Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 106–120 фф.
  • Август

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Август
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 август
  • Дыццӕг, 2 август
  • Ӕртыццӕг, 3 август
  • Цыппӕрӕм, 4 август
  • Майрӕмбон, 5 август
  • Сабат, 6 август
  • Хуыцаубон, 7 август
  • Къуырисӕр, 8 август
  • Дыццӕг, 9 август
  • Ӕртыццӕг, 10 август
  • Цыппӕрӕм, 11 август
  • Майрӕмбон, 12 август
  • Сабат, 13 август
  • Хуыцаубон, 14 август
  • Къуырисӕр, 15 август
  • Дыццӕг, 16 август
  • Ӕртыццӕг, 17 август
  • Цыппӕрӕм, 18 август
  • Майрӕмбон, 19 август
  • Сабат, 20 август
  • Хуыцаубон, 21 август
  • Къуырисӕр, 22 август
  • Дыццӕг, 23 август
  • Ӕртыццӕг, 24 август
  • Цыппӕрӕм, 25 август
  • Майрӕмбон, 26 август
  • Сабат, 27 август
  • Хуыцаубон, 28 август
  • Къуырисӕр, 29 август
  • Дыццӕг, 30 август
  • Ӕртыццӕг, 31 август
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 106–120 фф.

Август

Къуырисӕр, 1 август

Ӕнӕ мӕнӕй уӕ бон ӕппындӕр ницы у (Иоан. 15:5).

Йесойы нывонд пайда ӕрхӕсдзӕн ӕрмӕстдӕр йӕ хӕлӕрттӕн. Йесо загъта, йӕ уд кӕй ратдзӕн йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау (Иоан. 15:13). Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ ’рцыд, уӕдмӕ чи цард, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хъӕудзӕн Йесойы базонын ӕмӕ йӕ бауарзын. Йегъовӕ сӕ райгас кӕндзӕн, фӕлӕ суанг уыдоны дӕр хъӕудзӕн бацархайын, цӕмӕй Йесойы хӕлӕрттӕ суой, уымӕн ӕмӕ уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн, ӕнустӕм цӕрдзысты ӕви нӕ (Иоан. 17:3; Хъуыд. 24:15; Дзут. 11:8–12, 24–26, 31). Абон мах хъусын кӕнӕм хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Йесоимӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Уый нын хӕссы стыр циндзинад. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ сын рӕстдзинад амыдта. Фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд ӕй Йегъовӕ сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дарддӕр разамынд дӕтты хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн. Йесо уыны, дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, цӕмӕй фылдӕр адӕм Йесойы ӕмӕ йӕ Фыды базоной. Ӕмӕ дын дӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Уыцы хъуыддаг нӕ бон у аразын, Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо кӕй ӕххуыс кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы (Иоан. 15:4). w20.04 22 ф., 7, 8 абз.

Дыццӕг, 2 август

Уыцы дыууӕ паддзахы... иу фынгыл бадгӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты (Дан. 11:27).

Райдианы «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «хуссайраг паддзах» хуындысты, Израилӕн цӕгатырдыгӕй ӕмӕ хуссарырдыгӕй цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдон (Дан. 10:14). Н. э. 33 азмӕ Фӕндзайӕм боны онг Хуыцауы адӕм уыдысты Израилы адӕм. Фӕлӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ бӕлвырд ӕвдыста, йӕ адӕмыл кӕй банымадта Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты. Уымӕ гӕсгӕ, Данелы 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уымӕн йӕ фылдӕр хай Израилы адӕммӕ нӕ амоны, фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм (Хъуыд. 2:1–4; Ром. 9:6–8; Гал. 6:15, 16). Стӕй-иу алы рӕстӕджыты алыхуызон хицӕуттӕ кӕнӕ хицауӕдтӕ систы цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах. Фӕлӕ сӕ алкӕддӕр базонӕн уыд ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ. Фыццаг: уыдон уыдысты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы бӕстӕты паддзӕхтӕ. Дыккаг: Хуыцауы адӕмӕн куыд уыдысты, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ се сӕфт кӕй уынынц. Ӕмӕ ӕртыккаг: уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ тох кодтой, бартӕ кӕй къухы уыдзысты, ууыл. w20.05 3 ф., 3, 4 абз.

Ӕртыццӕг, 3 август

Ӕз суыдзынӕн, чи мӕ бафӕнда, уый (Рац. 3:14).

Йегъовӕ свӕййы, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй йӕ цӕйфӕнды сӕр ма бахъӕуа, уый. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йе ’нӕххӕст лӕггадгӕнджытӕ суой, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн чи хъуамӕ суой, уый (Ис. 64:8). Уӕдӕ бӕрӕг у: Йегъовӕйы ницы бахъыгдардзӕн йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕнын (Ис. 46:10, 11). Нӕ уӕларвон Фыды хъуыддӕгтыл, стӕй нын йӕ фӕрцы цы бантыст, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дисӕн кӕрон нал вӕййы (Пс. 8:3, 4). Ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн куыд баххуыс кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй тынгдӕр фӕнымайӕм. Йегъовӕйы ном ӕцӕгдӕр тас ӕфтауы! Уыцы ном фехъусгӕйӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц йӕ диссаджы миниуджытӕ, стӕй, цыдӕриддӕр сарӕзта ӕмӕ ма цыдӕриддӕр сараздзӕн, уыдӕттӕ (Пс. 89:7, 8). w20.06 9 ф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 4 август

[Хуыцау] алкӕмӕндӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр (Хъуыд. 17:24, 25).

Туаггуыр у, адӕмы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр цӕрынӕн чи хъӕуы, ахӕм газ. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ иу азмӕ сулӕфынц сӕдӕ миллиард тоннӕйы туаггуыр ӕмӕ раулӕфынц ӕвзалытуаг газ (углекислый газ). Фӕлӕ туаггуыр никуы фӕвӕййы, стӕй ӕвзалытуаг газ дӕр уыйбӕрц никуы свӕййы, цӕмӕй цӕрӕг удтӕн сӕ бон улӕфын мауал уа. Цымӕ уымӕн цӕй фӕрцы ис гӕнӕн? Йегъовӕ ма сфӕлдыста алыхуызон зайӕгойтӕ – стыр бӕлӕстӕй райдай ӕмӕ гыццылмур доны зайӕгойтӕй фӕу. Ӕмӕ уыдон ӕвзалытуаг газ сцъирынц, фӕстӕмӕ та раттынц туаггуыр. Уый фӕрцы нӕ бон у улӕфын, ӕмӕ уый кой цӕуы абоны стихы дӕр. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ диссаджы планетӕйӕн ӕмӕ йыл цы хорздзинӕдтӕ ис, уыдонӕн тынгдӕр аргъ кӕнӕм? (Пс. 115:16). Йегъовӕ цы скодта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ алы бон дӕр фӕнддзӕн йӕ лӕвӕртты тыххӕй йын бузныг дзурын. Стӕй ма, Зӕххӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, кӕм цӕрӕм, уыцы ран куы нӕ чъизи кӕнӕм ӕмӕ куы архайӕм, цӕмӕй дзы сыгъдӕг уа. w20.05 22 ф., 5, 7 абз.

Майрӕмбон, 5 август

Ӕз срухс кӕндзынӕн ме стыр ном, адӕмты ’хсӕн кӕй фӕчъизи кодтой... уый (Йез. 36:23).

Хӕйрӕг Йегъовӕйы куы фӕаххосджын кодта, уӕд Йегъовӕ куыд бакодта, уымӕй равдыста, стыр зонды хицау кӕй у, фӕразон кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы. Стӕй ма алы ӕмӕ алыхуызӕтты ӕвдисы йӕ ӕгӕрон тых. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ алы хъуыддаджы дӕр зыны йӕ уарзондзинад (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕ алкӕддӕр цыдӕр арӕзта, цӕмӕй йӕ ном срухс кодтаид. Хӕйрӕг абон дӕр Хуыцауы номыл цъыф калы. Уый архайы, цӕмӕй адӕм дызӕрдыг кӕной, Хуыцау хъомысджын, рӕстаг, зондджын ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, ууыл. Зӕгъӕм, бирӕты баууӕндын кӕны, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй нӕу. Ӕмӕ, Хуыцау кӕй уырны, уыдоны та баууӕндын кӕны, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сын сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ кӕй бӕттынц ӕмӕ Йегъовӕ рӕстӕй кӕй нӕ архайы, ууыл. Адӕмӕн ма ахӕм хъуыды хъары, Йегъовӕ кӕй у дурзӕрдӕ ӕмӕ адӕмы зындоны арты кӕй судзы. Ӕмӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл чи баууӕнды, уыдоны нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хицау уа. Цалынмӕ Йегъовӕ Хӕйрӕджы нӕ фесафа, уӕдмӕ йыл цъыф калдзӕн. Ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй дӕу дӕр Йегъовӕйӕ адард кӕна. Уый йын бантысдзӕн? w20.06 5 ф., 13–15 абз.

Сабат, 6 август

Йӕ удыхъӕд кӕмӕн сног, уымӕн та уӕлдай нӕу, адӕймаг грекъаг у ӕви дзуттаг, сунӕтгонд ӕви ӕнӕсунӕт, ӕцӕгӕлон, скиф, цагъар ӕви сӕрибар, фӕлӕ ӕппӕт дӕр у Чырысти ӕмӕ уый ис ӕппӕты мидӕг дӕр (Кол. 3:11).

Ӕндӕр ӕвзаг чи ахуыр кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бирӕ ӕмбырдты ис. Чи зоны сын зын вӕййы сӕ хъуыдытӕ дзурын. Фӕлӕ, ӕвзагмӕ арӕхсынц ӕви нӕ, уымӕ-иу куы нӕ ныккомкоммӕ уӕм, уӕд фендзыстӕм, Йегъовӕйы куыд тынг уарзынц ӕмӕ йын куыд зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц, уый. Ӕмӕ сӕ уӕд бауарздзыстӕм, стӕй сын аргъ кӕндзыстӕм. Не ’взагыл хорз кӕй нӕ дзурынц, уый тыххӕй нӕхи афтӕ никуы дардзыстӕм, цыма сын афтӕ зӕгъӕм, «ницӕмӕн нӕ хъӕут», зӕгъгӕ (1 Кор. 12:21). Йегъовӕ махӕй алкӕмӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй нӕ бон уа ӕмбырд фидар кӕнын. Уӕлдай нӕу, нӕлгоймӕгтӕ стӕм ӕви сылгоймӕгтӕ, бинонтӕ нын ис ӕви нӕ, ӕрыгӕттӕ стӕм ӕви ацӕргӕтӕ, ӕндӕр ӕвзагыл хорз дзурӕм ӕви нӕ,– Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ стӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дӕр тынг аргъ кӕнӕм (Ром. 12:4, 5; Кол. 3:10). Уӕдӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, Йегъовӕйы ӕмбырды нӕхӕдӕг дӕр цы аразӕм ӕмӕ иннӕтӕ дӕр цы аразынц, уымӕн. w20.08 31 ф., 20–22 абз.

Хуыцаубон, 7 август

Чидӕртӕ [йӕм] ӕрбаиу ӕмӕ систы уырнджытӕ (Хъуыд. 17:34).

Кӕд афинӕгтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой, ӕнӕгъдау митӕ кодтой ӕмӕ алыхуызон философитыл хӕст уыдысты, уӕддӕр сыл апостол Павел йӕ къух нӕ ауыгъта. Ӕмӕ йӕ кӕд ӕфхӕргӕ дӕр кодтой, уӕддӕр сын хъусын кодта. Павел йӕхӕдӕг раздӕр Хуыцауы фаудта, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдта ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыд, фӕлӕ уӕддӕр чырыстон сси (1 Тим. 1:13). Йесо Чырыстийы ныфс уыд, Павел иу бон йӕ ахуыргӕнинаг кӕй суыдзӕн. Ӕмӕ афтӕ Павелы дӕр ныфс уыд, иу бон афинӕгтӕ дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты. Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл (Хъуыд. 9:13–15). Фыццаг ӕнусы алыхуызон адӕм систы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Павел грекъаг горӕт Коринфы чырыстӕттӕм ныффыста, се ’мбырдӕй иуӕй-иутӕ раздӕр кӕй уыдысты фыдгӕнджытӕ, чидӕртӕ та кӕй хӕтыдысты ӕмӕ тынг хӕлд митӕ кӕй кодтой. Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут» (1 Кор. 6:9–11). Дӕу дӕр ныфс уыдаид, уыцы адӕм иу бон кӕй фӕивдзысты ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты? w20.04 12 ф., 15, 16 абз.

Къуырисӕр, 8 август

Мӕ бон нал у! О Йегъовӕ, айс мын мӕ цард (1 Пад. 19:4).

Гӕнӕн ис, ӕмбырды исчи афтӕ хъуыды кӕнын райдайа, ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ницы пайда у. Фӕлӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уайтагъд уайдзӕфтӕ кӕнынмӕ ма фӕуой. Хъуамӕ уал бамбарой, афтӕ цӕмӕн дзуры кӕнӕ йӕхи афтӕ цӕмӕн дары, уый. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ сӕ бон уыдзӕн Библийы фӕрцы йӕ ныфсыл ныфс бафтауын. Пехуымпар Илийа алыгъд ус-паддзах Йезавелӕй (1 Пад. 19:1–3). Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ, Йегъовӕйы номыл цы сарӕзта, уый дзӕгъӕлы фӕци, ӕмӕ мӕлӕтмӕ бӕллыд (1 Пад. 19:10). Йегъовӕ йӕ уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын загъта, иунӕг кӕй нӕу, тыхтӕ йын кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ йӕм нырма бирӕ куыст кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуыста ӕмӕ йын ног хӕслӕвӕрдтӕ радта (1 Пад. 19:11–16, 18). Мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы фыстӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм. Уӕлдайдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ уой ахӕмтӕ. Гӕнӕн ис, адӕймаг мӕстджын у кӕнӕ йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕу, цӕмӕй йын Йегъовӕ ныххатыр кӕна. Ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы дзура, уӕд-иу ӕм хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусой. Уый фӕстӕ йын хъуамӕ бамбарын кӕной, Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ кӕй у. w20.06 21, 22 фф., 13, 14 абз.

Дыццӕг, 9 август

Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы (Ӕмб. 17:17).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ бинонтимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ рӕстӕг ӕрвитӕм ӕмӕ нын уый циндзинад хӕсса (Пс. 133:1). Йесойӕн дӕр уыди хорз ӕмбӕлттӕ (Иоан. 15:15). Библи ӕмбарын кӕны, ӕцӕг ӕмбал стыр хӕзна цӕмӕн у (Ӕмб. 18:24). Стӕй ма дзы фыст ис, адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард ласа, уый хорз кӕй нӕу (Ӕмб. 18:1). Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ социалон сетьты фӕрцы сӕ бон у бирӕ ӕмбӕлттӕ ссарын, ӕмӕ уӕд сӕхимӕ иунӕг нӕ кӕсдзысты. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй, социалон сетьтыл бирӕ рӕстӕг чи хардз кӕны, уыдон арӕх сӕхимӕ иунӕг кӕсын райдайынц ӕмӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц. Цӕмӕн? Зӕгъӕм, бирӕтӕ социалон сетьты сӕвӕрынц сӕхи къамтӕ, се ’мбӕлтты къамтӕ ӕмӕ, кӕмыты вӕййынц, уыцы бынӕтты къамтӕ. Ӕмӕ равзарынц ӕппӕты рӕсугъддӕр къамтӕ. Чи сӕ фены, уыдон, гӕнӕн ис, хъуыды кӕной, зӕгъгӕ, адӕм сӕ рӕстӕг уӕртӕ куыд хорз ӕрвитынц, ӕз та цӕугӕ дӕр никӕдӕм кӕнын. w20.07 5, 6 фф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 10 август

Апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл ӕрӕмбырд сты (Хъуыд. 15:6).

1988 азы 1 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (англисаг ӕвзагыл) фыст уыд: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ӕмбарой, Йесо Чырыстийӕн сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон кӕй у, хистӕр нӕлгоймӕгты советы чи ис, уыдонӕй кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ зӕрдыл Библийы уагӕвӕрд ӕрлӕууын кӕнын, цӕмӕй бамбарой, кӕцыдӕр уавӕры куыд бакӕной, уый кӕнӕ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссой (Хъуыд. 15:7–15). Сыгъдӕг тых хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕрмӕст иуӕн нӕ феххуыс кӕны, фӕлӕ се ’ппӕтӕн дӕр». Хистӕр нӕлгоймаг иннӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн куы фӕаргъ кӕны, уӕд нӕ фӕархайы, цӕмӕй-иу сӕ фембӕлдты алы хатт дӕр йӕ хъуыды фыццаг уый зӕгъа. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ фӕдзуры, фӕлӕ иннӕтӕн дӕр ныхасы бар фӕдӕтты. Стӕй афтӕ нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ, цы дзуры, уый алкӕддӕр раст вӕййы. Йӕ хъуыды сӕрныллӕгӕй бамбарын кӕны ӕмӕ иннӕтӕм лӕмбынӕг байхъусы. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ цӕттӕ вӕййы Библийы уагӕвӕрдтыл аныхас кӕнынмӕ ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» разамындмӕ гӕсгӕ архайынмӕ (Матф. 24:45–47). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхасӕн куы аргъ кӕной, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг тых уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕ рахӕссынӕн (Иак. 3:17, 18). w20.08 27 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 11 август

Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн (Ром. 12:21).

Апостол Павелы знӕгтӕ йӕхицӕй бирӕ тыхджындӕр уыдысты. Сӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ йӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕнадтой, ахӕстоны дӕр-иу ӕй бакодтой. Ӕмбал ын чи хъуамӕ уыдаид, уыдон ӕм ӕвзӕр зӕрдӕ дардтой. Чырыстон ӕмбырдӕй чидӕртӕ суанг йӕ ныхмӕ дӕр цыдысты (2 Кор. 12:11; Фил. 3:18). Фӕлӕ Павел фӕуӕлахиз, йемӕ чидӕриддӕр тох кодта, уыдоныл. Куыд? Кӕд йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта. Кӕд-иу ӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уӕддӕр сыл ӕнувыд уыд. Ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ мӕлӕты онг дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад (2 Тим. 4:8). Ӕппӕт уыдӕттӕ, тыхджын кӕй уыд, уый фӕрцы не сфӕрӕзта. Уый йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта, фӕлӕ Йегъовӕйыл. Мыййаг дӕ исчи фефхӕры кӕнӕ дӕ ныхмӕ фӕцӕуынц? Махӕн нӕ нысан у, Йегъовӕйы ӕмӕ, Библи цы дзуры, уый базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, адӕмы фарстатӕн дзуапп Библийӕ куы дӕттӕм, чи нӕ ’фхӕры, уыдонимӕ сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм ӕмӕ сӕм хӕларзӕрдӕ куы уӕм, стӕй алкӕмӕн дӕр, суанг не знӕгтӕн дӕр, хорздзинад куы аразӕм (Матф. 5:44; 1 Пет. 3:15–17). w20.07 17, 18 фф., 14, 15 абз.

Майрӕмбон, 12 август

Дӕ сӕрныллӕгдзинад мӕ бӕрзонд кӕны (2 Сам. 22:36).

Ӕцӕгдӕр ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг у? О, уый афтӕ у, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Давид цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй, фыст сты абоны стихы (Пс. 18:35). Ӕвӕццӕгӕн, Давид ӕрхъуыды кодта, кӕддӕр сӕм пехуымпар Самуил куыд ӕрбацыд, уый. Самуил ӕрбацыд, цӕмӕй, Йегъовӕ Израилӕн паддзахӕй кӕй равзӕрста, уый сойӕ байсӕрстаид. Давид уыд аст фыртӕй ӕппӕты кӕстӕр, фӕлӕ Йегъовӕ Саулы бӕсты паддзахӕй уый равзӕрста (1 Сам. 16:1, 10–13). Давид ӕнӕмӕнг сразы уыдаид, иу псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйы тыххӕй цы загъта, уыимӕ: «Уый ӕргуыбыр кӕны, цӕмӕй ӕркӕса арв ӕмӕ зӕхмӕ. Ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаджы зӕххӕй сисы, мӕгуыры сисы фӕныкӕй, цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна кадджынтимӕ» (Пс. 113:6–8). Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй у. Уый адӕмӕн фадат радта, цӕмӕй йын лӕггад кӕной. Уымӕй уӕлдай ма сӕ банымайы йӕ хӕлӕрттыл (Пс. 25:14). Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы. Бӕрӕг у, Йегъовӕ тынг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у. w20.08 8 ф., 1–3 абз.

Сабат, 13 август

[Йегъовӕйы] нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат (2 Пет. 3:9).

Йегъовӕ ацы зӕронд дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕн снысан кодта бӕлвырд бон ӕмӕ сахат (Матф. 24:36). Ӕмӕ уыцы бонӕй раздӕр архайын нӕ райдайдзӕн. Кӕд ӕй мӕрдты райгас кӕнын тынг фӕнды, уӕддӕр фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Иов 14:14, 15). Уый сӕ райгас кӕндзӕн, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд (Иоан. 5:28). Ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы фӕразондзинадӕн аргъ кӕнӕм. Уый фӕрцы бирӕтӕн, уыимӕ махӕн дӕр, уыд «ӕрфӕсмон кӕныны фадат». Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнусон цардӕй фылдӕр адӕм схайджын уой. Йӕ фӕразондзинады тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Хъуамӕ зӕрдиагӕй агурӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕмы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ суой (Хъуыд. 13:48). Ӕмӕ уӕд махау уыдонӕн дӕр Йегъовӕйы фӕразондзинад ӕрхӕсдзӕн пайда. w20.08 18 ф., 17 абз.

Хуыцаубон, 14 август

Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ, о Йегъовӕ, сахуыр мӕ кӕн дӕ къахвӕндӕгтыл цӕуын (Пс. 25:4).

Мах бӕгуыдӕр фӕнды, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базона. Фӕлӕ ма йын уыцы зонындзинӕдтӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕ дӕр бацагайой, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕд бафӕнддзӕн, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Йесо адӕмӕн бирӕ цыдӕртӕ ӕмбарын кодта, ӕмӕ сын цы амыдта, уый-иу сӕм раст ӕмӕ хорз каст. Фӕлӕ-иу йӕ фӕдыл ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ ацыдысты. Йесо ма-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ дӕр бацагайдта (Лук. 24:15, 27, 32). Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый хъуамӕ бамбара, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй суа йӕ Фыд, йӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Хӕлар (Пс. 25:5). Ахуыры рӕстӕг ын йе ’ргом здах, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уымӕ, цыфӕнды темӕ ма ӕвзарат, уӕддӕр (Рац. 34:5, 6; 1 Пет. 5:6, 7). Йе ’ргом ын здах Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕм – йӕ уарзондзинадмӕ, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ ӕмӕ, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уымӕ. Йесо загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз... Уый у фыццаг ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» (Матф. 22:37, 38). Уӕдӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарза. w20.10 10 ф., 12 абз.

Къуырисӕр, 15 август

Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры (Иоан. 11:5).

Йесо сылгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр тынг аргъ кодта (Иоан. 4:27). Фӕлӕ ноджы тынгдӕр та аргъ кодта, йӕ Фыды фӕндон ын чи ӕххӕст кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн. Ӕмӕ, йӕ бинонтыл кӕй нымадта, уыдоны кой куы кодта, уӕд нӕлгоймӕгтимӕ скодта сылгоймӕгты кой дӕр (Матф. 12:50). Йесо сын уыди хорз ӕмбал. Зӕгъӕм, уыцы сылгоймӕгтӕй дыууӕ уыдысты Марфӕ ӕмӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, моймӕдзыд нӕ уыдысты (Лук. 10:38–42). Йесо афтӕ ныхас кодта ӕмӕ йӕхи афтӕ дардта, ӕмӕ сын йемӕ тынг ӕнцон уыд. Иухатт Марийӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ-иу куыд кодтой, афтӕ йӕ къӕхты раз ӕрбадт. Марийӕ афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, Йесо йӕм уый тыххӕй кӕй не смӕсты уыдаид. Марфӕ та Марийӕмӕ смӕсты, кӕй йын не ’ххуыс кодта, уый тыххӕй ӕмӕ Йесойӕн йӕ хъуыды зӕгъын нӕ фӕтарст. Ӕмӕ Йесо сӕ дыууӕйӕн дӕр баххуыс кодта ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарынӕн. Йесо дыууӕ хойы дӕр ӕмӕ сын се ’фсымӕр Лазӕры дӕр кӕй уарзта, уый бӕрӕг у, ӕндӕр хӕттыты дӕр-иу сӕм кӕй ӕрбацыд, уымӕй (Иоан. 12:1–3). Ӕмӕ Лазӕр тынг куы фӕрынчын, уӕд Марфӕ ӕмӕ Марийӕ зыдтой, сӕ бон кӕй уыд Йесомӕ фӕдзурын, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид (Иоан. 11:3). w20.09 20 ф., 3 абз.; 21 ф., 6 абз.

Дыццӕг, 16 август

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ... афтӕ ӕнхъӕлдтой... Хуыцауы паддзахад растдӕр уӕд кӕй раргом уыдзӕн (Лук. 19:11).

Йесойы ахуыргӕнинӕгты ныфс уыди, Хуыцауы Паддзахад тагъд рӕстӕджы кӕй «раргом уыдзӕн», ӕмӕ Ромы ӕфсондзы бынӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты. Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад фыддзинад кӕд фесафдзӕн ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы ног дунемӕ кӕд бакӕндзӕн, уыцы бонмӕ (2 Пет. 3:13). Фӕлӕ хъуамӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ уымӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ. Йегъовӕ Нойӕн фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй нау сарӕзтаид ӕмӕ адӕмӕн фехъусын кодтаид, тагъд Хуыцау зӕххыл Доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн (2 Пет. 2:5; 1 Пет. 3:20). Йегъовӕ Аврааммӕ фӕразонӕй байхъуыста, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджыты фесафынвӕнд куы скодта, уӕд ӕй Авраам уыцы адӕмы тыххӕй куы фарста, уӕд (Райд. 18:20–33). Бирӕ ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ диссаджы фӕразондзинад ӕвдыста ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕм (Неем. 9:30, 31). Ӕмӕ абон дӕр фӕразондзинад ӕвдисы, йӕхимӕ ӕрбакӕнын ӕй кӕй фӕнды, уыдонмӕ. Рӕстӕг сын дӕтты, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной (2 Пет. 3:9; Иоан. 6:44; 1 Тим. 2:3, 4). Йегъовӕйы цӕвиттон нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр фӕразонӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм. w20.09 10 ф., 8, 9 абз.

Ӕртыццӕг, 17 август

Райгас уыдзысты (Хъуыд. 24:15).

Йегъовӕ-иу адӕймаджы куы райгас кӕна, уӕд-иу ын уыдзӕн йӕ раздӕры удыхъӕд, стӕй алцыдӕр хъуыды кӕндзӕн. Уымӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн? Уый дӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ бахъуыды кӕны дӕ алы ӕнкъарӕн дӕр, дӕ алы хъуыды дӕр, дӕ алы ныхас дӕр ӕмӕ дӕ алы хъуыддаг дӕр. Ӕмӕ, мӕлгӕ куы акӕнай, уӕддӕр ын зын нӕ уыдзӕн, цавӕр адӕймаг уыдтӕ, растдӕр дӕ ахӕм адӕймагӕй райгас кӕнын. Паддзах Давид зыдта, Йегъовӕ алы адӕймаджы тыххӕй дӕр алцыдӕр кӕй зоны (Пс. 139:1–4). Уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ мах тыххӕй алцыдӕр уымӕн зоны, ӕмӕ йын тынг зынаргъ стӕм. Алкӕмӕн дӕр йӕ хорз миниуджыты тыххӕй тынг аргъ кӕны. Уый зоны, царды ныл хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы ’рцыд, уый нӕ удыхъӕдыл куыд фӕзынд. Ӕмӕ нӕ уый ныфс куыннӕ уадзы! Хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иунӕг стӕм. Алы бон дӕр, алы минут дӕр Йегъовӕ нӕ фарсмӕ ис, цӕмӕй-иу нын бахъуаджы сахат баххуыс кӕна (2 Аз. 16:9). w20.08 17 ф., 13, 14 абз.

Цыппӕрӕм, 18 август

Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн (Пс. 32:8).

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у йӕ адӕмы ахуыр кӕнын. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ зоной, уарзой йӕ ӕмӕ ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг куы нӕ ахуыр кӕнид, уӕд уыдӕттӕн гӕнӕн нӕ уаид (Иоан. 17:3). Йегъовӕ фыццаг ӕнусы йӕ адӕмы ахуыр кодта ӕмбырды уылты (Кол. 1:9, 10). Сыгъдӕг тых – Йесо зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «ӕххуысгӕнӕг» – ахуыргӕнинӕгтӕн ӕххуыс кодта (Иоан. 14:16). Ӕххуыс сын кодта Хуыцауы Ныхас хуыздӕр ӕмбарынӕн, стӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ. Фӕстӕдӕр уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты Евангелиты. Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад уыд фидар, стӕй уарзтой Хуыцауы, йӕ Фырты ӕмӕ кӕрӕдзийы. Йегъовӕ загъта, «фӕстаг бонты» ӕппӕт адӕмтӕ йӕ «хохмӕ» кӕй ссӕудзысты, цӕмӕй сын йӕ фӕндӕгтӕ бацамона (Ис. 2:2, 3). Ӕмӕ абон уынӕм, ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый. w20.10 24 ф., 14, 15 абз.

Майрӕмбон, 19 август

Ӕмбаргӕ адӕймаг бамбардзӕн, куыд бакӕнын хъӕуы, уый (Ӕмб. 1:5).

Адӕймаджы цы фӕхъыгдары йе ’мбалы уынаффӕмӕ байхъусын? Сӕрбӕрзонддзинад. Сӕрбӕрзонд адӕм уарзынц, «сӕ хъустӕн ӕхсызгон» чи сты, ахӕм ныхӕстӕ. Уыдон «рӕстдзинадмӕ» нӕ фӕхъусынц (2 Тим. 4:3, 4). Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ уынаффӕхъуаг не сты, стӕй искӕй уынаффӕ сӕ сӕрмӕ дӕр нӕ фӕхӕссынц. Фӕлӕ апостол Павел ныффыста: «Кӕд исчи йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл у, ницы у, афтӕмӕй, уӕд йӕхи сайы» (Гал. 6:3). Паддзах Соломон дӕр уый хорз бамбарын кодта. Уый ныффыста: «Мӕгуыр, фӕлӕ зондджын лӕппу хуыздӕр у, уынаффӕмӕ чи нал хъусы, ахӕм зӕронд, фӕлӕ ӕнӕзонд паддзахӕй» (Еккл. 4:13). Иухатт Павел апостол Петрӕн иннӕты раз бауайдзӕф кодта. Цымӕ Петр уымӕ цы цӕстӕй ракаст? (Гал. 2:11–14). Павел йемӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ йын се ’ппӕты раз кӕй бауайдзӕф кодта, ууыл куы хъуыды кодтаид, уӕд ӕм смӕсты уыдаид. Фӕлӕ Петр Павелы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ йӕм маст хӕссын нӕ райдыдта. Ӕмӕ уымӕй равдыста, зондджын адӕймаг кӕй у. Фӕстӕдӕр Павелы схуыдта «нӕ уарзон ӕфсымӕр» (2 Пет. 3:15). w20.11 21 ф., 9, 11, 12 абз.

Сабат, 20 август

Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут (Матф. 28:19, 20).

Цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕмбырдтӕм цӕуын. Уым нын цы фӕамонынц, уый фӕрцы-иу Библийӕ ноджы фылдӕр базондзӕн, йӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Хуыцауы ноджы тынгдӕр бауарздзӕн (Хъуыд. 15:30–32). Стӕй ма хъусынгӕнджытӕй искӕмӕн йӕ бон у, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн радзурын, Йегъовӕйы тынг кӕй бауарзта ӕмӕ йӕ уый тыххӕй кӕй бафӕндыд йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (2 Кор. 7:1; Фил. 4:13). Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ куы базонгӕ вӕййынц, уӕд бамбарынц, куыд ис Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзӕн (Иоан. 13:35; 1 Тим. 4:12). Стӕй фӕуынынц, хъусынгӕнджытӕ дӕр кӕй ӕмбӕлынц, уыдон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ахӕм зындзинӕдтыл. Ӕмӕ бамбарынц, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй бауыдзӕн хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Дык. з. 30:11). Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон у цӕмӕйдӕр баххуыс кӕнын, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидардӕр кӕна (Матф. 5:16). w20.11 5 ф., 10–12 абз.

Хуыцаубон, 21 август

Ефесы хъӕддаг сырдтимӕ... тох кодтон (1 Кор. 15:32).

Чи зоны, апостол Павел ӕцӕгдӕр тох кодта сырдтимӕ Ефесы стадионы (2 Кор. 1:8; 4:10; 11:23). Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, «хъӕддаг сырдтӕ» схуыдта, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгты кӕнӕ ӕндӕр кӕйдӕрты (Хъуыд. 19:26–34; 1 Кор. 16:9). Куыдфӕнды ма уыдаид,– бӕрӕг у, Павел-иу тынг тӕссаг уавӕрты кӕй бахауд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ саст. Уый уырныдта, диссаджы фидӕн ӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (1 Кор. 15:30, 31; 2 Кор. 4:16–18). Мах тынг ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм. Не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ фыдгӕнджыты къухӕй ӕфхӕрд баййафынц. Иннӕтӕ цӕрынц, хӕстытӕ кӕм цӕуы, ахӕм бӕстӕты, ӕмӕ арӕх фӕкӕсынц мӕлӕты цӕстытӕм. Чидӕртӕ та цӕрынц, хъусын кӕныны бар кӕм нӕй кӕнӕ нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты. Фӕлӕ уыдон Йегъовӕйӕн дарддӕр лӕггад кӕнынц, кӕд сӕ уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кӕнынц кӕнӕ сын мӕлӕтӕй дӕр тӕссаг вӕййы, уӕддӕр. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ахӕм зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уымӕй нын сты фӕзминаг. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕты тас нӕ бацӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, исты сыл куы ’рцӕуа, уӕддӕр сын Йегъовӕ фидӕны диссаджы цард кӕй балӕвар кӕндзӕн. w20.12 9 ф., 3, 4 абз.

Къуырисӕр, 22 август

Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ. Сымах та стут, Хуыцау кӕмӕ зилы, уыцы хуым, Хуыцау кӕй аразы, уыцы хӕдзар (1 Кор. 3:9).

Чи зоны, уӕ территорийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц, йе та, куы фӕхъусын кӕныс, уӕд бирӕтӕ хӕдзары нӕ вӕййынц. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа кӕнӕ дын дӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсса? Ахсджиаг у, цӕмӕй дӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсай. Уый тыххӕй цы хъӕуы аразын? Мах сӕйраджыдӕр хъусын кӕнӕм, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы ном ӕргом кӕнӕм ӕмӕ сын йӕ Паддзахады тыххӕй дзурӕм. Йесо бӕлвырд бамбарын кодта, цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый бирӕтӕ кӕй не ссардзысты (Матф. 7:13, 14). Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд ӕмгуыст фӕкӕнӕм Йегъовӕимӕ, Йесоимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ. Ӕмӕ уый у стыр кад (Матф. 28:19, 20; Рарг. 14:6, 7). Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакӕны, аккаг чи у, ахӕм адӕймӕгты (Иоан. 6:44). Ӕмӕ нӕм кӕд адӕймаг абон нӕ байхъуыста, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕм ӕндӕр хатт дӕр нӕ байхъусдзӕн. Иу хо, Деборӕ, загъта: «Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй-иу нӕ ныфс асӕтта. Йӕ къухы уый тыхджын хӕцӕнгарз у». Фӕлӕ Хӕйрӕджы хӕцӕнгӕрзтӕ Йегъовӕйӕн хъазӕнтӕй уӕлдай не сты. w20.12 26 ф., 18 абз.; 27 ф., 19, 21 абз.

Дыццӕг, 23 август

Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад Хуыцауӕй цӕуы (1 Иоан. 4:7).

Чырыстӕттӕй бирӕты фӕхъӕуы тынг бирӕ кусын, цӕмӕй сӕ бон уа сӕхи ӕмӕ сӕ бинонты фӕдарын. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ Хуыцауы организацийӕн ӕххуыс кӕнынц, сӕ бон цӕмӕй у, уымӕй. Иутӕ феххуыс кӕнынц, ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ ӕххуыс кӕм фӕхъӕуы, уым, иннӕтӕ та – нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕна. Уыцы хъуыддӕгтӕй уыдон ӕвдисынц, Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзынц, уый. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый равдисӕм, алы къуыри дӕр ӕмбырдтӕм кӕй ӕрбацӕуӕм, хӕслӕвӕрдтӕ кӕй бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ дзуаппытӕ кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй. Чи зоны, фӕллад дӕр вӕййӕм, фӕлӕ уӕддӕр ӕрбацӕуӕм. Чи зоны, фӕтыхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр дзуапп раттӕм. Ӕмӕ нӕ кӕд алчидӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уӕддӕр ӕмбырды размӕ кӕнӕ ӕмбырды фӕстӕ иннӕты бафидар кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй тынг бузныг стӕм, цы аразынц, уый тыххӕй! w21.01 10 ф., 11 абз.

Ӕртыццӕг, 24 август

Ма суӕм кадуарзаг (Гал. 5:26).

Сӕрбӕрзонд адӕймагӕн зын вӕййы иннӕтӕй ӕппӕлын. Уый фӕфӕнды, цӕмӕй йын йӕхицӕй ӕппӕлой. Арӕх ахӕм адӕймаг йӕхи иннӕтимӕ фӕбары ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй уыдонӕй хуыздӕр уа. Уый нӕ фӕфӕнды иннӕты дӕр истӕуыл сахуыр кӕнын ӕмӕ сын йӕ бартӕй фӕхай кӕнын. Афтӕ йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ, хъуыддаг йӕхӕдӕг куы нӕ бакӕна, уӕд ӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ничи бакӕндзӕн. Сӕрбӕрзонд адӕм арӕх вӕййынц кадуарзаг ӕмӕ, искӕмӕн цыдӕр хуыздӕр куы фӕуайы, уӕд сын хъыг вӕййы. Уӕдӕ йӕ куы бамбарӕм, ӕмӕ нӕм сӕрбӕрзонддзинад ис, уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна нӕ зонд сног кӕнынӕн, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр миниуӕг нӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ ма ауадза (Ром. 12:2). Йегъовӕ нын равдыста, ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад цы у, уый, ӕмӕ дзы уый тыххӕй тынг бузныг стӕм! (Пс. 18:35). Сӕрныллӕг кӕй у, уый бӕрӕг у, йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр уый хуызӕн уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм, Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ чи цыд, уыцы лӕггадгӕнджыты хуызӕн дӕр. Йегъовӕ у кад ӕмӕ намысы аккаг! (Рарг. 4:11). Ӕмӕ йӕ хъуамӕ алкӕддӕр кадджын кӕнӕм. w20.08 13 ф., 19, 20 абз.

Цыппӕрӕм, 25 август

Бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн сӕ царды фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ (1 Кор. 7:28).

Бинонты цард у Хуыцауы лӕвар, фӕлӕ адӕм та ӕнӕххӕст сты (1 Иоан. 1:8). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис, дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд сӕ «царды [кӕй] фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ». Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй чырыстон нӕлгоймаг йӕ бинонтыл тыхса, стӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕна (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ-иу моймӕдзыд сылгоймаг йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕна, цӕмӕй-иу Библи алы бон дӕр кӕса, арф ыл хъуыды кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кува. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Сылгоймагӕн бирӕ аразинӕгтӕ вӕййы, фӕлӕ-иу уӕддӕр уыцы хъуыддӕгтӕн хъуамӕ рӕстӕг ссара. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (Хъуыд. 17:27). Усӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы йе ’нӕххӕст сӕрыхицауы коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ нымайын. Фӕлӕ йӕ куы ӕмбара, уый дзы Йегъовӕ кӕй домы, стӕй дзы уый цӕмӕн домы, уыимӕ разы куы уа, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн афтӕ кӕнын. w21.02 8 ф., 3 абз.; 9 ф., 6, 7 абз.

Майрӕмбон, 26 август

Уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы... равзӕры фидардзинад (Иак. 1:3).

Фӕлварӕнтӕ абарӕн ис артимӕ. Ӕфсӕйнаг арты куы стӕвд вӕййы ӕмӕ стӕй куы ӕруазал вӕййы, уӕд фидардӕр свӕййы. Мах дӕр фӕлварӕнтӕ куы сфӕразӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ноджы фидардӕр свӕййы. Иаков дӕр уый тыххӕй ныффыста афтӕ: «Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау» (Иак. 1:4). Куы йӕ фенӕм, фӕлварӕнты нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕй кӕны, уӕд фӕцин кӕнӕм ӕмӕ нын фидар фӕлӕууын дӕр ӕнцондӕр вӕййы. Иаков ма йӕ фыстӕджы ныффыста, нӕ циндзинад цавӕр зындзинӕдты тыххӕй ӕрмынӕг вӕййы. Уыцы зындзинӕдтӕй иу у, куыд бакӕнай, уый куы нӕ зонай. Фӕлварӕны куы бахауӕм, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм, стӕй-иу цӕмӕй нӕ бон уа нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты бафидар кӕнын (Йер. 10:23). Цӕмӕй-иу, куыд бакӕнӕм, уый бамбарӕм ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн цы зӕгъӕм, уый зонӕм, уый тыххӕй нӕ фӕхъӕуы зонд. Куыд бакӕнӕм, уый куы нӕ зонӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ нӕ циндзинад уайтагъд ӕрмынӕг уа. w21.02 28 ф., 7–9 абз.

Сабат, 27 август

Кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд (1 Пет. 1:22).

Иннӕты уарзӕн куыд ис, уымӕй нын Йегъовӕ у фӕзминаг. Уый нӕ афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ йыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ йӕ уарзтӕй ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). «Артау судзӕд»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уымӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайа, цӕмӕй иннӕты уарза. Чи зоны нӕ хатт фӕхъӕуы уӕлдай тынгдӕр архайын, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм. Иннӕтӕ нӕ куы фӕхъыг кӕнынц, уӕд-иу хъуамӕ кӕрӕдзийӕн барӕм ӕмӕ зӕрдиагӕй архайӕм, «Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл» ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст уӕм «фарны тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Нӕ хотӕ ӕмӕ-иу не ’фсымӕрты рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм (1 Сам. 16:7; Пс. 130:3). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзын алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уӕлдайдӕр та сын сӕ хъӕндзинӕдтӕ куы фӕуынӕм, уӕд. Ӕвӕццӕгӕн, 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕй дӕр иуӕй-иутӕн сӕ хабар афтӕ уыд, зӕгъӕм, Еводи ӕмӕ Синтихийӕн. Апостол Павел сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй, «нӕ Хицауимӕ иудзинады кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕмхуызон... хъуыды кӕной» (Фил. 4:2, 3). w21.01 22, 23 фф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 28 август

Фыссын уӕм, ӕрыгӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сымах стут фидар, Хуыцауы ныхас ис уӕ зӕрдӕты ӕмӕ Фыдбылызыл фӕуӕлахиз стут (1 Иоан. 2:14).

Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, сымах хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕнут, ӕмӕ уын уыдон тынг аргъ кӕнынц! (Соф. 3:9). Сымах уӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй феххӕст кӕнут ӕмӕ уӕ удтӕй арт цӕгъдут, ӕмӕ уӕ уый тыххӕй тынг уарзынц. Сӕ зӕрдӕтӕ уӕ тынг барухс вӕййынц. Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл дарут, Йегъовӕ уӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ уыл кӕй ӕууӕнды. Уый загъта, фӕстаг бонты йын тынг бирӕ фӕсивӕд зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕндзысты (Пс. 110:1–3). Йегъовӕ зоны, кӕй йӕ уарзут ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, хуыздӕрӕй уӕм цы ис, уый йын дӕттын. Уӕдӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын уӕ бар ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бакӕной, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсын зонут. Куы фӕрӕдийат, уӕд-иу уынаффӕмӕ ӕмӕ зондамындмӕ байхъусут. Уӕ зӕрдыл дарут, уый уын Йегъовӕ кӕй амоны зонд (Дзут. 12:6). Ӕмбырды уын цыфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕной, зӕрдиагӕй-иу ӕй саразут. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ, цыфӕнды ма аразат,– уӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ-иу рухс кӕнут (Ӕмб. 27:11). w21.03 7 ф., 17, 18 абз.

Къуырисӕр, 29 август

Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн? (Ӕмб. 24:10).

Нӕ ныфс бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй асӕтты, зӕгъӕм, нӕ рӕдыдтыты ӕмӕ нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй кӕнӕ, рынчын кӕй стӕм, уый тыххӕй. Науӕд нӕ, чи зоны, фӕнды ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын йе та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, фӕлӕ уый нӕ къухы не ’фты. Кӕнӕ та хъусын кӕнӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ кӕм нӕ хъусынц, ахӕм территорийы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ рӕдыдтыты ӕмӕ нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй мауал кӕсӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ног дунейы цӕрӕм. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын тынг тӕссаг у. Библийӕ базонӕн ис, Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ адӕм «се ’ппӕт дӕр тӕригъӕд [кӕй] ракодтой» (Ром. 3:23). Йегъовӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм нӕ ныккомкоммӕ вӕййы ӕмӕ, алцӕмӕй ӕххӕст уӕм, уый нӕ нӕ домы. Уый у нӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна. Стӕй ма у фӕразон. Уый уыны, нӕ хъӕндзинӕдтимӕ куыд тох кӕнӕм ӕмӕ куыд архайӕм, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ у (Ром. 7:18, 19). w20.12 22 ф., 1–3 абз.

Дыццӕг, 30 август

Гъемӕ уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, дарддӕр дӕр цин кӕнут, цы хъӕуы, уый-иу аивут (2 Кор. 13:11).

Не ’ппӕт дӕр цӕуӕм фӕндагыл. Нӕ нысан у ног дунейы Йегъовӕйы Паддзахады дӕлбар цӕрын. Мах алы бон дӕр архайӕм, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл цӕуыныл. Фӕлӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы фӕндаг уынгӕг у, ӕмӕ йыл цӕуын иуӕй-иу хатт зын вӕййы (Матф. 7:13, 14). Ӕмӕ, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ дзы, гӕнӕн ис, адзӕгъӕл уӕм (Гал. 6:1). Кӕд нӕ фӕнды, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл дарддӕр цӕуын, уӕд хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕ зондахаст ӕмӕ нӕхи ивынмӕ. Апостол Павел нын уынаффӕ радта, «цы хъӕуы, уый-иу аивут», зӕгъгӕ. Нӕ зонды ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарын ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ мӕнгард у. Ӕмӕ нын хатт зын вӕййы бамбарын, кӕдӕм нӕ акӕндзӕн, уый (Йер. 17:9). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕхи «алы мӕнг хъуыдытӕй» сайӕм (Иак. 1:22). Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм Хуыцауы Ныхасы фӕрцы. Библи раргом кӕны, мидӕгӕй цавӕр стӕм, уый – «зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12, 13). w20.11 18 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 31 август

Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд (Ром. 12:10).

Сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын. Нӕхи бон алцы кӕй нӕу, уый куы ’мбарӕм, уӕд-иу иннӕтӕй бузныг уыдзыстӕм, кӕй нын баххуыс кӕнынц, уый тыххӕй. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Йесо дӕс хъотырджыны куы сдзӕбӕх кодта, уыцы хабар. Ӕрмӕстдӕр дзы иу ӕрбаздӕхт Йесойӕн бузныг зӕгъынмӕ, уыцы хъизӕмайраг низӕй йӕ кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Йӕхицӕн йӕ бон нӕ уыдаид йӕхи сдзӕбӕх кӕнын. Уыцы сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ адӕймаг Йесойӕ тынг бузныг уыд, кӕй йын баххуыс кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ Хуыцауы скадджын кодта (Лук. 17:11–19). Сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ адӕймагӕн ӕнцондӕр вӕййы иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрын ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ ссарын. Цӕмӕн? Ахӕм адӕймаг фӕуыны, иннӕтӕм бирӕ хорз миниуджытӕ кӕй ис, ӕмӕ сӕ фӕнымайы ӕууӕнкджын адӕймӕгтыл. Ӕмӕ, искӕмӕн йӕ лӕггады исты хорз куы фӕуайы, уӕд ын ӕхсызгон вӕййы ӕмӕ дзы зӕрдиагӕй раппӕлы. w20.08 12 ф., 17, 18 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын