Декабрь
Ӕртыццӕг, 1 декабрь
Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн (Еккл. 3:7).
Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Зӕгъӕм, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕйӕ искӕуыл куы фембӕлыс, уӕд ӕй хынцфарст фӕкӕныс, сӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ зӕрды ӕвзӕрӕй ницы вӕййы. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзыс, ӕмӕ дӕ фӕфӕнды базонын, куыд сты, уый. Ӕмӕ ма дӕ фӕфӕнды, цӕмӕй, уыдоны тыххӕй куы кувай, уӕд бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кувай. Фӕлӕ уӕддӕр уый вӕййы рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн. Зоныны бар нын цӕмӕн нӕй, уый искӕмӕн тыххӕй куы дзурын кӕнӕм, уӕд нӕ уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм – нӕдӕр, кӕмӕн ӕй дзурын кӕнӕм, уый, нӕдӕр, уыцы бӕстӕйы чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, уымӕн ӕмӕ уыдоны ныфс вӕййы, кӕй никӕмӕн ницы радзурдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы бӕстӕты цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн мах тыххӕй сӕ уавӕр фӕуӕззаудӕр уа. Уӕдӕ, ахӕм бӕстӕйы чи лӕггад кӕны, уыдон сӕхӕдӕг дӕр никӕмӕн дзурдзысты, куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ ӕмбырдтӕ куыд фӕуадзынц, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй. w20.03 21 ф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 2 декабрь
Нӕ, нӕ амӕлдзыстут (Райд. 3:4).
Хуыцауы фӕнд уый нӕ уыд, цӕмӕй адӕм мардаиккой. Уый сӕ сфӕлдыста ӕнустӕм цӕрынӕн. Фӕлӕ цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ ӕнустӕм цардаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусын. Уый сын радта, зынӕххӕстгӕнӕн чи нӕ уыд, ахӕм фӕдзӕхст: «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райд. 2:16, 17). Фӕлӕ сыл фӕстӕдӕр Хӕйрӕг хинӕй рацыд. Уый калмы уылты Евӕйӕн загъта абоны стихы ныхӕстӕ. Хъыгагӕн, Евӕ уыцы мӕнг ныхасыл баууӕндыд ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласы дыргътӕй бахордта. Стӕй дзы йӕ сӕрыхицау дӕр бахордта (Райд. 3:6). Ӕмӕ уыдоны аххосӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт ӕппӕт адӕмыл дӕр ахӕлиу сты (Ром. 5:12). Адам ӕмӕ Евӕ амардысты, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст, Хуыцауы цы загъта, уый. Фӕлӕ Хӕйрӕг дарддӕр мӕлӕты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кодта. Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ фӕзынд бирӕ алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ. Уыцы мӕнг ахуырӕдтӕй иу ахӕм у, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, йӕ уд цӕргӕйӕ баззайы ӕмӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуы. Ӕмӕ Хӕйрӕг мӕлӕтимӕ баст мӕнг ахуырӕдты руаджы абоны онг бирӕ адӕмы сайы (1 Тим. 4:1). w19.04 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 3 декабрь
Ӕз саби куы уыдтӕн, уӕд кодтон сабийы ныхӕстӕ, мӕ зонд дӕр уыди сабийы зонд, хъуыды кодтон сабийау (1 Кор. 13:11).
Сывӕллӕттӕн сӕ бон нӕма у стыр адӕймӕгтау хъуыды кӕнын, уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ сын тӕссаг цӕмӕй у, уый ӕмбарын ӕмӕ уымӕй сӕхи хизын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, сывӕллӕттӕн тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ чи бакӕны, уыдон сӕ ӕнцонтӕй асайынц. Фӕзӕгъынц сын, ахӕм хабар сыл сӕхи аххосӕй кӕй ӕрцыд кӕнӕ та сӕ бафӕдзӕхсынц, цӕмӕй йӕ макӕмӕн радзурой. Йе та сын фӕзӕгъынц, сӕ ныхӕстыл сын кӕй ничи баууӕнддзӕн ӕмӕ сын кӕй ничи баххуыс кӕндзӕн. Кӕнӕ та сӕ асайынц, зӕгъгӕ, дам, стыртӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уымӕй равдисынц, кӕрӕдзи кӕй уарзынц. Ӕмӕ уый сайд кӕй у, уый сывӕллон бамбары ӕрмӕстдӕр бирӕ азты фӕстӕ. Ӕмӕ чидӕртӕ, куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр сӕхимӕ ницӕйаг фӕкӕсынц ӕмӕ сӕ исчи уарза ӕмӕ сын удӕнцой дӕтта, сӕхи уый аккагыл нӕ фӕнымайынц. Уӕдӕ диссаг нӕу, ахӕм хабар кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы хъӕдгом бирӕ азты дӕргъы дӕр кӕй нӕ байгас вӕййы. Мах фӕстаг бонты цӕрӕм. Библийы фӕстаг бонты тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн» ӕмӕ «ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ... кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр» (2 Тим. 3:1–5, 13). w19.05 15 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 4 декабрь
Афтӕмӕй ӕххӕст кӕнут Чырыстийы закъон (Гал. 6:2).
Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта? Фыццаг, ахуыр сӕ кодта ныхасӕй. Йӕ ныхӕсты уыд стыр тых, уымӕн ӕмӕ сын амыдта Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад, ӕмбарын сын кодта, адӕймаг цӕмӕн цӕры ӕмӕ сын дзырдта, ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон (Лук. 24:19). Дыккаг, адӕмы ахуыр кодта йӕхи цӕвиттоны фӕрцы дӕр. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн равдыста, куыд хъуамӕ цӕрой, уый (Иоан. 13:15). Йесо адӕмы кӕд ахуыр кодта? Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд (Матф. 4:23). Стӕй ма йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта, куы райгас, уый фӕстӕ дӕр. Зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд,– ӕвӕццӕгӕн, уыдысты 500 фылдӕр,– ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ (Матф. 28:19, 20; 1 Кор. 15:6). Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд ӕмӕ ӕмбырды сӕргъы ӕвӕрд куы ’рцыди, уый фӕстӕ дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд лӕвӕрдта. Зӕгъӕм, н. э. 96 азы Чырысти апостол Иоаннӕн загъта, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид ӕмӕ сын уынаффӕ дӕр радтаид (Кол. 1:18; Рарг. 1:1). w19.05 3 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 5 декабрь
Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Абон цардамӕлттӕ кӕнын ӕнцон нӕу. Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕты фӕхъӕуы ӕнӕхъӕн бон кусын, цӕмӕй-иу къӕбӕры фаг бакусой. Иннӕтӕ та алы бон дӕр куыстмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ фӕндагыл бахъӕуынц цалдӕр сахаты. Бирӕтӕ сӕ уӕззау фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй сӕ бинонты фӕдарой. Ӕмӕ изӕрӕй ахӕм фӕлладӕй ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сӕ ницыуал фӕфӕнды, суанг Библи иртасын дӕр. Фӕлӕ ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй-иу рӕстӕг ссарӕм Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ иртасынӕн. Уымӕй кӕнгӕ у, Йегъовӕимӕ ӕнгом уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый, стӕй ууыл баст у не ’нусон цард дӕр (1 Тим. 4:15). Иуӕй-иутӕ Библи фӕиртасынц райсомӕй раджы, уымӕн ӕмӕ уӕд хуыздӕр фӕхъуыды кӕнынц, стӕй сӕ уыцы рӕстӕг ничи фӕхъыгдары. Иннӕтӕ та изӕрӕй цалдӕр минуты рахицӕн кӕнынц ӕмӕ сабыр ран Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ фӕиртасынц. w19.05 26 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 6 декабрь
Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут (Ром. 12:2).
Адӕймаг афтӕ иу бонмӕ ӕмӕ ӕнӕ фыдӕбонӕй нӕ аивы. Цӕмӕй аивӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, бахъӕуа «ӕппӕт хъарутӕй» архайын бирӕ азты дӕргъы (2 Пет. 1:5). Хъӕуы нӕ нӕ тых, нӕ бонӕй архайын. Чи нын баххуыс кӕндзӕн, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй фыццаг у кувын. Мах хъӕуы кувын, псаломзарӕггӕнӕг куыд куывта, афтӕ: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон» (Пс. 51:10). Хъуамӕ ’мбарӕм, нӕ зондахаст ивын нӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. Дыккаг ахсджиаг хъуыддаг та у хъуыды кӕнын. Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм, уӕд-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цы кӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн, цӕмӕй-иу бамбарӕм, цавӕр хъуыдытӕй ӕмӕ нӕ цавӕр миниуджытӕй хъӕуы фервӕзын, уый (Пс. 119:59; Дзут. 4:12; Иак. 1:25). Хъуамӕ-иу сбӕрӕг кӕнӕм, мыййаг нын ацы дуне нӕ хъуыдытыл ӕмӕ нӕ миниуджытыл нӕ бандӕвта. Цы лӕмӕгъдзинӕдтӕ нӕм ис, уыдоныл-иу хъуамӕ басӕттӕм, ӕмӕ-иу стӕй ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй сыл фӕуӕлахиз уӕм. w19.06 8 ф., 1 абз.; 10 ф., 10, 11 абз.; 12 ф., 12 абз.
Дыццӕг, 7 декабрь
Уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Еф. 5:16).
Уынаффӕ хӕсгӕйӕ-иу спълан кӕн, архайын кӕд райдайдзынӕ, уый ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕг мауал аив. Цы сфӕнд кодтай, уый аразынӕн иттӕг хорз уавӕртӕ кӕд фӕзындзӕн, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Чи зоны, афтӕ никуы уыдзӕн (Еккл. 11:4). Дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ ма хардз кӕн, ахсджиаг чи нӕу, ахӕм хъуыддӕгтыл (Фил. 1:10). Ахӕм рӕстӕг-иу равзар, цӕмӕй дӕ иннӕтӕ ма хъыгдарой. Дӕ бон сын у зӕгъын, рӕстӕг дӕ кӕй хъӕуы цӕуылдӕрты ахъуыды кӕнынӕн. Гӕнӕн куы уа, уӕд-иу дӕ телефон ахуыссын кӕн ӕмӕ-иу дӕ электронон почтӕмӕ кӕнӕ социалон сетьтӕм фӕстӕдӕр ӕркӕс. Дӕ уынаффӕйы фӕрцы дӕ къухы цы бафтдзӕн, уый абарӕн ис балцы кӕронимӕ. Цӕмӕй бынатмӕ бахӕццӕ уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы размӕ цӕуын, цы фӕндагыл цӕуыс, уый ӕхгӕд куы разына ӕмӕ дӕ ӕндӕр фӕндагыл цӕуын куы бахъӕуа, уӕд дӕр. Раст афтӕ, дӕ уынаффӕ цы хорз хъуыддӕгтӕм ӕркӕндзӕн, уыдоныл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ныфс асӕттын нӕ бауадздзынӕ, зындзинӕдтыл ӕмӕ цӕлхдуртыл куы сӕмбӕлай, уӕд дӕр (Гал. 6:9). w19.11 30 ф., 17, 18 абз.
Ӕртыццӕг, 8 декабрь
Хуыцауы ныхас... базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ (Дзут. 4:12).
Донаргъуыд райсын дӕ сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Библи кӕй ахуыр кӕныс ӕмӕ йӕ кӕй иртасыс, уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдтай. Базыдтай, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис ӕмӕ куыд архайы, уый. Ӕмӕ дын уыцы зонындзинӕдтӕ дӕ зӕрдӕ бацагайдтой, ӕмӕ йӕ тынг бауарзтай. Уӕдӕ йӕ кӕй уарзыс, сӕйраджыдӕр дӕ уымӕн хъуамӕ фӕнда донаргъуыд райсын. Адӕймаджы ма донаргъуыд райсын бафӕнды, Библийы ахуырӕдтыл кӕй баууӕнды, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд сын цы загъта, уымӕ (Матф. 28:19, 20). Йесо куыд загъта, афтӕмӕй адӕймаг донаргъуыд хъуамӕ райса «Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл». Йӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндай, Библи Йегъовӕйы тыххӕй, йӕ Фырт Йесойы тыххӕй ӕмӕ сыгъдӕг тыхы тыххӕй цы дзуры, ууыл. Уыцы хабӕрттӕ адӕймаджы зӕрдӕ тынг бацагайынц. w20.03 9 ф., 8, 9 абз.
Цыппӕрӕм, 9 декабрь
Уаг ӕмӕ ӕгъдау чи халы, уыдоны фӕдзӕхсут... лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон (1 Фес. 5:14).
Йегъовӕ йӕ зӕдты Лотмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ арвыста, цӕмӕй йын загътаиккой, горӕтӕй ацу, зӕгъгӕ. Арвыста ма сӕ, цӕмӕй, Содомыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавыд, уымӕй фервӕзынӕн ын баххуыс кодтаиккой (Райд. 19:12–14, 17). Гӕнӕн ис, мах дӕр не ’фсымӕры бафӕдзӕхсын бахъӕуа, куы йӕ зонӕм, ӕмӕ, цы аразынмӕ хъавы, уый йӕ бӕллӕхмӕ ӕркӕндзӕн, уӕд. Библийӕ йын цы уынаффӕ радтой, уымӕй спайда кӕныныл куы нӕ тагъд кӕна, уӕддӕр ӕм хъуамӕ фӕразондзинад ӕвдисӕм. Хъуамӕ уӕм уыцы дыууӕ зӕды хуызӕн – ма-иу ӕй ныууадзӕм ӕмӕ-иу ын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр баххуыс кӕнӕм (1 Иоан. 3:18). Чи зоны йын ахӕсгӕ хуызы йӕ къухыл ныххӕцын дӕр бахъӕуа, ома йын бахъӕуа баххуыс кӕнын, цӕмӕй спайда кӕна, цы хорз уынаффӕ йын радтой, уымӕй. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыдаид Лотӕн ӕрмӕст йӕ хъӕндзинӕдтӕм кӕсын. Фӕлӕ Йегъовӕ ахӕм нӕу. Фӕстӕдӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ апостол Петр Лоты схуыдта рӕстгӕнӕг (Пс. 130:3). Йегъовӕ Лотмӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын? Нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ хорз миниуджытӕ куы уынӕм, уӕд семӕ фӕразондӕр уыдзыстӕм. Ӕмӕ-иу нын уӕд уыдон дӕр не ’ххуысыл ӕнцондӕрӕй сразы уыдзысты. w19.06 21 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 10 декабрь
Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).
Кӕд дӕ бӕстӕйы нӕ хъуыддаг ӕхгӕд ӕрцыд, уӕд, чи зоны, хъуыдытӕ кӕныс, дӕ бон Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕм уыдзӕн, ахӕм бӕстӕмӕ цӕрынмӕ ацӕуай ӕви баззайай. Уый дӕ бӕсты ничи аскъуыддзаг кӕндзӕн, хъуамӕ дӕхӕдӕг рахӕссай уынаффӕ. Ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ ис ӕркӕсӕн, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ахӕм уавӕрты куыд кодтой, уымӕ. Иерусалимы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтӕ Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты ӕмӕ ма суанг Финики, Кипр ӕмӕ Антиохимӕ дӕр бахӕццӕ сты (Матф. 10:23; Хъуыд. 8:1; 11:19). Фӕстӕдӕр та чырыстӕтты ногӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд апостол Павел аскъуыддзаг кодта, знӕгтӕ сӕ хъусын кӕнын кӕм нӕ уагътой, уым кӕй баззайдзӕн, кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр (Хъуыд. 14:19–23). Ацы хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чи зоны, уӕ бинонтӕ хъуыды кӕнынц ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуыныл. Ӕмӕ уӕд бинонты хистӕр хъуамӕ уынаффӕ рахӕсса, ацӕуат ӕви баззайат. Ахӕм уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ скува ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна йӕ бинонты уавӕртыл, стӕй сыл уый хорзырдӕм кӕнӕ ӕвзӕрырдӕм куыд фӕзындзӕн, ууыл. Хъуамӕ нӕ зӕрдӕ макӕуыл худа, цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй. w19.07 10 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 11 декабрь
Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы (Иоан. 17:3).
Йесо нын бафӕдзӕхста, «ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ (Матф. 28:19). Ахуыргӕнинаг, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста, уый куы базона, уӕд ма хъуамӕ сахуыр уа уыцы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын дӕр. Ӕмӕ йын цӕмӕй уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕразондзинад. Иуӕй-иутӕ сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ цард цалдӕр мӕймӕ дӕр аивынц. Кӕйдӕрты та уымӕн фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы. Перуйы иу миссионерыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй дӕр бӕрӕг у, фӕразондзинад куыд ахсджиаг у, уый. Уыцы миссионер радзырдта: «Иу нӕлгоймагимӕ Библи ахуыр кодтон, йӕ ном Рауль хуынди, ӕмӕ рацыдыстӕм дыууӕ чиныджы. Фӕлӕ йын уӕддӕр нырма зын уыд, Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Йӕ бинойнагимӕ ӕвзӕр цардысты, стӕй ӕвзӕр дзыхӕй дзырдта, ӕмӕ, ахӕм кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ йӕ сывӕллӕттӕ ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ Рауль уӕдмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта, ӕмӕ йӕм ӕз дӕр дарддӕр цыдтӕн, цӕмӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр баххуыс кодтаин. Ӕмӕ нӕ фыццаг фембӕлдӕй ӕртӕ азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд донаргъуыд райста». w19.07 15 ф., 3 абз.; 19 ф., 15–17 абз.
Хуыцаубон, 12 декабрь
Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут (Лук. 13:24).
Ахъуыды-ма кӕнӕм, апостол Павел филиппӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд цы уавӕрты уыд ӕмӕ куыд зӕрдиагӕй архайдта, ууыл. Павел уыд Ромы ӕмӕ йӕ хӕдзары ахстӕй дардтой. Йӕ бон нӕ уыд хъусын кӕнынмӕ искуыдӕм цӕуын. Фӕлӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонӕн-иу хъусын кодта ӕмӕ, иннӕ рӕтты цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонмӕ фыстӕджытӕ фыста. Павел зыдта, Чырыстийау кӕронмӕ йӕ тых, йӕ бонӕй кӕй хъуамӕ архайдтаид. Уымӕ гӕсгӕ чырыстон фӕндаг абарста ерысимӕ (1 Кор. 9:24–27). Ерысы згъорджытӕн сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц, кӕронмӕ куыд бахӕццӕ уой, ууыл ӕмӕ сӕ цы бахъыгдара, уыдӕттӕм се ’ргом нӕ фездахынц. Зӕгъӕм, хатгай сӕ фӕхъӕуы горӕты уынгты дӕр згъорын, ӕмӕ сӕ фӕндагыл вӕййы дуканитӕ ӕмӕ, цӕст йӕхимӕ цы ӕлвасы, ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ. Цымӕ згъорджытӕй исчи дуканийы витринӕйы раз ӕрлӕудзӕн ӕмӕ дзы цытӕ ис, уыдӕттӕм ракӕс-бакӕс кӕндзӕн? Кӕд ӕй рамбулын фӕнды, уӕд не ’рлӕудзӕн! Цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл згъоргӕйӕ мах дӕр хъуамӕ не ’ргом ма здахӕм, цы нӕ бахъыгдара, уыдӕттӕм. Нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр нӕ нысаныл куы уой ӕмӕ Павелау нӕ тых, нӕ бонӕй куы архайӕм, уӕд мах дӕр «рамбулдзыстӕм» ӕмӕ нӕ хӕрзиуӕг райсдзыстӕм! w19.08 3 ф., 4 абз.; 4 ф., 7 абз.
Къуырисӕр, 13 декабрь
Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ. ...Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр (1 Тим. 4:16).
Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайӕм, уӕд, чи зоны, нӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, ӕндӕр цӕуылдӕрты кӕй баууӕндӕм ӕмӕ нӕ цард кӕй аивӕм, уый. Арӕх нӕм фыццаг фау хӕссын райдайынц, семӕ дины бӕрӕгбӕттӕ кӕй нал фӕкӕнӕм ӕмӕ политикӕимӕ баст хабӕртты кӕй нал фӕархайӕм, уый тыххӕй. Нӕ бинонтӕй ӕмӕ нӕм нӕ хиуӕттӕй иуӕй-иутӕ мӕсты дӕр свӕййынц (Матф. 10:35, 36). Фӕлӕ сыл хъуамӕ нӕ къух ма ауигъӕм. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый бамбарынӕн сын куы нал ӕххуыс кӕнӕм, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ сын тӕрхон рахастам, ӕнустӕм цӕрыны аккаг не сты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын Йегъовӕ тӕрхон кӕнын нӕ бахӕс кодта. Уыцы хъуыддаг Йесо Чырыстийы бар бакодта (Иоан. 5:22). Фӕразон куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕппынфӕстаг нӕ бинонты бафӕнда Библи ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд дӕр хъуамӕ фидар зондыл хӕст уӕм, ӕрмӕст хъуамӕ семӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнӕм (1 Кор. 4:12б). Чи зоны сӕ цасдӕр рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй йӕ бамбарой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын ирхӕфсӕны хуызӕн кӕй нӕу. w19.08 17 ф., 10, 13 абз.; 18 ф., 14 абз.
Дыццӕг, 14 декабрь
Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы (Фил. 4:13).
«Куы ахъуыды кӕнын, цы зындзинӕдтӕ сфӕрӕзтон, ууыл, уӕд ӕй фембарын, уый мӕхи хъаруйӕ мӕ бон кӕй нӕ бауыдаид». Мыййаг, ахӕм ныхӕстӕ искуы загътай? Махӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц афтӕ. Чи зоны, уӕззау низӕй рынчын уыдтӕ кӕнӕ дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕймаг фӕзиан. Уыцы зындзинад куыд сфӕрӕзтай, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд фембарыс, алы бон дӕр фидар ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй лӕууыдтӕ, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хайджын кодта, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7–9). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс ма нӕ хъӕуы, цӕмӕй ацы фыддунейы зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм (1 Иоан. 5:19). Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъарутӕ хъӕуы, цӕмӕй «фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» тох кӕнӕм (Еф. 6:12). Йегъовӕйы сыгъдӕг тых нын хъарутӕ дӕтты, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг дӕр нӕ бон уа нӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Апостол Павел ӕмбӕрста, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр йӕ бон кӕй уыд кусын дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс дардта «Чырыстийы тыхыл» (2 Кор. 12:9). w19.11 8 ф., 1–3 абз.
Ӕртыццӕг, 15 декабрь
Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр (Иоан. 14:9).
Ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис бӕлвырд базонӕн, Йесо дӕу тыххӕй цы сарӕзта, уый. Йесойы бауарз. Йесойы куы уарзай, уӕд Йегъовӕйы дӕр ноджы тынгдӕр уарздзынӕ. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта. Уӕдӕ Йесойы тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ Йегъовӕйы зондахаст ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. Ахъуыды-иу кӕн, Йесо куыд тӕригъӕд кодта, иннӕтӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕмӕ кастысты, уыдонӕн – мӕгуыртӕн, рынчынтӕн ӕмӕ, сӕрыл рахӕцӕг кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, Йесо дын цы хорз уынаффӕтӕ дӕтты, уыдоныл ӕмӕ йӕм кӕй хъусыс, уый фӕрцы дӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд ивы, ууыл (Матф. 5:1–11; 7:24–27). Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой. Ӕмӕ ууыл арф куы хъуыды кӕнай, уӕд ӕй бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарздзынӕ (Матф. 20:28). Куы йӕ бамбарай, Йесо йӕ цард дӕу тыххӕй кӕй нӕ бавгъау кодта, уӕд дӕ бафӕнддзӕн дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй дын сӕ ныххатыр кӕна (Хъуыд. 3:19, 20; 1 Иоан. 1:9). Ӕмӕ Йесойы ӕмӕ Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй ӕрбаиу уай, чи сӕ уарзы, уыцы адӕммӕ. w20.03 5, 6 фф., 10–12 абз.
Цыппӕрӕм, 16 декабрь
Йегъовӕ бады бӕрзондыл, фӕлӕ сӕрныллӕг адӕймаджы уыны (Пс. 138:6).
Гӕнӕн ис, чырыстон нӕлгоймаг хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ кӕцыдӕр хӕстӕ уый хуызӕн ничи ӕххӕст кӕндзӕн. Йе та чырыстон сылгоймаг, чи зоны, хъуыды кӕна, йӕ лӕг кӕцыдӕр ӕфсымӕры хӕстӕ хуыздӕр кӕй ӕххӕст кӕнид. Фӕлӕ ӕцӕг сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ахӕм хъуыдытӕ нӕхицӕй сурдзыстӕм. Ӕркӕсӕм Моисейы цӕвиттонмӕ. Уый Израилы адӕмӕн уыди сӕ разамонӕг, ӕмӕ уыцы кадджын хӕсӕн тынг аргъ кодта. Фӕлӕ, Моисей цы тыхӕй уыд хайджын, уымӕй Йегъовӕ ӕндӕр кӕйдӕрты дӕр куы схайджын кодта, цӕмӕй уыдон дӕр йӕ хӕстӕй кӕцыдӕртӕ ӕххӕст кодтаиккой, уӕд уый Моисейӕн хъыг нӕ уыд (Ным. 11:24–29). Уӕдӕ, адӕмы хъуыддӕгтӕ куы ’взӕрста, уӕд дӕр сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ сразы, цӕмӕй йын иннӕтӕ уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтаиккой (Рац. 18:13–24). Уый фӕрцы израилӕгтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ тагъддӕр ӕвзӕрст цыдаиккой. Бӕрӕг у, Моисей фылдӕр иннӕтыл кӕй хъуыды кодта ӕмӕ, кадджын бынат ахстаид, уый йын сӕйраг кӕй нӕ уыд. Куыд хорз уаид, мах дӕр афтӕ куы кӕниккам! Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: цӕмӕй Йегъовӕйы къухы хорз кусӕнгӕрзтӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ сӕрныллӕгдзинад нӕ курдиӕттӕй ахсджиагдӕрыл нымайӕм. w19.09 5, 6 фф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 17 декабрь
Йегъовӕ хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны (Пс. 31:23).
Мах нӕ зонӕм, хицауӕдтӕ куыд бамбарын кӕндзысты, Стыр Вавилоны ныхмӕ цӕмӕн рацыдысты, уый. Чи зоны, зӕгъой, зӕххыл цы динтӕ ис, уыдон сабырдзинадӕн цӕлхдур кӕй сты, стӕй политикӕйы хъуыддӕгты сӕхи ӕдзух кӕй тъыссынц. Кӕнӕ та, чи зоны, зӕгъой, ӕгӕр бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ мулк кӕй ӕрӕмбырд кодтой (Рарг. 18:3, 7). Хицауӕдтӕ сӕхи мӕнг динтыл кӕй ныццӕвдзысты, уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы динтыл хӕст адӕмы се ’ппӕты ныццӕгъддзысты. Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй фесафдзысты динтӕ. Уӕд, уыцы динтыл хӕст чи уыд, уыцы адӕм бамбардзысты, сӕ разамонджытӕ сӕ кӕй фӕсайдтой, стӕй, ӕвӕццӕгӕн, дзурдзысты, уыцы динтӕм кӕй ницы бар дардтой. Стыр Вавилон куы сафой, уыцы рӕстӕг тынг бирӕ нӕ ахӕсдзӕн (Рарг. 18:10, 21). Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, стыр бӕллӕхы бонтӕ кӕй «фӕцыбыр кӕндзӕн», цӕмӕй «ӕвзӕрстытӕ» фервӕзой, стӕй раст дин зӕххы цъарӕй ма фесӕфа (Мар. 13:19, 20). w19.10 15 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 18 декабрь
Ӕрыгон сылгоймӕгты ахӕм зондыл аразын, цӕмӕй... сӕ сывӕллӕтты уарзой (Тит. 2:4).
Сылгоймагӕн, чи зоны, йӕхи ныййарджытӕ уыдысты мӕстыгӕр ӕмӕ сӕ схуыст ныхас йеддӕмӕ ницы хъуыста. Ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, хъуыды кодта, ӕмӕ, сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕмӕ кӕд базыдта, Йегъовӕ ныййарджытӕн цы фӕдзӕхсы, уый, уӕддӕр ын, чи зоны, ӕнцон ма уа йӕ сывӕллӕттимӕ фӕлмӕнӕй дзурын ӕмӕ хиуыл хӕцын, уӕлдайдӕр, фӕллад куы уа ӕмӕ йӕм уыдон куы нӕ хъусой, уӕд (Еф. 4:31). Ахӕм уавӕры йӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы Йегъовӕйӕ ӕххуыс курын (Пс. 37:5). Иуӕй-иу мадӕлтӕн ма зын вӕййы, сӕ сывӕллӕтты кӕй уарзынц, уый ӕргом ӕвдисын. Гӕнӕн ис, сӕхӕдӕг сывӕллӕттӕ куы уыдысты, уӕд сыл сӕ ныййарджытӕ никуы баузӕлыдысты. Кӕд ды дӕр ахӕм бинонты ’хсӕн схъомыл дӕ, уӕд, дӕ ныййарджытӕ цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, ахӕм рӕдыдтытӕй дӕхи хиз. Мады Йегъовӕйы коммӕ кӕсын куы фӕнда, уӕд ӕй хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй сахуыр уа, йӕ сывӕллӕтты кӕй уарзы, уый ӕвдисын. Чи зоны йын ӕнцон нӕу йӕхи фӕивын. Фӕлӕ уӕддӕр уымӕн гӕнӕн ис. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр уыдзысты бирӕ амондджындӕр. w19.09 18, 19 фф., 19, 20 абз.
Хуыцаубон, 19 декабрь
Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа (Матф. 6:24).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг тынг бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ куы хардз кӕна, цӕмӕй схъӕздыг уа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ архайы дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕныныл. Ахӕм адӕймагӕй афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл у иузӕрдион. Фыццаг ӕнусы горӕт Лаодикийы ӕмбырды чырыстӕттӕ сӕхицӕй ӕппӕлыдысты: «Ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ фӕллӕйттӕ ӕрӕмбырд кодтон ӕмӕ ӕппындӕр ницӕмӕй цух дӕн». Фӕлӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цӕсты уыдон уыдысты «ницӕйаг, тӕригъӕддаг, мӕгуыр, куырм ӕмӕ бӕгънӕг». Йесо сын, хъӕздыг кӕй уыдысты, уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта. Хъӕздыгдзинад кӕй уарзтой, уый тыххӕй Йегъовӕйӕ адард сты, ӕмӕ сын уый тыххӕй бауайдзӕф кодта (Рарг. 3:14–17). Кӕд ӕй бамбӕрстам, ӕмӕ хъӕздыгдзинадмӕ тырнын райдыдтам, уӕд хъуамӕ ӕвӕстиатӕй нӕ зондахаст аивӕм (1 Тим. 6:7, 8). Афтӕ куы нӕ бакӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ нал уарздзыстӕм, ӕмӕ йӕ цӕсты нӕ лӕггадӕн аргъ нал уыдзӕн. Йегъовӕ «домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл» уӕм иузӕрдион (Дык. з. 4:24). w19.10 27 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 20 декабрь
Адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ (2 Пет. 1:21).
«Амыдта»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «хаста». Лука дӕр Хъуыддӕгты чиныджы спайда кодта уыцы грекъаг дзырдӕй (Петр дзы цы формӕйы спайда кодта, ахӕм формӕйы хуызӕнӕй), цӕмӕй бамбарын кодтаид, цы науыл цыдысты, уый дымгӕ куыд «хаста», уый (Хъуыд. 27:15). Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, апостол Петр афтӕ куы загъта, Библи фысджытӕ, сыгъдӕг тых сын куыд «амыдта», афтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, уӕд спайда кодта, «денджызы цӕуынимӕ баст чи уыд, ахӕм рӕсугъд абарстӕй». Ӕндӕр ныхӕстӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Петр загъта, дымгӕ нау размӕ куыд фӕхӕссы, афтӕ сыгъдӕг тых дӕр Библи фысджытӕн разамынд кӕй лӕвӕрдта. Уыцы ахуыргонд ма загъта: «Библи чи фыста, уыдон, зӕгъӕн ис, сӕ наупӕлӕзтӕ систой». Уыдон цӕттӕ уыдысты сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Йегъовӕ сарӕзта, йӕхицӕй цы кӕнгӕ уыд, уый – радта сын «дымгӕ», ома йӕ сыгъдӕг тых. Библи чи фыста, уыдон дӕр сарӕзтой, сӕхицӕй цы кӕнгӕ уыд, уый – архайдтой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тых абарӕн ис дымгӕимӕ. Нау дымгӕйы фӕрцы бынатмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ вӕййы, денджыз куы фӕабухы, суанг уӕд дӕр. Раст афтӕ мах дӕр абон сыгъдӕг тых размӕ хӕссы, ома нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, цалынмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд ног дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ. w19.11 9, 10 фф., 7–9 абз.
Дыццӕг, 21 декабрь
Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн? (Ӕмб. 24:10).
Хатт нӕ ныфс асӕтты, зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ сыл хъуамӕ ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм. Науӕд, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдон ферох кӕндзыстӕм (Рарг. 21:3, 4). Ныфссаст куы уӕм, уӕд нӕм хъарутӕ нал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзыстӕм. Ӕркӕсӕм Америкӕйы Иугонд Штаттӕй иу хойы цӕвиттонмӕ. Уый йӕ уырнындзинад фидар кӕныныл архайы, кӕд йӕ сӕрыхицау уӕззау низӕй рынчын у ӕмӕ йӕм кӕсын хъӕуы, уӕддӕр. Хо ныффыста: «Хатт ахӕм тыхст уавӕры вӕййӕм, ӕмӕ адӕймаг йӕхимӕ ныхъхъусид. Фӕлӕ махӕн нӕ ныфс нӕ сӕтты. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, нӕ уырнындзинад ӕмӕ нын нӕ ныфс бафидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕтты тыххӕй. Йӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ нӕ йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ тынг хъӕуынц. Уый фӕрцы дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм». Ацы хойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, нӕ ныфс куы асӕтта, уӕддӕр нӕ бон кӕй у фӕстӕмӕ нӕ къахыл слӕууын. Уый тыххӕй хъуамӕ дӕ зӕрдыл дарай, дӕ фӕлварӕнтӕ Хӕйрӕгӕй кӕй сты. Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын удӕнцой кӕй ратдзӕн. Стӕй аргъ кӕн, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын цы хӕринаг дӕтты, уымӕн. w19.11 16 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 22 декабрь
Иузӕрдион чи у, уый... [сусӕг ныхас] нӕ рахъӕр кӕны (Ӕмб. 11:13).
Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ архайой ацы стихмӕ гӕсгӕ. Хистӕр нӕлгоймаг ӕмбары, хо кӕнӕ ’фсымӕры «сусӕг ныхас» йӕ бинойнагӕн кӕй хъуамӕ ма дзура. Афтӕ куы кӕна, уӕд ыл ничиуал ӕууӕнддзӕн ӕмӕ йын ӕмбырды хорз ном нал уыдзӕн. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ хъуамӕ «дывзагон» ма уой (1 Тим. 3:8). Хъуамӕ сайгӕ ма кӕной кӕнӕ макӕй кой кӕной. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг йӕ бинойнаджы уарзы, уӕд ын нӕ дзурдзӕн, зонын ӕй цы нӕ хъӕуы, уыдӕттӕ. Ус йӕ лӕджы куы нӕ къаха ӕмӕ йын зоныны бар цӕмӕн нӕй, уый йын куы нӕ дзурын кӕна, уӕд афтӕмӕй йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын ӕмбырды дарддӕр дӕр хорз ном уа. Фӕлӕ ма афтӕмӕй равдисдзӕн, йӕ лӕгӕн йӕ сусӕг ныхас чи ракӕны, уыдонӕн кӕй аргъ кӕны. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕххуыс кӕндзӕн ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад хъахъхъӕнынӕн (Ром. 14:19). w20.03 22 ф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 23 декабрь
Абон [уӕм] Йегъовӕ фӕзындзӕн (Лев. 9:4).
Н. э. размӕ 1512 азы израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын Хуыцауы цатыр куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сауджынтӕй сӕвӕрдта (Рац. 40:17; Лев. 9:1–5). Цымӕ Йегъовӕ куыд равдыста, сауджынтӕй ӕвӕрд чи ’рцыд, уыдонӕй райгонд кӕй уыд, уый? Моисей ӕмӕ Аарон адӕмӕн куы арфӕ кодтой, уӕд Йегъовӕйӕ рацыд арт ӕмӕ, нывондхӕссӕныл цы нывонд уыди, уый аныхъуырдта (Лев. 9:23, 24). Уӕларвӕй арт кӕй ӕрцыд, уый цӕуыл дзурӕг уыд? Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Израилӕгтӕ уый куы федтой, уӕд бамбӕрстой, уыцы сауджынтӕн уыдон дӕр кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Йегъовӕ Израилы сауджынтӕй райгонд кӕй уыд, уый зонын мах абон цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ уыдон амыдтой стырдӕр сауджынтӕм – Йесомӕ ӕмӕ, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 минмӕ (Дзут. 4:14; 8:3–5; 10:1). Дзырд дӕр ыл нӕй, абон Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты ӕмӕ йын рӕдауӕй арфӕ кӕны. w19.11 23 ф., 13, 14 абз.; 24 ф., 16 абз.
Майрӕмбон, 24 декабрь
Ӕхсӕвӕй-бонӕй нӕ хид калгӕйӕ фыдӕбон кодтам, цӕмӕй уӕ стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кодтаиккам (2 Фес. 3:8).
Апостол Павел Коринфы куы уыд, уӕд ӕрлӕууыд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕмӕ. Уыдон дӕр «цатыртӕ... хуыдтой», ӕмӕ «семӕ куыста». Павел афтӕ кӕй загъта, «ӕхсӕвӕй-бонӕй» куыстон, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕдзухдӕр кусгӕ кодта. Улӕфгӕ дӕр-иу кодта. Зӕгъӕм, сабаты-иу нӕ куыста. Уыцы бон-иу ын фадат уыд дзуттӕгтӕн хъусын кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ-иу уыдон дӕр сабаты нӕ куыстой (Хъуыд. 13:14–16, 42–44; 16:13; 18:1–4). Кӕд Павелы кусын дӕр хъуыди, уӕддӕр уый ӕдзухдӕр лӕуд уыд «табуйаг хъуыддаджы» – хъусын кодта «Хуыцауы хорз хабар» (Ром. 15:16; 2 Кор. 11:23). Павел иннӕтӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаиккой. Зӕгъӕм, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕ загъта, кӕй сты йе ’мкусджытӕ «Йесо Чырыстийы хъуыддаджы» (Ром. 12:11; 16:3). Коринфӕгтӕм та Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58; 2 Кор. 9:8). Йегъовӕ ма йын суанг ахӕм ныхӕстӕ дӕр ныффыссын кодта: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд» (2 Фес. 3:10). w19.12 5 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 25 декабрь
Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ (Пс. 127:3).
Йегъовӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сывӕллӕттӕ уыдаид. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ ус сывӕллӕттӕ рауадзой ӕви нӕ, стӕй кӕд фӕнд кӕнынц сывӕллон рауадзын, уый чи хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна? Иуӕй-иу рӕтты адӕм ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, ӕмӕ, дам, сӕ цард чи баиу кодта, уыдонӕн цот хъуамӕ уайтагъд рацӕуа. Сӕ бинонтӕ ӕмӕ сын иннӕтӕ, чи зоны, ӕдзух дзурой, цӕмӕй сывӕллон рауадзой. Азийӕ иу ӕфсымӕр, Джетро, зӕгъгӕ, зӕгъы: «Не ’мбырды иуӕй-иу ныййарджытӕ, сывӕллӕттӕ кӕмӕн нӕй, уыцы къайтӕн фӕдзурынц, цӕмӕй сывӕллон рауадзой». Азийӕ ӕндӕр ӕфсымӕр та, Джеффри, загъта: «Сывӕллӕттӕ кӕмӕн нӕй, уыдонӕн иуӕй-иутӕ фӕдзурынц, куы базӕронд уой, уӕд сӕм чи кӕса, уый дӕр кӕй нӕ уыдзӕн». Фӕлӕ алы къай дӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна, сывӕллӕттӕ сын уыдзӕн ӕви нӕ. Уынаффӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕссой. Уый сӕ бӕсты никӕй бон у саразын (Гал. 6:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты фӕфӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Фӕлӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ зӕрдыл дара, сывӕллӕттӕ сын уыдзӕн ӕви нӕ, уый сӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕнынц (1 Фес. 4:11). w19.12 22 ф., 1–3 абз.
Хуыцаубон, 26 декабрь
Кувгӕ та кӕнут афтӕ: «Нӕ уӕларвон Фыд» (Матф. 6:9).
Мыййаг дын зын у Хуыцауы дӕ Фыдыл нымайын? Чидӕртӕ хъуыды кӕнынц, Хуыцау кӕм ис ӕмӕ ӕз та кӕм дӕн, зӕгъгӕ. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау сӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнынц. Фӕлӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд тынг уарзы ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм. Уый нын радта цард ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Апостол Павел афинӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ уый кой куы скодта, уӕд сын уый фӕстӕ загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:24–29). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕ алчидӕр йемӕ ныхас кӕна, сывӕллон йӕ уарзӕгой ныййарӕгимӕ куыд фӕныхас кӕны, афтӕ. Кӕмӕндӕр та Йегъовӕйы йӕ Фыдыл нымайын зын уымӕн вӕййы, ӕмӕ фыды рӕвдыдӕй цух уыд. Иу хо афтӕ загъта: «Мӕ фыд-иу мӕ тынг ӕфхӕрдта. Ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд мын зын уыди Йегъовӕйы мӕ уӕларвон Фыдыл нымайын». Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ вӕййы, уӕд ма тыхс. Иу бон ды дӕр бамбардзынӕ, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Фыд кӕй у. w20.02 3 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 27 декабрь
Хъару мӕм куы нал уа, уӕд мӕ ма ныууадз (Пс. 71:9).
Кӕд, азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр нын Йегъовӕ нӕ лӕггадӕн аргъ кӕны (Пс. 92:12–15; Лук. 21:2–4). Уӕдӕ фылдӕр хъуыды кӕн, дӕ бон аразын цы у, ууыл. Зӕгъӕм, дӕ бон у иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тыххӕй кувын, стӕй сӕ фидар кӕнын, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайой. Йегъовӕ дӕ йе ’мкусӕгыл уый тыххӕй нӕ нымайы, ӕмӕ дӕ бон у цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын, фӕлӕ дӕ йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (1 Кор. 3:5–9). Куыд ӕхсызгон нын у, йӕ лӕггадгӕнджытӕн тынг чи аргъ кӕны, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын! Йегъовӕ нӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы стӕм амондджын (Рарг. 4:11). Чи зоны нӕ ацы дуне ницӕуыл нымайы, фӕлӕ Йегъовӕ не ’фсӕрмы кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕй (Дзут. 11:16, 38). Кӕд исты низимӕ тох кӕныс, цардамӕлттӕ кӕнын дын зын у йе та дыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй дӕ ныфс асаст, уӕд дӕ зӕрдыл дар, нӕ уӕларвон Фыды уарзондзинадӕй дӕ кӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). w20.01 18 ф., 16 абз.; 19 ф., 18, 19 абз.
Дыццӕг, 28 декабрь
Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон (Пс. 51:10).
Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нын цы ис, уый фагыл куы нымайӕм ӕмӕ уымӕй райгонд куы уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы хӕлӕгӕн бынат нал уыдзӕн. Сӕрныллӕгдзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл ма уӕм. Сӕрныллӕг адӕймаг йӕхи иннӕтӕй хуыздӕр нӕ фӕхоны ӕмӕ афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ фылдӕр аккаг у (Гал. 6:3, 4). Цы йын ис, уый фагыл чи нымайы, уый та йӕхи иннӕтимӕ нӕ фӕбары (1 Тим. 6:7, 8). Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ йын цы ис, уымӕй райгонд чи у, ахӕм адӕймаг иннӕты циныл фӕцин кӕны. Мах хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тых, цӕмӕй хӕлӕг макӕмӕ кӕнӕм, фӕлӕ сӕрныллӕг уӕм ӕмӕ нын цы ис, уымӕй райгонд уӕм (Гал. 5:16; Фил. 2:3, 4). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм ӕмӕ-иу фенӕм, ӕцӕгӕй дзы цы ис, уый. Хуыцау нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй макӕмӕ хӕлӕг кӕнӕм, фӕлӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ рӕзын кӕнӕм (Пс. 26:2). w20.02 15 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 29 декабрь
Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ (1 Тим. 4:16).
Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд ын ратдзынӕ дзырд. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ ӕххӕст кӕнай. Уӕдӕ-иу дӕхи ӕмбырдыл бӕтт. Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дын бинонтӕй уӕлдай нӕ уыдзысты. Ӕмӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр куы цӕуай, уӕд дын ноджы адджындӕр суыдзысты. Хуыцауы Ныхас-иу алы бон дӕр кӕс ӕмӕ-иу ыл хъуыды кӕн (Пс. 1:1, 2). Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй-иу ыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнай. Ӕмӕ-иу уӕд, цы бакастӕ, уый дӕ зӕрдӕмӕ арф бахъардзӕн. «Ӕппынӕдзух кув» (Матф. 26:41). Дӕ зӕрдӕбын куывдтыты фӕрцы-иу Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. Фыццаджыдӕр-иу агур «Хуыцауы паддзахад» (Матф. 6:33). Уый араздзынӕ, хъусын кӕныны хъуыддаг ахсджиагыл куы нымайай, уӕд. Хъусын кӕнынмӕ-иу арӕх куы цӕуай, уӕд дӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар. Ацы зӕронд дунейы цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлай, уӕддӕр уыдон «рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты» (2 Кор. 4:17). Фӕлӕ дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд дӕ цард ныр дӕр хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн, стӕй фидӕны та схайджын уыдзынӕ «ӕцӕг цардӕй» (1 Тим. 6:19). w20.03 13 ф., 19–21 абз.
Цыппӕрӕм, 30 декабрь
Рӕстӕг бирӕ нал баззад (1 Кор. 7:29).
Кӕд адӕймаг йӕ царды ницы ивы, уӕд дӕ хъӕудзӕн ахъуыды кӕнын, йемӕ ма Библи дарддӕр ахуыр кӕндзынӕ ӕви нӕ. Цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Библи кӕимӕ ахуыр кӕнын, уый, йӕ уавӕртӕм ӕмӕ йӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ йӕ бон куыд у, афтӕ ивы? Цы базыдта, уыдӕттӕ „ӕххӕст кӕнын“ райдыдта?» (Матф. 28:20). Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, хъыгагӕн, сты, Йезекилы заман чи цард, уыцы израилӕгты хуызӕн. Уыдоны тыххӕй Йегъовӕ Йезекилӕн загъта: «Ды сын дӕ, уарзондзинады зарджытӕ чи кӕны, рӕсугъд хъӕлӕс кӕмӕн ис ӕмӕ хъисфӕндырыл хорз чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Уыдон дын дӕ ныхӕстӕ хъусдзысты, фӕлӕ дын сӕ иу дӕр не ’ххӕст кӕндзӕн» (Йез. 33:32). Чи зоны нын ӕнцон ма уа адӕймагӕн зӕгъын, йемӕ Библи кӕй нал ахуыр кӕндзыстӕм. Фӕлӕ «рӕстӕг бирӕ нал баззад». Ӕмӕ, йӕ царды ивындзинӕдтӕ чи нӕ кӕны, уыимӕ ахуыр кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕмы куы агуриккам (Хъуыд. 13:48). w20.01 6 ф., 17 абз.; 7 ф., 20 абз.
Майрӕмбон, 31 декабрь
Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр (Матф. 6:10).
Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ коммӕгӕс адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Фӕлӕ чырыстон динтӕн сӕ фылдӕр уый нӕ амонынц (2 Кор. 4:3, 4). Уыцы динтӕ афтӕ дзурынц, ӕмӕ, дам, хорз адӕм иууылдӕр сӕ мӕлӕты фӕстӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуынц. Фӕлӕ, 1879 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уадзын чи райдыдта, уыцы Библииртасджытӕ та ӕндӕр хъуыдыйыл хӕст уыдысты. Уыдон ӕмбӕрстой, Хуыцау зӕххӕй ногӕй дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕй милуантӕ уӕлӕрвты кӕй нӕ цӕрдзысты, фӕлӕ ам, зӕххыл. Фӕлӕ сӕ цасдӕр рӕстӕг бахъуыд, уыцы коммӕгӕс адӕм бӕлвырдӕй чи уыдзысты, уый бамбарынӕн. Библииртасджытӕ ма ӕмбӕрстой, чидӕртӕ «зӕххӕй ӕлхӕд» кӕй ӕрцӕудзысты, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой (Рарг. 14:3). Уыдон уыдзысты, зӕххыл дӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕндзӕн, ахӕм чырыстӕттӕ ӕмӕ уыдзысты 144 мины. w19.09 27 ф., 4, 5 абз.