Май
Хуыцаубон, 1 май
[Йесо] сын уыд коммӕгӕс (Лук. 2:51).
Йесо гыццыл куы уыд, уӕд аскъуыддзаг кодта, йӕ ныййарджытӕм кӕй хъусдзӕн. Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕз мӕ ныййарджытӕй фылдӕр зонын, ӕмӕ сӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусон, зӕгъгӕ. Стӕй уыд хистӕр фырт, ӕмӕ йыл цы хӕстӕ уыд, уыдонмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст. Йесо зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй Иосифау хъӕддӕсныйы куыст кӕнын сахуыр уыдаид ӕмӕ йӕ бон уыдаид йӕ бинонты дарын. Йесойӕн йӕ ныййарджытӕ, ӕвӕццӕгӕн, радзырдтой йӕ райгуырды хабӕрттӕ ӕмӕ зӕдтӕ, стӕй Симеон ӕмӕ ус-пехуымпар Аннӕ Йесойы тыххӕй цы загътой, уый (Лук. 2:8–19, 25–38). Фӕлӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр Фыстад лӕмбынӕг иртӕста. Уый кӕцӕй зонӕм? 12 азы йыл куы цыд, уӕд Иерусалимы ныхас кодта ахуыргӕнджытимӕ. Ӕмӕ «сӕ дисӕн кӕрон нал уыд, куыд ӕмбаргӕ у ӕмӕ цы дзуаппытӕ дӕтты, зӕгъгӕ» (Лук. 2:46, 47). Уымӕй уӕлдай, уыцы карӕнӕй Хуыцауы Ныхас афтӕ лӕмбынӕг кӕй иртӕста, уый фӕрцы фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕ Фыд кӕй у (Лук. 2:42, 43, 49). w20.10 29, 30 фф., 13, 14 абз.
Къуырисӕр, 2 май
[Чырысти] мӕрдтӕй райгас (1 Кор. 15:12).
Чырысти кӕй райгас, уый нӕ кӕй уырны, уымӕ гӕсгӕ нӕ уырны, иннӕтӕ дӕр кӕй райгас уыдзысты. Апостол Павел райдианы ракодта ӕртӕ хабары кой: 1) «Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй», 2) «бавӕрдтой» йӕ ӕмӕ 3) «ӕртыккаг бон райгас, Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ» (1 Кор. 15:3, 4). Чырысти кӕй амард, кӕй йӕ бавӕрдтой ӕмӕ кӕй райгас, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Пехуымпар Исай ныффыста, Мессийӕйы «удӕгӕсты зӕххӕй» кӕй айсдзысты ӕмӕ йӕ кӕй «бавӕрдзысты фыдгӕнджытимӕ». Фӕлӕ ма ноджыдӕр иу ахсджиаг хабар ӕрцыд. Исай ма ныффыста, Мессийӕ кӕй ахӕсдзӕн «бирӕты тӕригъӕдтӕ». Ӕмӕ Йесо уый сарӕзта, йӕ цард нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ (Ис. 53:8, 9, 12; Матф. 20:28; Ром. 5:8). Уӕдӕ, Чырысти кӕй амард, кӕй йӕ бавӕрдтой ӕмӕ кӕй райгас, уый фӕрцы нын фидар ныфс ис, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй кӕй ссӕрибар уыдзыстӕм ӕмӕ нын чи амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты, ӕмӕ та иумӕ кӕй уыдзыстӕм. w20.12 2, 3 фф., 4–6 абз.; 5 ф., 11 абз.
Дыццӕг, 3 май
Кӕд искӕмӕн йӕ бон у зӕххон хъуыддӕгтыл йӕ ныфс дарын, уӕд мӕнӕн. Кӕд исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ бон у зӕххон хъуыддӕгтыл йӕ ныфс дарын, уӕд мӕнӕн та ноджы тынгдӕр у мӕ бон (Фил. 3:4).
Апостол Павел арӕх хъусын кодта дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнты. Зӕгъӕм, Фессалоникӕйы ӕмбырдгӕнӕны «фӕд-фӕдыл ӕртӕ сабаты... [дзуттӕгтимӕ] ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 17:1, 2). Павел-иу ӕмбырдгӕнӕны куы хъусын кодта, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, нӕ фӕтыхст. Йӕхӕдӕг дӕр дзуттаг уыди (Хъуыд. 26:4, 5). Ӕмӕ зыдта, дзуттӕгтимӕ цӕуыл ис аныхас кӕнӕн, уый, ӕмӕ сын ныфсджынӕй хъусын кодта (Фил. 3:5). Павелӕн Фессалоникӕйы йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд алыгъд Веримӕ. Стӕй та йӕ уырдыгӕй дӕр лидзын бахъуыд, ӕмӕ ацыд Афинтӕм. Павел уым дӕр «ӕмбырдгӕнӕнты дзуттӕгтимӕ ӕмӕ иннӕ уырнӕг адӕмимӕ ныхас кодта» (Хъуыд. 17:17). Фӕлӕ Афинты базары фӕзы куы хъусын кодта, уӕд уым ӕндӕрхуызон адӕм уыд. Се ’хсӕн уыди философтӕ ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, ахӕм адӕм. Павел сын цы дзырдта, уый, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ног ахуырад» уыди. Афтӕ дӕр ма йын загътой, цыдӕр ӕнахуыр хабӕрттӕ, дам, дзурыс (Хъуыд. 17:18–20). w20.04 9 ф., 5, 6 абз.
Ӕртыццӕг, 4 май
Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад (Ром. 7:21).
Кӕд дын зын у цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзын, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ницӕйаг дӕ. Мах не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм, фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр Йегъовӕ йӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кӕны йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы (Еф. 1:7; 1 Иоан. 4:10). Нӕ хотӕ ӕмӕ нын не ’фсымӕртӕ дӕр нӕ ныфсыл ныфс бафтауынц. Нӕ бон сын вӕййы, цӕуыл тыхсӕм, уый радзурын. Уыдон нӕм лӕмбынӕг байхъусынц, стӕй нын исты зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ фӕзӕгъынц (Ӕмб. 12:25; 1 Фес. 5:14). Иу нигериаг хо, Джой, зӕгъы: «Мӕ хотӕ ӕмӕ мын ме ’фсымӕртӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд куыд кодтаин? Кӕй мӕ бафидар кӕнынц, уый мын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ куывдтытӕн дзуапп дӕтты. Уыдонӕй ма мӕхӕдӕг дӕр сахуыр дӕн, ныфссаст чи у, уыдонӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын». Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алкӕд кӕй нӕ фӕзонынц, ныфссаст кӕй стӕм. Ӕмӕ хатт нӕхи бахъӕуы фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй искӕмӕ бацӕуын ӕмӕ йын зӕгъын, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы. w20.12 23, 24 фф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 5 май
Хонын [уӕ] мӕ хӕлӕрттӕ (Иоан. 15:15).
Адӕймаг искӕимӕ рӕстӕг куы фервиты, йемӕ куы фӕныхӕстӕ кӕны, йӕхи тыххӕй йын куы радзуры, уӕд тынг балымӕн вӕййынц. Фӕлӕ Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый алы хатт афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ сӕмбӕлӕм цавӕрдӕр цӕлхдуртыл. Иу уый, ӕмӕ Йесойы никуы федтам. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй дӕр ӕй бирӕтӕ нӕ федтой. Фӕлӕ апостол Петр ныффыста: «Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут. Ӕмӕ йӕ кӕд ныртӕккӕ дӕр нӕ уынут, уӕддӕр ыл ӕууӕндут» (1 Пет. 1:8). Уӕдӕ цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ йӕ уынгӕ кӕнӕм. Стӕй ма нӕ бон нӕу Йесоимӕ ныхас кӕнын. Кӕд Йегъовӕмӕ Йесойы номӕй фӕкувӕм, уӕддӕр ныхас Йегъовӕимӕ фӕкӕнӕм, Йесоимӕ нӕ, фӕлӕ. Йесойы йӕхи дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг кувгӕ кӕмӕ фӕкӕны, уый фӕнымайы йӕ Хуыцауыл. Ӕмӕ махӕн та ӕрмӕстдӕр иу Хуыцау ис – Йегъовӕ (Матф. 4:10). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у ӕвдисын, Йесойы кӕй уарзӕм, уый. w20.04 20 ф., 1–3 абз.
Майрӕмбон, 6 май
Хуыцау... [уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).
Рагон Грецийы-иу хъӕзтыты чи архайдта, уыдон-иу зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлдысты, зӕгъӕм, бафӕлладысты-иу кӕнӕ-иу сӕ цыдӕр рыст. Фӕлӕ уыдон ӕрмӕст сӕхи хъарутӕй уыдысты ныфсджын, стӕй ӕмбӕрстой, тренировкӕ куы нӕ кӕной, уӕд кӕй нӕ рамбулдзысты. Мах дӕр ахуыр кӕнӕм чырыстон фӕндагыл згъорын. Фӕлӕ уыдонӕй уӕлдай махӕн ис, ӕгӕрон тыхы хицау чи у, ахӕм Ӕххуысгӕнӕг. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд нӕ ӕрмӕст ахуыр кӕй нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ нӕ кӕй сфидар кӕндзӕн! Апостол Павел бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Бафхӕрдтой-иу ӕй, йӕ фӕдыл-иу зылдысты, хатт-иу йе уӕнгты хъару нал уыд, стӕй ма йӕ тухӕнӕй мардта «буары... сындз» (2 Кор. 12:7). Фӕлӕ уыцы зындзинӕдты тыххӕй йӕ къухтӕ не ’руагъта. Уый сӕ нымадта, йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый равдисыны фадатыл (2 Кор. 12:9, 10). Ахӕм цӕстӕй сӕм кӕй каст, уый тыххӕй йын Йегъовӕ ӕххуыс кодта ӕппӕт зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. w20.04 29 ф., 13, 14 абз.
Сабат, 7 май
Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ... Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд (Иоан. 6:44).
Ис нӕм ахӕм хӕзна, ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕимӕ, Йесоимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ ӕмгуыст кӕнын (2 Кор. 6:1). Семӕ ӕмгуыст фӕкӕнӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы фӕархайӕм, уӕд. Павел йӕхицӕй ӕмӕ, ацы хъуыддаг чи аразы, уыдонӕй загъта: «Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ» (1 Кор. 3:9). Уыцы хъуыддаджы архайгӕйӕ ма вӕййӕм Йесойы ӕмкусджытӕ дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы бафӕдзӕхста, «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ, уӕд ма загъта: «Ӕз... уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). Зӕдты тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? «Ӕнусон хорз хабар... зӕххыл цӕрджытӕн» куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын разамынд фӕдӕттынц, ӕмӕ уый у Хуыцауы лӕвар (Рарг. 14:6). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд иуӕй-иу нӕмгуытӕ ныххауынц хорз зӕрдӕты. Уыдон сырӕзынц ӕмӕ тыллӕг раттынц (Матф. 13:18, 23). Чи сӕ сырӕзын кӕны? Уый Йесо бамбарын кодта абоны стихы. w20.05 30 ф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 8 май
Ацы дуне мауал фӕзмут (Ром. 12:2).
Абон тынг бирӕ бинонтӕ ахицӕн вӕййынц. Иу хӕдзары чи фӕцӕры, уыцы бинонтӕ дӕр кӕрӕдзийӕн, гӕнӕн ис, ӕцӕгӕлӕтты хуызӕн уой. Иу психолог загъта: «Мад, фыд ӕмӕ сывӕллӕттӕ сӕ рӕстӕг иумӕ нӕ фервитынц, фӕлӕ компьютертимӕ, планшеттимӕ ӕмӕ телефонтимӕ. Ӕмӕ кӕд ахӕм бинонтӕ иумӕ фӕцӕрынц, уӕддӕр кӕрӕдзи хорз нӕ фӕзонынц». Ацы дунейы бирӕтӕ никӕй уарзынц, ӕмӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм. Хъуамӕ ӕрмӕст нӕ бинонты ма уарзӕм фӕлмӕн уарзтӕй, фӕлӕ нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр (Ром. 12:10). Бинонтӕ кӕрӕдзийыл вӕййынц ӕнувыд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн вӕййынц адджын. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уарзӕм нӕ чырыстон бинонты дӕр. Кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд не ’хсӕн уыдзӕн иудзинад. Ӕмӕ уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ раст дин уымӕй дӕр вӕййы бӕрӕг (Мих. 2:12). w21.01 20 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 9 май
Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон (Пс. 86:11).
Спортивон командӕйы чи ис, уыдон ӕмзонд куы уой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн рамбулын. Дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ дӕ фӕндтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынимӕ баст куы уой, уӕд дӕ зӕрдӕ уыдзӕн ахӕм ӕнтыстджын командӕйы хуызӕн. Рох дӕ ма уӕд: Хӕйрӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнай. Уый фӕнды, цӕмӕй, дӕхи цы фӕнды, уый аразай. Фӕлӕ хъуамӕ дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕн уа, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнай (Матф. 22:36–38). Хӕйрӕгӕн уый бар макуы ратт, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕ дыууӕ дихы фӕкӕна! Ды дӕр Давидау Йегъовӕмӕ кув: «Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон». Дӕ нысан уӕд ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын. Алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ хӕссыс,– гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл уой ӕви стыр хъуыддӕгты фӕдыл,– уыдонӕй бӕрӕг уӕд, Йегъовӕйы сыгъдӕг ном кадджыныл ӕмӕ табуйагыл кӕй нымайыс. Афтӕмӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн уӕвгӕйӕ, Йегъовӕйы ном кадджын кӕндзынӕ (Ӕмб. 27:11). Ӕмӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн пехуымпар Михейау зӕгъын: «Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ, мыггагмӕ» (Мих. 4:5). w20.06 13 ф., 17, 18 абз.
Дыццӕг, 10 май
Мӕстӕй судзгӕйӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй бирӕты пырх кӕна ӕмӕ сӕ сӕфты хай кӕна (Дан. 11:44).
Цӕгатаг паддзах ӕмӕ иннӕ зӕххон паддзахӕдтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау мӕстӕй рафыцдзӕн. Ӕмӕ уӕд райдайдзӕн Армагеддон (Рарг. 16:14, 16). Уыцы рӕстӕг цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ ма Гогмӕ ноджыдӕр чи хауы, уыцы паддзахӕдтӕн сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сын «ничи баххуыс кӕндзӕн» (Дан. 11:45). Данелы 12:1 стихӕй ис фылдӕр базонӕн, цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕн сӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ мах куыд фервӕздзыстӕм, уый тыххӕй. Михаил у нӕ Паддзах Йесо Чырыстийӕн йӕ иннӕ ном. 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмы «сӕрыл... хӕцы». Тагъд рӕстӕджы та, Армагеддоны хӕсты, «сыстдзӕн», ома йе знӕгты фесафдзӕн. Уыцы хӕстӕй фӕуыдзӕн «тынг уӕззау рӕстӕг». Данел зӕгъы, адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй ахӕм уӕззау рӕстӕг никуыма уыд, зӕгъгӕ (Рарг. 6:2; 7:14). w20.05 15, 16 фф., 15–17 абз.
Ӕртыццӕг, 11 май
Иосифы... ӕркодтой Египетмӕ (Райд. 39:1).
Иосиф цагъар куы уыд, уӕд дӕр ӕмӕ, фӕстӕдӕр ахӕстонмӕ куы бахауд, уӕд дӕр йӕ бон йӕ царды ницы уыд фӕивын. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид? Йӕ бон цы нӕ уыд аразын, ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ-иу ын цы бахӕс кодтой, уый-иу зӕрдиагӕй арӕзта. Иосиф алкӕддӕр архайдта Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл. Ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кодта (Райд. 39:21–23). Иосифы хабарӕй бӕрӕг у, ацы дуне ӕгъатыр кӕй у ӕмӕ-иу ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзыстӕм. Суанг ма нын, чи зоны, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй исчи нӕ зӕрдӕ скъаха. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ Къӕдзӕх ӕмӕ нӕ бӕрзонд Хох куы уа, уӕд-иу нӕхимӕ нӕ ныхъхъусдзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ ныууадздзыстӕм (Пс. 62:6, 7; 1 Пет. 5:10). Стӕй, куыд базыдтам, афтӕмӕй, Йегъовӕ Иосифӕн фынтӕ куы фенын кодта, уӕд ыл 17 азы бӕрц цыд. Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй нӕ фӕдызӕрдыг кӕны, йе ’рыгон лӕггадгӕнджытӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзысты. Абон дӕр бирӕ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Иосифау Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндынц. Кӕйдӕрты дзы ахӕстӕтты дӕр сбадын кӕнынц, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй (Пс. 110:3). w20.12 16 ф., 3 абз.; 17 ф., 5, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 12 май
Апостолтӕм фӕдзырдтой, фӕнӕмын сӕ кодтой ӕмӕ сын карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой (Хъуыд. 5:40).
Петр ӕмӕ Иоанн сӕхицӕн стыр кадыл нымадтой, ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уый (Хъуыд. 4:18–21; 5:27–29, 41, 42). Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, худинаг цы уыд, ахӕмӕй ницы арӕзтой. Уыцы сӕрныллӕг чырыстӕттӕ адӕмӕн цас хорздзинӕдты бацыдысты, уыйбӕрц хорздзинӕдты сын се ’фхӕрджытӕй иу дӕр нӕ бацыд. Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ ныффыстой Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ. Ӕмӕ Библи абон дӕр милуангай адӕмӕн ӕххуыс кӕны ӕмӕ сын ныфс дӕтты. Стӕй, уыцы чырыстӕттӕ цы Паддзахады тыххӕй хъусын кодтой, уый уӕлӕрвты ӕвӕрд ӕрцыд. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн дӕр (Матф. 24:14). Чырыстӕтты чи ’фхӕрдта, уыцы хъомысджын паддзахадӕн та йӕ кой дӕр нал ис. Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ ныр уӕлӕрвты сты паддзӕхтӕ. Сӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон та нал сты. Ӕмӕ кӕд искуы райгас уой, уӕддӕр цӕрдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар – се сӕфт кӕмӕй уыдтой, уыцы чырыстӕттӕ кӕй кой кодтой, уыцы Паддзахады дӕлбар (Рарг. 5:10). w20.07 15 ф., 4 абз.
Майрӕмбон, 13 май
Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ (Дзут. 11:10).
Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл афтӕ тынг ӕууӕндыд, раст цыма Мессийӕйы, Хуыцауы Паддзахады Паддзахы, йӕхи цӕстӕй уыдта. Ӕмӕ Йесо дӕр дзуттӕгтӕн уый тыххӕй загъта афтӕ: «Уӕ фыд Авраам тынг цин кодта, мӕ хъуыддӕгтӕ феныны ныфс ӕй кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ сӕ уынгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ цин кодта» (Иоан. 8:56). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Авраам зыдта, Йегъовӕ кӕй ӕрфидар кӕндзӕн, уыцы Паддзахады йӕ байзӕддӕгтӕй чидӕртӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Цӕмӕй уыд бӕрӕг, Авраам кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ саразӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы «горӕтмӕ», ома Паддзахадмӕ? Уый йӕхи иу зӕххон паддзахады дӕлбар дӕр нӕ бакодта. Кӕмдӕр иу ран не ’рбынат кодта, фӕлӕ-иу куы иу ран ӕрӕвӕрдта йӕ цатыртӕ, куы иннӕ ран. Ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕй иуы фарс дӕр нӕ уыд. Уымӕй уӕлдай ма нӕ архайдта, цӕмӕй йӕхи паддзахад ӕрфидар кодтаид. Авраам алкӕддӕр хъуыста Йегъовӕмӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, йӕ зӕрдӕвӕрд кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уымӕй равдыста, Йегъовӕйыл тынг кӕй ӕууӕндыд. w20.08 3 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 14 май
Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар (Ром. 6:7).
Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг иу адӕймаг дӕр кӕй нал зӕгъдзӕн, «ӕз рынчын дӕн», зӕгъгӕ (Ис. 33:24). Уӕдӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдон уыдзысты ӕнӕниз. Фӕлӕ уайтагъд алцӕмӕй ӕххӕст не суыдзысты, кӕннод сӕ сӕ хиуӕттӕ нӕ базониккой. Куыд зыны, афтӕмӕй Чырыстийы миназон хицаудзинады рӕстӕг адӕм сындӕггай суыдзысты ӕххӕст. Ӕмӕ мин азы кӕрон Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ ратдзӕн йӕ Фыды къухтӕм. Хуыцауы Паддзахад кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзӕн, цы хъуамӕ сараза, уый. Уыимӕ адӕмӕн баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй суой ӕххӕст (1 Кор. 15:24–28; Рарг. 20:1–3). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, чи дын амард, уыдон куы райгас уой, уӕд дӕ зӕрдӕ куыдтӕ кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, фырцинӕй худгӕ дӕр кӕндзынӕ ӕмӕ кӕугӕ дӕр. Кӕнӕ, чи зоны, фырцинӕй Йегъовӕйы кадӕн зардзынӕ. Иу хъуыддаг бӕлвырд у: ды ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ дӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ йӕ Фырты, ахӕм стыр уарзондзинад кӕй равдыстой, уый тыххӕй. w20.08 16, 17 фф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 15 май
Алкӕмӕн дӕр Хуыцауӕй йӕхи лӕвар ис: иуӕн ахӕм, иннӕмӕн та ӕндӕрхуызон (1 Кор. 7:7).
Апостол Павел чырыстӕттӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ уавӕртыл дзӕбӕх ахъуыды кодтаиккой. Чи зоны, сӕ бон уыд Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнын, бинонтӕ ма скодтаиккой, афтӕмӕй (1 Кор. 7:8, 9). Бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдоны Павел ӕнӕус ӕфсымӕртӕ ӕмӕ ӕнӕцыд хотӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта. Зӕгъӕм, Тимофей уыд ӕрыгон ӕмӕ йын бинонтӕ нӕ уыд. Фӕлӕ йын Павел йӕ бар бакодта ахсджиаг хъуыддӕгтӕ (Фил. 2:19–22). Уӕдӕ раст нӕ уаид афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ, ӕфсымӕрӕн йӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ бакӕнӕн ис ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, бинонтӕ йын ис ӕви нӕ, уымӕй (1 Кор. 7:32–35, 38). Йесо ӕмӕ Павел нӕдӕр афтӕ дзырдтой, ӕмӕ чырыстӕттӕ бинонтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ скӕной, нӕдӕр афтӕ дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ бинонтӕ ма скӕной. Уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый тыххӕй 2012 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст ис: «Адӕймагӕн цардӕмбал куы уа, уӕд уый у Хуыцауы лӕвар. Куы нӕ йын уа, уӕд уый дӕр у Хуыцауы лӕвар. [...] Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд уый худинаг у кӕнӕ уый тыххӕй мӕт кӕнын хъӕуы». Уӕдӕ хъуамӕ, бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн аргъ кӕнӕм. w20.08 28 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 16 май
Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны... уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд (Матф. 24:36).
Иуӕй-иу бӕстӕты адӕм хорз хабар куы фехъусынц, уӕд сӕ бафӕнды фылдӕр базонын. Ӕндӕр бӕстӕты та адӕмӕн сӕ фылдӕр, Хуыцауы кӕнӕ сын Библийы тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд нӕм нӕ фӕхъусынц. Кӕм цӕрыс, уым та адӕм хорз хабармӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Цыфӕнды цӕстӕй йӕм ма кӕсой, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хъусын кӕнӕм, цалынмӕ, фаг у, зӕгъгӕ, нӕ зӕгъа, уӕдмӕ. Йегъовӕ снысан кодта, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕд фӕуыдзӕн, уыцы бон, ӕмӕ «уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, фӕстаг бонты адӕм цыхуызӕн уыдзысты ӕмӕ цавӕр хабӕрттӕ цӕудзӕн. Уый зыдта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сын зын кӕй уыдзӕн хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕдзӕхста, «ма бафынӕй ут», зӕгъгӕ (Матф. 24:42). Нойы заман адӕмы бирӕ цыдӕртӕ хъыгдардта, Ной сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕ хъусын. Ӕмӕ уыдӕттӕ, гӕнӕн ис, мах дӕр хъыгдарой (Матф. 24:37–39; 2 Пет. 2:5). Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, Йегъовӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын. w20.09 8 ф., 1, 2, 4 абз.
Дыццӕг, 17 май
Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты (2 Тим. 3:12).
Хӕйрӕг «тынг мӕсты» у, ӕмӕ абон уа ӕви райсом – алкӕуыл дӕр нӕ йӕ маст ныккалдзӕн (Рарг. 12:12). Тынг тагъд не ’ппӕты уырнындзинад дӕр фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн. Тагъд уыдзӕн, «дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди, ахӕм стыр бӕллӕх» (Матф. 24:21). Уыцы рӕстӕг нӕ бинонтӕ, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ суой ӕмӕ нын хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕна (Матф. 10:35, 36). Цымӕ махӕй алчидӕр паддзах Асӕйау йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардзӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй уырндзӕн, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн? (2 Аз. 14:11). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, ӕмӕ нӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ цӕттӕ уӕм. Уый тыххӕй нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг афоныл дӕтты» (Матф. 24:45). Фӕлӕ нӕхи дӕр хъӕуы ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм (Дзут. 10:38, 39). w20.09 18 ф., 16–18 абз.
Ӕртыццӕг, 18 май
Паддзахы зӕрдӕ Йегъовӕйы къухы у цӕугӕдоны хуызӕн – кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕй аздахы (Ӕмб. 21:1).
Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы афтӕ бакӕны, ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон саразынц, цы йӕ фӕнды, уый. Адӕймагӕн йӕ бон у цӕугӕдонӕй къанау акъахын ӕмӕ цӕугӕдон, кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм аздахын. Раст афтӕ Йегъовӕйӕн дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон у, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ «аздахын», цӕмӕй-иу саразой, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн цы хъӕуы, уый. Ӕмӕ уӕд рахӕссынц, Хуыцауы адӕмӕн пайда чи ’рхӕссы, ахӕм уынаффӕтӕ. (Абар Ездрӕ 7:21, 25, 26.) Махӕн нӕ бон цы у аразын? Нӕ бон у «паддзӕхты ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй» кувын, нӕ цардыл ӕмӕ нӕ лӕггадыл чи фӕзындзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ куы хӕссой, уӕд (1 Тим. 2:1, 2; Неем. 1:11). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр зӕрдиагӕй фӕкувӕм, ахӕстӕтты чи ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй (Хъуыд. 12:5; Дзут. 13:3). w20.11 15 ф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 19 май
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд (Матф. 28:19).
Библи кӕимӕ ахуыр кодтай, уыцы адӕймаг куы райсы донаргъуыд, уӕд дӕ цинӕн кӕрон дӕр нал вӕййы (1 Фес. 2:19, 20). Йӕ уырнындзинад кӕй сфидар ӕмӕ донаргъуыд кӕй райста, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бирӕ бафыдӕбон кодтай, цӕмӕй йын баххуыс кодтаис. Стӕй иннӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр бирӕ бафыдӕбон кодтой. Ног ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрмӕст махӕн нӕ вӕййынц удӕгас «ӕппӕлӕн фыстӕджытӕ», фӕлӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр (2 Кор. 3:1–3). Уацамынды хыгъдтӕм гӕсгӕ, ӕгас зӕххыл дӕр цыппар азы дӕргъы алы мӕй дӕр уагътам иу-10 милуан Библийы ахуыры. Ӕмӕ ууыл тынг цин кӕнӕм. Уыцы цыппар азы дӕргъы алы аз дӕр донаргъуыд истой 280 мин адӕймагӕй фылдӕр. Библи чи ахуыр кӕны, уыцы милуантӕй ма ноджыдӕр бирӕтӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй донаргъуыд райсой? Йегъовӕ нырма адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Ӕмӕ мах, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй сын донаргъуыд райсынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Уыцы хъуыддаджы фӕстиат кӕнӕн нӕй. Рӕстӕг бирӕ нал баззад! (1 Кор. 7:29а; 1 Пет. 4:7). w20.10 6 ф., 1, 2 абз.
Майрӕмбон, 20 май
Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй (Иак. 4:6).
Паддзах Саул Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста. Ӕмӕ йын пехуымпар Самуил йӕ рӕдыдмӕ куы бацамыдта, уӕд дӕр Саул нӕ басаст, рӕдигӕ кӕй фӕкодта, ууыл. Уый йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци. Цы сарӕзта, уый ахӕм ӕвзӕр хъуыддагыл нӕ нымадта, стӕй ма йӕ иннӕты аххос дӕр кодта (1 Сам. 15:13–24). Уый размӕ дӕр ма афтӕ бакодта (1 Сам. 13:10–14). Хъыгагӕн, Саул бауагъта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ схъал уыдаид. Уый йӕ зондахаст нӕ аивта. Уый тыххӕй йын Йегъовӕ бауайдзӕф кодта ӕмӕ йыл йӕ къух систа. Цӕмӕй Саулау сӕрбӕрзонд ма суӕм, уый тыххӕй хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Библийы цавӕрдӕр уынаффӕ куы бакӕсын, уӕд мӕхи рӕстытӕ кӕнын нӕ райдайын? Афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕнын, ӕмӕ, цы аразын, уый афтӕ ӕвзӕр нӕу? Цы саразын, уый иннӕты аххос нӕ фӕкӕнын?» Кӕд ацы фарстатӕй иуӕн дӕр, «о», зӕгъгӕ, дзуапп радтам, уӕд нӕ хъӕуы нӕ зондахаст ивын. Науӕд нӕ зӕрдӕ афтӕ схъал уыдзӕн, ӕмӕ ныл Йегъовӕ йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ хӕлӕрттыл нал нымайдзӕн. w20.11 20 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 21 май
Дӕ зӕрдыл дар де Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы де ’взонджы бонты, цалынмӕ не ’рхӕццӕ сты фыдбонтӕ, цалынмӕ не ’рцыдысты, цард мын ад нал кӕны, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, уыцы азтӕ (Еккл. 12:1).
Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд равзар, кӕмӕн лӕггад кӕндзынӕ. Хъуамӕ бамбарай, Йегъовӕ чи у, йӕ фӕндон цы у ӕмӕ йӕ дӕ бон ӕххӕст кӕнын куыд у, уый (Ром. 12:2). Ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уынаффӕ рахӕссын – аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзынӕ (Йес. Н. 24:15). Библи алы бон дӕр куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы иртасай, уӕд бонӕй-бонмӕ Йегъовӕйы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕндзӕн. Аскъуыддзаг кӕн, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын дын царды ӕппӕты сӕйраг кӕй уыдзӕн. Хӕйрӕджы дуне дын зӕрдӕ ӕвӕры, дӕ курдиӕттӕй, дӕхицӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ куы пайда кӕнай, уӕд амондджын кӕй уыдзынӕ. Ӕцӕгӕй та, ӕхца ӕмӕ мулк сӕйраг кӕмӕн систы, уыдон «сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой» (1 Тим. 6:9, 10). Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы хъусай ӕмӕ дын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйраг куы уа, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ «зондджынӕй архайдзынӕ» (Йес. Н. 1:8). w20.10 30 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 22 май
Хъӕуы [мӕ] Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн (Лук. 4:43).
Фыццаг ӕнусы Йесо цы хабар хъусын кодта, уый уыд ныфсы хабар ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, йӕхӕдӕг цы хъуыддаг райдыдта, уый дарддӕр дӕр арӕзтаиккой. Хорз хабар хъуамӕ фӕхӕццӕ уыдаид «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаг сӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бакодтаиккой. Хъуыди сӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Ӕмӕ сын Йесо дӕр зӕрдӕ уыцы «ӕххуысгӕнӕгӕй» бавӕрдта (Иоан. 14:26; Зах. 4:6). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Ӕмӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы уайтагъд райдыдтой хорз хабар хъусын кӕнын. Цыбыр рӕстӕгмӕ мингӕйттӕ систы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ (Хъуыд. 2:41; 4:4). Ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ ныхмӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд нӕ фӕтарстысты, фӕлӕ Хуыцаумӕ скуывтой: «Дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой». Уӕд сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты, ӕмӕ дарддӕр дӕр «Хуыцауы ныхас ныфсджынӕй дзырдтой» (Хъуыд. 4:18–20, 29, 31). w20.10 21 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 23 май
Фыстады куыд загъд уыди, афтӕ Чырысти амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ... райгас (1 Кор. 15:3, 4).
Йегъовӕ Чырыстийы кӕй райгас кодта, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у? Чырысти куы райгас, уӕд ӕй уый фӕстӕ бирӕтӕ федтой (1 Кор. 15:5–7). Апостол Павел фыццаг скодта апостол Петры (Кифӕйы) кой. Уый размӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр загътой, Петр Чырыстийы кӕй федта (Лук. 24:33, 34). Уымӕй уӕлдай ма йӕ федтой «дыууадӕс ахуыргӕнинаджы» дӕр, ома апостолтӕ. Уый фӕстӕ Чырысти «уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ». Ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабар ӕрцыд, Галилейӕйы йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы фембӕлд, уӕд. Уый тыххӕй фыст ис Матфейы 28:16–20 стихты. Чырысти ма «фӕзынд Иаковмӕ». Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди йе ’фсымӕр Иаков. Уый раздӕр нӕ уырныдта, Йесо Мессийӕ кӕй у (Иоан. 7:5). Фӕлӕ, Йесо куы райгас ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ӕй бауырныдта. Павел коринфӕгтӕм йӕ фыстӕг ныффыста н. э. 55 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ цымыдисаг у, Йесойы йӕ райгасы фӕстӕ чи федта, уыдонӕй бирӕтӕ уыцы рӕстӕг нырма ӕгас кӕй уыдысты. Уӕдӕ кӕд, Йесо кӕй райгас, ууыл исчи дызӕрдыг кодта, уӕд йӕ бон уыд уыдоны бафӕрсын. w20.12 3 ф., 5, 7, 8 абз.
Дыццӕг, 24 май
Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 41:3).
Адӕймаг йӕ сӕрӕн куы нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та уӕззау низӕй рынчын куы вӕййы, уӕд хатт йӕхимӕ ныхъхъусы. Ахӕм рӕстӕг-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Кӕд нӕ Йегъовӕ нырма диссаджы хуызы не сдзӕбӕх кӕны, уӕддӕр нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны ӕмӕ нын тыхтӕ ратты, цӕмӕй низӕн фӕразӕм (Пс. 94:19). Исты ӕххуыс нӕ куы фӕхъӕуы, зӕгъӕм, хӕдзары куыстытӕ бакӕнын, уӕд йӕ бон у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй нӕм фӕкӕсой. Кӕнӕ та йӕ бон у не ’фсымӕрты баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй немӕ скувой. Йегъовӕ ма нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, чи нӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм хъуыдытӕ Библийӕ, зӕгъӕм, тагъд рӕстӕджы ног дунейы ӕххӕст кӕй суыдзыстӕм ӕмӕ нӕ ӕппындӕр кӕй ницыуал рисдзӕн (Ром. 15:4). Фӕлӕ нӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ нӕ бон нӕу, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Хо Лорел 37 азы дӕргъы хуыссыд, «ӕфсӕйнаг рӕуджытӕ» кӕй хонынц, уыцы аппараты мидӕг! Уымӕй уӕлдай ма йӕм уыди рак, скодтой йын цалдӕр операцийы, стӕй ма ӕндӕр низтӕй дӕр хъӕрзыд. Фӕлӕ уый уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта, хӕдзармӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыцы медицинон хотӕн ӕмӕ ӕндӕр медицинон кусджытӕн. Лорел рӕстдзинад базонынӕн баххуыс кодта ӕппынкъаддӕр 17 адӕймагӕн! w20.12 24 ф., 9 абз.; 25 ф., 12 абз.
Ӕртыццӕг, 25 май
Йегъовӕ у мӕ фарс, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг? (Пс. 118:6).
Н. э. 56 азмӕ ’ввахс апостол Павел бахауд зын уавӕры ӕмӕ йӕ хъуыди ӕххуыс. Павел уыди Иерусалимы кувӕндоны. Гъемӕ йыл знӕт адӕм ныххӕцыдысты, кувӕндонӕй йӕ ӕддӕмӕ раластой ӕмӕ йӕ хъавыдысты марынмӕ. Дыккаг бон ӕй Сӕйраг тӕрхондонмӕ куы ’рбакодтой, уӕд ӕй йе знӕгтӕ, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ акъабӕзтӕ кодтаиккой (Хъуыд. 21:30–32; 22:30; 23:6–10). Уыцы рӕстӕг Павел, чи зоны, хъуыды кодта, цымӕ ма афтӕ бирӕ бафӕраздзынӕн, зӕгъгӕ. Йесо Павелӕн куыд баххуыс кодта? Павелы куы ’рцахстой, уый фӕстӕ йӕм ӕхсӕвы фӕзынд «Хицау», ома Йесо Чырысти, ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу! Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд бӕстон хъусын кодтай, афтӕ хъуамӕ хъусын кӕнай Ромы дӕр» (Хъуыд. 23:11). Уыцы ныхӕстӕ Павелы тынг бафидар кодтой! Йесо дзы раппӕлыд, Иерусалимы кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, Роммӕ дзӕбӕхӕй кӕй фӕхӕццӕ уыдзӕн ӕмӕ уым дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕндзӕн. Павел уый куы фехъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр, сывӕллон йӕ фыды хъӕбысы куыд ӕрсабыр вӕййы, афтӕ. w20.11 12 ф., 1 абз.; 13 ф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 26 май
Уыцы ныфс махӕн у... фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ (Дзут. 6:19).
Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, уый нын у науӕнгуыры хуызӕн. Уый фӕрцы зын уавӕрты кӕнӕ, цӕуылдӕр куы фӕтыхсӕм, уӕд нӕ фӕцудӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы цардӕй ӕвӕры, ууыл-иу хъуыды кӕн. Ног дунейы нӕ ницыуал тыхсын кӕндзӕн ӕмӕ ницӕуылуал мӕт кӕндзыстӕм, ӕвзӕр хабӕрттӕ дзы нал цӕудзӕн (Ис. 65:17). Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, ног дунейы куыд цӕрыс ӕмӕ дзы куыд сабыр у (Мих. 4:4). Уымӕй уӕлдай ма дӕ ныфсы тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзур. Дӕ бон цы у, уый араз хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы. Ӕмӕ уӕд, цы ныфс дын ис, ууыл «кӕронмӕ фидарӕй ӕууӕнддзынӕ» (Дзут. 6:11). Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фылдӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм. Ӕмӕ-иу, гӕнӕн ис, цӕуылдӕрты тыхсӕм ӕмӕ мӕт кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ бон у, цӕмӕй ӕгӕр ма тыхсӕм. Уый нын нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бантысдзӕн, фӕлӕ, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарӕм, уый фӕрцы. Уӕдӕ-иу нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд, кӕй ӕууӕндӕм Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл: «Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат» (Ис. 30:15). w21.01 7 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 27 май
Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы (Иак. 5:11).
Иаковы 5:11 стихы ма фыст ис, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у (Рац. 34:6). Уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, нӕ рӕдыдтытӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, уымӕй (Пс. 51:1). Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ уай, уый ӕрмӕст рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын нӕу. Фӕлмӕнзӕрдӕ чи у, уый искӕй зын уавӕры куы фены, уӕд ын тынг фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ йӕ бафӕнды уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Йегъовӕйы дӕр тынг фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад у мады фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй дӕр тыхджындӕр (Ис. 49:15). Ӕмӕ зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд нын Йегъовӕ баххуыс кӕны (Пс. 37:39; 1 Кор. 10:13). Махӕн дӕр нӕ бон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын. Зӕгъӕм, ӕмбырдӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу ын ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ йӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм (Еф. 4:32). Фӕлӕ ма-иу хъуамӕ бахъуаджы сахат кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр равдисдзыстӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй стӕм, уый. Йегъовӕйы хуызӕн фӕлмӕн уарзтӕй ничи уарзы. Ӕмӕ, иннӕты куы фӕуарзӕм ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы вӕййӕм, уӕд Йегъовӕйы бафӕзмӕм (Еф. 5:1). w21.01 21 ф., 5 абз.
Сабат, 28 май
Чырысти... уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).
Бинонты хистӕр хъуамӕ иу хъуыддаг йӕ зӕрдыл дара. Йӕ куыстыл хъуамӕ ӕгӕр ма суа, кӕннод ын рӕстӕг нал уыдзӕн, цӕмӕй йӕ бинонтӕн разамынд дӕтта ӕмӕ сын зонд амона. Йегъовӕ нӕ ахуыр кӕны ӕмӕ нын зонд амоны, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (Дзут. 12:7–9). Йегъовӕйау Йесо дӕр, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд фӕамоны (Иоан. 15:14, 15). Цы хъӕуы, уый фӕзӕгъы, фӕлӕ тызмӕг никуы вӕййы (Матф. 20:24–28). Зоны йӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ арӕх кӕй фӕрӕдийӕм (Матф. 26:41). Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы чи фӕзмы, ахӕм бинонты хистӕр йӕ зӕрдыл фӕдары, йӕ бинонтӕ ӕнӕххӕст кӕй сты. Йӕ бинойнагмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм тызмӕг нӕ вӕййы (Кол. 3:19). Уый фӕархайы, Галатӕгтӕм 6:1 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ куы фӕхъӕуы, уӕд сын «фӕлмӕнӕй» зонд бацамоны ӕмӕ дзы рох нӕ вӕййы, йӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст кӕй у. Йесойау уый дӕр зоны, йӕ бинонтӕн йӕхӕдӕг фӕзминаг кӕй хъуамӕ уа, цӕмӕй сӕ истӕуыл сахуыр кӕна. w21.02 6, 7 фф., 16–18 абз.
Хуыцаубон, 29 май
Алы цӕрӕг уд дӕр кадджын кӕнӕд Йагъы (Пс. 150:6).
Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста ӕмӕ афтӕмӕй, ӕмбырды чидӕриддӕр ис, уыдоны балхӕдта, стӕй ма балхӕдта, Йесойыл чи баууӕнда, уыдонӕй алкӕй дӕр (Мар. 10:45; Хъуыд. 20:28; 1 Кор. 15:21, 22). Йесо мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы. Ӕмӕ Йесойӕн ис бар, цӕмӕй закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ фидар кӕна алы адӕймагӕн дӕр, бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ йӕ хъус дара, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнӕм (Гал. 6:2). Фӕлӕ Йесо ӕрмӕст закъӕттӕ не ’вӕры. Уый ма ӕмбырдмӕ «зилы ӕмӕ йӕ буц... дары», ома махӕй алкӕуыл дӕр тыхсы (Еф. 5:29). Хотӕ, кӕй бар сты, уыцы нӕлгоймӕгты разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд афтӕмӕй равдисынц, Чырыстийы кӕй нымайынц. Ӕфсымӕртӕ хотӕн куы аргъ кӕной ӕмӕ сын куы кад кӕной, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзысты, Йегъовӕ ӕмбырды цы ӕгъдау сфидар кодта, уый кӕй ӕмбарынц. Ӕмбырды алчидӕр, Йегъовӕ иннӕтӕн бартӕ цӕмӕн радта, уый раст куы ӕмбарой ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны куы нымайой, уӕд ӕмбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕндзыстӕм нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйы. w21.02 18, 19 фф., 14–17 абз.
Къуырисӕр, 30 май
Давид Йегъовӕйы бафарста (1 Сам. 30:8).
Давид ӕмӕ йӕ адӕм филистимӕгты зӕххыл куы цардысты, уӕд иуафон хӕцынмӕ ацыдысты. Уыцы рӕстӕг знӕгтӕ ӕрбабырстой ӕмӕ сын сӕ бинонты уацары акодтой. Давидӕн йӕ бон уыд ахъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ӕз фӕлтӕрдджын хӕстон дӕн, ӕмӕ йӕ зонын, куыд ис нӕ бинонты фервӕзын кӕнӕн. Фӕлӕ уый Йегъовӕйӕ разамынд ракуырдта. Давид Йегъовӕйы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕстейӕ асурон?» Йегъовӕ Давидӕн дзуапп радта, асур сӕ, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ, зӕгъгӕ (1 Сам. 30:7–10). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? Кӕд ӕрыгон дӕ, уӕд-иу исты аскъуыддзаг кӕныны размӕ дӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕн. Дӕ бон ма у фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ дӕр аныхас кӕнын. Кӕд сыл Йегъовӕ ӕууӕнды, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ сыл ӕууӕндай. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сты, Йегъовӕ ӕмбырдӕн кӕй радта, уыцы «лӕвӕрттӕ» (Еф. 4:8). Сӕ уырнындзинад сын куы фӕзмай ӕмӕ дын цы хорз уынаффӕтӕ раттынц, уыдонмӕ куы хъусай, уӕд ды дӕр раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ. w21.03 4, 5 фф., 10, 11 абз.
Дыццӕг, 31 май
Ницы [нӕ] фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй (Ром. 8:38, 39).
Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы нӕ архайӕм, уӕд уыдзыстӕм, йӕ хӕдзар змисыл чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Уый уӕззау фыдӕбон кӕны, фӕлӕ йын йӕ фыдӕбон дон хиды бынты аласдзӕн. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тыхдымгӕ куы сыста ӕмӕ дон куы раивыла, уӕд йӕ хӕдзар ныппырх уыдзӕн (Матф. 7:24–27). Раст афтӕ, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ куы нӕ архайӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ фыдӕбон дон хиды бынты аласдзӕн. Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм ӕмӕ ӕфхӕрд куы ’ййафӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидар нӕ разындзӕн. Фӕлӕ, Библи иртасгӕйӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн хуыздӕр уынаффӕтӕ хӕссын, нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фылдӕр фарн, стӕй нӕ уырнындзинад дӕр кӕндзӕн фидардӕр (Ис. 48:17, 18). Ӕмӕ цӕмӕй фӕлварӕнты иузӕрдионӕй баззайӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзух Йегъовӕмӕ кувӕм, стӕй ӕдзух Библи ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ рох макуы уа, сӕйраг кӕй у Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Йегъовӕ нӕ никуы ныууадздзӕн. Ӕмӕ никӕй бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй нӕ мауал уарза (Дзут. 13:5, 6). w21.03 15 ф., 6 абз.; 18 ф., 20 абз.