Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 136–150 фф.
  • Октябрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Октябрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Сабат, 1 октябрь
  • Хуыцаубон, 2 октябрь
  • Къуырисӕр, 3 октябрь
  • Дыццӕг, 4 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 5 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 6 октябрь
  • Майрӕмбон, 7 октябрь
  • Сабат, 8 октябрь
  • Хуыцаубон, 9 октябрь
  • Къуырисӕр, 10 октябрь
  • Дыццӕг, 11 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 12 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 13 октябрь
  • Майрӕмбон, 14 октябрь
  • Сабат, 15 октябрь
  • Хуыцаубон, 16 октябрь
  • Къуырисӕр, 17 октябрь
  • Дыццӕг, 18 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 19 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 20 октябрь
  • Майрӕмбон, 21 октябрь
  • Сабат, 22 октябрь
  • Хуыцаубон, 23 октябрь
  • Къуырисӕр, 24 октябрь
  • Дыццӕг, 25 октябрь
  • Ӕртыццӕг, 26 октябрь
  • Цыппӕрӕм, 27 октябрь
  • Майрӕмбон, 28 октябрь
  • Сабат, 29 октябрь
  • Хуыцаубон, 30 октябрь
  • Къуырисӕр, 31 октябрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 136–150 фф.

Октябрь

Сабат, 1 октябрь

«Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, цӕмӕй йын зонд амона?» Мах та хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ (1 Кор. 2:16).

Йесойы куы базонӕм, уӕд мах дӕр, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ уыйау архайдзыстӕм. Ӕмӕ, Йесо куыд хъуыды кӕны, уый хорз куы зонӕм ӕмӕ мах дӕр афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын? Ӕркӕсӕм иу хъуыддагмӕ. Йесо-иу фылдӕр хъуыды кодта, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд баххуыс кодтаид, ууыл (Матф. 20:28; Ром. 15:1–3). Ахӕм зондахаст ын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыд удуӕлдай ӕмӕ хатыргӕнаг. Иннӕты рӕхуыст ныхӕстӕм-иу уайтагъд нӕ рамӕсты (Иоан. 1:46, 47). Стӕй-иу иннӕтӕм сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй нӕ каст (1 Тим. 1:12–14). Йесо загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоан. 13:35). Хорз уаид, ахӕм фарстайыл куы ахъуыды кӕниккам: «Ӕз дӕр Йесойы фӕзмын ӕмӕ, мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ хӕларӕй цӕрон?» w20.04 24 ф., 11 абз.

Хуыцаубон, 2 октябрь

Уыдон [мын] мӕ ном кадджын кӕндзысты (Ис. 29:23).

Абон Йегъовӕйы номыл цъыф бирӕтӕ калынц. Фӕлӕ дӕ бон у йӕ сӕрыл рахӕцын ӕмӕ адӕмӕн дзурын, Йегъовӕ кӕй у сыгъдӕг, рӕстаг, хорз ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау. Дӕ бон у дӕ цардӕй ӕвдисын, йӕ хицаудзинады фарс кӕй дӕ. Дӕ бон у адӕмӕн ӕмбарын кӕнын, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй уыдзӕн ӕгас зӕххыл дӕр фӕрнӕйдзаг ӕмӕ амондджын цард (Пс. 37:9, 37; 146:5, 6, 10). Адӕмӕн ма арӕх фембарын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Ӕмӕ кӕд ахсджиаг у, цӕмӕй сын Хуыцауы закъӕттӕ амонӕм, уӕддӕр нӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы бауарзой ӕмӕ йыл иузӕрдион уой. Уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ се ’ргом здахӕм Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕм ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый (Ис. 63:7). Уый фӕрцы адӕмӕн баххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй бауарзой ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсой. w20.06 6 ф., 16 абз.; 7 ф., 19 абз.

Къуырисӕр, 3 октябрь

Адӕймагӕн дзых чи радта? [...] Ӕз, Йегъовӕ, нӕ аразын уый? (Рац. 4:11).

Адӕймаджы сӕрымагъз куыд конд у, уый дисы ӕфтауы. Сывӕллон мады гуыбыны куы вӕййы, уӕд йӕ магъз фӕрӕзы бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ дзы алы минут дӕр фӕзыны мингай ног кълеткӕйы! Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, стыр адӕймаджы сӕрымагъзы кӕй вӕййы 100 миллиард нейроны бӕрц. Сӕрымагъз 1,5 килӕйы бӕрц йеддӕмӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ дзы уыцы кълеткӕтӕ иууылдӕр бацӕуынц. Сӕрымагъз цы диссаджы куыст кӕны, уымӕ хауы, нӕ бон дзурын кӕй у, уый. Цӕмӕй иу ныхас зӕгъай, уый тыххӕй дӕ магъз хъуамӕ скусын кӕна иу-100 хӕцъӕфы – ӕвзаджы, хурхы, былты, ӕфсӕры ӕмӕ риуыгуыдыры хӕцъӕфтӕ. Цӕмӕй дын дӕ ныхас иннӕтӕ ӕмбарой, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы хӕцъӕфтӕ кусой бӕлвырд уагмӕ гӕсгӕ. 2019 азы иу статьяйы иртасджытӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, дам, ноггуырд сывӕллӕттӕн сӕ бон у хицӕн дзырдтӕ ӕвзарын. Ӕмӕ уый дӕр у бӕлвырдгӕнӕн, бирӕ ахуыргӕндтӕ цы хъуыдыйыл хӕст сты, уымӕн – адӕймагӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ йӕ бон у иннӕты ныхас ӕмбарын ӕмӕ дзурын ахуыр кӕнын. Уӕдӕ нӕ бон дзурын кӕй у, уый ӕцӕгдӕр у Хуыцауы лӕвар. w20.05 22, 23 фф., 8, 9 абз.

Дыццӕг, 4 октябрь

Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ (Дзут. 11:10).

Авраам цӕттӕ уыд горӕт Уры йӕ хорз цард ныууадзынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, «фидар бындур кӕмӕн ис... уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:8–10, 16). Авраам цы горӕтмӕ ’нхъӕлмӕ каст, уый у Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады Паддзах у Йесо Чырысти. Ӕмӕ ма йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты 144 000 сӕрст чырыстоны. Павел уыцы Паддзахад схуыдта «удӕгас Хуыцауы горӕт – уӕларвон Иерусалим» (Дзут. 12:22; Рарг. 5:8–10; 14:1). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй куывтаиккой уыцы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй ӕмӕ цӕмӕй уый фӕрцы Хуыцауы фӕндон, уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр (Матф. 6:10). Цымӕ Авраам бӕлвырдӕй зыдта, Хуыцауы Паддзахад цавӕр уыдзӕн ӕмӕ куыд архайдзӕн, уый? Нӕ зыдта. Бирӕ ӕнусты дӕргъы уый уыд «сусӕгдзинад» (Еф. 1:8–10; Кол. 1:26, 27). Фӕлӕ Авраам зыдта, йӕ байзӕддӕгтӕй чидӕртӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Уымӕй йын зӕрдӕ Йегъовӕ бавӕрдта (Райд. 17:1, 2, 6). w20.08 2, 3 фф., 2–4 абз.

Ӕртыццӕг, 5 октябрь

Дарддӕр дӕр... [Хицауы] коммӕ кӕсут. ...Йӕ мидӕг уидӕгтӕ ауадзут, ууыл рӕзут ӕмӕ уырнындзинады ӕрфидар ут (Кол. 2:6, 7).

Хъуамӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстыл ма ’ууӕндӕм. Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг ахӕм адӕмы уылты архайы, цӕмӕй Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дызӕрдыг хъуыдытыл ӕфтауа. Уӕдӕ-иу хъуамӕ сбӕрӕг кӕнӕм, цы фехъусӕм, уый ӕцӕг у ӕви мӕнг. Не знӕгтӕ интернеты кӕцыдӕр сайтты ӕмӕ социалон сетьты мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйыл мауал ӕууӕндӕм ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд мауал уӕм. Рох дӕ ма уӕд, уыцы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц, уый, ӕмӕ сыл ма ӕууӕнд! (1 Иоан. 4:1, 6; Рарг. 12:9). Цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм Йесойыл ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ фӕнд уый уылты кӕй ӕххӕст кӕны, ууыл. Стӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд ӕрмӕстдӕр уыцы цагъары уылты кӕй дӕтты (Матф. 24:45–47). Ӕмӕ-иу нӕм цӕмӕй дызӕрдыг хъуыдытӕ ма фӕзына, уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзух Хуыцауы Ныхас иртасын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн, арф уидӕгтӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн. Апостол Павел дӕр ахӕм хъуыды загъта абоны стихы. w20.07 23, 24 фф., 11, 12 абз.

Цыппӕрӕм, 6 октябрь

Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ (1 Сам. 16:7).

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ арӕх не ’ппӕт дӕр адӕймагӕн йе ’ддаг бакастмӕ гӕсгӕ цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ скӕнӕм (Иоан. 7:24). Фӕлӕ, цы фӕуынӕм, уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы тыххӕй бирӕ нӕ вӕййы базонӕн. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм дохтыры. Дохтыр цыфӕнды дӕсны ӕмӕ фӕлтӕрдджын куы уа, уӕддӕр рынчыны тыххӕй ӕрмӕст иу бакастӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕ базондзӕн. Хъуамӕ йӕм лӕмбынӕг байхъуса, цӕмӕй базона, раздӕр цавӕр низтӕй уыд рынчын, ныртӕккӕ йӕ цы тыхсын кӕны ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Чи зоны ма йӕ рентгенмӕ дӕр арвита. Ӕнӕ уыдӕттӕй йын, гӕнӕн ис, йӕ низыхатт раст ма сбӕрӕг кӕна. Афтӕ-иу мах дӕр, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый хорз нӕ бамбардзыстӕм, ӕрмӕст сын се ’ддаг бакастмӕ куы кӕсӕм, уӕд. Хъуамӕ-иу бацархайӕм арфдӕр ныккӕсыныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу зӕрдӕтӕ уынын. Фӕлӕ нӕ бон у архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕзмӕм. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕм байхъусы. Уымӕй уӕлдай ма сын хорз зоны сӕ уавӕртӕ, сӕ раздӕры цард ӕмӕ, куыд схъомыл сты, уый. Стӕй сын фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ сын сӕ зын бамбары. w20.04 14, 15 фф., 1–3 абз.

Майрӕмбон, 7 октябрь

Ӕмбаргӕ ут (Ром. 12:3).

Сӕрбӕрзонд адӕймаг «ӕмбаргӕ» нӕ вӕййы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм. Сӕрбӕрзонд адӕймаг вӕййы кадуарзаг ӕмӕ алкӕддӕр ныллӕууы йӕхи ныхасыл. Йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ арӕх уымӕ ’ркӕнынц, ӕмӕ йӕхи дӕр масты хай бакӕны ӕмӕ иннӕты дӕр. Ӕмӕ йӕ зондахаст куы нӕ аива, уӕд ын Хӕйрӕг йӕ сӕрызонд бакуырм кӕндзӕн ӕмӕ йын ӕй сзыгъуыммӕ кӕндзӕн (2 Кор. 4:4; 11:3). Сӕрныллӕг адӕймаг та вӕййы ӕмбаргӕ ӕмӕ йӕхимӕ раст цӕстӕй фӕкӕсы. Уый ӕмбары, иннӕтӕ дзы бирӕ цӕмӕйдӕрты хуыздӕр кӕй сты (Фил. 2:3). Стӕй зоны, «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ [кӕй] у, сӕрныллӕгтӕн та [кӕй] хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (1 Пет. 5:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбаргӕ адӕймаджы нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ ныхмӕ уа. Цӕмӕй алкӕддӕр сӕрныллӕг уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ архайӕм Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут». Хорз уаид, Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ-иу куы раиртасӕм, стӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмӕм (Кол. 3:9, 10; 1 Пет. 2:21). w20.07 7 ф., 16, 17 абз.

Сабат, 8 октябрь

Буар иу... у, уӕнгтӕ та – бирӕ (1 Кор. 12:12).

Йегъовӕйы ӕмбырды кӕй стӕм, уый нын стыр кад у! Мах лӕггад кӕнӕм фарнуарзаг, амондджын адӕмимӕ иумӕ, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, цӕрӕм дзӕнӕты. Фӕлӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у ӕмбырды аразын? Апостол Павел ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ, хицӕн адӕймӕгты та – буары уӕнгтимӕ (Ром. 12:4–8; 1 Кор. 12:12–27; Еф. 4:16). Павелы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы бинонты ’хсӕн алкӕмӕн дӕр йӕхи бынат кӕй ис. Павел загъта: «Буар иу куыд у, буары уӕнгтӕ та – бирӕ, фӕлӕ уӕнгтӕ се ’ппӕт уыцы иу куыст куыд нӕ кӕнынц, раст афтӕ мах дӕр: кӕд бирӕ стӕм, уӕддӕр стӕм иу буар – Чырыстиимӕ иумӕ, ӕмӕ стӕм, кӕрӕдзиимӕ баст чи у, ахӕм уӕнгтӕ» (Ром. 12:4, 5). Павелы ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд? Кӕд ныл алыхуызон хӕстӕ ис, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр аргъ кӕны. w20.08 20 ф., 1, 2, 4 абз.

