Июль
Майрӕмбон, 1 июль
Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр (Матф. 28:18).
Йесойы хӕлӕрттӕ уый тыххӕй хъуамӕ суӕм, цӕмӕй-иу нын Хуыцау нӕ куывдтытӕн дзуапп ратта. Нӕ куывды кӕрон фӕзӕгъӕм, «Йесо Чырыстийы номӕй», зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн Йесойы уылты дзуапп куыд ратты, уый. Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ номӕй цыфӕнды ма ракурат,– сараздзынӕн уын ӕй» (Иоан. 14:13). Кӕд нын нӕ куывдтытӕм Йегъовӕ фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп уый ратты, уӕддӕр Йесойӕн ахӕм бартӕ радта, цӕмӕй-иу сараза, Йегъовӕ цы аскъуыддзаг кӕны, уый. Уымӕй уӕлдай ма, цалынмӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратты, уӕдмӕ фӕкӕсы, Йесойы уынаффӕтӕм хъусӕм ӕви нӕ. Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ уӕларвон Фыд дӕр хатыр кӕндзӕн. Фӕлӕ сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матф. 6:14, 15). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо махмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ сты, мах дӕр иннӕтӕм афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм. w20.04 22 ф., 6 абз.
Сабат, 2 июль
Мах уын хъусын кӕнӕм хорз хабар, цӕмӕй ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ныууадзат ӕмӕ раздӕхат удӕгас Хуыцаумӕ (Хъуыд. 14:15).
Апостол Павел зыдта, кӕмӕн хъусын кодта, уыдонмӕ цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый, ӕмӕ-иу йӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ сарӕзта. Зӕгъӕм, Листрӕйы цӕрджытӕ Фыстад ӕвзӕр зыдтой. Ӕмӕ сын Павел ӕрхаста, ӕнцонтӕй кӕй бамбӕрстаиккой, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ: ракодта сын хъӕздыг тыллӕджы кой ӕмӕ, цард циндзинад кӕй хӕссы, уый кой. Йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ, цы цӕвиттонтӕ хаста, уыдон сын уыдысты ӕнцонӕмбарӕн. Арфуынӕг куы уай, уӕд-иу бамбардзынӕ, уӕ территорийы адӕммӕ цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый, ӕмӕ-иу дӕ ныхас уымӕ гӕсгӕ райдайдзынӕ. Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый куыд ис бамбарӕн йӕ хӕдзармӕ гӕсгӕ кӕнӕ йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ? Адӕймаджы тыххӕй цыдӕртӕ цӕй фӕрцы базондзынӕ, уыдӕттӕм дӕ хъус дар. Чи зоны, йӕ цӕхӕрадоны цыдӕртӕ кусы, чиныг кӕсы, йӕ машинӕ аразы кӕнӕ ӕндӕр цыдӕр кусы. Ӕмӕ кӕд уавӕр амоны, уӕд дӕ бон у, цы кусы, уый кой скӕнын ӕмӕ афтӕмӕй ныхас райдайын (Иоан. 4:7). Адӕймагӕн йӕ уӕлӕдарӕсмӕ гӕсгӕ дӕр вӕййы цыдӕртӕ базонӕн, зӕгъӕм, цы адӕмыхаттӕй у, кӕм кусы йе та йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр спортивон командӕ цӕуы. w20.04 11 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 3 июль
Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл (1 Пет. 5:7).
Иуӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕнӕуи уавӕрты дӕр адӕмы ’хсӕн куы вӕййынц, уӕд сын зын вӕййы ӕмӕ тынг стыхсынц. Бирӕ адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуын сӕ кӕй хъӕуы, афтид уыцы хъуыдыйӕ дӕр сӕхицӕн ӕнцой нал фӕарынц. Фӕлӕ уӕддӕр фӕцӕуынц ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм. Кӕд сын ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын зын вӕййы, уӕддӕр хорз хабар фӕхъусын кӕнынц. Кӕд ды дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд ӕй зон, ахӕм ӕнкъарӕнтимӕ бирӕтӕ кӕй тох кӕнынц. Рох дӕ ма уӕд: Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын кӕй лӕггад кӕныс, уымӕн. Дӕ къухтӕ кӕй не ’руагътай, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын арфӕ кӕны ӕмӕ дын тых дӕтты (Фил. 4:6, 7). Кӕд низимӕ тох кӕнгӕйӕ дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. Махӕй бирӕтӕ низтимӕ тох кӕнынц, фӕлӕ уӕддӕр фӕразонӕй згъорынц (2 Кор. 4:16). Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн кӕронмӕ азгъорын! w20.04 31 ф., 20, 21 абз.
Къуырисӕр, 4 июль
Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... ирдӕй зынынц... йе сконд хъуыддӕгты (Ром. 1:20).
Хуыцау Зӕхх куыд скодта, уымӕй ирдӕй зыны йе стыр зонд (Дзут. 3:4). Зӕхх хицӕн кӕны иннӕ планетӕтӕй. Ӕрмӕстдӕр Зӕххыл ис ахӕм уавӕртӕ, цӕмӕй йыл адӕймагӕн йӕ бон цӕрын уа. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, тынг бирӕ адӕм кӕм цӕры ӕмӕ алырдыгӕй къултӕй ӕхгӕд чи у, ахӕм горӕт. Уырдӕм сыгъдӕг дон никӕцӕй ис бауадзӕн ӕмӕ дзы бырӕттӕ ӕддӕмӕ акалой, уый фадат дӕр нӕй. Цыбыр рӕстӕгмӕ уыцы горӕтыл цы ’рцӕудзӕн? Фырчъизийӕ йӕм бацӕуӕн нал уыдзӕн ӕмӕ дзы цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн. Зӕхх дӕр абарӕн ис, алырдыгӕй къултӕй ӕхгӕд чи у, ахӕм горӕтимӕ. Фӕлӕ Зӕххыл сӕ бон цӕрын у миллиардгай адӕмӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн. Зӕххыл равзӕры туаггуыр (кислород), ис ыл фаг хӕринаг ӕмӕ дон, ӕмӕ афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ фӕуой. Бырӕттӕ космосмӕ акалӕн нӕй, фӕлӕ уӕддӕр Зӕхх у рӕсугъд ӕмӕ йыл ис цӕрӕн. Уымӕн куыд ис гӕнӕн? Йегъовӕ Зӕхх афтӕ скодта, ӕмӕ йыл быронӕй ӕмӕ чъизийӕ цы вӕййы, уыдонӕй дӕр рауайы, цӕрынӕн цы хъӕуы, ахӕм цыдӕртӕ. w20.05 20 ф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 5 июль
Нӕ, нӕ амӕлдзыстут (Райд. 3:4).
Хӕйрӕг Евӕйӕн комкоммӕ загъта, Йегъовӕ сӕ сайгӕ кӕй кӕны. Уый Хуыцауы номыл цъыф бакалдта ӕмӕ Хӕйрӕг, ома «фыдкойгӕнӕг», гъеуӕд сси. Евӕйыл сайд ӕрцыд – Хӕйрӕджы ныхӕстыл баууӕндыд (1 Тим. 2:14). Йегъовӕйӕ тынгдӕр ууыл баууӕндыд. Ӕмӕ уый тыххӕй рахаста ӕппӕты ӕвзӕрдӕр уынаффӕ – Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста. Уый райста, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй ӕмӕ дзы бахордта, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ахызт. Ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы дыргътӕй Адамӕн дӕр радта (Райд. 3:6). Ахъуыды-ма кӕн, Евӕ Хӕйрӕгӕн цы хъуамӕ загътаид, ууыл. Йӕ бон ын уыд афтӕ зӕгъын: «Ӕз дӕу нӕ зонын, фӕлӕ зонын Йегъовӕйы. Уый у мӕ Фыд. Ӕз ӕй уарзын ӕмӕ йыл ӕууӕндын. Уый нын радта, Адамимӕ нӕм цыдӕриддӕр ис, уый. Куыд уӕндыс Хуыцауӕй афтӕтӕ дзурын? Ацу ардыгӕй!» Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд тынг барухс уыдаид, йӕ чызг ахӕм ныхӕстӕ куы загътаид ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уыдаид, уӕд (Ӕмб. 27:11). Фӕлӕ Евӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй нӕ уарзта, уӕдӕ Адам дӕр афтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бон не сси сӕ Фыды сӕрыл рахӕцын, Хӕйрӕг ын йӕ номыл цъыф куы бакалдта, уӕд. w20.06 4 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 6 июль
Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад (Пс. 68:11).
Нӕ хотӕ раппӕлинаг сты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныны хъуыддаджы цас аразынц, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, архайынц алыхуызон бӕстыхӕйттӕ аразыны ӕмӕ цалцӕг кӕныны куыстыты, ӕххуыс кӕнынц ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕг къордтӕн ӕмӕ Вефилты. Феххуыс кӕнынц, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн ӕмӕ нӕ публикацитӕ тӕлмац кӕнынӕн, стӕй лӕггад кӕнынц пионертӕй ӕмӕ миссионертӕй. Уымӕй уӕлдай хотӕ сӕ сӕрыхицӕуттӕн ӕххуыс кӕнынц, ӕмбырды ӕмӕ сын организацийы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн. Уыцы ӕфсымӕртӕ сты «лӕвӕрттӕ» ӕмӕ цӕмӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕной, уый тыххӕй сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц. Ӕмӕ сын сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын бирӕ зындӕр уаид, сӕ цардӕмбӕлттӕ сын куы не ’ххуыс кӕниккой, уӕд (Еф. 4:8). Ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, хотӕ кӕй сты зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджыты «ӕнӕхъӕн ӕфсад» ӕмӕ сӕ бирӕтӕ кӕй сты тынг арӕхстджын хъусынгӕнджытӕ. Уымӕй уӕлдай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, ӕрыгон хотӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сын иузӕрдион, фӕлтӕрдджын хотӕ стыр ӕххуыс кӕй фӕвӕййынц (Тит. 2:3–5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ хотӕ бирӕ аразынц, цӕмӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сӕ бузныг уӕм. w20.09 23, 24 фф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 7 июль
Мӕ уӕларвон Фыды... нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа (Матф. 18:14).
Йегъовӕйӕ рох не сты, ныр ын цасдӕр рӕстӕг чи нал лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Стӕй дзы сӕ фыдӕбон дӕр рох нӕу (Дзут. 6:10). Пехуымпар Исай тынг рӕсугъд абарстӕй спайда кодта, цӕмӕй равдыстаид, Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд уарзы ӕмӕ сыл куыд тыхсы, уый. Исай ныффыста: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн» (Ис. 40:11). Нӕ Кадджын Фыййау Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕй исчи дзугӕй куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕд дзы цымӕ ферох вӕййы? Иухатт Йесо уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ бамбарын кодта: «Куыд хъуыды кӕнут? Искӕмӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ дзы иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн? Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд, зӕгъын уын, чи нӕ адзӕгъӕл, уыцы нӕуӕдз фараст фысӕй ууыл тынгдӕр цин кӕндзӕн» (Матф. 18:12, 13). w20.06 19, 20 фф., 8, 9 абз.
Майрӕмбон, 8 июль
Цӕстдарӕг уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы (1 Тим. 3:1).
Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм, йӕ хъуыддаджы цыфӕнды ма аразӕм, уӕддӕр (Пс. 27:4; 84:10). Фӕлӕ ӕфсымӕры куы фӕнда йӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын, уӕд та? Ахӕм ӕфсымӕр раппӕлинаг у. Фӕлӕ йын йӕ бӕрны исты хӕс куы бакӕной, уӕд хъуамӕ йӕхицӕй ма ныббуц уа (Лук. 17:7–10). Йӕ нысан хъуамӕ уа иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнын (2 Кор. 12:15). Библийы бакӕсӕн ис, йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл чи уыд, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Диотрефы бонзонгӕ схонӕн нӕ уыд. Уый фӕндыд, цӕмӕй ӕмбырды алы хъуыддаджы дӕр фыццаг уыдаид (3 Иоан. 9). Ози йӕхиуыл фервӕссыд ӕмӕ сарӕзта, Йегъовӕ йын йӕ бар цы нӕ бакодта, уый (2 Аз. 26:16–21). Авессаломы фӕндыд, цӕмӕй паддзах суыдаид. Гъемӕ адӕмыл хинӕй цыд, цӕмӕй-иу йӕ фарс фӕуыдаиккой (2 Сам. 15:2–6). Ацы хабӕрттӕй бӕрӕг у, йӕхицӕн кад чи фӕагуры, ахӕм адӕмӕй Йегъовӕ райгонд кӕй нӕ вӕййы (Ӕмб. 25:27). Ӕппынфӕстаг сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадуарзаг адӕмӕн сӕ сӕр бӕллӕх баййафы (Ӕмб. 16:18). w20.07 4 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 9 июль
Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).
Иуӕй-иу чырыстон бинонты сӕ бӕстӕйӕ лидзын бахъуыд, тӕссаг сын кӕй уыд, уый тыххӕй кӕнӕ та ӕндӕр бӕстӕмӕ ацыдысты куыстагурӕг. Ӕмӕ, чи зоны, сӕ сывӕллӕттӕ цы скъоламӕ цӕуынц, уым сын уроктӕ вӕййынц уыцы бӕстӕйы сӕйраг ӕвзагыл. Чи зоны, ныййарджыты дӕр хъӕуы уыцы ӕвзаг сахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уа куыст ссарын. Ӕмӕ дзы, зӕгъӕм, сӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕмбырд (кӕнӕ къорд) куы уа, уӕд хъуамӕ уыцы ӕмбырдмӕ цӕуой? Ӕви уыцы бӕстӕйы сӕйраг ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдмӕ? Бинонтӕ кӕцы ӕмбырдмӕ цӕудзысты, уый хъуамӕ бинонты хистӕр аскъуыддзаг кӕна. Ӕмӕ хъуамӕ ахъуыды кӕна, йӕ бинонтӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, ууыл. Цавӕрфӕнды уынаффӕ ма рахӕсса,– хъуамӕ йын аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уыцы бинонтӕ не ’мбырды куы уой, уӕд-иу сӕм хъуамӕ хорз цӕстӕй ракӕсӕм, цӕмӕй бамбарой, зынаргъ нын кӕй сты (Ром. 15:7). w20.08 30 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 10 июль
Хуыцау равзӕрста, дунейы цӕсты лӕмӕгъ чи у, уыдоны (1 Кор. 1:27).
Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ хъаруджын, ӕнӕниз куы уӕм, уӕлдӕр ахуырад нӕм куы уа, хъӕздыг куы уӕм кӕнӕ кӕцыдӕр адӕмыхаттӕй куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕйы цӕсты стыр аргъ уыдзӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн бирӕ нӕй, «адӕмы цӕсты зондджын чи у, тыхджын чи у кӕнӕ кадджын мыггагӕй чи у», ахӕмтӕ (1 Кор. 1:26). Уӕдӕ дӕм кӕд, ацы дунейы цӕсты адӕймаг кадджын цӕмӕй вӕййы, ахӕмӕй ницы ис, уӕддӕр дӕ бон у Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Афтӕмӕй дын ис диссаджы фадат, цӕмӕй фенай, Йегъовӕ дын тыхтӕ куыд дӕтты ӕмӕ дӕу уылты куыд архайы, уый. Зӕгъӕм, кӕд тӕрсыс, цӕуыл ӕууӕндыс, уый ныхмӕ чи фӕдзуры, уыдонӕй, уӕд Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна дӕ уырнындзинады сӕрыл ныфсджынӕй дзурынӕн (Еф. 6:19, 20). Кӕнӕ кӕд уӕззау низӕй рынчын дӕ, уӕд Йегъовӕйӕ хъарутӕ кур. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын лӕггад кӕнай, дӕ уавӕрты дӕ бон цас у, уыйбӕрц. Ӕмӕ-иу куы фенай, Йегъовӕ дын куыд баххуыс кодта, уӕд-иу дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр сфидар уыдзӕн. w20.07 16 ф., 9 абз.
Къуырисӕр, 11 июль
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад (Матф. 6:33).
Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад нӕ царды ӕппӕты сӕйраг уа, уӕд хъуамӕ Авраамау цӕттӕ уӕм нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Мар. 10:28–30; Дзут. 11:8–10). Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ зындзинӕдтӕй хызт уыдзынӕ. Йегъовӕйӕн цӕрӕнбонты чи фӕлӕггад кӕны, уыдон дӕр зындзинӕдтӕ февзарынц (Иак. 1:2; 1 Пет. 5:9). Абон та ноджы ахсджиагдӕр у, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл хъуыды кӕнын. Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕрон кӕй цӕрӕм. Хуыцауы Паддзахады дӕлбар мах схайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иу у, чи нын амард, уыдон кӕй райгас уыдзысты. Ӕмӕ Йегъовӕ Авраамы дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Йӕ уырнындзинады ӕмӕ йӕ фӕразондзинады тыххӕй йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр цардмӕ раздахдзӕн. Ды дӕр уым уыдзынӕ? Кӕд Авраамау Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕныс, зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ дӕ уырнындзинад нӕ фӕцуды ӕмӕ Йегъовӕмӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, уӕд уыдзынӕ (Мих. 7:7). w20.08 5, 6 фф., 13, 14 абз.; 7 ф., 17 абз.
Дыццӕг, 12 июль
Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззай, ӕмӕ дын ратдзынӕн хӕрзиуӕг – цард (Рарг. 2:10).
Мах зонӕм, не знӕгтӕ нӕ маргӕ дӕр куы акӕной, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Мах фидарӕй уырны, цыфӕнды куы саразой, уӕддӕр нӕ Йегъовӕйӕ кӕй нӕ фӕхицӕн кӕндзысты (Ром. 8:35–39). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уыцы ныфс нын кӕй ис, уый Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг куыннӕ у! Уыцы ныфсы фӕрцы Хӕйрӕджы тыхджындӕр хӕцӕнгӕрзтӕй сӕ иуӕн йӕ тых асаста, ӕмӕ махӕн та радта ахӕм хъӕбатырдзинад, ӕмӕ нӕ бон вӕййы Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Йегъовӕйы знӕгтӕ дӕм куы ’ртхъирӕн кӕной, амардзыстӕм дӕ, зӕгъгӕ, уӕд дӕ цард Йегъовӕйы бар бакӕндзынӕ? Уый дӕ бон куыд у базонын? Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Алы бон дӕр гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдонӕй бӕрӕг вӕййы, мӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дарын?» (Лук. 16:10). Кӕнӕ ахӕм фарстатыл: «Уырны мӕ, фыццаджыдӕр Йегъовӕйы Паддзахад куы агурон, уӕд мын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ? Ӕмӕ уый мӕ цардӕй бӕрӕг у?» (Матф. 6:31–33). Кӕд ацы фарстатӕн, «о», зӕгъгӕ, дзуапп радтай, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнмӕ дӕр цӕттӕ дӕ (Ӕмб. 3:5, 6). w20.08 17, 18 фф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 13 июль
Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы, рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны, ахӕм кусӕгӕй (2 Тим. 2:15).
Мах хъуамӕ Хуыцауы Ныхасӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнӕм. Ууыл фӕахуыр кӕнӕм, зӕгъӕм, ӕмбырдты. Фӕлӕ нӕ кӕд фӕнды иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Библийы рӕстдзинадӕн аргъ кӕной, уӕд хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр Библи ӕдзух иртасӕм. Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ уырнындзинад фидар кӕндзӕн. Фӕлӕ уый тыххӕй Библи ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъӕуы ма, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ-иу нӕ публикациты ӕрмӕг бацагурын, цӕмӕй Библийы стихтӕ раст ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр раст ӕмбарын кӕнӕм (1 Тим. 4:13–15). Уӕд нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнын иннӕты ахуыр кӕнынӕн. Ӕмӕ уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, цӕмӕй-иу сын стих ӕнӕуи бакӕсӕм. Хъуамӕ-иу сын баххуыс кӕнӕм, стих цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ уыдонмӕ куыд хауы, уый бамбарынӕн. Библи ӕдзух куы иртасӕм, уӕд иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзыстӕм (2 Тим. 3:16, 17). w20.09 28 ф., 12 абз.
Цыппӕрӕм, 14 июль
Лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут [Йесойыл], цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта (Дзут. 12:3).
Хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрдзыстӕм, Йегъовӕ мах тыххӕй цас аразы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Зӕгъӕм, парахатӕй нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Ис нӕм мыхуыргонд ӕмӕ электронон публикацитӕ, нӕ публикациты аудиозаписьтӕ, алыхуызон видеотӕ ӕмӕ нӕ интернет-телеуынынад. Ӕрмӕст-ма ахъуыды кӕн: нӕ сайты ӕрмӕг ис 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! (Матф. 24:45–47). Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг фыццаг бынаты ӕвӕрӕм? Хъуамӕ Чырыстийы фӕзмӕм. Йесо никуы бауагъта, цӕмӕй йын хъусын кӕнынӕй сӕйрагдӕр ӕндӕр исты суыдаид (Иоан. 18:37). Хӕйрӕг ын «ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» куы равдыста ӕмӕ йын куы загъта, зӕгъгӕ, дам, дын сӕ ратдзынӕн, уӕд сӕм не сцыбӕл. Адӕм ӕй паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд уымӕ дӕр не сцыбӕл (Матф. 4:8, 9; Иоан. 6:15). Йесо хъӕздыгдзинадмӕ никуы бӕллыд, стӕй йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕй дӕр нӕ тарст (Лук. 9:58; Иоан. 8:59). Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд нын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕндзӕн апостол Павелы уынаффӕ, фыст ис абоны стихы. w20.09 9, 10 фф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 15 июль
Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ (1 Кор. 11:1).
Куыд тынг цин кӕнӕм, афтӕ бирӕ хотӕ нын кӕй ис ӕмӕ ӕмбырдты зӕрдиагӕй кӕй фыдӕбон кӕнынц, ууыл! Уыдон архайынц фембӕлдты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы. Иуӕй-иутӕ дзы ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕм зилынӕн ӕмӕ сӕ чырыстон хотыл ӕмӕ ӕфсымӕртыл зӕрдӕбынӕй тыхсынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлынц. Иуӕй-иутӕ кӕсынц сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм. Иннӕтӕн та сӕ бинонтӕ сӕ дины тыххӕй сӕ ныхмӕ цӕуынц. Ис нын ахӕм хотӕ дӕр, ӕмӕ сӕ цоты иунӕгӕй хъомыл кӕнынц ӕмӕ сӕ уый тыххӕй хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Хъуамӕ хотӕн ӕххуыс кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы сылгоймӕгтӕн, цы кады аккаг сты, арӕх ахӕм кад нӕ фӕкӕнынц. Уымӕй уӕлдай нын Библи дӕр дзуры, кӕй сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм. Зӕгъӕм, апостол Павел Ромы ӕмбырдмӕ ныффыста, цӕмӕй Фивӕйы суазӕг кодтаиккой ӕмӕ-иу ӕй сӕ сӕр кӕм бахъуыдаид, уым-иу ӕм фӕкастаиккой (Ром. 16:1, 2). Павел раздӕр уыд фарисей ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ фарисейтау уый дӕр сылгоймӕгтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ каст. Фӕлӕ чырыстон кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ алы хъуыддаджы дӕр Йесойы фӕзмыдта. Йесойау Павел дӕр сылгоймӕгты нымадта ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ уыд. w20.09 20 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 16 июль
Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20).
Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ зӕрдӕйы зынг ссудза, ӕмӕ сӕ бафӕнда иннӕтӕн дӕр хорз хабар дзурын. Уый тыххӕй сӕм ис ахӕм фарстатӕ раттӕн: «Библийӕ цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕй кӕныс, уый фӕрцы дӕ цард хуыздӕрырдӕм куыд аивта? Куыд дӕм кӕсы, иннӕтӕн дӕр хъӕуы хорз хабар дзурын? Дӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын?» (Ӕмб. 3:27; Матф. 9:37, 38). Йесо загъта, адӕмы кӕй хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, «цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын». Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхстытӕм хауынц дыууӕ сӕйраг фӕдзӕхсты дӕр – Хуыцауы уарзын ӕмӕ адӕмы уарзын (Матф. 22:37–39). Цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый хорз хабар хъусын кӕнын бафӕнда, уый тыххӕй хъуамӕ бауарза Хуыцауы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр. Иуӕй-иутӕ хъусын кӕнын тӕрсгӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ сын хъуамӕ бамбарын кӕнӕм, Йегъовӕйы фӕрцы гыццылгай ныфсджындӕр кӕй кӕндзысты ӕмӕ адӕмӕй кӕй нал тӕрсдзысты (Пс. 18:1–3; Ӕмб. 29:25). w20.11 3 ф., 6–8 абз.
Хуыцаубон, 17 июль
Хуыцаумӕ ӕнӕрынцойӕ... кувӕм (Кол. 1:9).
Дӕхи Библийы ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ уыцы адӕймаджы тыххӕй скув. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕ бон уа адӕймагӕн рӕстдзинад афтӕ амонын, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ хъара. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ нысан кӕй у адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад сфидар уа ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райса. Фӕлӕ-иу йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ байхъуса, Йегъовӕ йын цы дзуры, уымӕ ӕмӕ-иу йемӕ ныхас дӕр кӕна. Алы бон дӕр Библи куы кӕса, уӕд-иу афтӕмӕй байхъусдзӕн, Йегъовӕ йын дзуры, уымӕ (Йес. Н. 1:8; Пс. 1:1–3). Алы бон дӕр Йегъовӕмӕ куы кува, уӕд-иу афтӕмӕй та йемӕ ныхас кӕндзӕн. Ахуыры размӕ ӕмӕ-иу ахуыры фӕстӕ зӕрдӕбынӕй скув ӕмӕ-иу дӕ куывдтыты, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый кой дӕр скӕн. Куыд кувыс, уый уынгӕйӕ уый дӕр сахуыр уыдзӕн зӕрдӕбынӕй кувын ӕмӕ базондзӕн, Йегъовӕмӕ Йесо Чырыстийы номӕй кӕй хъӕуы кувын (Матф. 6:9; Иоан. 15:16). Библи алы бон дӕр куы кӕса (ома йын Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ куы хъуса) ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы кува (ома йемӕ куы ныхас кӕна), уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзӕн (Иак. 4:8). w20.10 8 ф., 8 абз.; 9 ф., 10, 11 абз.
Къуырисӕр, 18 июль
Архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй (Еф. 4:3).
Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм алцыдӕр уыд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, стӕй се ’хсӕн уыд фарн (Хъуыд. 16:4, 5). Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы организаци тынг архайы, цӕмӕй алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ’хсӕн уа фарн. Уый бӕрӕг у, не ’мбырдтӕ куыд фӕцӕуынц, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, дӕхи бӕстӕйы кӕнӕ ӕндӕр бӕстӕйы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы ацӕуай, уӕд ӕй зондзынӕ, ӕфсымӕр ахуыр куыд уадздзӕн ӕмӕ дзы кӕцы статья ахуыр кӕндзысты, уый. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕппындӕр нӕ фӕтыхсдзынӕ. Ахӕм иудзинад Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ис ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг тыхы фӕрцы! (Соф. 3:9). Дӕуӕн та дӕ бон цы у аразын? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Архайын, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа? Разамынд нын чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕрты коммӕ кӕсын? Иннӕтӕ мӕ, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм адӕймагыл нымайынц, уӕлдайдӕр та кӕд мӕ бӕрны цавӕрдӕр хӕстӕ ис, уӕд? Алцыдӕр афоныл фӕаразын, нӕ байрӕджы кӕнын, иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ ӕмӕ сын балӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын?» (Иак. 3:17). Кӕд дӕ ацы хъуыддӕгты цыдӕр фӕивын хъӕуы, уӕд Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых кур. Сыгъдӕг тыхӕн бар куы дӕттай, цӕмӕй дын дӕ удыхъӕд ива, ӕмӕ уый дӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг куы уа, уӕд дӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ тынгдӕр уарздзысты ӕмӕ дын тынгдӕр аргъ кӕндзысты. w20.10 23 ф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 19 июль
Уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны... ахӕмтӕ (Иак. 1:22).
Хуыцауы Ныхас нын у кӕсӕны хуызӕн (Иак. 1:23–25). Нӕ фылдӕр сӕхимӕ кӕсӕнмӕ бакӕсынц алы райсом дӕр, цалынмӕ хӕдзарӕй нӕ рацӕуынц, уӕдмӕ. Ӕмӕ нӕ цалынмӕ иннӕтӕ нӕ фенынц, уӕдмӕ нӕхи бадзӕбӕхтӕ кӕнӕм. Раст афтӕ, Библи алы бон дӕр куы фӕкӕсӕм, уӕд фенӕм, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый. Бирӕтӕ алы райсом дӕр, цалынмӕ хӕдзарӕй нӕ рацӕуынц, уӕдмӕ бакӕсынц боны стих. Цы бакӕсынц, ууыл фӕхъуыды кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон вӕййы сӕ зондахаст ивын. Ӕмӕ уый фӕстӕ боны дӕргъы фӕагурынц фадӕттӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Уымӕй уӕлдай ма-иу хъуамӕ алы бон дӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм Библи иртасынӕн ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн. Чи зоны, исчи зӕгъа, уым зынӕй ницы ис, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый у, уынгӕг фӕндагыл цӕуынӕн нын чи ’ххуыс кӕны, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Библи абарӕн ис рентгенимӕ. Фӕлӕ хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг, цӕмӕй нын йӕ уынаффӕтӕ, стӕй нын разамынд чи дӕтты, уыдоны уынаффӕтӕ пайда хӕссой. w20.11 18 ф., 3 абз.; 20 ф., 8 абз.
Ӕртыццӕг, 20 июль
Ӕмбырдты ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой (Хъуыд. 16:5).
Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты фӕдыл-иу арӕх зылдысты. Фӕлӕ-иу сын сабыр рӕстӕджытӕ дӕр скодта. Цымӕ-иу ахӕм рӕстӕджыты уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ цы арӕзтой? Хорз хабар ӕнӕрынцойӕ хъусын кодтой. Хъуыддӕгты чиныджы фыст ис, ахуыргӕнинӕгты кӕй уыди «Йегъовӕйы тас». Уыдон дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой ӕмӕ уый фӕрцы «фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой». Бӕрӕг у, чырыстӕттӕ сабыр рӕстӕджыты зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уымӕн Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта (Хъуыд. 9:26–31). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ хорз хабар хъусын кӕнынӕн пайда кодтой алы фадатӕй дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павел куы бамбӕрста, Ефесы йын лӕггад кӕнынӕн стыр дуар кӕй байгом, уӕд уыцы горӕты баззад ӕмӕ хорз хабар хъусын кодта (1 Кор. 16:8, 9). Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт хъарутӕй райдыдтой хъусын кӕнын «хорз хабар, Йегъовӕйы ныхас» (Хъуыд. 15:30–35). Ӕмӕ сын цы бантыст? Уый фыст ис абоны стихы. w20.09 16 ф., 6–8 абз.
Цыппӕрӕм, 21 июль
Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй... фӕзынд (1 Кор. 15:21).
Адам тӕригъӕд куы ракодта, уӕд йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр фыдбылызы баппӕрста. Хуыцауы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый тыххӕй абон мах дӕр хъизӕмар кӕнӕм. Фӕлӕ, Хуыцау йӕ Фырты кӕй райгас кодта, уый фӕрцы нын фидӕнӕй ис диссаджы ныфс! Апостол Павел дарддӕр ныффыста: «Афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы [ома Йесойы фӕрцы] ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Кор. 15:22). Павел афтӕ куы загъта, «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр... мӕлынц», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Уый кодта Адамы байзӕддӕгты кой. Адамы аххосӕй уыдон сӕ туджы рахастой тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕт (Ром. 5:12). Чи «райгас уыдзӕн», уыдоны ’хсӕн Адам нӕ уыдзӕн. Чырыстийы нывонд Адамы тыххӕй не ’рцыд хаст, уымӕн ӕмӕ Адам уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты зонгӕ-зонын ахызт. Фидӕны Йесо Чырысти «сӕгътыл» кӕй банымайдзӕн, уыдон «ӕнустӕм фесӕфдзысты», ӕмӕ Адамӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у (Матф. 25:31–33, 46; Дзут. 5:9). w20.12 5 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 22 июль
Йегъовӕ... сӕрныллӕг адӕймаджы уыны (Пс. 138:6).
Кӕд нын нӕ бӕрны кадджын хӕстӕ нӕ бакӕнынц, уӕд ахъуыды кӕнӕм Хуыцауы иузӕрдион зӕдты цӕвиттоныл. Паддзах Ахавы заман Йегъовӕ йӕ зӕдты бафарста, Ахавы уӕ бон куыд у асайын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын иуӕй-иутӕ сӕ хъуыдытӕ загътой. Фӕлӕ Хуыцау ӕрмӕстдӕр иу зӕдӕн загъта, бантысдзӕн дын, зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕн бахӕс кодта уыцы хъуыддаг (1 Пад. 22:19–22). Цымӕ иннӕ зӕдтӕн сӕ ныфс асаст ӕмӕ сӕ исчи афтӕ хъуыды кодта, ӕз та ма мӕ сӕр цӕуыл риссын кодтон, зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Зӕдтӕ сӕрныллӕг сты ӕмӕ сӕ фӕнды ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Тӕрх. 13:16–18; Рарг. 19:10). Дӕ зӕрдыл дар, Хуыцауы ном хӕссын ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын стыр кад кӕй у. Нӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй ис, Хуыцау нын уый тыххӕй нӕ аргъ кӕны. Хуыцауӕн, стӕй не ’фсымӕртӕн зынаргъ уӕд уыдзыстӕм, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй дӕм ацы миниуджытӕ дарддӕр дӕр уой. Хъуыды кӕн, Библийы цы сӕрныллӕг лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл. Ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ у де ’фсымӕртӕн балӕггад кӕнынмӕ (1 Пет. 5:5). w20.12 26 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 23 июль
Райсут ирвӕзындзинады згъӕрхуд ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама, ома Хуыцауы ныхас (Еф. 6:17).
Ирвӕзындзинады згъӕрхуд у, Йегъовӕ нын цы ныфс дӕтты, уый. Йӕ фӕндон ын чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн ис ныфс, хӕрзиуӕгӕй сӕ кӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ, мӕлгӕ дӕр куы акӕной, уӕддӕр сӕ кӕй райгас кӕндзӕн (1 Фес. 5:8; 1 Тим. 4:10; Тит. 1:1, 2). Цы ныфс нын ис, уый нын хъахъхъӕны нӕ зонд. Уыцы ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл дарӕм ӕмӕ нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм. Нӕ зондахаст Хуыцауы зондахасты хуызӕн куы уа, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ уыцы згъӕрхуд нӕ сӕрыл ис. Зӕгъӕм, мах нӕ ныфс, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ дарӕм, фӕлӕ Хуыцауыл (Пс. 26:2; 104:34; 1 Тим. 6:17). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы лӕвӕрд хъама у Хуыцауы Ныхас, Библи. Хуыцауы Ныхасӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ йӕ бон у мӕнгдзинад хурмӕ рахӕссын ӕмӕ адӕмы мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй ссӕрибар кӕнын (2 Кор. 10:4, 5; 2 Тим. 3:16, 17; Дзут. 4:12). Уыцы хъамайӕ арӕхстджынӕй архайын ахуыр кӕнӕм, нӕхӕдӕг Библи кӕй иртасӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауы организаци кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы (2 Тим. 2:15). w21.03 26 ф., 4 абз.; 29 ф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 24 июль
Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтон ӕмӕ Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтон, уый тыххӕй ӕрвыст ӕрцыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ (Рарг. 1:9).
Апостол Иоанн ахст куы уыд, уӕд дӕр иннӕтыл хъуыды кодта. Зӕгъӕм, ныффыста Раргомады чиныг ӕмӕ йӕ арвыста ӕмбырдтӕм, цӕмӕй базыдтаиккой, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ» (Рарг. 1:1). Уый фӕстӕ та ныффыста Йесойы царды ӕмӕ лӕггады тыххӕй (ӕвӕццӕгӕн, куы ссӕрибар, уӕд). Уымӕй уӕлдай ма ныффыста ӕртӕ фыстӕджы, цӕмӕй йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕрты бафидар кодтаид ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид. Дӕуӕн дӕр дӕ бон у Иоанны йӕ удуӕлдайдзинадӕй бафӕзмын. Адӕмы уарзыс ӕви нӕ, уый бӕрӕг уыдзӕн, царды дын сӕйрагдӕр цы уыдзӕн, уымӕй. Хӕйрӕджы дунейы афтӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрмӕст дӕхи мӕт кӕнай, дӕ рӕстӕг дӕхиуыл хардз кӕнай ӕмӕ архайай, цӕмӕй фылдӕр ӕхца бакусай кӕнӕ дын адӕмы цӕсты фылдӕр кад уа. Фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр удуӕлдай хъусынгӕнджытӕ архайынц, цӕмӕй, сӕ уавӕртӕ цас амонынц, уыйбӕрц хъусын кӕной ӕмӕ адӕмӕн Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕнынӕн ӕххуыс кӕной. w21.01 10 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 25 июль
[Ионафан ӕй] йӕхи удау бауарзта (1 Сам. 18:1).
Кӕд Ионафан паддзахы фырт уыд, уӕддӕр Давидмӕ нӕ хӕлӕг кодта. Йӕ бон уыд зӕгъын, мӕ фыды фӕстӕ ӕз хъуамӕ суон паддзах, зӕгъгӕ (1 Сам. 20:31). Фӕлӕ Ионафан уыд сӕрныллӕг, стӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ Давиды паддзахӕй куы равзӕрста, уӕд ууыл разы уыд. Стӕй Давидыл дӕр уыд иузӕрдион, кӕд ӕм уый тыххӕй йӕ фыды маст ссыгъд, уӕддӕр (1 Сам. 20:32–34). Ионафан Давиды уарзта фӕлмӕн уарзтӕй, ӕмӕ йӕм хӕлӕг дӕр уый тыххӕй нӕ кодта. Ионафан уыд фӕлтӕрдджын фатӕхсӕг ӕмӕ хъӕбатыр хӕстон. Адӕм Саулӕй ӕмӕ Ионафанӕй дзырдтой, кӕй «уыдысты цӕргӕстӕй цӕрдӕгдӕр, домбӕйттӕй – тыхджындӕр» (2 Сам. 1:22, 23). Ӕмӕ Ионафанӕн йӕ бон уыд йӕхицӕй ӕппӕлын. Фӕлӕ уый нӕ архайдта, цӕмӕй Давидӕй хуыздӕр уыдаид, ӕмӕ йӕм нӕ мӕсты кодта. Йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, Давид хъӕбатыр кӕй уыд ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта. Давид Ионафаны зӕрдӕйӕн адджын сси, Давид Голиафы куы амардта, растдӕр уӕд. w21.01 21 ф., 6 абз.; 22 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 26 июль
Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг (1 Кор. 11:3).
Чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр йӕ хицау у Йесо Чырысти. Уый у алцӕмӕй ӕххӕст хицау. Фӕлӕ чырыстон сылгоймаг мой куы скӕны, уӕд йӕ хицау свӕййы ӕнӕххӕст нӕлгоймаг. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын, гӕнӕн ис, алы хатт ӕнцон ма уа. Уӕдӕ хо смой кӕнынмӕ куы хъава, уӕд хорз уаид, куы ахъуыды кӕнид ахӕм фарстатыл: «Ацы ’фсымӕр хорз бинонты хистӕр кӕй уыдзӕн, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Хуыцауы хъуыддӕгтӕ йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕры? Кӕд нӕ, уӕд мӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ, нӕ цард куы баиу кӕнӕм, уӕд уый фӕстӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын райдайдзӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕндзӕн?» Хорз ма уаид, хо куы ахъуыды кӕнид ахӕм фарстатыл дӕр: «Мӕнмӕ та ис, бинонты царды чи хъӕуы, ахӕм миниуджытӕ? Фӕразон, рӕдау ӕмӕ уазӕгуарзон дӕн? Йегъовӕ ме ’ввахс Хӕлар у?» (Еккл. 4:9, 12). Хо куы смой кӕна, уӕд амондджын уыдзӕн ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, уый размӕ цавӕр уынаффӕтӕ рахӕсдзӕн, уымӕй дӕр. Нӕ хотӕ фӕзминаг сты, сӕ сӕрыхицӕутты коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕй. w21.02 8 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 27 июль
Македонимӕ-ма ӕрцу ӕмӕ нын баххуыс кӕн (Хъуыд. 16:9).
Фӕстаг азты хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ райдыдтой ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уа фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ кӕд иуӕй-иуты цалдӕр азы дӕр бахъӕуы, цӕмӕй ӕндӕр ӕвзагыл хорз дзурын райдайой, уӕддӕр ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс вӕййынц. Сӕ хорз миниуджыты ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы ӕмбырд тынг бафидар вӕййы. Мах уыцы удуӕлдай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн тынг аргъ кӕнӕм! Кӕд ӕфсымӕр, цы ӕмбырды лӕггад кӕны, уыцы ӕмбырды ӕвзагыл хорз нӕма дзуры, уӕддӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕндзысты, ӕмӕ йӕ нырма нӕй хистӕр нӕлгоймагӕй кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕнӕн. Ӕвзаг хорз зоны ӕви нӕ, уый сӕйраг нӕу. Сӕйраг у, цӕмӕй йӕм уа, Библимӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймагмӕ кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрмӕ чи хъуамӕ уа, уыцы миниуджытӕ (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9). w20.08 30 ф., 15, 16 абз.
Цыппӕрӕм, 28 июль
Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут (Иак. 1:2).
Бирӕтӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, ӕнӕниз куы уой, бирӕ ӕхца сӕм куы уа ӕмӕ сӕ бинонтӕ кӕрӕдзи хорз куы ӕмбарой, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзысты амондджын. Фӕлӕ, Иаков цы циндзинады кой кодта, уый у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу. Ӕмӕ уыцы циндзинад, адӕймаг цы уавӕрты ис, уымӕй кӕнгӕ нӕу (Гал. 5:22). Чырыстон куы фӕзоны, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕны, уый ӕмӕ Йесойы куы фӕфӕзмы, уӕд фӕцин кӕны ӕмӕ вӕййы ӕцӕг амондджын (Лук. 6:22, 23; Кол. 1:10, 11). Цырагъ цырагъдарӕны мидӕг куы фӕсудзы, уӕд ӕй дымгӕ ӕмӕ къӕвда нӕ ахуыссын кӕнынц. Афтӕ чырыстонӕн дӕр йӕ циндзинад вӕййы йӕ зӕрдӕйы, ӕмӕ, цыфӕнды уавӕрты ма бахауа, уӕддӕр фӕцин кӕны. Куы фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ ӕхцахъуаг куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ циндзинад не ’рмынӕг вӕййы. Стӕй ныл нӕ бинонтӕ кӕнӕ иннӕтӕ куы фӕхудынц йе та нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕддӕр нӕ циндзинад нӕ фесафӕм, фӕлӕ ма нӕ циныл ноджыдӕр цин бафты. Нӕ уырнындзинады тыххӕй фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм (Матф. 10:22; 24:9; Иоан. 15:20). Уымӕ гӕсгӕ Иаков ныффыста, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. w21.02 28 ф., 6 абз.
Майрӕмбон, 29 июль
Хорз ныхас... зӕрдӕйыл базыртӕ басадзы (Ӕмб. 12:25).
Искӕцы стихты-иу куы бакӕсай, кӕй хъуамӕ ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарӕм, уӕд-иу уыцы стихтӕ бахъуыды кӕн. Дӕхицӕн-иу сӕ хъӕрӕй бакӕс. Кӕнӕ сӕ дӕхицӕн рафысс ӕмӕ та-иу сӕ уый фӕстӕ ногӕй бакӕс. Йегъовӕ Йесо Навинӕн загъта, цӕмӕй-иу закъоны чиныг йӕхицӕн сабыр хъӕлӕсӕй кастаид. Уӕд йӕ бон уыдаид зондджынӕй архайын. Цы дзы уыд фыст, уый йын ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй мацӕмӕй тарстаид ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаид (Йес. Н. 1:8, 9). Библийӕ дын бирӕ стихтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цы зындзинӕдтӕй фӕтӕрсыс кӕнӕ цы зындзинӕдты тыххӕй фӕтыхсыс, уыцы зындзинӕдтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр дӕ зӕрдӕ сабыр уа (Пс. 27:1–3; Ӕмб. 3:25, 26). Ӕмбырдты куы вӕййӕм, уӕд нын стыр ӕххуыс фӕвӕййынц ӕфсымӕрты раныхӕстӕ, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дзуаппытӕ. Стӕй, семӕ кӕй аныхӕстӕ кӕнӕм, уый дӕр нӕ бафидар кӕны (Дзут. 10:24, 25). Нӕ бон ма вӕййы, ӕмбырды нын цы ӕмбӕлттӕ ис, уыдонимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый сын радзурын. w21.01 6 ф., 15, 16 абз.
Сабат, 30 июль
Фӕзминаг у, иузӕрдион чи у, уыдонӕн (1 Тим. 4:12).
Донаргъуыд куы райстай, уӕд равдыстай, дӕ уырнындзинад фидар кӕй у ӕмӕ дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дарыс. Йегъовӕйӕн дӕр ӕхсызгон уыд, йӕ бинонтӕм кӕй ӕрбаиу дӕ. Фӕлӕ дӕ рох макуы уӕд, алкӕддӕр дӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дарай. Чи зоны дын уый ӕнцон вӕййы, ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын дӕ куы фӕхъӕуы, уӕд. Фӕлӕ иннӕ уынаффӕтӕ хӕссыны тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Ирхӕфсӕнты фӕдыл, куысты фӕдыл ӕмӕ, дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрыс, уый фӕдыл уынаффӕтӕ куы хӕссай, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарай. Дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Библийы-иу ссар, дӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архай (Ӕмб. 3:5, 6). Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ ӕмбырды дӕр нымайдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт-иу рӕдигӕ дӕр фӕкӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ рӕдийӕм. Фӕлӕ дӕ уый хъуамӕ ма хъыгдара Йегъовӕйы хъуыддаджы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын. w21.03 6 ф., 14, 15 абз.
Хуыцаубон, 31 июль
Домбайы дзыхӕй [мӕ] фервӕзын кодта (2 Тим. 4:17).
Мыййаг, дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ цӕуынц? Кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у кӕнӕ сын сӕрибарӕй архайыны бар кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕйы цӕрыс? Кӕд о, уӕд дын 2 Тимофеймӕ 1:12–16; 4:6–11, 17–22 стихтӕ уыдзысты ныфсы хос. Апостол Павел сӕ ныффыста, ахст куы уыд, уӕд. Цалынмӕ ацы стихтӕ бакӕсай, уӕдмӕ уал-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын зӕгъ, цы дӕ тыхсын кӕны. Дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый йын радзур. Уый фӕстӕ йын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, Павелы хабӕрттӕй дӕ бон зондӕн райсын цы у, уый бамбарынӕн. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, дӕ уавӕры бакӕнӕн куыд ис, уый бамбарын. Йегъовӕ Павелы бафӕдзӕхста, чырыстон кӕй у, уый тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзӕн (Хъуыд. 21:11–13). Фӕлӕ йын Йегъовӕ ӕххуыс кодта. Йӕ куывдтытӕн ын дзуапп радта ӕмӕ йын хъару лӕвӕрдта. Йегъовӕ йын загъта, ӕнӕмӕнг кӕй райсдзӕн, ӕппӕт хъарутӕй кӕмӕ тырныдта, уыцы хӕрзиуӕг. Стӕй ма йын йӕ иузӕрдион ӕмбӕлтты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаиккой. w21.03 17, 18 фф., 14, 15, 19 абз.