Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 34–48 фф.
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Дыццӕг, 1 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 2 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 3 мартъи
  • Майрӕмбон, 4 мартъи
  • Сабат, 5 мартъи
  • Хуыцаубон, 6 мартъи
  • Къуырисӕр, 7 мартъи
  • Дыццӕг, 8 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 9 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 10 мартъи
  • Майрӕмбон, 11 мартъи
  • Сабат, 12 мартъи
  • Хуыцаубон, 13 мартъи
  • Къуырисӕр, 14 мартъи
  • Дыццӕг, 15 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 16 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 17 мартъи
  • Майрӕмбон, 18 мартъи
  • Сабат, 19 мартъи
  • Хуыцаубон, 20 мартъи
  • Къуырисӕр, 21 мартъи
  • Дыццӕг, 22 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 23 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 24 мартъи
  • Майрӕмбон, 25 мартъи
  • Сабат, 26 мартъи
  • Хуыцаубон, 27 мартъи
  • Къуырисӕр, 28 мартъи
  • Дыццӕг, 29 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 30 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 34–48 фф.

Мартъи

Дыццӕг, 1 мартъи

Амондджын уыдзыстут, адӕм уӕ се сӕфт куы уыной (Лук. 6:22).

Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ адӕм се сӕфт уыной. Стӕй, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм, уымӕ дӕр нӕ былыцъӕрттӕ нӕ фӕхӕрӕм. Уӕдӕ уӕд ахӕм уавӕрты амондджын цӕмӕн вӕййӕм? Фыццаг: фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ барухс вӕййы (1 Пет. 4:13, 14). Дыккаг: нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд свӕййы фидардӕр (1 Пет. 1:7). Ӕмӕ ӕртыккаг: мах схайджын уыдзыстӕм, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм лӕварӕй – ӕнусон цардӕй (Ром. 2:6, 7). Йесо куы райгас, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ апостолтӕ бамбӕрстой, адӕймаг ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ амондджын цӕмӕн вӕййы, уый. Куы сӕ фӕнадтой ӕмӕ сын карзӕй куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд уыдон цин кодтой. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ «Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг... разындысты» (Хъуыд. 5:40–42). Се знӕгтӕй дӕр куыннӕ тарстаиккой. Фӕлӕ сӕ Хицауы тынг уарзтой, ӕмӕ уыцы уарзондзинад тыхджындӕр уыди. Ӕмӕ йӕ кӕй уарзтой, уый равдыстой, «ӕппынӕдзух» хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уымӕй. Абон дӕр не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Уыдон ӕй зонынц, Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстой, уый кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. w21.03 25 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 2 мартъи

Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард (Еккл. 3:11).

Сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цӕрыны ныфсимӕ нӕ райгуырынц. Уыцы ныфс сын Хуыцау ратты. Ӕмӕ уыдон фӕхъуыды кӕнынц сӕ ныфсыл, фӕкувынц ӕмӕ сӕ тынг фӕфӕнды сӕ хӕрзиуӕг райсын. Уыдон ӕй нӕ фӕзонынц, уӕлӕрвты сын цыхуызӕн буӕрттӕ уыдзӕн, уый (Фил. 3:20, 21; 1 Иоан. 3:2). Фӕлӕ уӕддӕр тынг фенхъӕлмӕ кӕсынц, уӕларвон Паддзахады сӕ бынӕттӕ куы бацахсой, уымӕ. Ӕндӕр фыстӕ та бӕллынц, алы адӕймаг дӕр цӕмӕ фӕбӕллы, уымӕ – зӕххыл ӕнустӕм цӕрынмӕ. Уыдон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт кӕд араздзысты, уыцы рӕстӕгмӕ. Сӕ цӕстытыл ауайы, сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ куыд араздзысты, цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ куыд кӕндзысты ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕндзысты, уый. Иууылдӕр уыдзысты ӕнӕниз (Ис. 65:21–23). Уыдоны тынг фӕнды, зӕххыл цы диссӕгтӕ ис, уыдон сӕхи цӕстӕй фенын. Сӕ бон уыдзӕн хӕхтӕм, хъӕдтӕм, денджызтӕм балцыты цӕуын. Сӕ бон уыдзӕн, Йегъовӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕппӕты тынгдӕр та сын циндзинад хӕссы, Йегъовӕмӕ бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕй кӕндзысты. w21.01 18 ф., 17, 18 абз.

Цыппӕрӕм, 3 мартъи

Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта... ...Ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр (2 Аз. 36:19).

Вавилойнӕгты фӕстӕ адӕм Иерусалиммӕ кӕсгӕйӕ дзырдтой: «Ай у ӕдзӕрӕг бӕстӕ, нӕдӕр дзы адӕм ис, нӕдӕр фос, халдейты къухтӕм лӕвӕрд у» (Йер. 32:43). Иоилы пехуымпарад фыст куы ’рцыд, уымӕй иу-200 азы фӕстӕ Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн уыцы хабары тыххӕй ноджыдӕр цыдӕр ныффыссын кодта. Йегъовӕ загъта, знӕгтӕ алы къуымты дӕр кӕй агурдзысты, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыцы израилӕгты ӕмӕ сӕ къухӕй иу дӕр кӕй нӕ аирвӕздзӕн. «Ӕз фӕдзырдтон бирӕ кӕсагахсджытӕм,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сӕ уыдон агурдзысты ӕмӕ сӕ ахсдзысты. Уый фӕстӕ фӕдзурдзынӕн бирӕ цуанӕттӕм, ӕмӕ сыл уыдон цуан кӕндзысты алы хохыл дӕр, алы къуыбырыл дӕр, стӕй къӕдзӕхты скъуыдты. ...Ӕз [сын] ӕххӕстӕй бафиддзынӕн сӕ фыдракӕндты тыххӕй ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй». Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы израилӕгтӕ вавилойнӕгтӕй нӕдӕр денджызты бамбӕхстаиккой, нӕдӕр хъӕдты (Йер. 16:16, 18). w20.04 5 ф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 4 мартъи

Лот нӕ тагъд кодта (Райд. 19:16).

Лоты хъуыди ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ саразын, Йегъовӕ йын цы загъта, уый, фӕлӕ уый фӕстӕ-фӕстӕ кодта. Чи зоны нӕм афтӕ фӕкӕса, цыма йӕм нымады дӕр нӕ уыд, Йегъовӕ йын цы загъта, уый, суанг ма йӕ ӕгоммӕгӕс дӕр схонӕм. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уӕддӕр нӕ ныууагъта. Уый йын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ зӕдтӕ Лотӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн сӕ къухтыл фӕхӕцыдысты ӕмӕ сӕ горӕтӕй ракодтой (Райд. 19:15, 16). Ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕ Лотӕн цалдӕр хъуыддаджы тыххӕй фӕтӕригъӕд кодта. Чи зоны, Лот, кӕм цард, уырдыгӕй ацӕуынмӕ йӕ ныфс уый тыххӕй нӕ хаста, ӕмӕ тарсти, горӕты алыварс чи цард, уыцы адӕмӕй. Стӕй ма ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр тарстаид. Содомы раз дӕлвӕзы бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ. Лот зыдтаид, уый размӕ уыцы дзыхъхъыты дыууӕ паддзахы кӕй ныххаудтой (Райд. 14:8–12). Ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр уымӕй тарстаид. Уымӕй уӕлдай ма уыди хъӕздыг, ӕмӕ йын Содомы уыдаид хорз хӕдзар (Райд. 13:5, 6). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕй иу дӕр ӕфсон нӕ уыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ уайтагъд ма байхъуыстаид. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ рӕдыдмӕ нӕ ныккомкоммӕ ӕмӕ йӕ нымадта рӕстгӕнӕгыл (2 Пет. 2:7, 8). w20.04 18 ф., 13, 14 абз.

Сабат, 5 мартъи

Дӕ фӕсивӕд... сты, райсомӕй раджы чи райгуыры, уыцы ӕртӕхы хуызӕн (Пс. 110:3).

Дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дӕ чи зоны, уыцы адӕмы хъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй бамбарой, сывӕллон кӕй нал дӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ кӕсы, ӕрыгон кӕй дӕ, уымӕ. Уый зоны, цавӕр адӕймаг дӕ ӕмӕ дӕ бон цы у, уый (1 Сам. 16:7). Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн. Давид-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базыдта, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кодта (Пс. 8:3, 4; 139:14; Ром. 1:20). Дӕ бон ма у Йегъовӕйӕ тыхтӕ курын. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл кӕд дӕ къласӕгтӕ худынц, уӕд Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕна. Стӕй Библийы, нӕ публикациты ӕмӕ нӕ видеороликты цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архай. Йегъовӕ дын куыд баххуыс кӕны, уый-иу куы фенай, уӕд ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ. Уымӕй уӕлдай ма иннӕтӕ куы уыной, дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс, уӕд бамбардзысты, дӕ бар дын ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕнӕн кӕй ис. w21.03 4 ф., 7 абз.

Хуыцаубон, 6 мартъи

Йегъовӕйӕн... рӕстзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ... сты ӕхсызгон (Ӕмб. 15:8).

Ӕввахс ӕмбӕлттӕ фӕуарзынц ныхӕстӕ кӕнын, кӕрӕдзийӕн радзурынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕнынц, уыдӕттӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр немӕ фӕныхас кӕны Библийы фӕрцы. Йӕ Ныхасы нын раргом кӕны йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Мах та йемӕ фӕныхас кӕнӕм, куы йӕм фӕкувӕм, уӕд. Раргом ын кӕнӕм, нӕ зӕрдӕйы арфдӕр къуымты цы вӕййы, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ нӕ сусӕг хъуыдытӕ дӕр. Нӕ Хӕлар Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕм ӕрмӕст хъусгӕ нӕ фӕкӕны, фӕлӕ сын дзуапп дӕр ратты. Иуӕй-иу хатт нын дзуапп уайтагъд ратты. Иуӕй-иу хатт та нӕ фӕхъӕуы цӕйдӕр тыххӕй иуцасдӕр кувын. Фӕлӕ йӕ фӕзонӕм, дзуапп нын кӕй ратдзӕн, йӕ афон куы уа, уӕд ӕмӕ, хуыздӕр куыд у, афтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хатт нын, мах цы дзуапмӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, ахӕм дзуапп нӕ ратты. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр фӕлварӕнӕн кӕрон скӕныны бӕсты нын, гӕнӕн ис, ратта зонд ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй йӕ сфӕразӕм (1 Кор. 10:13). Нӕ бон Хуыцаумӕ кувын кӕй у, уый у тынг зынаргъ лӕвар. Ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, «ӕппынӕдзух» ӕм куы кувӕм, уымӕй. Йӕхӕдӕг дӕр нын афтӕ зӕгъы (1 Фес. 5:17). w20.05 27, 28 фф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 7 мартъи

Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).

Даргъ фӕндагыл чи фезгъоры, уый йӕ размӕ фӕкӕсы, цӕмӕй мацӕуыл фӕкӕла. Ерысы архайджытӕй исчи куы ахауы, уӕддӕр сысты ӕмӕ дарддӕр фезгъоры. Йӕ хъуыдытӕ сӕйраджыдӕр, цӕй тыххӕй фӕкалд, ууыл нӕ вӕййынц, фӕлӕ йӕ нысаныл ӕмӕ йӕм цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Чырыстон фӕндагыл згъоргӕйӕ мах дӕр арӕх «фӕкӕлӕм». Зӕгъӕм, фӕрӕдийӕм ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй. Кӕнӕ та, немӕ иумӕ чи згъоры, уыдон нын нӕ зӕрдӕ истӕмӕй фӕриссын кӕнынц. Ӕмӕ ууыл дис кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм, ӕмӕ иууылдӕр згъорӕм уыцы иу уынгӕг фӕндагыл – цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Уымӕ гӕсгӕ хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ нӕхи кӕрӕдзийыл «скъуырӕм» ӕмӕ кӕрӕдзийы истӕмӕй фӕхъыг кӕнӕм (Кол. 3:13). Фӕлӕ-иу хъуамӕ ӕдзух ма хъуыды кӕнӕм, цӕй тыххӕй фӕкалдыстӕм, ууыл. Фӕлтау-иу нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр саразӕм, цы хӕрзиуӕг нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ ӕмӕ дарддӕр нӕ фӕндагыл згъорӕм. Куы смӕсты уӕм ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы нал комӕм, уӕд кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ уыдзыстӕм ӕмӕ хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай ма гӕнӕн ис, ӕмӕ, уыцы уынгӕг фӕндагыл ноджыдӕр чи згъоры, уыдонӕн дӕр цӕлхдур суӕм. w20.04 26 ф., 1 абз.; 28 ф., 8, 9 абз.

Дыццӕг, 8 мартъи

Уыцы паддзахад... ...ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр (Дан. 2:44).

Пехуымпар Данел ныффыста ӕнахуыр стыр гуымирыйы тыххӕй. Йӕ хӕйттӕ конд уыдысты алыхуызон згъӕртӕй. Алы хай дӕр амыдта, Хуыцауы адӕмӕй-иу бирӕтӕ кӕм цардысты, уыцы паддзахадмӕ. Уыцы паддзахӕдтӕ сӕ тыхы уыдысты алы рӕстӕджыты. Гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ уыдысты ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй. Къӕхтӕ амонынц фӕстаг паддзахадмӕ – Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ, ома Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕм. Ацы пехуымпарад ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр куы сафа, уӕд Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ нырма сӕ тыхы уыдзысты. Апостол Иоанн дӕр ныффыста, кӕрӕдзи чи ивта ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты, уыцы дунеон паддзахӕдты тыххӕй. Йӕ пехуымпарады уыцы паддзахӕдтӕм амоны, авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд. Сырдӕн йе ’вдӕм сӕр у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Уый зонын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ никуы ис фыст, ӕмӕ ма сырдӕн ноджыдӕр сӕр фӕзындзӕн. Ӕвдӕм сӕр нырма уыдзӕн дунеон паддзахад, Чырысти йӕ уӕларвон ӕфсӕдтимӕ уыцы паддзахад ӕмӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ куы сафа, уӕд (Рарг. 13:1, 2; 17:13, 14). w20.05 14 ф., 11, 12 абз.

Ӕртыццӕг, 9 мартъи

Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоан. 4:8).

Ацы хуымӕтӕг ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц ахсджиаг хъуыды: цард нын чи радта, уыцы Хуыцауӕй цӕуы уарзондзинад дӕр. Мах зонӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы стӕм амондджын. Чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзи хъуамӕ ӕнӕмӕнг уарзӕм. Уый у Йесойы фӕдзӕхст (Матф. 22:37–40). Адӕймаг Йегъовӕйы хорз куы базоны, уӕд ын фыццаг фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын зын нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у ӕххӕст. Уый ныл тыхсы ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ никуы ницӕмӕй фӕриссын кӕны. Фӕлӕ нын дыккаг фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын хатт зын вӕййы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, фыццаджыдӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уыцы «иннӕты» ’хсӕн сты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр. Ӕмӕ уыдон та ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ нын хатт нӕ зӕрдӕ истӕмӕй фӕриссын кӕнынц. Йегъовӕ зыдта, афтӕ кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ Библийы фысджытӕй иуӕй-иутӕн бӕлвырд уынаффӕтӕ ныффыссын кодта, кӕрӕдзи цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ уый цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уый фӕдыл. Уыцы фысджытӕй иу уыди апостол Иоанн (1 Иоан. 3:11, 12). w21.01 8 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 10 мартъи

Цӕмӕй ныл Сайтан хинӕй ма рацӕуа (2 Кор. 2:11).

Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын ӕви йын рагӕй лӕггад кӕнӕм,– хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам ахӕм фарстайыл: «Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар лӕууын, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕна?» Зӕгъӕм, телевизоры кӕнӕ интернеты федтай, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ дӕм кӕмӕй фӕзындзӕн, ахӕм ныв. Уӕд куыд бакӕндзынӕ? Чи зоны, ахӕм нывӕй (кӕнӕ кинойӕ) ахъуыды кӕнай, уый порнографи нӕу, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, мыййаг, Хӕйрӕг афтӕмӕй нӕ архайы, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна? Ахӕм нывтӕ абарӕн ис фӕрӕтимӕ. Стыр къодах фӕрӕты иу цӕфӕй дыууӕ дихы нӕ фӕвӕййы. Фӕлӕ йӕ цалдӕр хатты куы ’рцӕвай, уӕд ӕппынфӕстаг фӕдих уыдзӕн. Уӕдӕ адӕймаг ӕнӕгъдау цӕмӕдӕрты куы кӕса, уӕд ыл уый, чи зоны, уайтагъд ма фӕзына. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг уый тыххӕй йӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕуыдзӕн. Уый йӕ ’ркӕндзӕн тӕригъӕдмӕ ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион нал уыдзӕн. Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй хъахъхъӕн! Дӕ зӕрдӕ ӕнгом уӕд, цӕмӕй Йегъовӕйы номӕй тӕрсай! w20.06 11, 12 фф., 14, 15 абз.

Майрӕмбон, 11 мартъи

Ӕххуыс кӕнӕм, фидар чи нӕу, уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты (Ром. 15:1).

Ӕмбырдӕй чи адард, уыдонӕн ӕдзух фӕхъӕуы ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ фидар кӕнын. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой ракодта, уыцы фырты хабар куыд уыд, афтӕ уыдонӕн дӕр, чи зоны, сӕ зӕрдӕты ис арф хъӕдгӕмттӕ (Лук. 15:17–24). Стӕй, Хӕйрӕджы дунемӕ кӕй адзӕгъӕл сты, уый тыххӕй сӕ уырнындзинад дӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕрлӕмӕгъ. Ӕмӕ сын хъӕуы ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй та Йегъовӕйыл раздӕрау баууӕндой. Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта, фыййау сӕфт фысы йӕ уӕхсчытыл кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ дзугмӕ кӕй ӕрбахаста. Цӕмӕй йӕ ссардтаид, уый тыххӕй йӕ бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ бахъуыд. Фӕлӕ фыййау уӕддӕр ӕмбары, фысы ахӕссын кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕхи бон цӕуын нӕу (Лук. 15:4, 5). Цӕмӕй адӕймагӕн Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, бахъӕуа бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Фӕлӕ йын Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, йӕ Ныхасы ӕмӕ нӕ публикациты фӕрцы нӕ бон у баххуыс кӕнын, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Уӕдӕ дын хистӕр нӕлгоймаг куы бахӕс кӕна, цӕмӕй ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕримӕ Библи ахуыр кӕнай, уӕд хорз уаид, куы сразы уаис ӕмӕ уыцы хъуыддаджы куы баххуыс кӕнис. w20.06 28 ф., 14, 15 абз.

Сабат, 12 мартъи

Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ иннӕты уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Фӕлӕ ма хъуамӕ «бӕлвырдӕй зонӕм ӕмӕ хорз ӕмбарӕм», цы у рӕстдзинад (Фил. 1:9). Кӕннод нӕ «алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ» рахӕсс-бахӕсс кӕндзысты ӕмӕ, «хинӕй чи архайы», стӕй раст дин чи ныууагъта, уыдон сайдзысты (Еф. 4:14). Иуафон Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ куы ныууагътой, уӕд ын апостол Петр фидарӕй загъта, зӕгъгӕ, дӕумӕ сты, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» (Иоан. 6:67, 68). Петр уыцы рӕстӕг Йесойы ахуырӕдтӕй алцы нӕма ӕмбӕрста. Фӕлӕ йыл уӕддӕр уыд иузӕрдион, уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй у. Дӕу дӕр фидарӕй куы уырна, Библийы ахуырӕдтӕ рӕстдзинад кӕй сты, уӕд дӕ уырнындзинад нӕ фӕцуддзӕн, цыфӕнды куы уа, уӕд дӕр. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа (2 Иоан. 1, 2). w20.07 8 ф., 2 абз.; 13 ф., 18 абз.

Хуыцаубон, 13 мартъи

Мӕ хъӕбултӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕрмӕст дзыхӕй, ныхӕстӕй ма уарзӕм, фӕлӕ хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ зын куы ӕмбарӕм, уӕд сын нӕ бон уыдзӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинады фӕндагыл цӕуой (1 Иоан. 3:10, 11, 16, 17). Кӕрӕдзийы хъуамӕ алкӕддӕр уарзӕм: алцыдӕр хорз куы вӕййы, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, дӕ бон нӕ уаид, зиан кӕуыл ӕрцыд, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕры ныфс бауадзын кӕнӕ йын истӕмӕй баххуыс кӕнын? Кӕнӕ дӕ бон нӕ уаид, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыцы ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Арӕх сын фӕхъӕуы сӕ хӕдзӕрттӕ йе та сӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кӕнын кӕнӕ ногӕй саразын. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм ӕмӕ сын сӕ зын кӕй ӕмбарӕм, уый нӕ ныхӕстӕй дӕр куыннӕ вӕййы бӕрӕг. Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр у, цӕмӕй уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уымӕй фӕзмӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды (1 Иоан. 4:7, 8). Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Зӕгъӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд уарзондзинад равдисдзыстӕм, куы йын ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ уыцы хабар куы ферох кӕнӕм (Кол. 3:13). w20.07 24 ф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 14 мартъи

Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).

Цымӕ чи райгас уыдзӕн, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр хицӕнӕй хъӕудзӕн ахуыр кӕнын, абон куыд фӕкӕнӕм, афтӕ? Алчидӕр сӕ кӕцыдӕр ӕмбырды уыдзӕн? Ӕмӕ, мыййаг, сӕхӕдӕг дӕр, сӕ фӕстӕ чи райгас уыдзӕн, уыдоны ахуыр кӕндзысты? Уыдӕттӕ бӕлвырд нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон «зӕхх [кӕй] байдзаг уыдзӕн зонындзинӕдтӕй Йегъовӕйы тыххӕй» (Ис. 11:9). Уыцы мин азы дӕргъы нын тынг бирӕ куыст уыдзӕн, ӕмӕ, цы араздзыстӕм, уый нын хӕсдзӕн циндзинад! Мин азы дӕргъы Хуыцауы адӕмы се ’ппӕты дӕр хъӕудзӕн дарддӕр сӕ удыхъӕд ивын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕной. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдоны дӕр ӕмбардзысты, се ’взӕр миниуджытӕй фервӕзынӕн ӕмӕ сын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд (1 Пет. 3:8). Чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕм уындзысты, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕрныллӕг кӕй сты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сӕ ирвӕзындзинадыл ӕппӕт хъарутӕй кӕй архайынц. Ӕмӕ сӕ бафӕнддзӕн семӕ иумӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Фил. 2:12). w20.08 16 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 15 мартъи

Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд... йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн (Гал. 6:4).

Адӕймаг, «йӕхӕдӕг цы аразы», ууыл-иу цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕна? Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, бамбара, иннӕтӕм чи нӕй, ахӕм курдиӕттӕ йӕм кӕй ис. Чи зоны, кӕцыдӕр хистӕр нӕлгоймаг раныхӕстӕ дзурынмӕ афтӕ дӕсны нӕу, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы та ӕнтыстджын у. Кӕнӕ йын, чи зоны, иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтау нӕ фӕуайы алцы спълан кӕнын ӕмӕ алцы афоныл саразын. Фӕлӕ у фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты Библийӕ исты уынаффӕ куы фӕхъӕуы, уӕд уымӕ бацӕуынц. Йе та, чи зоны, тынг уазӕгуарзон адӕймаг у (Дзут. 13:2, 16). Цавӕр курдиӕттӕ нӕм ис ӕмӕ цӕмӕ арӕхсӕм, уый хорз куы ӕмбарӕм, уӕд цин кӕндзыстӕм, нӕ бон ӕмбырдӕн хорзӕй цыдӕр кӕй у аразын, ууыл. Ӕмӕ уӕд иннӕтӕм сӕ курдиӕтты тыххӕй нӕ хӕлӕг кӕндзыстӕм. Ӕмбырды цыфӕнды ма аразӕм, хъуамӕ нӕ алчидӕр архайа йӕ лӕггад фӕхуыздӕр кӕныныл. Стӕй хъуамӕ, кӕмӕ арӕхсӕм, уыцы хъуыддӕгты дӕсныдӕр кӕнӕм. w20.08 23, 24 фф., 16–18 абз.

Ӕртыццӕг, 16 мартъи

Федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди (Рарг. 7:9).

1935 азы Америкӕйы Иугонд Штатты, Вашингтоны, Джозеф Рутерфордӕн уыди ахсджиаг раныхас, «Тынг бирӕ адӕм», зӕгъгӕ. Рутерфорд йӕ раныхасы бамбарын кодта, Раргомады 7:9 стихы цы «тынг бирӕ адӕмы» кой ис, уыдонмӕ чи хаудзӕн, уый. Уӕдмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» дӕр уӕлӕрвты цӕрдзысты, фӕлӕ зӕххыл цӕргӕйӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд нӕ уыдзысты. Рутерфорд Библимӕ гӕсгӕ бамбарын кодта, «тынг бирӕ адӕм» уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕвзӕрст кӕй не ’рцыдысты, фӕлӕ уыдон кӕй сты Чырыстийы ӕндӕр фыстӕ, «стыр бӕллӕхы» сӕрты кӕй ахиздзысты ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл кӕй цӕрдзысты (Рарг. 7:14). Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта: «Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр – уыдон ацы кӕртӕй не сты. Ӕмӕ мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау» (Иоан. 10:16). Уыдон сты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сын ис ныфс, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты (Матф. 25:31–33, 46). w21.01 14 ф., 1, 2 абз.

Цыппӕрӕм, 17 мартъи

Мӕ номы тыххӕй [уӕ] ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 10:22).

Мах, цы аразын хъӕуы, уый хъуамӕ аразӕм, зын нын куы уа, уӕд дӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ нӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн (Матф. 28:19, 20). Адӕймаг арӕхдӕр, зын аразӕн цы вӕййы, уыдӕттӕ аразын нӕ фӕуарзы. Мах уарзӕм, ӕнцондӕр нын куыд у, афтӕ кӕнын. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы хиуылхӕцындзинад. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй сахуыр уӕм, зын аразӕн нын чи вӕййы, уыцы хъуыддӕгтӕ аразын. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Гал. 5:22, 23). Апостол Павел архайдта, цӕмӕй, цы аразын хъуыд, уый арӕзтаид. Фӕлӕ йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй йӕ, раст цы у, уый аразыны тыххӕй хъуыди йӕ «буар хъизӕмарӕй марын» (1 Кор. 9:25–27). Павел иннӕты фӕдзӕхста, цӕмӕй, цы аразын хъуыд, уый арӕзтаиккой, зын сын куы уыдаид, уӕд дӕр ӕмӕ сӕм цӕмӕй алцыдӕр уыдаид «уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). Мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны тыххӕй, цы аразын хъӕуы, уый аразӕм, зын нын куы уа, уӕд дӕр, ӕмӕ ӕдзух хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Хъуыд. 2:46). w20.09 6, 7 фф., 15–17 абз.

Майрӕмбон, 18 мартъи

Хъуамӕ хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъуыстгонд ӕрцӕуа (Мар. 13:10).

Абон нӕ бирӕ бӕстӕты хъусын кӕнын ничи хъыгдары. Кӕм цӕрыс, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын дӕ бон у? Кӕд о, уӕд ахъуыды кӕн: «Уыцы сӕрибардзинадӕй куыд пайда кӕнын?» Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы адӕм архайынц диссаджы куысты – ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар, ӕмӕ уыйбӕрц адӕмӕн ахӕм фадат никуыма уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй фехъусой. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы архайынӕн бирӕ фадӕттӕ ис. Дӕ бон куыд у сабыр рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ пайда кӕнын? (2 Тим. 4:2). Дӕ уавӕртыл ахъуыды кӕн. Чи зоны дӕхи бон кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕй бон уаид фылдӕр хъусын кӕнын кӕнӕ суанг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр. Ныр уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй мулк ӕмбырд кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг мулкӕй ницы пайда уыдзӕн (Ӕмб. 11:4; Матф. 6:31–33; 1 Иоан. 2:15–17). Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кодтой, цӕмӕй уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн хъусын кӕной ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕной. Хуыцауы организаци сын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕны, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл кӕй уадзы, уый фӕрцы. w20.09 16 ф., 9–11 абз.

Сабат, 19 мартъи

Хъӕбатырӕй тох кӕн (1 Тим. 1:18).

Архай, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай. Хорз ӕфсӕддон тохы быдырмӕ рацӕуы, цӕмӕй бахъахъхъӕна, кӕй уарзы, уыдоны ӕмӕ йын зынаргъ цы у, уый. Павел Тимофейӕн дзырдта, Хуыцауыл иузӕрдион у, зӕгъгӕ (1 Тим. 4:7). Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзӕм ӕмӕ йыл цас иузӕрдиондӕр уӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнддзӕн рӕстдзинадыл фидар хӕцын (1 Тим. 4:8–10; 6:6). Хорз ӕфсӕддон ма хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайа йӕ буар фидар кӕныныл, цӕмӕй алкӕддӕр тохмӕ цӕттӕ уа. Тимофейӕн йӕ бон уыд Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ Павелы уынаффӕмӕ хъуыста: ӕппӕт хъарутӕй архайдта ӕвзӕр фӕндты ныхмӕ тох кӕныныл, йӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кодта ӕмӕ йӕ рӕстӕг йе ’мчырыстӕттимӕ ӕрвыста (2 Тим. 2:22). Уый тыххӕй йӕ хъуыди, раст цы у, уый аразыныл архайын. Мах дӕр хъӕуы, раст цы у, уый аразыныл архайын, цӕмӕй нӕ буары монцтыл уӕлахиз кӕнӕм (Ром. 7:21–25). Уый ма нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ зӕронд удыхъӕд ныууадзӕм ӕмӕ нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм (Еф. 4:22, 24). Ӕмӕ, зӕгъӕм, изӕрӕй фӕллад куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ фӕхъӕуы архайын, цӕмӕй-иу ӕмбырдмӕ ацӕуӕм (Дзут. 10:24, 25). w20.09 28 ф., 9–11 абз.

Хуыцаубон, 20 мартъи

Ӕз мӕ зӕрдӕ уымӕ сарӕзтон, цӕмӕй дын дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон ӕнустӕм, цалынмӕ мӕ цӕст ӕрттива, уӕдмӕ (Пс. 119:112).

Адӕймагӕн куы феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй донаргъуыд райса, уӕд-иу хъуамӕ фӕразон уӕм. Фӕлӕ-иу нӕ уӕддӕр хъӕудзӕн сбӕлвырд кӕнын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕй фӕнды ӕви нӕ. Зӕгъӕм, бӕрӕг у, Йесойы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрыныл кӕй архайы? Ӕви йӕ ӕнӕуи фӕнды, Библи цы хабӕртты кой кӕны, уыдон базонын? Адӕймаг къахдзӕфтӕ кӕны ӕви нӕ, ууыл-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ахъуыды кӕн. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый тыххӕй фӕдзуры? Йегъовӕмӕ фӕкувы? (Пс. 116:1, 2). Библи кӕсын уарзы? (Пс. 119:97). Алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуы? (Пс. 22:22). Йӕ царды, цы хъӕуы, уыдӕттӕ ивы? Цы базоны, уый тыххӕй йӕ бинонтӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн фӕдзуры? (Пс. 9:1). Ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр фарста: фӕнды йӕ, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа? (Пс. 40:8). Кӕд уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ аразы, уӕд бацархай, афтӕ цӕмӕн у, уый базоныныл. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ йемӕ фӕлмӕнӕй, фӕлӕ ӕргом аныхас кӕн. w20.10 18 ф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 21 мартъи

Чи мӕ рарвыста, уый мемӕ ис – иунӕгӕй мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ ӕз алкӕддӕр аразын, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый (Иоан. 8:29).

Йесойы уӕларвон Фыд алкӕддӕр рахӕссы хорз уынаффӕтӕ, ӕмӕ йӕ зӕххон ныййарджытӕ дӕр хастой хорз уынаффӕтӕ. Фӕлӕ Йесо куыд стырдӕр кодта, афтӕ йӕхи дӕр хъуыди уынаффӕтӕ хӕссын (Гал. 6:5). Махӕн не ’ппӕтӕн дӕр сӕрибардзинад ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссыны бар куыд ис, афтӕ уымӕн дӕр уыд уыцы бар. Йӕ бон уыд аскъуыддзаг кӕнын, йӕхи цы фӕнды, уый кӕй араздзӕн. Фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый кӕй араздзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр йӕ Хӕлар уыдаид. Йесо куы базыдта, Йегъовӕ йын цы бахӕс кӕнынмӕ хъавы, уӕд аскъуыддзаг кодта, йӕ Фыды цы фӕнды, уый кӕй сараздзӕн (Иоан. 6:38). Уый зыдта, бирӕтӕ дзы се сӕфт кӕй уындзысты, ӕмӕ ууыл дӕр куыннӕ хъуыды кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйы коммӕ кӕй бакӕсдзӕн. Н. э. 29 азы аргъуыд куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг уыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Дзут. 10:5–7). Ӕмӕ, хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд ӕмӕ куы мард, уӕд дӕр ын уый уыд сӕйраг (Иоан. 19:30). w20.10 29 ф., 12 абз.; 30 ф., 15 абз.

Дыццӕг, 22 мартъи

Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн (Дзут. 13:5).

Чи зоны, не ’мбырды чидӕр рынчын у кӕнӕ кӕуылдӕр зиан ӕрцыд. Стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбӕлынц ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Ӕмӕ, искӕй ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый куы базонӕм, уӕд нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна уыцы адӕймагӕн зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ зӕгъынӕн кӕнӕ йын исты хорздзинад саразынӕн. Ӕмӕ дзы, чи зоны, растдӕр уый фӕрцы ныфс бацӕуа (1 Пет. 4:10). Мах зонӕм, ныфсджын ӕмӕ фидар кӕй хъуамӕ уӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ немӕ ис. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны Йесойы ӕмӕ зӕдты уылты. Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй куы хъӕуа, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ нын баххуыс кӕна, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны уылты. Стӕй йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ лӕггадгӕнджыты баразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕной. Ӕмӕ уый бирӕтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой. Уӕдӕ нӕ бон у апостол Павелау фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» (Дзут. 13:6). w20.11 17 ф., 19, 20 абз.

Ӕртыццӕг, 23 мартъи

Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат (Ис. 30:15).

Апостолтӕ бӕлвырд зыдтой, Йегъовӕ семӕ кӕй ис. Йегъовӕ сын хъару радта, цӕмӕй диссӕгтӕ арӕзтаиккой (Хъуыд. 5:12–16; 6:8). Фӕлӕ абон махӕн нӕ бон нӕу диссӕгтӕ аразын. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр нын Йегъовӕ йӕ Ныхасы уылты дзуры, рӕстдзинады тыххӕй куы фӕхъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд кӕй вӕййы ӕмӕ нӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын кӕны (1 Пет. 3:14; 4:14). Уӕдӕ хъуамӕ ма мӕт кӕнӕм, фидӕны нӕ куы ӕфхӕрой, уӕд куыд кӕндзыстӕм, ууыл. Фӕлӕ хъуамӕ ныртӕккӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ тынгдӕр уырна, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Мах хъуамӕ Йесойы ныхӕстыл ӕууӕндӕм, зӕгъгӕ «уын ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ ахӕм зонд ратдзынӕн, ӕмӕ, уе знӕгтӕ иууылдӕр куы баиу уой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн уӕ ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ уӕ ныхмӕ исты зӕгъын». Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лук. 21:12–19). Стӕй хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амӕлы, уыдоны тыххӕй алцыдӕр кӕй хъуыды кӕны. Ӕмӕ сӕ райгас кӕндзӕн. w21.01 4 ф., 12 абз.

Цыппӕрӕм, 24 мартъи

Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кой ӕрмӕст апостол Павел нӕ кодта. Павелы размӕ Иов дӕр кодта уый кой. Уый фидарӕй уырныдта, Хуыцау ӕй кӕй ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ йӕ цардмӕ кӕй раздахдзӕн (Иов 14:7–10, 12–15). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый у, нӕ уырнындзинады «бындур» чи сты, уыцы ахуырӕдтӕй сӕ иу (Дзут. 6:1, 2). Уый тыххӕй Павел цы дзырдта, уый фыст ис 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕры. Йӕ ныхӕстӕ 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты тынг бафидар кодтаиккой. Ӕмӕ нӕ кӕд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый рагӕй уырны, уӕддӕр нӕ 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕр ноджы тынгдӕр ныфс бауадздзӕн. Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы нӕ ныфс ис, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты. Павел коринфӕгтӕн цы «хорз хабар» фехъусын кодта, уымӕ хауди, Чырысти кӕй райгас, уыцы хабар дӕр (1 Кор. 15:1, 2). Павел загъта, ӕмӕ кӕд чырыстон ууыл не ’ууӕнды, уӕд йӕ уырнындзинад ницы пайда у (1 Кор. 15:17). w20.12 2 ф., 2–4 абз.

Майрӕмбон, 25 мартъи

Петр ӕрхъуыды кодта Йесойы ныхӕстӕ... Ӕмӕ ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта (Матф. 26:75).

Цымӕ апостол Петрӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид? Уый размӕ Йесо зӕрдиагӕй куывта, цӕмӕй Петр йӕ уырнындзинад ма фесӕфтаид. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста. Фӕстӕдӕр Йесо Петрмӕ фӕзынд. Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд йӕ ныфсыл ын ныфс бафтауын (Лук. 22:32; 24:33, 34; 1 Кор. 15:5). Уый фӕстӕ Йесо фӕзынд апостолтӕм, кӕсаг ахсынмӕ куы уыдысты, уӕд. Уыдон ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кӕсаг ахстой, фӕлӕ ницы ӕрцахстой. Йесо Петрӕн фадат радта, цӕмӕй йын загътаид, тынг ӕй кӕй уарзы. Йесо йӕ зынаргъ ӕмбалӕн йӕ рӕдыд ныххатыр кодта ӕмӕ йын йӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодта (Иоан. 21:15–17). Йесо Петры рӕдыдмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй бӕрӕг у, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у. Йесо та алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн. Уӕдӕ, куы фӕрӕдийӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хӕйрӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм. Фӕлӕ мах хъуамӕ алкӕддӕр архайӕм нӕхимӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕм дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыныл. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы. Ӕмӕ нын иннӕтӕ нӕ зӕрдӕ истӕмӕй куы скъахой, уӕд-иу сын мах дӕр хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм (Пс. 103:13, 14). w20.12 20, 21 фф., 17–19 абз.

Сабат, 26 мартъи

Мӕ зӕрдӕ [дыл] дардзынӕн (Пс. 27:3).

Нӕ бон у хъуыды кӕнын, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи нӕ дардта, уыдоны цӕвиттонтыл. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, уыдон цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой, ахӕм рӕдыдтытӕй нӕхи хизынӕн. Зӕгъӕм, Асӕ паддзах куы сси, уӕд-иу зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс Йегъовӕйӕ агуырдта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕ ныфс йӕхиуыл дарын райдыдта (2 Аз. 16:1–3, 12). Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ фӕкастаид, ӕмӕ, Асӕ ӕххуыс сириӕгтӕй кӕй ракуырдта, уый раст уыди. Фӕлӕ Иудӕйы сабыр рӕстӕг бирӕ нӕ ахаста. Йегъовӕ йын пехуымпары уылты загъта: «Дӕ ныфс дӕ Хуыцау Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ Сирийы паддзахыл кӕй сӕвӕрдтай, уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад дӕ къухӕй аирвӕзт» (2 Аз. 16:7). Мах дӕр хъуамӕ нӕхи зондӕй ныфсджын ма уӕм. Кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ уынаффӕ хӕсгӕйӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс нӕ ракуырдтам ӕмӕ йын йӕ Ныхасы разамынд нӕ бацагуырдтам. Ӕмӕ нӕ исты аскъуыддзаг кӕнын тагъд куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу хъуамӕ ма стыхсӕм. Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм. Ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн. w21.01 6 ф., 13–15 абз.

Хуыцаубон, 27 мартъи

Уыдон... ӕххормаг [нал] ӕййафдзысты (Рарг. 7:16).

Абон Йегъовӕйы адӕм кӕцыдӕр рӕтты ӕххормаг ӕййафынц, хӕринаг балхӕнынӕн сӕм фаг ӕхца кӕй нӕй кӕнӕ хӕстытӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй. Чидӕртӕ та сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстӕтты бадынц. Фӕлӕ тынг бирӕ адӕм зонынц, ацы фыддуне куы нал уа, уӕд сын алкӕддӕр парахатӕй кӕй уыдзӕн ӕнӕуи хӕринаг дӕр ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕр. Ӕмӕ сын уый стыр циндзинад хӕссы. Йегъовӕ адӕмтыл йӕ маст куы ныккала, ома Хӕйрӕджы дуне куы сафа, уӕд тынг бирӕ адӕм «ӕнтӕфӕй дӕр нал тыхсдзысты», ома уыдоныл йӕ маст нӕ ныккалдзӕн. Стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахиздзӕн, уыцы адӕмы Йесо кӕндзӕн ӕнусон «царды суадӕттӕм» (Рарг. 7:17). Ахъуыды-ма кӕн: зӕххыл цы миллиардгай адӕм цард, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр тынг бирӕ адӕмӕн ис ныфс, кӕй никуы амӕлдзысты! (Иоан. 11:26). Ӕндӕр фыстӕ Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ тынг бузныг сты, цы диссаджы ныфс сын ис, уый тыххӕй! w21.01 16, 17 фф., 11, 12 абз.

Къуырисӕр, 28 мартъи

Йегъовӕ хъахъхъӕны, ӕнувыд ыл чи у, уыдоны (Пс. 31:23).

Йесо йӕ мӕлӕты размӕ изӕр хъуыды кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтыл. Уый зыдта, фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлдзысты. Тынг сӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Фыдӕн загъта, цӕмӕй сӕ Фыдбылызӕй хъахъхъӕдтаид (Иоан. 17:14, 15). Йесо зыдта, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕха, уӕд Хӕйрӕг дарддӕр дӕр кӕй тох кӕндзӕн, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕндзӕн, уыдонимӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы адӕмы йе ’ххуыс кӕй хъӕуы. Абон нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс куыд хъӕуы, афтӕ никуы. Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст ӕрцыд, ӕмӕ тынг мӕсты у (Рарг. 12:12). Нӕ фӕдыл чи зилы, уыдонӕн сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ «афтӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц» (Иоан. 16:2). Хуыцау кӕй нӕ уырны, уыдонӕй та чидӕртӕ нӕ ныхмӕ уымӕн цӕуынц, ӕмӕ ацы дунейы адӕмӕй хицӕн кӕнӕм. Фӕлӕ мах нӕ тӕрсӕм, чи нӕ ’фхӕры, уыдонӕй. Цӕуылнӕ? Дзуапп ис абоны стихы. w21.03 26 ф., 1, 3 абз.

Дыццӕг, 29 мартъи

Ницы [нӕ] фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй (Ром. 8:39).

Йегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уый аразы, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Кӕй нӕ уарзы, уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй нӕ цух нӕ уадзы. Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ нӕ Йесо дӕр тынг уарзы. Уый йӕ цард мах тыххӕй радта (Иоан. 3:16; 15:13). Йегъовӕйыл ӕмӕ Йесойыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ сӕ уарзондзинадӕй ничи ӕмӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Иоан. 13:1; Ром. 8:35). Раст афтӕ, бинонты хистӕр цыфӕнды ма араза, уый хъуамӕ араза, йӕ бинонты кӕй уарзы, уый тыххӕй. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Апостол Иоанн загъта: «Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры [кӕнӕ бинонты] чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?» (1 Иоан. 4:11, 20). Йӕ бинонты чи уарзы ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы фӕзмын кӕй фӕнды, ахӕм лӕг йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа, ӕмӕ сын ӕмбарын кӕндзӕн, кӕй сӕ уарзы. Стӕй сӕ цух нӕ уадздзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй (1 Тим. 5:8). Уый йӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ сын зонд амондзӕн. Стӕй ма архайдзӕн, цӕмӕй, цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон Йегъовӕйӕн кад хӕссой ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр пайда уой. w21.02 5 ф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 30 мартъи

Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22).

Нӕ уарзӕгой Фыд зоны, царды цытӕ бавзӕрстам, уыдӕтты тыххӕй хатт нӕхимӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕй фӕкӕсӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ фӕуыны нӕ хорз миниуджытӕ дӕр, кӕд нӕхимӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм иу хорз миниуӕг дӕр нӕй, уӕддӕр (1 Иоан. 3:19, 20). Гӕнӕн ис, адӕймаг архайа цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзыныл, фӕлӕ йын уый афтӕ ӕнцон ма уа. Ӕмӕ та, чи зоны, фӕрӕдийа, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ ныфс асӕтта. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ӕрхуды, ӕмӕ уый хорз у (2 Кор. 7:10). Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕхи ӕгӕр ма хӕрӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм: «Мӕнӕй никуы ницы рауайдзӕн. Йегъовӕ мын никуы ныххатыр кӕндзӕн». Уыдон раст хъуыдытӕ не сты. Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн дӕр мауал лӕггад кӕнӕм. Уӕдӕ-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хъуамӕ-иу Йегъовӕимӕ «аныхас кӕнӕм ӕмӕ хъуыддӕгтӕ равзарӕм», ома-иу ӕм скувӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна (Ис. 1:18). Йегъовӕ куы фена, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтам, уӕд нын ныххатыр кӕндзӕн. Хъӕудзӕн ма нӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм дӕр бацӕуын. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уӕм (Иак. 5:14, 15). w20.12 23 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 31 мартъи

Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ (1 Тим. 5:2).

Йесо сылгоймӕгтӕн кад кодта. Йесо фарисейты хуызӕн нӕ уыд. Уыдон сылгоймӕгтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кастысты ӕмӕ адӕмы ’хсӕн семӕ ныхас дӕр нӕ кодтой, уӕлдайдӕр та Фыстадыл. Уыдонӕй уӕлдай Йесо Фыстады арф хъуыдытыл ныхас кодта сылгоймӕгтимӕ дӕр (Лук. 10:38, 39, 42). Стӕй-иу алы хъӕуты хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд-иу йемӕ сылгоймӕгтӕ дӕр цыдысты (Лук. 8:1–3). Уымӕй уӕлдай ма сӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ сын бабар кодта, цӕмӕй апостолтӕн фехъусын кодтаиккой, кӕй райгас, уый (Иоан. 20:16–18). Апостол Павел Тимофейӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сылгоймӕгтӕн кӕй хъуамӕ кад кӕна. Павелӕй рох нӕ уыд, Тимофейӕн фыццаг йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад кӕй бацамыдтой «сыгъдӕг Фыстытӕ» (2 Тим. 1:5; 3:14, 15). Павел ромӕгтӕм йӕ фыстӕг куы фыста, уӕд дзы хоты номгай ранымадта. Павел сын ӕрмӕст сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уыдта, фӕлӕ ма сын арфӕ дӕр ракодта, цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уыдоны тыххӕй (Ром. 16:1–4, 6, 12; Фил. 4:3). w21.02 15 ф., 5, 6 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын