Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 7–21 фф.
  • Январь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Январь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 январь
  • Хуыцаубон, 2 январь
  • Къуырисӕр, 3 январь
  • Дыццӕг, 4 январь
  • Ӕртыццӕг, 5 январь
  • Цыппӕрӕм, 6 январь
  • Майрӕмбон, 7 январь
  • Сабат, 8 январь
  • Хуыцаубон, 9 январь
  • Къуырисӕр, 10 январь
  • Дыццӕг, 11 январь
  • Ӕртыццӕг, 12 январь
  • Цыппӕрӕм, 13 январь
  • Майрӕмбон, 14 январь
  • Сабат, 15 январь
  • Хуыцаубон, 16 январь
  • Къуырисӕр, 17 январь
  • Дыццӕг, 18 январь
  • Ӕртыццӕг, 19 январь
  • Цыппӕрӕм, 20 январь
  • Майрӕмбон, 21 январь
  • Сабат, 22 январь
  • Хуыцаубон, 23 январь
  • Къуырисӕр, 24 январь
  • Дыццӕг, 25 январь
  • Ӕртыццӕг, 26 январь
  • Цыппӕрӕм, 27 январь
  • Майрӕмбон, 28 январь
  • Сабат, 29 январь
  • Хуыцаубон, 30 январь
  • Къуырисӕр, 31 январь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 7–21 фф.

Январь

Сабат, 1 январь

Ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы (2 Тим. 3:15).

Тимофейӕн йӕ уырнындзинады бындур уыдысты Библийы ахуырӕдтӕ. Уыдоны фӕрцы Тимофей Йегъовӕмӕ баввахс. Ды дӕр хъуамӕ Библи иртасай ӕмӕ-иу ссарай фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базоныс, уый ӕцӕг кӕй у, уымӕн. Фыццаджыдӕр хъуамӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарай ӕртӕ сӕйраг ахуырадӕн: 1) ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста (Рац. 3:14, 15; Дзут. 3:4; Рарг. 4:11). 2) Библи у Хуыцауы Ныхас ӕмӕ дзы фыст ис, Хуыцау адӕмӕн цы зӕгъинаг уыд, уый (2 Тим. 3:16, 17). 3) Йегъовӕйӕн зӕххыл ис адӕм, Чырысти сын разамынд дӕтты, ӕмӕ уыдон сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (Ис. 43:10–12; Иоан. 14:6; Хъуыд. 15:14). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ Библийӕ алцыдӕр базонай. Дӕ нысан хъуамӕ уа «арф хъуыды кӕнын», цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, цӕуыл ӕууӕндыс, уый рӕстдзинад кӕй у (Ром. 12:1). w20.07 10 ф., 8, 9 абз.

Хуыцаубон, 2 январь

Мӕтыхтӕн фӕдзӕхст уыд, цӕмӕй сӕ маргӕ ма кӕной, фӕлӕ сӕ фондз мӕйы дӕргъы хъизӕмарӕй марой (Рарг. 9:5).

Ацы пехуымпарады мӕтыхты тыххӕй фыст ис: «Сӕ сӕртыл цыма сызгъӕрин кадыхудтӕ уыд, сӕ цӕсгӕмттӕ та уыдысты адӕймаджы цӕсгӕмтты хуызӕн» (Рарг. 9:7). Фыст ма дзы ис, уыдон фондз мӕйы дӕргъы хъизӕмарӕй кӕй марынц, «сӕ ныхтыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы [ома Хуыцауы знӕгты]». Мӕтых ӕцӕгдӕр фондз мӕйы бӕрц фӕцӕры (Рарг. 9:4). Ацы пехуымпарад амоны Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнджытӕм. Уыдон ныфсджынӕй хъусын кӕнынц, Хуыцау ацы фыддунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый тыххӕй. Ӕмӕ, ацы дуне кӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, уыцы адӕм уый фехъусгӕйӕ тынг стыхсынц. Уӕд цымӕ афтӕ уайы, ӕмӕ, Иоилы 2:7–9 стихты кӕй кой ис, уыцы мӕтыхтӕ ӕмӕ, Раргомады кӕй кой ис, уыцы мӕтыхтӕ иу кӕмӕдӕр нӕ амонынц? О. Хатт уыцы иу цыдӕр Библийы иу уавӕры иу цӕмӕдӕр фӕамоны, ӕндӕр уавӕры та – ӕндӕр цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, Раргомады 5:5 стихы Йесо хуыйны «Домбай Иудӕйы мыггагӕй». 1 Петры 5:8 стихы та Хӕйрӕг хуыйны «богътӕгӕнаг домбай». w20.04 3 ф., 8 абз.; 4 ф., 10 абз.

Къуырисӕр, 3 январь

Йегъовӕйы цӕст ӕххӕссы алкӕдӕм дӕр, лӕмбынӕг кӕсы ӕвзӕртӕм дӕр ӕмӕ хӕрзтӕм дӕр (Ӕмб. 15:3).

Сарӕйы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Агар Аврамы ус куы сси, уӕд йӕхи раст нӕ дардта. Куы басывӕрджын, уӕд Сарӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта, уымӕн ӕмӕ Сарӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Гъемӕ Сарӕ Агары афтӕ тынг райдыдта ӕфхӕрын, ӕмӕ Агар алыгъди (Райд. 16:4–6). Ӕнӕххӕст адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, Агар уыди налат сылгоймаг, ӕмӕ йӕ сӕр баййӕфта, цы аккаг уыд, уый. Фӕлӕ йӕм Йегъовӕ ахӕм цӕстӕй нӕ каст. Уый йӕм йӕ зӕды арвыста. Ӕмӕ йӕ зӕд куы ссардта, уӕд ын баххуыс кодта йӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕсынӕн. Стӕй ма йын загъта, Хуыцау ын йӕ байзӕддӕгты кӕй сбирӕ кӕндзӕн. Агар ӕмбӕрста, Йегъовӕ йӕ кӕй уыдта ӕмӕ, цы уавӕры уыд, уый тыххӕй алцыдӕр кӕй зыдта. Уый йын йӕ зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ Йегъовӕйы схуыдта «алцыуынӕг Хуыцау» (Райд. 16:7–13). Йегъовӕ Агары тыххӕй цы зыдта? Зыдта, куыд схъомыл, раздӕр куыд цард ӕмӕ цыдӕриддӕр бавзӕрста, уый. Агар Сарӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕй каст, уый Йегъовӕ растыл нӕ нымадта. Фӕлӕ, Агарӕн йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый зыдта ӕмӕ йын йӕ уавӕр ӕмбӕрста, ӕмӕ йын баххуыс кодта. w20.04 16 ф., 8, 9 абз.

Дыццӕг, 4 январь

Мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон (2 Тим. 4:7).

Апостол Павел загъта, ӕцӕг чырыстӕттӕ иууылдӕр ерысы кӕй архайынц. Уыдон згъорынц, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл (Дзут. 12:1). Ӕмӕ нӕ кӕд фӕнды, Йегъовӕ нын цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уый райсын, уӕд хъуамӕ не ’ппӕт дӕр – ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, хъаруджын чи у, уыдон дӕр ӕмӕ, фӕллад чи у, уыдон дӕр – кӕронмӕ фӕразонӕй згъорӕм (Матф. 24:13). Павелӕн йӕ бон уыд иннӕтӕн ахӕм уынаффӕ раттын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕ «фӕндагыл кӕронмӕ азгъордта» (2 Тим. 4:7, 8). Фӕлӕ бӕлвырдӕй цавӕр ерысы згъорыны кой кодта? Павел цалдӕр хатты цӕвиттонӕн ӕрхаста, рагон Грецийы-иу цы хъӕзтытӕ уыд, уыдон, цӕмӕй цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид (1 Кор. 9:25–27; 2 Тим. 2:5). Цалдӕр хатты чырыстоны цард абарста ерысы згъорынимӕ (1 Кор. 9:24; Гал. 2:2, фип.; Фил. 2:16, фип.). Адӕймаг «згъорын» райдайы, йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд (1 Пет. 3:21). Ӕмӕ кӕронмӕ бахӕццӕ вӕййы, Йегъовӕ йын хӕрзиуӕг – ӕнусон цард – куы ратты, уӕд (Матф. 25:31–34, 46; 2 Тим. 4:8). w20.04 26 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 5 январь

Райсут, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон (Еф. 6:13).

Йегъовӕ нӕ Йесойы фӕрцы бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй бахиздзӕн (2 Фес. 3:3). Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны? Радта нын хӕстон дзауматӕ, цӕмӕй нӕхи Хӕйрӕгӕй хъахъхъӕнӕм (Еф. 6:13–17). Уыдонӕй хуыздӕр хӕстон дзауматӕ нӕй! Фӕлӕ нӕ уыдон хъахъхъӕндзысты, алкӕцы дӕр дзы нӕ уӕлӕ куы уа ӕмӕ-иу сӕ куы нӕ раласӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, нӕ астӕутӕ ронау цы ӕцӕгдзинадӕй хъуамӕ ӕрбалвасӕм, уый у, Хуыцауы Ныхасы, Библийы, цы рӕстдзинад ис, уый. Уыцы рон цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? Цӕмӕй нӕ Хӕйрӕг, «мӕнгдзинады фыд», ма асайа (Иоан. 8:44). Уыцы куыст ныр цалдӕр мин азы дӕргъы кӕны. Ӕмӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Рарг. 12:9). Фӕлӕ, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый нӕ йӕ мӕнг ныхӕстӕй хъахъхъӕны. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ ныл уыцы рон ис? Йегъовӕйы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый куы базонӕм, «сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» йын куы кувӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт куы уӕм, уӕд (Иоан. 4:24; Еф. 4:25; Дзут. 13:18). w21.03 26, 27 фф., 3–5 абз.

Цыппӕрӕм, 6 январь

Уый ма бацӕудзӕн Рӕсугъд бӕстӕмӕ дӕр (Дан. 11:41).

Уыцы бӕстӕ иннӕ бӕстӕтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй хицӕн кодта, ӕмӕ дзы цардысты, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы адӕм. Фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ «Рӕсугъд бӕстӕ» цавӕрдӕр бынат нӕу. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕйы адӕм цӕрынц алы рӕтты ӕгас зӕххыл дӕр. Абон «Рӕсугъд бӕстӕ» у Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай. Уыцы организацийы чи ис, уыдон цы аразынц, уымӕ хауы, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый дӕр. Фӕстаг бонты цӕгатаг паддзах бирӕ хӕттыты бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Зӕгъӕм, нацистон Германи цӕгатаг паддзах куы уыд, уӕд Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ мардта, уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдис цӕгатаг паддзах куы сси, уӕд уый дӕр бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Уый дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдта, стӕй-иу сӕ Сыбырмӕ ахаста. w20.05 13 ф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 7 январь

Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон, ӕмӕ йӕ бадзырд дӕр уыдонӕн ӕргом кӕны (Пс. 25:14).

Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы адӕмӕй Хуыцауы хӕлар чи сси, уыдонӕй иу уыд Авраам. Авраам уыди диссаджы уырнындзинады хицау. Йӕ мӕлӕтӕй 1 000 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд дӕр ӕй Йегъовӕ нӕ ферох кодта ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ «хӕлар» (Ис. 41:8). Уӕдӕ мӕлӕтӕн дӕр йӕ бон нӕу Йегъовӕйы йӕ хӕлӕрттӕй фӕхицӕн кӕнын. Авраам дзы ныр дӕр рох нӕу (Лук. 20:37, 38). Иов дӕр уыд Йегъовӕйы хӕлар. Иуахӕмы уӕлӕрвты зӕдтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Йегъовӕ дзырдта Иовы тыххӕй, уый, дам, у «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй» (Иов 1:6–8). Данелы тыххӕй та Йегъовӕ цы хъуыды кодта? Данел ын 80 азы бӕрц иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы бӕстӕйы. Ӕмӕ ацӕргӕ Данелӕн зӕдтӕ ӕртӕ хатты загътой, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ», зӕгъгӕ (Дан. 9:23; 10:11, 19). Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ кӕй бӕллы, йӕ зынаргъ хӕлӕртты кӕд райгас кӕндзӕн, уыцы бонмӕ (Иов 14:15). w20.05 26, 27 фф., 3, 4 абз.

Сабат, 8 январь

Амон мын дӕ уагӕвӕрдтӕ (Пс. 119:68).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый, чи зоны, Хуыцауы закъӕттӕ базыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы бауарзта ӕмӕ йӕ коммӕ уый тыххӕй кӕсы? Евӕ дӕр зыдта Хуыцауы закъон, фӕлӕ Закъонӕвӕрӕджы ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ уарзта. Ӕмӕ Адам дӕр афтӕ (Райд. 3:1–6). Уӕдӕ иннӕтӕн Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ амонын фаг нӕу. Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр сты нӕ пайдайӕн (Пс. 119:97, 111, 112). Фӕлӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый, чи зоны, афтӕ ма хъуыды кӕна, цалынмӕ нӕ бамбара, Йегъовӕ нӕ уарзгӕ кӕй кӕны ӕмӕ нын уыцы закъӕттӕ уый тыххӕй кӕй радта. Уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон уаид ахӕм фарстатӕ дӕттын: «Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн цӕмӕн дзуры, уый ис аразӕн, уый та нӕ, зӕгъгӕ? Уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?» Адӕймагӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, ууыл хъуыды кӕна ӕмӕ йын йӕ кадджын ном ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза, уӕд ын афтӕмӕй, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарӕм. Ӕмӕ уӕд ӕрмӕст закъӕттӕ нӕ бауарздзӕн, фӕлӕ Закъонӕвӕрӕджы дӕр. Уӕд йӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн, ӕмӕ, фидӕны арты хуызӕн фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕла, уӕд фидар фӕлӕудзӕн (1 Кор. 3:12–15). w20.06 10 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 9 январь

Адӕймаг... хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна (Иак. 1:19).

Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕха, уымӕн фӕхъӕуы рӕстӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм фӕразон. Бирӕтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн ногӕй уайтагъд нӕ райдыдтой лӕггад кӕнын. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бабӕрӕг кодтой. Азийӕ иу хо, Нэнси, зӕгъгӕ, ныффыста: «Ӕмбырдӕй мын иу хо тынг баххуыс кодта. Цыма йӕ хистӕр хо уыдтӕн, афтӕ мӕ уарзта. Мӕ зӕрдыл мын-иу ӕрлӕууын кодта, нӕ рӕстӕг-иу иумӕ куыд ӕрвыстам. Мӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ йын-иу куы дзырдтон, уӕд-иу мӕм лӕмбынӕг хъуыста. Стӕй-иу мын уынаффӕ дӕр радта. Уый уыди ӕцӕг ӕмбал, ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уыд баххуыс кӕнынмӕ». Адӕймагӕн иннӕтӕ йӕ зын куы фембарынц, уӕд уый йӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕн вӕййы ӕвдадзы хос. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйӕ адард сты, ӕмбырды сӕ чидӕр кӕй фӕхъыг кодта ӕмӕ йӕм сӕ зӕрдӕйы маст хӕссын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд бирӕ азтӕ рацыд, уӕддӕр нырма сӕ маст не ссыд. Ӕмӕ сӕ уый хъыгдары Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын. Гӕнӕн ис, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ дзӕгъӕлы бафхӕрдтой. Арӕх ахӕм адӕмы фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕм исчи байхъуса ӕмӕ сӕ бамбара. w20.06 26 ф., 10, 11 абз.

Къуырисӕр, 10 январь

Cымах... Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут (1 Иоан. 2:14).

Фӕлварӕны-иу фидар куы фӕлӕууай, уӕд-иу дын иннӕ хатт ӕнцондӕр уыдзӕн, раст цы у, уый аразын. Стӕй ма дӕ зӕрдыл дар, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ ацы дунейы адӕм Хӕйрӕджы цӕстӕй кӕй кӕсынц. Ӕмӕ-иу сӕ зондыл куы нӕ ацӕуай, уӕд-иу «Фыдбылызыл фӕуӕлахиз» уыдзынӕ. Мах зонӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, тӕригъӕд цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Ӕмӕ фӕархайӕм, цӕмӕй тӕригъӕд ма саразӕм. Фӕлӕ тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ нӕ тӕригъӕдыл басӕттӕм (1 Иоан. 1:9). Ӕмӕ кӕд уӕззау тӕригъӕд сарӕзтам, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурӕм. Уыдоны Йегъовӕ сӕвӕрдта, цӕмӕй ныл тыхсой (Иак. 5:14–16). Фӕлӕ нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи хъуамӕ ма хӕрӕм. Нӕ уарзӕгой Фыд йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц. Иугӕр Йегъовӕ загъта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕна, уымӕн сӕ ныххатыр кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд сайгӕ нӕ кӕны. Йегъовӕ алцыдӕр сарӕзта, цӕмӕй йын нӕ бон уа сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнын (1 Иоан. 2:1, 2, 12; 3:19, 20). w20.07 22, 23 фф., 9, 10 абз.

Дыццӕг, 11 январь

Дӕумӕ ис царды суадон (Пс. 36:9).

Кӕддӕр Йегъовӕйы йеддӕмӕ Дун-дунейы ничи уыд. Фӕлӕ йын ӕнкъард нӕ уыд. Уый иунӕгӕй дӕр амондджын уыди. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй ма ноджыдӕр исчи царды ад бавзӕрстаид. Йӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй йедзаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафӕндыд искӕй сфӕлдисын, искӕмӕн цард раттын (1 Иоан. 4:19). Йегъовӕ фыццаг сфӕлдыста йӕ Фырты. Ӕмӕ, «уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр», уыимӕ зӕдты дӕр, сфӕлдыста йӕ Фыртимӕ иумӕ (Кол. 1:16). Йесо тынг цин кодта, йӕ Фыдимӕ кӕй фыдӕбон кодта, ууыл (Ӕмб. 8:30). Ӕмӕ зӕдтӕ дӕр цин кодтой, Йегъовӕ ӕмӕ Дӕсны кусӕг Йесо арв ӕмӕ зӕхх куы сфӕлдыстой, уӕд. Зӕхх конд куы ’рцыд, уӕд уыдон «фырцинӕй... хъӕр кодтой». Ӕмӕ, уый фӕстӕ Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттыл дӕр, уӕлдайдӕр адӕмыл, афтӕ цин кодтой (Иов 38:7; Ӕмб. 8:31). Йегъовӕ кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр дзурӕг сты йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ йӕ зондыл (Пс. 104:24; Ром. 1:20). w20.08 14 ф., 1, 2 абз.

Ӕртыццӕг, 12 январь

Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт уындзысты (Матф. 24:9).

Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ бон у иннӕты уарзын, стӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уарзой. Ӕмӕ нӕ исчи йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд нын тынг зын вӕййы ӕмӕ ма нӕ, чи зоны, тас дӕр бацӕуы. Иу ӕфсымӕр ныффыста: «Ӕфсӕддонтӕ мӕ куы надтой, алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ мын куы кодтой ӕмӕ мӕм куы ’ртхъирӕнтӕ кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй, уӕд мӕ тас бацыд, стӕй мӕхимӕ зӕххӕй сисинаг дӕр нал кастӕн». Иннӕтӕ нӕ се сӕфт куы фӕуынынц, уӕд нын уый тынг зын вӕййы, фӕлӕ ууыл дис нӕ фӕкӕнӕм. Йесо дӕр загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн. Ацы дуне нӕ йе сӕфт цӕмӕн уыны? Уымӕн ӕмӕ Йесойау мах дӕр ацы дунейӕ не стӕм (Иоан. 15:17–19). Мах хицӕутты нымайӕм, фӕлӕ политикӕйы нӕ архайӕм, тырысайӕн нӕ табу кӕнӕм ӕмӕ гимн нӕ фӕзарӕм. Мах ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы нымайӕм нӕ Хуыцауыл. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ «байзӕддаг» разы не сты, Хуыцауӕн кӕй ис бар, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕн дӕр сӕ Хицау уа (Райд. 3:1–5, 15). Фӕлӕ мах Йегъовӕйы нымайӕм Дун-дунейы Хицауыл. Мах хъусын кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр ӕмӕ, уыцы Паддзахады ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны тагъд кӕй фесафдзӕн (Дан. 2:44; Рарг. 19:19–21). Уый сабыр адӕмӕн у хорз хабар, фыдгӕнджытӕн та – ӕвзӕр хабар. w21.03 20 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 13 январь

Мах ӕй зонӕм: мах стӕм Хуыцауӕй (1 Иоан. 5:19).

Чырыстон хотӕн ӕмбырды ис кадджын бынат. Уыдон нын фӕзминаг сты се ’мбаргӕдзинадӕй, сӕ уырнындзинадӕй, сӕ зынгзӕрдӕдзинадӕй, сӕ хъӕбатырдзинадӕй, сӕ рӕдаудзинадӕй ӕмӕ, хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзтой, уымӕй (Лук. 8:2, 3; Хъуыд. 16:14, 15; Ром. 16:3, 6; Фил. 4:3; Дзут. 11:11, 31, 35). Ӕмбырдты ма ис бирӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ нын уый у стыр арфӕдзинад. Бирӕтӕн дзы се ’нӕниздзинад фӕцудыдта, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц. Стӕй сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц иннӕты фидар кӕнынӕн ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнынӕн. Сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмбырдӕн стыр пайда у. Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйы цӕсты дӕр ӕмӕ мах цӕсты дӕр сты рӕсугъд (Ӕмб. 16:31). Ахъуыды-ма кӕнӕм, не ’мбырдты цы ӕрыгӕттӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ ис, уыдоныл дӕр. Уыдон ацы дунейы бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уымӕн ӕмӕ дуне ис Хӕйрӕджы къухы ӕмӕ йӕ зондахаст алкӕмдӕр ахъардта. Фӕлӕ нын не ’рыгӕттӕ ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕ стыр ныфсы хос сты. Ӕмбырдты дзуаппытӕ куы фӕдӕттынц, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинады сӕрыл ныфсджынӕй куы фӕдзурынц, уӕд не ’ппӕт дӕр тынг бафидар вӕййӕм. Уӕдӕ ӕрыгӕттӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн дӕр Йегъовӕйы ӕмбырды ахсджиаг бынат ис (Пс. 8:2). w20.08 21, 22 фф., 9–11 абз.

Майрӕмбон, 14 январь

Ӕз сымах ӕрвитын, фысты бирӕгъты ’хсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау (Матф. 10:16).

Хъусын кӕнын куы райдайӕм, стӕй иннӕтӕн ӕргом куы фӕдзурӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн, зӕгъгӕ, уӕд нын, чи зоны, зын уа, адӕймагӕн абухгӕ денджызы куыд зын вӕййы, афтӕ. Гӕнӕн ис, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ рацӕуой, не ’мбӕлттӕ ныл худой, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдон нӕм ма хъусой. Ахӕм уавӕрты хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыдзынӕ? Фыццаг, фидарӕй дӕ уырнӕд, Йесо уыцы хъуыддагӕн абон дӕр уӕлӕрвтӕй разамынд кӕй дӕтты (Иоан. 16:33; Рарг. 14:14–16). Дыккаг, архай, цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕууӕндай Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл, ӕз уыл тыхсдзынӕн, зӕгъгӕ (Матф. 6:32–34). Дӕ уырнындзинад цас фидардӕр уа, уыйас хъӕбатырдӕр уыдзынӕ. Ды стыр уырнындзинад равдыстай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтай ӕмӕ, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуыс, уый тыххӕй де ’мбӕлттӕн ӕмӕ дӕ бинонтӕн куы загътай, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрай, уый тыххӕй дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ аивтай. Ӕмӕ уымӕн дӕр хъуыди уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Дызӕрдыг ма кӕн, дарддӕр дӕр куы архайай, цӕмӕй хъӕбатыр уай, уӕд «кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – дӕ Хуыцау Йегъовӕ уыдзӕн демӕ» (Йес. Н. 1:7–9). w20.09 5 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 15 январь

Йегъовӕ [йын] радта ӕнцойдзинад (2 Аз. 14:6).

Паддзах Асӕ нын фӕзминаг у, йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл кӕй дардта ӕмӕ ӕмбаргӕйӕ кӕй архайдта, уымӕй. Асӕ Йегъовӕйӕн ӕрмӕст зын рӕстӕджыты нӕ лӕггад кодта, фӕлӕ сабыр рӕстӕг дӕр. Библийы Асӕйы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ» (1 Пад. 15:14). Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд, Иудӕйы зӕхх мӕнгхуыцӕуттӕй кӕй ссыгъдӕг кодта, уымӕй. Асӕ «ныппырх кодта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ кувӕн бынӕттӕ, ныссаста кувӕн дуртӕ ӕмӕ афӕлдӕхта кувӕн цӕджындзтӕ» (2 Аз. 14:3, 5). Суанг ма йӕ фыдымад Маахӕйӕн дӕр йӕ бартӕ байста, ӕмӕ ус-паддзах нал уыд. Афтӕ цӕмӕн бакодта? Уымӕн ӕмӕ Маахӕ адӕмы мӕнгхуыцауӕн кувыныл ӕфтыдта (1 Пад. 15:11–13). Асӕ мӕнгхуыцӕутты кӕй фесӕфта, уый иу хъуыддаг у. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Иудӕйы адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхтаиккой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта – бӕстӕйы сабыр рӕстӕг скодта. Асӕ паддзах куы уыди, уыцы рӕстӕг дӕс азы дӕргъы Иудӕйы «зӕххыл сабырдзинад... уыд» (2 Аз. 14:1, 4, 6). w20.09 14 ф., 2, 3 абз.

Хуыцаубон, 16 январь

Тимофей, дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн (1 Тим. 6:20).

Зынаргъӕй нӕм цы ис, уый арӕх иннӕты бар бакӕнӕм. Зӕгъӕм, не ’хца банчы сӕвӕрӕм, цӕмӕй ма фесӕфой кӕнӕ сӕ мачи адава. Апостол Павел Тимофейы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йӕ бар ын кӕй бакодтой зынаргъ хӕзна – бӕлвырд зонындзинӕдтӕ, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый фӕдыл. Тимофей ма ахӕм кады аккаг дӕр уыд, ӕмӕ «хорз хабар хъусын» кодта (2 Тим. 4:2, 5). Павел Тимофейы фӕдзӕхста, цӕмӕй уыдӕттӕ хъахъхъӕдтаид. Ӕмӕ махӕн дӕр Хуыцау нӕ бар зынаргъ хӕзнатӕ бакодта. Йегъовӕ нын радта зынаргъ хӕзна – йӕ Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый. Уыцы рӕстдзинад зынаргъ уымӕн у, ӕмӕ уый фӕрцы базонӕм, Йегъовӕйы хорз хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы суыдзыстӕм ӕмӕ ӕцӕг амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл куы ӕууӕндӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд мӕнг ахуырӕдты къӕппӕджы нӕ бахаудзыстӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕндзыстӕм (1 Кор. 6:9–11). w20.09 26 ф., 1–3 абз.

Къуырисӕр, 17 январь

Уӕ пайдайӕн цавӕр адӕймӕгтӕ систӕм, уый... зонут (1 Фес. 1:5).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый хъуамӕ уына, рӕстдзинад кӕй уарзыс ӕмӕ Библийыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыс. Ӕмӕ уӕд уый дӕр, цы базоны, уымӕн аргъ кӕндзӕн. Кӕд уавӕр амоны, уӕд ын радзур, дӕхицӕн Библийы уагӕвӕрдтӕ царды куыд ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд бамбардзӕн, Библийы уынаффӕтӕ уымӕн дӕр царды стыр ӕххуыс кӕй фӕуыдзысты. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн-иу ахуыры рӕстӕг радзур, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, ахӕм зындзинӕдты сӕрты чи ахызт, уыцы лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Кӕд уе ’мбырды ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уӕд сӕ дӕ бон у ахуырмӕ фӕхонын. Адӕймагӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй бамбара, Библийы уагӕвӕрдтӕ йын царды куыд баххуыс кӕндзысты, уый. Кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн кӕд бинонтӕ ис ӕмӕ йӕ цардӕмбал Библи нӕма ахуыр кӕны, уӕд уымӕн дӕр ис зӕгъӕн, йӕ бон кӕй у уемӕ ахуыр кӕнын. Кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый разӕнгард кӕн, цӕмӕй, цы базоны, уый тыххӕй йӕ бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн дӕр дзура (Иоан. 1:40–45). w20.10 16 ф., 7–9 абз.

Дыццӕг, 18 январь

Арф [сӕ] нывӕр дӕ сывӕллоны зӕрдӕйы (Дык. з. 6:7).

Йесойӕн йӕ зӕххон ныййарджытӕ баххуыс кодтой, цӕмӕй суыдаид, Хуыцауы зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодта, ахӕм адӕймаг. Уыдон ӕй хъомыл кодтой, Йегъовӕ ныййарджытӕн цы амындтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ (Дык. з. 6:6, 7). Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕйы тынг уарзтой. Ӕмӕ сын ӕппӕты сӕйраг уыд сӕ сывӕллӕттӕн дӕр Йегъовӕйы бауарзын кӕнын. Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йегъовӕйӕн сӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ лӕггад кодтой. Уыдон алы къуыри дӕр цыдысты Назареты ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Стӕй алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ (Лук. 2:41; 4:16). Ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, фӕндагыл Йесойӕн ӕмӕ иннӕ сывӕллӕттӕн дзырдтой Йегъовӕйы адӕмы хабӕрттӕ. Чи зоны-иу сӕ бафӕндыд, Фыстады цы бынӕтты кой ис, уыдон дӕр фенын. Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн ноджыдӕр сывӕллӕттӕ куы райгуырд, уӕд сын фӕзындӕр уыдаид Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ӕнӕхъӕн бинонтӕй аразын. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн, цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты! Йегъовӕ сӕ царды фыццаг бынаты кӕй уыд, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад уыд фидар. w20.10 28 ф., 8, 9 абз.

Ӕртыццӕг, 19 январь

Ездрӕ йӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы закъон ахуыр кодтаид... ӕмӕ... уагӕвӕрдтӕ... амыдтаид (Езд. 7:10).

Исчи дӕ Библийы ахуырмӕ куы фӕхона, уӕд хорз уаид, цы ӕрмӕг ӕвзардзыстут, уый рагацау куы бацӕттӕ кӕнис. Ӕфсымӕр, Дорин, лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй. Уый загъта: «Библийы ахуырмӕ мемӕ чи ацӕуы, уыдон сӕхи куы бацӕттӕ кӕнынц, уӕд сӕ бон вӕййы хорз хъуыдытӕ зӕгъын». Уымӕй уӕлдай ма адӕймаг куы фена, уӕ дыууӕ дӕр уӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтат, уӕд бамбардзӕн, уый дӕр афтӕ кӕнын кӕй хъӕуы. Бӕстон бацӕттӕ кӕныны фадат дын куы нӕ уа, уӕд-иу ӕрмӕгыл дӕ цӕст ахӕсс, цӕмӕй зонай, цавӕр сӕйраг хъуыдытӕ дзы ис. Библийы ахуыр куы уадзай, уӕд ма ахсджиаг вӕййы Хуыцаумӕ скувын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, ахуырмӕ дӕ чи фӕхуыдта, уый дын куы зӕгъа, цӕмӕй акувай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, цӕй тыххӕй кувдзынӕ, ууыл. Ӕмӕ уӕд, дӕ куывды цы зӕгъай, уый адӕймаджы зӕрдӕ бацагайдзӕн (Пс. 141:2). Ханае цӕры Японийы. Ӕмӕ хъуыды кӕны, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хо-иу йемӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хойы куывдтытӕ. Ханае загъта: «Йӕ куывдтытӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йе ’ввахс Хӕлар кӕй у. Ӕмӕ мӕн дӕр фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕ ме ’ввахс Хӕлар суыдаид. Кувгӕйӕ-иу мӕ кой куы скодта, уӕд-иу ӕй бамбӕрстон, уыцы хотӕ мӕ кӕй уарзынц». w21.03 9, 10 фф., 7, 8 абз.

Цыппӕрӕм, 20 январь

Фидар лӕуу! ...Хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр (Хъуыд. 23:11).

Йесо апостол Павелӕн загъта, Роммӕ кӕй бахӕццӕ уыдзӕн. Фӕлӕ Иерусалимы дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Павелы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой – марынмӕ йӕ хъавыдысты. Ромаг ӕфсады сӕргълӕуджытӕй иу, Клавдий Лисий, уый куы базыдта, уӕд Павелӕн баххуыс кодта. Уайтагъд ӕй арвыста Кесаримӕ. Йемӕ ма йын арвыста бирӕ ӕфсӕддонты дӕр, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаиккой. Кесаримӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бӕстӕйы хицау Феликс бардзырд радта, цӕмӕй Павелы «Ироды галуаны бакӕной ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной». Уым Павелӕн йе знӕгтӕй тӕссаг нӕ уыд (Хъуыд. 23:12–35). Фӕлӕ стӕй Феликсы бӕсты хицау сси Фест. Фесты «дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕнын кӕй фӕндыд», уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Иерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын ацы хъуыддӕгты тыххӕй мӕ разы уым тӕрхон кӕной?» Павел зыдта, ӕмӕ, Иерусалиммӕ куы ацӕуа, уӕд ӕй уым, гӕнӕн ис, дзуттӕгтӕ амарой. Ӕмӕ Фестӕн загъта: «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!» Фест ын дзуапп радта: «Ромы паддзахы тӕрхон домыс, ӕмӕ Ромы паддзахмӕ ацӕудзынӕ». Тагъд Павел хъуамӕ Роммӕ ацыдаид, ӕмӕ йӕ марынмӕ чи хъавыд, уыцы дзуттӕгтӕй уыдаид тынг дард (Хъуыд. 25:6–12). w20.11 13 ф., 4 абз.; 14 ф., 8–10 абз.

Майрӕмбон, 21 январь

Нӕ зӕрдӕ [ныл] цыфӕнды хъуыддаджы тыххӕй ма худа (1 Иоан. 3:20).

Алчидӕр нӕ хатт цӕйдӕр тыххӕй йӕхи фӕхӕры. Иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл фӕхуды, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой, уӕдмӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй, иннӕтӕн та, донаргъуыды фӕстӕ кӕй сарӕзтой, уыцы рӕдыдтыты тыххӕй (Ром. 3:23). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕфӕнды, раст цы у, уый аразын. Фӕлӕ «не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иак. 3:2; Ром. 7:21–23). Нӕ цӕсгом нӕ истӕй тыххӕй куы фӕхӕры, уӕд нын уый ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ нын уый пайда дӕр ӕрхӕссы. Нӕ рӕдыды тыххӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл куы фӕхуды, уӕд нӕ бафӕнды, цы хъӕуы, уый аивын, ӕмӕ нӕхицӕн фидарӕй фӕзӕгъӕм, ахӕм рӕдыд кӕй никуыуал ӕруадздзыстӕм (Дзут. 12:12, 13). Кӕд нӕ рӕдыдыл ӕрфӕсмон кодтам, ӕмӕ Йегъовӕ равдыста, кӕй нын ныххатыр кодта, уӕд хъуамӕ нӕхи фӕсмонӕй мауал хӕрӕм. Уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн (Пс. 31:10; 38:3, 4). Ӕдзух нӕхи фӕсмонӕй хӕрӕм, уый тӕссаг у. Уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ ныл кӕд Йегъовӕ йӕ къух нӕ ауыгъта, уӕддӕр мах нӕхиуыл нӕ къух ауыгътам. Ӕмӕ ма Хӕйрӕджы дӕр ӕндӕр цы хъӕуы. (Абар 2 Коринфӕгтӕм 2:5–7, 11.) w20.11 27 ф., 12, 13 абз.

Сабат, 22 январь

Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон, дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады (Пс. 73:13).

Ацы псалом чи ныффыста, уыцы левит райдыдта фыдгӕнджытӕм ӕмӕ, йӕхицӕй хъал чи уыд, уыдонмӕ хӕлӕг кӕнын. Се ’взӕр хъуыддӕгтӕм сын нӕ бахӕлӕг кодта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг цард кӕнынц (Пс. 73:2–9, 11–14). Уыдон ӕнӕмӕтӕй бухъцард кодтой. Левит хъуамӕ алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй ракастаид. Ӕмӕ афтӕ куы бакодта, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр ӕмӕ та Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кодта. Уый загъта: «Чи мын ис уӕлӕрвты? Ӕмӕ мын зӕххыл дӕр дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр цин нӕй» (Пс. 73:25). Чи зоны, махмӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ фӕрнӕйдзаг цард кӕнынц. Фӕлӕ сӕм хъуамӕ ма хӕлӕг кӕнӕм. Уыдоны ӕцӕг амондджын схонӕн нӕй (Еккл. 8:12, 13). Куы сӕм хӕлӕг кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн, ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕ дӕр адард уӕм. Уӕдӕ кӕд ды дӕр иуӕй-иу хатт фыдгӕнджыты ӕнӕмӕт цардмӕ бахӕлӕг кӕныс, уӕд левитау архай: Хуыцауы уынаффӕтӕм хъус ӕмӕ йын йӕ фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл дӕхи бӕтт. Йегъовӕ де стыр цин куы уа, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын. Ӕмӕ, «ӕцӕг цардмӕ» чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр цӕудзынӕ (1 Тим. 6:19). w20.12 19 ф., 14–16 абз.

Хуыцаубон, 23 январь

Кувын нӕ куы фӕхъӕуы ӕмӕ, цӕй тыххӕй кувӕм, уый куы нӕ фӕзонӕм ӕмӕ нӕхимидӕг куы фӕдзыназӕм, уӕд сыгъдӕг тых фӕлӕгъстӕ кӕны нӕ бӕсты (Ром. 8:26).

Цы дӕ тыхсын кӕны ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕныс, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн куы дзурай, уӕд-иу ын йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бузныг дӕр зӕгъ. Суанг тынг зын уавӕры куы уӕм, уӕддӕр хорз уаид, цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, уыдоныл куы хъуыды кӕниккам. Зын дын куы уа, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарын кӕнынӕн хъӕугӕ ныхӕстӕ ссарын, уӕд та? Уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕмӕ ӕнӕуи, курын дӕ, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ, куы скувай, уӕддӕр дын дзуапп кӕй ратдзӕн (2 Аз. 18:31). Йегъовӕйӕ зонд кур ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Н. э. размӕ 8 ӕнусы Иудӕйы адӕмӕн тӕссаг уыд, ассириӕгтӕ сӕ сӕ дӕлбар кӕй бакӕндзысты, уымӕй. Уӕд уыдон ӕххуыс ракуырдтой, мӕнг хуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы Египетӕй (Ис. 30:1, 2). Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ бафӕдзӕхста, сӕ ныфс Египетыл кӕй дардтой, уый сӕ бӕллӕхмӕ кӕй ӕркӕндзӕн (Ис. 30:7, 12, 13). Исайы уылты адӕмӕн загъта, цы сӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй мацӕмӕй тӕрсой. Загъта сын афтӕ: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат» (Ис. 30:15б). w21.01 3, 4 фф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 24 январь

Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыди, уыдоны нымӕц – сӕдӕ цыппор цыппар мины (Рарг. 7:4).

Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй схайджын уыдзысты хӕрзиуӕгӕй – уӕлӕрвты суыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 20:6). Йегъовӕ, Йесо ӕмӕ зӕдтӕ тынг цин кӕндзысты, 144 мин сӕрст чырыстоны сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны 144 мин паддзахы ӕмӕ сауджыны куы федта, уӕд ма федта, Армагеддоны сӕрты чи ахызт, уыцы «тынг бирӕ адӕмы» дӕр. Сӕрст чырыстӕтты нымӕц бӕлвырд у, фӕлӕ тынг бирӕ адӕмы нымӕц бӕлвырд нӕу. Ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕ фылдӕр сты (Рарг. 7:9, 10). Уыдоныл ис «даргъ урс дарӕстӕ». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕ сӕхи «фӕчъизи кӕнын» нӕ бауагътой ӕмӕ Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл иузӕрдионӕй баззадысты (Иак. 1:27). Уыдон хъӕрӕй дзурынц, Йегъовӕ ӕмӕ сӕ Йесо, Хуыцауы Уӕрыкк, кӕй фервӕзын кодтой. Сӕ къухты та ис пальмӕйы къалиутӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойы нымайынц Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзахыл ӕмӕ цин кӕнынц. (Абар Иоанны 12:12, 13.) w21.01 15, 16 фф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 25 январь

Дӕ сӕрныллӕгдзинад мӕ бӕрзонд кӕны (2 Сам. 22:36).

Нӕлгоймаг хорз бинонты хистӕр уыдзӕн, Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти сӕ бартӕй куыд пайда кӕнынц, уымӕй сӕ куы фӕзма, уӕд. Зӕгъӕм, аныхас кӕнӕм сӕрныллӕгдзинадыл. Дун-дунейы Йегъовӕйӕ зондджындӕр нӕй, фӕлӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы фӕзӕгъынц, уымӕ байхъусы (Райд. 18:23, 24, 32). Йегъовӕ у ӕххӕст, фӕлӕ махӕй ныртӕккӕ нӕ домы, цӕмӕй ӕххӕст уӕм. Чи йын лӕггад кӕны, уыцы ӕнӕххӕст адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджын уой (Пс. 113:6, 7). Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, уый у «ӕххуысгӕнӕг», зӕгъгӕ (Пс. 27:9; Дзут. 13:6). Паддзах Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ бар цы стыр хъуыддӕгтӕ бакодта, уыдон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы сӕрныллӕгдзинады фӕрцы кӕй сарӕзта. Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Кӕд Хицау ӕмӕ Ахуыргӕнӕг уыд, уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта. Уый йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр» (Иоан. 13:12–17). Кӕд Йесомӕ стыр бартӕ уыди, уӕддӕр уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йын иннӕтӕ лӕггад кӕной. Фӕлӕ йӕхӕдӕг иннӕтӕн лӕггад кодта (Матф. 20:28). w21.02 3, 4 фф., 8–10 абз.

Ӕртыццӕг, 26 январь

Лӕппуты фидауц – сӕ тых (Ӕмб. 20:29).

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымахӕн уӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у аразын. Бирӕтӕ уӕ сты фидар ӕмӕ хъаруджын. Ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс стут. Ӕмӕ уӕ, чи зоны, фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй дӕр лӕггад кӕнын. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнут, зӕгъгӕ мӕ иннӕтӕ нырма ӕгӕр ӕрыгоныл кӕнӕ ӕвӕлтӕрдыл нымайынц, ӕмӕ мын ӕмбырды ахсджиаг хъуыддӕгтӕ нӕма бахӕс кӕндзысты. Ӕмӕ кӕд ӕрыгон стут, уӕддӕр уӕ бон у равдисын, ӕууӕндӕн уыл кӕй ис. Cымахмӕ дӕр ис цавӕрдӕр курдиӕттӕ ӕмӕ уӕ бон у ӕмбырды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, уӕ бон у ацӕргӕтӕн равдисын, Библи иртасгӕйӕ ӕмӕ ӕмбырдты куыд ис телефонӕй кӕнӕ планшетӕй архайӕн. Уыдон тынг бузныг вӕййынц, ӕрыгӕттӕ сын афтӕ кӕй баххуыс кӕнынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ цыфӕнды ма аразат,– уӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ-иу рухс кӕнут. w21.03 2 ф., 1, 3 абз.; 7 ф., 18 абз.

Цыппӕрӕм, 27 январь

Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).

Ус цыфӕнды ахуыргонд куы уа, уӕддӕр бинонты уырнындзинад фидар кӕнын у лӕджы хӕс (Еф. 6:4). Фӕлӕ уӕддӕр ус йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕна. Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕна, цӕмӕй Библи йӕхӕдӕг кӕса, иртаса йӕ ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕна. Уый фӕрцы Йегъовӕйы уарздзӕн, нымайдзӕн ӕй ӕмӕ йын йӕ лӕджы коммӕ кӕсын ӕхсызгон уыдзӕн. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ фӕкӕсы ӕмӕ йӕ фӕнымайы. Ӕмӕ ахӕм сылгоймаг, Йегъовӕ цы ӕгъдау сфидар кодта, уый чи ницӕмӕ дары, уыцы сылгоймӕгтӕй амондджындӕр вӕййы. Стӕй фӕзминаг вӕййы ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ ӕрыгон сылгоймӕгтӕн. Ус йӕ лӕджы коммӕ куы кӕса, уӕд уый фӕрцы ӕрмӕст сӕ бинонты ’хсӕн нӕ уыдзӕн фарн, фӕлӕ ӕмбырды дӕр (Тит. 2:3–5). Абон Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сты сылгоймӕгтӕ (Пс. 68:11). w21.02 13 ф., 21–23 абз.

Майрӕмбон, 28 январь

Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн (Иак. 4:8).

Апостол Павел уыди тынг хъӕбатыр ӕмӕ фидар адӕймаг. Ӕмӕ-иу кӕд йӕхимӕ хатт лӕмӕгъ каст, уӕддӕр-иу йӕ бон уыд фидар фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ зыдта, уый йын тыхтӕ кӕй ратдзӕн (2 Кор. 12:8–10; Фил. 4:13). Мах дӕр сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд уыдзыстӕм хъӕбатыр ӕмӕ фидар (Иак. 4:10). Нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, ӕмӕ, фӕлварӕнтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ цӕйдӕр тыххӕй ӕфхӕргӕ кӕны. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары» (Иак. 1:13). Уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Йегъовӕ «нӕ ивы» (Иак. 1:17). Ӕмӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕн фӕлварӕнты куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Зӕрдиагӕй дзы зонд, уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад кур. Уый дын дӕ куывдтытӕн дзуапп ӕнӕмӕнг ратдзӕн. w21.02 31 ф., 19–21 абз.

Сабат, 29 январь

Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та – адӕймаджы (Ӕмб. 27:17).

Библи чи ахуыр кӕны, уый ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ӕй дӕ бон у фидар кӕнын. Уый тыххӕй-иу йемӕ хуыздӕр базонгӕ у (Фил. 2:4). Куы йӕ уынай, йӕ царды цыдӕртӕ кӕй аивта, уӕд-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕл. Афӕрс-иу ӕй йӕ Библийы ахуыры тыххӕй, йӕ бинонты тыххӕй кӕнӕ йӕ куысты тыххӕй. Фӕлӕ, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕй-иу ӕй ма фӕрс. Афтӕ-иу йемӕ куы аныхӕстӕ кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, балымӕн уат. Ӕмӕ йын ӕмбырды ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн къахдзӕфтӕ кӕнын, ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райсдзӕн. Библи чи ахуыр кӕны, уый йӕ цард куы ива ӕмӕ къахдзӕфтӕ куы кӕна, уӕд ын баххуыс кӕн, цӕмӕй бамбара, ӕмбырды йын йӕхи бынат кӕй ис. Уый дӕ бон уыдзӕн аразын, уазӕгуарзон куы уай, уӕд (Дзут. 13:2). Библи чи ахуыр кӕны, уый хъусынгӕнӕг куы суа, уӕд-иу ӕй уацамынды акӕн. Диего лӕггад кӕны Бразилийы. Уый загъта: «Ӕфсымӕртӕй-иу мӕ бирӕтӕ семӕ хъусын кӕнынмӕ акодтой. Уый фӕрцы сӕ хуыздӕр базыдтон. Ӕз уыдонӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ баввахсдӕр дӕн». w21.03 12 ф., 15, 16 абз.

Хуыцаубон, 30 январь

Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут (Ром. 12:17).

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, уе знӕгты уарзут, зӕгъгӕ (Матф. 5:44, 45). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уымӕн гӕнӕн ис. Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уымӕ хауынц уарзондзинад, фӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуыл хӕцын (Гал. 5:22, 23). Ӕмӕ нын ацы миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты фидар фӕлӕууынӕн. Нӕ ныхмӕ чи цыди, уыдонӕй нӕм бирӕтӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой, кӕмӕндӕр дзы йӕ лӕг, кӕмӕндӕр йӕ ус, кӕмӕндӕр йӕ сывӕллон, кӕмӕндӕр та йӕ сыхаг ацы миниуджытӕ кӕй ӕвдыста, уый фӕрцы. Бирӕтӕ ма нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ дӕр систы. Уӕдӕ, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй дӕ йе сӕфт чи уыны, уыдоны уарзын дын зын куы уа, уӕд-иу Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых кур (Лук. 11:13). Ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ бакӕнын алкӕддӕр хуыздӕр кӕй вӕййы (Ӕмб. 3:5–7). Исчи дӕ йе сӕфт куы уына, уӕд уый тынг зын у. Фӕлӕ уарзондзинад тыхджындӕр у. Уарзондзинадӕй ис зӕрдӕ ссарӕн. Стӕй уый циндзинад хӕссы Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн. Фӕлӕ нӕ адӕм се сӕфт куы уыной ӕмӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ амондджын уӕм. w21.03 23 ф., 13 абз.; 24 ф., 15, 17 абз.

Къуырисӕр, 31 январь

Мӕ зӕхмӕ ӕрбабырста, нымӕц дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм тыхджын адӕм (Иоил 1:6).

Пехуымпар Иоил кодта, цавӕрдӕр ӕфсад кӕй ӕрбабырсдзӕн, уый кой (Иоил 2:1, 8, 11). Йегъовӕ загъта, йе «стыр ӕфсад» (ома вавилойнаг ӕфсӕддонты) кӕй арвитдзӕн, цӕмӕй ӕгоммӕгӕс израилӕгты бафхӕра (Иоил 2:25). Уыцы ӕфсады тыххӕй пехуымпарады фыст ис, «цӕгатӕй» кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ вавилойнӕгтӕ Израилмӕ ӕцӕгдӕр цӕгатырдыгӕй хъуамӕ ӕрбабырстаиккой (Иоил 2:20). Се ’фсад уыд, бӕлвырд уагмӕ гӕсгӕ чи архайы, уыцы мӕтыхты хуызӕн. Иоил афтӕ ныффыста: «Алчи сӕ [ома алы ӕфсӕддон] цӕуы йӕхи фӕндагыл... [...] Горӕтмӕ бабырсынц... хӕдзӕртты сӕрмӕ схизынц, абырджытау рудзгуытӕй бабырынц» (Иоил 2:7–9). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн уыцы ныв: алы ран дӕр ӕфсӕддонтӕ. Бамбӕхсӕн никуы ис. Иуӕн дӕр йӕ бон нӕу вавилойнӕгты хъамайӕ аирвӕзын! Н. э. размӕ 607 азы вавилойнӕгтӕ (кӕнӕ халдейтӕ) мӕтыхтау Иерусалиммӕ бабырстой. Библийы фыст ис: «Халдейты паддзах... ...нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл» (2 Аз. 36:17). w20.04 5 ф., 11, 12 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын