Август
Хуыцаубон, 1 август
Чи мӕ рарвыста, уый мемӕ ис – иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта (Иоан. 8:29).
Йесо ӕфхӕрд куы ӕййӕфта, уӕд дӕр йӕ зӕрдӕйы уыд фарн, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд йӕ Фыды зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзӕн. Йесо Йегъовӕйы коммӕ каст, уый йын зын куы уыд, уӕд дӕр. Уый Йегъовӕйы уарзта, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ царды Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Зӕгъӕм, зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ Йесо Йегъовӕйӕн ӕххуыс кодта «куыд дӕсны кусӕг» (Ӕмб. 8:30). Зӕххыл та зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ-иу адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй дзырдта (Матф. 6:9; Иоан. 5:17). Уыцы хъуыддаг Йесойӕн стыр циндзинад хаста (Иоан. 4:34–36). Мах дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы», ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы фӕзмӕм (1 Кор. 15:58). Не ’ппӕт хъарутӕ дӕр хъусын кӕнынмӕ куы саразӕм, уӕд нӕ зындзинӕдты тыххӕй ӕгӕр нӕ фӕмӕт кӕнӕм (Хъуыд. 18:5). Зӕгъӕм, уацамынды арӕх ахӕм адӕмыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ уыдон махӕй стырдӕр зындзинӕдтӕ февзарынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы куы бауарзынц ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын куы райдайынц, уӕд сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивы ӕмӕ амондджындӕр свӕййынц. Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй куы фӕуынӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕуырны, Йегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн. w19.04 10, 11 фф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 2 август
Кӕлӕнгӕнджытӕй... бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой (Хъуыд. 19:19).
Уыцы чырыстӕттӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтой, цӕмӕй фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар фӕлӕууыдаиккой. Кӕд сӕ чингуытӕ тынг зынаргъ уыдысты, уӕддӕр сӕ ӕндӕр искӕмӕн нӕ радтой, стӕй сӕ уӕй дӕр нӕ акодтой, фӕлӕ сӕ судзгӕ бакодтой. Уыдон чингуыты аргъыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд барухс кодтаиккой, ууыл. Нӕ бон куыд у уыцы чырыстӕтты бафӕзмын? Зондыл дзурӕг уаид, спиритизмимӕ баст дзауматӕй нӕм цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ куы аппариккам. Уыдӕттӕм хауынц, цӕстдзыдӕй ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхтӕй хи бахъахъхъӕныны тыххӕй кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, ахӕм дзауматӕ, зӕгъӕм, амулеттӕ, талисмантӕ ӕмӕ сырх ӕндах (1 Кор. 10:21). Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарыс, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мыййаг, цы ирхӕфсӕнтӕ равзарын, уыдон спиритизмимӕ баст нӕ вӕййынц?» Архай, цӕмӕй, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй дӕхи хизай. Мах фӕнды ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй Хуыцауы раз «[нӕ] цӕсгом сыгъдӕг уа» (Хъуыд. 24:16). w19.04 22, 23 фф., 10–12 абз.
Дыццӕг, 3 август
Фӕдзурӕд... хистӕр нӕлгоймӕгтӕм (Иак. 5:14).
Исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы се ’ргом цалдӕр хъуыддагмӕ раздахын. Сӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй Хуыцауы кадджын кӕной ӕмӕ йын йӕ ном сыгъдӕг кӕной (Лев. 22:31, 32; Матф. 6:9). Стӕй ма фӕтыхсынц се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уырнындзинадыл дӕр ӕмӕ, адӕймаг тӕригъӕд кӕй ныхмӕ сарӕзта, уыдонӕн баххуыс кӕныныл фӕархайынц. Стӕй ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй-иу сбӕрӕг кӕной, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый фӕсмон кӕны ӕви нӕ. Ӕмӕ, кӕй фӕсмон кӕны, уый бӕрӕг куы вӕййы, уӕд ын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй та фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар суа (Иак. 5:14, 15). Адӕймаг йе ’взӕр фӕндтыл куы ацӕуы ӕмӕ уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард. Ахӕм чырыстоны абарӕн ис рынчын адӕймагимӕ, хистӕр нӕлгоймӕгты та – дохтыртимӕ. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй «рынчын [кӕнӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый] сдзӕбӕх уа». Сӕ бон у Библийы фӕрцы уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй та раздӕрау Хуыцауимӕ ӕнгом уа, ӕрмӕст кӕд зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕны, уӕд (Хъуыд. 3:19; 2 Кор. 2:5–10). w19.05 10 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 4 август
Хуыцау уӕ... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).
Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ сфидар кӕна, цӕмӕй нӕ фӕнда архайын. Зӕгъӕм, базыдтам, не ’мбырды цавӕрдӕр хъуыддаджы баххуыс кӕнын кӕй хъӕуы кӕнӕ ӕндӕр ран ӕххуыс кӕй хъӕуы. Ӕмӕ уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Мӕ бон нӕ уаид истӕмӕй баххуыс кӕнын?» Кӕнӕ та нын, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр зын хъуыддаг бахӕс кӕнынмӕ хъавынц, ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, цымӕ йӕ мӕ бон бауыдзӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ саразын, зӕгъгӕ. Кӕнӕ Библийӕ цавӕрдӕр скъуыддзаг бакастыстӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм: «Ацы скъуыддзаджы цы бакастӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ бон цӕмӕй у иннӕтӕн баххуыс кӕнын?» Йегъовӕ куы фӕуыны, цӕттӕ кӕй стӕм нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынмӕ, уӕд афтӕ бакӕны, цӕмӕй нӕ бафӕнда, цӕуыл ахъуыды кодтам, уый саразын. Йегъовӕйӕн ма йӕ бон у, ӕмӕ нӕ сфидар кӕна, цӕмӕй архайгӕ дӕр кӕнӕм (Ис. 40:29). Йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ, ӕнӕуи дӕр цы хъуыддӕгтӕм арӕхсӕм, уыдонмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсӕм (Рац. 35:30–35). Зӕгъӕм, Йегъовӕ нӕ йӕ организацийы уылты ахуыр кӕны цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. Кӕд нӕ зоныс, цы дын бахӕс кодтой, уый куыд ис саразӕн, уӕд искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Стӕй дӕ бон у кӕддӕриддӕр нӕ рӕдау уӕларвон Фыдӕй, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъару» курын (2 Кор. 4:7; Лук. 11:13). w19.10 21 ф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 5 август
Адӕм уыдзысты хиуарзон (2 Тим. 3:2).
Ацы дуне адӕймаджы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр йӕхи удыл мӕт кӕна. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй 1970-ӕм азты бирӕ ахӕм чингуытӕ фӕзынд, ӕмӕ-иу дзы уыди уынаффӕтӕ, адӕймаг ӕнтыстджын цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый фӕдыл. Уыцы чингуытӕй иуӕй-иутӕ кӕсджыты ахӕм зондыл арӕзтой, зӕгъгӕ, адӕймаг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр хъуамӕ йӕхицӕй райгонд уа ӕмӕ йӕхи ивыныл ма архайа. Ахӕм чингуытӕй иуы фыст уыд: «Ды дӕ алкӕмӕй рӕсугъддӕр ӕмӕ хуыздӕр адӕймаг, ӕмӕ дӕхи уарз». Фыст ма дзы уыд, адӕймаг, цы йӕ фӕнды ӕмӕ йӕм раст цы кӕсы, уый кӕй хъуамӕ араза ӕмӕ йӕхи хорзыл кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна. Уый дын дӕ зӕрдыл ницы лӕууын кӕны? Хӕйрӕг дӕр Евӕйы ахӕм зондыл арӕзта. Загъта йын, зӕгъгӕ, «суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райд. 3:5). Абон дӕр бирӕтӕ сӕхицӕй хъал сты, ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый бар никӕмӕн ис, суанг Хуыцауӕн дӕр, цӕмӕй сын амона, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Ӕмӕ ахӕм зондыл хӕст кӕй сты, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг у, бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй. w19.05 23 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 6 август
Ӕнцой нал зонын, бынтон ныггуыбыр дӕн, бон-изӕрмӕ ӕнкъардӕй рацу-бацу кӕнын (Пс. 38:6).
Хатт-иу паддзах Давидӕн йӕ зӕрдӕ мастӕй байдзаг. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уый. Цы бирӕ рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уыдон ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой (Пс. 40:12). Йӕ хъӕбултӕй иу, Авессалом, йӕ ныхмӕ рацыд, ӕмӕ йын ӕй ӕппынфӕстаг амардтой (2 Сам. 15:13, 14; 18:33). Уымӕй уӕлдай ма йыл йе ’ввахс ӕмбӕлттӕй иу гадзрахатӕй рацыд (2 Сам. 16:23–17:2; Пс. 55:12–14). Давид цы псаломтӕ ныффыста, уыдонӕй бирӕтӕй бӕрӕг у, куыд зӕрдӕсаст-иу уыд ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл куыд тынг дардта, уый (Пс. 38:5–10; 94:17–19). Иу псаломзарӕггӕнӕг та райдыдта фыдгӕнджытӕм хӕлӕг кӕнын. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд левит Асафы байзӕддӕгтӕй иу ӕмӕ лӕггад кодта «Хуыцауы кадджын кувӕндоны». Уыцы псаломзарӕггӕнӕг дӕр афтӕ тынг маст кодта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал калд ӕмӕ йӕ цардӕй райгонд нал уыд. Суанг ма, Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыд, уыдоныл дӕр нал цин кодта (Пс. 73:2–5, 7, 12–14, 16, 17, 21). w19.06 17 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 7 август
[Хӕйрӕг] куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу (2 Кор. 2:11).
Хӕйрӕг адӕмы сайы, ӕвзӕр чи не сты, ахӕм фӕндты фӕрцы. Алкӕй дӕр нӕ фӕнды исты куыст кӕнын базонын, цӕмӕй нӕхи ӕмӕ нӕ бинонты дарын нӕ бон уа. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй ницы ис (1 Тим. 5:8). Арӕхдӕр уымӕн фаг вӕййы, цӕмӕй скъолайы хорз ахуыр кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм. Бирӕ бӕстӕты скъолаты сывӕллӕттӕ, царды сӕ чи бахъӕудзӕн, ӕрмӕст уыцы предметтӕ нӕ фӕахуыр кӕнынц, фӕлӕ ма алыхуызон философитӕ дӕр. Скъоладзаутӕн ахӕм цыдӕртӕ фӕдзурынц, ӕмӕ, Хуыцау кӕй ис, ууыл фӕдызӕрдыг кӕнынц, стӕй Библийӕн нӕ фӕаргъ кӕнынц. Фӕдзурынц сын, ахуыргонд адӕм иууылдӕр афтӕ кӕй хъуыды кӕнынц, ӕмӕ цард эволюцийы фӕрцы фӕзынд (Ром. 1:21–23). Фӕлӕ ахӕм ахуырӕдтӕ сты «Хуыцауы зонды» ныхмӕ (1 Кор. 1:19–21; 3:18–20). Хъуамӕ фидарӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, кӕй нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы дуне «зондджын ныхӕстӕй ӕмӕ хинӕйбыд, афтид ахуырӕдтӕй» асайа (Кол. 2:8). Уӕхи Хӕйрӕджы хинмитӕй хъахъхъӕнут (1 Кор. 3:18). Хӕйрӕг уӕ ахӕм зондыл макуы саразӕд, цӕмӕй, Йегъовӕ чи у ӕмӕ йын куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый ферох кӕнат. Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрут. Ма бауадзут, цӕмӕй уӕ Хӕйрӕг фӕсайа, ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ мауал хъусат. w19.06 5 ф., 13 абз.; 7 ф., 17 абз.
Хуыцаубон, 8 август
Ахуыр [сӕ] кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:20).
Дӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ цавӕрфӕнды фарста ма равзарай,– хъуыды кӕн, кӕимӕ ныхас кӕндзынӕ, уыцы адӕмыл. Ахъуыды-иу кӕн, Библи цы дзуры, уый куы базоной, уӕд сын уый цы пайда фӕуыдзӕн. Искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг хъус ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕн. Афтӕмӕй-иу хуыздӕр бамбардзынӕ, цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый, ӕмӕ-иу дӕм уыдон дӕр хуыздӕр байхъусдзысты. Цӕмӕй адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай, уый тыххӕй йӕ, чи зоны, хъӕуа цалдӕр хатты дӕр бабӕрӕг кӕнын, ӕмӕ-иу уымӕн дӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕн. Цӕмӕн бахъӕуы афтӕ кӕнын? Адӕймагмӕ дыккаг хатт куы бацӕуӕм, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, хӕдзары ма баййафӕм кӕнӕ йӕ немӕ ныхас кӕнынмӕ ма равдӕла. Кӕмӕдӕр та хъӕудзӕн цалдӕр хатты бацӕуын, цӕмӕй ныл гыццыл ацахуыр уа. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, сразы уа Библи ахуыр кӕныныл. Зӕгъӕм, дидинӕгыл дон арӕх куы кӕнай, уӕд хуыздӕр зайдзӕн. Уыйау мах дӕр адӕймагимӕ Хуыцауы Ныхасыл арӕх куы дзурӕм, уӕд бонӕй-бонмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы тынгдӕр уарздзӕн. w19.07 14 ф., 1 абз.; 15, 16 фф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 9 август
Амондджын уыдзыстут, адӕм уӕ се сӕфт куы уыной, хъоды уыл-иу куы бакӕной, фидистӕ уын куы кӕной ӕмӕ уӕ фыдгӕнджытӕ куы хоной Адӕймаджы Фырты тыххӕй (Лук. 6:22).
Цымӕ Йесойы ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд? Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ чырыстӕттӕн ӕхсызгон уыдзӕн, адӕм сӕ се сӕфт кӕй уындзысты, уый. Фӕлӕ бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ацы дунейӕ кӕй не стӕм, стӕй, Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм ӕмӕ, уый цы хабар хъусын кодта, уыцы хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ ацы дуне йе сӕфт уыны (Иоан. 15:18–21). Мах фӕнды Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ нӕм кӕд иннӕтӕ, нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм, уый тыххӕй ӕвзӕр зӕрдӕ дарынц, уӕд сӕ бар сӕхи. Адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цӕуӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ нӕхимӕ ницӕйаг кӕсӕм. Мах ӕй нӕ зонӕм, нӕ ныхмӕ цӕуын кӕд райдайдзысты кӕнӕ та нын хицауад нӕ хъуыддаг бынтондӕр кӕд сӕхгӕндзӕн. Фӕлӕ зонӕм уый, ӕмӕ нӕ бон у ахӕм хабӕрттӕм нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнын. Уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕм фылдӕр хъӕбатырдзинад уа ӕмӕ нӕ адӕм се сӕфт кӕй уынынц, ууыл хъуамӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд фидӕны ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ фидар фӕлӕудзыстӕм. w19.07 6 ф., 17, 18 абз.; 7 ф., 21 абз.
Дыццӕг, 10 август
Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис (Дзут. 11:6).
Уырнӕг чи нӕу, ахӕм адӕмимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд сын хъуамӕ ӕдзух ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй баууӕндой, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Стӕй ма сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Библийыл дӕр баууӕндой. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, бахъӕуа уыцы иу ахуырӕдтыл цалдӕр хатты дӕр аныхас кӕнын. Чи зоны, хорз уаид алы ахуыры рӕстӕг дӕр аныхас кӕнын, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл. Зӕгъӕм, цыбыртӕй аныхас кӕнӕн ис, чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтыл, науӕд та, Библи наукӕмӕ ӕмӕ историмӕ гӕсгӕ раст кӕй у кӕнӕ нын Библийы уынаффӕтӕ царды цы пайда сты, ууыл. Уӕлдай нӕу, адӕм уырнӕг уой ӕви нӕ,– куы сӕ уарзӕм, уӕд сын баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (1 Кор. 13:1). Ӕмӕ сын рӕстдзинад куы фӕамонӕм, уӕд нӕ нысан вӕййы, цӕмӕй сын равдисӕм, Хуыцау сӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр бауарзой. Алы аз дӕр донаргъуыд чи райсы, уыдонӕй мингӕйттӕ вӕййынц, раздӕр динмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй чи каст кӕнӕ дин нымады дӕр кӕмӕ нӕ уыд, ахӕм адӕм. Цӕмӕн скӕнынц уыцы къахдзӕф? Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бауарзынц. Уӕдӕ алыхуызон адӕммӕ раст цӕстӕй кӕс ӕмӕ-иу равдис, кӕй сӕ уарзыс ӕмӕ сыл кӕй тыхсыс. Лӕмбынӕг-иу сӕм байхъус ӕмӕ-иу бацархай, цавӕрдӕр хъуыдыйыл хӕст цӕмӕн сты, уый бамбарыныл. Фӕзминаг сын у ӕмӕ сын афтӕмӕй баххуыс кӕн, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. w19.07 24 ф., 16, 17 абз.
Ӕртыццӕг, 11 август
Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты (Дзут. 13:16).
Йегъовӕ израилӕгтӕн бахӕс кодта Иерусалимы къултӕ ногӕй саразын. Ӕмӕ аразджыты ’хсӕн уыдысты Шаллумы чызджытӕ дӕр (Неем. 2:20; 3:12). Кӕд сӕ фыд кънйаз уыд, уӕддӕр уыдон ӕнӕзивӕгӕй кодтой уыцы уӕззау ӕмӕ тӕссаг куыст (Неем. 4:15–18). Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ хотӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнынц кадджын хӕстӕ, зӕгъӕм, ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕнӕм, ахӕм агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн. Уыцы арӕхстджын, зынгзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион хотӕ цы аразынц, уымӕн стыр аргъ ис. Йегъовӕ Тавифӕйы разӕнгард кодта иннӕтӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ аразынмӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнынмӕ, уӕлдайдӕр идӕдз сылгоймӕгтӕн (Хъуыд. 9:36). Ахӕм рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыд, ӕмӕ, куы амард, уӕд ыл бирӕтӕ тынг маст кодтой. Фӕлӕ куыд цин кодтаиккой, апостол Петр ӕй куы райгас кодта, уӕд! (Хъуыд. 9:39–41). Тавифӕйы цӕвиттон нын цӕуыл дзурӕг у? Уӕлдай нӕу, ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕви сылгоймӕгтӕ,– алкӕй бон дӕр вӕййы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын. w19.10 23 ф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 12 август
Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут. Уӕд уӕм... фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ иннӕтӕн цӕлхдур нӕ уыдзыстут (Фил. 1:10).
Искӕмӕн цӕлхдур куыд суыдзыстӕм? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Нуазгӕ чи кодта, иу ахӕм нӕлгоймаг Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ нозт ныууагъта. Уый йын ӕнцон кӕцӕй уыдаид, фӕлӕ йын уӕддӕр рауад. Ӕмбӕрста йӕ, нозтмӕ ӕмгӕрон дӕр кӕй хъуамӕ мауал цӕуа. Ноджыдӕр ма йӕ фӕивын цы хъуыди, уыдӕттӕ фӕивта ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райста. Иухатт ӕй ӕмбырдӕй чидӕр бадтмӕ фӕхуыдта, нозт ын рауагъта ӕмӕ йын загъта: «Дӕхиуыл куы хӕцай, уӕд бӕрцӕй фылдӕр нӕ бануаздзынӕ». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый раст уынаффӕ нӕу. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, уыцы ног ӕфсымӕр уыцы уынаффӕмӕ куы байхъуса, уӕд бӕллӕхы нӕ бахаудзӕн? Ӕмбырдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, абоны стихы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Дзырд дзы цӕуыл фӕцӕуы, уый нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йегъовӕ ӕппӕты ахсджиагдӕрыл цы нымайы, уый. Уым ахуыр кӕнӕм, цы базонӕм, уый ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Ӕмбырдты фӕрцы ма Хуыцауы дӕр ӕмӕ не ’фсымӕрты дӕр ноджы тынгдӕр уарзын райдайӕм. Ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарзӕм, уӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араздзыстӕм, цӕмӕй не ’фсымӕртӕн цӕлхдур ма суӕм. w19.08 10 ф., 9 абз.; 11 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 13 август
Ӕз дӕн апостолтӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр ӕмӕ, апостолы ном хӕссон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕфхӕрдтон Хуыцауы ӕмбырд (1 Кор. 15:9).
Чидӕртӕ кӕд ныфсхаст ӕмӕ ӕргомдзырд сты, уӕддӕр уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕрбӕрзонд сты (Иоан. 1:46, 47). Фӕлӕ ныфсхаст стӕм ӕви нӕ,– алчидӕр нӕ хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад йӕ удыхъӕды фидар кӕна. Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Павел Йегъовӕйы къухы уыд диссаджы кусӕнгарз. Зӕгъӕм, бирӕ горӕтты ӕмбырдтӕ скодта. Павел Хуыцауы хъуыддаджы цас сарӕзта, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ апостолтӕй ничи сарӕзта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхи иннӕ чырыстӕттӕй хуыздӕрыл нӕ нымадта. Павел загъта, Йегъовӕйы хӕлар кӕй сси йе стыр хорзӕхы фӕрцы, курдиатджын кӕй уыд ӕмӕ йын бирӕ цыдӕртӕ кӕй бантыст, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 15:10). Павел коринфӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, куыд сӕрныллӕг уыд, уый. Кӕд Коринфы ӕмбырдӕй чидӕртӕ Павелмӕ фаутӕ хастой, уӕддӕр уый йӕхицӕй не ’ппӕлыд (2 Кор. 10:10). w19.09 3 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 14 август
Сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи сси нӕ Фыд, уый коммӕ... куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм? (Дзут. 12:9).
Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нын хатт ӕнцон нӕ вӕййы, не ’ппӕт дӕр нӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастам ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт разынӕм хивӕнд. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты ӕмӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй куы бахордтой, уӕд афтӕмӕй сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтой, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Райд. 3:22). Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы ницӕмӕ дарынц ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕной. Йегъовӕйы чи зоны ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн дӕр алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы йӕ коммӕ кӕсын. Уый йӕхиуыл апостол Павел дӕр бавзӕрста (Ром. 7:21–23). Павелау мах дӕр фӕнды, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ нӕ ӕдзух хъӕуы ӕвзӕр фӕндтимӕ тох кӕнын. Йегъовӕйы коммӕ кӕсын ма нын, чи зоны, ӕнцон нӕ вӕййы, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл стӕм, уыдоны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ зондахаст ныл кӕй фӕзындысты, уый тыххӕй дӕр. Адӕм цы хъуыдытыл хӕст сты, уыдонӕй бирӕтӕ тынг хицӕн кӕнынц, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй ахӕм зондахастӕй нӕхи хизӕм. w19.09 15 ф., 4–6 абз.
Хуыцаубон, 15 август
Ацу, цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар... Стӕй уӕд раздӕх ӕмӕ цу мӕ фӕдыл (Мар. 10:21).
Хъуамӕ ӕмбарӕм, алцӕй фаг нӕм хъарутӕ кӕй нӕ уыдзӕн ӕмӕ, алцӕуыл аххӕссӕм, уый гӕнӕн кӕй нӕй. Чи зоны, бирӕ кусӕм, цӕмӕй хъӕздыгдӕр цӕрӕм. Иухатт иу ӕрыгон хъӕздыг нӕлгоймаг Йесойы бафарста: «Цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон?» Уыцы нӕлгоймаг, ӕвӕццӕгӕн, хорз адӕймаг уыд, уымӕн ӕмӕ Марчы Евангелийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесойы «зӕрдӕйӕн фӕадджын». Уӕд ын Йесо загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. Уыцы нӕлгоймаджы фӕндыд Йесойы фӕдыл цӕуын. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй йӕ бон нӕ баци йе «стыр фӕллӕйттӕ» ныууадзын (Мар. 10:17–22). Уый тыххӕй Йесойы ӕфсондз йӕхиуыл нӕ сӕвӕрдта ӕмӕ дарддӕр уыд «Хъӕздыгдзинады» цагъар (Матф. 6:24). Ды та йӕ бынаты куы уыдаис, уӕд цы равзӕрстаис? Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, царды нын фыццаг бынаты цы ис, ууыл. Цӕмӕн? Цӕмӕй-иу сбӕлвырд кӕнӕм, нӕ тыхтӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ хардз кӕнӕм. w19.09 24 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 16 август
Раздӕр [уал] хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10).
Хорз хабар хъуыстгонд цӕудзӕн, Йегъовӕ кӕдмӕ зӕгъа, уӕдмӕ. Адӕмӕн ма цас рӕстӕг баззад Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы базонынӕн? (Иоан. 17:3). Мах уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ йӕ зонӕм, ӕмӕ цалынмӕ стыр бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ айсын ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндагыл ӕрлӕууын (Хъуыд. 13:48). Нӕ бон куыд у уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ? Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты дӕтты, адӕмӕн рӕстдзинад амонынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды алы къуыри дӕр ахуыр кӕнӕм ӕнтыстджынӕй хъусын кӕнын. Вӕййы дзы уынаффӕтӕ нӕ лӕггады фӕдыл: куыд ис адӕмимӕ ныхас райдайӕн, цы сын вӕййы зӕгъӕн, ногӕй сӕ куы бабӕрӕг кӕнӕм, уӕд. Дзӕбӕх кӕимӕ аныхас кодтам, ахӕм адӕймагӕн буклет кӕнӕ журнал куы ныууадзӕм, уӕд ын уыдзӕн, цы кӕса, уый, цалынмӕ йӕм ногӕй не ’рбацӕуӕм, уӕдмӕ. Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хӕс у алы мӕй дӕр, йӕ бон цас у, уыйбӕрц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын. w19.10 9 ф., 7 абз.; 10 ф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 17 август
Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты (Дзут. 13:16).
Симеон царди Иерусалимы. Уый уыд ацӕргӕ лӕг, ӕмӕ Хуыцауыл уыд тынг иузӕрдион. Йегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, цалынмӕ Мессийӕйы нӕ фенай, уӕдмӕ нӕ амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ. Симеон Мессийӕмӕ бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, ӕмӕ йын Йегъовӕйы ныхӕстӕ стыр ныфсы хос куыннӕ фӕуыдаиккой. Йегъовӕ йын йӕ уырнындзинады ӕмӕ йӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Иуахӕмы Симеоны «сыгъдӕг тых ӕрбакодта кувӕндонмӕ». Уым федта Йесойы – Чырысти чи хъуамӕ суыдаид, уыцы сывӕллоны. Ӕмӕ Йегъовӕ Симеонӕн Йесойы тыххӕй зӕгъын кодта пехуымпарад (Лук. 2:25–35). Ӕвӕццӕгӕн, Симеон нал федта, Йесо зӕххыл куыд лӕггад кодта, уый. Фӕлӕ уый Йегъовӕйӕ тынг бузныг уыд, цы стыр кадӕй йӕ схайджын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕм фидӕны та ноджы стырдӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уыцы иузӕрдион адӕймаг ног дунейы йӕхи цӕстӕй фендзӕн, Йесойы хицаудзинад зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр цы стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый (Райд. 22:18). Ӕмӕ махӕн дӕр Йегъовӕ цыфӕнды хъуыддаг куы бахӕс кӕны, уӕддӕр дзы тынг бузныг вӕййӕм. w19.10 22 ф., 7 абз.; 23 ф., 12 абз.
Ӕртыццӕг, 18 август
Хъахъхъӕнинаг цы у, уыдӕттӕй ӕппӕтӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ (Ӕмб. 4:23).
Ӕхца нӕм бирӕ ӕфты ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнӕм. Куыд? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хъӕздыгдзинад ма бауарзӕм. Стӕй нын нӕ куыст Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуамӕ ма суа. Куыд ис бамбарӕн, ахӕм хабар ныл кӕй ӕрцыд, уый? Нӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Мыййаг, ӕмбырдты кӕнӕ уацамынды мӕ хъуыдытӕ арӕх мӕ куыстыл нӕ вӕййынц? Сомбон цӕмӕй цӕрдзынӕн, ууыл ӕдзух нӕ фӕмӕт кӕнын? Ӕхца ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсын, уый мӕ бинонты цардыл нӕ фӕзынд? Иннӕтӕ сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссынц, ахӕм куыстмӕ бацӕудзынӕн, уый фӕрцы мӕ бон Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын куы уа, уӕд?» (1 Тим. 6:9–12). Ацы фарстатыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн зӕрдӕ кӕй бавӕрдта: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Ӕмӕ апостол Павел дӕр уый тыххӕй загъта ацы ныхӕстӕ: «Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут» (Дзут. 13:5, 6). w19.10 29 ф., 10 абз.
Цыппӕрӕм, 19 август
Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та – адӕймаджы (Ӕмб. 27:17).
Мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иумӕ куы фӕлӕггад кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ куы фӕуынӕм, уӕд сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййӕм ӕмӕ семӕ ӕнгомдӕр свӕййӕм. Зӕгъӕм, куы фӕхъусыс, уацамынды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ рӕстдзинады сӕрыл ныфсджынӕй куыд дзурынц кӕнӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй куыд зӕрдиагӕй дзурынц, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны? Ӕвӕццӕгӕн сӕ тынгдӕр уарзын райдайыс. Иу 23-аздзыд хо, Аделин, йе ’мбал Кандисӕн загъта, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ ацыдаиккой, арӕх кӕм нӕ фӕхъусын кӕнынц, ахӕм ранмӕ. Аделин загъта: «Мах фӕндыд, цӕмӕй ноджы зынгзӕрдӕйӕдӕр хъусын кодтаиккам ӕмӕ нын нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хастаид. Хъуамӕ дыууӕйӕ дӕр бафидар уыдаиккам, цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон уыдаид, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн дӕттын». Иумӕ кӕй лӕггад кодтой, уый сын цы пайда ӕрхаста? Аделин загъта: «Алы изӕр дӕр-иу кӕрӕдзийӕн радзырдтам, адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ-иу нӕ цы бафидар кодта, уый. Стӕй ма-иу ныхас кодтам, Йегъовӕ нын уацамынды разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый-иу куыд федтам, ууыл дӕр. Уыцы хабӕрттыл ныхас кӕнгӕйӕ-иу нӕ циныл цин бафтыд. Стӕй афтӕмӕй кӕрӕдзи ноджы хуыздӕр базыдтам». w19.11 5 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 20 август
Райсут уырнындзинады стыр уарт (Еф. 6:16).
Раджы заманты-иу ӕфсӕддон тохӕй ӕнӕ уартӕй куы ’рбаздӕхтаид, уӕд фӕхудинаг уыдаид. Ромаг историк Тацит ныффыста: «Ӕфсӕддон йӕ уарт искуы куы ныууадза, уӕд уый стыр худинаг у». Уымӕ гӕсгӕ-иу тохы рӕстӕг ӕфсӕддон хъуамӕ йӕ уартыл ӕдзухдӕр фидар хӕцыдаид. Нӕ уырнындзинады уартыл фидар хӕцдзыстӕм, ӕдзухдӕр ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм ӕмӕ иннӕтӕн Йегъовӕйы номы ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй куы дзурӕм, уӕд (Дзут. 10:23–25). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм (2 Тим. 3:16, 17). Уӕд, Хӕйрӕг нӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй пайда кӕны, уыдонӕй нын иу дӕр ахӕм зиан не ’рхӕсдзӕн, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн ма уа (Ис. 54:17). Нӕ «уырнындзинады стыр уарт» нӕ хъахъхъӕндзӕн. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ уӕхски-уӕхск хъӕбатырӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Нӕ уырнындзинады сӕрыл алы бон дӕр цы хӕсты хӕцӕм, уым уӕлахиз кӕндзыстӕм. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, ахӕм кад нӕм кӕй ӕрхаудзӕн, ӕмӕ Чырыстийы фарс уыдзыстӕм, Хӕйрӕгыл ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цӕуы, уыдоныл куы фӕуӕлахиз уа, уӕд (Рарг. 17:14; 20:10). w19.11 19 ф., 18, 19 абз.
Сабат, 21 август
Мӕ цӕфтӕ... афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын (1 Кор. 9:26).
Цы спълан кодтай, уый куы ныффыссай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын (1 Кор. 14:40). Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгты советтӕн ахӕм разамынд ис, цӕмӕй иу хистӕр нӕлгоймаджы равзарой, ӕмӕ-иу уый фысса, хистӕр нӕлгоймӕгты совет цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон иууылдӕр. Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуамӕ ныффысса, уынаффӕ кӕй фӕдыл рахастой, уыцы хъуыддаг чи хъуамӕ сараза ӕмӕ йӕ кӕдмӕ хъуамӕ сараза, уый дӕр. Уыцы разамындмӕ гӕсгӕ чи фӕархайы, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцондӕр вӕййы, цы спълан кодтой, уый саразын. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ архайын дӕхи хъуыддӕгтӕн пълан кӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, дӕ бон у хыгъд скӕнын, алы бон дӕр дӕ цы хъуыддӕгтӕ аразын хъӕуы, уыдонӕн. Хыгъды райдианы-иу ныффысс, фыццаг дӕ цы хъӕуы саразын, уый. Уый фӕрцы-иу, цы хъуыддаг райдыдтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзынӕ. Ӕмӕ ма дын уымӕй уӕлдай къаддӕр рӕстӕгмӕ фылдӕр хъуыддӕгтӕ саразын бантысдзӕн. Фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын. Хъарутӕ хъӕуы, цӕмӕй, цы спълан кодтай, уымӕ гӕсгӕ архайай ӕмӕ йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнай (Ром. 12:11). Апостол Павелы фӕндыд, цӕмӕй Тимофей хуыздӕр ахуыргӕнӕг суыдаид. Ӕмӕ йӕм ныффыста, цӕмӕй ууыл «ӕппӕт хъарутӕй» архайдтаид ӕмӕ «алкӕддӕр» лӕуд уыдаид уыцы хъуыддаджы (1 Тим. 4:13, 16). Ацы уынаффӕ ахӕссӕн ис, нӕ лӕггады нӕ разы цы нысӕнттӕ сӕвӕрӕм, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр. w19.11 29, 30 фф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 22 август
Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, дыууӕ адӕймаджы куыд ныхас кӕной, афтӕ (Рац. 33:11).
Йегъовӕ Моисейӕн куы загъта, израилӕгты Египетӕй ракӕндзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд Моисей уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста, ӕмӕ Йегъовӕйӕн цалдӕр хатты загъта, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн. Йегъовӕ йын цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг уыд, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у. Моисей цӕмӕн тыхсы, уый ӕмбӕрста, ӕмӕ йын баххуыс кодта (Рац. 4:10–16). Ӕмӕ Моисейӕн йӕ бон баци фараонӕн Хуыцауы карз тӕрхӕтты тыххӕй фехъусын кӕнын. Уый фӕстӕ Йегъовӕ израилӕгты куы фервӕзын кодта ӕмӕ фараоны ӕмӕ йын йе ’фсӕдтӕ Сырх денджызы хай куы бакодта, уӕд Моисей федта Йегъовӕйы ӕгӕрон тых (Рац. 14:26–31; Пс. 136:15). Моисей израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уый фӕстӕ-иу уыдон ӕдзух цӕмӕйдӕр хъаст кодтой. Фӕлӕ Моисей уыдта, Йегъовӕ куыд фӕразон уыд, цагъарадӕй кӕй ссӕрибар кодта, уыцы адӕмимӕ (Пс. 78:40–43). Уымӕй уӕлдай ма федта Йегъовӕйы диссаджы сӕрныллӕгдзинад. Моисей йын куы ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй израилӕгты ма фесӕфтаид, уӕд йӕ фӕнд аивта (Рац. 32:9–14). Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уый фӕстӕ Моисей Йегъовӕмӕ тынг баввахс – уый афтӕ уыд, цыма йӕ уӕларвон Фыды уынгӕ кодта (Дзут. 11:27). w19.12 17 ф., 7–9 абз.
Къуырисӕр, 23 август
Галилейӕмӕ уӕ разӕй фӕцӕуы, уым ӕй фендзыстут (Матф. 28:7).
Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ фылдӕр галилейӕгтӕ уыдысты. Уӕдӕ бирӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕнцондӕр уыд, Галилейӕйы чи уыд, ахӕм хохыл, Иерусалимы искӕй хӕдзары нӕ, фӕлӕ. Уымӕй уӕлдай, Йесо йӕ иуӕндӕс апостолимӕ уый размӕ фембӕлд Иерусалимы кӕйдӕр хӕдзары. Уый уыди, куы райгас, уый фӕстӕ. Ӕмӕ йӕ ’рмӕст уыдонӕн куы фӕндыдаид бафӕдзӕхсын, цӕмӕй хъусын кӕной ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной, уӕд сӕ Иерусалимы ӕрӕмбырд кодтаид. Ӕмӕ апостолты дӕр, стӕй иннӕты дӕр, уыимӕ сылгоймӕгты дӕр, Галилейӕмӕ нӕ цӕуын кодтаид (Лук. 24:33, 36). Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг, 1 ӕнусы чи цард, ӕрмӕст уыцы чырыстӕттӕн нӕ бахӕс кодта. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амындтӕ куы радта, уӕд ма сын фӕстагмӕ загъта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Абон ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг йӕ тӕмӕны бацыд. Ахъуыды-ма кӕн, алы аз дӕр иу-300 мин адӕймаджы донаргъуыд райсынц ӕмӕ свӕййынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ! w20.01 2 ф., 1 абз.; 3 ф., 5, 6 абз.
Дыццӕг, 24 август
Ӕгады бынаты куы уыдыстӕм, уӕд нӕ... [Йегъовӕ] нӕ ферох кодта (Пс. 136:23).
Ӕрыгон ӕфсымӕрӕн дохтыр загъта, уӕззау низӕй рынчын кӕй у. Хистӕр кары чи ис, ахӕм ӕфсымӕр ӕндӕр куыст агуры, фӕлӕ нӕ ары. Ацӕргӕ хойӕн йӕ бон нал у, раздӕр Йегъовӕйӕн цас лӕггад кодта, уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ ницыуал пайда ис. Арӕх ахӕм уавӕрты адӕймаг йӕхимӕ ныхъхъусы, йӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсы ӕмӕ ма иннӕтӕй дӕр адард вӕййы. Ацы дунейы адӕймаджы цардмӕ Хӕйрӕджы цӕстӕй кӕсынц. Хӕйрӕг адӕмӕн никуы аргъ кодта. Зӕгъӕм, уый Евӕйӕн загъта, Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуса, уӕд сӕрибар адӕймаг кӕй суыдзӕн, кӕд зыдта, уый тыххӕй Евӕмӕ мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр. Ӕмӕ йын тӕригъӕд дӕр нӕ фӕкодта. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ацы дуне Хӕйрӕджы къухы ис. Уӕдӕ диссаг нӕу, бизнесментӕй, политиктӕй ӕмӕ дины разамонджытӕй бирӕтӕ адӕймаджы цардӕн ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кӕнынц ӕмӕ адӕмы кӕй ницӕмӕ дарынц. Йегъовӕйы та фӕнды, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕхицӕн аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ кӕцыдӕр уавӕрты нӕхимӕ ницӕйаг куы фӕкӕсӕм, уӕд нын баххуыс кӕны (Ром. 12:3). w20.01 14 ф., 1–4 абз.
Ӕртыццӕг, 25 август
Йегъовӕйы номӕй ма дзур, кӕннод дӕ ныммардзыстӕм (Йер. 11:21).
Цыппор азы кӕнӕ фылдӕр Йереми цард, Хуыцауыл иузӕрдион чи нӕ уыд, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ йӕ райгуырӕн горӕт Анафофы дӕр йӕ сыхӕгтӕ, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хиуӕттӕй дӕр чидӕртӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой (Йер. 12:6). Фӕлӕ уӕддӕр Йереми иннӕтӕй йӕхи дард нӕ ласта. Зӕгъӕм, йӕ иузӕрдион писыр Варухӕн радзырдта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ йӕм уыд, уый мах дӕр зонӕм, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй йӕ чиныджы ныффыста (Йер. 8:21; 9:1; 20:14–18; 45:1). Йеремийыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон Варух куы фыста, уыцы рӕстӕг тынг ӕнгом систы, стӕй кӕрӕдзийӕн тынг аргъ кодтой (Йер. 20:1, 2; 26:7–11). Йереми бирӕ азты дӕргъы израилӕгтӕн ныфсджынӕй фӕдзӕхста, Иерусалимыл цы ’рцӕудзӕн, уый тыххӕй (Йер. 25:3). Цӕмӕй израилӕгтӕ ӕрфӕсмон кодтаиккой, уый тыххӕй Йегъовӕ Йеремийӕн тыхтоны ныффыссын кодта, цӕмӕй сӕ фӕдзӕхста, уыдӕттӕ (Йер. 36:1–4). Хуыцау Йеремийӕн ӕмӕ Варухӕн цы куыст бахӕс кодта, уый иумӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр мӕйы кодтой, ӕмӕ уыцы рӕстӕг куыннӕ ныхас кодтаиккой, сӕ уырнындзинад сын чи бафидар кодтаид, ахӕм хабӕрттыл. w19.11 2, 3 фф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 26 август
Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн (Матф. 23:12).
Сӕрст хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Раст нӕу адӕмы ӕгӕр бӕрзонд ӕвӕрын, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ куы уой, уӕддӕр (Матф. 23:8–11). Библийы фыст ис, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ уырнындзинад кӕй хъуамӕ фӕзмӕм. Фӕлӕ дзы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ хъуамӕ адӕмӕй нӕхицӕн разамонджытӕ кӕнӕм (Дзут. 13:7). Библи зӕгъы, иуӕй-иутӕ «уӕлдай кады аккаг» кӕй сты. Фӕлӕ ахӕм кады аккаг уый тыххӕй не сты, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ сты, фӕлӕ «хорз разамынд» кӕй дӕттынц ӕмӕ «Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы... [кӕй] фыдӕбон кӕнынц», уый тыххӕй (1 Тим. 5:17). Сӕрст чырыстӕттӕн ӕгӕр куы кад кӕнӕм ӕмӕ сӕм не ’ргом ӕгӕр куы здахӕм, уӕд-иу фӕтыхсдзысты кӕнӕ-иу фефсӕрмы уыдзысты. Уымӕй фыддӕр та уый у, ӕмӕ, гӕнӕн ис, мах аххосӕй сӕхиуыл фервӕссой (Ром. 12:3). Фӕлӕ нӕ нӕ фӕндид, цӕмӕй мах тыххӕй искӕуыл ахӕм стыр рӕдыд ӕрцӕуа! (Лук. 17:2). w20.01 28 ф., 8 абз.
Майрӕмбон, 27 август
Адӕттӕй уӕлдай ма мын... ӕнцой нӕ дӕтты ӕппӕт ӕмбырдты мӕт (2 Кор. 11:28).
Апостол Павел бирӕ цӕуылдӕрты мӕт кодта. Йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдысты, уый йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта (2 Кор. 2:4). Йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон-иу ӕй фӕнадтой ӕмӕ-иу ӕй ахӕстоны баппӕрстой. Ӕвзӕрста ма ӕндӕр зындзинӕдтӕ дӕр, зӕгъӕм-иу хатт хъуаг ӕййӕфта (Фил. 4:12). Уымӕй уӕлдай, ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты бахауд ахӕм уавӕры, ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ науыл цӕугӕйӕ куыннӕ тарстаид (2 Кор. 11:23–27). Цымӕ Павелӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй афтӕ тынг ма мӕт кодтаид? Кӕд Павел йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртыл тынг мӕт кодта, уӕддӕр афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр йӕхӕдӕг баххуыс кӕндзӕн. Павел бонзонгӕ адӕймаг уыд. Ӕмӕ иннӕтӕн дӕр бабар кодта, цӕмӕй ӕмбырдтӕн ӕххуыс кодтаиккой. Зӕгъӕм, ӕууӕнкджын ӕфсымӕртӕ Тимофей ӕмӕ Титӕн сӕ бар бирӕ хӕстӕ бакодта. Ӕмӕ сӕ лӕггады фӕрцы Павел хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл афтӕ тынг нал мӕт кодта (Фил. 2:19, 20; Тит. 1:1, 4, 5). w20.02 22, 23 фф., 11, 12 абз.
Сабат, 28 август
Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут (Еф. 6:1).
Йегъовӕ махӕн дӕр фӕдзӕхсы, цӕмӕй йӕм хъусӕм. Уый у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Дарӕг, стӕй кӕцыфӕнды ныййарӕгӕй дӕр зондджындӕр у, ӕмӕ йӕ коммӕ куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм. Фӕлӕ йӕ коммӕ сӕйраджыдӕр уымӕн кӕсӕм, ӕмӕ йӕ уарзӕм (1 Иоан. 5:3). Кӕд Йегъовӕмӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ хъусӕм, уӕддӕр нын тыххӕй ницы аразын кӕны. Йегъовӕ нын радта сӕрибардзинад. Ӕмӕ йӕ куы фӕуыны, кӕй йӕ уарзӕм, йӕ коммӕ уый тыххӕй кӕй бакастыстӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕхъахъхъӕнынц, цӕмӕй сыл мацы ’рцӕуа. Ӕмӕ уый тыххӕй сфидар кӕнынц уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фӕзӕгъынц, цы сын ис аразӕн ӕмӕ сын цы нӕй аразӕн. Сывӕллӕттӕ уыцы уагӕвӕрдты сӕрты куы нӕ фӕхизынц, уӕд уымӕй равдисынц, сӕ ныййарджытыл кӕй ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ кӕй нымайынц. Уӕдӕ нӕ уӕларвон Фыды закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ зонын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын та ноджы ахсджиагдӕр у. Уӕд Йегъовӕ фӕуыны, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм. Стӕй уый нӕхицӕн дӕр хӕссы пайда (Ис. 48:17, 18). Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон та сӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕнынц (Гал. 6:7, 8). w20.02 9, 10 фф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 29 август
Дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъарӕн демӕ дзурыны бар ратт ӕмӕ байхъус, дӕ цагъар цы зӕгъдзӕн, уымӕ (1 Сам. 25:24).
Авигейӕйау мах дӕр фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад равдисын, цӕмӕй-иу, тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг кӕмӕн у, уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнӕм (Пс. 141:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфхӕргӕ йӕ нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ уӕддӕр йемӕ ӕргом аныхас кӕндзыстӕм. Искӕмӕн дӕ уынаффӕ раттын куы хъӕуа ӕмӕ йын ӕй фӕлмӕнӕй куы раттай, уӕд равдисдзынӕ, ӕцӕг ӕмбал ын кӕй дӕ (Ӕмб. 27:17). Уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъӕбатыр уой ӕмӕ-иу аныхас кӕной, рӕдыд къахдзӕф чи сарӕзта, уыцы адӕймагимӕ (Гал. 6:1). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ӕмбарынц, сӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, ӕмӕ, чи зоны, уыдонӕн дӕр иу бон бахъӕуа уынаффӕ раттын. Фӕлӕ уый тыххӕй афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ бон нӕу, куы хъӕуа, уӕд иннӕтӕн зонд бацамонын (2 Тим. 4:2; Тит. 1:9). Хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй йемӕ фӕразонӕй ныхас кӕной ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ хъарой. Уыдон уарзынц уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йын уынаффӕ уый тыххӕй дӕттынц (Ӕмб. 13:24). Фӕлӕ сӕ сӕйраджыдӕр фӕнды Йегъовӕйӕн кад кӕнын. Уый та фӕаразынц, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд. Стӕй ӕмбырд фӕхъахъхъӕнынц, цӕмӕй йын зиан мацы ’рхӕсса (Хъуыд. 20:28). w20.03 20 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 30 август
Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы (Фил. 4:13).
Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ Моисей сси израилӕгты ирвӕзынгӕнӕг. Фӕлӕ Йегъовӕ уый кӕд сарӕзта? Моисейӕн «ӕгас Египеты зонд» куы бацамыдтой, уӕд, мыййаг, цӕттӕ уыд Хуыцауы фӕнд сӕххӕст кӕнынмӕ, йӕхимӕ куыд каст, афтӕ? (Хъуыд. 7:22–25). Уӕд нӕма уыд цӕттӕ. Фыццаг уал ын Йегъовӕ баххуыс кодта, цӕмӕй суыдаид сӕрныллӕг, фӕлмӕн адӕймаг, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ сӕххӕст кодта йӕ фӕнд Моисейы уылты (Хъуыд. 7:30, 34–36). Йегъовӕ йын радта хъӕбатырдзинад, цӕмӕй бацыдаид зӕххыл ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахмӕ (Рац. 9:13–19). Ацы хабарӕй базыдтам, Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕны, йӕ миниуджытӕ йын чи фӕзмы, стӕй йӕ ныфс ууыл чи фӕдары ӕмӕ дзы хъару чи фӕкуры, уыдоны уылты. Раджы замантӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразой. Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййынц. Дӕуыл та ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты? Бирӕ кӕнгӕ уыдзӕн, ӕппӕт хъарутӕй архайын дӕ фӕнддзӕн ӕви нӕ, уымӕй (Кол. 1:29). Цӕттӕ куы уай, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ дӕу уылты дӕр ӕххӕст кӕна, уӕд афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ-иу суыдзынӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнӕг, дӕсны ахуыргӕнӕг, фӕлмӕнзӕрдӕ удӕнцойдӕттӕг, арӕхстджын кусӕг, ӕнувыд ӕмбал ӕмӕ ма ноджыдӕр чи хъӕуа, уый. w19.10 21 ф., 5 абз.; 25 ф., 14 абз.
Дыццӕг, 31 август
Хонын [уӕ] мӕ хӕлӕрттӕ (Иоан. 15:15).
Хорз ӕмбӕлттӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ нын цӕмӕй ахӕм ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уӕм хорз ӕмбӕлттӕ (Матф. 7:12). Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кӕнӕм, уӕлдайдӕр та, «хъуаг чи ӕййафы», уыдонӕн (Еф. 4:28). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕдзухдӕр куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм (Хъуыд. 20:35). Не ’мбӕлттӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг стыр ӕххуыс уыдзысты, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕндзыстӕм. Иов йӕ хъуыдытӕ куы дзырдта, уӕд ӕм Елиуй куыд хъуыста, раст афтӕ махмӕ дӕр не ’мбӕлттӕ фӕразонӕй фӕхъусынц, нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ сын куы фӕдзурӕм, уӕд, ӕмӕ нын афтӕмӕй стыр ӕххуыс вӕййынц (Иов 32:4). Хъуамӕ не ’мбӕлттӕм уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕсдзысты. Фӕлӕ нын Библийӕ уынаффӕ куы дӕттой, уӕд зондыл дзурӕг уаид, куы-иу сӕм байхъусиккам (Ӕмб. 15:22). Паддзах Давид-иу сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ-иу йе ’мбӕлтты ӕххуысыл сразы. Мах дӕр ӕххуысхъуаг куы уӕм, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм ӕмӕ-иу не ’мбӕлтты ӕххуысыл сразы уӕм (2 Сам. 17:27–29). Хорз ӕмбӕлттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар! (Иак. 1:17). w19.04 11 ф., 12 абз.; 12 ф., 14, 15 абз.