Июнь
Ӕртыццӕг, 1 июнь
Ӕрмӕст уымӕ нӕ уыдыстӕм цӕттӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар фехъусын кодтаиккам, фӕлӕ ма цӕттӕ уыдыстӕм сымахӕн нӕ удтӕ раттынмӕ дӕр (1 Фес. 2:8).
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон хъуамӕ уыной, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй хъуыды кӕнӕм. Нымай сӕ дӕ фидӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл. Ӕнцон сын нӕ вӕййы, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм ӕмбӕлтты ныууадзын ӕмӕ хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнынц, уыдоны базонгӕ кӕнынц иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр. Ӕмӕ сын уыдон дӕр феххуыс кӕнынц Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Стӕй сын вӕййынц ныфсы хос, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд. Мах фӕнды, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй алчидӕр бамбара, ӕмбырды йын йӕхи бынат кӕй ис ӕмӕ мах йӕ бинонтӕ кӕй стӕм. Фӕнды нӕ, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бауарза. Уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕйыл ӕй чи нӕ бӕтты, уыцы ӕмбӕлтты ныууадзын (Ӕмб. 13:20). Йӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ дзы сӕхи дард куы ласой, уӕд ӕй зондзӕн, Йегъовӕйы организацийы ӕцӕг ӕмбӕлттӕ кӕй ссардзӕн (Мар. 10:29, 30; 1 Пет. 4:4). w20.10 17 ф., 10, 11 абз.
Цыппӕрӕм, 2 июнь
Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр (Матф. 28:18).
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ нӕ Хӕлар суа, уӕд хъуамӕ суӕм Йесойы хӕлӕрттӕ. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм ӕрмӕст дыууӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг уый, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Фыд уӕ йӕхӕдӕг уарзы, уымӕн ӕмӕ сымах мӕн бауарзтат» (Иоан. 16:27). Стӕй ма загъта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоан. 14:6). Йесойы хӕлӕрттӕ куы нӕ уӕм, афтӕмӕй куы архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм, уӕд уый афтӕ уыдзӕн, цыма хӕдзармӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр куыддӕрты хъавӕм бахизынмӕ. Йесо дӕр ахӕм абарстӕй спайда кодта. Уый загъта: «Ӕз дӕн фыстӕн дуар» (Иоан. 10:7). Дыккаг та уый, ӕмӕ Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды фӕзмыдта. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоан. 14:9). Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм, Йесо куыд цард ӕмӕ куыд лӕггад кодта, уый. Йесойы тыххӕй-иу фылдӕр куы базонӕм, уӕд-иу ӕй тынгдӕр бауарздзыстӕм. Ӕмӕ йӕ цас тынгдӕр уарзӕм, уыйас ын йӕ Фыды дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм. w20.04 21, 22 фф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 3 июнь
Ӕхсызгон [мын] у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис... Уымӕн ӕмӕ лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын (2 Кор. 12:10).
Чи зоны, уатон рынчын дӕ кӕнӕ бадыс инвалиды коляскӕйы. Йе та, чи зоны, дӕ къӕхтӕ дӕ коммӕ нал кӕсынц кӕнӕ цӕстӕй хорз нал уыныс. Ӕмӕ дӕм куыд кӕсы, уӕддӕр дӕ бон у, ӕрыгон ӕмӕ ӕнӕниз чи у, уыдонимӕ «згъорын»? Бӕгуыдӕр! Ацӕргӕ кӕнӕ рынчын чи у, уыдонӕй бирӕтӕ згъорынц, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Уый сӕхи хъарутӕй сӕ бон нӕу аразын. Уыдон сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынц. Зӕгъӕм, интернеты уылты фембӕлдтӕм баиу вӕййынц ӕмӕ программӕмӕ байхъусынц, ӕмӕ сӕ хъарутыл хъарутӕ бафты. Уымӕй уӕлдай ма архайынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы дӕр: фӕхъусын кӕнынц сӕ хиуӕттӕн, дохтыртӕн ӕмӕ медицинон хотӕн. Кӕд дӕ бон нӕу Йегъовӕйы хъуыддаджы, цас дӕ фӕндид, уыйбӕрц аразын, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл згъорынӕн дӕм хъарутӕ нал ис. Йегъовӕ дӕ уарзы дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕмӕ йын бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕныс, уый тыххӕй. Абон дӕ йе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, ӕмӕ дӕ уый никуы ныууадздзӕн (Пс. 9:10). Уый дӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзӕн. w20.04 29, 30 фф., 16, 17 абз.
Сабат, 4 июнь
Адӕттӕ иууылдӕр аразын хорз хабары тыххӕй, цӕмӕй йӕ иннӕтӕн хъусын кӕнон (1 Кор. 9:23).
Цавӕрдӕр диныл хӕст чи у, ахӕм адӕймагимӕ дӕ бон цӕуыл у аныхас кӕнын? Чи зоны, цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл иу хъуыдыйыл хӕст стут. Гӕнӕн ис, уый дӕр ӕрмӕстдӕр иу Хуыцауӕн кувы, Йесойы нымайы ӕппӕт адӕмы Ирвӕзынгӕнӕгыл кӕнӕ йӕ уырны, ӕвзӕр рӕстӕджы кӕй цӕрӕм ӕмӕ тагъд ацы дунейӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. Йемӕ иу хъуыдыйыл хӕст цы фарстайы фӕдыл дӕ, уый фӕрцы йын дӕ бон уыдзӕн, Библи цы дзуры, уый равдисын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын. Дӕ зӕрдыл дар, иуӕй-иутӕ сӕ дины ахуырӕдтӕй алкӕцыйыл кӕй нӕ феууӕндынц. Ӕмӕ, адӕймаг цавӕр диныл хӕст у, уый куы базонай, уӕддӕр-иу бацархай, цӕмӕй-иу базонай, йӕхӕдӕг цӕуыл ӕууӕнды, уый. Миссионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр бафиппайдта, ӕмӕ кӕд иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Троицӕйыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕ нӕ фӕуырны, Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тых иумӕ иу Хуыцау кӕй сты. Уый загъта: «Уыдӕттӕ зонгӕйӕ мын ӕнцондӕр вӕййы бамбарын, адӕймагимӕ хуыздӕр цӕуыл уыдзӕн аныхас кӕнын, уый». Уӕдӕ-иу бацархай, адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уый базоныныл. Ӕмӕ уӕд ды дӕр апостол Павелау алыхуызон адӕмӕн суыдзынӕ алцыдӕр (1 Кор. 9:19–22). w20.04 10 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 5 июнь
Уыцы рӕстӕг дӕ адӕм фервӕздзысты. Фервӕздзӕн, чиныджы чидӕриддӕр фыст уа, уый (Дан. 12:1).
Данел дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр ныффыстой, стыр бӕллӕхы Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ лӕггадгӕнджыты кӕй фервӕзын кӕндзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм, цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй. Данел зӕгъы, зӕгъгӕ, фервӕздзысты, сӕ нӕмттӕ «чиныджы... фыст» кӕмӕн уой, уыдон. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой? Хъуамӕ нӕ цардӕй бӕрӕг уа, Йесойыл, Хуыцауы Уӕрыккыл, кӕй ӕууӕндӕм (Иоан. 1:29). Хъуамӕ нӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд райсӕм (1 Пет. 3:21). Стӕй хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм. Ныртӕккӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм. Ныртӕккӕ хъуамӕ ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн фервӕзын, Хуыцауы Паддзахад цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы куы фесафа, уӕд. w20.05 16 ф., 18, 19 абз.
Къуырисӕр, 6 июнь
О Йегъовӕ, дӕ ном уыдзӕн ӕнустӕм (Пс. 135:13).
Адам ӕмӕ Евӕ зыдтой Йегъовӕйы ном, стӕй йын йӕхи тыххӕй дӕр бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ зыдтой. Зыдтой, се Сфӕлдисӕг кӕй у, кӕй сын радта цард, стӕй диссаджы рӕсугъд цӕрӕнбынат. Стӕй иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр радта алцӕмӕй ӕххӕст цардӕмбал (Райд. 1:26–28; 2:18). Фӕлӕ цымӕ уыцы лӕвӕрттыл хъуыды кодтой? Йегъовӕйы бонӕй-бонмӕ тынгдӕр уарзтой ӕмӕ дзы бузныг уыдысты? Уый рабӕрӕг, Хуыцауы знаг сӕ куы бафӕлвӕрдта, уӕд. Хӕйрӕг Евӕйы калмы уылты бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» (Райд. 2:16, 17; 3:1). Уыцы фарстайы уыд, уайтагъд бамбарӕн кӕй нӕ уыд, ахӕм гӕдыныхас, ӕмӕ маргӕй уӕлдай нӕ уыд. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, цӕмӕй алы бӕласы дыргътӕй дӕр хордтаиккой, иу бӕласы дыргътӕ йеддӕмӕ (Райд. 2:9). Фӕлӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Хуыцау рӕдау нӕу. Ӕмӕ Евӕ, чи зоны, ахъуыды кодта: «Цымӕ мӕ Хуыцау хорз цӕмӕйдӕр нӕ фӕцух кодта?» w20.06 3 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 7 июнь
Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут (Кол. 3:13).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕдӕр хъыг фӕкӕсы, хо кӕнӕ ӕфсымӕр цы саразы, уый. Апостол Павел ӕмбӕрста, хатт афтӕ дӕр кӕй уыдзӕн, ӕмӕ нӕ чырыстӕттӕй исчи ӕцӕгдӕр «истӕмӕй... фӕхъыг кӕна». Суанг ма, гӕнӕн ис, ӕмӕ мацы аххосджын уӕм, афтӕмӕй нӕ исчи бафхӕра. Ӕмӕ ахӕм хабӕрттыл ӕгӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайдзыстӕм. Уый тыххӕй та, гӕнӕн ис, Йегъовӕйы адӕмӕй гыццылгай адард уӕм. Пабло цӕры Хуссар Америкӕйы. Иухатт дзы чидӕр мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, ӕмӕ уый тыххӕй, ӕмбырды йыл цы хӕстӕ уыд, уыдонӕй ӕнӕхай фӕци. Уымӕ цы цӕстӕй ракаст? Пабло уый тыххӕй тынг смӕсты, ӕмӕ гыццылгай ӕмбырдӕй адард. Кӕддӕр Хуыцауы закъон чи фехӕлдта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уый фӕстӕ дӕр сӕхи бирӕ рӕстӕг фӕхӕрынц. Кӕд ӕрфӕсмон кӕнынц, уӕддӕр сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый аккаг не сты, цӕмӕй сӕ Хуыцау уарза ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ уой. Кӕуыл аныхас кодтам, ахӕм зындзинӕдтыл чи сӕмбӕлд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарыс? w20.06 19 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 8 июнь
Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы (Ӕмб. 22:3).
Мах хъуамӕ сахуыр уӕм, цӕмӕй-иу, уавӕр тӕссаг кӕй у, уый бамбарӕм ӕмӕ-иу нӕхи бӕллӕхӕй бахизӕм (Дзут. 5:14). Зӕгъӕм, хъуамӕ-иу зондӕй архайӕм, нӕ фӕллад куыд уадздзыстӕм ӕмӕ цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзардзыстӕм, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ. Арӕх телепередачӕты ӕмӕ киноты февдисынц ӕнӕгъдау цыдӕртӕ. Хъуамӕ нӕхи ахӕм ирхӕфсӕнтӕй хизӕм, кӕннод сабыргай Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм. Мах зонӕм, Йегъовӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны ӕмӕ, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ чи аразы, уый йӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан кӕй хӕссы (Еф. 5:5, 6). Стӕй ма хъуамӕ ӕмбарӕм, раст дин чи ныууагъта, уыцы адӕм цы хъуыдытӕ парахат кӕнынц, уыдон куыд тӕссаг сты, уый. Сӕ бон у нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнын кӕнӕ та нӕ Йегъовӕйы организацийы тыххӕй дызӕрдыггаг хъуыдытыл ӕфтауын (1 Тим. 4:1, 7; 2 Тим. 2:16). Ахӕм мӕнг ныхӕсты тыххӕй, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. Хъуамӕ нӕхи хизӕм, цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ парахат кӕнынц, «йӕ зонд зыгъуыммӕ кӕмӕн у ӕмӕ рӕстдзинадӕй йӕхи ӕнӕхай чи фӕкодта, уыдон». Уыдонӕн сӕ нысан у, цӕмӕй семӕ «радзур-бадзуртӕ» ӕмӕ «цыдӕр ныхӕстыл быцӕу кӕнын» райдайӕм (1 Тим. 6:4, 5). Фӕнды сӕ, цӕмӕй нӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ бауырной ӕмӕ не ’фсымӕртыл мауал ӕууӕндӕм. w20.09 28, 29 фф., 13, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 9 июнь
Алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 10:24).
Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ кӕрӕдзи нымайой (Еф. 5:33). Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм, нӕ бон иннӕмӕн раттын цы у, ууыл (Хъуыд. 20:35). Лӕг ӕмӕ ус сӕрныллӕг куы уой, уӕд кӕрӕдзи уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзи нымайдзысты. Сӕрныллӕгдзинад бирӕ чырыстон къайтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй амондджындӕр суой. Зӕгъӕм, Стивен загъта: «Дӕ цардӕмбалимӕ иу командӕйы хуызӕн куы уат, уӕд архайдзыстут ӕмвӕндӕй, уӕлдайдӕр та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлат, уӕд. Ӕмӕ, дӕхицӕн куыд хуыздӕр у, ууыл нӕ хъуыды кӕндзынӕ, фӕлӕ уӕ дыууӕйӕн дӕр куыд хуыздӕр у, ууыл». Йӕ бинойнаг Стефани дӕр йемӕ разы у. Уый загъта: «Ӕдзух йӕхи ныхасыл чи ныллӕууы, ахӕм адӕймагимӕ цӕрын никӕй фӕнды. Махӕн не ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд бацархайӕм, хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый бамбарыныл. Иумӕ скувӕм, нӕ публикациты ӕрмӕг бацагурӕм, стӕй аныхас кӕнӕм, уыцы хъуыддаг нӕ бон банывыл кӕнын куыд у, ууыл. Афтӕмӕй кӕрӕдзиимӕ нӕ фӕтох кӕнӕм, фӕлӕ нӕ зындзинадимӕ». Лӕг ӕмӕ ус, цы сты, сӕхицӕй уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл куы нӕ уой, уӕд уыдзысты амондджын. w20.07 3, 4 фф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 10 июнь
Дзуттаг дины мӕнӕн цы бантыст, уый мӕ адӕмы ’хсӕн ме ’мгӕрттӕй бирӕтӕн нӕ бантыст (Гал. 1:14).
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ хъуамӕ нӕхицӕй ӕмӕ нӕ курдиӕттӕй ныфсджын ма уӕм. Апостол Павел ахуыр кодта дзуттаг дины дзырддзӕугӕ разамонджытӕй сӕ иумӕ – Гамалиилмӕ (Хъуыд. 5:34; 22:3). Ӕмӕ, цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ йӕхӕдӕг дӕр дзуттӕгты ’хсӕн кадджын лӕгыл нымад уыд (Хъуыд. 26:4). Фӕлӕ Павел йӕхицӕй ныфсджын нӕ уыд. Павел ныууагъта, ацы дунейы адӕмы цӕсты кадджын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕ, ӕмӕ ууыл фӕсмон нӕ кодта (Фил. 3:8). Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй сси, уый тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Йӕхи адӕм дзы се сӕфт федтой (Хъуыд. 23:12–14). Ромӕгтӕ йӕ фӕнадтой ӕмӕ йӕ ахӕстоны баппӕрстой, кӕд йӕхӕдӕг дӕр ромагыл нымад уыд, уӕддӕр (Хъуыд. 16:19–24, 37). Уымӕй уӕлдай ма йын йе ’нӕххӕстдзинады тыххӕй хатт тынг зын уыд, раст цы у, уый аразын (Ром. 7:21–25). Фӕлӕ кӕд зындзинӕдтӕ ’взӕрста ӕмӕ рӕдигӕ дӕр кодта, уӕддӕр Чырыстийы фӕдыл цыд. Павелӕн ӕхсызгон уыд, лӕмӕгъдзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд, уый. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ-иу лӕмӕгъ куы уыд, растдӕр-иу гъеуӕд федта, Хуыцау ын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ йӕ куыд фидар кӕны, уый (2 Кор. 4:7; 12:10). w20.07 16 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 11 июнь
Чи мыл ӕууӕнды, уый... ацы хъуыддӕгтӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр сараздзӕн (Иоан. 14:12).
Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын абон уӕлдай ахсджиаг у. Йесо загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ дӕр хорз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ, зӕххыл цӕргӕйӕ йӕхӕдӕг цас сарӕзта, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзысты. Фӕстӕдӕр Йесо куы райгас, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн диссаджы хуызы баххуыс кодта бирӕ кӕсаг ӕрцахсынӕн. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ бамбарын кодта, хъусын кӕнынӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй ахсджиагдӕр куыст кӕй нӕй (Иоан. 21:15–17). Уӕлӕрвтӕм ацӕуыны хӕдразмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн ӕрмӕст Израилы нӕ, фӕлӕ суанг зӕххы кӕрӕтты онг дӕр (Хъуыд. 1:6–8). Фӕстӕдӕр Йесо апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта, «Хицау Йесойы бон» цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдон. Иоанн федта, зӕды разамындӕй «ӕнусон хорз хабар» хъуыстгонд кӕй цыди «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Рарг. 1:10; 14:6). Бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы диссаджы хъуыддаджы архайӕм, цалынмӕ нӕ фӕуа, уӕдмӕ. w20.09 9 ф., 5 абз.
Хуыцаубон, 12 июнь
Авраам фӕлвӕрд куы цыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъы нывондӕн ӕрхаста (Дзут. 11:17).
Авраамӕн йӕ бинонты цард дӕр алкӕд йӕхи фӕндиаг нӕ уыд. Йӕ зынаргъ бинойнаг Саррӕйӕн бирӕ азтӕ зӕнӕг нӕ цыди, ӕмӕ ууыл тынг маст кодтой. Ӕппынфӕстаг Саррӕ йӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймаг Агары Авраамӕн усӕн радта, цӕмӕй Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн сывӕллӕттӕ ныййардтаид. Фӕлӕ, Агар куы басывӕрджын, уӕд Саррӕмӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсын райдыдта. Уый тыххӕй хъуыддаг уыйонг ӕрцыд, ӕмӕ йӕ Саррӕ хӕдзарӕй атардта (Райд. 16:1–6). Ӕппынфӕстаг Саррӕ басывӕрджын ӕмӕ ныййардта лӕппу. Ӕмӕ йӕ Авраам схуыдта Исахъ. Авраам йӕ дыууӕ фырты дӕр тынг уарзта – Измаилы дӕр ӕмӕ Исахъы дӕр. Фӕлӕ Измаил Исахъы кӕй ӕфхӕрдта, уый тыххӕй Авраамы бахъуыд Агары ӕмӕ Измаилы хӕдзарӕй арвитын (Райд. 21:9–14). Фӕстӕдӕр та Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй Исахъы нывондӕн ӕрхастаид (Райд. 22:1, 2; Дзут. 11:17–19). Уыцы уавӕрты Авраамы хъуамӕ фидарӕй уырныдтаид, Йегъовӕ йын йӕ дыууӕ фырты тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. w20.08 4 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 13 июнь
Хъуамӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раиват – уыцы удыхъӕд конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ (Еф. 4:24).
Чи райгас уыдзӕн, уыдон сӕ зӕронд удыхъӕд куы ныууадзой ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайой, уӕд цы цин кӕндзысты! Ахӕм ивындзинӕдтӕ чи скӕндзӕн, уыдонӕй зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ райгас сты цӕрынӕн, ома сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрын. Фӕлӕ, ивын кӕй нӕ бафӕнда, уыдоны Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй дзӕнӕты цӕрой ӕмӕ адӕмы сабыр цард ӕмӕ фарн халой (Ис. 65:20; Иоан. 5:28, 29). Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕргӕйӕ Хуыцауы адӕм иууылдӕр сӕхиуыл бавзардзысты, Ӕмбисӕндты 10:22 стихы цы фыст ис, уый: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы». Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ адӕм суыдзысты «хъӕздыг», ома бонӕй-бонмӕ тынгдӕр кӕндзысты Чырыстийы хуызӕн ӕмӕ ӕххӕстӕй-ӕххӕстдӕр кӕндзысты (Иоан. 13:15–17; Еф. 4:23). Бонӕй-бонмӕ кӕндзысты фидардӕр ӕмӕ сӕ удыхъӕд дӕр хуыздӕрырдӕм ивдзӕн. Уый цӕй диссаджы цард уыдзӕн! (Иов 33:25). w20.08 17 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 14 июнь
Уӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрут, цӕмӕй... иннӕты хъуыддӕгты уӕхи ма тъыссат (1 Фес. 4:11).
Мах ӕй нӕ зонӕм, иуӕй-иу чырыстӕттӕ бинонтӕ цӕуылнӕ скӕнынц, уый. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ аскъуыддзаг кодтой, ус кӕй нӕ ракурдзысты кӕнӕ мой кӕй не скӕндзысты. Кӕйдӕрты та фӕнды бинонтӕ скӕнын, фӕлӕ, цардӕмбалӕн кӕй равзариккой, ахӕм адӕймагыл нӕма фембӕлдысты. Кӕмӕндӕр та, чи зоны, йӕ цардӕмбал амард. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр раст нӕ уаид хойы кӕнӕ ’фсымӕры фӕрсын, бинонтӕ дын цӕуылнӕ ис, зӕгъгӕ, кӕнӕ йын искӕй амонын. Адӕймаг дын йӕхӕдӕг куы ницы зӕгъа, афтӕмӕй йын искӕй куы амонай, уӕд ын уый ӕхсызгон уыдзӕн? (1 Тим. 5:13). Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты нӕ фӕнды, цӕмӕй сын иннӕтӕ тӕригъӕд кӕной. Уыдонӕн ӕхсызгон уыдзӕн, сӕ хорз миниуджыты тыххӕй сын куы аргъ кӕнӕм. Хъуамӕ сын аргъ кӕнӕм сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй. Ӕмӕ сӕм уӕд афтӕ нӕ кӕсдзӕн, цыма нӕ ницӕмӕн хъӕуынц (1 Кор. 12:21). Фӕлӕ зондзысты, кӕй сын аргъ кӕнӕм ӕмӕ, не ’мбырды кӕй сты, уый нын ӕхсызгон кӕй у. w20.08 29 ф., 10 абз.; 30 ф., 14 абз.
Ӕртыццӕг, 15 июнь
[Чырысти] уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ (1 Кор. 15:6).
Йесо куы райгас ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр фӕзынд апостол Павелмӕ (1 Кор. 15:8). Павел (Савл) Дамаскмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд фехъуыста Йесойы хъӕлӕс ӕмӕ Йесойы цӕстылуайӕны федта (Хъуыд. 9:3–5). Ӕмӕ уыцы хабар дӕр уыд бӕлвырдгӕнӕн, Йесо ӕцӕгдӕр кӕй райгас, уымӕн (Хъуыд. 26:12–15). Павел Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый кӕмӕдӕрты диссаг кастаид, уымӕн ӕмӕ раздӕр йӕхӕдӕг чырыстӕтты ӕфхӕргӕ кодта. Фӕлӕ, Йесо кӕй райгас, ууыл куы баууӕндыд, уӕд иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уыцы хабар бауырныдтаид. Йесо кӕй амард, фӕлӕ стӕй кӕй райгас, уый тыххӕй куы хъусын кодта, уӕд бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрста. Зӕгъӕм, фӕнадтой-иу ӕй, ахӕстоны-иу ӕй бакодтой ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх (1 Кор. 15:9–11; 2 Кор. 11:23–27). Йесо кӕй райгас, ууыл Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Ӕмӕ йын мӕлӕтӕй тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр-иу уый тыххӕй хъусын кодта. Уӕдӕ, Йесо кӕй райгас, уымӕн 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ уыдысты ӕвдисӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах дӕр уырны, уый ӕцӕг хабар кӕй у. Стӕй нӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр уырны, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. w20.12 3 ф., 8–10 абз.
Цыппӕрӕм, 16 июнь
[Йегъовӕйы] куы... агурат, уӕд ӕй ссардзыстут (2 Аз. 15:2).
Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм: «Алы ӕмбырдмӕ дӕр фӕцӕуын?» Ӕмбырдты фӕрцы нӕм хъарутӕ фӕзыны дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн, стӕй нӕ уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бафидар кӕнынц (Матф. 11:28). Ноджыдӕр ма хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Библи ӕдзух фӕиртасын?» Кӕд дӕ бинонтимӕ цӕрыс, уӕд алы къуыри дӕр бинонты ахуырӕн рӕстӕг рахицӕн кӕныс? Кӕнӕ кӕд иунӕгӕй цӕрыс, уӕддӕр Библи иртасынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕныс, бинонтимӕ цӕргӕйӕ куыд кодтаис, афтӕ? Хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй архайыс? Ацы фарстатыл ахъуыды кӕнын нӕ цӕмӕн хъӕуы? Библийы фыст ис, Йегъовӕ нын кӕй зоны нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ӕмӕ-иу мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм, цӕмӕй-иу базонӕм, нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ (1 Аз. 28:9). Куы йӕ бамбарӕм, нӕ нысӕнттӕ кӕнӕ та нӕ нӕ зондахаст фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. Ныр у уый рӕстӕг, цӕмӕй нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм, разӕй нӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ. w20.09 19 ф., 19, 20 абз.
Майрӕмбон, 17 июнь
Сымахӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый чи нӕ ныууадза, уый мын ахуыргӕнинагӕн нӕ бӕззы (Лук. 14:33).
Йесо бамбарын кодта, ӕмӕ кӕд кӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг суа, уӕд уал ӕй цыдӕр кӕй хъӕуы саразын. Цӕвиттонӕн ӕрхаста, мӕсыг самайын чи сфӕнд кодта, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, уал раздӕр хъуамӕ ’рбада ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый банымайа, цӕмӕй йӕ кӕронмӕ сараза. Стӕй ма радзырдта, хӕстмӕ цӕуынвӕнд чи скодта, ахӕм паддзахы тыххӕй. Ӕмӕ уымӕй дӕр загъта, зӕгъгӕ уал раздӕр хъуамӕ ’рбада ӕмӕ иннӕтимӕ бауынаффӕ кӕна, цӕмӕй бамбара, йе ’фсад знагыл фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕви нӕ (Лук. 14:27–32). Раст афтӕ, кӕй фӕнды, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинаг суа, уыцы адӕймаг хъуамӕ хорз базона, йӕ фӕдыл цӕуын цы нысан кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн хъӕуы бамбарын кӕнын, ахсджиаг кӕй у Библи алы къуыри дӕр ахуыр кӕнын. Кӕд искӕимӕ Библи ахуыр кӕныс, уӕд хъуамӕ алы ахуырмӕ дӕр дӕхи хорз цӕттӕ кӕнай. Ахъуыды-иу кӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыцы адӕймагӕн куыд ис ӕрмӕг хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнӕн. Хъуамӕ алцыдӕр хорз бамбара, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕна (Неем. 8:8; Ӕмб. 15:28а). w20.10 7 ф., 5 абз.; 8 ф., 7 абз.
Сабат, 18 июнь
Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20).
Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд амындтӕ радта. Уый загъта, цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ адӕмӕн кӕй хъуамӕ амонӕм. Фӕлӕ нӕ иу ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ рох ма уа. Йесо афтӕ нӕ загъта, цы уын бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ сын амонут, зӕгъгӕ. Уый загъта, зӕгъгӕ сӕ ахуыр кӕнут, «ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын». Нӕ бон куыд у ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын? Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн хъуамӕ Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕрмӕст амонгӕ ма кӕнӕм. Хъуамӕ ма йын ӕмбарын дӕр кӕнӕм, уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын йӕ бон куыд у, уый (Хъуыд. 8:31). Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд ын фӕамонӕм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ма йӕ ахуыр кӕнӕм, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ архайын дӕр (Иоан. 14:15; 1 Иоан. 2:3). Зӕгъӕм, ис ын ӕмбарын кӕнӕн, Библийӕ цы базоны, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон куыд у скъолайы кӕнӕ куысты архайын, йе та ирхӕфсӕнтӕ куы февзары кӕнӕ искуы куы фӕулӕфы, уӕд. Стӕй-иу йемӕ куы кувӕм, уӕд нӕ бон у Йегъовӕйӕ курын, цӕмӕй йын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд дӕтта (Иоан. 16:13). w20.11 2, 3 фф., 3–5 абз.
Хуыцаубон, 19 июнь
«Нӕдӕр ӕфсады фӕрцы, нӕдӕр хъаруйы фӕрцы, фӕлӕ мӕ тыхы фӕрцы ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕттӕ»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ (Зах. 4:6).
Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕмбӕлдысты зындзинӕдтыл. Зӕгъӕм, уӕд Фыстадӕй къопитӕ бирӕ нӕ уыд. Стӕй сӕм нӕ уыд, абон махмӕ Библи ахуыр кӕнынӕн цы публикацитӕ ис, ахӕм публикацитӕ. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаиккой, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, уыдонӕн. Фӕлӕ сӕ уыцы зындзинӕдтӕ нӕ бакъуылымпы кодтой. Уыдон зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой, ӕмӕ 30 азмӕ хорз хабар фехъусын кодтой «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр», кӕд кӕмӕдӕр афтӕ кастаид, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр (Кол. 1:6, 23). Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы дӕр йӕ адӕмӕн разамынд дӕтты. Стӕй сын дӕтты тыхтӕ дӕр, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕной. Разамынд нын сӕйраджыдӕр дӕтты йӕ Ныхасы уылты. Ӕмӕ йӕ Ныхас та фыст ӕрцыд йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Мах Библийӕ базыдтам, Йесо куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй. Стӕй ма базыдтам, цы хъуыддаг райдыдта, уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дарддӕр кӕй хъуамӕ аразой (Матф. 28:19, 20). Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны. Уый загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн ӕмӕ алы адӕмыхаттӕн» (Рарг. 14:6, 7). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар иууылдӕр фехъусой. w20.10 21 ф., 6–8 абз.
Къуырисӕр, 20 июнь
Сӕрныллӕг адӕмы фервӕзын кӕндзынӕ, сӕрбӕрзонд чи у, уыдонӕн та ды сӕ ныхмӕ дӕ (2 Сам. 22:28).
Паддзах Давид уарзта «Йегъовӕйы закъон» (Пс. 1:1–3). Уый зыдта, Йегъовӕ сӕрныллӕг адӕмы кӕй ирвӕзын кӕны, сӕрбӕрзонд чи у, уыдонӕн та сӕ ныхмӕ кӕй у. Ӕмӕ Хуыцауы закъонӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ зондахаст ивтаид. Уый ныффыста: «Ӕз арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, мӕнӕн уынаффӕ чи дӕтты, уымӕн. Суанг мын ӕхсӕвы дӕр мӕ арфӕмбӕхст хъуыдытӕ фӕамонынц зонд» (Пс. 16:7). Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд Хуыцауы Ныхасӕн бар дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ зондахаст ива, цалынмӕ нӕ нӕ хъуыдытӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм не ’ркодтой, уӕдмӕ. Уӕд-иу нын Хуыцауы Ныхас дзурдзӕн: «Мӕнӕ фӕндаг. Цӕут ацы фӕндагыл». Ӕмӕ-иу уыцы фӕндагӕй рахизырдӕм кӕнӕ галиуырдӕм куы фӕзилӕм, уӕд-иу нӕ бафӕдзӕхсдзӕн (Ис. 30:21). Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый бирӕ хъуыддӕгты уыдзӕн стыр ӕххуыс (Ис. 48:17). Зӕгъӕм, исчи нын нӕ рӕдыдмӕ куы бацамоны, уӕд куыддӕр фӕкъӕмдзӕстыг вӕййӕм. Фӕлӕ, Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд-иу ахӕм уавӕры нӕ бахаудзыстӕм. Стӕй-иу Йегъовӕмӕ баввахсдӕр уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕмбардзыстӕм, нӕ уарзӕгой Фыд кӕй у ӕмӕ ныл кӕй тыхсы (Дзут. 12:7). w20.11 20 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 21 июнь
Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ худын райдыдтой (Хъуыд. 17:32).
Ӕвӕццӕгӕн, уыцы зондахаст Коринфы цӕрджытӕй дӕр иуӕй-иутыл фӕзынд, суанг чырыстӕттыл дӕр (1 Кор. 15:12). Стӕй ма иннӕтӕ та, чи зоны, хъуыды кодтой, ӕмӕ, адӕймаг райгас уа, уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу. Ома, дам, адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ ис «мард» схонӕн, фӕлӕ, дам, чырыстон куы свӕййы, уӕд йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц, ӕмӕ цыма райгас, афтӕ вӕййы. Куыдфӕнды ма уыдаид, чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ райгасдзинадыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уый тыххӕй сӕ уырнындзинад дзӕгъӕлы уыд. Кӕд Хуыцау Йесойы нӕ райгас кодта, уӕд афтӕ уади, ӕмӕ йӕ цард дӕр нывондӕн не ’рхаста, ӕмӕ уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ дӕр хатыргонд не ’рцыдысты. Уӕдӕ, афтӕ чи дзырдта, ӕмӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уыдоны фидӕнӕй ницы ныфс уыд (1 Кор. 15:13–19; Дзут. 9:12, 14). Апостол Павел бӕлвырд зыдта, «Чырысти ӕцӕгдӕр [кӕй] райгас». Ӕмӕ уыцы хабар, уый размӕ чи райгас, уыдоны хабарӕй бирӕ диссагдӕр уыд. Уыдон фӕстӕдӕр уӕддӕр амардысты. Павел Йесойы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг». Йесо уыди, уӕларвон буары чи хъуамӕ райгас уыдаид ӕмӕ уӕлӕрвтӕм чи хъуамӕ ссыдаид, уыдонӕй фыццаг (1 Кор. 15:20; Хъуыд. 26:23; 1 Пет. 3:18, 22). w20.12 5 ф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 22 июнь
Дзырдтой... апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кодтаиккой (Хъуыд. 16:4).
Фыццаг ӕнусы, Иерусалимы разамонӕг советы чи уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмвӕндӕй архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы адӕммӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уыдаид ӕмӕ се ’хсӕн уыдаид фарн (Хъуыд. 2:42). Зӕгъӕм, н. э. 49 азы сунӕт кӕныны фарста куы сӕвзӕрд, уӕд сыгъдӕг тых разамонӕг советӕн баххуыс кодта уыцы фарстайы фӕдыл уынаффӕ рахӕссынӕн. Чырыстӕттӕ дарддӕр дӕр уыцы хъуыддаг алыхуызӕтты куы ӕмбӕрстаиккой, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг ныкъкъуылымпы уыдаид. Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дзуттӕгтӕ уыдысты, фӕлӕ сыл дзуттӕгты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, уыцы ӕгъдӕуттыл хӕст чи уыд, уыдоны зондахаст нӕ бандӕвтой. Уыцы ӕфсымӕртӕ Хуыцауы Ныхас иртӕстой ӕмӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых куырдтой, цӕмӕй сын разамынд лӕвӕрдтаид (Хъуыд. 15:1, 2, 5–20, 28). Ӕмӕ хабар куыд рауад? Цы уынаффӕ рахастой, уымӕн Йегъовӕ раарфӕ кодта, дарддӕр дӕр се ’хсӕн уыд фарн ӕмӕ иудзинад, стӕй хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр размӕ цыд (Хъуыд. 15:30, 31; 16:5). Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы организаци архайы, цӕмӕй Хуыцауы адӕммӕ алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа ӕмӕ се ’хсӕн уа фарн. w20.10 22, 23 фф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 23 июнь
Мӕ фырт Соломон [у], Хуыцау кӕй равзӕрста, уый (1 Аз. 29:1).
Чи зоны нӕ фӕнды Хуыцауы хъуыддаджы цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ не ’нӕниздзинады тыххӕй, азтӕ ныл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй уымӕн гӕнӕн нӕй. Ӕркӕсӕм-ма, ахӕм уавӕры паддзах Давид куыд бакодта, уымӕ. Уый тынг бӕллыд Хуыцауы кувӕндон саразынмӕ. Фӕлӕ стӕй базыдта, уый йӕ кӕй нӕ сараздзӕн. Ӕмӕ, Хуыцау уыцы хъуыддагӕн кӕй равзӕрста, уымӕн баххуыс кодта, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй. Кувӕндон саразынӕн ма радта бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист дӕр. Давид нын фӕзминаг куыннӕ у! (2 Сам. 7:12, 13; 1 Аз. 29:3–5). Гуго цӕры Францийы. Йе ’нӕниздзинад кӕй фӕцудыдта, уый тыххӕй йӕ бон хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын нал уыд. Стӕй хӕдзары хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ аразын дӕр йӕ бон нал уыд. Уый ныффыста: «Мӕхимӕ ницӕйаг ӕркастӕн ӕмӕ мӕ ныфс асаст. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстон, мӕ бон алцы аразын кӕй нал уыд, ууыл мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Ӕмӕ мын уӕд циндзинад хӕссын райдыдта, Йегъовӕйы хъуыддаджы уӕддӕр мӕ бон цыдӕр аразын кӕй уыд, уый. Кӕд Гедеон ӕмӕ, йемӕ цы ӕртӕсӕдӕ хӕстоны уыди, уыдон тынг фӕллад уыдысты, уӕддӕр дарддӕр се знӕгтимӕ хӕцыдысты. Ӕмӕ ӕз дӕр уыдонау дарддӕр тох кӕндзынӕн!» (Тӕрх. 8:4). w20.12 25 ф., 14, 15 абз.
Майрӕмбон, 24 июнь
Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:7).
Цыппар Евангелийӕ ӕппӕты арӕхдӕр уарзондзинады кой Иоанны Евангелийы ис. Иннӕ ӕртӕ Евангелийы иумӕ куы райсӕм, уӕддӕр дзы уарзондзинады тыххӕй уыйбӕрц нӕй фыст. Иоанны Евангелийӕ ӕмӕ йӕ фыстӕджытӕй бӕрӕг у, чырыстон цыдӕриддӕр аразы, уый кӕй хъуамӕ араза, иннӕты кӕй уарзы, уый тыххӕй (1 Иоан. 4:10, 11). Фӕлӕ Иоанны бахъуыд рӕстӕг, цӕмӕй уый бамбӕрстаид. Иоаннӕн ӕрыгонӕй алкӕд нӕ уади иннӕты уарзын. Зӕгъӕм, иухатт Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Самарийы уылты Иерусалиммӕ фӕцӕйцыдысты. Иу самариаг хъӕуы сӕ не суазӕг кодтой. Ӕмӕ уӕд Иоанн йе ’фсымӕр Иаковимӕ Йесойӕн загътой, зӕгъгӕ, дам, дӕ кӕд фӕнды, уӕд, дам, ныртӕккӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ арвӕй арт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ацы хъӕуы цӕрджыты аныхъуырдзӕн (Лук. 9:52–56). Ӕндӕр хатт та сӕ мады Йесомӕ барвыстой, зӕгъ-ма, дам, ын, цӕмӕй нӕ йӕ Паддзахады йӕ фарсмӕ кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕна. Иннӕ апостолтӕ уый тыххӕй куы базыдтой, уӕд тынг смӕсты сты (Матф. 20:20, 21, 24). Фӕлӕ кӕд Иоанн рӕдигӕ дӕр кодта, уӕддӕр ӕй Йесо уарзта (Иоан. 21:7). w21.01 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 25 июнь
Чырысти... йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта (Ром. 15:3).
Йегъовӕ уынаффӕ куы фӕхӕссы, уӕд фӕхъуыды кӕны, иннӕтӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, адӕмы уый тыххӕй не сфӕлдыста, ӕмӕ дзы йӕхицӕн цыдӕр пайда уыд, фӕлӕ цӕмӕй царды ад бавзӕрстаиккой. Йӕ Фырты дӕр ын зӕхмӕ тыххӕй ничи рарвитын кодта, йӕхи бафӕндыд афтӕ. Йесо дӕр-иу уынаффӕтӕ куы хаста, уӕд-иу фыццаджыдӕр иннӕтыл хъуыды кодта. Зӕгъӕм, иухатт ӕй фӕндыд йӕ фӕллад суадзын. Фӕлӕ йӕм адӕм куы ’рбацыдысты, уӕд ууыл нал хъуыды кодта, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Мар. 6:31–34). Хорз бинонты хистӕр ӕмбары, йӕ бинонты тыххӕй дзуапп кӕй дӕтты ӕмӕ ӕнцон кӕй нӕу раст уынаффӕтӕ хӕссын, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы. Йӕ зӕрдӕ йӕм куыд сдзуры, афтӕ нӕ бакӕны. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ сахуыр кӕна уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕмб. 2:6, 7). Ӕмӕ-иу уӕд йӕхиуыл нӕ хъуыды кӕндзӕн, фӕлӕ иннӕтыл (Фил. 2:4). Нӕлгоймаг Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы куы фӕзма, уӕд йӕ бинонтӕн уыдзӕн хорз хистӕр. w21.02 7 ф., 19–21 абз.
Хуыцаубон, 26 июнь
Асӕ арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ раст цы уыд, уый (2 Аз. 14:2).
Паддзах Асӕ ӕрыгон куы уыд, уӕд уыди сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр. Зӕгъӕм, йӕ фыд Авийы фӕстӕ паддзах куы сси, уӕд райдыдта мӕнг хуыцӕутты сафын. Стӕй ма Иудӕйы адӕмӕн загъта: «Уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы агурут ӕмӕ йын йӕ закъон ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут» (2 Аз. 14:1–7). Иухатт ефиопаг Зара иу милуан хӕстонимӕ Иудӕйы зӕхмӕ куы ’рбабырста, уӕд Асӕ Йегъовӕмӕ скуывта: «О Йегъовӕ, дӕуӕн дӕ бон баххуыс кӕнын у, бирӕ чи сты, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, гыццыл ӕмӕ лӕмӕгъ чи сты, уыдонӕн дӕр. Баххуыс нын кӕн, о Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ». Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, Асӕйы кӕй уырныдта, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у Асӕйы дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмы дӕр фервӕзын кӕнын. Асӕ йӕ уӕларвон Фыдыл йӕ ныфс дардта, ӕмӕ сын Йегъовӕ «баххуыс кодта ефиопӕгты ныддӕрӕн кӕнынӕн» (2 Аз. 14:8–12). Кӕд Асӕйы ныхмӕ ахӕм стыр ӕфсад рацыд, уӕддӕр уый фӕуӕлахиз, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта. w21.03 5 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 27 июнь
Кӕрӕдзи уарзут... фӕлмӕн уарзтӕй (Ром. 12:10).
Ӕнӕххӕст адӕмӕн дӕр сӕ бон у иннӕты фӕлмӕн уарзтӕй уарзын, ӕмӕ уымӕн Библийы ис цӕвиттонтӕ. Ӕркӕсӕм Ионафан ӕмӕ Давиды хабармӕ. Библийы фыст ис: «Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн афтӕ адджын сси, ӕмӕ йӕ йӕхи удау бауарзта» (1 Сам. 18:1). Давид сӕрст ӕрцыд, цӕмӕй Саулы фӕстӕ паддзах суыдаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Саул Давидмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыд. Саулы фырт Ионафан йӕ фыды фарс нӕ уыд. Ионафан ӕмӕ Давид расомы кодтой, цӕрӕнбонты кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй уыдзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй ӕххуыс кӕндзысты (1 Сам. 20:42). Ионафан ӕмӕ Давид ахӕм ӕввахс ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты, уый диссаг цӕмӕй у? Зӕгъӕм, Ионафан Давидӕй иу-30 азы хистӕр уыд. Йӕ бон уыд афтӕ ахъуыды кӕнын, ацы ӕрыгон ӕмӕ ӕвӕлтӕрд лӕппуимӕ мын иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ хъуыды кодта. Ионафан Давидмӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст. w21.01 21, 22 фф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 28 июнь
Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут (Иак. 1:2).
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕцӕг амондджын кӕй уыдзысты. Фӕлӕ ма сӕ бафӕдзӕхста, фӕлварӕнтыл дӕр кӕй ӕмбӕлдзысты (Матф. 10:22, 23; Лук. 6:20–23). Мах Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, уый нын у цины хос. Фӕлӕ нӕ нӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы фӕхъыгдарынц, хицауад нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуы йе та нын не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ, раст цы нӕу, ахӕмӕй исты куы фӕаразын кӕнынц, уӕд хатт уыдӕтты тыххӕй стыхсӕм. Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕд куыд хъуамӕ цин кӕнай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын уый Библи фӕдзӕхсы. Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста, фӕлварӕнтӕ кӕй ӕвзарӕм, уый тыххӕй-иу нӕ ныфс кӕй хъуамӕ ма асӕтта, фӕлӕ-иу цин кӕй хъуамӕ кӕнӕм (Иак. 1:2, 12). Йесо та загъта, нӕ фӕдыл куы зилой, суанг уӕд дӕр амондджын кӕй хъуамӕ уӕм (Матф. 5:11). Йегъовӕйы фӕндӕй Иаков чырыстӕттӕн радта, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ сын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынӕн чи баххуыс кодтаид, ахӕм уынаффӕтӕ. w21.02 26 ф., 1, 2 абз.; 27 ф., 5 абз.
Ӕртыццӕг, 29 июнь
Дӕхи хиз, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй (1 Тим. 6:20).
Тимофейы рӕстӕг чырыстӕттӕй чидӕртӕ, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй уыдысты, уымӕн нал аргъ кодтой. Зӕгъӕм, Димас, Фигелл, Ермоген, Именей, Алыксандр ӕмӕ Филит (1 Тим. 1:19, 20; 2 Тим. 1:15; 2:16–18; 4:10). Ацы нӕлгоймӕгтӕ райдианы Йегъовӕйы уарзтой, фӕлӕ фӕстӕдӕр, сӕ бар сын цы бакодта, уый зынаргъ хӕзнайыл нал нымадтой. Хӕйрӕг цы аразы, цӕмӕй, Йегъовӕ нын нӕ бар кӕй бакодта, уыцы хӕзнатӕн мауал аргъ кӕнӕм? Ӕркӕсӕм-ма, цы мадзӕлттӕй пайда кӕны, уыдонӕй цалдӕрмӕ. Зӕгъӕм, телепередачӕты, киноты, интернеты, газетты, чингуыты ӕмӕ журналты уылты ахӕм зондахаст хъары, цӕмӕй рӕстдзинадӕн мауал аргъ кӕнӕм. Стӕй ма архайы, цӕмӕй, иннӕтӕ нӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй кӕнӕ ӕфхӕрд баййафынӕй фӕтӕрсӕм, ӕмӕ мауал хъусын кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма ныл хинӕй цӕуы, цӕмӕй, раст дин чи ныууагъта, уыдон цы «мӕнг зонындзинӕдтӕ» парахат кӕнынц, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ рӕстдзинад ныууадзӕм. Лӕмбынӕг куы нӕ уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, сабыргай рӕстдзинад ныууадзӕм (1 Тим. 6:21). w20.09 27 ф., 6–8 абз.
Цыппӕрӕм, 30 июнь
Йегъовӕ мын фехъусдзӕн мӕ лӕгъстӕ, Йегъовӕ мын айсдзӕн мӕ куывд (Пс. 6:9).
Мыййаг дын де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи де ’ууӕнк фӕсайдта? Паддзах Давиды ӕмӕ йӕ фырт Авессаломы хабӕрттӕ дын баххуыс кӕндзысты дӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсынӕн (2 Сам. 15:5–14, 31; 18:6–14). Цалынмӕ Библийы уыцы скъуыддзаг бакӕсай, уӕдмӕ Йегъовӕйӕн радзур, дӕ зӕрдӕ дын куыд фӕриссын кодтой, уый тыххӕй (Пс. 6:6–8). Ныр та дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, Давид цы уавӕры уыдаид, уый. Авессаломы тынг уарзта, стӕй Ахитофелыл дӕр тынг ӕууӕндыд. Фӕлӕ йыл уыцы дыууӕ адӕймаджы гадзрахатӕй рацыдысты. Йӕ зӕрдӕ йын тынг скъахтой, суанг ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты. Мыййаг, Давид йӕ иннӕ ’мбӕлттыл дӕр ӕнӕууӕнк кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕм афтӕ касти, уыдон дӕр Авессаломы фарс фесты, зӕгъгӕ? Кӕнӕ, мыййаг, ӕрмӕст йӕхиуыл хъуыды кодта ӕмӕ бӕстӕйӕ иунӕгӕй алидзынмӕ хъавыд? Науӕд йӕхимӕ ныхъхъуыста? Уый Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Стӕй ма йе ’мбӕлттӕй дӕр ӕххуыс ракуырдта. Ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ архайдта. Уый уӕддӕр ӕууӕндыди Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ йе ’мбӕлттыл дӕр. w21.03 15 ф., 7, 8 абз.; 17 ф., 10, 11 абз.