Хуыцаубон, 9 октябрь

Йегъовӕ йӕ бафарста: «Куыд ӕй асайдзынӕ?» (1 Пад. 22:21).

Ныййарджытӕ, сымахӕн уӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын, ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад ӕвдисын? Хӕдзары исты куы аразат, уӕд-иу уӕ сывӕллӕтты бафӕрсут, куыд ӕй ис саразӕн, уымӕй. Ӕмӕ кӕд гӕнӕн ис, уӕд-иу, уыдон куыд зӕгъынц, афтӕ бакӕнут. Йегъовӕ ма уын фӕзминаг у йӕ фӕразондзинадӕй дӕр. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй исчи куы фӕдызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл, ӕмӕ йын йӕ хъуыды уӕзданӕй куы бамбарын кӕны, уӕд ӕм байхъусы. Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынвӕнд куы скодта, уӕд Авраам дызӕрдыг кодта, уый раст уынаффӕ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕн куы загъта, уӕд ӕм уый байхъуыста (Райд. 18:22–33). Кӕнӕ ӕрхъуыды кӕнӕм Саррӕйы хабар. Йегъовӕ йын зӕрдӕ куы бавӕрдта, сывӕллон ын кӕй райгуырдзӕн, уӕд ӕм уый худӕг фӕкаст, уымӕн ӕмӕ ацӕргӕ уыд. Фӕлӕ йӕм Йегъовӕ не смӕсты ӕмӕ йӕ уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта (Райд. 18:10–14). Ныййарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ бон у ахъуыды кӕнын, уӕ сывӕллӕттӕй кӕнӕ ӕмбырды исчи уӕ уынаффӕимӕ разы куы нӕ вӕййы, уӕд куыд бакӕнут, ууыл. Уайтагъд ын зонд амонынмӕ фӕвӕййут? Ӕви фӕархайут, цӕмӕй бамбарат, афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, уый? Бартӕ кӕмӕ ис, уыдон Йегъовӕйы куы фӕзмой, уӕд уый бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр стыр пайда хӕсдзӕн. w20.08 10 ф., 7–9 абз.

Къуырисӕр, 10 октябрь

Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады (2 Кор. 12:9).

Йегъовӕйы фӕндагыл куы ’рлӕууыдыстӕм, уӕд-иу нӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй-иу нын иннӕтӕ ӕххуыс кодтаиккой. Мах ӕмбӕрстам, нырма бирӕ цыдӕртӕ кӕй нӕ зонӕм (1 Кор. 3:1, 2). Фӕлӕ ныр та? Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ систӕм, уӕд нӕ, чи зоны, ныр нал фӕфӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕ ӕххуыс кӕной, уӕлдайдӕр та, мах фӕстӕ чи райдыдта лӕггад кӕнын, уыдон. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ арӕх нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты бафидар кӕны (Ром. 1:11, 12). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ хъарутӕ дӕтта, уӕд хъуамӕ уый нӕ зӕрдыл дарӕм. Цӕмӕй адӕймаг ӕнтыстджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ уа сӕрныллӕг ӕмӕ йӕ ныфс Йегъовӕйыл дара. Ӕмӕ уӕлдай нӕу, тыхджын у ӕви лӕмӕгъ, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уӕлдӕр ахуырад ӕм ис ӕви нӕ. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр 1) нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм, 2) Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны фӕзмӕм ӕмӕ 3) ӕмбарӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы. Ӕмӕ уӕд, нӕхимӕ цыфӕнды лӕмӕгъ ма кӕсӕм, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕрцы уыдзыстӕм тыхджын! w20.07 14 ф., 2 абз.; 19 ф., 18, 19 абз.

Дыццӕг, 11 октябрь

Дарддӕр дӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайут... цӕмӕй зивӕггӕнаг ма суат, фӕлӕ, Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдоны фӕзмат (Дзут. 6:11, 12).

Фӕразондзинад ӕвдисын нын, гӕнӕн ис, зын уа, нӕ хиуӕттӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд. Уый фӕдыл хорз уагӕвӕрд ис Екклесиасты 3:7 стихы: «Ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн». Нӕ хорз уагахаст уынгӕйӕ нӕ хиуӕтты, чи зоны, бафӕнда хорз хабармӕ байхъусын. Фӕлӕ сын уыцы иу рӕстӕг хъуамӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы тыххӕй дзурынмӕ дӕр цӕттӕ уӕм (1 Пет. 3:1, 2). Хъуамӕ адӕмӕн зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнӕм, фӕлӕ хъуамӕ алкӕддӕр алкӕимӕ дӕр фӕразон уӕм, уыимӕ нӕ бинонтимӕ дӕр. Фӕразондзинадыл нӕ бон ахуыр кӕнын у, Библийы кӕй кой ис, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй. Аввакум бӕллыд, фыддзинадӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ, фӕлӕ фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Уый загъта: «Ӕз лӕудзынӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты» (Ав. 2:1). Апостол Павел загъта, кӕй йӕ фӕнды, Йесо йын цы бахӕс кодта, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсын. Фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕр фӕразонӕй «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кодта» (Хъуыд. 20:24). w20.09 11, 12 фф., 12–14 абз.

Ӕртыццӕг, 12 октябрь

[Йесомӕ] ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа (Фил. 2:6).

Кӕд Дун-дунейы Йесойӕ уӕлдӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у, уӕддӕр Йесо йӕхицӕй, цы уыд, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕл нӕ уыд. Йесойау сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд иннӕты тынгдӕр уарздзыстӕм. Йесо загъта, ӕцӕг чырыстӕттӕ иннӕты ’хсӕн бӕрӕг кӕй дардзысты сӕ уарзондзинадӕй (Лук. 9:48; Иоан. 13:35). Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырды цавӕрдӕр хъуыддаг аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы, фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ницы аразынц. Ӕмӕ уӕд хъуыр-хъуыр кӕныны бӕсты хуыздӕр уаид сӕрныллӕгдзинад равдисын ӕмӕ, разамынд чи дӕтты, уыцы ’фсымӕртимӕ ӕмгуыст кӕнын (Дзут. 13:17). Цы дын баххуыс кӕндзӕн? Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы хъуыддаг афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы цыдӕр саразын? Ӕнӕмӕнг ныртӕккӕ хъӕуы цыдӕр фӕивын? Ацы хъуыддаг сраст кӕнын мӕнмӕ хауы? Ӕмбырды иудзинад бахъахъхъӕнын мӕ фӕнды ӕви адӕмы ’ргом мӕхимӕ раздахын?» Йегъовӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ сӕрныллӕгдзинад нӕ курдиӕттӕй ахсджиагдӕр у ӕмӕ, не ’хсӕн иудзинад уа, уый ахсджиагдӕр у, бирӕ нын ӕнтыса, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ дӕ хъӕуы архайын, цӕмӕй йын сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнай. Ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбырды иудзинад хъахъхъӕндзынӕ (Еф. 4:2, 3). w20.07 4, 5 фф., 9–11 абз.

Цыппӕрӕм, 13 октябрь

Йесо [сын] загъта: «Ма тӕрсут! Цӕут ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн зӕгъут» (Матф. 28:10).

Йесо тынг аргъ кодта, цы сӕм уыд, уый йын чи не ’вгъау кодта ӕмӕ йын афтӕмӕй чи лӕггад кодта, уыцы иузӕрдион сылгоймӕгтӕн (Лук. 8:1–3). Йесо сын ӕргом кодта, Хуыцауы фӕндонмӕ чи хауд, уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, загъта сын, кӕй йӕ хъуамӕ амардтаиккой ӕмӕ кӕй хъуамӕ райгас уыдаид (Лук. 24:5–8). Апостолтау уыцы сылгоймӕгты дӕр бацӕттӕ кодта, цы уӕззау хабӕрттӕ хъуамӕ ӕрцыдаид, уыдонмӕ – куыд хъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ куыд амӕлдзӕн, уый кӕй фендзысты, уымӕ (Мар. 9:30–32; 10:32–34). Йесойы куы ’рцахстой, уӕд ӕй суанг апостолтӕ дӕр ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты. Фӕлӕ йын чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ уыдысты йӕ фарсмӕ, хъизӕмӕртты хъӕдыл ӕй куы ’рцауыгътой, уӕд дӕр (Матф. 26:56; Мар. 15:40, 41). Йесо кӕй райгас, уый фыццаг сылгоймӕгтӕ федтой. Ӕмӕ сын Йесо загъта, цӕмӕй уый тыххӕй апостолтӕн фехъусын кодтаиккой (Матф. 28:5, 9, 10). Ӕмӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг тых куы ’рцыд, уӕд се ’хсӕн сылгоймӕгтӕ дӕр уыдаид. Уым чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр диссаджы хуызы ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой ӕмӕ иннӕтӕн «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» дзырдтой (Хъуыд. 1:14; 2:2–4, 11). w20.09 23 ф., 11, 12 абз.

Майрӕмбон, 14 октябрь

Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ (1 Тим. 4:16).

Ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у фервӕзын! Кӕцӕй йӕ зонӕм, уый афтӕ кӕй у? Матфейы 28:19, 20 стихты фыст ис Йесойы фӕдзӕхст: «Ацӕут... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд». Цымӕ донаргъуыд райсын тынг ахсджиаг у? Кӕд нӕ фервӕзын фӕнды, уӕд уый ӕнӕмӕнг у. Ӕмӕ, донаргъуыд райсын чи фӕнд кӕны, уый хъуамӕ уырна, фервӕзӕн кӕй ис, Йесо мах тыххӕй кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Апостол Петр дӕр иннӕ чырыстӕттӕн уый тыххӕй загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны, Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы» (1 Пет. 3:21). Уӕдӕ, адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ын фӕзыны ныфс, кӕй фервӕздзӕн ӕмӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн. Цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ адӕмы «арӕхстджынӕй ахуыр кӕнӕм» (2 Тим. 4:1, 2). Цӕмӕн? Йесо нын бафӕдзӕхста: «Ацӕут... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут». Апостол Павел та Тимофеймӕ ныффыста: «Ацы хъуыддӕгты лӕуд у алкӕддӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр». w20.10 14 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 15 октябрь

Нырӕй фӕстӕмӕ ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты (Лук. 5:10).

Петр «адӕмахсӕджы» куыст бирӕ бауарзта. Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы уыцы хъуыддаджы тынг дӕсны сси (Хъуыд. 2:14, 41). Мах сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъусын кӕнӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы уарзӕм. Кӕй йӕ уарзӕм, уый нын ӕххуыс кӕны адӕмӕн хорз хабар дзурынӕн, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нын хорз нӕ уайы, уӕддӕр. Йесо Петры куы фӕхуыдта, цӕмӕй «адӕмахсӕг» суыдаид, уӕд ын загъта: «Ма тӕрс» (Лук. 5:8–11). Петр, ахуыргӕнинаг куы суыдаид, уӕд ӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй нӕ фӕтарст. Уый тынг бадис кодта, Йесойы фӕрцы цас кӕсӕгтӕ ӕрцахстой, ууыл. Петр зыдта, Йесо диссаг кӕй сарӕзта, ӕмӕ йӕхи йемӕ кусыны аккагыл нӕ нымадта. Петрау ды дӕр, чи зоны, тӕрсыс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕрсыс, Чырыстийы ахуыргӕнинаг куы суай, уӕд дӕ цы аразын хъӕудзӕн, уыдӕттӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд архай, цӕмӕй Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр уарзай, ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн, цӕмӕй «адӕмахсӕг» суай (Матф. 22:37, 39; Иоан. 14:15). w20.09 3 ф., 4, 5 абз.

Хуыцаубон, 16 октябрь

Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. ...Ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут (Матф. 28:19, 20).

Мах агурӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдоны», ӕмӕ уымӕн нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ не ’хца не ’вгъау кӕнӕм (Хъуыд. 13:48). Афтӕмӕй фӕзмӕм Йесойы. Уый загъта: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:34; 17:4). Ӕмӕ мах дӕр зӕрдиагӕй фӕнды, нӕ бар цы хъуыддаг ис, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын (Иоан. 20:21). Стӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй, ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал цӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ та хъусын кӕнын райдайой, ӕмӕ иумӕ уыцы хъуыддаджы кӕронмӕ архайӕм (Матф. 24:13). Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын афтӕ ӕнцон нӕу. Фӕлӕ ацы хъуыддаг иунӕгӕй нӕ аразӕм. Йесо нын зӕрдӕ бавӕрдта, немӕ кӕй уыдзӕн. Мах ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд вӕййӕм «Хуыцауы ӕмкусджытӕ» ӕмӕ фӕархайӕм «Чырыстиимӕ иудзинады», ома нын Йегъовӕ ӕмӕ Чырысти феххуыс кӕнынц (1 Кор. 3:9; 2 Кор. 2:17). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ацы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын. Цӕй стыр кад у ӕмӕ нын куыд ӕхсызгон у Йесойы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын! (Фил. 4:13). w20.11 7 ф., 19, 20 абз.

Къуырисӕр, 17 октябрь

Йесо... зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй (Лук. 2:52).

Ныййарджытӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон арӕх фӕзынынц сӕ сывӕллӕтты фидӕныл. Ӕвзӕр уынаффӕтӕ куы рахӕссынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кӕнынц. Фӕлӕ хорз уынаффӕтӕ куы рахӕссынц, уӕд сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ раст уынаффӕтӕ хӕссой. Ӕмӕ адӕймагӕн йӕ уынаффӕтӕй ӕппӕты хуыздӕр вӕййы, куы аскъуыддзаг кӕны, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн (Пс. 73:28). Йесойы ныййарджыты фӕндыд сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы фӕндагыл сӕвӕрын. Ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ хастой, уыдонӕй бӕрӕг уыд, царды сын ӕппӕты сӕйраг кӕй уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Лук. 2:40, 41, 52). Йесо йӕхӕдӕг дӕр хаста хорз уынаффӕтӕ. Ӕмӕ йын уыцы уынаффӕтӕ ӕххуыс кодтой Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (Матф. 4:1–10). Йесо сси хӕларзӕрдӕ, иузӕрдион ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг. Хуыцауы чи уарзы, уыцы ныййарджытӕй чифӕнды дӕр ахӕм фыртӕй уыдаид сӕрыстыр ӕмӕ буц. w20.10 26 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 18 октябрь

Дӕ цӕстытӕ кӕсӕнт размӕ (Ӕмб. 4:25).

Ахъуыды кӕнӕм ӕртӕ цӕвиттоныл. Ацӕргӕ хо хъуыды кӕны, йӕ царды хорзӕй цы уыд, уыдӕттыл. Ӕмӕ йыл кӕд ныр цард йӕ уӕз ӕруагъта, уӕддӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы, йӕ бон цы у, уый аразы (1 Кор. 15:58). Алы бон дӕр йӕ цӕстытыл ауайын кӕны, ног дунейы йӕ бинонтимӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттимӕ куыд цӕрдзӕн, уый. Иу хойы та йе ’мбырдӕй чидӕр фӕхъыг кодта. Ӕмӕ дзы кӕд уыцы хабар рох нӕу, уӕддӕр йӕхицӕн загъта, йӕ зӕрдӕйы йӕм маст кӕй нӕ хӕсдзӕн (Кол. 3:13). Ӕфсымӕрӕй йӕ раздӕры рӕдыдтытӕ рох не сты. Фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, дарддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн (Пс. 51:10). Ацы ӕртӕ чырыстоны ӕмхуызон цӕмӕй сты? Сӕ царды цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон сӕ рох не сты, фӕлӕ сыл ӕдзух нӕ хъуыды кӕнынц. Уыдон кӕсынц «размӕ» – фидӕнмӕ. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Адӕймаг фӕстӕмӕ фӕкӕс-фӕкӕсгӕнгӕ куы цӕуа, уӕд йӕ бон нӕ уыдзӕн йӕ фӕндагыл раст цӕуын. Раст афтӕ мах дӕр ӕдзух, раздӕр цы уыд, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын (Лук. 9:62). w20.11 24 ф., 1–3 абз.

Ӕртыццӕг, 19 октябрь

Уыцы ӕнӕрвӕссон каст [ӕм] бакодта (1 Сам. 17:42).

Тыхджын Голиафы цӕсты Давид уыд лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Голиаф Давидӕй бирӕ стырдӕр уыд. Уый уыди фӕлтӕрдджын хӕстон ӕмӕ уыд гӕрзифтонг. Давид та уыд ӕрыгон лӕппу ӕмӕ йӕм хӕцӕнгарз дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ Давид йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта, ӕмӕ йын Йегъовӕ хъарутӕ радта, цӕмӕй йе знагыл фӕуӕлахиз уыдаид (1 Сам. 17:41–45, 50). Давид ма бахауд ӕндӕр зын уавӕры дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй, чи зоны, йӕхимӕ каст лӕмӕгъ ӕмӕ ӕнӕбон. Давид иузӕрдионӕй лӕггад кодта Израилы паддзах Саулӕн. Фыццаг Саул Давидӕн тынг аргъ кодта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр сӕрбӕрзонд кӕй сси, уый тыххӕй йӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта. Гъемӕ йӕм райдыдта знаджы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыд (1 Сам. 18:6–9, 29; 19:9–11). Кӕд Саул Давиды дзӕгъӕлы ӕфхӕрдта, уӕддӕр ын Давид кад кодта, уымӕн ӕмӕ Саул уыд Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзах (1 Сам. 24:6). Давид йӕ ныфс Йегъовӕйыл дардта ӕмӕ йӕ зыдта, хъарутӕ йын кӕй дӕтдзӕн, цӕмӕй уыцы стыр фӕлварӕн сфӕраза (Пс. 18:1 ӕмӕ разныхас). w20.07 17 ф., 11–13 абз.

Цыппӕрӕм, 20 октябрь

Кӕроны рӕстӕг хуссайраг паддзах йемӕ [цӕгатаг паддзахимӕ] схӕцдзӕн (Дан. 11:40).

Цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы тыххӕй пехуымпарадӕн йӕ фылдӕр хай сӕххӕст, ӕмӕ, йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм. Данелы чиныджы 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уый цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иу цыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: уыцы пехуымпарад амоны, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, ӕрмӕстдӕр уыцы бӕстӕты хицӕуттӕм ӕмӕ хицауӕдтӕм. Зӕххыл цас адӕм цӕры, уыимӕ абаргӕйӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ бирӕ не сты. Фӕлӕ сӕ цымӕ уӕд уыцы хицауӕдтӕ сӕ ныхтӕ цӕмӕн ныссадзынц? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ дунейӕн сӕ сӕйраг нысан у, Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны зӕххы цъарӕй фесафын (Райд. 3:15; Рарг. 11:7; 12:17). Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Данелы пехуымпарад куыд ӕмбарӕм, уый кӕй хъуамӕ ма уа, иннӕ пехуымпарӕдтӕ куыд ӕмбарӕм, уый ныхмӕ. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй раст ӕмбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕркӕсӕм Библийы иннӕ хӕйттӕм дӕр. w20.05 2 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 21 октябрь

Мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты? Ӕмӕ сын цавӕр буар уыдзӕни? (1 Кор. 15:35).

Абон бирӕтӕ сӕхирдыгонау ӕмбарынц, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый. Фӕлӕ Библи та цы дзуры? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ буар бамбийы. Фӕлӕ, Дун-дуне ницӕмӕй чи сфӕлдыста, уымӕн йӕ бон у адӕймаджы райгас кӕнын ӕмӕ йын, цавӕр буар хъӕуы, ахӕм буар раттын (Райд. 1:1; 2:7). Чидӕртӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй райгас уыдзысты, уый кой кӕнгӕйӕ апостол Павел ӕрхаста цӕстуынгӕ цӕвиттон. Уымӕй равдыста, Хуыцау адӕймагӕн, раздӕр ын цы буар уыд, фӕстӕмӕ уыцы буар кӕй нӕ ратдзӕн. Хоры нӕмыг куы байтауынц, уӕд ӕвзар суадзы ӕмӕ стӕй фӕзыны ног ӕфсир. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ног ӕфсир фӕхицӕн кӕны, кӕй байтыдтой, уыцы гыццыл нӕмыгӕй. Павел ацы абарсты фӕрцы равдыста, не Сфӕлдисӕгӕн йӕ бон кӕй у, кӕй райгас кӕна, уыдонӕн, «цавӕр ӕй фӕнды, ахӕм буар» раттын. Павел ма загъта, кӕй ис «уӕларвон буӕрттӕ ӕмӕ зӕххон буӕрттӕ». Уый куыд ӕмбаргӕ у? Зӕххыл чи цӕры, уыдонӕн ис туг ӕмӕ стӕгӕй буар. Уӕлӕрвты чи цӕры, уыдонӕн та ис ӕнӕуынгӕ буӕрттӕ, зӕдтӕн цавӕр буӕрттӕ ис, ахӕмтӕ (1 Кор. 15:36–41). w20.12 10 ф., 7–9 абз.

Сабат, 22 октябрь

Кӕдмӕ ма тох кӕндзӕн мӕ уд ӕмӕ мӕ бонтӕ хъыгзӕрдӕйӕ кӕдмӕ ӕрвитдзынӕн? (Пс. 13:2).

Махӕй алкӕй дӕр фӕнды сабыр, ӕнӕмӕт цард кӕнын. Никӕмӕн вӕййы ӕхсызгон, истӕуыл куы фӕмӕт кӕны, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иу хатт цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕнӕм ӕмӕ цӕуылдӕр фӕтыхсӕм. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕм фӕзына, паддзах Давидмӕ цы фарста фӕзынд, ахӕм, фыст ис абоны стихы. Адӕймаг бирӕ цӕуылдӕрты фӕмӕт кӕны, фӕлӕ алцӕуыл йӕ бар нӕ цӕуы. Зӕгъӕм, нӕ бар нӕ цӕуы, азӕй-азмӕ хӕринаг, уӕлӕдарӕс зынаргъдӕр кӕй кӕнынц, стӕй фылдӕр хъалонтӕ кӕй хъӕуы фидын, ууыл. Кӕнӕ нӕ, гӕнӕн ис, не ’мкусджытӕ кӕнӕ нӕ къласӕгтӕ рӕдийын кӕной, зӕгъӕм, фӕнда сӕ, цӕмӕй асайӕм кӕнӕ исты ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнӕм. Ӕмӕ ахӕм уавӕртӕй дӕр нӕ бон нӕ вӕййы алы хатт нӕхи бахизын. Кӕнӕ нӕ бон нӕу афтӕ бакӕнын, цӕмӕй фыдракӕндтӕ ма цӕуа. Ахӕм зындзинӕдтыл уымӕн ӕмбӕлӕм, ӕмӕ ацы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ цӕрынц. Хӕйрӕг, ацы дунейы хуыцау, зоны, иуӕй-иутӕ «ацы цардӕвӕрды сагъӕстыл» кӕй суыдзысты ӕмӕ сӕ уый кӕй бахъыгдардзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой (Матф. 13:22, фип.; 1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ диссаг нӕу, ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ тынг тыхст кӕй сты, уый. w21.01 2 ф., 1, 3 абз.

Хуыцаубон, 23 октябрь

Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у лӕгмар. Сымах та йӕ зонут: лӕгмарӕн ӕнусон цардӕй хай нӕй (1 Иоан. 3:15).

Апостол Иоанн ныффыста, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй не сӕфт кӕй хъуамӕ ма уынӕм. Уыцы уынаффӕ куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд нӕ Хӕйрӕг хъазӕнхъул сараздзӕн (1 Иоан. 2:11). Ахӕм хабар ӕрцыд иуӕй-иутыл 1 ӕнусы кӕрон. Хӕйрӕг ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ скодтаид ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт федтаиккой. Иоанн йӕ фыстӕджытӕ куы ныффыста, уӕдмӕ дӕр ӕмбырды фӕзынд, Хӕйрӕджы зондыл чи цыди, ахӕм адӕм. Зӕгъӕм, Диотрефы тыххӕй ӕмбырд тынг ныддихтӕ (3 Иоан. 9, 10). Разамонӕг совет-иу ӕмбырдтӕм кӕй арвыста, уыцы ӕфсымӕрты ницӕмӕ дардта. Суанг ма-иу архайдта, цӕмӕй ӕмбырдӕй ратӕра, кӕй нӕ уарзта, уыцы ӕфсымӕрты-иу суазӕг кӕнынмӕ чи хъавыд, уыцы чырыстӕтты. Бӕрӕг у, йӕхиуыл тынг кӕй фервӕссыд. Абон дӕр Хӕйрӕг йӕ уд скъуыны, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ныддихтӕ кӕна ӕмӕ йӕ фӕндиаг фӕуой. Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй афтӕ макуы рауайа, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ не сӕфт федтам ӕмӕ кӕрӕдзийӕ адард стӕм. w21.01 11 ф., 14 абз.

Къуырисӕр, 24 октябрь

Хъусын кӕнын куы фӕуой, уӕд... сырд семӕ стох кӕндзӕн, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн (Рарг. 11:7).

Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз чи нӕ иста, уыдоны Германийы хицауад дӕр ӕфхӕрдта ӕмӕ Великобританийы хицауад дӕр. Иугонд Штатты хицауад та ахӕстоны бакодта, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты. Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст, Раргомады 11:7–10 стихты цы пехуымпарад ис, уый. Стӕй 1933-ӕм азӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг, цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы тынг карзӕй ӕфхӕрдта. Гитлер ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдон Хуыцауы адӕмӕн сӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой. Цӕгатаг паддзах Йегъовӕйы адӕмӕй 1 500 адӕймаджы бӕрц амардта, мингӕйттӕ та ӕрвыст ӕрцыдысты концлагертӕм. Цӕгатаг паддзах хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдта, ӕмӕ афтӕмӕй «кувӕндон... фӕчъизи» кодта ӕмӕ, «алы бон дӕр кӕй... [хастой], уыцы кувинагӕн кӕрон» скодта (Дан. 11:30б, 31а). Гитлер ма суанг ӕртхъирӕн дӕр кодта, Германийы Хуыцауы адӕмы кӕй сыскъуыйын кӕндзӕн. w20.05 6 ф., 12, 13 абз.

Дыццӕг, 25 октябрь

Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй. Кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд (Ром. 12:10).

Кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд нӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уӕм. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Ионафан Давидмӕ кӕй нӕ хӕлӕг кодта ӕмӕ кӕй нӕ архайдта, цӕмӕй паддзах уый суыдаид, Давид нӕ, фӕлӕ (1 Сам. 20:42). Махӕн дӕр нӕ бон у Ионафаны фӕзмын. Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм ма хӕлӕг кӕн, цавӕрдӕр курдиӕттӕ сӕм кӕй ис, уый тыххӕй, фӕлӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты дӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕр (Фил. 2:3). Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй алчидӕр кӕй хъӕуы ӕмбырды ӕмӕ дзы алчидӕр хорзӕй цыдӕр кӕй аразы. Сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ нӕхимӕ раст цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд уындзыстӕм, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый. Стӕй нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм (1 Кор. 12:21–25). Кӕрӕдзи фӕлмӕн уарзтӕй куы фӕуарзӕм, уӕд, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. Равдисӕм, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стӕм, ӕмӕ уый фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ ӕппӕты сӕйраг уый у, ӕмӕ афтӕмӕй барухс кӕнӕм нӕ «тӕригъӕдгӕнаг Фыды ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауы» зӕрдӕ (2 Кор. 1:3). w21.01 24 ф., 14 абз.; 25 ф., 16 абз.

Ӕртыццӕг, 26 октябрь

Ацы дунейӕ не стут... ӕмӕ уӕ уымӕ гӕсгӕ ацы дуне йе сӕфт уыны (Иоан. 15:19).

Абон иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы адӕмы нымайынц ӕнӕбон ӕмӕ талынг адӕмыл, сӕ сӕрмӕ сӕ нӕ фӕхӕссынц ӕмӕ сыл фӕхудынц. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ мах ацы дунейы адӕмы зондыл хӕст не стӕм. Мах архайӕм, цӕмӕй сабыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕймӕгтӕ уӕм. Ацы дунейы та кадджын сты хъал, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд адӕм. Уымӕй уӕлдай ма политикӕйы нӕ архайӕм ӕмӕ, кӕцыфӕнды бӕстӕйы ма цӕрӕм, уӕддӕр ӕфсадмӕ нӕ цӕуӕм. Мах ацы дунейы адӕмӕй тынг хицӕн кӕнӕм, ӕмӕ нӕм уый тыххӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсынц (Ром. 12:2). Кӕд ацы дунейы цӕсты лӕмӕгъ стӕм, уӕддӕр Йегъовӕ мах уылты аразы стыр хъуыддӕгтӕ. Уый ӕгас зӕххыл дӕр скодта зиу – ныртӕккӕ хорз хабар куыд цӕуы хъуыстгонд, афтӕ никуыма уыд. Йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы журналтӕ уадзынц, уыдон тӕлмац цӕуынц тынг бирӕ ӕвзӕгтӕм. Уал ӕвзагыл иу журнал дӕр нӕ цӕуы. Стӕй Библийы фӕрцы милуангай адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц сӕ цард хуыздӕрырдӕм аивынӕн. Ӕппӕт уыцы хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йегъовӕйы фӕрцы. w20.07 15 ф., 5, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 27 октябрь

Ӕз... аразын, мӕ Фыд мын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ (Иоан. 14:31).

Йесо Йегъовӕйы нымайы ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсы. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕхӕдӕг ницы зоны ӕмӕ ницы ӕмбары. Адӕмы-иу куыд ахуыр кодта ӕмӕ сын алцыдӕр куыд хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кодта, уымӕй бӕрӕг у, тынг зондджын кӕй у (Иоан. 7:45, 46). Йегъовӕ зыдта, Йесо алцӕмӕ дӕр кӕй арӕхсы. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ бар радта, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаид, ӕппӕт дӕр куы фӕлдыста, уӕд (Ӕмб. 8:30; Дзут. 1:2–4). Ӕмӕ Йесо куы райгас, уӕд ын Йегъовӕ радта «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матф. 28:18). Фӕлӕ кӕд Йесо курдиатджын у, уӕддӕр Йегъовӕйы разамынд фӕагуры, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыды уарзы. Лӕг хъуамӕ ӕмбара, йӕ усӕн йӕ сӕрыхицау кӕй у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ сылгоймӕгты нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр ӕвӕры. Зӕгъӕм, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн ис сылгоймӕгтӕ дӕр (Гал. 3:26–29). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн радта бартӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй йыл ӕууӕнды. Ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕг дӕр йӕ бинойнагӕн дӕтдзӕн бартӕ. w21.02 11 ф., 13, 14 абз.

Майрӕмбон, 28 октябрь

Мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны (Иак. 5:11).

Хуыцауы Ныхас абарӕн ис кӕсӕнимӕ. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы бамбарын, фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый (Иак. 1:23–25). Зӕгъӕм, Библи иртасгӕйӕ, гӕнӕн ис, бамбарӕм, хиуылхӕцгӕ кӕй хъуамӕ уӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сахуыр уӕм нӕхиуыл хӕцын ӕмӕ мӕстыгӕр ма уӕм, стӕй цӕмӕй зонӕм иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ сабырӕй ныхас кӕнын. Уый фӕрцы ӕмбаргӕйӕ архайдзыстӕм ӕмӕ хуыздӕр уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм (Иак. 3:13). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у Библи хорз зонын. Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ куы фӕрӕдийӕм, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бамбарӕм, раст кӕй нӕ бакодтам. Фӕлӕ хуыздӕр уаид, иннӕты рӕдыдтытӕй куы ахуыр кӕниккам, стӕй-иу, раст уынаффӕтӕ-иу чи рахаста, уыдоны цӕвиттонтыл куы ахъуыды кӕниккам. Иаков йӕ фыстӕджы ныффыста Авраамы, Раавы ӕмӕ Илийайы тыххӕй (Иак. 2:21–26; 5:10, 11, 17, 18). Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ фӕлварӕнты бахаудысты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ циндзинад не ’рмынӕг. Уыдон Йегъовӕйы фӕрцы фидар фӕлӕууыдысты. Ӕмӕ Йегъовӕ абон махӕн дӕр афтӕ баххуыс кӕны. w21.02 29, 30 фф., 12, 13 абз.

Сабат, 29 октябрь

Уынаффӕйы фӕрцы адӕймагӕн йӕ фӕндтӕ йӕ къухы бафтынц, ӕмӕ искӕимӕ куы хӕцай, уӕд агур хорз разамынд (Ӕмб. 20:18).

Хъусынгӕнӕг искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕна, уӕд ын фыццаджыдӕр уый хъуамӕ ӕххуыс кӕна, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый бамбарынӕн. Библийы ахуырмӕ кӕй фӕхоны, уый та йын вӕййы ӕххуысгӕнӕг (Еккл. 4:9, 10). Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хорз ӕххуысгӕнӕг уай? Дӕхи-иу бацӕттӕ кӕн. Исчи дӕ Библийы ахуырмӕ куы фӕхона, уӕд-иу ын зӕгъ, цӕмӕй дын уыцы адӕймаджы тыххӕй истытӕ радзура. Бафӕрс-иу ӕй, цавӕр ӕрмӕг ӕмӕ кӕцы сӕр ӕвзардзыстут ӕмӕ йӕ фылдӕр цӕмӕ фӕнды йӕ хъус ӕрдарын. Бафӕрс ӕй, ахуыры рӕстӕг дӕхи куыд хъуамӕ дарай, цы дзурай ӕмӕ цы ма дзурай, стӕй уыцы адӕймаджы дӕ бон куыд уаид ныфс бауадзын, цӕмӕй йӕ бафӕнда размӕ цӕуын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, де ’мбал дын уыцы адӕймаджы тыххӕй, иннӕтӕн дзурӕн цы нӕй, уыдӕттӕ нӕ радзурдзӕн. Фӕлӕ дын цы радзура, уый дӕр фаг уыдзӕн, цӕмӕй йын истӕмӕй баххуыс кӕнай. Джой лӕггад кӕны миссионерӕй, ӕмӕ уый дӕр Библийы ахуырмӕ искӕй куы фӕхоны, уӕд ын, кӕимӕ ахуыр кӕны, уый тыххӕй цыдӕртӕ радзуры. Джой загъта: «Уый фӕрцы ме ’мбалы зӕрдиагӕй бафӕнды адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Стӕй уӕд хуыздӕр бамбары, Библи ахуыргӕнгӕйӕ хуыздӕр цы уыдзӕн зӕгъын». w21.03 9 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 30 октябрь

Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт (Иоан. 15:18).

Иуӕй-иу хатт нӕ ацы дуне йе сӕфт фӕуыны, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй. Хуыцау ӕвзӕрыл цы нымайы, уый ацы дунейы ӕвзӕрыл нал нымайынц. Зӕгъӕм, бирӕтӕ ӕвзӕрыл нал нымайынц, Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕ цы хӕлд миты тыххӕй фесӕфта, уыдон. Ӕргом дӕр ма фӕзӕгъынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзӕр кӕй не сты! (Иуд. 7). Ӕмӕ мах Библимӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй ныл бирӕтӕ фӕхудынц ӕмӕ нӕ фӕхонынц фанатиктӕ (1 Пет. 4:3, 4). Адӕм нӕ се сӕфт куы уыной ӕмӕ нӕ куы ’фхӕрой, уӕд нын фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Нӕ уырнындзинад абарӕн ис уартимӕ. Йӕ бон у «Фыдбылызы судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Еф. 6:16). Фӕлӕ ма нын уырнындзинадӕй уӕлдай баххуыс кӕндзӕн уарзондзинад. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад «уайтагъд нӕ рамӕсты вӕййы». Нӕ зӕрдӕ нын цы фӕриссын кӕны, уыдӕттӕн быхсы ӕмӕ «алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Кор. 13:4–7, 13). Йегъовӕйы, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕмӕ суанг не знӕгты дӕр кӕй уарзӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, адӕм нӕ се сӕфт куы уыной, уӕд. w21.03 21 ф., 3, 4 абз.

Къуырисӕр, 31 октябрь

Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у, уымӕн ӕмӕ тӕргайгӕнаг ӕнӕзӕндтӕ сты (Еккл. 7:9).

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый, цы аразӕм, ӕрмӕст уымӕй нӕ равдисӕм, фӕлӕ, цы нӕ аразӕм, уымӕй дӕр. Зӕгъӕм, сӕ ныхӕсты тыххӕй-иу сӕм хъуамӕ уайтагъд ма фӕхӕрам уӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд иухатт цы хабар ӕрцыд, ууыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, йӕ буар ын кӕй хъуамӕ хӕрой ӕмӕ йын йӕ туг кӕй хъуамӕ нуазой, цӕмӕй цардӕй схайджын уой (Иоан. 6:53–57). Уыцы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕм тынг ӕнахуыр фӕкастысты, ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Фӕлӕ йе ’нувыд ӕмбӕлттӕ йемӕ баззадысты. Уыдон дӕр ын йӕ ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой, стӕй сӕм диссаг дӕр куыннӕ фӕкастаиккой. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ фӕрӕдыд. Ӕмӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ хъыг нӕ фӕкастысты. Уыдон ыл ӕууӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ зыдтой, цы дзуры, уый ӕцӕг ӕмӕ раст кӕй у (Иоан. 6:60, 66–69). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу, не ’мбӕлттӕ цы фӕзӕгъынц, уый тыххӕй сӕм уайтагъд ма фӕхӕрам уӕм. Хъуамӕ-иу сын фадат раттӕм, цӕмӕй-иу бамбарын кӕной, цы зӕгъын сӕ фӕндыд, уый (Ӕмб. 18:13). w21.01 11 ф., 13 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын