӕхи ныццӕвой ӕмӕ сӕ зӕххы цъарӕй фесафой (Йез. 38:2, 14–16). Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хабӕрттӕ куыд цӕудзысты, уый бӕлвырд кӕй нӕ зонӕм, уый тыххӕй, чи зоны, тыхсӕм, куыд кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: мах стыр бӕллӕхӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ нын дӕтдзӕн, кӕй фӕрцы фервӕздзыстӕм, ахӕм амындтӕ (Пс. 34:19). w19.10 16 ф., 10, 11 абз.
Цыппӕрӕм, 29 июль
Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй (Пс. 40:5).
Мах Йегъовӕйӕ ӕнӕуи бузныг не стӕм. Йӕ хорздзинӕдтӕн ын кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма бӕрӕг вӕййы нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Ӕмӕ уымӕй хицӕн кӕнӕм ацы дунейы адӕмӕй. Ныртӕккӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ аргъ кӕнынц, Хуыцау сын хорзӕй цы аразы, уымӕн. Адӕм хорздзинадӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уымӕй дӕр бӕрӕг у, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тим. 3:1, 2). Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы адӕмы хуызӕн уӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр хӕларӕй цӕрой. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, кӕрӕдзийы кӕй уарзӕм, уымӕй бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уый (Иоан. 13:35). Иу псаломзарӕггӕнӕг раст ныффыста: «Уымӕй хуыздӕр, уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы цӕрой!» (Пс. 133:1). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый (1 Иоан. 4:20). Куыд ӕхсызгон нын у, кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ чи у ӕмӕ кӕрӕдзийы зын чи ӕмбары, ахӕм бинонтӕ нын кӕй ис! (Еф. 4:32). w20.02 9 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 30 июль
Йегъовӕ ӕркаст Аннӕмӕ (1 Сам. 2:21).
Аннӕ йӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд нӕ фервӕзт. Уӕддӕр ӕй хъуыди Феннанӕимӕ иу хӕдзары цӕрын. Ӕмӕ Библийы афтӕ нӕй фыст, ӕмӕ йӕм Феннанӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Ӕвӕццӕгӕн ын дарддӕр дӕр ӕлхыскъ, зӕрдӕриссӕн ныхӕстӕ кодта. Фӕлӕ Аннӕмӕ йӕ ныхӕстӕ нымады нал уыдысты. Уый йӕ мӕт ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар бакодта, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ маст нал сыгъта. Аннӕ Йегъовӕйы бауагъта, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтаид. Ӕмӕ йын цасдӕры фӕстӕ та йӕ куывдӕн дӕр дзуапп радта, ӕмӕ йын зӕнӕг рацыд! (1 Сам. 1:2, 6, 7, 17–20). Нӕ зындзинӕдтӕй уайтагъд куы нӕ фервӕзӕм, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр уой. Хатт афтӕ дӕр вӕййы, ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй фӕкувӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр фӕцӕуӕм, фӕлӕ нӕ зындзинӕдтӕ нӕ фӕцыдӕр вӕййынц. Фӕлӕ нын Аннӕйы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цыфӕнды уавӕры дӕр йӕ бон у нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕнын. Йегъовӕ нӕ никуы ферох кӕндзӕн, ӕмӕ нын нӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзӕн (Дзут. 11:6). w20.02 22 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 31 июль
Зондджынӕн зонд бацамон, ӕмӕ ноджы зондджындӕр суыдзӕн (Ӕмб. 9:9).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймагӕн уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд ын Библийы уагӕвӕрдтӕм йӕ хъус ӕрдарынц, цӕмӕй ӕмбаргӕйӕ архайа. Цӕмӕн у ахсджиаг, цӕмӕй-иу дзурынмӕ нӕ ныфс бахӕссӕм, дзурын куы хъӕуа, уӕд? Ӕркӕсӕм хистӕр сауджын Илийы цӕвиттонмӕ. Уымӕн уыд дыууӕ фырты, ӕмӕ сӕ тынг уарзта. Фӕлӕ йӕ фырттӕ Йегъовӕйы ницӕмӕ дардтой. Уыдон цатыры лӕггад кодтой сауджынтӕй. Фӕлӕ сӕ бартӕй раст нӕ пайда кодтой, Йегъовӕйы кувинӕгтӕ хынджылӕггаг кодтой ӕмӕ ӕнӕфсармӕй хӕтыдысты (1 Сам. 2:12–17, 22). Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, Илийы фырттӕ уыдысты мӕлӕты аккаг. Фӕлӕ-иу сын Илий ӕрмӕст фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ сын бар лӕвӕрдта, цӕмӕй дарддӕр дӕр цатыры лӕггад кодтаиккой (Дык. з. 21:18–21). Цымӕ Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй каст? Уый Илийӕн загъта: «Дӕ фыртты мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрыс?» Гъемӕ сӕ Йегъовӕ фесафынвӕнд скодта (1 Сам. 2:29, 34). w20.03 18 ф., 4 абз.; 19 ф., 5 абз.