Октябрь
Майрӕмбон, 1 октябрь
Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса (2 Аз. 16:9).
Йегъовӕ абон йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм иу хъуыддагыл. Мах хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн рӕстдзинад амонӕм ӕгас зӕххыл дӕр (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ афтӕмӕй мах хурмӕ калӕм Хӕйрӕджы фыдхъуыддӕгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бар куы уаид, уӕд уыцы хъуыддаг ӕрлӕууын кӕнид. Фӕлӕ уый йӕ бон нӕу. Уӕдӕ нӕ фыдгӕнӕг тыхтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын дӕлимонтӕ ахӕм зиан нӕ ракӕндзысты, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕй дӕр хъӕуы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕууын ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, стӕй ныл Хӕйрӕг хинӕй нӕ рацӕудзӕн. Уымӕй уӕлдай нӕ кӕд дӕлимонтӕ тас бауадзыныл архайынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм. Сӕйраджыдӕр та афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм. Библийы фыст ис: «Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн. Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:7, 8). w19.04 24 ф., 15 абз.; 25 ф., 18 абз.
Сабат, 2 октябрь
Зӕнӕг у... лӕвар (Пс. 127:3).
Уӕ сывӕллӕттӕ сты Хуыцауы лӕвар. Йегъовӕ сӕ сымах бар бакодта, ӕмӕ сӕ хъуамӕ хъахъхъӕнат, тӕссаг сын цӕмӕйдӕриддӕр у, уыдӕттӕй. Уӕ бон куыд у уӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уыдонӕй? Фыццаг: сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы бакӕнынц, уыцы хабары тыххӕй фылдӕр базонут. Базонут, ахӕм митӕ цавӕр адӕм бакӕнынц ӕмӕ сывӕллӕттыл сайдӕй куыд рацӕуынц, уый тыххӕй. Ахъуыды кӕнут, уӕ сывӕллӕттӕн тӕссаг цавӕр уавӕрты уыдзӕн, ууыл (Ӕмб. 22:3; 24:3). Рох уӕ ма уӕд: арӕхдӕр сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ бакӕнынц, сывӕллӕттӕ хорз кӕй фӕзонынц ӕмӕ кӕуыл феууӕндынц, уыдон. Дыккаг: уӕ сывӕллӕттимӕ ӕргом ныхас кӕнут (Дык. з. 6:6, 7; Иак. 1:19). Уӕ зӕрдыл дарут уый, ӕмӕ арӕх сывӕллӕтты нӕ фӕфӕнды, чидӕр сын ахӕм ми кӕй бакодта, уый тыххӕй дзурын. Чи зоны, фӕтӕрсынц, куы ничи сыл баууӕнда, уымӕй. Кӕнӕ та сын ахӕм ми чи бакӕны, уыдон сӕм, чи зоны, бартхъирӕн кӕнынц, куы сӕ схъӕр кӕной, уӕд сын ӕвзӕрӕй исты кӕй сараздзысты. Кӕд уӕ сывӕллонмӕ уӕ зӕрдӕ истӕмӕй ӕхсайы, уӕд йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕнут, фарстатӕ йӕм раттут ӕмӕ йӕм фӕразонӕй байхъусут. Ӕртыккаг: уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут. Амонут сын, исчи сӕм дзӕгъӕл ӕвнӕлдтытӕ куы кӕна, уӕд цы хъуамӕ зӕгъой ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый. w19.05 13 ф., 19–22 абз.
Хуыцаубон, 3 октябрь
Йегъовӕйӕн хъалзӕрдӕ адӕймаг ӕнад у (Ӕмб. 16:5).
Цымӕ цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ ахӕм адӕймаг йӕхи афтӕ фӕуарзы, ӕмӕ йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы, ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад та у Хӕйрӕджы миниуджытӕй иу. Ахъуыды-ма кӕн: Хӕйрӕг афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Йесо – Хуыцау ӕппӕт дӕр кӕй ӕххуысӕй сфӕлдыста, уый – йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхаудзӕн ӕмӕ йын бакувдзӕн! (Матф. 4:8, 9; Кол. 1:15, 16). Йӕхицӕй хъал чи у, уыдон сӕхи зондджын хонынц, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты та сты ӕнӕзонд (1 Кор. 3:19). Библи нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмбарын нын кӕны, адӕймаг йӕхи уарза, уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис. Йесо загъта: «Уарз иннӕты, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Матф. 19:19). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, адӕймаг йӕхиуыл дӕр кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна. Фӕлӕ Библи афтӕ нӕ дзуры, ӕмӕ хъуамӕ дӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайай. Уым фыст ис: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Фил. 2:3; Ром. 12:3). w19.05 24 ф., 13, 14 абз.
Къуырисӕр, 4 октябрь
Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Библи ӕцӕгӕй цы дзуры, уый куы базыдтай ӕмӕ дӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы бафӕндыд, уӕд дӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын бахъуыд, ууыл-ма ахъуыды кӕн. Цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккам, уый тыххӕй нӕ бирӕты бахъуыд не ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын (1 Кор. 6:9–11). Ӕмӕ куыд тынг бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй фервӕзынӕн нын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй! Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ ницыуал хъӕуы ивын. Кӕд, донаргъуыды размӕ цы стыр тӕригъӕдтӕ кодтам, уыдон нал кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хизӕм, ногӕй нӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ аразынмӕ цы сцыбӕл кӕнид, уыдӕттӕй. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы аразын. Фыццаг: хъуамӕ ацы дуне «мауал фӕзмӕм». Дыккаг: хъуамӕ нӕ «удыхъӕд ивӕм», нӕ зонд ног кӕнӕм, афтӕмӕй. Удыхъӕд ивын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ног кӕнӕм нӕ зонд – ивӕм нӕ зӕрдӕйы арф хъуыдытӕ, нӕ миниуджытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ. w19.06 9 ф., 4–6 абз.
Дыццӕг, 5 октябрь
Ды [мын] баххуыс кодтай, о Йегъовӕ, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодтай (Пс. 86:17).
Ныфссаст куы вӕййӕм, фӕлӕ уӕддӕр ӕмбырдтӕм куы фӕцӕуӕм, уӕд нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты. Ӕмбырды куы вӕййӕм, уӕд-ма Йегъовӕйӕн ноджыдӕр иу фадат раттӕм, цӕмӕй-иу нын «баххуыс кӕна» ӕмӕ-иу нын нӕ «зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна». Уым нӕ бафидар кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы, йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕрцы. Ӕмбырдты нын вӕййы фадат, цӕмӕй-иу «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм» (Ром. 1:11, 12). Иу хо, София, загъта: «Йегъовӕйы ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕрцы фидар фӕлӕууыдтӕн. Стыр ӕххуыс мын фесты ӕмбырдтӕ. Ӕз ӕй бамбӕрстон, уацамынды ӕмӕ ме ’мбырды хъуыддӕгты фылдӕр куы фӕархайын, уӕд къаддӕр кӕй фӕтыхсын ӕмӕ къаддӕр кӕй фӕмӕт кӕнын». Нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд-иу хъуамӕ рох ма кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ фидӕны нӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ нын абон дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ сфӕразӕм. Зӕрдӕсаст ӕмӕ ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ ахӕм тых ратты, цӕмӕй нӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм», ӕмӕ нӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ сӕ быны ма фӕкӕной (Фил. 2:13). w19.06 19 ф., 17, 18 абз.
Ӕртыццӕг, 6 октябрь
Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн зӕгъут, цӕмӕй Галилейӕмӕ ацӕуой. Уым мӕ фендзысты (Матф. 28:10).
Ӕвӕццӕгӕн, Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн тынг ахсджиаг амындтӕ раттын, уымӕн ӕмӕ, куы райгас, уӕд фыццаг бацархайдта, цӕмӕй семӕ фембӕлдаид. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд сын загъта, 1 ӕнусы цы ахсджиаг куыст кӕндзысты, уый тыххӕй, ӕмӕ абон мах дӕр уыцы куыст кӕнӕм. Йесо загъта: «Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20). Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр хорз хабар хъусын кӕной. Уыцы хъуыддаг ӕрмӕст йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолӕн нӕ бахӕс кодта. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йесо Галилейӕйы иу хохыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы бафӕдзӕхста, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд уым канд апостолтӕ нӕ уыдысты. Хъуыды ма йӕ кӕныс, зӕд сылгоймӕгтӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕн загътаиккой: «Уым ӕй [ома Галилейӕйы] фендзыстут»? (Матф. 28:7). Уӕдӕ иузӕрдион сылгоймӕгтӕ зыдтой, Йесо кӕм уыдзӕн, уый. w20.01 2 ф., 2–4 абз.
Цыппӕрӕм, 7 октябрь
Сымах... ацы дунейӕ не стут, фӕлӕ уӕ ӕз равзӕрстон ацы дунейӕ, ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны (Иоан. 15:19).
Йесо бамбарын кодта, нӕ ныхмӕ цӕмӕн цӕудзысты, уый. Уый загъта, ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый тыххӕй нӕ адӕм се сӕфт кӕй уындзысты. Уӕдӕ, ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ арфӕдзинадӕй ӕнӕхай фӕкодта. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразӕм! Зӕххон адӕймагӕн йӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйӕн мачиуал лӕггад кӕна. Ууыл бирӕтӕ архайдтой, фӕлӕ сын ницы рауад. Ӕркӕсӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг хабар куыд уыд, уымӕ. Бирӕ бӕстӕты хицауад Хуыцауы адӕмы карзӕй ӕфхӕрдта. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрмӕст Германийы нӕ сӕхгӕдтой (сӕхгӕдта сӕ нацистон парти), фӕлӕ ма Австралийы, Канадӕйы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, хабар куыд рауад, ууыл. 1939 азы, хӕст куы райдыдта, уӕд, ӕгас зӕххыл дӕр уыди 72 475 хъусынгӕнӕджы. Фӕлӕ 1945 азы, хӕст куы фӕци, уӕд, хъусынгӕнджытӕ хыгъдтӕм гӕсгӕ уыдысты 156 299. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодта, ӕмӕ сӕ нымӕцыл дыууӕ хаттӕй дӕр фылдӕр бафтыд! w19.07 9 ф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 8 октябрь
Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).
Кӕд ныртӕккӕ дӕхӕдӕг Библи никӕимӕ ахуыр кӕныс, уӕддӕр дӕ бон у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайын. Зӕгъӕм, ногтӕ Паддзахады залмӕ куы ’рбацӕуынц, уӕд-иу сыл бацин кӕн ӕмӕ-иу сӕм, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй фӕкӕс. Алчидӕр нӕ ахӕм уарзондзинад куы ’вдиса, уӕд бамбардзысты, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Ӕмбырды дзуапп куыд фӕдӕттыс, уымӕй дӕр дӕ бон у ногты цӕуылдӕр ахуыр кӕнын. Гӕнӕн ис, дӕ дзуаппытӕ цыбыр уой. Фӕлӕ дӕхи ныхӕстӕй куы дзурай ӕмӕ дӕ дзуаппытӕй бӕрӕг куы уа, иннӕты ӕнкъарӕнтыл кӕй хъуыды кӕныс, уӕд уымӕй ногтӕн фӕзминаг уыдзынӕ. Дӕ бон ма у ног хъусынгӕнӕгимӕ уацамынды ацӕуын ӕмӕ йын баххуыс кӕнын, цӕмӕй сахуыр уа адӕмимӕ ныхасгӕнгӕйӕ Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын. Афтӕмӕй йын ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй Чырыстийы фӕзма (Лук. 10:25–28). Чырыстӕттӕй бирӕтыл сӕ лӕггадӕй уӕлдай уыйбӕрц хӕстӕ ис, ӕмӕ сӕ сӕрыл куырой фӕзилы. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ рӕстӕгӕй рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй адӕмимӕ Библи ахуыр кӕной. Ӕмӕ сын уый хӕссы стыр циндзинад. w19.07 17 ф., 11, 13 абз.
Сабат, 9 октябрь
Ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ. Ӕз ӕппӕт хъарутӕй тырнын мӕ нысанмӕ (Фил. 3:13, 14).
Апостол Павелы згъорын ницы хъыгдардта: нӕдӕр, уый размӕ йын цы бантыст, уыдӕттӕ, нӕдӕр йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ. Уый загъта, кӕй йӕ хъуыди «ферох кӕнын, фӕстейӕ цы баззад, уый», цӕмӕй йӕ хъарутӕ радтаид, «разӕй цы ис, уымӕ», ома цӕмӕй йӕ фӕндагыл згъоргӕйӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдаид. Павел цы арӕзта, цӕмӕй йӕ мацы хъыгдардтаид? Фыццаг: кӕд раздӕр дзуттаг диныл тынг ӕнувыд уыд ӕмӕ йын йӕ дины бирӕ бантыст, уӕддӕр уыдӕттӕ банымадта «быроныл» (Фил. 3:3–8). Дыккаг: кӕд, раздӕр чырыстӕтты кӕй ӕфхӕрдта, уый тыххӕй йӕ йӕ цӕсгом хордта, уӕддӕр ын уый къуылымпыйы хос нӕ фӕци ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодта. Ӕмӕ ӕртыккаг: афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ фаг бафыдӕбон кодта. Павел-иу ахст дӕр уыд, фыднад дӕр-иу ӕй фӕкодтой, дуртӕй йӕ фӕхостой, ӕртӕ хатты бахауд ахӕм уавӕры, ӕмӕ-иу цы науыл цыди, уый-иу ныппырх, суанг ма-иу ӕххормаг дӕр уыд, стӕй зыдта, бӕгънӕг цы у, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕнтыстджынӕй лӕггад кодта (2 Кор. 11:23–27). Ӕмӕ кӕд ӕнтыстджын уыд, стӕй бирӕ зындзинӕдтӕ дӕр бавзӕрста, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн дарддӕр кӕй хъуамӕ лӕггад кӕна. Ӕмӕ уымӕй махӕн дӕр фӕзминаг у. w19.08 3 ф., 5 абз.
Хуыцаубон, 10 октябрь
Ӕз сымах ӕрвитын, фысты бирӕгъты ’хсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау (Матф. 10:16).
Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ цӕрынц, сӕ бон сӕрибарӕй кӕнӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын кӕм нӕу, ахӕм бӕстӕты. Уыдон хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕндӕр фадӕттӕ ссарынц (Матф. 10:17–20). Иу ахӕм бӕстӕйы иу районон цӕстдарӕг хъусынгӕнджытӕн загъта, алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон кӕй у йӕхи «территори» скӕнын, ома йӕ хиуӕттӕн, йӕ сыхӕгтӕн, йӕ къласӕгтӕн, йе ’мкусджытӕн ӕмӕ йӕ зонгӕтӕн хъусын кӕнын. Ӕмӕ дыууӕ азмӕ сӕ районы ӕмбырдты нымӕцыл дзӕвгар бафтыд. Чи зоны, мах ахӕм бӕстӕйы нӕ цӕрӕм. Фӕлӕ нын уӕддӕр уыцы сӕрӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ сты фӕзминаг. Ды дӕр ӕдзух фадӕттӕ агур хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ дын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зын уавӕрты дӕр хъусын кӕнай (Фил. 2:13). Ныр уый рӕстӕг у, цӕмӕй-иу, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнӕм, архайӕм, цӕмӕй нӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, иннӕтӕн цӕлхдур ма уӕм ӕмӕ рӕстдзинады хъӕздыг тыллӕг дӕттӕм. Уӕд нӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйӕн кад хӕсдзыстӕм. w19.08 13 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 11 октябрь
Ӕз федтон лӕггадгӕнджыты бӕхтыл бадгӕ, кънйӕзты та хуымӕтӕг лӕггадгӕнджытау фистӕгӕй цӕугӕ (Еккл. 10:7).
Ӕдзух йӕ ныхасыл чи ныллӕууы ӕмӕ иннӕты хъуыды чи ницӕмӕ дары, ахӕм адӕймагимӕ ӕнцон, ӕвӕццӕгӕн, никӕмӕн вӕййы. Фӕлӕ, иннӕты рыст кӕмӕ хъары, ӕфсымӕрты чи уарзы, иннӕты зын чи ӕмбары ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ та нын ӕхсызгон вӕййы исты аразын (1 Пет. 3:8). Ӕмӕ кӕд мах зӕрдӕмӕ цӕуынц ахӕм адӕм, уӕд мах дӕр уыдоны зӕрдӕмӕ куыннӕ цӕудзыстӕм, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ма нын уый фӕрцы царды дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, афтӕ дӕр-иу уыдзӕн, ӕмӕ-иу нӕм цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ раст нӕ кӕсдзысты. Тынг курдиатджын чи вӕййы, уыдонӕн алы хатт не скад кӕнынц. Афтӕ курдиатджын чи нӕу, уыдоны та хатт бӕрзонд сисынц. Фӕлӕ, Соломон куыд загъта, афтӕмӕй хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй ӕмбарӕм, цард ныртӕккӕ афтӕ кӕй у, ӕмӕ, цӕуылдӕрты ӕдзух мӕсты кӕнӕм, уымӕй пайда кӕй нӕй (Еккл. 6:9). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн цардмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Афтӕ-иу нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ алцыдӕр, махмӕ раст куыд кӕсы, афтӕ хъуамӕ уа. w19.09 4 ф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 12 октябрь
Фыдӕлтӕ... уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут (Еф. 6:4).
Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн, зӕгъӕм, фыдӕлтӕн, фадат вӕййы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн. Йегъовӕ фыды сӕвӕрдта бинонты хистӕрӕй, ӕмӕ йын бахӕс кодта, цӕмӕй йӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕна ӕмӕ сын зонд амона (1 Кор. 11:3). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ бартӕй йӕ бон у, куыддӕриддӕр ӕй фӕнды, афтӕ пайда кӕнын. Уый дзуапп дӕтты Йегъовӕйы раз – «алы бинонтӕн дӕр номӕвӕрӕг чи у, уый раз» (Еф. 3:14, 15). Фыд Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсы, уый ӕвдисы, йӕ бартӕй, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ кӕй пайда кӕны, уымӕй. Йегъовӕ дын цы бартӕ радта, уыдонӕй раст пайда кӕн. Дӕ рӕдыдтытыл-иу басӕтт ӕмӕ дын исчи Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ куы ратта, уӕд-иу ӕм байхъус. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дын дӕ бинонтӕ дӕ сӕрныллӕгдзинады тыххӕй аргъ кӕндзысты. Дӕ бинонтимӕ иумӕ куы кувай, уӕд-иу Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзур. Уадз ӕмӕ уыной, дӕ ныфс Хуыцауыл куыд тынг дарыс, уый. Ӕмӕ сӕйраджыдӕр та архай, цӕмӕй дын ӕппӕты ахсджиагдӕр уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Дык. з. 6:6–9). Дӕ бинонтӕн фӕзминаг куы уай, уӕд сын уый уыдзӕн стыр лӕвар. w19.09 15 ф., 8 абз.; 17 ф., 14 абз.; 18 ф., 16 абз.
Ӕртыццӕг, 13 октябрь
[Марк] уӕм куы ’рцӕуа, уӕд-иу ӕй суазӕг кӕнут (Кол. 4:10).
Маркӕн ӕхсызгон уыд иннӕтӕн истӕмӕй балӕггад кӕнын. Кӕстӕры лӕггад кодта апостол Павелӕн дӕр ӕмӕ апостол Петрӕн дӕр. Чи зоны-иу сын ӕлхӕдта хойрӕгтӕ ӕмӕ-иу ссардта, кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынӕттӕ (Хъуыд. 13:2–5; 1 Пет. 5:13). Павел афтӕ кӕмӕй загъта, «уыдон ӕрбалӕууыдысты мӕ фарсмӕ Хуыцауы паддзахады хъуыддаджы, уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос», зӕгъгӕ, уыдонӕй иу уыди Марк (Кол. 4:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел аргъ кодта, Марк ын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, уымӕн. Ӕмӕ йын тынг ӕввахс ӕмбал сси. Павел н. э. 65 азмӕ ’ввахс, Ромы фӕстаг хатт ахст куы уыд, уӕд, ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг Тимофеймӕ. Ӕмӕ дзы ныффыста, цӕмӕй Тимофей Роммӕ ӕрцыдаид ӕмӕ Марчы дӕр йемӕ ракодтаид (2 Тим. 4:11). Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕмбӕрста, тагъд ын мӕлӕты тӕрхон кӕй рахӕсдзысты ӕмӕ йын бирӕ кӕй нал баззад. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй фӕндыд, цӕмӕй Марк йӕ фарсмӕ уыдаид. Марк ын, цӕмӕй хъуыд, уымӕй ӕххуыс кодта, ӕвӕццӕгӕн-иу ын ӕрбахаста хӕринаг ӕмӕ фыссӕнгӕрзтӕ. Ӕмӕ йын афтӕ кӕй ӕххуыс кодта, стӕй йын ныфсы хос кӕй уыд, уый фӕрцы Павелӕн ӕнцондӕр уыд йӕ царды фӕстаг бонтӕ сфӕразын. w20.01 11 ф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 14 октябрь
Ӕрцӕут [мӕм] (Матф. 11:28).
Мах аскъуыддзаг кодтам, удуӕлдай цард кӕй кӕндзыстӕм ӕмӕ бирӕ кӕй фыдӕбон кӕндзыстӕм. Йесо нӕ бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, уӕ фӕдыл зилдзысты ӕмӕ уӕ ӕфхӕрдзысты. Фӕлӕ нӕ фидарӕй уырны, Йегъовӕ нын фаг хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразӕм. Ӕмӕ-иу фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд-иу Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм (Иак. 1:2–4). Уымӕй уӕлдай ма зонӕм, Йегъовӕ нӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух кӕй нӕ уадздзӕн, стӕй ныл Йесо кӕй тыхсдзӕн ӕмӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтаудзысты (Матф. 6:31–33; Иоан. 10:14; 1 Фес. 5:11). Йесо «тугцыдӕй» кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймаг уайтагъд удӕнцой ссардта (Лук. 8:43–48). Фӕлӕ йын цӕмӕй цард ӕнустӕм дӕр удӕнцой хастаид, уый тыххӕй хъуамӕ суыдаид Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинаг. Цымӕ куыд бакодта уыцы сылгоймаг? Кӕд Йесойы ӕфсондз йӕхиуыл сӕвӕрдта, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кастаид диссаджы хӕрзиуӕг – йӕ бон уыдаид Йесоимӕ уӕлӕрвты лӕггад кӕнын! Чырыстийы фӕдыл цӕугӕйӕ йӕхи цӕмӕйфӕнды куы фӕцух кодтаид, уӕддӕр уый ницы уыдаид, цы арфӕдзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уыимӕ абаргӕйӕ. Уӕдӕ нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис ӕви зӕххыл,– мах тынг бузныг стӕм, Йесо нӕ йӕхимӕ кӕй фӕхуыдта, уый тыххӕй! w19.09 25 ф., 21, 22 абз.
Майрӕмбон, 15 октябрь
Хӕдзар сырӕзы зонды фӕрцы ӕмӕ фидар кӕны арфуынындзинады фӕрцы (Ӕмб. 24:3).
Давиды хъуыди ӕххуыс, ӕмӕ йӕ адӕмы арвыста иу хъӕздыг израилаг лӕгмӕ, Навалмӕ, цӕмӕй дзы иу гыццыл хӕринаг ракуырдтаиккой. Ӕмӕ йӕм сӕ ныфс дӕр хастой исты ракурынмӕ, уымӕн ӕмӕ-иу ын ӕдзӕрӕг быдыры йӕ дзугтӕ хъахъхъӕдтой. Фӕлӕ Навалы йӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт уыд, ӕмӕ сын ницы радта. Давидӕн йӕ маст рафыхт, ӕмӕ сфӕнд кодта Навалы амарын, стӕй загъта, йӕ хӕдзары йын нӕлгоймаджы мыггагӕй иуы дӕр кӕй нал ныууадздзӕн (1 Сам. 25:3–13, 22). Навалӕн уыд рӕсугъд бинойнаг, Авигейӕ, ӕмӕ ма уыди ӕмбаргӕ сылгоймаг дӕр. Уый равдыста стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ Давиды размӕ атагъд кодта. Стӕй Давиды раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацыдаид ӕмӕ туг ма ныккалдтаид. Уӕзданӕй йын загъта, цӕмӕй хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтаид. Авигейӕ Давидимӕ афтӕ сӕрныллӕгӕй кӕй дзырдта ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы Давид йӕ фӕнд аивта. Бамбӕрста йӕ, Авигейӕйы Йегъовӕ кӕй рарвыста (1 Сам. 25:23–28, 32–34). Уыцы сылгоймаг йӕ удыхъӕды сфидар кодта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цыд, ахӕм миниуджытӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ уый уылты архайдта. Раст афтӕ чырыстон хотӕ дӕр куы сахуыр вӕййынц фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын, стӕй ӕмбаргӕ куы вӕййынц, уӕд Йегъовӕ уыдоны уылты фӕархайы, цӕмӕй-иу сын сӕ бинонты ӕмӕ ӕмбырды иннӕты бафидар кӕна (Тит. 2:3–5). w19.10 23 ф., 10 абз.
Сабат, 16 октябрь
Рацӕут дзы, мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕ сымахыл дӕр ма уой ӕмӕ уыл йӕ бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой (Рарг. 18:4).
Ӕцӕг чырыстӕттӕн хъуамӕ сӕ цардӕй бӕрӕг уа, Стыр Вавилонимӕ сын иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй ницы ис. Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый раздӕр, чи зоны, мӕнг динтӕй кӕцыдӕрыл хӕст уыд. Чи зоны, арӕх цыди аргъуанмӕ ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгты архайдта, стӕй мысайнӕгтӕ дӕр лӕвӕрдта. Ӕмӕ, цалынмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг суа, уӕдмӕ йын хъуамӕ мӕнг динимӕ иумӕйагӕй мацыуал уа. Хъуамӕ равдиса, уыцы диныл хӕст кӕй нал у кӕнӕ Стыр Вавилонимӕ баст организацитӕй иуы дӕр кӕй нал ис, уый. Уый тыххӕй йӕ хъӕуы уыцы аргъуанмӕ кӕнӕ уыцы организацимӕ писмо ныффыссын кӕнӕ та ӕндӕр хуызы равдисын, йемӕ йын иумӕйагӕй кӕй ницыуал ис. Ӕцӕг чырыстӕттӕ куыст ӕвзаргӕйӕ дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уой, цӕмӕй, цы куыст кӕнынц, уый Стыр Вавилонимӕ баст ма уа (2 Кор. 6:14–17). Ацы хъуыддагмӕ ахӕм цӕстӕй цӕмӕн кӕсӕм? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг чи нӕу, уыцы динты хъуыддӕгты архайӕм ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты аххосджын уӕм (Ис. 52:11). w19.10 12 ф., 16, 17 абз.
Хуыцаубон, 17 октябрь
Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг... Нӕ рӕдыдтытӕ нын ӕдзух нӕ дардзӕн нӕ цӕстмӕ, ӕнустӕм нӕм нӕ мӕсты кӕндзӕн (Пс. 103:8, 9).
Йереми ныффыста, йӕ ном чи хӕссы, уыцы чиныг ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, 1 Паддзӕхты ӕмӕ 2 Паддзӕхты чингуытӕ дӕр. Уыцы чингуытӕ фысгӕйӕ бамбӕрста, Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕммӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Зӕгъӕм, Йереми зыдта, паддзах Ахав йӕ фыдхъуыддӕгтыл куы ’рфӕсмон кодта, уӕд ын Йегъовӕ кӕй загъта, йӕ хӕдзар ын йӕ рӕстӕджы бӕллӕхы хай кӕй нӕ бакӕндзӕн (1 Пад. 21:27–29). Йереми ма зыдта, Манасси Йегъовӕйы Ахавӕй тынгдӕр кӕй ӕфхӕрдта. Фӕлӕ Йегъовӕ уӕддӕр Манассийӕн ныххатыр кодта, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый тыххӕй (2 Пад. 21:16, 17; 2 Аз. 33:10–13). Йереми уыцы хабӕрттӕ кӕй зыдта, уый йын куыннӕ баххуыс кодтаид, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаид. Ӕркӕсӕм, Варух ӕндӕр цӕмӕдӕр йе ’ргом куы аздӕхта ӕмӕ уый тыххӕй йӕ хӕс куы нал ӕххӕст кодта, уӕд ын Йереми куыд баххуыс кодта, уымӕ. Уый йе ’мбалыл йӕ къух нӕ ауыгъта, уӕддӕр нӕ фӕивдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын радзырдта, Хуыцау ын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ ӕргом цы уынаффӕ радта, уый тыххӕй (Йер. 45:1–5). w19.11 6 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 18 октябрь
Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).
Левиты чиныгӕй базонӕн ис, израилӕгтӕ-иу фарны нывӕндтӕ кӕй ӕрхастой, Хуыцауӕй бузныг кӕй уыдысты, уый тыххӕй (Лев. 7:11–13, 16–18). Уыцы нывӕндтӕ уый тыххӕй нӕ хастой, ӕмӕ уый сӕ хӕс уыд, фӕлӕ, сӕхи кӕй фӕндыд, уый тыххӕй. Махӕн дӕр нӕ лӕггад фарны нывӕндты хуызӕн у, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйӕн ӕвдисӕм, цы зӕрдӕ йӕм дарӕм, уый. Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый йын дӕттӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзӕм. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты милуантӕ, ӕмӕ йын куыд ӕхсызгон у, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр кӕй уарзынц, уый тыххӕй йын кӕй лӕггад кӕнынц! Йегъовӕ уыны, цы аразӕм, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ йӕ цӕмӕн аразӕм, уый дӕр, ӕмӕ нын нӕ зӕрдиаг фыдӕбонӕн аргъ кӕны. Зӕгъӕм, кӕд ацӕргӕ дӕ ӕмӕ дӕ бон нал у, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын, уӕд зон, Йегъовӕ дын дӕ уавӕр кӕй ӕмбары. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ фаг нӕ лӕггад кӕныс. Фӕлӕ Йегъовӕ уыны, тынг ӕй кӕй уарзыс ӕмӕ уый тыххӕй, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс. Ды Йегъовӕйӕн дӕттыс, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый, ӕмӕ йӕ ӕхсызгонӕй райсы. w19.11 22 ф., 9 абз.; 23 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 19 октябрь
Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат (Мар. 6:31).
Ахсджиаг у, цӕмӕй кусынмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Паддзах Соломон Хуыцауы разамындӕй ныффыста: «Ис йӕхи афон... алы хъуыддагӕн дӕр». Ӕмӕ загъта, кӕй ис рӕстӕг садзынӕн, аразынӕн, кӕуынӕн, худынӕн ӕмӕ кафынӕн (Еккл. 3:1–8). Уӕдӕ ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй адӕймаг кусгӕ дӕр кӕна ӕмӕ улӕфгӕ дӕр кӕна. Ӕмӕ Йесо ацы дыууӕ хъуыддагмӕ раст цӕстӕй каст. Иухатт апостолтӕ уацамындӕй ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ сӕ, «ӕгӕр-мӕгуыр, къӕбӕр бахӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлд». Уӕд сын Йесо загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ (Мар. 6:30–34). Кӕд-иу Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баулӕфынӕн алы хатт фадат нӕ уыд, уӕддӕр Йесо зыдта, алкӕй дӕр сӕ улӕфын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Алкӕй дӕр нӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы баулӕфын кӕнӕ нӕ царды исты фӕивын. Уый ӕнӕмӕнг кӕй у, уый бӕрӕг у, Хуыцау рагзаманты йӕ адӕмӕн сабатбоны закъон кӕй радта, уымӕй. Уыцы закъон хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой алы къуыри дӕр. Кӕд мах Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, уӕддӕр дзы сабатбоны тыххӕй цы фыст ис, уымӕй цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. w19.12 3 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 20 октябрь
Мӕт макуы кӕнут (Матф. 6:31).
Йегъовӕ дзырд радта, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсдзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый йӕхицӕн хӕсыл нымайы (Пс. 31:1–3). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ зоны, куы нӕ ныл тыхса, уӕд нын уый зын кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕй стӕм. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, цӕрынӕн, стӕй нӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хъӕуы, уый нын кӕй дӕтдзӕн. Ӕмӕ йӕ ницы бахъыгдардзӕн йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын! (Матф. 6:30–33; 24:45). Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр цӕмӕн сӕххӕст кӕны, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, зын уавӕры ныл кӕй батыхсдзӕн, ууыл. Ӕркӕсӕм 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты цӕвиттонмӕ. Иерусалимы ӕмбырд карзӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр алырдӕмты ныххӕлиу сты, Иерусалимы ма ӕрмӕстдӕр апостолтӕ баззадысты (Хъуыд. 8:1). Ахъуыды-ма кӕнӕм, уый чырыстӕтты цардыл куыд фӕзындаид. Ӕвӕццӕгӕн сӕ бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, цы куыст кодтой, уый ныууадзын. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нӕ ныууагъта. Стӕй уыдон дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтой (Хъуыд. 8:4; Дзут. 13:5, 6; Иак. 1:2, 3). Йегъовӕ уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 37:18, 19). w20.01 17 ф., 14, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 21 октябрь
Йегъовӕ... сӕрныллӕг адӕймаджы уыны (Пс. 138:6).
Давид йӕ фыды фысты домбайы ӕмӕ арсы дзыхӕй куы байста, уӕд ӕй зыдта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кодта уыцы тугдзых сырдты амарынӕн. Богал хӕстон Голиафыл куы фӕуӕлахиз, уӕд дӕр федта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кодта (1 Сам. 17:37). Ӕмӕ хӕлӕггӕнаг паддзах Саулӕй куы аирвӕзт, уӕд дӕр ӕй ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕдта (Пс. 18, разныхас). Сӕрбӕрзонд адӕймаг ахӕм хабӕртты фӕстӕ йӕхицӕй ныббуц уыдаид. Фӕлӕ Давид сӕрныллӕг адӕймаг уыд, ӕмӕ ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны. Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ӕрмӕст агургӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма-иу хъуамӕ бамбарӕм, кӕд ӕмӕ нын куыд баххуыс кӕны, уый. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, нӕхи бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ, нӕ бон цы нӕу саразын, уый Йегъовӕйы фӕрцы кӕй сараздзыстӕм. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый-иу куы фенӕм, уӕд-иу ӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм. w19.12 20 ф., 18, 19 абз.
Майрӕмбон, 22 октябрь
Йегъовӕ, кӕй уарзы, уайдзӕф дӕр уымӕн бакӕны, фыд йӕ уарзон фыртӕн куыд бауайдзӕф кӕны, афтӕ (Ӕмб. 3:12).
Йегъовӕ нын кӕй аргъ кӕны, уый нӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй уырны. Уый нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта, уымӕн ӕмӕ федта, хорз хабар нӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстам (Иоан. 6:44). Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнын куы райдыдтам, уӕд нӕм уый дӕр ӕрбаввахс (Иак. 4:8). Уымӕй уӕлдай ма нӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ уымӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕны. Уый хорз зоны, ныртӕккӕ цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый, фӕлӕ ма зоны, нӕ бон фӕивын дӕр кӕй у. Стӕй нын зонд амоны ӕмӕ нын уайдзӕф дӕр бакӕны, уымӕн ӕмӕ нӕ уарзы. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ нын тынг аргъ кӕны! Чидӕртӕ паддзах Давиды ницӕйаг адӕймагыл нымадтой. Фӕлӕ уый зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕны. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй каст (2 Сам. 16:5–7). Ныфссаст куы вӕййӕм кӕнӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕны хъуыддагмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн. Стӕй йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн дӕр (Пс. 18:27–29). Ӕмӕ нын Йегъовӕ куы ӕххуыс кӕна, уӕд нӕ ницы бахъыгдардзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Ром. 8:31). w20.01 15 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 23 октябрь
Ахуыр [сӕ] кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:20).
Библийы ахуыры размӕ-иу скув. Кӕд искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтай, уӕд хорз уаид, ахуыры размӕ ӕмӕ-иу ахуыры кӕрон куы скувис. Ӕмӕ афтӕ кӕнын цас раздӕр райдайай, уыйас хуыздӕр. Хъуамӕ адӕймаг бамбара, Хуыцауы Ныхас ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй ис ӕмбарӕн. Ахуыры размӕ ӕмӕ ахуыры кӕрон кувын цӕмӕн хъӕуы, уый иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ бамбарын кӕнынц Иаковы 1:5 стихы фӕрцы: «Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй». Адӕймагӕн ацы стих бакӕсынц ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ бафӕрсынц: «Куыд ис Хуыцауӕй зонд курӕн?» Адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзӕн, Хуыцаумӕ-иу кӕй хъуамӕ скувӕм. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кувын сахуыр кӕн. Бамбарын ын кӕн, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм зӕрдӕбынӕй кува. Зӕгъ ын, йӕ бон кӕй у Йегъовӕйӕн, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый дзурын, суанг, иу адӕймагӕн дӕр цы нӕ зӕгъдзӕн, уыдӕттӕ дӕр. Йегъовӕйӕн алцыдӕр дзурын ӕфсӕрмы кӕнын нӕ хъӕуы. Уый ӕнӕуи дӕр зоны, нӕ зӕрдӕйы арф ӕмбӕхст цы у, уый (Пс. 139:2–4). w20.01 2 ф., 3 абз.; 5 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 24 октябрь
Уый, кӕй фӕнды, уымӕй кӕнгӕ дӕр нӕу ӕмӕ, ӕппӕт хъарутӕй чи архайы, уымӕй дӕр, фӕлӕ... Хуыцауӕй (Ром. 9:16).
Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны, адӕймаджы йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕд байсӕрддзӕн, уый (Ром. 8:28–30). Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты ӕвзарын райдыдта, Йесойы куы райгас кодта, уый фӕстӕ. Куыд зыны, афтӕмӕй 1 ӕнусы ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр сӕрст уыдысты. Ӕмӕ кӕд уый фӕстӕ ӕнусты дӕргъы, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕн сӕ фылдӕр Чырыстийы фӕдыл нӕ цыдысты, уӕддӕр дзы чидӕртӕ уыдысты ӕцӕг чырыстӕттӕ. Ӕмӕ-иу сӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста. Йесойы фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, уыдон уыдысты, хӕмпӕлгӕрдӕджы ’хсӕн чи рӕзыд, ахӕм мӕнӕуы хуызӕн (Матф. 13:24–30). Фӕстаг бонты дӕр Йегъовӕ ӕвзары, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ чи уыдзӕн, уыдоны. Ӕмӕ кӕйдӕрты кӕроны хӕдразмӕ куы равзара, уӕд-иу хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, раст кӕй архайы, ууыл (Ром. 9:11). Хъуамӕ ма уӕм, Йесо иу фӕсномыг ныхасы цы кусджыты кой ракодта, уыдоны хуызӕн. Уыцы кусджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой, фӕстагмӕ чи ’рбацыд ӕмӕ иу сахат йеддӕмӕ чи нӕ бакуыста, уыдонӕн сӕ хицау цас бафыста, уый тыххӕй (Матф. 20:8–15). w20.01 30 ф., 14 абз.
Къуырисӕр, 25 октябрь
Мӕ лӕггадгӕнджытӕ цины хъӕр кӕндзысты (Ис. 65:14).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕ иууылдӕр амондджын уой. Кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр абон дӕр нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм. Зӕгъӕм, мах ӕй зонӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг кӕй уарзы. Зонӕм, Хуыцауы Ныхас, Библи, бӕлвырдӕй цы дзуры, уый (Йер. 15:16). Стӕй нын ис диссаджы бинонтӕ – иууылдӕр уарзынц Йегъовӕйы, уарзынц ын йӕ закъӕттӕ ӕмӕ уарзынц кӕрӕдзийы дӕр (Пс. 106:4, 5). Амондджын ма уымӕн дӕр стӕм, ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, фидӕны нӕм хуыздӕр цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Мах зонӕм, тагъд Йегъовӕ фыдадӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ йӕ Паддзахады дӕлбар зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн. Ис ма нын диссаджы ныфс, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ та кӕй баиу уыдзыстӕм (Иоан. 5:28, 29). Уый уыдзӕн стыр цины рӕстӕг! Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ тагъд уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр иууылдӕр кувдзысты нӕ уарзӕгой Фыдӕн ӕмӕ йӕ кадджын кӕндзысты – уыцы кад уымӕ ӕмбӕлы! w20.02 13 ф., 15, 16 абз.
Дыццӕг, 26 октябрь
Дӕ разы, ӕрмӕстдӕр дӕ разы, сарӕзтон тӕригъӕд (Пс. 51:4).
Уӕззау тӕригъӕд куы саразай, уӕд-иу ӕй ма сусӕг кӕн. Йегъовӕмӕ-иу скув ӕмӕ-иу ын раргом кӕн, цы сарӕзтай, уый. Ӕмӕ уӕд дӕхи афтӕ тынг нал хӕрдзынӕ ӕмӕ дын фенцондӕр уыдзӕн. Фӕлӕ цӕмӕй Йегъовӕ фӕстӕмӕ дӕ Хӕлар суа, уый тыххӕй дӕ хъӕудзӕн ноджыдӕр цыдӕр саразын. Хъуамӕ йын йӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ айсай. Йегъовӕ пехуымпар Нафаны паддзах Давидмӕ куы арвыста, цӕмӕй Вирсавиимӕ цы тӕригъӕд сарӕзта, уый хурмӕ рахастаид, уӕд Давид йӕхи нӕ рӕстытӕ кодта кӕнӕ нӕ дзырдта, уӕззау тӕригъӕд нӕ сарӕзтон, зӕгъгӕ. Уый уайтагъд басаст, ӕрмӕст Вирсавийы лӕджы ныхмӕ кӕй нӕ сарӕзта тӕригъӕд, фӕлӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйы раз. Давид Йегъовӕйы зондамынд йӕ зӕрдӕмӕ айста, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта (2 Сам. 12:10–14). Кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам, уӕд хъуамӕ аныхас кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй бар бакодта, уыцы нӕлгоймӕгтимӕ (Иак. 5:14, 15). Ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕхи ма рӕстытӕ кӕнӕм. Цӕмӕй нӕ тӕригъӕды тыххӕй нӕхи мауал хӕрӕм ӕмӕ та нӕ зӕрдӕйы ногӕй фарн ӕмӕ циндзинад уа, уый тыххӕй-иу хъуамӕ зондамынд нӕ зӕрдӕмӕ уайтагъд айсӕм, цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр. w20.02 24 ф., 17, 18 абз.
Ӕртыццӕг, 27 октябрь
Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис» (Зах. 8:23).
«Дӕс адӕймаджы» амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыдон зонынц, сӕрст чырыстӕтты (уыдонмӕ амоны «дзуттаг лӕг») Йегъовӕ кӕй равзӕрста, ӕмӕ, семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц. Кӕд уал нырма нӕй гӕнӕн, цӕмӕй алы сӕрст чырыстоны ном дӕр зонӕм, уӕддӕр, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн сӕ бон у сӕрст чырыстӕттимӕ «цӕуын». Куыд? Дзуапп ис абоны стихы. Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы стихы фыццаг хайы иу дзуттаг лӕджы кой кӕй ис. Фӕлӕ дзы дарддӕр ӕмбӕлы номивӕг «уемӕ». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дзуттаг лӕг иу адӕймагмӕ нӕ амоны, фӕлӕ сӕрст чырыстӕтты къордмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Сӕрст чи нӕу, уыцы чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ. Фӕлӕ сӕ уыдон сӕ разамонджытыл нӕ нымайынц, уымӕн ӕмӕ ӕмбарынц, сӕ Разамонӕг Йесо Чырысти кӕй у (Матф. 23:10). w20.01 26 ф., 1, 2 абз.
Цыппӕрӕм, 28 октябрь
Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).
Йесо загъта, йе ’цӕг ахуыргӕнинӕгты кӕй уыдзӕн ӕнцонтӕй базонӕн, уый сӕ куыд уарзы, уыдон дӕр иннӕты афтӕ куы уарзой, уӕд. Уыцы ныхӕстӕ хаудысты фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕм, ӕмӕ абон махмӕ дӕр хауынц. Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзӕм, уый зын куы уа, уӕд дӕр. Ахъуыды кӕн: «Мӕ бон куыд у хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бафӕзмын ӕмӕ иннӕты уарзын, уый зын куы уа, уӕд дӕр?» Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нын уый тыххӕй хатт зын вӕййы кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзын. Фӕлӕ хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм. Йесо бамбарын кодта, не ’фсымӕр нӕм цӕуылдӕр хӕрам куы уа, уӕд йемӕ бафидауын кӕй хъӕуы (Матф. 5:23, 24). Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕмӕ нӕ кӕд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ фӕрнӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрӕм. Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны, семӕ бафидауыныл зӕрдиагӕй куы фӕархайӕм, уӕд. Не ’фсымӕртӕм нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм ӕмӕ семӕ бафидауыны тыххӕй куы ницы аразӕм, уӕд нӕ лӕггадӕн йӕ цӕсты аргъ нӕ уыдзӕн (1 Иоан. 4:20). w20.03 24 ф., 1–4 абз.
Майрӕмбон, 29 октябрь
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ... афтид ахуырӕдтӕй мачи асайа ӕмӕ уӕ ма ӕрцахса. Уыдӕттӕ Чырыстийы ахуырадыл не ’нцайынц, фӕлӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл (Кол. 2:8).
Хӕйрӕг у «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44). Уый адӕмы сайы, фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы фӕзындысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Йӕ мӕнг ныхӕстӕм хауынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы уавӕры вӕййы, уыимӕ баст мӕнг ахуырӕдтӕ. Адӕм цы ӕгъдӕуттыл хӕст сты, уыдонӕй бирӕтӕ баст сты уыцы ахуырӕдтимӕ. Цымӕ уыйбӕрц адӕмыл сайд цӕмӕн ӕрцыд? Хӕйрӕг зоны, адӕммӕ мӕлӕты тыххӕй цавӕр хъуыдытӕ ӕмӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, уый, ӕмӕ уымӕй фӕпайда кӕны, цӕмӕй сӕ сайа. Хуыцау нӕ ӕнустӕм цӕрынӕн сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлын нӕ фӕнды (Еккл. 3:11). Мӕлӕт у не знаг (1 Кор. 15:26). Кӕд Хӕйрӕг афтӕ архайы, уӕддӕр ын нӕ бантыст мӕлӕты тыххӕй рӕстдзинад басусӕг кӕнын. Мӕрдтӕ цы уавӕры сты ӕмӕ сын цавӕр ныфс ис, уый тыххӕй Библи цы дзуры, уый абон цас адӕм зонынц, уыйбӕрц никуыма, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурынц (Еккл. 9:5, 10; Хъуыд. 24:15). Уыцы рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый нын хӕссы удӕнцой. w19.04 14 ф., 1 абз.; 15 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 30 октябрь
Кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссут ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнут Чырыстийы закъон (Гал. 6:2).
Йегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр уарзта ӕмӕ сӕ уарздзӕн. Йегъовӕ ма уарзы рӕстдзинад дӕр (Пс. 33:5). Уымӕ гӕсгӕ йын зын вӕййы, йӕ лӕггадгӕнджытимӕ йын рӕстӕй куы нӕ фӕархайынц, уӕд. Хуыцау сӕ сӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ чи ӕфхӕры, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадздзӕн. Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Моисейы уылты цы Закъон радта, уымӕн йӕ бындур уыди уарзондзинад. Закъон израилӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр рӕстӕй архайдтаиккой, уӕлдайдӕр та, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыд, уыдонимӕ (Дык. з. 10:18). Уыцы Закъонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмыл куыд тынг тыхсы, уый. Н. э. 33 азы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Моисейы закъон йӕ тыхы нал уыд. Ӕмӕ цымӕ ныр чырыстӕттӕн, йӕ бындур уарзондзинад кӕмӕн уыдаид ӕмӕ рӕстӕй архайынмӕ чи разӕнгард кодтаид ӕмӕ сӕ афтӕмӕй чи хъахъхъӕдтаид, ахӕм закъон нал уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Чырыстӕттӕн лӕвӕрд ӕрцыд ног закъон – «Чырыстийы закъон». Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дуне закъӕттӕ нӕ радта, фӕлӕ сын радта амындтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ архайой. «Чырыстийы закъонмӕ» хауынц, Йесо адӕмы цӕуылдӕриддӕр ахуыр кодта, уыдӕттӕ. w19.05 2 ф., 1–3 абз.
Хуыцаубон, 31 октябрь
Удӕнцойдӕттӕг Хуыцау... нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр (2 Кор. 1:3, 4).
Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ӕй исчи барӕвдауа ӕмӕ-иу ын удӕнцой ратта, ӕмӕ йӕхи бон дӕр у иннӕтӕн удӕнцой дӕттын. Зӕгъӕм, сывӕллон хъазгӕ-хъазын куы фӕкӕлы ӕмӕ йӕ уӕраг куы ныппырх кӕны, уӕд уайтагъд йӕ мадмӕ кӕугӕйӕ балидзы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мадӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ йӕ адзӕбӕх кӕна, фӕлӕ йӕ бон у сывӕллоны ӕрсабыр кӕнын. Афӕрсы йӕ, цы кодтай, зӕгъгӕ, йӕ цӕссыгтӕ йын ныссӕрфы, йӕ хъӕбысмӕ йӕ сисы ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхасӕй ӕрсабыр кӕны. Стӕй ма йын йӕ цӕф хосӕй байсӕрды ӕмӕ йын ӕй бабӕтты. Ӕмӕ сывӕллон йӕ кӕуынӕй банцайы ӕмӕ та ногӕй хъазынмӕ азгъоры. Рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд йӕ хъӕдгом байгас вӕййы. Фӕлӕ хатгай сывӕллӕттыл уымӕй бирӕ фыддӕр хабар ӕрцӕуы – тыхми ӕмӕ сын ӕвзӕр митӕ бакӕнынц. Ӕмӕ кӕмӕндӕрты иу хатт бакӕнынц ахӕм ми, кӕмӕндӕрты та ахӕм митӕ бирӕ азты дӕргъы фӕкӕнынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сӕ зӕрдӕйы арф хъӕдгом баззайы. Сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уыдонӕй кӕйдӕрты ӕрцахсынц ӕмӕ сӕ сбадын кӕнынц, чидӕртӕ та ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Ӕмӕ кӕд иуӕй-иутӕ уайтагъд ӕфхӕрд баййафынц, уӕддӕр, ахӕм ми кӕмӕн бакӕнынц, уыдон бирӕ азты дӕргъы зӕрдӕрыст вӕййынц. w19.05 14 ф., 1, 2 абз.