Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es21
  • Ноябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ноябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2021
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 ноябрь
  • Дыццӕг, 2 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 3 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 4 ноябрь
  • Майрӕмбон, 5 ноябрь
  • Сабат, 6 ноябрь
  • Хуыцаубон, 7 ноябрь
  • Къуырисӕр, 8 ноябрь
  • Дыццӕг, 9 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 10 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 11 ноябрь
  • Майрӕмбон, 12 ноябрь
  • Сабат, 13 ноябрь
  • Хуыцаубон, 14 ноябрь
  • Къуырисӕр, 15 ноябрь
  • Дыццӕг, 16 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 17 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 18 ноябрь
  • Майрӕмбон, 19 ноябрь
  • Сабат, 20 ноябрь
  • Хуыцаубон, 21 ноябрь
  • Къуырисӕр, 22 ноябрь
  • Дыццӕг, 23 ноябрь
  • Ӕртыццӕг, 24 ноябрь
  • Цыппӕрӕм, 25 ноябрь
  • Майрӕмбон, 26 ноябрь
  • Сабат, 27 ноябрь
  • Хуыцаубон, 28 ноябрь
  • Къуырисӕр, 29 ноябрь
  • Дыццӕг, 30 ноябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2021
es21

Ноябрь

Къуырисӕр, 1 ноябрь

Иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).

Ацы дунейы цӕсты зондджыныл нымад чи у, ахӕм адӕмӕй бирӕтӕ Библийы уынаффӕтыл худгӕ фӕкӕнынц. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр куы ’вӕрай, уӕд, дам, дын дӕ сӕрыл сбаддзысты. Фӕлӕ цымӕ, Хӕйрӕджы дуне адӕмы ахӕм зондыл кӕй аразы, уый хорзӕй истӕмӕ ӕркӕны? Хиуарзон адӕммӕ кӕсгӕйӕ дӕ бон цы у зӕгъын? Амондджын сты? Сӕ бинонтӕ та? Ӕнувыд ӕмбӕлттӕ сын ис? Хуыцауимӕ ӕнгом сты? Уӕдӕ, цы уыныс, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цы у зӕгъын? Адӕймагӕн пайда цы хӕссы: ацы дунейы зондыл куы фӕцӕуы, уый ӕви, Хуыцауы Ныхасы цы зонд ис, уыцы зондӕй куы фӕархайы, уый? (1 Кор. 3:19). Ацы дунейы цӕсты зондджыныл нымад чи у, ахӕм адӕмы уынаффӕтӕм чи хъусы, уый абарӕн ис, чи фӕдзӕгъӕл, ахӕм бӕлццонимӕ – фӕндаг нӕ зоны, афтӕмӕй ӕндӕр ахӕм бӕлццоны фӕрсы, кӕдӕмдӕр куыд бахӕцца уа, уымӕй. Йесо, йӕ рӕстӕджы зондджынтыл нымад чи уыд, уыдоны тыххӕй загъта: «Уыдон сты куырм разамонджытӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы кӕна, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты» (Матф. 15:14). Ӕцӕгдӕр, ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад. w19.05 24, 25 фф., 14–16 абз.

Дыццӕг, 2 ноябрь

Йе ’взӕрст адӕмы [йын] ӕрӕмбырд кӕндзысты (Матф. 24:31).

Фӕстаг азты, Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы, уыдоны нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Уый нӕ хъуамӕ мӕты ӕфтауа? Нӕ. «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты» (2 Тим. 2:19). Йегъовӕ зоны, ӕцӕгдӕр сӕрст чи у, уый. Фӕлӕ, Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй цал адӕймаджы саходы, уый чи фӕнымайы, уыцы ӕфсымӕртӕ та уый нӕ зонынц. Ӕмӕ, йӕхи сӕрст чырыстоныл чи нымайы, фӕлӕ ӕцӕгӕй чи нӕу, уыдон дӕр нымад ӕрцӕуынц. Зӕгъӕм, дзул ӕмӕ-иу сӕнӕй чи сахуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ фӕстӕдӕр афтӕ нал кодтой. Чидӕртӕ та нервытимӕ баст низтӕй рынчын кӕй сты, уый тыххӕй сӕм афтӕ кӕсы, цыма Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ма зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй цас баззад, уый мах нӕ зонӕм. Йесо куы ’рцӕуа, цӕмӕй сӕрст чырыстӕтты уӕлӕрвтӕм акӕна, уӕд уыдон уыдзысты зӕххыл бирӕ рӕтты. Библийӕ базонӕн ис, ацы дунейы фӕстаг бонты зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй бирӕ кӕй нӕ уыдзӕн (Рарг. 12:17). Фӕлӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд ма дзы зӕххыл цал уыдзӕн, уый дзы фыст нӕй. w20.01 29, 30 фф., 11–13 абз.

Ӕртыццӕг, 3 ноябрь

Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты (Иоан. 3:16).

Нӕ Фыд нӕ куыд тынг уарзы, уый Йесо хорз бамбарын кодта иу фӕсномыг ныхасӕй. Уый у фӕсномыг ныхас сӕфт фырты тыххӕй (Лук. 15:11–32). Ацы фӕсномыг ныхасы фыд йӕ фыртмӕ алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ каст. Ныфс ӕй уыд, ӕнӕмӕнг кӕй ӕрбаздӕхдзӕн. Ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд фыды цинӕн кӕрон нал уыд. Кӕд Йегъовӕйӕ адард стӕм, фӕлӕ фӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд нӕм зӕрдиагӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Адамы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕн нӕ уӕларвон Фыд кӕрон скӕндзӕн. Адам Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыд, уӕд Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, адӕмӕй 144 мины кӕй равзардзӕн ӕмӕ сӕ йӕхицӕн фырттӕ кӕй скӕндзӕн, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ уой. Ног дунейы Йесо ӕмӕ уыцы паддзӕхтӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой ӕххӕст адӕймӕгтӕ. Адӕм фӕстаг хатт фӕлвӕрд куы ’рцӕуой, уӕд, коммӕгӕс чи разына, уыдонӕн Хуыцау ратдзӕн ӕнусон цард. Нӕ уӕларвон Фыд куыд цин кӕндзӕн, зӕхх ӕххӕст адӕмӕй – йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕй – куы байдзаг уа, уӕд! Уый цӕй диссаджы рӕстӕг уыдзӕн! w20.02 6, 7 фф., 17–19 абз.

Цыппӕрӕм, 4 ноябрь

Хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых (Еф. 4:23).

Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уон, уый тыххӕй ӕрмӕст уӕлӕнгай ивындзинӕдтӕ кӕнын ӕви ӕцӕгдӕр мӕ удыхъӕд ӕмӕ мӕ зонд ивын?» Матфейы 12:43–45 стихты Йесо ӕмбарын кӕны, цы аразын нӕ хъӕуы, уый. Йӕ ныхӕстӕй нӕ бон у иу ахсджиаг хъуыды базонын: не ’взӕр хъуыдытӕй фервӕзӕм, уый фаг нӕу, хъуамӕ-иу сӕ баивӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыдытӕй. Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зонд аивӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Хуыцауы Ныхасы: «Хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:24). О, нӕ бон у аивын. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу. Фаг нӕу, цӕмӕй-иу не ’взӕр фӕндты хурхыл ныххӕцӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ма кӕнӕм. Мах хъӕуы ивын, нӕ зонд нын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых, ома нӕ зондахаст. Бӕлвырдӕй та хъуамӕ ивӕм нӕ фӕндтӕ, нӕ хъуыдытӕ, стӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕмӕ нӕ ууыл та хъӕуы ӕдзух кусын. w19.06 9, 10 фф., 6, 7 абз.

Майрӕмбон, 5 ноябрь

Ацы бынат хъуамӕ фесафӕм (Райд. 19:13).

Йегъовӕ Лотӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕм зӕдты рарвыста, цӕмӕй йӕ йӕ бинонтимӕ фервӕзын кодтаиккой. Фӕлӕ Лот «нӕ тагъд кодта». Уӕд зӕдтӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Лотӕн, йӕ усӕн, стӕй йӕ дыууӕ чызгӕн сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой (Райд. 19:15, 16). Уый фӕстӕ зӕдтӕ Лотӕн загътой, цӕмӕй хӕхтӕм алыгъдаид. Фӕлӕ уырдӕм алидзыны бӕсты Йегъовӕйӕн загъта, цӕмӕй йӕ, Содоммӕ хӕстӕг цы гыццыл горӕт уыд, уырдӕм алидзын бауагътаид (Райд. 19:17–20). Йегъовӕ фӕразондзинад равдыста: сабырӕй йӕм байхъуыста ӕмӕ йын йӕ курдиат сӕххӕст кодта. Фӕстӕдӕр Лот уыцы горӕты цӕрын нал уӕндыд ӕмӕ хӕхтӕм алыгъд – Йегъовӕ йын фыццаг кӕдӕм загъта, уырдӕм (Райд. 19:30). Ӕвӕдза, цӕй диссаджы фӕразондзинад равдыста Йегъовӕ! Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр исчи Лотау, гӕнӕн ис, ӕвзӕр уынаффӕ рахӕсса ӕмӕ йӕхи стыр мӕстыты хай бакӕна. Ахӕм уавӕры-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Чи зоны нӕ фӕфӕнды зӕгъын, цы байтыдтай, уый ӕркарстай, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, уый ӕцӕгдӕр афтӕ у (Гал. 6:7). Фӕлӕ хуыздӕр уаид, мах дӕр уыцы хойӕн кӕнӕ ӕфсымӕрӕн, Йегъовӕ Лотӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ куы баххуыс кӕниккам. w19.06 20, 21 фф., 3–5 абз.

Сабат, 6 ноябрь

Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Дзут. 13:6).

Не знӕгтӕ нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны бар куы нал фӕдӕттынц, уӕд сӕ фӕнд вӕййы, цӕмӕй нӕ тас бауадзой, ӕмӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, нӕ хӕдзӕрттӕ нын баджигул кӕнынц, тӕрхондонмӕ ныл бадӕттынц ӕмӕ кӕйдӕрты та ахӕстоны дӕр сбадын кӕнынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ сын иугӕр бантыст кӕйдӕрты ахӕстоны сбадын кӕнын, уӕд уый базонгӕйӕ иннӕтӕ дӕр стӕрсдзысты. Фӕлӕ сын уый бар куы раттӕм, цӕмӕй нын нӕ зӕрдӕты тас бауадзой, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ нӕхӕдӕг нӕхи «сӕхгӕдтам». Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Левиты 26:36, 37 стихты кӕй кой цӕуы, уыдоны хуызӕн уӕм. Мах нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй нӕ тас бацӕуа ӕмӕ уый тыххӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм кӕнӕ та Йегъовӕйӕн ӕппындӕр мауал лӕггад кӕнӕм. Мах нӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсӕм (Ис. 28:16). Мах Йегъовӕмӕ фӕкувӕм ӕмӕ дзы разамынд фӕкурӕм. Йегъовӕ немӕ ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ зонӕм, кӕцыдӕр бӕстӕйы хицауад цыфӕнды хъомысджын ма уа, уӕддӕр йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Хуыцауы адӕмӕн сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд сыл уый арӕх хорзырдӕм дӕр фӕзыны. Ӕмӕ сӕ тас нӕ бацӕуы, фӕлӕ ма Йегъовӕйӕн ноджы фылдӕр лӕггад кӕнын райдайынц. w19.07 9, 10 фф., 6, 7 абз.

Хуыцаубон, 7 ноябрь

Хъусын кӕн Хуыцауы ныхас (2 Тим. 4:2).

Кӕд дын нырма нӕ бантыст, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы ссарын, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг кӕсаг ахсынимӕ кӕй абарста. Кӕсагахсӕг цалдӕр сахаты дӕр фенхъӕлмӕ кӕсы, цалынмӕ кӕсаг ӕрцахсы, уӕдмӕ. Арӕх кӕсаг ахсынмӕ ацӕуы ӕхсӕвы кӕнӕ райсомӕй раджы, ӕмӕ йӕ хатгай бахъӕуы бӕлӕгъыл арфдӕр баленк кӕнын дӕр (Лук. 5:5). Раст афтӕ иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ дӕр адӕмы фӕразонӕй фӕагурынц алы афон ӕмӕ алы рӕтты. Афтӕмӕй сӕ бон вӕййы фылдӕр адӕмыл фембӕлын. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕнӕзивӕгӕй чи архайы, уыдон арӕх ссарынц, хорз хабармӕ чи байхъусы, ахӕм адӕмы. Ды дӕр бафӕлвар ӕндӕр афон ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кӕнын, цӕмӕй-иу дӕ бон уа фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнын. Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ фӕразондзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Адӕймагӕн фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийы ахуырӕдтӕ базона ӕмӕ сӕ бауарза. Фӕлӕ ма йын уымӕй уӕлдай хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй базона Библийы Авторы, Йегъовӕйы, ӕмӕ йӕ бауарза. w19.07 18, 19 фф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 8 ноябрь

Ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый (Фил. 3:13).

Гӕнӕн ис, нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ныр дӕр ма нӕхи хӕрӕм. Кӕд афтӕ у, уӕд нӕ бон у Чырыстийы нывонды тыххӕй ӕрмӕг раиртасын ӕмӕ йыл ахъуыды кӕнын. Стӕй нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Уый фӕрцы нӕ ныфс бацӕудзӕн, ӕмӕ нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй афтӕ тынг нал маст кӕндзыстӕм кӕнӕ та нӕхи ӕппындӕр нал хӕрдзыстӕм. Павелы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чи зоны нын уыд ӕхцаджын куыст, ӕмӕ нын фадат уыди, цӕмӕй схъӕздыг уыдаиккам, фӕлӕ уыцы куыст ныууагътам, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнӕм. Хорз уаид, «фӕстейӕ цы баззад», ома, нӕхи цӕмӕй фӕцух кодтам, уыдӕттӕ куы ферох кӕниккам ӕмӕ сӕм нӕ зӕрдӕ куы нал ӕхсаид (Ным. 11:4–6; Еккл. 7:10). «Фӕстейӕ цы баззад», уыдӕттӕм ма хауынц, уый размӕ нӕ къухы цы ’нтыстдзинӕдтӕ бафтыд, уыдон, стӕй, кӕуыл сӕмбӕлдыстӕм, уыцы фӕлварӕнтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын бирӕ азты дӕргъы куыд арфӕ кодта ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Фӕлӕ уӕддӕр мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕй ныббуц уӕм ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ӕз мӕ хӕс сӕххӕст кодтон (1 Кор. 15:58). w19.08 3 ф., 5, 6 абз.

Дыццӕг, 9 ноябрь

Ӕппынӕдзух кувут (1 Фес. 5:17).

Нӕ бон у нӕ Хуыцаумӕ кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр кувын. Афтӕ ӕнӕвдӕлон никуы вӕййы, ӕмӕ йын нӕ куывдтытӕм байхъусынӕн рӕстӕг ма уа. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы махмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусы, уый куы бамбарӕм, уӕд ӕм ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы мӕ хъӕлӕс» (Пс. 116:1). Нӕ Фыд нын нӕ куывдтытӕм ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ ма нын дзуапп дӕр ратты. Апостол Иоанн загъта: «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14, 15). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ ма ратта. Уый зоны, хуыздӕр нын цы уыдзӕн, уый. Ӕмӕ хатт йӕ дзуапп вӕййы, «нӕ», зӕгъгӕ, кӕнӕ та йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй банхъӕлмӕ кӕсӕм (2 Кор. 12:7–9). Йегъовӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йегъовӕ алы фыдӕй дӕр цы домы, уый йӕхӕдӕг дӕр аразы (1 Тим. 5:8). Уый нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы бахӕрӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм кӕнӕ кӕм цӕрӕм, уыдӕттыл ӕгӕр мӕт кӕнӕм (Матф. 6:32, 33; 7:11). Суанг нын нӕ фидӕныл дӕр ахъуыды кодта, ӕмӕ нын ног дунейы ратдзӕн, цы нӕ хъӕудзӕн, уыдӕттӕ. w20.02 5 ф., 10–12 абз.

Ӕртыццӕг, 10 ноябрь

Иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау (Иоан. 10:16).

Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон се ’ппӕт «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ» нӕ хауынц (Матф. 24:45–47). Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесо бирӕтӕн хӕринаг дӕттынц, ома сӕ ахуыр кӕнынц, цалдӕр адӕймаджы уылты. Фыццаг ӕнусы ӕрмӕстдӕр цалдӕр сӕрст чырыстоны фыстой Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Ӕмӕ абон дӕр ӕрмӕстдӕр цалдӕр сӕрст чырыстоныл ис хӕс, цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн «хӕринаг афоныл дӕттой». Йегъовӕ йӕ адӕмӕй сӕ фылдӕрӕн ӕрцӕттӕ кодта ӕнусон цард зӕххыл. Уӕлӕрвты та Йесоимӕ паддзӕхтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 мины. Йегъовӕ хӕрзиуӕг ратдзӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр – «дзуттаг лӕг» кӕмӕ амоны, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, «дӕс адӕймаджы» кӕмӕ амонынц, уыдонӕн дӕр. Уый сын радта уыцы иу закъӕттӕ, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайой (Зах. 8:23). Йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр хъуамӕ уой сӕрныллӕг. Иууылдӕр ын хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕной. Ӕмӕ иууылдӕр хъуамӕ архайой, цӕмӕй ӕмбырды уа фарн ӕмӕ иудзинад. Мах ӕй зонӕм, ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, куыд «иу дзуг», афтӕ. w20.01 31 ф., 15, 16 абз.

Цыппӕрӕм, 11 ноябрь

Цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй... суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ (1 Пет. 3:1, 2).

Нӕ бон нӕу нӕ бинонтӕн хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ тыххӕй айсын кӕнын. Фӕлӕ сын нӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй ахъуыды кӕной, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой (2 Тим. 3:14, 15). Дӕ хъуыддӕгтӕ дӕ бӕсты дзурӕнт. Арӕх нӕ бинонтӕн сӕ зӕрдӕтӕ тынгдӕр бацагайы, цы фӕдзурӕм, уый нӕ, фӕлӕ, цы фӕаразӕм, уый. Дӕ бинонтӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн. Ацы хъуыддаджы нын Йегъовӕ у фӕзминаг. Уый адӕмӕн «алы бон дӕр» фадат дӕтты, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой ӕмӕ цардӕй схайджын уой (Йер. 7:25). Апостол Павел дӕр Тимофейӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй иннӕтӕн алкӕддӕр ӕххуыс кодтаид. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи дӕр фервӕзын кодтаид ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдоны дӕр (1 Тим. 4:16). Мах нӕ бинонты тынг уарзӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй базоной, Хуыцауы Ныхасы цы ахсджиаг хабӕртты кой ис, уыдон. w19.08 14 ф., 2 абз.; 16, 17 фф., 8, 9 абз.

Майрӕмбон, 12 ноябрь

Сусӕг уарзтӕй ӕргом уайдзӕф хуыздӕр у (Ӕмб. 27:5).

Хъуамӕ нӕ рох ма уа: чырыстӕттӕй исчи рӕстӕг куы рахицӕн кӕна, цӕмӕй нын уынаффӕ ратта, уӕд уый, гӕнӕн ис, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ стыр рӕдыд ӕруагътам, фӕлӕ, куыд стыр у, уый нӕхӕдӕг не ’мбарӕм. Ӕмӕ фыццаг, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, ацы уынаффӕ мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ. Гӕнӕн ис, уыцы адӕймагӕн йӕхимӕ кӕнӕ нын уынаффӕ куыд радта, уымӕ фаутӕ хӕссын райдайӕм. Фӕлӕ, сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд бацархайдзыстӕм, цӕмӕй уынаффӕмӕ раст цӕстӕй ракӕсӕм. Сӕрныллӕг адӕймаг, уынаффӕ йын чи ратты, уымӕй фӕбузныг вӕййы. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ӕмбырды кӕимӕдӕрты аныхӕстӕ кодтай. Ӕмӕ дӕ стӕй сӕ иу иуварс акодта ӕмӕ дын загъта, дӕ дӕндӕгты ’хсӕн цыдӕр кӕй ныссагъд. Ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы уаис. Фӕлӕ дын ӕй кӕй загъта, уый тыххӕй дзы нӕ фӕбузныг уаис? Ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнис, раздӕр мын ӕй исчи куы загътаид, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ӕфсымӕрмӕ кӕнӕ хомӕ ахӕм ныфс куы разына, цӕмӕй нын хъӕугӕ уынаффӕ ратта, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм, стӕй дзы хъуамӕ бузныг уӕм. Ахӕм адӕймаг нӕ уарзгӕ кӕны, ома не ’мбал у, не знаг нӕ, фӕлӕ (Ӕмб. 27:6; Гал. 4:16). w19.09 5 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 13 ноябрь

Мӕ хъӕбул, дӕ фыды фӕдзӕхст ӕххӕст кӕн ӕмӕ дын дӕ мад цы закъон амоны, уый ма рох кӕн (Ӕмб. 6:20).

Йегъовӕ мадыл сӕвӕрдта кадджын хӕс, ӕмӕ уымӕн дӕр йӕ сывӕллӕттыл йӕ бар цӕуы. Мад йӕ сывӕллӕтты цӕуыл сахуыр кӕна, уый сӕ, гӕнӕн ис, цӕрӕнбонтӕм дӕр ма ферох уа ӕмӕ сӕ цардыл тынг фӕзына (Ӕмб. 22:6). Ӕркӕсӕм, мадӕн Йесойы мад Марийӕйы цӕвиттонӕй йӕ бон зондӕн райсын цы у, уымӕ. Марийӕ Фыстад хорз зыдта. Уый Йегъовӕйӕн тынг кад кодта ӕмӕ уыд йе ’ввахс хӕлар. Марийӕ цӕттӕ уыд, Йегъовӕйы цы фӕндыд, уый саразынмӕ, кӕд ӕй ӕмбӕрста, йӕ цард бынтондӕр кӕй фӕивдзӕн, уӕддӕр (Лук. 1:35–38, 46–55). Мадӕн йӕ бон у Марийӕйы цалдӕр хъуыддаджы бафӕзмын. Фыццаг: хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕввахс уа, ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ йӕхӕдӕг дӕр Библи иртаса ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр кува. Дыккаг: хъуамӕ йӕ цард ивынмӕ цӕттӕ уа, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. w19.09 18 ф., 17–19 абз.

Хуыцаубон, 14 ноябрь

Акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм (Рарг. 7:9).

Апостол Иоаннӕн Хуыцау цӕстылуайӕны равдыста, фидӕны цы диссаджы хабӕрттӕ хъуамӕ ’рцыдаид, уыдон. Уыцы цӕстылуайӕны зӕдтӕн загъд уыд, цӕмӕй стыр бӕллӕхы дымгӕтӕ ма суадзой, цалынмӕ Хуыцауы цагъартыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Рарг. 7:1–3). Уыцы цагъартӕ сты 144 мины ӕмӕ Йесоимӕ уӕлӕрвты уыдзысты паддзӕхтӕ (Лук. 12:32; Рарг. 7:4). Уый фӕстӕ Иоанн федта ӕндӕр адӕмы. Уыдон уыйбӕрц уыдысты, ӕмӕ загъта: «Федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз» (Рарг. 7:9–14). Ахъуыды-ма кӕн, Иоанн куыд цин кодтаид, фидӕны уыйбӕрц адӕм ӕцӕг Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕндзысты, уый базонгӕйӕ! Уыцы цӕстылуайӕны фӕрцы Иоаннӕн йӕ уырнындзинад куыннӕ бафидар уыдаид. Ӕмӕ махӕн та нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр хъуамӕ бафидар уа, уымӕн ӕмӕ, Иоанн цӕстылуайӕны цы федта, уый ӕххӕст кӕны нӕ рӕстӕджы. Абон Хуыцауӕн лӕггад кӕны цалдӕр милуан адӕймаджы. Уыдоны ныфс ис, стыр бӕллӕхы сӕрты кӕй ахиздзысты ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. w19.09 26 ф., 2, 3 абз.

Къуырисӕр, 15 ноябрь

Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕудзӕн се сӕфт... ӕмӕ ницы хуызы аирвӕздзысты (1 Фес. 5:3).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: хицӕуттӕ фехъусын кодтой, «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад!», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй Библийы пехуымпарад сӕххӕст. Гӕнӕн ис, стыр дзыхӕй дзурой, зӕххыл ахӕм сабыр ӕмӕ ӕдас цард никуы уыд, зӕгъгӕ. Уыдоны фӕнддзӕн, цӕмӕй адӕм хъуыды кӕной, ӕмӕ хицауӕдтӕн алцӕуыл дӕр сӕ бар цӕуы ӕмӕ сӕ бон у адӕмы зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон скӕнын. Фӕлӕ, уый фӕстӕ цы ’рцӕудзӕн, ууыл сӕ бар ӕппындӕр нӕ цӕудзӕн! «Стыр Вавилонӕн» йе сӕфт ӕрцӕудзӕн! (Рар 17:5, 15–18). «Хуыцау сӕ зӕрдӕты [ома хицӕутты зӕрдӕты]» бавӕрдзӕн «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын». Цавӕр фӕнд? Мӕнг динтӕ иууылдӕр фесафын, уыимӕ мӕнг чырыстон динтӕ дӕр. Хуыцау йӕ фӕнд бавӕрдзӕн «сырх-сырхид сырды» ӕмӕ йӕ «дӕс сыкъайы» зӕрдӕты. «Сырх-сырхид сырд» амоны Иугонд Нациты Организацимӕ. «Дӕс сыкъайы» та амонынц, уыцы организацийӕн чи ’ххуыс кӕны, уыцы хицауӕдтӕм (Рарг. 17:3, 11–13; 18:8). Уыцы хицауӕдтӕ мӕнг динтӕм куы фӕуой, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ стыр бӕллӕх райдыдта. Уый уыдзӕн, ӕгас дуне дӕр кӕмӕй банкъуысдзӕн, ахӕм хабар! w19.10 14 ф., 1, 3 абз.

Дыццӕг, 16 ноябрь

Диотреф [нын] нӕ ныхӕстӕ ӕппындӕр ницӕмӕ дары. Уый уарзы, цӕмӕй се ’хсӕн алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уа (3 Иоан. 9).

Фыццаг ӕнусы Диотреф хӕлӕг кодта, чырыстон ӕмбырдӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй ӕмбырды «алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уыдаид». Ӕмӕ апостол Иоанн ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕрты фыдкой кодта, цӕмӕй сыл ӕмбырды мауал ӕууӕндыдаиккой (3 Иоан. 10). Диотреф куыд бакодта, мах афтӕ никуы бакӕндзыстӕм. Фӕлӕ ӕмбырды искӕмӕн, мах кӕмӕ тырнӕм, уыцы хӕстӕ йӕ бӕрны куы бакӕной, уӕд ӕм, чи зоны, хӕлӕг кӕнын райдайӕм, уӕлдайдӕр та афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаг махӕн дӕр уыд бахӕс кӕнӕн. Хӕлӕг абарӕн ис маргджын кӕрдӕгимӕ. Ӕмӕ зӕрдӕйы уидаг куы ауадза, уӕд ӕй зын уыдзӕн стонын. Адӕймаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон куы вӕййы, стӕй йӕ куы фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уа, уӕд ноджы тынгдӕр райдайы иннӕтӕм хӕлӕг кӕнын. Хӕмпӕлгӕрдӕг дидинӕджы рӕзын куыд нӕ фӕуадзы, афтӕ хӕлӕг дӕр нӕ фӕуадзы, цӕмӕй нӕ удыхъӕды фидар кӕной хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад. Уӕдӕ куыддӕр бамбарӕм, уыцы «маргджын кӕрдӕг» нӕ зӕрдӕйы уидаг уадзын райдыдта, афтӕ йӕ хъуамӕ ӕд уидаг стонӕм. w20.02 15 ф., 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 17 ноябрь

Мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз (2 Кор. 12:7).

Апостол Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ йӕ удхарӕй чи мардта, ахӕм фӕлварӕныл кӕй сӕмбӕлд. Уыцы фӕлварӕны тыххӕй загъта, зӕгъгӕ мӕ «Сайтаны зӕд» тухӕнӕй мары (комк. «цӕвы», фип.). Павелӕн йӕ фӕлварӕнтӕ уыдысты, цыма йын йӕ буары исчи сындз ныссагъта, уый хуызӕн. Уыцы фӕлварӕнтӕ, чи зоны, Сайтаны кӕнӕ йӕ дӕлимонты аххосӕй не ’взӕрста. Фӕлӕ уыдон, Павелы чи тыхсын кодта, уыцы «сындз» куы федтой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, архайын райдыдтой, цӕмӕй йын йӕ уавӕр фӕфыддӕр кодтаиккой. Цымӕ Павел куыд бакодта? Райдианы Павелы фӕндыд уыцы «сындзӕй» фервӕзын. Уый загъта: «Хуыцауӕн ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ уыцы сындзӕй фервӕзын кӕна». Фӕлӕ кӕд Павел куывта, уӕддӕр йӕ «сындзӕй» нӕ фервӕзт. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ нӕ хъуыста? Нӕ. Йегъовӕ Павелы йӕ фӕлварӕнӕй нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын хъарутӕ радта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаид. Йегъовӕ загъта: «Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады» (2 Кор. 12:8, 9). Ӕмӕ Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы Павелӕн йӕ зӕрдӕйы уыди циндзинад ӕмӕ фарн (Фил. 4:4–7). w19.11 9 ф., 4, 5 абз.

Цыппӕрӕм, 18 ноябрь

Йегъовӕ Хуыцау домы, цӕмӕй [адӕм] ӕрмӕстдӕр ууыл уой иузӕрдион (Наум 1:2).

Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион, уымӕн ӕмӕ уый у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ Царддӕттӕг (Рарг. 4:11). Фӕлӕ нын иу цӕмӕйдӕр тӕссаг у. Кӕд Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йын кад кӕнӕм, уӕддӕр нын, гӕнӕн ис, царды ӕндӕр цыдӕртӕ афтӕ ахсджиаг суой, ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн нал уыдзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл стӕм иузӕрдион. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, адӕймаг Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тынг уарзы. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл куы уӕм иузӕрдион, уӕд ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕмӕ никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзыстӕм уый бар, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы Йегъовӕйы бынат бацахса (Рац. 34:14). Мах Йегъовӕйӕн куырмӕджы нӕ лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтам. Зӕгъӕм, базыдтам, цы рӕсугъд миниуджытӕ йӕм ис. Мах зонӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр уыдӕттӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Мах ӕмбарӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын ӕнустӕм лӕггад кӕнӕм ӕмӕ амондджын уӕм. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй фӕнды йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Йегъовӕ нын диссаджы фадат дӕтты, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм, ӕмӕ уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм (Пс. 25:14). Не Сфӕлдисӕджы тыххӕй гыццыл исты дӕр куы базонӕм, уӕд ӕм баввахсдӕр вӕййӕм (Иак. 4:8). w19.10 26 ф., 1–3 абз.

Майрӕмбон, 19 ноябрь

Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).

Абон нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, зӕгъӕм, зӕххӕнкъуыстыты тыххӕй кӕнӕ хӕстыты тыххӕй. Ахӕм хабӕрттӕ куы ’рцӕуы, уӕд кӕмӕндӕрты сӕ бон вӕййы уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты суазӕг кӕнын. Кӕмӕндӕрты та сӕ бон вӕййы ӕхцайӕ баххуыс кӕнын. Фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй-иу нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕна. Хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн йӕ ныфс кӕй асаст, уый куы базонӕм, уӕд, чи зоны, нӕ фӕзонӕм, цы йын зӕгъӕм кӕнӕ йын куыд баххуыс кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у истӕмӕй баххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, нӕ бон у йемӕ рӕстӕг ӕрвитын. Нӕ бон ӕм у лӕмбынӕг байхъусын кӕнӕ та йын бакӕсын, нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цӕуы ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс чи бафтаудзӕн, ахӕм стих (Ис. 50:4). Ӕппӕты сӕйрагдӕр у, цӕмӕй-иу зын сахат не ’мбӕлтты фарсмӕ уӕм. Хъуамӕ ныр архайӕм, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хорз ӕмбӕлттӕ суӕм ӕмӕ нӕ хӕлардзинад хъахъхъӕнӕм. Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хорз ӕмбӕлттӕ ӕрмӕст ацы дунейы кӕронмӕ нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр! w19.11 7 ф., 18, 19 абз.

Сабат, 20 ноябрь

Йегъовӕйӕн цы фарны нывӕндтӕ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон (Лев. 7:11).

Адӕймаг-иу фарны нывонд ӕрхаста барвӕндонӕй, Йегъовӕ Хуыцауы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Нывонд фосы дзидзайӕ сӕ бон хӕрын уыд, нывонд-иу чи ӕрхаста, уыцы адӕймагӕн, йӕ бинонтӕн ӕмӕ сауджынтӕн. Фӕлӕ фосы нывонды кӕцыдӕр хӕйттӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы уыдысты. Кӕцы хӕйттӕ? Йегъовӕйы цӕсты фосӕн йӕ хуыздӕр хай уыд фиу, стӕй йӕ уыргтӕ ӕмӕ йӕ игӕр (Лев. 3:6, 12, 14–16). Уымӕ гӕсгӕ-иу Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг барухс, израилӕгтӕ-иу ын уыцы хӕйттӕ нывондӕн зӕрдиагӕй куы ’рхастой, уӕд. Уымӕй-иу равдыстой, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый сӕ Йегъовӕйӕн раттын кӕй фӕндыд. Афтӕ Йесо дӕр, Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый тыххӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ йын афтӕмӕй лӕвӕрдта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый (Иоан. 14:31). Йесойӕн ӕхсызгон уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Пс. 40:8). Куыд цин кодтаид Йегъовӕ, Йесо йын куыд зӕрдиагӕй лӕггад кодта, уымӕ кӕсгӕйӕ! w19.11 22, 23 фф., 9, 10 абз.

Хуыцаубон, 21 ноябрь

Ӕвдӕм бон та у сабат, улӕфты бон. Уыцы бон у Йегъовӕйы бон (Рац. 31:15).

Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй, Хуыцау ӕхсӕз «бонмӕ» алцыдӕр куы сфӕлдыста, уӕд уый фӕстӕ зӕххыл ницыуал фӕлдыста (Райд. 2:2). Фӕлӕ Йегъовӕ куыстуарзаг Хуыцау у, ӕмӕ ныры онг дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты «фыдӕбон кӕны» (Иоан. 5:17). Йегъовӕ ӕвдӕм «бон» улӕфын райдыдта. Ӕмӕ израилӕгтӕн дӕр загъта, цӕмӕй уыдон дӕр алы ӕвдӕм бон улӕфыдаиккой. Уый сын загъта, зӕгъгӕ, сабатбоны закъон у «нысан мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн» (Рац. 31:12–14). Уыцы бон кусӕн никӕмӕн уыд, ӕмӕ уый хауди суанг сывӕллӕттӕм, цагъартӕм ӕмӕ хӕдзарон фосмӕ дӕр (Рац. 20:10). Уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд рӕстӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рахицӕн кӕнын. Фӕлӕ Йесойы рӕстӕджы дины разамонджытӕй бирӕтӕ сабатбоны закъон скарз кодтой. Суанг ма афтӕ дӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, сабаты ӕфсиртӕй дӕр нӕй ӕртонӕн. Стӕй, дам, рынчынты дзӕбӕх кӕнын дӕр не ’мбӕлы (Мар. 2:23–27; 3:2–5). Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ӕмӕ Йесо уый бамбарын кодта, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый базонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. w19.12 3 ф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 22 ноябрь

Хуыцауы фӕзмут, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стут (Еф. 5:1).

Йегъовӕйы фӕзмын нын хуыздӕр уайдзӕн, цы миниуджытӕ йӕм ис, уыдоны тыххӕй-иу фылдӕр куы базонӕм, уӕд. Давид йӕ уӕларвон Фыды хорз базыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди, иннӕтӕн куыд уыд, уымӕй Йегъовӕйы фӕзмын. Давидӕн Йегъовӕ йе ’ввахс Хӕлар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сси, израилӕгтӕ тынг кӕй уарзтой, уыцы паддзӕхтӕй сӕ иу. Стӕй Йегъовӕ Израилы иннӕ паддзӕхты дӕр Давидмӕ гӕсгӕ барста (1 Пад. 15:11; 2 Пад. 14:1–3). Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Хъуамӕ Хуыцауы фӕзмӕм. Куы архайӕм, цӕмӕй нӕ удыхъӕд уый удыхъӕды хуызӕн уа, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ сывӕллӕттӕ кӕй стӕм (Еф. 4:24). Афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй ногӕй цы базонӕм, уый мауал уа (Еккл. 3:11). Фӕлӕ сӕйраг, цас зонӕм, уый нӕу. Сӕйраг у, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм ӕви нӕ. Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр куы кӕнӕм ӕмӕ нӕ уарзӕгой Фыды куы фӕзмӕм, уӕд нӕм ӕввахсдӕр кӕндзӕн (Иак. 4:8). Йегъовӕ нын йӕ Ныхасы зӕрдӕ ӕвӕры, чи йӕ агуры, уыдоны кӕй никуы ныууадздзӕн. w19.12 20 ф., 20 абз.; 21 ф., 21, 23 абз.

Дыццӕг, 23 ноябрь

Зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ фыдбылыздӕр ницы ис (Йер. 17:9).

Иаков йӕ фыртты се ’ппӕты дӕр уарзта, фӕлӕ Иосифы хъулон уарзт кодта. Цымӕ Иосифы ӕфсымӕртӕ уымӕ цы цӕстӕй кастысты? Уыдон ӕм хӕлӕг кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уый уымӕ ’ркодта, ӕмӕ дзы се сӕфт федтой. Ӕмӕ йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой, сӕ фыдӕн та загътой, йӕ уарзон хъӕбулы йын хъӕддаг сырд кӕй бахордта. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕ бинонты ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад нал уыд, стӕй сӕ фыды зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой (Райд. 37:3, 4, 27–34). Хӕлӕг кӕнын хауы «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕм». Уыцы хъуыддӕгтӕ адӕймагӕн хӕссынц зиан, ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыдоны тыххӕй Хуыцауы Паддзахадмӕ ма бацӕуа (Гал. 5:19–21). Адӕймаг иннӕтӕм знаджы цӕстӕй кӕй фӕкӕсы, семӕ кӕй фӕхыл вӕййы ӕмӕ сӕм мӕстӕй кӕй рафыцы, уый арӕх вӕййы, кӕй сӕм фӕхӕлӕг кӕны, уый тыххӕй. Иосифы ӕфсымӕрты хабарӕй зыны, адӕймаг иннӕтӕм куы фӕхӕлӕг кӕны, уӕд уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕны. Адӕм кӕрӕдзийӕн знӕгтӕ свӕййынц ӕмӕ, бинонты ’хсӕн цы фарн вӕййы, уый фехӕлы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иосифы ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой, мах афтӕ никуы бакӕндзыстӕм. Фӕлӕ уӕддӕр не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ сты мӕнгард. Уымӕ гӕсгӕ хатт мах дӕр кӕмӕдӕр хӕлӕг кӕнын райдайӕм. w20.02 14 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 24 ноябрь

Иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).

Моисей хайджын уыд сыгъдӕг тыхӕй. Иухатт Йегъовӕ уыцы тыхӕй райста ӕмӕ дзы схайджын кодта, ӕмбырды цатыры размӕ чи ’рбацыд, уыцы хистӕр лӕгты. Гыццыл фӕстӕдӕр Моисей базыдта, ӕмбырды цатырмӕ чи не ’рбацыд, уыцы дыууӕ хистӕр лӕджы дӕр сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын сты ӕмӕ сӕхи пехуымпартау дарын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ йын Йесо Навин куы загъта, зӕгъгӕ сын зӕгъ, цӕмӕй афтӕ ма кӕной, уӕд куыд бакодта? Моисейӕн хъыг нӕ уыд, Йегъовӕ уыцы дыууӕ нӕлгоймаджы дӕр ахӕм кады аккаг кӕй скодта. Уый уыд сӕрныллӕг адӕймаг, ӕмӕ йын сӕ хабар ӕхсызгон уыд (Ным. 11:24–29). Мах та Моисейӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймаг дӕ ӕмӕ дын бахӕс кодтой, цӕмӕй ӕндӕр ӕфсымӕры сахуыр кӕнай, дӕ бӕрны чи ис ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хӕс ӕххӕст кӕнын. Кӕд Моисейау сӕрныллӕг дӕ, уӕд нӕ хъуыды кӕндзынӕ, ӕз та ма цы араздзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ де ’фсымӕрӕн зӕрдиагӕй баххуыс кӕндзынӕ. w20.02 17 ф., 9–11 абз.

Цыппӕрӕм, 25 ноябрь

Сагъӕстӕй адӕймаджы зӕрдӕ ныууӕззау вӕййы, хорз ныхас та зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы (Ӕмб. 12:25).

Адӕймаг исты низӕй куы фӕрынчын вӕййы, уӕд хатт йӕ ныфс асӕтты. Ӕмӕ, чи зоны, ӕфсӕрмы дӕр фӕкӕны, иннӕтӕ куы фӕуынынц, йӕ бон алцы аразын кӕй нал у кӕнӕ йӕ иннӕты ӕххуыс кӕй хъӕуы, уымӕй. Фӕлӕ йӕ низы тыххӕй иннӕтӕ куы нӕ зоной, уӕд дӕр, чи зоны, йӕхимӕ ӕгуыдзӕг кӕса, йӕ бон цыдӕртӕ аразын кӕй нал у, уый тыххӕй. Ахӕм уавӕры Йегъовӕ адӕймаджы куыд бафидар кӕны? Йегъовӕ Библийы бирӕ хорз ныхӕстӕ ныффыссын кодта. Уыдон нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, рынчынӕй дӕр ын зынаргъ кӕй стӕм (Пс. 31:19; 41:3). Уыцы ныхӕсты фӕрцы нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй къаддӕр мӕт кӕнӕм. Фидарӕй зон, Йегъовӕ кӕй ӕмбары, ӕнцон дын кӕй нӕу. Ӕххуыс дзы кур, цӕмӕй дӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсай. Стӕй-иу Библийы ссар, Йегъовӕ дӕуӕн зӕгъинаг кӕй у, уыцы хорз ныхӕстӕ. Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй аргъ кӕны, уый тыххӕй фыст кӕм ис, уыцы стихтыл. Ӕмӕ-иу уӕд фендзынӕ, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ кӕй дары (Пс. 84:11). w20.01 15 ф., 9, 10 абз.; 16 ф., 12 абз.

Майрӕмбон, 26 ноябрь

Ӕвзӕр адӕмы нӕ, фӕлӕ хорз адӕмы фӕзм (3 Иоан. 11).

Исахъ уыд хъӕздыг адӕймаг, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ хӕлӕг кодтой (Райд. 26:12–14). Йӕ фыстӕн ӕмӕ йе стурвосӕн дон цы цъайтӕй иста, уыдон ма йын сыджытӕй дӕр байдзаг кодтой (Райд. 26:15, 16, 27). Филистимӕгтау абон дӕр иуӕй-иутӕ фӕхӕлӕг кӕнынц, сӕхицӕй хъӕздыгдӕр чи вӕййы, уыдонмӕ. Иннӕтӕм цы ис, ахӕм цӕмӕдӕрты ӕрмӕст бӕлгӕ нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ ма сӕ цӕст дӕр нӕ фӕуарзы, цӕмӕй сӕм цы ис, уыдӕттӕ сын уа. Дзуттаг дины разамонджытӕ Йесомӕ хӕлӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕй бирӕтӕ тынг уарзтой (Матф. 7:28, 29). Йесо дзырдта Хуыцауы номӕй ӕмӕ адӕмӕн рӕстдзинад амыдта. Фӕлӕ дзы дины разамонджытӕ алы мӕнг ныхӕстӕ кодтой ӕмӕ йӕ фыдкой кодтой, цӕмӕй йын адӕмы цӕсты кад мауал уыдаид (Мар. 15:10; Иоан. 11:47, 48; 12:12, 13, 19). Ацы хабар нын зондзонӕн куыд у? Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ кӕйдӕр йӕ хорз миниуджыты тыххӕй тынг уарзынц, уӕд ӕм хъуамӕ хӕлӕг ма кӕнӕм, фӕлӕ йын хъуамӕ йӕ хорз миниуджытӕ бафӕзмӕм (1 Кор. 11:1). w20.02 15 ф., 4, 5 абз.

Сабат, 27 ноябрь

Ис [ын] иу тӕрхон – мӕлӕт (Есф. 4:11).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма цӕрыс раджы заманты Персы паддзахады, ӕмӕ дӕ хъӕуы паддзахимӕ аныхас кӕнын. Фӕлӕ йӕ зоныс, цӕмӕй йемӕ аныхас кӕнай, уый тыххӕй уал дзы фыццаг бар кӕй хъуамӕ ракурай, науӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзынӕ. Куыд хорз у, Йегъовӕ уыцы паддзахы хуызӕн кӕй нӕу! Нӕ бон у йемӕ кӕдфӕнды дӕр ныхас кӕнын. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы махмӕ байхъусынмӕ. Йегъовӕйӕн ис алыхуызон кадджын титултӕ, зӕгъӕм, Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, Дунедарӕг Стыр Хуыцау. Фӕлӕ уый фӕнды, цӕмӕй йӕ хонӕм нӕ Фыд (Матф. 6:9). Йегъовӕмӕ афтӕ ӕввахс уӕм, уый йӕ кӕй фӕнды, уый нын ӕхсызгон куыннӕ у! Ӕцӕгдӕр, нӕ бон у Йегъовӕйы нӕ Фыд хонын, уымӕн ӕмӕ нын уый радта цард (Пс. 36:9). Ӕмӕ нӕ Фыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм хъуамӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй (Дзут. 12:9). Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у ӕнусон цард кӕнӕ уӕлӕрвты, кӕнӕ зӕххыл. w20.02 2 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 28 ноябрь

Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).

Махӕн нӕ нысан у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна (Еф. 4:13). Чи зоны, чидӕр Библи ахуыр кӕныныл уымӕн сразы вӕййы, ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, уый йын цы ӕххуыс фӕуыдзӕн, ууыл. Фӕлӕ Йегъовӕйы куы бауарза, уӕд хъуыды кӕнын райдайдзӕн, иннӕтӕн, уыимӕ ӕмбырды чи ис, уыдонӕн дӕр, йӕ бон баххуыс кӕнын цӕмӕй у, ууыл (Матф. 22:37–39). Афон куы ’рцӕуа, уӕд ын дӕ бон у зӕгъын, нӕ бон ма кӕй у Паддзахады хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын дӕр. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый сахуыр кӕн зын уавӕрты раст архайын. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг сси. Ӕмӕ дын иу бон загъта, ӕмбырды йӕ чидӕр кӕй фӕхъыг кодта. Уӕд хорз уаид, куы никӕй сӕрыл рахӕцис, фӕлӕ йын куы бамбарын кӕнис, Библимӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ бакӕна, уый. Ома йӕ бон у йе ’фсымӕрӕн ныххатыр кӕнын ӕмӕ хабар ферох кӕнын. Кӕд йӕ бон афтӕ бакӕнын нӕу, уӕд та хъуамӕ йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕна, ӕмӕ йӕ нысан хъуамӕ уа йе ’фсымӕры «ссарын». (Абар Матфейы 18:15.) Хъӕуы йӕ рагацау ахъуыды кӕнын, цы йын зӕгъдзӕн, ууыл, ӕмӕ йын ды дӕр уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕн. w20.01 5, 6 фф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 29 ноябрь

Мӕ тӕригъӕд [дын] раргом кодтон, нӕ басусӕг кодтон мӕ рӕдыд. [...] Ӕмӕ мын ды мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай (Пс. 32:5).

Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый? Куы-иу ӕм кувӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна, зондамынд-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм ӕмӕ-иу ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй ахӕм рӕдыдтытӕ макуыуал ӕруадзӕм. Ӕмӕ-иу уӕд нал мӕт кӕндзыстӕм ӕмӕ та нӕ зӕрдӕты уыдзӕн фарн. Ныфсы хос нын куыннӕ у, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны [кӕй] ирвӕзын кӕны»! (Пс. 34:18). Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ мӕты цы ’фтаудзӕн, уыдӕттӕ дӕр фылдӕр уыдзӕн. Истӕуыл куы тыхсай ӕмӕ куы мӕт кӕнай, уӕд-иу уайтагъд Йегъовӕйӕ ӕххуыс бацагур. Библи лӕмбынӕг иртас. Бафӕзм-иу Аннӕйы, апостол Павелы ӕмӕ паддзах Давиды. Дӕ уӕларвон Фыдмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕнцой дын цы нӕ дӕтты, уый бамбарынӕн (Пс. 139:23). Дӕ уӕргътӕ-иу уый бар бакӕн, уӕлдайдӕр та, дӕ бар кӕуыл нӕ цӕуы, уыдон. Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕйӕн зӕгъын: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19). w20.02 24 ф., 17 абз.; 25 ф., 20, 21 абз.

Дыццӕг, 30 ноябрь

Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст (2 Тим. 3:16).

Хуыцау-иу йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ хъуыдытӕ нывӕрдта, Библи чи фыста, уыдоны зонды. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд Хуыцауы амындтӕ нӕ зондыл ӕмӕ нӕ зӕрдӕйыл бандавынц. Уыдоны фӕрцы нӕ цард фӕивӕм, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Дзут. 4:12). Фӕлӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй Библи алы бон дӕр иртасӕм ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕнӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд ӕндавдзӕн Библи, цы дзурӕм ӕмӕ цы аразӕм, ууыл. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕнӕм (Пс. 22:22). Фембӕлдты вӕййы Хуыцауы сыгъдӕг тых (Рарг. 2:29). Уым нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ Хуыцауӕй фӕкурӕм йӕ сыгъдӕг тых, иумӕ фӕзарӕм Библийыл арӕзт зарджытӕ ӕмӕ фехъусӕм, сыгъдӕг тыхы фӕрцы нысангонд чи ӕрцӕуы, уыцы ӕфсымӕрты амындтӕ. Фӕлӕ нын цӕмӕй сыгъдӕг тых ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбырдтӕм нӕхи цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзуаппытӕ дӕттӕм. w19.11 11 ф., 13, 14 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын