Сентябрь
Ӕртыццӕг, 1 сентябрь
Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын (Иоан. 5:17).
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бирӕ кӕй фыдӕбон кӕнынц, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ улӕфын нӕ хъӕуы? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ никуы бафӕллайы, ӕмӕ йӕ йӕ фӕллад уадзын нӕ фӕхъӕуы. Ӕнӕуи Библийы ис фыст, зӕгъгӕ, Йегъовӕ арв ӕмӕ зӕхх куы скодта, уӕд «улӕфын райдыдта» (Рац. 31:17). Фӕлӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ фӕлдисгӕ ницыуал кодта ӕмӕ йӕ къухты фыдӕбоныл цин кодта. Кӕд Йесо дӕр зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ фыдӕбон кодта, уӕддӕр-иу баулӕфынӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ иумӕ къӕбӕр бахӕрынӕн рӕстӕг ссардта (Матф. 14:13; Лук. 7:34). Библи Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн дзуры, цӕмӕй куыстуарзаг уой. Хъуамӕ зивӕггӕнаг ма уой (Ӕмб. 15:19). Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кусыс, цӕмӕй дӕ бинонты фӕдарай. Уымӕй уӕлдай ма Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ис хӕс – хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ дӕ улӕфын дӕр куыннӕ хъӕуы. w19.12 2, 3 фф., 2, 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 2 сентябрь
Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).
Иннӕтӕн-иу хӕйрӕджытимӕ баст хабӕрттӕ ма дзур. Мах фӕнды уыцы хъуыддаджы Йесойы фӕзмын. Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ цард уӕлӕрвты, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зыдта. Фӕлӕ сын сӕ хабӕрттӕ адӕмӕн нӕ дзырдта. Уый фӕндыд адӕмы ӕргом Йегъовӕмӕ здахын, Хӕйрӕгмӕ нӕ, фӕлӕ. Нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын? Хъуамӕ иннӕтӕн хӕйрӕджытимӕ баст хабӕрттӕ ма дзурӕм. Уый бӕсты хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «[нӕ] дзыхӕй цӕуа зонды ныхӕстӕ», ома рӕстдзинады тыххӕй дзурӕм (Пс. 49:3). Фыдгӕнӕг тыхтӕй ма тӕрс. Ацы дунейы цӕргӕйӕ ныл алы ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы исты фыдбылызы бахауы, фӕрынчын вӕййы кӕнӕ амӕлы. Фӕлӕ цымӕ ахӕм хабӕрттӕ иууылдӕр ӕнӕуынгӕ тыхты аххосӕй ӕрцӕуынц? Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, дӕлимонтӕй бирӕ хъомысджындӕр кӕй у. w19.04 23, 24 фф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 3 сентябрь
Хицӕуттӕн цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты (Ром. 13:1).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы фехъусынц, чидӕр сывӕллонӕн тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕй бакодта, уӕд уый тыххӕй пъӕлицӕмӕ фӕхабар кӕнынц, кӕд бӕстӕйы закъон уый домы, уӕд? О. Кӕцыдӕр бӕстӕты закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймаг куы фехъуса, чидӕр сывӕллонӕн тыхми кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕй бакодта, уӕд уый тыххӕй хъуамӕ пъӕлицӕмӕ фӕхабар кӕна. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ахӕм закъӕттӕм хъусынц. Ахӕм закъӕттӕ Хуыцауы закъоны ныхмӕ не сты (Хъуыд. 5:28, 29). Уымӕ гӕсгӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, чидӕр ахӕм ми бакодта, уый тыххӕй куы фехъусынц, уӕд уайтагъд филиалӕй разамынд бацагурынц, закъонмӕ гӕсгӕ сӕ куыд бакӕнын хъӕуы, уый фӕдыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцыд, уыимӕ, стӕй йӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ, уый тыххӕй чи базыдта, уыдонимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сын фӕзӕгъынц, сӕ бон кӕй у пъӕлицӕмӕ фӕхабар кӕнын. Фӕлӕ, зӕгъӕм, ахӕм фыдхъуыддаджы аххосджын кӕнынц ӕмбырдӕй кӕйдӕр, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ базыдтой. Цымӕ уый тыххӕй исчи пъӕлицӕмӕ куы фӕхабар кӕна, уӕд Хуыцауы ном фӕхудинаг кӕндзӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Хуыцауы ном худинаг кӕны, ахӕм фыдхъуыддаг чи сарӕзта, уый. w19.05 10, 11 фф., 13, 14 абз.
Сабат, 4 сентябрь
Ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад (1 Кор. 3:19).
Библи лӕг ӕмӕ усӕн дзуры, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн кад кӕной ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый ӕххӕст кӕной. Разӕнгард сӕ кӕны, цӕмӕй цӕрӕнбонты кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой. Райдианы 2:24 стихы фыст ис: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар». Фӕлӕ, ацы дунейы зондыл чи цӕуы, уыдон уыцы хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Фӕдзурынц, зӕгъгӕ, лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ сӕхи мӕт кӕной. Хицӕн кӕныны тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Иуӕй-иу бӕстӕты, йӕ цард чи баиу кӕны, уыдон адӕмы раз кӕрӕдзийӕн дзырд раттынц, цӕрӕнбонты иумӕ кӕй уыдзысты. Фӕлӕ ныр бирӕтӕ ӕндӕр дзырд раттынц, зӕгъгӕ, иумӕ уыдзыстӕм, цалынмӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уӕдмӕ». Ахӕм зондахасты тыххӕй бирӕтӕн сӕ бинонты цард фехӕлы ӕмӕ стыр маст бавзарынц. Дзырд дӕр ыл нӕй, ацы дуне бинонты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый у ӕнӕзонддзинад. w19.05 24 ф., 12 абз.
Хуыцаубон, 5 сентябрь
Ацы дуне мауал фӕзмут (Ром. 12:2).
Павел чырыстӕттыл мӕт кодта, уымӕн ӕмӕ дзы иуӕй-иутыл, ӕвӕццӕгӕн, ӕндӕвтой Хӕйрӕджы дунейы зианхӕссӕг хъуыдытӕ ӕмӕ философитӕ (Еф. 4:17–19). Ӕмӕ уымӕй тӕссаг у махӕй алкӕмӕн дӕр. Хӕйрӕг, ацы цардӕвӕрды хицау, йӕ уд скъуыны, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй пайда кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй. Зӕгъӕм, кӕд кадмӕ бӕллӕм, уӕд Хӕйрӕг уымӕй спайда кӕндзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма спайда кӕна, раздӕр куыд цардыстӕм, цавӕр ӕгъдӕуттыл хӕст стӕм ӕмӕ нӕм цавӕр ахуырад ис, уыдӕттӕй, цӕмӕй, уый куыд фӕнды, афтӕ хъуыды кӕнӕм. Цымӕ нӕ бон у, нӕ зонды арф чи ныффидар, уыцы хъуыдытӕ ӕдбындзар стонын? (2 Кор. 10:4). Ӕркӕсӕм-ма, ацы фарстайӕн Павел цавӕр дзуапп дӕтты, уымӕ: «[Мах] басӕттӕм рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон, ӕмӕ алы хъуыды дӕр уацары исӕм ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс» (2 Кор. 10:5). Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ бон у фервӕзын, цы ’взӕр хъуыдытӕ нӕм ис, уыдонӕй. w19.06 8 ф., 1–3 абз.
Къуырисӕр, 6 сентябрь
Мӕнӕн... хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын. Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг (Пс. 73:28).
Аннӕ, Давид ӕмӕ псаломзарӕггӕнӕг кӕд зӕрдӕсаст уыдысты, уӕддӕр сӕ ныфс дардтой, Йегъовӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Уыдон-иу Йегъовӕмӕ, цӕуыл тыхстысты, уый тыххӕй куывтой, ӕмӕ, афтӕ тынг цӕмӕн маст кодтой, уый йын-иу ӕргом радзырдтой. Ӕмӕ афтӕ никуы уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы кувӕндонмӕ мауал цыдаиккой (1 Сам. 1:9, 10; Пс. 55:22; 73:17; 122:1). Йегъовӕ се ’ртӕйӕн дӕр баххуыс кодта. Аннӕйӕн йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр (1 Сам. 1:18). Давид та загъта: «Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны» (Пс. 34:19). Псаломзарӕггӕнӕг дӕр бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ рахиз къухыл кӕй хӕцы ӕмӕ йын разамынд кӕй дӕтты (Пс. 73:23, 24). Ацы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Хатт уӕззау зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм ӕмӕ тынг фӕмаст кӕнӕм. Фӕлӕ, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл-иу куы хъуыды кӕнӕм, куы йӕм кувӕм ӕмӕ нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд-иу сӕ нӕ бон сфӕразын бауыдзӕн (Пс. 143:1, 4–8). w19.06 17, 18 фф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 7 сентябрь
Кӕд [уӕ] рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа, уӕддӕр амондджын уыдзыстут (1 Пет. 3:14).
Адӕм цыфӕнды ма дзурой ӕмӕ цыфӕнды ма аразой, уӕддӕр-иу макуы фефсӕрмы у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уымӕй (Мих. 4:5). Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесойы куы амардтой, уый фӕстӕ апостолтӕ Иерусалимы куыд архайдтой, ууыл. Уыдон зыдтой, дзуттаг дины разамонджытӕ сӕ сӕ удхӕссӕг кӕй уыдтой (Хъуыд. 5:17, 18, 27, 28). Фӕлӕ уӕддӕр алы бон дӕр кувӕндонмӕ цыдысты ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кодтой – йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты, уый нӕ сусӕг кодтой (Хъуыд. 5:42). Апостолтӕ адӕмӕй нӕ фӕтарстысты ӕмӕ дарддӕр сӕ куыст кодтой. Махӕн дӕр не ’мкусджытӕ, нӕ къласӕгтӕ ӕмӕ нӕ сыхӕгтӕ куы зоной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, ӕмӕ уый нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр куы уа бӕрӕг, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм (Хъуыд. 4:29; Ром. 1:16). Апостолтӕ цӕмӕн цин кодтой, кӕд ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр? Уыдон зыдтой, адӕм сӕ се сӕфт цӕй тыххӕй уынынц, уый. Ӕмӕ, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уый сӕхицӕн кадыл нымадтой (Лук. 6:23; Хъуыд. 5:41; 1 Пет. 2:19–21). Махӕй дӕр адӕм се сӕфт уый тыххӕй уынынц, ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ ницы бауромдзӕн. w19.07 7 ф., 19, 20 абз.
Ӕртыццӕг, 8 сентябрь
Сабаты хорздзинад аразӕн ис (Матф. 12:12).
Йесо ӕмӕ, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй дзуттаг чи уыд, уыдон ӕххӕст кодтой сабатбоны закъон, уымӕн ӕмӕ уыдысты Моисейы закъоны дӕлбар. Фӕлӕ Йесо дзургӕ дӕр кодта ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдыста, сабаты кӕй ис адӕмӕн хорздзинад аразӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕн (Матф. 12:9–11). Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, иннӕтӕн хорздзинад чи аразы ӕмӕ сын чи ’ххуыс кӕны, уый сабатбоны закъон халы. Йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, кӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕ уыцы бон улӕфынӕн сӕйраджыдӕр цӕмӕн рахицӕн кодта, уый. Сабат-иу Хуыцауы адӕмӕн улӕфты бон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу сын рӕстӕг уыд Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. Куыд зыны, афтӕмӕй, Йесо цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уыдон дӕр-иу сабаты Хуыцауы хъуыддӕгты архайдтой. Уый бӕрӕг у, Библийы Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй: «Стӕй ӕрцыд Назаретмӕ, кӕм схъомыл, уырдӕм. Ӕмӕ куыд ахуыр уыд, афтӕ та сабаты бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ ӕмӕ ӕрлӕууыд адӕмы раз Фыстадӕй бакӕсынмӕ» (Лук. 4:15–19). Йесо куы амард ӕмӕ йӕ куы бавӕрдтой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ «хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕ» ӕрцӕттӕ кодтаиккой, цӕмӕй йын йӕ мардмӕ базылдаиккой. Фӕлӕ сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын афтӕ ахсджиагыл нымадтой, ӕмӕ, цалынмӕ сабат нӕ фӕци, уӕдмӕ «ницы куыстой» (Лук. 23:55, 56). w19.12 4 ф., 10 абз.
Цыппӕрӕм, 9 сентябрь
Ныфс уӕ ницӕмӕй уыд (Еф. 2:12).
Чырыстӕттӕй алчидӕр ӕххуыс кӕны сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты ссарынӕн. Уыцы куыст абарӕн ис, чи фесӕфт, ахӕм сывӕллоны куыд агурай, уыимӕ. Ӕркӕсӕм, ӕцӕгӕй чи ’рцыд, ахӕм хабармӕ. Иу 3-аздзыд лӕппу уыди йӕ хӕдзары цур, фӕлӕ стӕй кӕдӕмдӕр адзӕгъӕл ӕмӕ фесӕфт. Йӕ агурӕг рацыд 500 адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ йӕ иу-20 сахаты фӕстӕ уыдонӕй чидӕр нартхоры хуымы ссардта. Фӕлӕ уыцы адӕймаг йӕхицӕй нӕ ныббуц. Уый загъта: «Цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы йӕ агуырдтой, ӕмӕ йӕ уый фӕрцы ссардтам». Абон бирӕтӕ сты уыцы сывӕллоны хуызӕн – афтӕ сӕм кӕсы, цыма фӕдзӕгъӕл сты. Ныфс сӕ ницӕмӕй ис, ӕмӕ сын хъӕуы баххуыс кӕнын. Мах стӕм 8 милуанӕй фылдӕр, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ уыцы адӕмы агурӕм. Чи зоны, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы дӕхӕдӕг нӕма ссардтай. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, уе ’мбырды хъусынгӕнджытӕй исчи уӕ территорийы ссара, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый базонын кӕй бафӕнда, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ ахӕм адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг куы суа, уӕд нӕ алчидӕр цин кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр архайдтам уыцы хъуыддаджы. w19.07 16, 17 фф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 10 сентябрь
Ӕз ӕппӕт хъарутӕй тырнын мӕ нысанмӕ (Фил. 3:14).
Павел Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕ фӕндагыл дарддӕр фӕразонӕй кӕй хъуамӕ згъорой. Уыцы чырыстӕттӕ суанг райдианӕй дӕр ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Н. э. 50 азы Хуыцау Павелӕн цӕстылуайӕны загъта, цӕмӕй Македонимӕ ацыдаид. Гъемӕ Силӕимӕ Филипптӕм хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ацыдысты (Хъуыд. 16:9). Уым сӕмбӕлдысты иу сылгоймагыл, Лидийӕйыл. Уый сӕм «лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ зӕрдӕ байгом кодта», ӕмӕ Лидийӕ хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ арф айста (Хъуыд. 16:14). Уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд райстой. Фӕлӕ Хӕйрӕг ӕнцад нӕ бадт. Горӕты цӕрджытӕй чидӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ рацыдысты, ӕрцахстой сӕ ӕмӕ сӕ горӕты хицӕуттӕм акодтой. Фӕаххосджын сӕ кодтой, зӕгъгӕ, дам, адӕмы змӕнтынц. Павел ӕмӕ Силӕйы фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны баппӕрстой. Куы сӕ рауагътой, уӕд та сын загътой, цӕмӕй горӕтӕй ацыдаиккой (Хъуыд. 16:16–40). Фӕлӕ сӕ ныфс нӕ асаст. Ӕмӕ филиппаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдон дӕр фидар фӕлӕууыдысты! Дзырд дӕр ыл нӕй, Павел ӕмӕ Силӕйы цӕвиттон сӕ стыр ныфс бауагъта. w19.08 2 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 11 сентябрь
Рӕстдзинады хъӕздыг тыллӕг дӕттут (Фил. 1:11).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, «рӕстдзинады... тыллӕгмӕ» хауы, Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ адӕмы кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый. Фӕлӕ ма уымӕ хауы, Чырыстийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый тыххӕй ӕмӕ нӕ диссаджы ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дӕр кӕй хъуамӕ дзурӕм, уый. Мах «рӕстдзинады... тыллӕг» фӕдӕттӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, уӕд (Матф. 28:18–20). Цыфӕнды уавӕрты дӕр нӕ бон у рухсгӕнӕнтау ӕрттивын. Иуӕй-иу хатт нӕм хорз хабар хъусын кӕнынӕн цӕлхдур цы фӕкӕсы, уый хъусын кӕнынӕн хорз фадат разыны. Зӕгъӕм, апостол Павел филиппӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд уыд Ромы ӕмӕ йӕ хӕдзары ахстӕй дардтой. Ӕмӕ кӕд рӕхыстӕй баст уыд, уӕддӕр-иу йӕ хъахъхъӕнджытӕн ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн хъусын кодта. Павел ахӕм уавӕрты зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы ӕфсымӕрты ныфс бацыд, ӕмӕ «Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзырдтой – ницӕмӕй тарстысты» (Фил. 1:12–14; 4:22). w19.08 12 ф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 12 сентябрь
Уӕдӕ уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн (1 Пет. 5:6).
Сӕрныллӕгдзинадыл кусын нӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй фӕнды, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Апостол Петр уыцы хъуыддаг бӕлвырд бамбарын кодта абоны стихы ныхӕсты фӕрцы. Петры ныхӕсты тыххӕй чиныджы «Приходи и следуй за мной» 3 сӕры 23 абзацы фыст ис: «Сӕрбӕрзонддзинад маргӕй уӕлдай нӕу. Адӕймаджы бабын кӕны. Сӕрбӕрзонд адӕймаг цыфӕнды курдиатджын куы уа, уӕддӕр Хуыцауӕн ницы пайда уыдзӕн. Фӕлӕ уадиссаг курдиӕттӕ кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймаг сӕрныллӕг куы вӕййы, уӕд Йегъовӕйы къухы свӕййы диссаджы кусӕнгарз. [...] Хуыцау дын дӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ йын уый ӕхсызгон уыдзӕн». Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! (Ӕмб. 23:15). Уымӕй уӕлдай ма, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын уый бирӕ хъуыддӕгты пайда хӕсдзӕн. Зӕгъӕм, нӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй нӕ иннӕтӕ уарздзысты. Ахъуыды-ма кӕн, дӕхи зӕрдӕмӕ цавӕр адӕм цӕуы (Матф. 7:12). w19.09 4 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 13 сентябрь
Йегъовӕйӕн хъалзӕрдӕ адӕймаг ӕнад у (Ӕмб. 16:5).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, се ’мбырдты чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кӕнынц. Стӕй, сӕ къухы бартӕ кӕй ис, уый тыххӕй сӕ сӕр бӕрзӕндты нӕ хӕссынц, фӕлӕ сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзынц (1 Фес. 2:7, 8). Ахӕм зӕрдӕ сӕм кӕй дарынц ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ семӕ фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц. Эндрю бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны хистӕр нӕлгоймагӕй. Ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз бафиппайдтон, хистӕр нӕлгоймаг хӕларзӕрдӕ куы вӕййы ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртыл куы бацин кӕны, уӕд сын уый ӕхсызгон кӕй вӕййы. Ӕмӕ ӕмбырдӕн ӕнцондӕр вӕййы ахӕм хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ хъусын». Тони дӕр хистӕр нӕлгоймаг рагӕй у. Уый та мӕнӕ цы зӕгъы: «Филиппӕгтӕм 2:3 стихмӕ гӕсгӕ ӕдзухдӕр фӕархайын, цӕмӕй иннӕты мӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрон. Уый мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕгъатыр хицауы хуызӕн ма уон». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ Йегъовӕйау сӕрныллӕг уой. Кӕд уый Дунедарӕг Хуыцау у, уӕддӕр «ӕргуыбыр кӕны», цӕмӕй «ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сиса» (Пс. 18:35; 113:6, 7). Стӕй ма Библийы фыст ис, Йегъовӕйӕн хъалзӕрдӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕм ӕнад кӕй сты. w19.09 16, 17 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 14 сентябрь
Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут (Матф. 11:29).
Цӕмӕй нын, Йесойы ӕфсондз кӕй хӕссӕм, уый алкӕддӕр удӕнцойы хос уа, уый тыххӕй хъуамӕ, цы аразӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Мах аразӕм Йегъовӕйы хъуыддаг, ӕмӕ йӕ хъӕуы аразын, уый куыд зӕгъы, афтӕ. Мах стӕм кусджытӕ, Йегъовӕ та у Хицау (Лук. 17:10). Йегъовӕйы хъуыддаг, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ куы аразӕм, уӕд «ӕфсондзимӕ» тох кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзыстӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд хӕхтӕ дӕр фӕлдахдзыстӕм ӕмӕ цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр хиздзыстӕм. Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ ничи бахъыгдардзӕн! (Ром. 8:31; 1 Иоан. 4:4). Махӕн нӕ нысан у нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ Йесойы фӕдыл цыдысты, ӕнӕфсис кӕй уыдысты ӕмӕ йӕм цӕмӕдӕр кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ йӕ фӕдыл бирӕ нӕ фӕцыдысты. Йесойы ӕфсондз сӕ зӕрдӕмӕ нал цыд, ӕмӕ йӕ сӕхицӕй раппӕрстой (Иоан. 6:25–27, 51, 60, 66; Фил. 3:18, 19). Фӕлӕ Хуыцауы ӕмӕ иннӕты ӕцӕгӕй чи уарзта, уыдон уыцы ӕфсондз цӕрӕнбонты цингӕнгӕйӕ хастой, ӕмӕ сын уыд ныфс, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ кӕй уыдзысты. Махӕн дӕр раст зӕрдӕйы уаг куы уа, уӕд Йесойы ӕфсондз цингӕнгӕйӕ хӕсдзыстӕм. w19.09 20 ф., 1 абз.; 24, 25 фф., 19, 20 абз.
Ӕртыццӕг, 15 сентябрь
Базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн (Иоан. 8:32).
Ахъуыды-ма кӕн, мӕнг ахуырӕдтӕй кӕй ссӕрибар дӕ, уый фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын дӕ, уыдоныл. Ахӕм сӕрибардзинад нын кӕй ис, уый нын цӕй стыр циндзинад хӕссы! Фӕлӕ ма фидӕны фылдӕр цӕмӕйдӕрты ссӕрибар уыдзынӕ. Тагъд Йесо фесафдзӕн мӕнг динтӕ ӕмӕ мӕнгард хицауӕдтӕ. Хуыцау, чи йын лӕггад кӕны, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ стӕй зӕххыл дзӕнӕты йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Рарг. 7:9, 14). Уыцы рӕстӕг райгас уыдзӕн дуне адӕм, ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй ссӕрибар уой, Адамы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй (Хъуыд. 24:15). Миназон хицаудзинады рӕстӕг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой ӕххӕст. Йӕ къахы алгъӕй дӕр ничиуал схъӕрздзӕн, стӕй адӕм ногӕй суыдзысты Хуыцауы сывӕллӕттӕ. Алы фӕндзайӕм аз дӕр-иу израилӕгтӕн сӕрибардзинад лӕвӕрд куыд ӕрцыд, афтӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг дӕр адӕмӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сӕрибардзинад, фӕлӕ уый уыдзӕн диссаджы сӕрибардзинад. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр суыдзысты алцӕмӕй ӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕды уацары нал уыдзысты. w19.12 12, 13 фф., 14–16 абз.
Цыппӕрӕм, 16 сентябрь
Варнавӕ [йын] баххуыс кодта (Хъуыд. 9:27).
Н. э. 1 ӕнусы иу рӕдау адӕймаг, Иосиф (хуыдтой йӕ Варнавӕ), цӕттӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ фӕндтӕ уый уылты дӕр ӕххӕст кодтаид (Хъуыд. 4:36, 37). Савл чырыстон куы сси, уӕд ӕм ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ хӕстӕг бацӕуын дӕр нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты кӕй ӕфхӕрдта. Фӕлӕ йын фӕлмӕнзӕрдӕ Варнавӕ баххуыс кодта (Хъуыд. 9:21, 26–28). Фӕстӕдӕр, Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бауынаффӕ кодтой, кӕй хъӕуы сириаг Антиохийы цӕрӕг ӕфсымӕрты бафидар кӕнын. Ӕмӕ кӕй арвыстой? Варнавӕйы! Ӕмӕ нӕ фӕрӕдыдысты. Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Варнавӕ «се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хицауыл иузӕрдион уой ӕмӕ йыл фидар хӕцой» (Хъуыд. 11:22–24). Афтӕ-иу Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ алчидӕр суа «рӕвдыддзинады фырт», ома-иу цӕмӕй не ’мчырыстӕтты ныфс бауадзӕм ӕмӕ-иу сӕ ныхасӕй барӕвдауӕм. Зӕгъӕм, йӕ бон у, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоны мах уылты ныфс бауадзын. Кӕнӕ та нӕ, гӕнӕн ис, баразӕнгард кӕна, цӕмӕй рынчын кӕнӕ ныфссаст адӕймаджы бабӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ та йӕм телефонӕй бадзурӕм ӕмӕ йын цалдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхасы зӕгъӕм. Варнавӕйау ды дӕр Йегъовӕйӕн уый фадат ратдзынӕ, цӕмӕй йӕ фӕндтӕ дӕу уылты дӕр ӕххӕст кӕна? (1 Фес. 5:14). w19.10 22 ф., 8 абз.
Майрӕмбон, 17 сентябрь
Рӕдыд чи ныххатыр кӕны, уый тырны уарзондзинадмӕ, чи йыл фӕдзуры, уый та хорз ӕмбӕлтты кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны (Ӕмб. 17:9).
Не ’мбӕлттимӕ иумӕ исты хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд сын хатт ӕрмӕст сӕ хорз миниуджытӕ нӕ фӕуынӕм, фӕлӕ ма сӕ рӕдыдтытӕ дӕр. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хорз ӕмбӕлттӕ уӕм? Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй нӕ домӕм, цӕмӕй ӕххӕст уой. Уӕдӕ нын кӕд хорз ӕмбӕлттӕ ис, уӕд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хӕлардзинад ма фехӕла. Фӕлӕ не ’мбӕлттӕ куы фӕрӕдийой, уӕд-иу сын, гӕнӕн ис, бахъӕуа Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ раттын, ӕрмӕст фӕлмӕнӕй (Пс. 141:5). Куы нӕ фӕхъыг кӕной, уӕд сын хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм. Ӕмӕ сын иугӕр ныххатыр кодтам, уӕд-иу уыцы хабары кой хъуамӕ макуыуал скӕнӕм нӕдӕр сӕхицӕн, нӕдӕр ӕндӕр искӕмӕн. Ацы уӕззау рӕстӕджыты тынг ахсджиаг у, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕм ма кӕсӕм, фӕлӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд ноджы ӕнгомдӕр уыдзыстӕм. Ууыл хъуамӕ ныр архайӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг хорз ӕмбӕлттӕ тынг хъӕудзӕн. w19.11 6 ф., 13, 16 абз.
Сабат, 18 сентябрь
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20).
Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. Библийы ахуыртӕ уадзгӕйӕ хъуамӕ адӕмы ахуыр кӕнӕм, Йесо цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Хъуамӕ сын ӕмбарын кӕнӕм, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой. Уый тыххӕй та сӕ хъӕуы, цы базонынц, сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын, сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй фервӕздзысты, Йегъовӕйы бон куы ’рцӕуа, уӕд (1 Пет. 3:21). Ацы дунейы кӕронмӕ тынг гыццыл баззад. Уымӕ гӕсгӕ нын уыйбӕрц рӕстӕг нӕй, цӕмӕй Библи дарддӕр ахуыр кӕнӕм, Йегъовӕйы фӕндагыл ӕрлӕууынвӕнд чи нӕ кӕны, уыдонимӕ (1 Кор. 9:26). Мах хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын! Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ нырма дзӕвгар адӕмӕн хъӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фехъусын кӕнын. w19.10 11, 12 фф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 19 сентябрь
[Аарон] буд ӕрӕвӕрдзӕн судзгӕ зынгтыл Йегъовӕйы раз (Лев. 16:13).
Алы аз дӕр-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон Израилы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ-иу хистӕр сауджын фосы нывӕндтӕ ӕрхаста. Уыцы нывӕндтӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъуыди. Фӕлӕ уал-иу фыццаг хистӕр сауджын хъуамӕ буд судзгӕ зынгтыл сабыргай рауагътаид, цӕмӕй-иу цатыр хӕрздӕф буды тӕфӕй байдзаг уыдаид. Уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕ буды хуызӕн сты (Пс. 141:2; Рарг. 5:8). Хистӕр сауджын Йегъовӕйы размӕ буд бахӕссын йӕхицӕн стыр кадыл нымадта. Раст афтӕ, куы фӕкувӕм, уӕд-иу хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕм нӕ бон кувын кӕй у, уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй нымайӕм. Мах стыр бузныг стӕм, Дунесфӕлдисӕг нын уый бар кӕй радта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм, сывӕллон йӕ фыдмӕ куыд ӕввахс вӕййы, афтӕ (Иак. 4:8). Йегъовӕ нӕ нымайы йӕ хӕлӕрттыл! (Пс. 25:14). Цы кады аккаг нӕ скодта, уымӕн афтӕ тынг аргъ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ искуы фӕфыдӕнхъӕл кӕнӕм. w19.11 20, 21 фф., 3–5 абз.
Къуырисӕр, 20 сентябрь
Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй. Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй (Пс. 104:24).
Кӕм цӕрыс, уым адӕмӕн сӕ фылдӕр кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Бирӕ бӕстӕты адӕм ныр цас кусынц, уыйбӕрц раздӕр нӕ куыстой. Тынг бирӕ чи кусы, уыдонӕн арӕх рӕстӕг нӕ вӕййы сӕ бинонтӕн, стӕй баулӕфынӕн ӕмӕ сӕ цардыл ахъуыды кӕнынӕн дӕр (Еккл. 2:23). Иуӕй-иутӕ та кусын ӕппындӕр нӕ уарзынц ӕмӕ ӕфсӕнттӕ ссарынц, цӕмӕй ма кусой (Ӕмб. 26:13, 14). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ Йесо кусынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый хицӕн кӕны, ацы дунейы адӕм уымӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй. Йегъовӕ куыстуарзаг Хуыцау у. Ӕмӕ уый тыххӕй Йесо дӕр дзырдта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:17). Йегъовӕ сфӕлдыста тынг бирӕ зӕдты ӕмӕ ӕгӕрон Дун-дуне. Ахъуыды-ма кӕн, уыдӕттыл цас бафыдӕбон кодтаид. Ӕмӕ нӕ рӕсугъд зӕххыл дӕр цас диссӕгтӕ сфӕлдыста. w19.12 2 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 21 сентябрь
Ӕз ссардтон, мӕ зӕрдӕйӕн адджын чи у... ахӕм адӕймаджы... Давиды (Хъуыд. 13:22).
Цымӕ Давид Йегъовӕмӕ афтӕ тынг цӕй фӕрцы баввахс? Давид-иу Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базыдта, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ. Ӕрыгонӕй-иу Давид йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ быдыры бирӕ рӕстӕг ӕрвыста. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕд райдыдта, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, ӕхсӕвы-иу стъалыджын арвмӕ куы скаст, уӕд-иу дзы ӕрмӕст стъалытӕ нӕ уыдта. Уый-иу федта, чи сӕ скодта, уыцы Хуыцауы миниуджытӕ дӕр (Пс. 19:1, 2). Давид хъуыды кодта, адӕймаг куыд диссаджы конд у, ууыл, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы стыр зонд дисы ӕфтыдта (Пс. 139:14). Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ Давид ӕмбӕрста, йӕ разы рыджы мур йеддӕмӕ кӕй ницы у (Пс. 139:6). Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Алы бон дӕр дӕ алыварс цы феныс, уыдӕттыл хъуыды кӕн. Зӕгъӕм-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын, зайӕгойтӕм, цӕрӕгойтӕм ӕмӕ адӕммӕ кӕсгӕйӕ. Ӕмӕ-иу уӕд алы бон дӕр дӕ уарзӕгой Фыды тыххӕй ног цыдӕртӕ базондзынӕ (Ром. 1:20). Ӕмӕ йӕ бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарздзынӕ. w19.12 19, 20 фф., 15–17 абз.
Ӕртыццӕг, 22 сентябрь
Моисей куы сыстыр, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын (Дзут. 11:24).
Моисей уынаффӕ рахаста, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн. Моисейыл 40 азы бӕрц куы цыд, уӕд «фараоны чызджы фырты ном» хӕссыны бӕсты равзӕрста ӕндӕр цыдӕр – йӕ цард сбаста Хуыцауы адӕмимӕ, дзуттӕгтимӕ. Моисей йӕ къух систа йӕ кадджын бынатыл. Ӕмӕ дзуттӕгты сӕрыл куы рахӕцыд,– уыдон та Египеты уыдысты цагъартӕ,– уӕд ӕй ӕмбӕрста, фараоны маст ӕм кӕй ссудздзӕн. Фараон уыд хъомысджын хицау, ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ хуыцауыл нымадтой. Моисей цӕй диссаджы уырнындзинад равдыста! Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд. Ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр уыд йе ’ввахс Хӕлар (Ӕмб. 3:5). Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Моисейау алкӕй дӕр хъӕуы уынаффӕ рахӕссын: Хуыцауӕн лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕрбаиу уыдзӕн ӕви нӕ? Хуыцауӕн лӕггад кӕныны тыххӕй нӕ, чи зоны, бахъӕуа цӕуылдӕрты нӕ къух сисын. Стӕй, Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдон, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуой. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ нӕ уӕларвон Фыдыл куы дарӕм ӕмӕ йыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн! w19.12 17 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 23 сентябрь
Йегъовӕ Хуыцау сыджытӕй скодта адӕймаджы ӕмӕ йын йӕ фындзыхуынчъыты баулӕфыд цард (Райд. 2:7).
Кӕд сыджытӕй конд стӕм, уӕддӕр сыджытӕй бирӕ зынаргъдӕр стӕм. Йегъовӕ нын тынг кӕй аргъ кӕны, уый кӕцӕй зонӕм? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыддагмӕ. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ нӕ бон у фӕзмын, ӕмӕ нӕ афтӕмӕй сӕвӕрдта, зӕххыл ма ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй уӕлдӕр (Райд. 1:27). Стӕй ма нын зӕхх дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр нӕ дӕлбар бакодта (Пс. 8:4–8). Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд дӕр Йегъовӕ адӕмӕн къаддӕр аргъ кӕнын нӕ райдыдта. Йегъовӕ нын афтӕ тынг аргъ кӕны, ӕмӕ йӕ уарзон Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн ӕрхаста (1 Иоан. 4:9, 10). Йесойы нывонды фӕрцы Йегъовӕ райгас кӕндзӕн, Адамы тӕригъӕды тыххӕй чи амард, уыдоны – «рӕстгӕнджыты дӕр ӕмӕ фыдгӕнджыты дӕр» (Хъуыд. 24:15). Кӕд рынчын стӕм, зын нын у цардамӕлттӕ кӕнын йе та ныл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр Библийӕ зонӕм, Хуыцауӕн зынаргъ кӕй стӕм (Хъуыд. 10:34, 35). w20.01 15 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 24 сентябрь
Иннӕты хъуыддӕгты уӕхи ма тъыссут (1 Фес. 4:11).
Сӕрст чырыстонӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕй ис, уый, йӕ бинонтӕн ахӕм ныфс ис ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ нӕ уыд. Уыцы ныфс ын Хуыцау радта (1 Фес. 2:12). Уӕдӕ иннӕтӕм нӕ дӕтдзыстӕм, сӕ зӕрдӕ сын чи фӕриссын кӕна, ахӕм фарстатӕ. Зӕгъӕм, сӕрст ӕфсымӕры бинойнаджы нӕ фӕрсдзыстӕм, ӕнӕ уымӕй зӕххыл ӕнустӕм куыд цӕрдзынӕ, зӕгъгӕ. Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ног дунейы Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы фӕндон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Пс. 145:16). Сӕрст чырыстӕтты иннӕтӕй уӕлдӕр куы не ’вӕрӕм, уӕд афтӕмӕй нӕхи дӕр бахъахъхъӕндзыстӕм. Цӕмӕй? Библи ӕмбарын кӕны, сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, кӕронмӕ иузӕрдионӕй ма баззайой (Матф. 25:10–12; 2 Пет. 2:20, 21). Фӕлӕ мах ӕгӕр бӕрзонд куы никӕй ӕвӕрӕм, уӕд нӕ разамонджытыл адӕмы нӕ нымайдзыстӕм, сӕрст чырыстӕттӕ куы уой науӕд, зындгонд чи у кӕнӕ Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм чырыстӕттӕ, уӕддӕр (Иуд. 16). Ӕмӕ уыдонӕй исчи Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ куы сива кӕнӕ ӕмбырд куы ныууадза, уӕддӕр махӕн нӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм. w20.01 29 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 25 сентябрь
Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут (Еф. 5:1).
Мах стӕм Хуыцауӕн «йӕ уарзон хъӕбултӕ», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕддӕр фӕархайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм. Мах фӕархайӕм, цӕмӕй уӕм уый хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ, хӕларзӕрдӕ, уый хуызӕн иннӕты уарзӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы адӕм нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ куы уыной, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын (1 Пет. 2:12). Ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы куы фӕзмой, уӕд, гӕнӕн ис, сывӕллӕтты дӕр бафӕнда, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хӕлар суа. Мах нӕ уӕларвон Фыдӕй, Йегъовӕйӕ, сӕрыстыр стӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной. Паддзах Давид загъта: «Мӕ уд сӕрыстыр уыдзӕн Йегъовӕйӕ» (Пс. 34:2). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ зӕрдӕйы ахӕм ӕнкъарӕнтӕ ис. Фӕлӕ ӕфсӕрмыгӕнаг куы уӕм ӕмӕ нӕ ныфс куы нӕ хӕссӕм иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурынмӕ, уӕд та нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд-иу ын йӕ зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзыстӕм, стӕй уый иннӕтӕн дӕр стыр пайда кӕй хӕссы. Ӕмӕ-иу уӕд фӕныфсджындӕр уыдзыстӕм. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн ныфсджынӕй дзурынӕн, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ (1 Фес. 2:2). w20.02 11 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 26 сентябрь
Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд (Матф. 28:19).
Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕй бирӕтӕ донаргъуыд райсынц. Фӕлӕ сӕ чидӕртӕ, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой, уымӕ сӕ ныфс нӕ хӕссынц. Сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ, донаргъуыды размӕ цы къахдзӕфтӕ хъӕуы саразын, уыдон нӕ аразынц. Не ’ппӕты дӕр фӕнды, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй, цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ архайой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм лӕггад кӕной, кӕй йӕ уарзынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ нӕ нысан у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбарой, Йегъовӕ сыл тынг кӕй тыхсы ӕмӕ сӕ тынг кӕй уарзы. Хъуамӕ сын баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй феной, Йегъовӕ кӕй у «сидзӕрты фыд ӕмӕ идӕдзты тӕрхонгӕнӕг» (Пс. 68:5). Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый куы бамбара, Хуыцау ӕй куыд тынг уарзы, уӕд ӕй, чи зоны, уый дӕр бауарза. Уымӕ гӕсгӕ йын ӕмбарын кӕн, нӕ уарзӕгой Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнусон цардӕй схайджын уа, ӕмӕ йын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уый йӕ къухы бафта. w20.01 3 ф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 27 сентябрь
Дӕ уарзондзинады тыххӕй куы фехъуыстон, уӕд мын уый ӕрхаста стыр цин ӕмӕ удӕнцой (Филим. 7).
Апостол Павел сӕрныллӕг уыди, ӕмӕ ӕмбӕрста, уымӕн дӕр-иу йӕ ныфсыл ныфс бафтауын кӕй хъуыд. Куыд зыны, афтӕмӕй нӕ тарсти, йе ’мбӕлттӕ йӕ зын рӕстӕджы кӕй фидар кодтой, уый тыххӕй йӕ иннӕтӕ лӕмӕгъ адӕймагыл кӕй банымайдзысты, уымӕй (Кол. 4:7–11). Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ-иу куы басӕттӕм, махӕн дӕр кӕй фӕхъӕуы нӕ ныфсыл ныфс бафтауын, уӕд-иу нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзысты. Павел зыдта, Фыстад ын удӕнцойы хос кӕй уыдзӕн (Ром. 15:4). Зыдта ма, Фыстады фӕрцы йӕм кӕй уыдзӕн ахӕм зонд, цӕмӕй йӕ бон уа цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын (2 Тим. 3:15, 16). Ромы дыккаг хатт ахст куы уыд, уӕд ӕй ӕмбӕрста, тагъд ын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕсдзысты. Павел Тимофеймӕ ныффыста, тагъддӕр мӕм ӕрцу ӕмӕ демӕ «тыхтӕттӕ» рахӕсс, зӕгъгӕ (2 Тим. 4:6, 7, 9, 13). Цымӕ цӕмӕн? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы тыхтӕттӕ уыдысты Дзуттаг Фыстытӕй кӕцыдӕр чингуытӕ. Ӕмӕ Павелы хъуыдысты, цӕмӕй йӕ бон уыдаид Хуыцауы Ныхас арф иртасын. Мах дӕр Павелау Хуыцауы Ныхас ӕдзух куы иртасӕм, уӕд-иу нын Йегъовӕ йӕ Ныхасы фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕндзӕн, цыфӕнды зын уавӕры ма уӕм, уӕддӕр. w20.02 23 ф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 28 сентябрь
Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн (Матф. 7:1).
Елифаз, Вилдад ӕмӕ Софар цы дзырдтой, уымӕй бӕрӕг у, Иовӕн куыд баххуыс кӕной, ууыл кӕй нӕ хъуыды кодтой. Уыдонмӕ афтӕ каст, ӕмӕ Иов Хуыцауы раз цӕмӕйдӕр фӕрӕдыд, ӕмӕ хъуыды кодтой, уый куыд сбӕлвырд кӕной, ууыл. Сӕ ныхӕстӕй кӕцыдӕртӕ раст уыдысты. Фӕлӕ, Иовы тыххӕй ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй цы дзырдтой, уыдӕттӕн сӕ фылдӕр мӕнг ныхӕстӕ уыдысты. Стӕй сӕ ныхӕстӕ уарзондзинадыл дзурӕг дӕр нӕ уыдысты (Иов 32:1–3). Уыдон Иовы карз уайдзӕфты бын фӕкодтой. Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Уыцы ӕртӕ адӕймагмӕ йӕ маст ссыгъд. Йегъовӕ сӕ схуыдта ӕнӕзӕндтӕ. Стӕй сӕ Иовмӕ арвыста, ацӕут ӕмӕ Иовӕн зӕгъут, цӕмӕй сымах тыххӕй скува, зӕгъгӕ (Иов 42:7–9). Елифаз, Вилдад ӕмӕ нын Софары хабар зондзонӕн куыд у? Фыццаг: хъуамӕ не ’фсымӕртӕм фаутӕ ма хӕссӕм (Матф. 7:2–5). Цалынмӕ-иу сын исты зӕгъӕм, уӕдмӕ уал-иу сӕм хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусӕм. Ӕрмӕстдӕр сӕ уӕд бамбардзыстӕм (1 Пет. 3:8). Дыккаг: нӕ ныхӕстӕ хъуамӕ уой уарзондзинадыл дзурӕг ӕмӕ хъуамӕ, ӕцӕг цы у, уый дзурӕм (Еф. 4:25). Ӕмӕ ӕртыккаг: кӕрӕдзийӕн цы дзурӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. w20.03 22, 23 фф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 29 сентябрь
Кувут Хуыцаумӕ... алцӕй тыххӕй дӕр (Еф. 6:18).
Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ, иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕй нӕхӕдӕг дӕр хуыздӕр базонӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕ нын куы баххуыс кӕны, раст зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, ахӕм адӕмы ссарынӕн, уӕд ӕй нӕхи цӕстӕй фенӕм, тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у (Иоан. 6:44; Хъуыд. 13:48). Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц ӕмӕ сӕ удыхъӕд ногмӕ ивын куы райдайынц, уӕд та фенӕм, Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис ӕмӕ куыд архайы, уый (Кол. 3:9, 10). Ӕмӕ куы фенӕм, Хуыцау нӕ территорийы адӕмӕн цас фадӕттӕ дӕтты, цӕмӕй йӕ базоной ӕмӕ фервӕзой, уӕд та бамбарӕм, фӕразон кӕй у (Ром. 10:13–15). Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн. Ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, кӕй йӕм кувӕм, уымӕй. Дыууӕ адӕймаджы арӕх куы фӕныхас кӕнынц, уӕд сӕ уый кӕрӕдзийыл тынг сбӕтты. Уӕдӕ Хуыцаумӕ арӕх кув ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсдӕр кӕн. Ма ’фсӕрмы кӕн, дӕ зӕрдӕйы рӕбын цытӕ ис, уыдӕттӕ йын дзурын. w19.12 19 ф., 11, 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 30 сентябрь
Уӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдысты (1 Иоан. 2:12).
Уый нын цӕй стыр удӕнцойы хос у! Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕмӕ кӕрон скӕндзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ нын йӕ дуне цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдонӕн (Ис. 65:17; 1 Иоан. 3:8; Рарг. 21:3, 4). Уый нӕ цӕй стыр ныфс уадзы! Ӕмӕ нын Йесо цы куыст бахӕс кодта, уый кӕнын кӕд ӕнцон нӕу, уӕддӕр немӕ уыдзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ уый зонгӕйӕ мах стӕм хъӕбатыр! Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы ис фарн! Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕззау фӕлварӕнты нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнӕм? Йесойӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кодтой, уыдон. Фыццаг: цыфӕнды уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувӕм. Дыккаг: Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, уый ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр. Ӕмӕ ӕртыккаг: фӕлварӕнты рӕстӕг-иу не ’мбӕлтты ӕххуысыл сразы уӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Хуыцауы фарн нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд хъахъхъӕндзӕн (Фил. 4:6, 7). Ӕмӕ уӕд Йесойау фӕлварӕнты фидар лӕудзыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ацы дунейыл уӕлахиз кӕндзыстӕм (Иоан. 16:33). w19.04 13 ф., 16, 17 абз.