Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 121–135 фф.
  • Сентябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сентябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 сентябрь
  • Майрӕмбон, 2 сентябрь
  • Сабат, 3 сентябрь
  • Хуыцаубон, 4 сентябрь
  • Къуырисӕр, 5 сентябрь
  • Дыццӕг, 6 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 7 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 8 сентябрь
  • Майрӕмбон, 9 сентябрь
  • Сабат, 10 сентябрь
  • Хуыцаубон, 11 сентябрь
  • Къуырисӕр, 12 сентябрь
  • Дыццӕг, 13 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 14 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 15 сентябрь
  • Майрӕмбон, 16 сентябрь
  • Сабат, 17 сентябрь
  • Хуыцаубон, 18 сентябрь
  • Къуырисӕр, 19 сентябрь
  • Дыццӕг, 20 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 21 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 22 сентябрь
  • Майрӕмбон, 23 сентябрь
  • Сабат, 24 сентябрь
  • Хуыцаубон, 25 сентябрь
  • Къуырисӕр, 26 сентябрь
  • Дыццӕг, 27 сентябрь
  • Ӕртыццӕг, 28 сентябрь
  • Цыппӕрӕм, 29 сентябрь
  • Майрӕмбон, 30 сентябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 121–135 фф.

Сентябрь

Цыппӕрӕм, 1 сентябрь

Уый фӕстӕ ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл (Иоил 2:28).

Петр Иоилы пехуымпарады кой куы кодта, уӕд дзы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй гыццыл цыдӕр фӕивта (Хъуыд. 2:16, 17). Иоилы пехуымпарады фыст ис, «уый фӕстӕ ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Петр та йӕ афтӕ загъта, «фӕстаг бонты... ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Ацы ран «фӕстаг бонтӕ» амыдтой дзуттаг цардӕвӕрды фӕстаг бонтӕм. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых хъуамӕ ӕруагътаид «алыхуызон адӕймӕгтыл». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, цалынмӕ Иоилы пехуымпарад сӕххӕст, уӕдмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд. Хуыцау 1 ӕнусы чырыстӕттыл йӕ сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕд уыдон хъусын кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕппынфӕстаг аххӕссыд ӕнӕхъӕн дунейыл. Апостол Павел йӕ фыстӕг Колоссӕгтӕм ныффыста н. э. 61 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ бон уыд зӕгъын, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). «Арвы бын ӕппӕт адӕм» амыдтой, Павелӕн ӕмӕ-иу иннӕтӕн сӕ бон ацӕуын кӕдӕм уыд, уыцы бӕстӕты цӕрӕг адӕммӕ. Нӕ рӕстӕджы та Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ноджы фылдӕр рӕтты – «суанг зӕххы кӕроны онг дӕр»! (Хъуыд. 13:47). w20.04 6 ф., 15, 16 абз.

Майрӕмбон, 2 сентябрь

Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн (Йез. 34:11).

Йегъовӕ махӕй алкӕй дӕр уарзы, уыимӕ, йӕ дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фысты дӕр (Матф. 18:12–14). Пехуымпар Йезекилы уылты Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ сӕфт фысты кӕй бацагурдзӕн ӕмӕ сын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕм ӕрбаздӕхой. Загъта ма, бӕлвырдӕй цы сараздзӕн. Израилаг фыййау дӕр-иу афтӕ бакодта (Йез. 34:12–16). Фыццаджыдӕр-иу фыййау йӕ фысы агурӕг ацыд, ӕмӕ-иу арӕх уымӕн бахъуыд бирӕ рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фысы-иу куы ссардта, уӕд-иу ӕй фӕстӕмӕ дзугмӕ ӕрбакодта. Фысӕн йӕ къах куы асастаид, уӕд ын ӕй бабастаид, ӕххормаг куы уыдаид, уӕд ын хӕринаг радтаид ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысы ӕрбахастаид. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сты фыййӕуттӕ – уыдон хизынц «Хуыцауы дзуг». Ӕмӕ исчи ӕмбырдӕй куы адзӕгъӕл вӕййы, уӕд уыдон дӕр афтӕ фӕархайынц (1 Пет. 5:2, 3). Бацагурынц ӕй ӕмӕ йын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзугмӕ ӕрбаздӕха ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Ӕмӕ афтӕмӕй равдисынц сӕ уарзондзинад. w20.06 20 ф., 10 абз.

Сабат, 3 сентябрь

[Хуымтӕ] фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ (Иоан. 4:35).

Мыййаг, Йесо афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр йӕ фӕдыл ацӕудзысты, ӕмӕ уый тыххӕй загъта, хуымтӕ кӕрдынмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ? Уый тыххӕй нӕ загъта афтӕ. Фыстады раджы ӕрцыд фыст, Йесойыл чи баууӕнддзӕн, уыдон афтӕ бирӕ кӕй нӕ уыдзысты (Иоан. 12:37, 38). Уымӕй уӕлдай ма йӕ бон уыди, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый уынын. Ӕмӕ зыдта, бирӕтӕ йын йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айсдзысты (Матф. 9:4). Ӕмӕ кӕд, чи йыл баууӕндыдаид, фылдӕр уыдонӕн баххуыс кӕныныл архайдта, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Мах адӕмы зӕрдӕтӕ нӕ уынӕм, ӕмӕ уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ территорийы адӕмӕй ма хъуыды кӕнӕм, нӕ байхъусдзысты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, кӕмӕн фӕхъусын кӕнӕм, уыдонӕй афтӕ хъуамӕ макӕмӕй хъуыды кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ ныфс уа, иу бон уыдон дӕр Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй суыдзысты. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, уый. Хуымтӕ, дам, фӕбур сты, ома кӕрдинаг сты. Адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ фӕивой ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой. Йегъовӕ дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсы ӕмӕ сӕ нымайы «зынаргъ хӕзнатыл» (Аг. 2:7). Мах дӕр адӕммӕ Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд-иу бацархайдзыстӕм, цӕмӕй-иу базонӕм, адӕймаг цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл, цавӕр ахуырад ӕм ис, стӕй йӕм цымыдисаг цы фӕкӕсдзӕн, уый. Ӕмӕ сӕ ӕцӕгӕлӕттыл нӕ нымайдзыстӕм, фӕлӕ нӕ фидӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл. w20.04 13 ф., 18, 19 абз.

