Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 49–63 фф.
  • Апрель

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Апрель
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Майрӕмбон, 1 апрель
  • Сабат, 2 апрель
  • Хуыцаубон, 3 апрель
  • Къуырисӕр, 4 апрель
  • Дыццӕг, 5 апрель
  • Ӕртыццӕг, 6 апрель
  • Цыппӕрӕм, 7 апрель
  • Майрӕмбон, 8 апрель
  • Сабат, 9 апрель
  • Хуыцаубон, 10 апрель
  • Къуырисӕр, 11 апрель
  • Дыццӕг, 12 апрель
  • Ӕртыццӕг, 13 апрель
  • Цыппӕрӕм, 14 апрель
  • ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
    Хурныгуылды фӕстӕ
    Майрӕмбон, 15 апрель
  • Сабат, 16 апрель
  • Хуыцаубон, 17 апрель
  • Къуырисӕр, 18 апрель
  • Дыццӕг, 19 апрель
  • Ӕртыццӕг, 20 апрель
  • Цыппӕрӕм, 21 апрель
  • Майрӕмбон, 22 апрель
  • Сабат, 23 апрель
  • Хуыцаубон, 24 апрель
  • Къуырисӕр, 25 апрель
  • Дыццӕг, 26 апрель
  • Ӕртыццӕг, 27 апрель
  • Цыппӕрӕм, 28 апрель
  • Майрӕмбон, 29 апрель
  • Сабат, 30 апрель
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 49–63 фф.

Апрель

Майрӕмбон, 1 апрель

Раздӕр цыдӕриддӕр фыст ӕрцыд, уый та фыст ӕрцыд махӕн зонд бацамонынӕн (Ром. 15:4).

Чи зоны, цавӕрдӕр стыр фӕлварӕныл сӕмбӕлдтӕ. Гӕнӕн ис, хотӕ кӕнӕ дын ӕфсымӕртӕй чидӕр дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта (Иак. 3:2). Кӕнӕ дыл, чи зоны, де ’мкусджытӕй кӕнӕ дӕ къласӕгтӕй чидӕр худы, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй (1 Пет. 4:3, 4). Кӕнӕ та дӕ, чи зоны, дӕ бинонтӕ хъыгдарынц ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын (Матф. 10:35, 36). Кӕд дын фӕлварӕн сфӕразын тынг зын у, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм тыхтӕ нал ис Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ цыфӕнды зындзинӕдтыл ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма ӕмбӕлай,– Йегъовӕ дын дӕтдзӕн зонд, цӕмӕй зонай, куыд бакӕнын хъӕуы. Стӕй дын дӕтдзӕн тыхтӕ дӕр, цӕмӕй фидар фӕлӕууай. Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта, ӕнӕххӕст адӕм алыхуызон зындзинӕдтӕ куыд сфӕрӕзтой, уый тыххӕй, цӕмӕй абон махӕн уыцы хабӕрттӕ пайда ӕрхӕссой. Апостол Павел дӕр ныффыста, Библи мах пайдайӕн фыст кӕй ӕрцыд. Уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы удӕнцой ӕмӕ нӕ ныфс бацӕуы. Фӕлӕ Библи уӕлӕнгӕйтты кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ ма Фыстадӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нын нӕ зондахаст ива ӕмӕ-иу нын нӕ зӕрдӕтӕ бацагайа. w21.03 14 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 2 апрель

Акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ (Иоан. 4:35).

Хорз хабар кӕмӕн фӕхъусын кӕныс, уыцы адӕмӕн сӕ «кӕрдыны» афон кӕй ӕрцыд, уыимӕ разы дӕ? Кӕд о, уӕд дын бантысдзӕн ӕртӕ хъуыддаджы. Фыццаг: хъусын кӕныны хъуыддаджы фӕстиат нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дзы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайдзынӕ. Хуымгӕрдӕн афон тагъд фӕуыдзӕн, ӕмӕ рӕстӕг сафӕн нӕй. Дыккаг: адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц, уый уынгӕйӕ цин кӕндзынӕ. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕм хуымгӕрдӕны афон... фӕцин кӕнынц» (Ис. 9:3). Ӕмӕ ӕртыккаг: алы адӕймаджы дӕр нымайдзынӕ фидӕны ахуыргӕнинагыл. Ӕмӕ-иу алкӕимӕ дӕр дӕ ныхас афтӕ райдайдзынӕ, цӕмӕй-иу ын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарай. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй чидӕртӕ, чи зоны, хъуыды кодтой, ӕмӕ самариӕгтӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ никуы суыдзысты. Йесо та афтӕ нӕ хъуыды кодта. Уый сӕм ахӕм цӕстӕй каст, цыма уыдон дӕр иу бон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ суыдзысты. Мах дӕр нӕ территорийы адӕммӕ хъуамӕ ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Уыцы хъуыддаджы нын апостол Павел фӕзминаг у. Павел-иу базыдта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдон цӕуыл ӕууӕндынц, уый; цымыдисаг сӕм цы фӕкӕсдзӕн, уый зыдта ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй каст, цыма фидӕны ахуыргӕнинӕгтӕ сты. w20.04 8, 9 фф., 3, 4 абз.

Хуыцаубон, 3 апрель

Йегъовӕ уыны, ингӕны ӕмӕ сау сыджыты цы ис, уый дӕр. Ӕмӕ уӕд адӕймаджы фыртты зӕрдӕтӕ куыннӕ уыны! (Ӕмб. 15:11).

Уайтагъд цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ кӕныны бӕсты-иу бацархай, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл. Кӕронмӕ нӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ ӕмбары. Уымӕ гӕсгӕ йӕм дӕ бон у кувын, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна иннӕтӕм уый цӕстӕй кӕсынӕн ӕмӕ сын сӕ зын ӕмбарынӕн. Нӕ бон нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ кӕцыдӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хъӕуы тӕригъӕд кӕнын, кӕцыдӕртӕн та – нӕ. Алчидӕр сӕ ӕмбӕлы зындзинӕдтыл, ӕмӕ арӕх сӕ зындзинӕдтӕ вӕййынц, Ионӕ, Илийа, Агар ӕмӕ Лот цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты, ахӕмтӕ. Иуӕй-иу хатт сӕ зындзинӕдты сӕхӕдӕг дӕр вӕййынц аххосджын. Ӕмӕ, ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд нӕ алчидӕр кӕддӕр ахӕм уавӕры уыд. Ӕмӕ нын Йегъовӕ дӕр уый тыххӕй зӕгъы, цӕмӕй кӕрӕдзийы зын ӕмбарӕм (1 Пет. 3:8). Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уый фӕрцы, ӕнӕхъӕн зӕххыл нын цы диссаджы бинонтӕ ис, уыдоны ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Уӕдӕ-иу кӕрӕдзимӕ лӕмбынӕг байхъусӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ-иу не ’фсымӕрты хуыздӕр базонӕм ӕмӕ-иу сын сӕ зын бамбарӕм. w20.04 18, 19 фф., 15–17 абз.

Къуырисӕр, 4 апрель

Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).

Йесо алкӕддӕр каст Йегъовӕйы коммӕ, ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм Йесойы къахвӕдтыл цӕуыныл, уӕд афтӕмӕй кӕсдзыстӕм Йегъовӕйы коммӕ (Иоан. 8:29). Цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ рӕстдзинады Хуыцау кӕй у ӕмӕ нын йӕ Ныхасы уылты цыдӕриддӕр дзуры, уый раст ӕмӕ ӕцӕг кӕй у. Хъуамӕ ма нӕ фидарӕй уырна, Йесо кӕй у зӕрдӕвӕрд Мессийӕ. Абон бирӕты нӕ уырны, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй у, уый. Ӕмӕ Иоанн дӕр фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «фӕзынд бирӕ фӕлитойтӕ». Уыдонӕн сӕ бон уыд асайын, Библийы Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы фыст ис, уый сӕрыл дзурынмӕ цӕттӕ чи нӕ уыд, уыцы чырыстӕтты (2 Иоан. 7–11). Иоанн ныффыста: «Афтӕ чи зӕгъы, Йесо, дам, Чырысти нӕу, уый кӕд нӕ сайы, уӕд ма чи сайы?» (1 Иоан. 2:22). Цӕмӕй мах дӕр мачи асайа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы Ныхас иртасӕм. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ис Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы базонӕн (Иоан. 17:3). Ӕмӕ нӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уырндзӕн фидарӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый рӕстдзинад кӕй у. w20.07 21 ф., 4, 5 абз.

Дыццӕг, 5 апрель

Алчидӕр [уӕ] йӕхицӕн зӕгъӕд, ӕфсымӕрӕн цӕлхдур кӕй не ’вӕрдзӕн (Ром. 14:13).

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн «цӕлхдур» ма суӕм? Зӕгъӕм, хъуамӕ-иу ӕдзух нӕхи ныхасыл ма ныллӕууӕм, фӕлӕ-иу иннӕтӕм дӕр байхъусӕм ӕмӕ, гӕнӕн куы уа, уӕд-иу, уыдоны куыд фӕнды, афтӕ бакӕнӕм (Ром. 14:19–21; 1 Кор. 8:9, 13). Мах цы ерысы архайӕм, уый ӕнӕуи ерыстӕй иу цӕмӕйдӕр тынг хицӕн кӕны. Уыцы ерысты архайджытӕй алкӕй дӕр фӕфӕнды, цӕмӕй хӕрзиуӕг уый райса. Уыдоны ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт вӕййы. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр атъӕпп кӕной, цӕмӕй фӕраздӕр уой. Фӕлӕ мах кӕрӕдзиимӕ нӕ ерыс кӕнӕм (Гал. 5:26; 6:4). Нӕ нысан у, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр згъорджытӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй немӕ иумӕ кӕронмӕ азгъорой ӕмӕ хӕрзиуӕг – ӕнусон цард – райсой. Мах фӕнды, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы разамындӕй кӕй ныффыссын кодта, уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Ӕмӕ, нӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кӕнӕм, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уый ӕнӕмӕнг райсдзӕн, кӕронмӕ чи азгъора, уыдонӕй алчидӕр. Уыцы хӕрзиуӕг у ӕнусон цард кӕнӕ уӕлӕрвты, кӕнӕ зӕххыл дзӕнӕты. w20.04 28 ф., 10 абз.; 29 ф., 12 абз.

Ӕртыццӕг, 6 апрель

Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм (Рарг. 7:14).

Милуангай чырыстӕттӕ бацӕудзысты ног дунемӕ. Уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, мӕлӕтыл ма иннӕтӕ дӕр кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты – миллиардгай адӕм райгас уыдзысты. Уый уыдзӕн стыр диссаг ӕмӕ стыр цины хабар! (Хъуыд. 24:15). Ӕмӕ Йегъовӕйыл суанг кӕронмӕ дӕр иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон та мӕлӕтыл бынтондӕр фӕуӕлахиз уыдзысты. Адамӕй сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый уацарӕй ссӕрибар уыдзысты, ӕмӕ сыл мӕлӕты бар нал цӕудзӕн. Ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Павел коринфӕгтӕм цы ныффыста, уый чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр стыр ныфсы хос у. Ӕмӕ, уыцы ныхӕстӕ фыст кӕй ӕрцыдысты, уымӕн тынг аргъ кӕнӕм. Мах фӕнды Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ «Хицауы хъуыддаджы» бирӕ фыдӕбон кӕнын (1 Кор. 15:58). Кӕд уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, уӕд нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн. Ахӕм цард фыны дӕр никуы федтам! Уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ нӕ фыдӕбон ӕцӕгдӕр дзӕгъӕлы нӕ уыд. w20.12 13 ф., 16, 17 абз.

Цыппӕрӕм, 7 апрель

Се ’фсӕдтимӕ... ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл чи бады, уыимӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой (Рарг. 19:19).

Куыд зыны, афтӕмӕй Йезекилы 38:10–23; Данелы 2:43–45; 11:44–12:1 ӕмӕ Раргомады 16:13–16, 21 цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны уыцы иу хабӕрттыл цӕуы дзырд. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд фидӕны хъуамӕ ’рцӕуа мӕнӕ ахӕм хабӕрттӕ. Стыр бӕллӕх куы райдайа, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» скӕндзысты ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис (Рарг. 16:13, 14). Библи уыцы хицауӕдты цӕдис хоны «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» (Йез. 38:2). Уыдон Хуыцауы адӕмыл сӕхи ныццӕвдзысты. Апостол Иоанн уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта, Хуыцауы знӕгтыл тынг стыр их кӕй ныууардзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы их амоны карз тӕрхоны хабармӕ, ӕмӕ йӕ хъусын кӕндзысты Йегъовӕйы адӕм. Ӕмӕ уыцы хабар фехъусгӕйӕ, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ зӕххы цъарӕй фесафа (Рарг. 16:21). w20.05 15 ф., 13, 14 абз.

Майрӕмбон, 8 апрель

Кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн! (Лук. 11:13).

Хуыцауы архайгӕ тых у хӕзна, ӕмӕ йын хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ рӕстӕджы цас цыдӕртӕ бантыст, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Йесо уӕлӕрвтӕм куы здӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Фӕлӕ уыл Хуыцауы сыгъдӕг тых куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ныртӕккӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты аст милуан ӕмӕ ’рдӕгӕй фылдӕр, ӕмӕ цӕрынц алы бӕстӕты дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, зӕгъӕн ис, цӕрӕм дзӕнӕты – ӕгас зӕххыл дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн ис фарн ӕмӕ иудзинад. Цӕй фӕрцы? Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны нӕ удыхъӕды рӕсугъд миниуджытӕ фидар кӕнынӕн: уарзондзинад, циндзинад, фарн, фӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад. Уыдон иууылдӕр иумӕ сты, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» (Гал. 5:22, 23). Уӕдӕ сыгъдӕг тых зынаргъ лӕвар куыннӕ у! w20.05 28 ф., 10 абз.; 29 ф., 13 абз.

Сабат, 9 апрель

Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц (1 Кор. 15:21).

Чи нын амард, уыдон куы райгас уой, уӕд сӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ бон уыдзӕн базонын. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Зӕгъӕм, раджы заманты-иу Йегъовӕ кӕй райгас кодта, уыдон-иу уыдысты сӕхи хуызӕн. Ӕмӕ фидӕны дӕр Йегъовӕ адӕмы куы ӕгас кӕна, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, бакастӕй уыдзысты, цалынмӕ нӕ амардысты, уӕдмӕ цыхуызӕн уыдысты, ахӕм. Стӕй дзургӕ дӕр ӕмӕ хъуыды дӕр кӕндзысты, раздӕр куыд дзырдтой ӕмӕ куыд хъуыды кодтой, афтӕ. Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Ӕмӕ йӕ райгас кӕнай, уый та абарста, куыд ӕй райхъал кӕнай, уыимӕ (Матф. 9:18, 24; Иоан. 11:11–13). Адӕймаг куы райхъал вӕййы, уӕд бакастӕй вӕййы, куы нӕма бафынӕй, уӕд куыд уыд, афтӕ. Йӕ хъӕлӕс дӕр вӕййы йӕхи хъӕлӕсы хуызӕн, стӕй алцыдӕр фӕхъуыды кӕны. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Лазӕры хабар. Цыппар боны мард уыд, ӕмӕ йӕ буар ӕмбийын райдыдта. Фӕлӕ йӕ Йесо куы райгас кодта, уӕд ӕй йӕ хотӕ уайтагъд базыдтой, ӕмӕ сӕ Лазӕр дӕр куыннӕ хъуыды кодта (Иоан. 11:38–44; 12:1, 2). w20.08 14 ф., 3 абз.; 16 ф., 8 абз.

Хуыцаубон, 10 апрель

Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк! (Рарг. 7:10).

Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты дӕр ӕмӕ ӕндӕр фысты дӕр иухуызон уарзы, хъулон дзы никӕй кӕны. Иутӕ дӕр ӕмӕ йын иннӕтӕ дӕр зынаргъ сты. Сӕрст чырыстӕтты тыххӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр фысты тыххӕй дӕр иу аргъ бафыста – йӕ зынаргъ Фырты цард. Хицӕн ӕрмӕстдӕр уымӕй кӕнынц, ӕмӕ сын иухуызон ныфс нӕй. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дӕр хъуамӕ Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл иузӕрдионӕй баззайой (Пс. 31:23). Стӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕтты махӕй алкӕмӕн дӕр, нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ нӕ кӕй цас хъӕуы, уыйбӕрц. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр радта диссаджы ныфс (Йер. 29:11). Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры не ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕн диссаджы фадат – нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы скадджын кӕнын. Уыдоны фӕрцы нын ис ныфс, ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕрымысӕн изӕр ӕцӕг чырыстӕттӕн у ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар. w21.01 18 ф., 16 абз.; 19 ф., 19 абз.

Къуырисӕр, 11 апрель

Афтӕ кӕнут (1 Кор. 11:25).

Ӕрымысӕн изӕрмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн ис зӕххыл цӕрыны ныфс. Ӕмӕ уӕд цӕмӕн ӕрбацӕуынц? Ахъуыды-ма кӕнӕм, адӕймаг йе ’мбалы чындзӕхсӕвмӕ цӕмӕн ацӕуы. Цӕмӕй равдиса, кӕй йӕ уарзы, уый ӕмӕ йын йӕ циныл фӕцин кӕна. Уӕдӕ ӕндӕр фыстӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацӕуынц, цӕмӕй равдисой, Йесойы ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Стӕй ма сӕ фӕфӕнды равдисын, Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнынц. Уыцы нывонды фӕрцы сын ис ныфс, зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзысты. Ӕндӕр фыстӕ ма Ӕрымысӕн изӕрмӕ уымӕн ӕрбацӕуынц, ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц Йесойы фӕдзӕхст. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтимӕ Хицауы ӕхсӕвӕр фыццаг хатт куы сбӕрӕг кодта, уӕд сын загъта: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (1 Кор. 11:23–26). Уӕдӕ ӕндӕр фыстӕ Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕндзысты, цалынмӕ зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕ ис, уӕдмӕ. w21.01 17 ф., 13, 14 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 12:12–19; Марчы 11:1–11

Дыццӕг, 12 апрель

Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ йӕ иунӕг Фырты дунемӕ рарвыста, цӕмӕй уый фӕрцы цардӕй хайджын уӕм (1 Иоан. 4:9).

Ӕцӕг уарзондзинад хъуамӕ бӕрӕг уа хъуыддӕгтӕй. (Абар Иаковы 2:17, 26.) Зӕгъӕм, Йегъовӕ нӕ уарзы (1 Иоан. 4:19). Ӕмӕ уый равдыста, Библийы цы рӕсугъд, зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ ныффыссын кодта, уыдонӕй (Пс. 25:10; Ром. 8:38, 39). Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ фидарӕй ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ уырны, фӕлӕ ма цы сарӕзта, уый фӕрцы дӕр. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ зынаргъ Фырт фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ мах тыххӕй амардаид (Иоан. 3:16). Уӕдӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, ууыл. Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг у, сӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй (Иоан. 14:15; 1 Иоан. 5:3). Йесо та нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм (Иоан. 13:34, 35). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый хъуамӕ ӕрмӕст нӕ ныхӕстӕй ма уа бӕрӕг, фӕлӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр (1 Иоан. 3:18). w21.01 9 ф., 6 абз.; 10 ф., 8 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 12:20–50

Ӕртыццӕг, 13 апрель

Хонын [уӕ] мӕ хӕлӕрттӕ (Иоан. 15:15).

Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи сты, уыцы чырыстӕттӕ Йесоимӕ уыдзысты паддзӕхтӕ Хуыцауы Паддзахады. Уыдонӕн ис ныфс, ӕнустӕм йемӕ кӕй уыдзысты, кӕй йӕ уындзысты, йемӕ кӕй ныхас кӕндзысты ӕмӕ йемӕ рӕстӕг кӕй ӕрвитдзысты (Иоан. 14:2, 3). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, Йесо уыдоныл дӕр батыхсдзӕн. Ӕмӕ йӕ кӕд уынгӕ нӕ кӕндзысты, уӕддӕр ӕм бонӕй-бонмӕ ӕввахсдӕр кӕндзысты. Йегъовӕ ӕмӕ сын Йесо цы диссаджы цард балӕвар кӕндзысты, уый сын хӕсдзӕн циндзинад (Ис. 9:6, 7). Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Йӕ хӕлӕрттӕ та бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййынц. Зӕгъӕм, уарзы сӕ ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны. Ис сын ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ, йӕ хӕлӕрттӕ кӕй сты, уый фӕрцы свӕййынц йӕ Фыды, Йегъовӕйы, хӕлӕрттӕ дӕр. Уый та у ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзна. Уӕдӕ цӕй стыр кад у, Йесо дӕ йӕ хӕларыл нымайа, уый! w20.04 25 ф., 15, 16 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 21:1–36

Цыппӕрӕм, 14 апрель

Чырыстийы фӕрцы... иууылдӕр райгас уыдзысты (1 Кор. 15:22).

Апостол Павел йӕ фыстӕг ныффыста, Коринфы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм. Фидӕны уыдон хъуамӕ райгас уыдаиккой уӕларвон цардмӕ. Уыцы чырыстӕтты «Хуыцау... ссыгъдӕг кодта» ӕмӕ уыдысты «Йесо Чырыстиимӕ иудзинады», ӕрхуыдта сӕ, «цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой». Ӕмӕ Павел скодта, «Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард», уыдоны кой (1 Кор. 1:2; 15:18; 2 Кор. 5:17). Ӕндӕр фыстӕджы та ныффыста, Чырыстийау чи амард ӕмӕ йемӕ чи баиу, уыдон, Чырысти куыд райгас, афтӕ кӕй райгас уыдзысты ӕмӕ йемӕ кӕй баиу уыдзысты (Ром. 6:3–5). Йесо райгас уӕларвон буары ӕмӕ ссыд уӕлӕрвтӕм. Ӕмӕ, «Чырыстиимӕ иудзинады» чи ис, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр, ома сӕрст чырыстӕттӕм, ахӕм фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Павел Чырыстийы тыххӕй ныффыста, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг», зӕгъгӕ (1 Кор. 15:20). Чырыстийы размӕ уӕларвон буары ничи райгас ӕмӕ ӕнусон цардӕй ничи схайджын – уый уыд фыццаг. w20.12 5, 6 фф., 15, 16 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:1–5, 14–16; Лукайы 22:1–6

ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
Хурныгуылды фӕстӕ
Майрӕмбон, 15 апрель

Ӕдзухдӕр уыдзыстӕм нӕ Хицауимӕ (1 Фес. 4:17).

Абон сӕрст чырыстӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд уӕларвон цардмӕ уайтагъд райгас вӕййы. Уый бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй, фыст сты 1 Коринфӕгтӕм 15:51, 52 стихты. Чырыстийы ӕфсымӕртӕ куы райгас вӕййынц, уӕд стыр цинӕй схайджын вӕййынц. Библийӕ базонӕн ис, сӕрст чырыстӕттӕн уӕлӕрвты сӕ хӕс цы уыдзӕн, уый. Йесо сын зӕгъы: «Уӕлахиз чи кӕны ӕмӕ, ӕз цы бафӕдзӕхстон, уыдон кӕронмӕ чи ӕххӕст кӕны, уый ӕз адӕмтӕн хицауӕй сӕвӕрдзынӕн,– мӕн мӕ Фыд куыд сӕвӕрдта, афтӕ,– ӕмӕ сӕ ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй здахдзӕн, ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты» (Рарг. 2:26, 27). w20.12 12 ф., 14, 15 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:17–19; Марчы 14:12–16; Лукайы 22:7–13 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Иоанны 13:1–5; 14:1–3

Сабат, 16 апрель

Чырысти ӕцӕгдӕр райгас (1 Кор. 15:20).

Апостол Павел Чырыстийы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, «райгас фыццаг», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма уый фӕстӕ ноджыдӕр чидӕртӕ хъуамӕ райгас уыдаиккой уӕлӕрвты цӕрынӕн. Уый хауы апостолтӕм ӕмӕ ма «Чырыстиимӕ иудзинады» ноджыдӕр чи ис, уыдонмӕ (1 Кор. 15:18). Павел коринфӕгтӕм куы фыста, уыцы рӕстӕг, «Чырыстиимӕ иудзинады» чи уыд, уыдон уӕлӕрвты цӕрынӕн ӕгас кӕнын нӕма райдыдтой. Павел бамбарын кодта, уый фидӕны кӕй уыдзӕн: «Алчидӕр йӕхи афон: фыццаг – Чырысти, уый фӕстӕ та, Чырыстийы чи у, уыдон, куы ’рцӕуа, уӕд» (1 Кор. 15:23; 1 Фес. 4:15, 16). Абон мах цӕрӕм Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕг. Уӕдӕ бӕрӕг у, апостолтӕ ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ, Чырысти куыд райгас, афтӕ уайтагъд кӕй нӕ райгас сты ӕмӕ йемӕ уайтагъд кӕй нӕ баиу сты. Уыдон сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгӕй схайджын сты, Чырысти куы ’рцыд, уӕд (Ром. 6:5). w20.12 5 ф., 12 абз.; 6 ф., 16, 17 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 19:1–42

Хуыцаубон, 17 апрель

Байтыдӕуы ӕмбийгӕ буар, райгас вӕййы ӕнӕмбийгӕ буар (1 Кор. 15:42).

Апостол Павел кодта, уӕларвон буӕрттӕ лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыдоны кой (1 Кор. 15:43, 44). Йесо зӕххыл куы цард, уӕд ын уыди туг ӕмӕ стӕгӕй буар. Фӕлӕ куы райгас, уӕд «сси царддӕттӕг уӕларвон удгоймаг» ӕмӕ аздӕхт уӕлӕрвтӕм. Афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр куы райгас вӕййынц, уӕд сын вӕййы уӕларвон буӕрттӕ. Павел загъта: «Сыджытӕй конд чи уыд, уый хуызӕн куыд стӕм, афтӕ уыдзыстӕм, уӕлӕрвтӕм чи аздӕхт, уый хуызӕн дӕр» (1 Кор. 15:45–49). Йесо куы райгас, уӕд ын туг ӕмӕ стӕгӕй буар нӕ уыд. Павел йӕ ныхас кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд бӕлвырд загъта: «Туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймагӕн йӕ бон нӕу Хуыцауы [уӕларвон] паддзахад бынӕн райсын» (1 Кор. 15:50). Апостолтӕ ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн, туг ӕмӕ фыдӕй чи у ӕмӕ ӕмбийгӕ чи кӕны, ахӕм буӕртты нӕ райгас уыдаиккой. w20.12 11 ф., 10–12 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Иоанны 20:1

Къуырисӕр, 18 апрель

Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргджын фат? (1 Кор. 15:55).

Хуыцау 1 ӕнусы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыссын кодта, чырыстӕттӕй чидӕртӕ уӕлӕрвты кӕй цӕрдзысты. Апостол Иоанн ныффыста: «Мах ныр стӕм Хуыцауы хъӕбултӕ, фӕлӕ фидӕны цыхуызӕн уыдзыстӕм, уый нӕма раргом. Ӕрмӕст зонӕм уый, ӕмӕ, куы раргом уа, уӕд уый хуызӕн суыдзыстӕм» (1 Иоан. 3:2). Уӕдӕ сӕрст чырыстӕттӕ нӕ фӕзонынц, куы райгас уой ӕмӕ уӕлӕрвты куы цӕрой, уӕд бӕлвырдӕй цыхуызӕн уыдзысты. Фӕлӕ, сӕ хӕрзиуӕг куы райсой, уӕд сӕ бон суыдзӕн Йегъовӕйы фенын. Библийӕ уыцы хабӕртты тыххӕй цыдӕртӕ базонӕн ис. Йесо Чырысти «ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты», стӕй «фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт», куы сафа, уӕд сӕрст чырыстӕттӕ уыдзысты йемӕ. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сӕхи бакӕндзысты Йегъовӕйы дӕлбар, ӕмӕ ӕрмӕст сӕхи нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дӕр (1 Кор. 15:24–28). Уый цӕй диссаджы рӕстӕг уыдзӕн! w20.12 8 ф., 2 абз.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Иоанны 20:2–18

Дыццӕг, 19 апрель

Ӕз мӕ ныфс дарын... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр (Хъуыд. 24:15).

Библийы фыст ис, уӕлӕрвты чи цӕрдзӕн, уыдон кӕй сты «фыццаг райгасдзинадӕй хайджын» (Рарг. 20:6, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма уыдзӕн ӕндӕр райгасдзинад дӕр. Иовы дӕр уымӕй уыд ныфс (Иов 14:15). «Чырыстийы чи у, уыдон» уыдзысты йемӕ уӕлӕрвты, «ӕппӕт хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты дӕр куы фесафа, уӕд». Суанг ма «сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт». Уӕларвон цардмӕ чи райгас вӕййы, уыдоныл мӕлӕты бар нал фӕцӕуы (1 Кор. 15:23–26). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн нӕй, уыдонӕн Павелы ныхӕстӕ сты ныфсы хос, фыст сты абоны стихы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу фыдгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон нӕу уӕлӕрвтӕм ссӕуын. Уӕдӕ ацы ныхӕстӕ амонынц, фидӕны адӕм кӕй ӕгас кӕндзысты зӕххыл цӕрынӕн. w20.12 6, 7 фф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 20 апрель

[Чырысти] мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта (Гал. 2:20).

Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Йегъовӕ мыл йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта, уый мӕ бон куыд у бамбарын?» Ӕмӕ, ахӕм фарстайыл кӕй хъуыды кӕныс, уый дӕр цӕуылдӕр дзурӕг у. 1954 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Цалынмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ, чи зоны, цавӕрдӕр ӕвзӕр хъуыддагыл фӕцахуыр стӕм. Ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм, уыцы ахуырӕй фервӕзын афтӕ зын кӕй уыдзӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ та ногӕй фӕкӕлӕм ӕмӕ фӕрӕдийӕм. [...] Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ сарӕзтай, ныххатыр кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм тӕригъӕд. Хӕйрӕджы дӕр уый фӕндид. Уыцы рӕдыд куы ’руадзыс, уӕд кӕй фӕмаст кӕныс ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дӕхиуыл кӕй фӕхуды, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕфт адӕймаг нӕ дӕ. Хуыцауӕн дарддӕр дӕр сӕрныллӕгӕй лӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна, дӕ цӕсгом дын ссыгъдӕг кӕна ӕмӕ дын баххуыс кӕна, цӕмӕй уыцы рӕдыд мауал ӕруадзай». Апостол Павел цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ сарӕзта уӕззау тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ дзы уыцы хъуыддӕгтӕ рох нӕ уыдысты (1 Тим. 1:12–15). Фӕлӕ Павелы уырныдта, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн уый тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста ӕмӕ йын уыцы нывонды фӕрцы кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ йӕхи йӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй нӕ хордта, фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта. w20.11 27 ф., 14 абз.; 29 ф., 17 абз.

Цыппӕрӕм, 21 апрель

Уӕдӕ уӕ кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн (Иак. 1:5).

Хӕйрӕг нӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты рӕдийын кӕны. Цымӕ ахӕм уавӕрты куыд бакӕнӕм? Чи зоны нӕм цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕвзӕр ма кӕсой ӕмӕ хъуыды кӕнӕм: «Уый тыххӕй мӕ ӕмбырдӕй нӕ ацух кӕндзысты. Ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕвзӕр хъуыддаг нӕу». Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын тынг тӕссаг у. Хорз уаид, нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ куы раттиккам: «Мыййаг, Хӕйрӕг афтӕмӕй нӕ архайы, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна? Мӕ буары монцты фӕдыл куы ацӕуон, уӕд Йегъовӕйы ном нӕ фегад кӕндзынӕн? Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фӕуыдзынӕн? Ӕви дзы адард уыдзынӕн?» Ацы фарстатыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Хуыцауӕй-иу зонд ракур, цӕмӕй дӕхи ма сайай. Афтӕмӕй дӕхи бахъахъхъӕндзынӕ. Ӕмӕ дӕ Хӕйрӕг куы рӕдийын кӕна, уӕд дӕ бон уыдзӕн Йесойау зӕгъын: «Ацу ардыгӕй, Сайтан!» (Матф. 4:10). Рох дӕ ма уӕд: нӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы уа, уый ӕвзӕр у. w20.06 12, 13 фф., 16, 17 абз.

Майрӕмбон, 22 апрель

Алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут... цӕмӕй ӕмбаргӕ уат (Ром. 12:3).

Йегъовӕ алкӕддӕр фӕзоны, хуыздӕр нын цы у, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Еф. 4:22–24). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд, нӕхи цы фӕнды, уый нӕ араздзыстӕм, фӕлӕ нын ӕппӕты сӕйраг уыдзӕн Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Стӕй иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ уыдзӕн нӕ Хӕлар, ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзыстӕм (Фил. 2:3). Фӕлӕ нӕхи куы нӕ хъахъхъӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ацы дунейы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хиуарзон адӕмы хуызӕн суӕм. Ӕвӕццӕгӕн, н. э. 1 ӕнусы иуӕй-иу чырыстӕттӕн дӕр уымӕй тӕссаг уыд. Апостол Павел ромӕгтӕм ныффыста: «Алкӕмӕн дӕр дзурын: цы стут, уӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл ма ут... цӕмӕй ӕмбаргӕ уат». Павел ӕмбӕрста, адӕймаг йӕхиуыл дӕр кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна. Фӕлӕ хъуамӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг. w20.07 2 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 23 апрель

Зӕххыл сабырдзинад... уыд... йемӕ ничи хӕцыд (2 Аз. 14:6).

Паддзах Асӕйы заман сабыр рӕстӕгӕн кӕрон ӕрцыд. Хъомысджын эфиопаг ӕфсад Иудӕйы ныхмӕ рацыд, уыди дзы иу милуан хӕстоны бӕрц. Уыцы ӕфсады сӕргълӕууӕг, Зара, нӕ дызӕрдыг кодта, Иудӕйы ӕфсадыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Фӕлӕ Асӕ йӕ ныфс дардта йӕ Хуыцау Йегъовӕйыл. Асӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «Баххуыс нын кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ номӕй рацыдыстӕм ацы бирӕ адӕмы ныхмӕ» (2 Аз. 14:11). Кӕд ефиопаг ӕфсӕддонтӕ израилаг ӕфсӕддонтӕй дыууӕ хатты фылдӕр уыдысты, уӕддӕр Асӕ зыдта, Йегъовӕ куыд тыхджын у, уый ӕмӕ йӕ бон кӕй у йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ Йегъовӕ Асӕйы нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта – баххуыс ын кодта ефиопӕгты ӕфсад ныддӕрӕн кӕнынӕн (2 Аз. 14:8–13). Фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый лыстӕг хабӕртты онг нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, ӕмӕ кӕд ныр сабыр рӕстӕг у, уӕддӕр алкӕд афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн. Йесо загъта, фӕстаг бонты йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр се сӕфт [кӕй] уындзысты» (Матф. 24:9). w20.09 17, 18 фф., 14–16 абз.

Хуыцаубон, 24 апрель

Ӕхсызгон [мын] у... кӕй мӕ ӕфхӕрынц (2 Кор. 12:10).

Никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы, исчи йӕ ’фхӕра, уый. Фӕлӕ нӕ не знӕгтӕ цы дзурынц, ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн (Ӕмб. 24:10). Кӕй нӕ ’фхӕрынц, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Апостол Павелау махӕн дӕр уый «ӕхсызгон» у. Цӕмӕн? Нӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ нӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ cтӕм (1 Пет. 4:14). Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты (Иоан. 15:18–20). Ӕмӕ 1 ӕнусы чырыстӕтты ӕцӕгдӕр ӕфхӕрдтой. Грекъаг культурӕ кӕуыл бандӕвта, уыдон чырыстӕтты нымадтой талынг адӕмыл ӕмӕ сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты. Стӕй дзуттӕгтӕ дӕр чырыстӕтты (зӕгъӕм, апостолтӕ Петр ӕмӕ Иоанны) нымадтой ӕнахуыргонд адӕмыл (Хъуыд. 4:13). Чырыстӕттӕн политикӕйы хабӕрттыл сӕ бар нӕ цыд, стӕй ӕфсадмӕ дӕр нӕ цыдысты. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бирӕтӕ нымадтой лӕмӕгъ, ӕнӕбон ӕмӕ фидиссаг адӕмыл. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй, мыййаг, Чырыстийы фӕдыл нал цыдысты ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй иннӕтӕн нал дзырдтой? Нӕ, афтӕ нӕ уыд. w20.07 14, 15 фф., 3, 4 абз.

Къуырисӕр, 25 апрель

Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй цӕуы. Ӕмӕ чидӕриддӕр уарзы, уый райгуырд Хуыцауӕй ӕмӕ Хуыцауы зоны (1 Иоан. 4:7).

Апостол Иоанн ӕфсымӕрты тынг уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Кӕй сыл тыхст, уый бӕрӕг у, йе ’ртӕ фыстӕджы сын цы уынаффӕтӕ радта, уыдонӕй. Куыд ӕхсызгон нын у, Иоанны хуызӕн уарзӕгой адӕймӕгтӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ – Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты! (1 Иоан. 2:27). Иоанн цы уынаффӕтӕ радта, уыдон дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Уӕдӕ архай, цӕмӕй дарддӕр дӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрай, ома алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсай. Йӕ Ныхас ын иртас ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл ӕууӕнд, стӕй Йесойыл фидарӕй ӕууӕнд. Дӕхи хъахъхъӕн, адӕм цы хъуыдытыл хӕст сты ӕмӕ цы ахуырӕдтӕ амонынц, уыдонӕй. Раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстыл ма ’ууӕнд. Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ бон у Йегъовӕйӕн дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр аразын. Чи дӕ рӕдийын кӕны, уыдонмӕ ма хъус. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕр ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕн. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй фидар уой: исчи дӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ын ныххатыр кӕн, стӕй-иу, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ балӕуу. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды цӕлхдуртыл куы ’мбӕлай, уӕддӕр цӕрдзынӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. w20.07 24, 25 фф., 15–17 абз.

Дыццӕг, 26 апрель

Хуыцау буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр сӕвӕрдта, куыд ӕй бафӕндыд, афтӕ (1 Кор. 12:18).

Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тынг уарзы, ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй йын ӕмбырды уа йӕхи бынат. Кӕд ӕмбырды иухуызон хъуыддӕгтӕ нӕ аразӕм ӕмӕ ныл иухуызон хӕстӕ нӕй, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр аргъ кӕны. Стӕй кӕрӕдзийы дӕр тынг хъӕуӕм. Апостол Павел бӕлвырд бамбарын кодта, махӕй иуӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй искӕмӕн зӕгъын, «ницӕмӕн мӕ хъӕуыс», зӕгъгӕ (1 Кор. 12:21). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбырды фарн уа, уӕд хъуамӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ ӕмгуыст кӕнӕм (Еф. 4:16). Иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй куы фӕархайӕм, уӕд алчидӕр фембары, иннӕтӕ йӕ кӕй уарзынц, ӕмӕ ӕмбырд вӕййы фидар. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр нысангонд ӕрцӕуынц Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхӕй. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, се ’ппӕтмӕ иухуызон курдиӕттӕ ма уа (1 Кор. 12:17). Иуӕй-иутӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕрӕджы систы, ӕмӕ сӕм, иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цас фӕлтӕрддзинад ис, уыйбӕрц фӕлтӕрддзинад нӕй. Иннӕтӕн та сӕ бон бирӕ аразын нӕу, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой кӕнӕ се ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй. Фӕлӕ иу хистӕр нӕлгоймаг дӕр хъуамӕ иннӕмӕй афтӕ ма хъуыды кӕна, «ницӕмӕн мӕ хъӕуыс», зӕгъгӕ. Хъуамӕ сӕ алчидӕр архайа, Павел Ромӕгтӕм 12:10 стихы цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ. w20.08 26 ф., 1, 2, 4 абз.

Ӕртыццӕг, 27 апрель

Ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ (1 Кор. 7:31).

Йегъовӕ нӕ царды фӕндагыл кӕны йӕ организацийы зӕххон хайы фӕрцы. Хуыцауы организаци Библийы ахуырӕдтӕй искӕцы ӕндӕрхуызон куы бамбарын кӕны кӕнӕ та нын нӕ цард ӕмӕ не ’гъдауы фӕдыл уынаффӕтӕ куы ратты, уӕд цӕттӕ вӕййӕм йӕ разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ. Фӕлӕ организаци ӕндӕр хъуыддӕгты исты куы фӕивы, зӕгъӕм, мах цы Паддзахады залмӕ цӕуӕм, уый уӕй кӕнынц, уӕд уымӕ та цы цӕстӕй ракӕсӕм? Цӕмӕй дарддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цы аразӕм, уый Йегъовӕйӕн кӕй аразӕм ӕмӕ йӕ организацийӕн разамынд йӕхӕдӕг кӕй дӕтты (Кол. 3:23, 24). Паддзах Давид кувӕндон аразынӕн мысайнӕгтӕ куы радта, уӕд афтӕ загъта: «Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ адӕм, цӕмӕй нӕ бон уа ахӕм лӕвӕрттӕ кӕнын? Алцыдӕр дӕуӕй цӕуы, ӕмӕ дӕ къухӕй цы райстам, уый дын дӕттӕм» (1 Аз. 29:14). Ӕмӕ мах дӕр мысайнӕгтӕ дӕтгӕйӕ Йегъовӕйӕн фӕдӕттӕм, йӕ къухӕй цы райстам, уый. Фӕлӕ уый тынг аргъ кӕны, йӕ хъуыддаг аразынӕн нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ не ’хца кӕй не ’вгъау кӕнӕм, уымӕн (2 Кор. 9:7). w20.11 22, 23 фф., 14–16 абз.

Цыппӕрӕм, 28 апрель

Мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн (Еккл. 11:4).

Хорз хъусынгӕнджытӕ стӕм ӕви нӕ, уый, Хуыцауы организацимӕ цал адӕймаджы ӕрбакодтам, уымӕй кӕнгӕ нӕу (Лук. 8:11–15). Кӕд хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы цӕсты уыдзыстӕм хорз хъусынгӕнджытӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕм хъусӕм ӕмӕ йын йӕ Фырты фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм (Мар. 13:10; Хъуыд. 5:28, 29). Ныр нӕ ноджы тынгдӕр хъӕуы архайын хъусын кӕныны хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон тынг тагъд ӕрцӕудзӕн! Цард чи ирвӕзын кӕны, уыцы хабар хъусын кӕнынӕн тынг гыццыл рӕстӕг баззад. Фӕстӕ ма кӕн ӕмӕ хуыздӕр уавӕртӕм ма ӕнхъӕлмӕ кӕс, цӕмӕй ацы ахсджиаг хъуыддаджы архайын райдайай. Цӕмӕн хъусын кӕнӕм, ууыл хъуыды кӕн, Библийы хорз хабары тыххӕй фылдӕр базон, архай, цӕмӕй хъӕбатыр уай ӕмӕ, цы аразын хъӕуы, уый араз, зын дын куы уа, уӕд дӕр. Аст милуанӕй фылдӕр чи сты, уыцы «адӕмахсджытӕм» ӕрбаиу у ӕмӕ ды дӕр банкъардзынӕ, Йегъовӕ цы циндзинад дӕтты, уый (Неем. 8:10; Лук. 5:10). Хъусын кӕныны хъуыддаджы, дӕ бон цы у, уый араз, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, фаг у, зӕгъгӕ, уӕдмӕ. w20.09 7 ф., 18–20 абз.

Майрӕмбон, 29 апрель

Дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн (1 Тим. 6:20).

Мах хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй мулкмӕ бӕллын ма райдайӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайа», ӕмӕ Йегъовӕйы мауал уарзӕм, йӕ Ныхасӕн ын мауал аргъ кӕнӕм ӕмӕ нӕ иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурын мауал фӕнда (Матф. 13:22). Кӕд нӕ фӕнды, Йегъовӕ нын нӕ бар цы бакодта, уыцы хӕзнатӕ бахъахъхъӕнын, уӕд-иу фыдбылыз бафиппайгӕйӕ хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм. Хъуамӕ рагацау спълан кӕнӕм, цы сараздзыстӕм, ӕвиппайды телепередачӕйы, кинойы кӕнӕ интернеты исты ӕнӕгъдаудзинад кӕнӕ тыхми куы ауынӕм, йе та дзы, раст дин чи ныууагъта, уыдон цы парахат кӕнынц, ахӕм исты куы фенӕм кӕнӕ куы фехъусӕм, уӕд. Ахӕм уавӕртӕм цӕттӕ куы уӕм, уӕд нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ бахъахъхъӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ цӕсты сыгъдӕг уыдзыстӕм (Пс. 101:3; 1 Тим. 4:12). Мах хъуамӕ хъахъхъӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй радта, уыцы зынаргъ хӕзнатӕ – Библийы рӕстдзинад зонын ӕмӕ йӕ иннӕтӕн амонын. Уӕд йӕ разы нӕ цӕсгом уыдзӕн сыгъдӕг, нӕ цардӕн уыдзӕн нысан ӕмӕ, иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уый нын стыр циндзинад хӕсдзӕн. w20.09 29, 30 фф., 16–19 абз.

Сабат, 30 апрель

Дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы (Ис. 30:20).

Кӕд донаргъуыд чырыстон дӕ, уӕд ды ӕргом равдыстай, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыс ӕмӕ дӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ организациимӕ иумӕ лӕггад кӕнай. Абон Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд куыд дӕтты, уымӕй бӕрӕг у, цавӕр Хуыцау у ӕмӕ йӕм цавӕр фӕнд ис, уый. Уымӕй ма базонӕн ис йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, йӕ организаци куыд архайы, уый уынгӕйӕ Йегъовӕйы миниуджытӕй ӕртӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, уымӕ. Фыццаг: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны» (Хъуыд. 10:34). Уый адӕмы афтӕ уарзы, ӕмӕ йӕ Фырты радта, «цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна» (1 Тим. 2:6; Иоан. 3:16). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной, чи байхъусдзӕн, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сын Чырыстийы нывонд пайда ӕрхӕсса. Дыккаг: Йегъовӕ уарзы, цӕмӕй алцӕмӕн дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау уа, ӕмӕ уый у фарны Хуыцау (1 Кор. 14:33, 40). Уымӕ гӕсгӕ, чи йын лӕггад кӕны, уыдонмӕ дӕр алцыдӕр хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл ӕмӕ се ’хсӕн хъуамӕ уа фарн. Ӕртыккаг: Йегъовӕ у «Кадджын Зондамонӕг» (Ис. 30:21). Уымӕ гӕсгӕ йӕ организаци бирӕ цыдӕртӕ аразы, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уыдӕттӕ амона, ӕмбырды чи ис, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмӕн дӕр. w20.10 20 ф., 1–3 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын