Февраль
Дыццӕг, 1 февраль
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хуыздӕр базон. Семӕ-иу аныхас кӕн ӕмбырды размӕ ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ, стӕй-иу семӕ хъусын кӕнынмӕ ацу. Гӕнӕн дын куы уа, уӕд-иу сӕ уазӕгуаты фӕхон. Афтӕ куы кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, уыдоны тыххӕй ног цыдӕртӕ базонай. Зӕгъӕм, чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм кӕцыдӕр хо ӕвзӕр зӕрдӕ дары, фӕлӕ базондзынӕ, ӕцӕгӕй ӕфсӕрмыгӕнаг кӕй у. Кӕнӕ базондзынӕ, мулкуарзаг дӕм чи кӕсы, уыцы ’фсымӕр кӕй у уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау. Науӕд базондзынӕ, хо йӕ сывӕллӕттимӕ ӕмбырдтӕм арӕх уый тыххӕй кӕй байрӕджы кӕны, ӕмӕ хӕдзары сӕ ныхмӕ цӕуынц (Иов 6:29). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕхи хъуамӕ иннӕты хъуыддӕгты ма тъыссӕм (1 Тим. 5:13). Фӕлӕ хорз уаид, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕхи тыххӕй ӕмӕ сӕ царды тыххӕй цыдӕртӕ куы зониккам, цӕмӕй сӕ хуыздӕр ӕмбарӕм. Цӕйдӕр тыххӕй мӕсты кӕмӕ фӕкӕныс, уыцы хойы кӕнӕ ’фсымӕры хуыздӕр куы базонай, уӕд ӕй хуыздӕр ӕмбардзынӕ. Уымӕн фӕхъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ-иу иннӕтӕн дӕ зӕрдӕ уӕрӕх куы байгом кӕнай, уӕд-иу Йегъовӕйы бафӕзмдзынӕ. Уый та уарзы «алыхуызон адӕмы» (1 Тим. 2:3, 4; 2 Кор. 6:11–13). w20.04 16, 17 фф., 10–12 абз.
Ӕртыццӕг, 2 февраль
Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта (Иоан. 15:13).
Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзтаиккой. Уый зыдта, удуӕлдай уарзондзинад сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа, стӕй цӕмӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной, кӕд сӕ ацы дуне йе сӕфт уындзӕн, уӕддӕр. Ахъуыды-ма кӕнӕм Фессалоникӕйы ӕмбырдыл. Уыцы ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕфхӕрд ӕййӕфта. Фӕлӕ уӕддӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдион уыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи уарзтой (1 Фес. 1:3, 6, 7). Павел сын загъта, цӕмӕй кӕрӕдзи ноджы тынгдӕр уарзтаиккой (1 Фес. 4:9, 10). Ӕмӕ уӕд сӕ бон уыдаид, ныфссаст чи уыд, уыдоны ныфс уадзын ӕмӕ лӕмӕгъты фидар кӕнын (1 Фес. 5:14). Бӕрӕг у, Павелы уынаффӕтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм иу азы фӕстӕ дыккаг фыстӕджы ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы цы уарзтӕй уарзут, уый кӕны тыхджынӕй-тыхджындӕр» (2 Фес. 1:3–5). Уарзондзинад сын баххуыс кодта фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн. w21.03 22 ф., 11 абз.
Цыппӕрӕм, 3 февраль
Уӕдӕ... нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорӕм (Дзут. 12:1).
Цӕмӕй хӕрзиуӕг райсӕм, ома ӕнусон цардӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ згъорӕм чырыстон фӕндагыл (Хъуыд. 20:24; 1 Пет. 2:21). Фӕлӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдоны нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ цӕрӕм. Уыцы адӕмы фӕнды, цӕмӕй дарддӕр дӕр семӕ нӕхи тъыссӕм ӕнӕгъдау миты цъымарайы (1 Пет. 4:4). Уыдон ныл фӕхудынц, афтӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ, сӕхӕдӕг цы фӕндагыл цӕуынц, уый хуыздӕр у ӕмӕ сӕрибар сты. Фӕлӕ куыд тынг рӕдийынц! (2 Пет. 2:19). Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй равзарӕм раст фӕндаг! Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл нӕ иу дӕр мауал згъора. Уый фӕнды, цӕмӕй рахизӕм, ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕуыл цӕуынц, уыцы уӕрӕх фӕндагмӕ. Уыцы фӕндаг бирӕты зӕрдӕмӕ цӕуы ӕмӕ йыл цӕуын дӕр ӕнцондӕр у. Фӕлӕ «сӕфтмӕ... кӕны» (Матф. 7:13, 14). Цӕмӕй раст фӕндагӕй иуварс ма ахизӕм ӕмӕ нӕ ацы дунейы адӕм ма фӕсайой, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ йӕм хъусӕм. w20.04 26 ф., 1 абз.; 27 ф., 5, 7 абз.
Майрӕмбон, 4 февраль
Уӕдӕ уын... фӕдзӕхсын: Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнут, кувут ӕм, курут дзы... цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион (1 Тим. 2:1, 2).
Ӕрӕджы та «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» бацыдысты Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ (Дан. 11:41). Куыд? 2017 азы Уӕрӕсе Йегъовӕйы адӕмы хъуыддаг сӕхгӕдта. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой. Уымӕй уӕлдай ма нын нӕ публикацитӕ банымадтой экстремистон литературӕйыл, уыимӕ «Ног дунейы тӕлмац» дӕр. Уый фӕстӕ нын байстой нӕ филиал, стӕй Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ. Уыцы хабӕртты фӕстӕ 2018 азы Разамонӕг совет фехъусын кодта, Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ кӕй сты цӕгатаг паддзах. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм карз ӕфхӕрд дӕр куы феййафынц, уӕд дӕр хицауады ныхмӕ нӕ фӕцӕуынц кӕнӕ йӕ ӕндӕрӕй баивыныл нӕ фӕархайынц. Уыдон Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕкувынц, «стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй», уӕлдайдӕр хицауӕдтӕ нӕ сӕрибардзинадимӕ баст уынаффӕтӕ куы фӕхӕссынц, уӕд. w20.05 14 ф., 9 абз.
Сабат, 5 февраль
Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ (1 Тим. 4:16).
Ныййарджытӕ, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцау суа сӕ Хӕлар ӕмӕ сӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Библи цы дзуры, уый рӕстдзинад кӕй у. Кӕд уӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы базоной, уӕд хъуамӕ уӕхӕдӕг дӕр Библи лӕмбынӕг иртасат ӕмӕ сын уымӕй фӕзминаг уат. Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнат, цы базонут, ууыл хъуыды кӕнынӕн. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн уӕ сывӕллӕтты дӕр ууыл сахуыр кӕнын. Библи ӕндӕр искӕимӕ куы фӕахуыр кӕнут, уӕд сын фӕамонут, иртасын куыд хъӕуы, уый. Ӕмӕ раст афтӕ уый хъуамӕ бацамонат уӕ сывӕллӕттӕн дӕр. Зӕгъӕм, хъуамӕ сын бацамонат, цы ӕрмӕг ӕмӕ нӕм цы библиотекӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы Библи иртасӕн куыд ис, уый. Афтӕмӕй сын баххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой, стӕй баууӕндой, Йегъовӕ нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары уылты кӕй дӕтты (Матф. 24:45–47). Уӕ сывӕллӕттӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ куы бацамонат, уӕд-иу ууыл ма ’рлӕуут. Цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ семӕ ныхас кӕнат Библийы пехуымпарӕдтыл ӕмӕ, лӕмбынӕгдӕр раиртасын кӕй фӕхъӕуы, ӕндӕр ахӕм хабӕрттыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ уӕ рох ма уа уӕ сывӕллӕтты кар ӕмӕ, сӕ бон бамбарын цас у, уый (1 Кор. 2:10). w20.07 10 ф., 10 абз.; 11 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 6 февраль
Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ (Ӕмб. 3:32).
Абон ӕнӕххӕст адӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ чи сси, уыдон цас сты? Ӕгас зӕххыл дӕр сты цалдӕр милуаны. Уымӕн гӕнӕн ис, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы. Уыцы нывонды фӕрцы ма адӕмӕн сӕ бон у сӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Ацы ахсджиаг къахдзӕфтӕ саразгӕйӕ адӕймаг ӕрбаиу вӕййы, Дун-дунейы ӕппӕты кадджындӕр чи у, уымӕн «йе ’ввахс хӕлӕрттӕм». Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый хӕзнайыл кӕй нымайӕм? Авраам ӕмӕ Иов Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой сӕдӕ азӕй фылдӕр. Ӕмӕ йыл мах дӕр хъуамӕ афтӕ иузӕрдион уӕм, ацы зӕронд дунейы йын цасфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр. Данелӕн Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад уыд, уый йын йӕ цардӕй дӕр зынаргъдӕр уыди. Ӕмӕ уыцы хӕлардзинадӕн мах дӕр хъуамӕ афтӕ аргъ кӕнӕм (Дан. 6:7, 10, 16, 22). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕнтӕ дӕр сфӕразӕм ӕмӕ алкӕддӕр йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (Фил. 4:13). w20.05 27 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 7 февраль
Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ (Пс. 86:11).
Иухатт Паддзах Давид йӕ хӕдзары сӕрӕй федта сылгоймаджы йӕхи найгӕ. Уый уыди кӕйдӕр ус, Вирсави. Давид зыдта Йегъовӕйы закъон: «Ма бабӕлл искӕй усмӕ» (Рац. 20:17). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы сылгоймагмӕ каст ӕмӕ иннӕрдӕм нӕ азылди. Йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕци: иуӕй Вирсавимӕ монцӕй сыгъд, иннӕмӕй та йӕ фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ кӕд Давид Йегъовӕйы рагӕй зыдта ӕмӕ йӕ уарзта, стӕй дзы тӕрсгӕ дӕр кодта, уӕддӕр стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Ӕмӕ Йегъовӕйы ном фегад кодта. Стӕй ма ӕнаххос адӕмы дӕр, уыимӕ йӕ бинонты дӕр, бӕллӕхы хай бакодта (2 Сам. 11:1–5, 14–17; 12:7–12). Йегъовӕ Давидӕн баххуыс кодта, цӕмӕй бамбӕрстаид, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Ӕмӕ уый фӕрцы фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс (2 Сам. 12:13; Пс. 51:2–4, 17). Давидӕй нӕ ферох, йӕхи кӕй нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы кӕй фӕци, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уый. Псаломы 86:11 стихы ныхӕстӕ ма ис афтӕ дӕр зӕгъӕн: «Ратт мын ӕнӕхъӕн зӕрдӕ». Цымӕ Йегъовӕ Давидӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ фӕстӕмӕ ӕнӕхъӕн суыдаид? О. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Давиды тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «ӕппӕт зӕрдӕйӕ мӕ коммӕ каст» (1 Пад. 14:8; 15:3). w20.06 11 ф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 8 февраль
Хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ сӕ уарзгӕйӕ мӕхимӕ кодтон (Оси 11:4).
Йегъовӕ йӕ адӕмы цы уарзтӕй уарзы, уый Библи бары бӕттӕнимӕ. Цымӕ цӕмӕн? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма абухгӕ денджызы ныххаудтӕ ӕмӕ ныгъуылыс. Уалынмӕ дӕм лодкӕйӕ чидӕр цыдӕр баппӕрста, цӕмӕй йыл хӕцай ӕмӕ ма аныгъуылай. Бузныг дзы куыннӕ дӕ. Фӕлӕ дон тынг уазал у. Ӕмӕ цӕмӕй фервӕзай, уый тыххӕй дӕм хъуамӕ бӕттӕн баппарой ӕмӕ дӕ донӕй сласой. Абоны стихы кӕсӕм, Йегъовӕ, чи йӕ ныууагъта, уыцы израилӕгты тыххӕй цы загъта, уый: «Уарзондзинады бӕттӕнтӕй [сӕ] мӕхимӕ кодтон». Абон дӕр Йегъовӕ ахӕм зӕрдӕ дары, чи дзы адард ӕмӕ зындзинӕдты бын чи фӕци, уыдонмӕ. Уый фӕнды, цӕмӕй зоной, кӕй сӕ уарзы. Стӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ йӕхимӕ ӕрбакӕна. Ӕмӕ сӕ кӕй уарзы, уый йӕ бон у дӕу уылты равдисын. Ӕмбырдӕй чи адард, уыдонӕн фӕхъӕуы дзурын, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, стӕй сӕ мах дӕр кӕй уарзӕм, уый. w20.06 27 ф., 12, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 9 февраль
Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг (Иак. 1:12).
Ахуыргӕнинаг Стефаны куы амардтой, уӕд чырыстӕттӕй бирӕтӕ Иерусалимӕй алыгъдысты, ӕмӕ «Иудейӕ ӕмӕ Самарийыл ныххӕлиу сты», суанг Кипр ӕмӕ Антиохимӕ бахӕццӕ сты (Хъуыд. 7:58–8:1; 11:19). Бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, фӕлӕ, кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккой, алкӕм дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Ӕмӕ Ромы паддзахады бирӕ рӕтты ӕмбырдтӕ фӕзынд (1 Пет. 1:1). Фӕлӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ каст уӕззаудӕр рӕстӕджытӕ. Зӕгъӕм, н. э. 50 азмӕ ’ввахс Ромы паддзах Клавдий бардзырд радта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацыдаиккой. Ӕмӕ, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоны дӕр бахъуыд сӕ хӕдзӕрттӕ ныууадзын ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм ацӕуын (Хъуыд. 18:1–3). Н. э. 61 азмӕ ’ввахс апостол Павел ныффыста, чырыстӕтты адӕмы раз кӕй ӕфхӕрдтой, ахӕстӕтты сӕ кӕй ӕппӕрстой ӕмӕ сын сӕ исбон кӕй фӕхастой (Дзут. 10:32–34). Стӕй уыдонӕй дӕр чидӕртӕ уыдысты мӕгуыр ӕмӕ низтӕй хызт нӕ уыдысты (Ром. 15:26; Фил. 2:25–27). w21.02 26, 27 фф., 2–4 абз.
Цыппӕрӕм, 10 февраль
Хӕйрӕг [уӕм] ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад (Рарг. 12:12).
Нӕ уырнындзинад куы фидар кӕнӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ зондыл чи цӕуы, уыдон нӕ уырнындзинад никуы фӕцудын кӕндзысты! (2 Иоан. 8, 9). Ацы дуне нӕ йе сӕфт кӕй уыны, ууыл хъуамӕ дис ма кӕнӕм (1 Иоан. 3:13). Иоанн загъта, «ӕгас дуне... Фыдбылызы къухы» кӕй ис (1 Иоан. 5:19). Ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕны, афтӕ Хӕйрӕг мӕстӕй тынгдӕр фыцы. Уый фӕархайы хинӕй, зӕгъӕм, раст дин чи ныууагъта, уыдоны уылты кӕнӕ та нӕ фӕхъавы ӕнӕгъдаудзинады къӕппӕджы баппарынмӕ. Фӕлӕ нӕ ныхмӕ ӕргом дӕр фӕцӕуы. Уый зоны, бирӕ рӕстӕг ын кӕй нал баззад. Ӕмӕ йӕ тых, йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕна ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕна. Уӕдӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, кӕцыдӕр бӕстӕты нын сӕрибарӕй архайыны бар кӕй нӕй кӕнӕ дзы нӕ хъуыддаг бынтондӕр ӕхгӕд кӕй у, уый. Фӕлӕ уыцы бӕстӕты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ уӕддӕр фидар лӕууынц. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц, Хӕйрӕг нын цыфӕнды ма ’взарын кӕна, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзыстӕм. w20.07 24 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 11 февраль
Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы (Ром. 6:23).
Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй, цы диссаджы зӕхх скодта, ууыл адӕм ӕнустӕм цардаиккой. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ сӕ уарзӕгой Фыды ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт сау мигътау зӕхх ӕрбамбӕрзтой (Ром. 5:12). Уӕд Йегъовӕ куыд бакодта? Уайтагъд бамбарын кодта, адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый (Райд. 3:15). Хъуамӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхастаид, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар уыдаиккой. Уый фӕрцы йӕ бон уыд адӕмӕн фадат раттын, цӕмӕй, кӕйдӕриддӕр фӕнды, уый йын лӕггад кӕна ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уа (Иоан. 3:16; 1 Кор. 15:21, 22). Йегъовӕ йӕ Фырты уылты ӕнӕнымӕц милуанты куы ӕгас кӕна, уӕд се ’ппӕты уыцы иу рӕстӕг нӕ райгас кӕндзӕн. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Сонтӕй зӕххыл уыйбӕрц адӕм куы фӕзынид, уӕд бӕстӕ сӕмтъеры уаид. Йегъовӕ та афтӕ нӕ фӕархайы. Уый зоны, алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй адӕм фӕрнӕй ӕмӕ сабырӕй цӕрой (1 Кор. 14:33). w20.08 14 ф., 3 абз.; 15 ф., 5 абз.
Сабат, 12 февраль
Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ (1 Тим. 4:16).
Библи чи ахуыр кӕны, уый хъуамӕ ӕмбара йӕ ахуыры нысан – уый йын хъуамӕ баххуыс кӕна, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа. Афтӕ размӕ къахдзӕфтӕгӕнгӕ адӕймаг йӕ нысанмӕ бахӕццӕ вӕййы – донаргъуыд райсы! Цавӕр къахдзӕфтӕ саразы? Фыццаг базоны Йегъовӕйы, баууӕнды йыл ӕмӕ йӕ бауарзы (Иоан. 3:16; 17:3). Уый фӕстӕ Йегъовӕ свӕййы йӕ Хӕлар, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр балымӕн вӕййы (Дзут. 10:24, 25; Иак. 4:8). Уымӕй уӕлдай ма йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕны (Хъуыд. 3:19). Уырнындзинад ӕм кӕй фӕзыны, уымӕ гӕсгӕ райдайы иннӕтӕн дӕр рӕстдзинады тыххӕй дзурын (2 Кор. 4:13). Уый фӕстӕ йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд райсы (1 Пет. 3:21; 4:2). Уый алкӕмӕн дӕр вӕййы стыр цины бон! Адӕймаджы донаргъуыд райсынӕн цы къахдзӕфтӕ фӕхъӕуы скӕнын, уыдон куы фӕкӕны, уӕд-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕл ӕмӕ-иу ын йӕ ныфсыл ныфс бафтау, цӕмӕй дарддӕр размӕ цӕуа. w20.10 18 ф., 12, 13 абз.
Хуыцаубон, 13 февраль
Къах афтӕ куы зӕгъа, ӕз къух нӕ дӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ буарӕй нӕ дӕн, зӕгъгӕ, уӕд ныр уый тыххӕй буарӕй нал у? (1 Кор. 12:15).
Дӕхи иннӕтимӕ куы барай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал уынай, дӕхимӕ хорзӕй цы ис, уый. Ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ хорз фӕарӕхсынц иннӕты ахуыр кӕнынмӕ, чидӕртӕ та – ӕмбырды хъуыддӕгтӕ пълан кӕнынмӕ ӕмӕ разамынд дӕттынмӕ. Кӕмӕндӕрты та хорз фӕуайы иннӕты фидар кӕнын. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕз уыцы хъуыддӕгтӕм уыдонау нӕ арӕхсын, зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг дӕ (Фил. 2:3). Фӕлӕ, цӕмӕдӕрты дӕуӕй хуыздӕр чи арӕхсы, уыдонимӕ дӕхи ӕдзух куы барай, уӕд дӕ ныфс асӕтдзӕн. Ӕмӕ ма, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайай, зӕгъгӕ, мӕнӕй ӕмбырды ницы пайда ис. 1 ӕнусы Йегъовӕ иуӕй-иу чырыстӕтты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы диссаджы хуызы схайджын кодта алыхуызон курдиӕттӕй (1 Кор. 12:4–11). Фӕлӕ сӕ уӕддӕр алчидӕр Йегъовӕйӕн зынаргъ уыд. Мах абон сыгъдӕг тыхы фӕрцы диссаджы хуызы цавӕрдӕр курдиӕттӕй не схайджын вӕййӕм. Фӕлӕ абон дӕр хабар афтӕ у: кӕд нӕм иухуызон курдиӕттӕ нӕй, уӕддӕр Йегъовӕйӕн не ’ппӕт дӕр стӕм тынг зынаргъ. w20.08 22, 23 фф., 13–15 абз.
Къуырисӕр, 14 февраль
Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн (Пс. 118:6).
Йегъовӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй куы кувай, уӕд дын дӕ куывдтытӕ хъусдзӕн ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн (Хъуыд. 4:29, 31). Уый алкӕддӕр ис дӕ фарсмӕ, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна. Хъуыды-иу кӕн, зын уавӕрты-иу дын куыд баххуыс кодта ӕмӕ дын дӕ цард ивынӕн тых куыд лӕвӕрдта, ууыл. Дзырд дӕр ыл нӕй, йӕ адӕмы Сырх денджызыл чи ахизын кодта, уый дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинаг суай (Рац. 14:13). Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ фидарӕй дар, абоны стихы ныхӕстӕ чи ныффыста, уыцы псаломзарӕггӕнӕгау. Йегъовӕ ма ног хъусынгӕнджытӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уой. Мӕнӕ цы хабар ӕрцыд хо Томойойыл. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд фыццаг цы хӕдзармӕ бахоста, уырдыгӕй иу сылгоймаг ракаст ӕмӕ йыл ныхъхъӕр кодта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ мын ницы дзуринаг ис!» Ӕмӕ дуар багуыпп кодта. Томойо нӕ фӕтарст, фӕлӕ йе ’мбалӕн афтӕ бакодта: «Цы загъта, уый фехъуыстай? Иу ныхас дӕр нӕма скодтон, афтӕмӕй йӕ базыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн. Мӕнӕ цы хорз у!» Ныр Томойо лӕггад кӕны ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй. w20.09 6 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 15 февраль
Асӕ арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ раст цы уыд, уый (2 Аз. 14:2).
Асӕ Иудӕйы адӕмӕн загъта: «[Йегъовӕ] нын алырдыгӕй ӕнцойдзинад радта» (2 Аз. 14:6, 7). Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыцы рӕстӕг хъуамӕ сӕ уды дзӕбӕхӕн цардаиккой, ӕндӕр мацы куыстаиккой. Уый бӕсты Асӕ горӕттӕ, къултӕ, мӕсгуытӕ, стӕй кулдуӕрттӕ арӕзта. Уый адӕмӕн загъта, нырма «зӕхх нӕ къухы ис», зӕгъгӕ. Уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕ уыцы рӕстӕг се знӕгтӕ сӕ зӕххыл сӕрибарӕй рацу-бацу кӕнын ӕмӕ сӕ горӕттӕ фидар кӕнын нӕ хъыгдардтой. Асӕ адӕмы фӕдзӕхста, цӕмӕй сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кодтаиккой. Иудӕйы сабыр рӕстӕг куы уыд, уӕд Асӕ уымӕй спайда кодта, цӕмӕй йе ’фсад бацӕттӕ кодтаид, ӕмӕ бахъуаджы сахат тохмӕ цӕттӕ уыдаиккой (2 Аз. 14:8). Цымӕ афтӕ кӕй бакодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл нӕ дардта? Нӕ, паддзах Асӕ зыдта, йӕ хӕс кӕй уыд, цӕмӕй адӕмы бацӕттӕ кодтаид, фидӕны цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдаиккой, уыдонмӕ. Уый ӕмбӕрста, сабыр рӕстӕг бирӕ кӕй нӕ ахӕсдзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. w20.09 15 ф., 4, 5 абз.
Ӕртыццӕг, 16 февраль
Фыст цы у, уый сӕрты ма хизут (1 Кор. 4:6).
Хистӕр нӕлгоймаг ӕмбырдыл кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ йӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ йӕ бон у, Хуыцауы фысты чи бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ ӕрӕвӕрын. Фӕлӕ Йегъовӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы бартӕ радта, уыдон цӕмӕйдӕр хицӕн кӕнынц, бинонты хистӕртӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн радта ӕмбырды тӕрхон кӕныны бар. Уыдонӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй, чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны-иу ӕмбырдӕй ацух кӕной (1 Кор. 5:11–13). Иннӕмӕй та Йегъовӕ, бинонты хистӕртӕн цы бартӕ радта, ахӕм бартӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ радта. Зӕгъӕм, бинонты хистӕрӕн ис бар, цӕмӕй йӕ бинонтӕн уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кӕна ӕмӕ сӕ домгӕ дӕр кӕна, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕной (Ром. 7:2). Бинонты хистӕрӕн ис бар, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн зӕгъа, изӕрӕй хъуамӕ уыцы ӕмӕ уыцы афон ӕрбацӕуат хӕдзармӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын ис бар, цӕмӕй, куы нӕ байхъусой, уӕд сӕ ӕфхӕргӕ дӕр бакӕна (Еф. 6:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз бинонты хистӕр йӕ бинойнагимӕ дӕр бауынаффӕ кӕндзӕн, цалынмӕ цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ ӕрӕвӕра, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ «иу буар» сты (Матф. 19:6). w21.02 16–18 фф., 10–13 абз.
Цыппӕрӕм, 17 февраль
[Зонд] у зынаргъ дуртӕй дӕр зынаргъдӕр, ӕмӕ дын циндзинад цыдӕриддӕр хӕссы, уыдонӕй йӕ ницӕимӕ ис абарӕн (Ӕмб. 3:15).
Библийы рӕстдзинад зынаргъ, зӕгъӕм, уымӕн у, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕргом кӕны, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ӕрмӕстдӕр ахӕм сӕрныллӕг адӕмӕн (Хъуыд. 13:48). Уыцы адӕмы уырны, абон Хуыцау Библийы рӕстдзинад ӕмбарын кӕнынӕн кӕй пайда кӕны ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй (Матф. 11:25; 24:45). Уый нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд уыцы рӕстдзинад ӕмбарын нӕ бон нӕ уаид. Ӕмӕ Библи ӕмбарынӕй зынаргъдӕр та ницы ис (Ӕмб. 3:13). Йегъовӕ ма нӕ ахӕм кады аккаг дӕр скодта, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕм цы фӕнд ис, уый тыххӕй иннӕтӕн рӕстдзинад амонӕм (Матф. 24:14). Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн аргъ нӕй, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уой (1 Тим. 4:16). Цас хъусын кӕнӕм, сӕйраг уый нӕу. Сӕйрагдӕр у, зӕххыл ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаджы кӕй архайӕм, уый (1 Тим. 2:3, 4). Цӕй стыр кад у, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм! (1 Кор. 3:9). w20.09 26, 27 фф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 18 февраль
Ссардтам ӕфсымӕрты, ӕмӕ нын уыдон ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм... баззадаиккам (Хъуыд. 28:14).
Апостол Павел Роммӕ куы цыд, уӕд ын Йегъовӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баххуыс кодта. Зӕгъӕм, Павелы иузӕрдион ӕмбӕлттӕ Аристарх ӕмӕ Лука сфӕнд кодтой йемӕ Роммӕ ацӕуын. Кӕд дзы Йесо иуӕн дӕр афтӕ нӕ загъта, Роммӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уыдзынӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый тӕссаг балц уыд, уӕддӕр уыдон цӕттӕ уыдысты Павелимӕ ацӕуынмӕ, цӕмӕй йӕ фарсмӕ уыдаиккой. Денджызы тыхдымгӕ куы сыстад, ӕрмӕстдӕр уӕд базыдтой, кӕй аирвӕздзысты, уый. Сӕ нау горӕт Сидоны куы ’рлӕууыд, уӕд Юлий Павелы «йе ’мбӕлттӕм ауагъта, цӕмӕй йӕм фӕкастаиккой» (Хъуыд. 27:1–3). Фӕстӕдӕр та горӕт Путеолы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ӕфсымӕрты ссардтой, ӕмӕ сын уыдон ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм авд боны баззадаиккой. Уыцы рӕтты Павелыл ӕмӕ йе ’мбӕлттыл чи батыхст, уыцы чырыстӕтты Павел йӕхӕдӕг дӕр куыннӕ бафидар кодтаид алыхуызон цымыдисаг хабӕрттӕй. (Абар Хъуыддӕгтӕ 15:2, 3.) w20.11 15, 16 фф., 15–17 абз.
Сабат, 19 февраль
Хуыцауыл иузӕрдион уай... уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр (1 Тим. 4:8).
Ныййарджытӕ, ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй уӕ ныхӕстӕй ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, уӕхӕдӕг Йегъовӕйы тынг кӕй уарзут. Уӕ сывӕллӕттӕн ӕппӕты стырдӕр лӕвар уыдзӕн, Йегъовӕйы сын куы бауарзын кӕнат. Уымӕй уӕлдай сӕ хъуамӕ сахуыр кӕнат Библи иртасын, кувын, стӕй ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын (1 Тим. 6:6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ архайат, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн уа, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ уӕ рох ма уӕд: ацы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд сын удӕгасӕй баззайынӕн ӕмӕ ног дунемӕ бацӕуынӕн ӕхца ӕмӕ мулк нӕ баххуыс кӕндзысты, фӕлӕ сӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ (Йез. 7:19). Чырыстон ныййарджытӕй бирӕтӕ рахӕссынц хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ свӕййы сӕ Хӕлар. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты, сӕ уырнындзинад кӕй фӕрцы фидар кӕны, ахӕм хъуыддӕгтыл куы сахуыр кӕнынц, уӕд уыдонӕй бирӕтӕ, куы сыстыр вӕййынц, уӕд дӕр сӕ нӕ ныууадзынц. Ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй бузныг вӕййынц, афтӕ сӕ кӕй схъомыл кодтой, уый тыххӕй (Ӕмб. 10:22). w20.10 28, 29 фф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 20 февраль
Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд (Матф. 16:22).
Апостол Петр-иу хатт, нӕ ахъуыды кодта, афтӕмӕй цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ фӕсмон кодта. Зӕгъӕм, Йесо йӕ апостолтӕн куы загъта, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзардзӕн ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн, уӕд ын Петр бауайдзӕф кодта ӕмӕ йын загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ (Матф. 16:21–23). Фӕлӕ йын Йесо бамбарын кодта, кӕй рӕдийы. Фӕстӕдӕр, адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд Петр хистӕр сауджыны цагъарӕн йӕ хъус ахауын кодта (Иоан. 18:10, 11). Ӕмӕ та йын Йесо йӕ рӕдыдмӕ бацамыдта. Уымӕй уӕлдай ма Петр йӕхицӕй ӕппӕлыд. Уый загъта, Йесойы иннӕ апостолтӕ куы ныууадзой, уӕддӕр ӕй уый кӕй никуы ныууадздзӕн (Матф. 26:33). Петр йӕхицӕн куыд хъӕбатыр ӕнхъӕл уыд, бынтон ахӕм хъӕбатыр нӕ разынд. Адӕмӕй кӕй фӕтарст, уый тыххӕй Йесойӕ ӕртӕ хатты загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ куы бамбӕрста, цы сарӕзта, уый, уӕд «ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта» (Матф. 26:69–75). Петр, хӕрзаг, хъуыды кодта, цымӕ мын Йесо искуы ныххатыр кӕндзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Петр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Кӕд фӕрӕдыд, уӕддӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыд. Ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кодта (Иоан. 21:1–3; Хъуыд. 1:15, 16). w20.12 20 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 21 февраль
Лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, ӕмбарут сӕ, афтӕмӕй. Сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут (1 Пет. 3:7).
Бинонты хистӕр сӕрныллӕг кӕй у, уый йӕ бон куыд у равдисын? Зӕгъӕм, йӕ бинойнагӕй ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕй куы нӕ дома, цӕмӕй ӕххӕст уой. Стӕй-иу куы байхъуса, цы хъуыды кӕнынц, уымӕ, йемӕ разы куы нӕ уой, уӕд дӕр. Уымӕй уӕлдай ма сӕрныллӕг сӕрыхицау хӕдзары куыстытӕ дӕр фӕкӕны, кӕд, кӕм цӕры, уым уыдӕттӕ сылгоймаджы куыстытыл нымад сты, уӕддӕр. Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цӕуылнӕ? Хо Рейчел загъта: «Ӕз кӕцӕй дӕн, уым лӕг йӕ усӕн тӕбӕгътӕ ӕхсынӕн кӕнӕ хӕдзар ӕфснайынӕн куы ’ххуыс кӕна, уӕд сыхӕгтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ зӕгъдзысты, ай цӕй лӕг у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ хъуыды кӕндзысты, йӕ усы йӕ сӕрыл кӕй сбадын кодта». Кӕд сымахмӕ дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Чырысти йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, кӕд-иу уый цагъары хӕс уыд, уӕддӕр. Хорз бинонты хистӕр ууыл нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ йын иннӕты цӕсты кад уа, фӕлӕ, йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, ууыл. w21.02 2 ф., 3 абз.; 4 ф., 11 абз.
Дыццӕг, 22 февраль
Иу хъуыддаг у бӕлвырд: ӕз ферох кодтон, фӕстейӕ цы баззад, уый ӕмӕ мӕ хъарутӕ радтон, разӕй цы ис, уымӕ. Ӕз ӕппӕт хъарутӕй тырнын мӕ нысанмӕ (Фил. 3:13, 14).
Нӕ бон хорзӕй цыдӕртӕ ӕрхъуыды кӕнын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар. Фӕлӕ кӕд раздӕр нӕ царды хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ уыд, уӕддӕр нӕм фидӕны, ног дунейы, хуыздӕр цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ исчи фӕхъыг кӕна. Фӕлӕ йын куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕ тыхтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ саразын. Нӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи ӕгӕр куы хӕрӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Мах дӕр апостол Павелау хъуамӕ уырна, Йегъовӕ нын сӕ кӕй ныххатыр кодта (1 Тим. 1:12–15). Махӕн ис ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ ног дунейы, раздӕр цы уыд, уыдӕтты тыххӕй маст ӕмӕ ӕнкъард нал кӕндзыстӕм. Уыцы рӕстӕджы тыххӕй Библийы фыст ис: «Раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн» (Ис. 65:17). Махӕй чидӕртӕ Йегъовӕйӕн цӕрӕнбонты фӕлӕггад кодтой. Ӕмӕ кӕд базӕронд сты, уӕддӕр та ног дунейы раздӕхдзысты се ’взонджы бонтӕм! (Иов 33:25). Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, раздӕр цы уыд, уыдӕттыл ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ хъуамӕ кӕсӕм фидӕнмӕ, ног дунемӕ! w20.11 24 ф., 4 абз.; 29 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 23 февраль
Федтон тынг бирӕ адӕм. [...] Ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау... ӕмӕ Уӕрыкк!» (Рарг. 7:9, 10).
Фидӕны стыр бӕллӕхы рӕстӕг Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕндзӕн. Фыццаг уал сӕ бахъахъхъӕндзӕн, Стыр Вавилон, ома мӕнг динтӕ иууылдӕр, зӕххон паддзӕхтӕн куы фесафын кӕна, уӕд (Рарг. 17:16–18; 18:2, 4). Уый фӕстӕ сӕ бахъахъхъӕндзӕн, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ иннӕ хӕйттӕ Армагеддоны куы фесафа, уӕд (Рарг. 16:14, 16). Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын Хӕйрӕг ахӕмӕй ницы сараздзӕн, ӕмӕ сраст кӕнӕн мацыуал уа. Мӕгуыры бон йӕхиуыл акӕндзӕн! (Ром. 16:20). Уӕдӕ, Хуыцау цы хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон алкӕддӕр дӕ уӕлӕ уӕнт ӕмӕ сӕ макуы ралас! Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дунеимӕ иунӕгӕй ма тох кӕн. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕн ӕмӕ Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд алкӕддӕр фидар кӕндзӕн ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн (Ис. 41:10). w21.03 30 ф., 16, 17 абз.
Цыппӕрӕм, 24 февраль
Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат (Ис. 30:15).
Нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Йӕ разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдзыстӕм, уымӕй. Библийы бирӕ рӕтты ис фенӕн, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ карз ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой, уӕд-иу сын цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй ма тыхстаиккой ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ сабыр уыдаиккой. Зӕгъӕм, дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон апостолтӕн бардзырд куы радта, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд уыдон нӕ фӕтарстысты. Уыдон ныфсджынӕй загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29). Ӕмӕ сӕ куы фӕнӕмын кодтой, уӕд дӕр сӕ зӕрдӕты тас нӕ бацыд. Цымӕ сын цы баххуыс кодта? Уыдон зыдтой, Йегъовӕ сӕ фарс кӕй у ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой (Хъуыд. 5:40–42). Ахуыргӕнинаг Стефан дӕр сӕйраг тӕрхондоны раз куы лӕууыд, уӕд йӕ зӕрдӕ уыд сабыр, кӕд ӕм мӕлӕты тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр. Библийы фыст ис, «йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомы хуызӕн кӕй уыди» (Хъуыд. 6:12–15). Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ дзы райгонд кӕй у. w21.01 4 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 25 февраль
Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй (Рарг. 7:14).
Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ хорз ном (Ис. 1:18). Уыдон сӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтой, донаргъуыд райстой, ӕууӕндынц Йесо Чырыстийы нывондыл ӕмӕ сты Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ (Иоан. 3:36; 1 Пет. 3:21). Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у Хуыцауы паддзахбадӕны раз лӕууын ӕмӕ йын йӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны зӕххон кӕрты «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнын» (Рарг. 7:15). Ныртӕккӕ уыдон зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад сӕ царды ӕвӕрынц фыццаг бынаты. Ӕмӕ уыцы куыстӕн йӕ фылдӕр хай уыдон кӕнынц (Матф. 6:33; 24:14; 28:19, 20). Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы тынг бирӕ адӕм зонынц, Хуыцау сын дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ, «паддзахбадӕныл чи бады, уый сын сӕ сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ цатыр». Уӕд ӕрцӕудзӕн, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уыцы хабар. Хуыцау «сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» (Рарг. 21:3, 4). w21.01 16 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 26 февраль
Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты (Хъуыд. 2:17).
Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн кӕй стӕм, ууыл тынг цин кӕнӕм ӕмӕ не ’ппӕт дӕр тынг архайӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ цавӕрдӕр бартӕ кӕмӕн радта, уыдонӕн аргъ кӕнӕм. Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ нӕлгоймӕгтӕн куыд аргъ кӕны, сылгоймӕгтӕн дӕр афтӕ кӕй аргъ кӕны. Зӕгъӕм, Библийӕ базонӕн ис, 1 ӕнусы Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кодта нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, цӕмӕй сӕ бон уыдаид диссӕгтӕ аразын, зӕгъӕм, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын (Хъуыд. 2:1–4, 15–18). Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, цӕмӕй уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой (Гал. 3:26–29). Стӕй ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс дӕр ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕн нӕй, фӕлӕ сылгоймӕгтӕн дӕр (Рарг. 7:9, 10, 13–15). Нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц (Матф. 28:19, 20). Зӕгъӕм, Хъуыддӕгты чиныгӕй куыд зыны, афтӕмӕй хо Прискиллӕ йӕ сӕрыхицау Акилӕимӕ иу ахуыргонд лӕгӕн, Аполлосӕн, баххуыс кодтой, цӕмӕй рӕстдзинад хуыздӕр бамбӕрстаид (Хъуыд. 18:24–26). w21.02 14 ф., 1, 4 абз.
Хуыцаубон, 27 февраль
Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр. ...Хизут Хуыцауы дзуг (Хъуыд. 20:28).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ хӕс у хъусынгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕнтыстджын уой ӕмӕ хорз ахуыргӕнджытӕ уой. Кӕд хъусынгӕнӕг хистӕр нӕлгоймаджы раз Библийы ахуыр уадзын ӕфсӕрмы кӕны, уӕд хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у зӕгъын, уый йӕ кӕй ауадздзӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у хъусынгӕнджытӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын (1 Фес. 5:11). Кӕд нӕхӕдӕг Библи никӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у, иннӕ хъусынгӕнджытӕ кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Исчи дӕ Библийы ахуырмӕ куы фӕхона, уӕд-иу дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн, цӕмӕй дӕ бон уа ахуыры рӕстӕг хорз хъуыдытӕ дзурын. Адӕймаг ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайа, уӕд йе ’мбал су. Стӕй архай, цӕмӕй йын фӕзминаг уай. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон у, хъусынгӕнджытӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Хорз уыдзӕн, рӕстӕг-иу сын куы ссарой. Стӕй сӕ бон у, Библийы ахуыртӕ чи уадзы, уыцы хъусынгӕнджыты ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕ ӕппӕлын. Ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон Йегъовӕйы куы бауарзынц ӕмӕ йын лӕггад кӕнын куы райдайынц, уӕд нын куыд ӕхсызгон вӕййы, мах дӕр сын цӕмӕйдӕр кӕй баххуыс кодтам, уый! w21.03 13 ф., 18, 19 абз.
Къуырисӕр, 28 февраль
Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон (Пс. 25:14).
Давид ӕрыгон куы уыд, уӕд дӕр уыд ӕууӕнкджын, ӕмӕ йын йӕ бар уыди ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн. Зӕгъӕм, йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ-иу тӕссаг уавӕры дӕр бахауд. Фӕстӕдӕр паддзах Саулӕн загъта: «Дӕ цагъар йӕ фыды фыстӕ хызта, ӕмӕ-иу куы домбай ӕрбацыд, куы арс, ӕмӕ-иу фыстӕй ахаста. Ӕз-иу ӕй фӕстейӕ асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй ратыдтон» (1 Сам. 17:34, 35). Давид зыдта, йӕ хӕс кӕй уыд фысты хъахъхъӕнын. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕн дӕр Давидау сӕ бон у, цы сын бахӕс кӕнынц, уый зӕрдиагӕй аразын. Кӕд ӕрыгон Давид хъӕбатыр уыд, стӕй дыууадӕстӕнон фӕндырӕй цӕгъдынмӕ хорз арӕхст, уӕддӕр ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд, Йегъовӕмӕ тынг ӕввахс кӕй уыд, уый. Йегъовӕ ӕрмӕст йӕ Хуыцау нӕ уыд, фӕлӕ йе ’ввахс Хӕлар. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр уӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсдӕр кӕнут. Уый уын уӕд ӕппӕты сӕйраг. w21.03 3 ф., 4, 5 абз.