Хуыцаубон, 4 сентябрь

Хонын [уӕ] мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон (Иоан. 15:15).

Библийӕ базонӕн ис, Йесойы кӕй хъуамӕ уарзӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Йесойы хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм, зӕгъӕм, хуыздӕр ӕй куы базонӕм, уӕд. Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕй нӕ бон у Йесойы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонын. Йесойы царды хабӕрттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, кӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ Хицау уыд, уӕддӕр сӕ йӕ цагъартыл нӕ нымадта. Цӕуыл-иу хъуыды кодта ӕмӕ-иу йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый-иу сын радзырдта. Сӕ мастыл сын маст кодта ӕмӕ-иу семӕ кӕугӕ дӕр кодта (Иоан. 11:32–36). Суанг йе знӕгтӕ дӕр уыдтой, хорз хабар-иу йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдон-иу йӕ хӕлӕрттӕ кӕй систы (Матф. 11:19). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд уыд, уымӕй йӕ куы фӕзмӕм, уӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм амондджындӕр, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм. w20.04 22 ф., 9, 10 абз.

Къуырисӕр, 5 сентябрь

Хуссайраг паддзах йӕхи хӕстмӕ цӕттӕ кӕндзӕн, уыдзӕн ӕм тынг стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад (Дан. 11:25).

1870-ӕм азмӕ Великобритани сси зӕххыл ӕппӕты стырдӕр паддзахад ӕмӕ йӕм уыди ӕппӕты тыхджындӕр ӕфсад. Данелы пехуымпарады фыст ис, иу гыццыл сыкъа ӕртӕ сыкъайыл кӕй фӕуӕлахиз. Ӕмӕ уыцы гыццыл сыкъа уыди Великобритани, ӕртӕ сыкъайы та – Франци, Испани ӕмӕ Нидерландтӕ (Дан. 7:7, 8). Великобритани хуссайраг паддзах уыд 1917-ӕм азмӕ. Уӕдмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ систы зӕххыл ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕ, ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгты Великобританиимӕ иумӕ архайын райдыдтой. Фыццаг дунеон хӕсты Иугонд Штаттӕ дӕр хӕцыдысты Великобританиимӕ иумӕ, ӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы иумӕ уыдысты тынг тыхджын. Уыцы рӕстӕг систы Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Данелы пехуымпарады фыст куыддӕриддӕр уыд, афтӕ уыцы паддзахмӕ уыд «тынг стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад». Фӕстаг бонты дӕргъы хуссайраг паддзах алкӕддӕр уыд Англо-Америкаг дунеон паддзахад. w20.05 4 ф., 7, 8 абз.

Дыццӕг, 6 сентябрь

Цӕугӕдӕттӕ... кӕцӕй рацӕуынц, уырдӕм фӕстӕмӕ раздӕхынц (Еккл. 1:7).

Зӕххыл дон уый фӕрцы ис, ӕмӕ нӕ планетӕ Хурмӕ нӕдӕр ӕгӕр хӕстӕг у, нӕдӕр дзы ӕгӕр дард у. Хурмӕ гыццыл хӕстӕгдӕр куы уаид, уӕд афтӕ стӕвд уаид, ӕмӕ дон иууылдӕр байсысид, ӕмӕ Зӕхх суаид ӕдзӕрӕг быдыр. Хурӕй гыццыл дарддӕр куы уаид, уӕд та дон иууылдӕр ныссӕлид, ӕмӕ Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суаид ихы къори. Йегъовӕ Зӕхх, кӕм хъӕуы, уым кӕй сӕвӕрдта, уый фӕрцы дон афтӕ зилдух кӕны, ӕмӕ Зӕххыл ис цард. Алы аз дӕр Хуры тӕвдӕй океантӕй ӕмӕ сурзӕххӕй цы дон байсысы, уымӕй байдзаг уаид, йӕ дӕргъ дӕр ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр 1 километр кӕмӕн у, стӕй арфмӕ дӕр 1 километр чи у, ахӕм 500 000 донуаты. Уыцы донӕй сӕвзӕрынц мигътӕ, ӕмӕ иу-10 боны фӕстӕ уыцы дон рауары къӕвдайы кӕнӕ миты хуызы. Ӕппынфӕстаг раздӕхы океантӕм ӕмӕ ӕндӕр донуӕттӕм, ӕмӕ та стӕй доны зилдух ногӕй райдайы. Уый фӕрцы Зӕххыл ис дон. Ацы хабарӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ стыр зонд ӕмӕ стыр тыхы хицау кӕй у (Иов 36:27, 28). w20.05 22 ф., 6 абз.

Ӕртыццӕг, 7 сентябрь

Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут (Хъуыд. 1:8).

Йесо фӕдзӕхста, цӕмӕй Хуыцауӕй сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:9, 13). Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ратты, «адӕймагмӕ чи нӕй, [суанг] ахӕм хъару» дӕр (2 Кор. 4:7). Сыгъдӕг тых нын куы ’ххуыс кӕна, уӕд нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма нӕ бон у, Хуыцауы хъуыддаджы нӕ бар цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнын. Стӕй сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ӕнӕуи дӕр цы хъуыддӕгтӕм арӕхсӕм, уыдонмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсӕм. Уӕдӕ нын нӕ лӕггады цыдӕр куы бантысы, уӕд уый вӕййы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы, ӕмӕ-иу хъуамӕ нӕхицӕй ма ныббуц уӕм. Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый уымӕй равдисдзыстӕм, ӕмӕ Хуыцаумӕ куы кувӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕна нӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ нӕ зондмӕ ныккӕсынӕн ӕмӕ дзы ӕвзӕрӕй исты ис ӕви нӕ, уый базонынӕн (Пс. 139:23, 24). Ӕмӕ кӕд рӕдыд зондыл хӕст стӕм кӕнӕ нын тӕссаг у, нӕ зӕрдӕйы фӕдыл кӕй ацӕудзыстӕм, уымӕй, уӕд нын ӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы раргом кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу дзы уӕд хъуамӕ йӕ сыгъдӕг тых курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтимӕ тох кӕнынӕн. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы раз нӕ афтӕ фӕрӕдийын кӕй нӕ фӕнды, ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы мауал ӕххуыс кӕна (Еф. 4:30). w20.05 28, 29 фф., 10–12 абз.

Цыппӕрӕм, 8 сентябрь

Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон (Иоан. 17:26).

Нӕ Фыды сӕрыл куы рахӕцӕм, уӕд афтӕмӕй бафӕзмӕм Йесо Чырыстийы. Уый адӕмӕн йӕ Фыды ном раргом кодта – ӕрмӕст дзургӕ йӕ нӕ кодта, фӕлӕ адӕмӕн амыдта, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. Фарисейты аххосӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йегъовӕ у тызмӕг, ӕгъатыр Хуыцау, адӕмӕй у дард ӕмӕ сӕ бирӕ цыдӕртӕ домы. Йесо та адӕмӕн ӕмбарын кодта, йӕ Фыд сӕ кӕй нӕ домы, сӕ бон цы нӕу, уый, кӕй у фӕразон, уарзӕгой ӕмӕ хатыргӕнаг. Уымӕй уӕлдай ма йӕ Фыды алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта. Ӕмӕ афтӕмӕй дӕр адӕмӕн ӕххуыс кодта Йегъовӕйы базонынӕн (Иоан. 14:9). Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Уый фӕрцы Йегъовӕйы ном зондзысты ӕмӕ йӕ табуйагыл нымайдзысты. Нӕ бон ма сын у ӕмбарын кӕнын, Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у. Уый фӕрцы-иу бамбардзысты, Йегъовӕйы тыххӕй бирӕтӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкӕнынц. Нӕ ныхӕстӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ адӕм базонынц, Йегъовӕ ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. Йегъовӕйы ном срухс вӕййы, адӕмӕн куы феххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базоной. w20.06 6 ф., 17, 18 абз.

Майрӕмбон, 9 сентябрь

Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм (Гал. 5:26).

Социалон сетьтӕ пайда дӕр сты. Уыдоны фӕрцы нӕ бон у нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ сӕм фыссын. Фӕлӕ йӕ, чи зоны, бафиппайдтай, иуӕй-иутӕ дзы цы ныффыссынц, цы къамтӕ ӕмӕ дзы цы видеотӕ сӕвӕрынц, уыдонӕй сӕхимӕ адӕмы ’ргом кӕй фездахынц. Раст цыма афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрбакӕсут-ма мӕм, цы рӕсугъд дӕн. Чидӕртӕ та сӕхи кӕнӕ иннӕты къамты бынмӕ ӕнӕуаг кӕнӕ ӕнӕфсарм ныхӕстӕ ныффыссынц. Фӕлӕ чырыстӕттӕн ахӕм митӕ кӕнын не ’мбӕлы. Мах хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уарзӕм (1 Пет. 3:8). Кӕд социалон сетьтӕй пайда кӕныс, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Цы дзы ныффыссын, цы къамтӕ ӕмӕ дзы цы видеотӕ сӕвӕрын, уыдон иннӕтӕ куы фенынц, уӕд афтӕ нӕ ахъуыды кӕнынц, ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын? Хӕлӕг кӕнын мӕм нӕ райдайынц?» Чырыстӕттӕ сӕхицӕй цыдӕр нӕ аразынц. Уыдон архайынц, абоны стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд ацы дунейы адӕмау иннӕты ’ргом нӕхимӕ ӕгӕр не здахдзыстӕм (1 Иоан. 2:16). w20.07 6 ф., 14, 15 абз.

Сабат, 10 сентябрь

Кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон ӕмӕ ӕдзӕсгом адӕймаг уыдтӕн... Фӕлӕ мӕм Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзтон, уый не ’ мбӕрстон (1 Тим. 1:13).

Цалынмӕ Павел Чырыстийы ахуыргӕнинаг сси (уӕд хуынди Савл), уӕдмӕ уыд ӕдзӕсгом адӕймаг ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ӕфхӕрдта (Хъуыд. 7:58). Фӕлӕ йӕ Йесо баурӕдта. Уый йӕм уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта ӕмӕ йӕ бакуырм кодта. Ӕмӕ цӕмӕй Павел цӕстӕй ракастаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕххуыс бацагуырдтаид, кӕй фӕдыл зылд, уыцы адӕмӕй. Павел сӕрныллӕгдзинад равдыста, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг Анани цӕстӕй ракӕсын кодта (Хъуыд. 9:3–9, 17, 18). Фӕстӕдӕр Павел сси бӕрнон ӕфсымӕр. Фӕлӕ цӕрӕнбонтӕм йӕ зӕрдыл дардта, Дамаскмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Йесо цы бамбарын кодта, уый. Павел алкӕддӕр уыд сӕрныллӕг ӕмӕ ’мбӕрста, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕххуыс ӕй кӕй хъуыд. Уый загъта: «Уыдон мын фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11). w20.07 18 ф., 16, 17 абз.

Хуыцаубон, 11 сентябрь

Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын (Лук. 12:32).

Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, фӕлӕ уӕддӕр иннӕтӕн дӕр бартӕ ратты. Зӕгъӕм, йӕ Паддзахады Йесойы сӕвӕрдта Паддзахӕй. Ӕмӕ 144 мин адӕймагӕн дӕр, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыдонӕн, бартӕ ратдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Йесойы бацӕттӕ кодта, цӕмӕй суыдаид Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын (Дзут. 5:8, 9). Ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыдоны дӕр ахуыр кӕны, цӕмӕй сӕ бон уа сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ сын сӕ алы къахдзӕфмӕ йӕ хъус нӕ дардзӕн. Йегъовӕ сыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕ зоны, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзысты (Рарг. 5:10). Уӕдӕ кӕд нӕ уӕларвон Фыды искӕй ӕххуыс нӕ хъӕуы, ӕмӕ уӕддӕр иннӕтӕн бартӕ ратты, уӕд мах та ноджы тынгдӕр хъӕуы афтӕ кӕнын. Зӕгъӕм, бинонты хистӕртӕн кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон вӕййы иннӕтӕн сӕ бар цавӕрдӕр хӕстӕ бакӕнын. Фӕлӕ-иу сын хъуамӕ сӕ алы къахдзӕфмӕ сӕ хъус ма дарой. Йегъовӕйы куы фӕзмой, уӕд-иу хъуыддӕгтӕ иууылдӕр арӕзт ӕрцӕудзысты. Уымӕй уӕлдай ма иннӕты дӕр ахуыр кӕндзысты ӕмӕ сын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ныфсджындӕр суой (Ис. 41:10). w20.08 9, 10 фф., 5, 6 абз.

Къуырисӕр, 12 сентябрь

Адӕймаджы Фырт та уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй, чи фесӕфт, уыдоны бацагура ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕна (Лук. 19:10).

Йегъовӕйы дзугӕй чи адзӕгъӕл, уыцы фыстӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? Йегъовӕ уый тыххӕй цы зӕгъы? Уыцы хъуыддаджы нын Йесо у фӕзминаг. Уый зыдта, Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕ иууылдӕр зынаргъ кӕй сты. Ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй Израилы адӕмӕн – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдонӕн – баххуыс кодтаид Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн (Матф. 15:24). Йесо хорз фыййау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйы фыстӕй иуы дӕр ма фесӕфтаид (Иоан. 6:39). Апостол Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, цӕмӕй Йесойы фӕзмыдтаиккой: «Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у“» (Хъуыд. 20:17, 35). Бӕрӕг у, хистӕр нӕлгоймӕгтыл стыр хӕс кӕй ис – Хуыцауы адӕм сӕ бар сты. Испанийӕ иу хистӕр нӕлгоймаг, Сальвадор, афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ йӕ сӕфт фысты куыд тынг уарзы, ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй сын баххуыс кӕнын. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй сыл батыхсон». w20.06 23 ф., 15, 16 абз.

Дыццӕг, 13 сентябрь

Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта (Рарг. 21:4).

Йегъовӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цалынмӕ мин азы нӕ фӕуой ӕмӕ ӕххӕст адӕймӕгтӕ не суӕм, уӕдмӕ. Ӕмӕ нын уӕдмӕ та нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕндзӕн. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уынӕм, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый ӕмӕ фӕразон уӕм, сӕ хъӕндзинӕдтӕн сын быхсӕм. Хуыцау зӕхх куы скодта, уӕд Йесо ӕмӕ зӕдтӕ тынг цин кодтой. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд цин кӕндзысты, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр ӕххӕст адӕм куы цӕрой ӕмӕ иууылдӕр Йегъовӕйы куы уарзой ӕмӕ йын куы лӕггад кӕной! Ӕмӕ, уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон дӕр куыд цин кӕндзысты, адӕмӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд! (Рарг. 4:4, 9–11; 5:9, 10). Масты цӕссыгты бӕсты адӕмӕн сӕ рустыл згъордзысты цины цӕссыгтӕ, ӕмӕ низтӕн, мӕстытӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Уый диссаджы цард куыннӕ уыдзӕн! Уӕдмӕ та хъуамӕ нӕ уарзӕгой, зондджын ӕмӕ фӕразон Фыды фӕзмӕм. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы ’мбӕлӕм, уӕддӕр, нӕ бон уыдзӕн цин кӕнын (Иак. 1:2–4). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый тыххӕй! (Хъуыд. 24:15). w20.08 19 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 14 сентябрь

Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14).

Библи у зынаргъ лӕвар. Нӕ уӕларвон Фыд нын ӕй балӕвар кодта, уымӕн ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Библийы нын Йегъовӕ дзуапп дӕтты ӕппӕты ахсджиагдӕр фарстатӕн, зӕгъӕм: адӕм зӕххыл куыд фӕзындысты? Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Фидӕны нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр уыцы фарстатӕн дзуапп базоной. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рагӕй дӕр адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй-иу Библи алы ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кодтаиккой. Ныртӕккӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ сты 3 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыйбӕрц ӕвзӕгтӕм иу чиныг дӕр нӕ ратӕлмац кодтой ӕмӕ уый хуызӕн парахат иу чиныг дӕр нӕ уыд! Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, арф ыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл зӕрдиагӕй куы архайӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ацы чиныгӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Хуыцауӕй ацы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый ма равдисдзыстӕм, Библи цы дзуры, уый тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн куы хъусын кӕнӕм, уымӕй дӕр (Пс. 1:1–3; Матф. 28:19, 20). w20.05 24, 25 фф., 15, 16 абз.

Цыппӕрӕм, 15 сентябрь

Йегъовӕйы ныхасы тыххӕй бон-изӕрмӕ ӕфхӕрд ӕййафын ӕмӕ мӕ хынджылӕг кӕнынц (Йер. 20:8).

Пехуымпар Йереми Хуыцауы ныхас кӕм хъусын кодта, уыцы территорийы йӕм бирӕтӕ нӕ хъуыстой. Уый тыххӕй иуафон йӕ ныфс асаст, ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхас дзурын дӕр нал фӕндыд. Фӕлӕ цымӕ йӕ бон баци хъусӕй лӕууын? Нӕ баци. «Йегъовӕйы ныхас» йӕ мидӕг сыгъд пиллон артау, ӕмӕ йӕ йӕ бон уромын нӕ уыд! (Йер. 20:9). Махӕн дӕр нӕ бон нӕ уыдзӕн «Йегъовӕйы ныхас» нӕ мидӕг уромын, Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Ӕмӕ нын уӕд нӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн, стӕй ӕнтыстджындӕр уыдзыстӕм (Йер. 15:16). Уӕдӕ-иу дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ рӕдыдтыты ӕмӕ дӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъусай. Баххуыс дын кӕндзӕн, рынчын куы уай, уӕд дӕр. Баххуыс ма дын кӕндзӕн, Хуыцауы хъуыддаджы дӕ бон аразын цы у, уымӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Стӕй дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ дӕ циндзинад ма ’рмынӕг уа. Дӕ уӕларвон Фыдӕн-иу радзур, цыдӕриддӕр дӕ тыхсын кӕны, уый. Ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй та дӕ ныфс бацӕуа! w20.12 27 ф., 20, 21 абз.

Майрӕмбон, 16 сентябрь

Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл (1 Тим. 5:1, 2).

Иуӕй-иу хотӕн бирӕ фадӕттӕ нӕй се ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлынӕн. Фӕлӕ сӕ сӕ бон фенын вӕййы ӕмбырдты. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу ӕмбырдты ахӕм хотыл бацин кӕнӕм, семӕ-иу аныхас кӕнӕм ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм, уый-иу сын равдисӕм. Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй-иу нӕ хотӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм (Лук. 10:38–42). Нӕ бон сӕ у нӕхимӕ фӕхонын, цӕмӕй-иу иумӕ исты бахӕрӕм кӕнӕ нӕхи истӕмӕй аирхӕфсӕм. Куы сӕ фӕхонӕм, уӕд семӕ ныхас кӕндзыстӕм, цы сӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм истӕуылты (Ром. 1:11, 12). Йесо зыдта, цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдонӕй кӕмӕндӕрты иунӕгӕй зын кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ бамбарын кодта, ӕцӕг амонд нӕдӕр, цардӕмбал дын уа, уымӕй кӕнгӕ у, нӕдӕр, сывӕллӕттӕ дын уа, уымӕй (Лук. 11:27, 28). Адӕймаг ӕцӕг амондджын вӕййы, царды йын фыццаг бынаты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы вӕййы, уӕд (Матф. 19:12). Хистӕр нӕлгоймӕгты чырыстон сылгоймӕгтӕм хъӕуы ахӕм цӕстӕй кӕсын, цыма сӕ хотӕ кӕнӕ сӕ мадӕлтӕ сты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ ӕмбырды размӕ кӕнӕ ӕмбырды фӕстӕ рӕстӕг рахицӕн кӕной хотимӕ аныхас кӕнынӕн. w20.09 21, 22 фф., 7–9 абз.

Сабат, 17 сентябрь

Зӕхкусӕг... фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ тыллӕгмӕ... Афтӕ сымах дӕр фӕразон ут (Иак. 5:7, 8).

Израилы-иу зӕхкусӕг хор байтыдта фӕззӕджы фыццаг къӕвдаты фӕстӕ, кӕрдгӕ та-иу ӕй ӕркодта уалдзӕджы фӕстаг къӕвдаты фӕстӕ (Мар. 4:28). Мах дӕр зӕхкусӕгау фӕразон куы уӕм, уӕд уый уыдзӕн зондыл дзурӕг. Фӕлӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕ вӕййы. Арӕх ӕнӕххӕст адӕймаг фенхъӕлмӕ кӕсы, цӕмӕй йӕ фыдӕбон уайтагъд тыллӕг ӕрхӕсса. Цӕмӕй нӕ цӕхӕрадоны исты ӕрзайа, уый тыххӕй хъӕуы бафыдӕбон кӕнын: зӕхх скъахын, мыггаг байтауын, хӕмпӕлгӕрдӕг рувын ӕмӕ хуымтыл дон кӕнын. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл дӕр хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын. Фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон сахуыр уой алкӕмӕ дӕр иухуызон цӕстӕй кӕсын ӕмӕ алкӕй дӕр уарзын. Фӕразондзинад нӕм куы уа, уӕд-иу нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн, адӕм нӕм куы нӕ хъусой, уӕд. Фӕлӕ нӕм куы фӕхъусынц, уӕд дӕр нӕ фӕхъӕуы фӕразондзинад. Махӕн нӕ бон нӕу, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн сӕ уырнындзинад тыххӕй рӕзын кӕнын. Суанг-иу Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр алы хатт уайтагъд нӕ бамбӕрстой, цӕуыл-иу сӕ ахуыр кодта, уый (Иоан. 14:9). Уӕдӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ бон кӕй у садзын ӕмӕ дон кӕнын, фӕлӕ рӕзын та кӕны Хуыцау (1 Кор. 3:6). w20.09 11 ф., 10, 11 абз.

Хуыцаубон, 18 сентябрь

Ӕз Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕндзынӕн рӕстзӕрдӕ адӕмы ’хсӕн, се ’мбырды (Пс. 111:1).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн хъуамӕ ӕмбарын кӕнӕм, ӕмбырдтӕм цӕуын сӕ кӕй хъӕуы. Арӕх, ӕмбырдтӕм уайтагъд чи райдайы цӕуын, уыдон къахдзӕфтӕ тагъддӕр скӕнынц. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнынц, уыдонӕн бамбарын кӕнынц, Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕрмӕстдӕр ӕмбырдты кӕй базондзысты. Иумӕ бакӕсут Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихтӕ ӕмӕ адӕймагӕн бамбарын кӕн, ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн. Ӕмбырдтӕм ӕй куыннӕ фӕхоныс. Фӕлӕ ма йын дӕ бон у радзурын, фӕстаг ӕмбырды дӕ зӕрдӕмӕ цы хъуыдытӕ фӕцыд, уыдон. Арӕх адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ фылдӕр уый бацагайы. Чи зоны-иу ӕндӕр диныл хӕст адӕмы ӕмбырдты дӕр уыд. Фӕлӕ не ’мбырды фыццаг хатт цы фена ӕмӕ цы фехъуса, уый йын, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕ тынг бацагайа ӕмӕ бамбара, не ’мбырдтӕ иннӕ динты ӕмбырдтӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц (1 Кор. 14:24, 25). Уымӕй уӕлдай ма базонгӕ уыдзӕн, йӕ бон бафӕзмын кӕй у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕмӕ йын уыдон дӕр ӕххуыс кӕндзысты йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. w20.10 10, 11 фф., 14, 15 абз.

Къуырисӕр, 19 сентябрь

[Хуыцауы] хуызӕн зондамонӕг ма искуы ис? (Иов 36:22).

Сыгъдӕг тых дын ӕххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхасӕй цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн. Ды дӕр-иу псаломзарӕггӕнӕгау Йегъовӕмӕ кув: «О Йегъовӕ, сараз мӕ дӕ фӕндагыл, ӕз цӕудзынӕн дӕ раст фӕндагыл. Ӕрбангом мын кӕн мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дын дӕ номӕй тӕрсон» (Пс. 86:11). Уӕдӕ дарддӕр дӕр кӕс ӕмӕ иртас Библи ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты цы публикацитӕ дӕтты, уыдон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ бирӕ базонай. Дӕу фӕнды, цӕмӕй рӕстдзинад дӕ зӕрдӕйы арф уидӕгтӕ ауадза ӕмӕ дӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразай. Ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕйы сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты ныфсыл ныфс ӕфтауай, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕ бинонтӕ сты (Дзут. 10:24, 25). Хуыцауӕй сыгъдӕг тых кур, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна ӕмбырдты зӕрдӕбын дзуаппытӕ дӕттынӕн, стӕй дын хӕслӕвӕрд кӕнӕ раныхас куы уа, уӕд ӕй хорз бацӕттӕ кӕнынӕн. Афтӕ куы кӕнай, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт уындзысты, сӕ зынаргъ «фысты» сын кӕй уарзыс (Иоан. 21:15–17). Уӕдӕ хъус дӕ Кадджын Зондамонӕгмӕ ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы диссаджы «хӕринӕгтӕ» дӕтты, уыдонӕй дӕхи ӕфсад. w20.10 24, 25 фф., 15–17 абз.

Дыццӕг, 20 сентябрь

Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ [йӕ] се ’ ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты (Мар. 14:50).

Йесойӕн йӕ апостолтӕ ныфссаст куы уыдысты, уӕд сӕм цы цӕстӕй каст? Куы райгас, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕй кӕмӕндӕрты загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн зӕгъут [кӕй райгас дӕн, уый]» (Матф. 28:10а). Йесо сыл йӕ къух нӕ ауыгъта. Кӕд ӕй ныууагътой, уӕддӕр сӕ хуыдта йе ’фсымӕртӕ. Йесо дӕр Йегъовӕйау уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг (2 Пад. 13:23). Махӕн дӕр зынаргъ сты, уацамынды чи нал цӕуы, уыдон. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сты, ӕмӕ сӕ тынг уарзӕм! Стӕй нӕ рох нӕу, Хуыцауы хъуыддаджы куыд фыдӕбон кодтой, уый. Иуӕй-иутӕ сӕ Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой (Дзут. 6:10). Мах сӕ тынг мысӕм! (Лук. 15:4–7). Уӕдӕ нӕ бон у, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕмбырдтӕм хонын. Ӕмӕ ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕр Паддзахады залмӕ куы ’рбацӕуа, уӕд-иу ыл хъуамӕ зӕрдиагӕй бацин кӕнӕм. w20.11 6 ф., 14–17 абз.

Ӕртыццӕг, 21 сентябрь

Фыст цы у, уый сӕрты ма хизут (1 Кор. 4:6).

Иухатт ахуыргӕнинӕгтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн сӕ мадимӕ Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын загътой, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады иуы йӕ рахиз фарс ӕрбадын кодтаид, иннӕйы та – йӕ галиу фарс. Фӕлӕ Йесойӕн ууыл йӕ бар нӕ цыд. Ӕмӕ сын уайтагъд дзуапп радта, уый ӕрмӕст йӕ уӕларвон Фыды бон кӕй у аскъуыддзаг кӕнын (Матф. 20:20–23). Йесо уыд бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ бар алцӕуыл кӕй нӕ цӕуы. Йегъовӕ йын бар цӕмӕн нӕ радта, уый никуы сарӕзта (Иоан. 12:49). Нӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Абоны стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Йесойау бонзонгӕ кӕй стӕм. Исчи нын куы зӕгъа, цӕмӕй йын цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ раттӕм, уӕд ын хъуамӕ нӕхи хъуыдытӕ кӕнӕ, нӕ сӕрмӕ фыццаг цы ’рцӕуа, уый ма дзурӕм. Хъуамӕ йын йе ’ргом аздахӕм, Библийы ӕмӕ нӕ публикациты цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, бонзонгӕ кӕй стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы уынаффӕтӕ нӕхи уынаффӕтӕй хуыздӕрыл кӕй нымайӕм (Рарг. 15:3, 4). w20.08 11 ф., 14, 15 абз.

Цыппӕрӕм, 22 сентябрь

Ӕгӕр раст ма у ӕмӕ дӕхицӕй ӕгӕр зондджын ма араз. Дӕхи цӕмӕн сафыс? (Еккл. 7:16).

Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ де ’мбалӕн уынаффӕ раттын хъӕуы, уӕд дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай? Цалынмӕ йемӕ нӕ аныхас кӕнай, уӕдмӕ ахъуыды кӕн: «Ӕцӕгдӕр ын хъӕуы уынаффӕ раттын? Мыййаг, „ӕгӕр раст“ нӕ дӕн?» Адӕймаг «ӕгӕр раст» куы вӕййы, уӕд иннӕтӕн Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ фӕтӕрхон кӕны, фӕлӕ йӕхи уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Ӕмӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа, уый дӕр дзы, чи зоны, ферох вӕййы. Кӕд уыцы фарстатыл ахъуыды кодтай, ӕмӕ дӕм уӕддӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ де ’мбалимӕ аныхас кӕнын хъӕуы, уӕд-иу ын бӕлвырд бамбарын кӕн, цӕмӕн дӕ фӕнды йемӕ аныхас кӕнын. Стӕй-иу ӕм ратт фарстатӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕнай йӕ рӕдыд бамбарынӕн. Хъуамӕ дӕ ныхӕстӕн сӕ бындур уа Фыстад. Дӕ зӕрдыл дар: де ’мбал дзуапп дӕ разы нӕ дӕтты, фӕлӕ Йегъовӕйы раз (Ром. 14:10). Искӕмӕн уынаффӕ куы дӕттай, уӕд-иу дӕхи зондӕй ныфсджын ма у ӕмӕ-иу Йесойау фӕлмӕнзӕрдӕ у (Ӕмб. 3:5; Матф. 12:20). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд стӕм, Йегъовӕ дӕр махӕн афтӕ уыдзӕн (Иак. 2:13). w20.11 21 ф., 13 абз.

Майрӕмбон, 23 сентябрь

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ мауал тӕрхон кӕнут, фӕлӕ раст тӕрхон кӕнут (Иоан. 7:24).

Фӕндид дӕ, цӕмӕй иннӕтӕ кӕсой дӕ буары хуызмӕ кӕнӕ дӕ цӕсгоммӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ кӕной хатдзӕгтӕ, цавӕр адӕймаг дӕ, уый фӕдыл? Ӕвӕццӕгӕн ӕмӕ нӕ. Фӕлӕ нын Йегъовӕ не ’ддаг бакастмӕ нӕ фӕкӕсы, цӕмӕй зӕгъа, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый. Ӕмӕ нын уый ныфсы хос куыннӕ у! Зӕгъӕм, Самуил Йессейы фырттӕм кӕсгӕйӕ нӕ федта, Йегъовӕ цы уыдта, уый. Йегъовӕ йын загъта, Йессейы фырттӕй иу кӕй суыдзӕн Израилы паддзах. Фӕлӕ кӕцы? Самуил хистӕр фырты, Елиавы, куы федта, уӕд загъта: «Ӕнӕмӕнг, ай у Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг». Елиав уыди уындджын нӕлгоймаг, ӕмӕ Самуил ахъуыды кодта, уый кӕй уыдзӕн паддзах. «Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: „Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, уый нӕ равзӕрстон“». Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Йегъовӕ бамбарын кодта: «Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Сам. 16:1, 6, 7). Хъуамӕ Йегъовӕйы фӕзмӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн куыд стӕм, уымӕй. w20.04 14 ф., 1 абз.; 15 ф., 3 абз.

Сабат, 24 сентябрь

Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ (Иоан. 4:35).

Йесо хуымты фӕцӕйцыд. Ӕвӕццӕгӕн, уыдон уыдысты хъӕбӕрхоры хуымтӕ ӕмӕ уӕд нырма цъӕх уыдысты (Иоан. 4:3–6). Хъӕбӕрхор кӕрдыны афон хъуамӕ уыдаид иу-цыппар мӕйы фӕстӕ. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕнахуыр фӕкастаид, Йесо афтӕ куы загъта: «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35, 36). Цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо ӕнӕуи хуымтӕ кӕрдыны тыххӕй нӕ дзырдта. Уый кодта ӕндӕр хуымгӕрдӕны кой – адӕмы ӕмбырд кӕныны кой. Ахъуыды-ма кӕнӕм, уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уый размӕ цы хабар ӕрцыд, ууыл. Дзуттӕгтӕ самариӕгтӕм хӕстӕг дӕр нӕ цыдысты. Фӕлӕ Йесо иу самариаг сылгоймагимӕ дзырдта рӕстдзинады тыххӕй, ӕмӕ йӕм уый байхъуыста! Ӕмӕ Йесо, кӕрдынмӕ цӕттӕ чи сты, уыцы хуымты кой куы кодта, уыцы рӕстӕг ӕм самариӕгтӕй чидӕртӕ ӕрбацӕйцыдысты. Йесойы тыххӕй сын уыцы сылгоймаг радзырдта, ӕмӕ сӕ фӕндыд Йесомӕ йӕхимӕ байхъусын ӕмӕ фылдӕр базонын (Иоан. 4:9, 39–42). Иу библииртасӕг ацы хабары тыххӕй ныффыста: «Уыцы адӕм Йесомӕ уайтагъд кӕй ӕрбацыдысты, цӕмӕй йӕм байхъуыстаиккой, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыдысты, йӕ кӕрдыны афон кӕмӕн ӕрцыд, ахӕм хуымы хуызӕн». w20.04 8 ф., 1, 2 абз.

Хуыцаубон, 25 сентябрь

Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм (Дзут. 10:24).

Ӕмбырдты ахуыр кӕнӕм хуыздӕр хъусын кӕнын ӕмӕ нӕм иннӕты ахуыр кӕнынӕн цы кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй архайын. Уӕдӕ-иу ӕмбырдтӕм дӕхи хорз бацӕттӕ кӕн, лӕмбынӕг-иу хъус ӕмӕ-иу, цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ архай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд суыдзынӕ «Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддон» (2 Тим. 2:3). Ноджыдӕр ма нын ӕххуыс кӕнынц милуангай хъомысджын зӕдтӕ. Ахъуыды-ма кӕн, ӕрмӕст иу зӕдӕн дӕр йӕ бон цас у саразын (Ис. 37:36). Ӕмӕ уӕд ӕнӕхъӕн зӕдты ’фсад та цас цыдӕртӕ сараздзӕн. Иу адӕймагӕн дӕр ӕмӕ иу дӕлимонӕн дӕр йӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйы хъомысджын ӕфсады ныхмӕ фӕлӕууын. Чидӕр куыд загъта, адӕймаг, дам, иунӕг куы уа, фӕлӕ йемӕ Йегъовӕ куы уа, уӕд уыдзысты фылдӕр, иннӕтӕ цасфӕнды ма уой, уӕддӕр (Тӕрх. 6:16). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Уӕдӕ де ’мкусджытӕй, дӕ къласӕгтӕй кӕнӕ де ’нӕуырнӕг хиуӕттӕй чидӕр цы загъта кӕнӕ цы сарӕзта, уый дӕ тас куы бауадза, уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕ фарс чи сты, уыдоныл. Рох дӕ ма уӕд: ацы хӕсты иунӕгӕй нӕ хӕцыс. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ архайыс йӕ разамындмӕ гӕсгӕ. w21.03 29 ф., 13, 14 абз.

Къуырисӕр, 26 сентябрь

Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, уӕд «хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм» (1 Кор. 15:32).

Ӕвӕццӕгӕн, апостол Павел ӕрхаста Исайы 22:13 стихы фыст ныхӕстӕ, ӕмӕ уым цыди израилӕгты кой. Уыдон сӕ уды дзӕбӕхӕн цардысты ӕмӕ, Хуыцаумӕ баввахсдӕр уыдаиккой, уый мӕт сӕ ӕппындӕр нӕ уыд. Ахӕм зондыл хӕст уыдысты, зӕгъгӕ, абон дӕ, райсом нал уыдзынӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ цы ацӕрай, уый дӕхи. Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсынц. Уӕдӕ, Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, нӕхицӕн цавӕр ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕм, ууыл. Коринфаг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ ма лымӕн кодтаиккой, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй нӕ уырныдта, уыдонимӕ. Ӕмӕ абон мах дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм: цардмӕ иу боны цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм адӕмимӕ куы лымӕн кӕнӕм, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ӕркӕндзӕн. Уый фӕзындзӕн нӕ зондахастыл дӕр ӕмӕ нӕ цардыуагыл дӕр. Суанг ма, гӕнӕн ис, райдайӕм, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыддӕгтӕ дӕр аразын. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел чырыстӕттӕн ныффӕдзӕхста: «Райхъал ут ӕмӕ рӕстӕй архайут ӕмӕ тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ ма кӕнут» (1 Кор. 15:33, 34). w20.12 9 ф., 3, 5, 6 абз.

Дыццӕг, 27 сентябрь

Алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау у Чырысти, сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг, Чырыстийӕн та йӕ хицау у Хуыцау (1 Кор. 11:3).

Ацы стихӕй базонӕн ис, Йегъовӕ уӕлӕрвты ӕмӕ зӕххыл йӕ бинонтӕн цавӕр ӕгъдау сфидар кодта, уый. Йегъовӕ у «хицау», ома ӕппӕт бартӕ дӕр уымӕ сты. Уый йӕ сывӕллӕттӕн, ома зӕдтӕн дӕр ӕмӕ адӕмӕн дӕр, радта цавӕрдӕр бартӕ. Фӕлӕ, сӕ бартӕй куыд пайда кӕнынц, уый тыххӕй йӕ разы дзуапп дӕттынц (Ром. 14:10; Еф. 3:14, 15). Йегъовӕ Йесо Чырыстийы сӕвӕрдта ӕмбырды хистӕрӕй, фӕлӕ, Хуыцауы адӕмӕн куыд у, уый тыххӕй Йегъовӕйы раз дзуапп дӕтты (1 Кор. 15:27). Нӕлгоймаджы та Йегъовӕ сӕвӕрдта бинонты хистӕрӕй. Нӕлгоймагӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз бинонты хистӕр уа? Цӕмӕй хорз бинонты хистӕр уа, уый тыххӕй хъуамӕ фыццаджыдӕр зона, Йегъовӕ дзы цы домы, уый. Хъуамӕ ма зона, Йегъовӕ йын бартӕ цӕмӕн радта ӕмӕ йӕ бон куыд у Йегъовӕйы ӕмӕ Чырыстийы фӕзмын. Уыдӕттӕ зонын ӕй цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цы бартӕ йын радта, уыдонӕй раст пайда кӕна (Лук. 12:48б). w21.02 2 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 28 сентябрь

Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны (Ис. 48:17).

Йегъовӕйау нӕ бон вӕййы цыдӕртӕ ферох кӕнын. Йегъовӕйӕн йӕ бон у алцыдӕр бахъуыды кӕнын, фӕлӕ нӕ рӕдыдтытыл куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын сӕ ныххатыр кӕны ӕмӕ сӕ ферох кӕны (Пс. 25:7; 130:3, 4). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй-иу мах дӕр афтӕ бакӕнӕм, иннӕтӕ нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕной, уӕд (Матф. 6:14; Лук. 17:3, 4). Нӕ сӕрымагъзы фӕрцы Йегъовӕйы куы кадджын кӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, уыцы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Иуӕй-иуты фӕфӕнды сӕхи скъуыддзаг кӕнын, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ уый хуыздӕр зоны, пайда нын цы уыдзӕн ӕмӕ цы нӕ уыдзӕн (Ром. 12:1, 2). Йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы фӕцӕрӕм, уӕд нӕ цард вӕййы фӕрнӕйдзаг (Ис. 48:18). Ӕмӕ, цӕмӕн цӕрӕм, уый дӕр фӕзонӕм – цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы ӕмӕ нӕ Фыды кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмб. 27:11). w20.05 24 ф., 13, 14 абз.

Цыппӕрӕм, 29 сентябрь

Кӕрӕдзи уарзут... фӕлмӕн уарзтӕй (Ром. 12:10).

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм? Хуыздӕр сӕ куы базонӕм, уӕд сӕ хуыздӕр ӕмбарын райдайӕм ӕмӕ сӕ тынгдӕр бауарзӕм. Ӕмӕ кӕд адӕймаг махӕй хистӕр кӕнӕ махӕй кӕстӕр у йе та ӕндӕр уавӕрты схъомыл, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ суӕм. Ионафан Давидӕй бирӕ хистӕр уыд, фӕлӕ уӕддӕр йе ’ввахс ӕмбал сси. Ды дӕр, дӕхицӕй хистӕр кӕнӕ кӕстӕр чи у, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, де ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй уарзыс (1 Пет. 2:17). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕмбырды се ’ппӕты дӕр иухуызон уарздзыстӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй. Кӕимӕдӕр нын иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ вӕййы, ӕмӕ уыцы адӕймаджы фылдӕр фӕуарзӕм. Йесо дӕр йӕ апостолты се ’ппӕты дӕр йӕ хӕлӕрттӕ хуыдта, фӕлӕ Иоанны уӕлдай уарзт кодта (Иоан. 13:23; 15:15; 20:2). Фӕлӕ йӕ иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрдта (Мар. 10:35–40). w21.01 23 ф., 12, 13 абз.

Майрӕмбон, 30 сентябрь

Сымах хуыцӕуттӕй иннӕтӕй тынгдӕр... тӕрсут (Хъуыд. 17:22).

Апостол Павел Афинты куы уыд, уӕд дзуттӕгтимӕ ӕмбырдгӕнӕны иухуызон ныхас кодта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонимӕ та йӕ ӕндӕрхуызон хъуыди ныхас кӕнын. Павел йӕ хъус ӕрдардта, йӕ алыварс цытӕ уыдта, уыдӕттӕм, стӕй сӕ дины ӕгъдӕуттӕм (Хъуыд. 17:23). Уымӕй уӕлдай ма уыцы адӕмӕн Фыстадӕй дзырдта, йемӕ цӕуыл сразы уыдаиккой, уыдӕттӕ. Уӕдӕ Павел йӕ ныхас райдыдта, уыцы адӕм цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ. Афинӕгтӕн загъта, цы хабар сын хъусын кӕны, уый кӕй у, «Ӕнӕзонгӕ Хуыцау» кӕй хуыдтой, уымӕй. Кӕд уыдон Фыстад нӕ зыдтой, уӕддӕр Павел афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ чырыстӕттӕ никуы суыдзысты. Уый сӕ нымадта кӕрдинаг хуымтыл, ӕмӕ сын хорз хабар афтӕ хъусын кодта, цӕмӕй йӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстаиккой. Павелау дӕ хъус дар, адӕймаджы тыххӕй дын цыдӕртӕ базонынӕн цы баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕм. Бацархай, уӕ территорийы адӕм цӕуыл ӕууӕндынц, уый бамбарыныл. Зӕгъӕм, адӕймаджы тыххӕй йӕ хӕдзармӕ гӕсгӕ цы ис базонӕн? Цавӕр диныл хӕст у, уый йӕ номмӕ, йӕ уӕлӕдарӕсмӕ ӕмӕ йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ, стӕй йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ис бамбарӕн? w20.04 9, 10 фф., 7, 8 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын