Ноябрь
Дыццӕг, 1 ноябрь
Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг (Ӕмб. 18:13).
Ионӕ цы уавӕры уыд, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнӕм, ӕууӕнкджын ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг кӕй нӕ уыд. Йегъовӕ йын загъта, цӕмӕй ацӕуа Ниневимӕ ӕмӕ дзы тӕрхоны хабар фехъусын кӕна. Фӕлӕ йӕм Ионӕ нӕ байхъуыста. Уый сбадт, бынтон ӕндӕр ранмӕ чи цыд, уыцы науыл ӕмӕ «Йегъовӕйӕ алыгъд» (Ионӕ 1:1–3). Ды ма уый фӕстӕ Ионӕйӕн фадат радтаис, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид? Чи зоны, нӕ. Фӕлӕ йын Йегъовӕ та ахӕм фадат радта (Ионӕ 3:1, 2). Ионӕ ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг уыди, уый рабӕрӕг йӕ куывдӕй (Ионӕ 2:1, 2, 9). Йегъовӕмӕ бирӕ хӕттыты куывтаид, фӕлӕ уыцы куывдӕй базонӕн ис, хорз адӕймаг кӕй уыд. Кӕд ӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын нӕ фӕндыд ӕмӕ алыгъд, уӕддӕр йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй уыд, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй уыд ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕндыд йӕ коммӕ кӕсын. Ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕр йӕ рӕдыдмӕ уый тыххӕй нӕ ныккомкоммӕ. Йӕ куывдӕн ын дзуапп радта, стӕй Ионӕ дарддӕр дӕр лӕггад кодта пехуымпарӕй. Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу алы хистӕр нӕлгоймаг дӕр уынаффӕ раттыны размӕ адӕймагмӕ байхъуса! w20.04 15 ф., 4–6 абз.
Ӕртыццӕг, 2 ноябрь
Павел... адӕмимӕ ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Ӕмбарын сын кодта... ӕмӕ сын Фыстадӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста (Хъуыд. 17:2, 3).
1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Чырыстийы ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ йӕ зыдтой, Хуыцауы сыгъдӕг тых сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн йӕ Ныхас ӕмбарынӕн. Уыдон-иу ссардтой бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уыцы ахуырӕдтӕн сӕ бындур Фыстад кӕй у, уымӕн (Хъуыд. 17:11, 12; Дзут. 5:14). Сӕ уырнындзинады бындур ӕрмӕст ӕнкъарӕнтӕ нӕ уыдысты. Уыдон Йегъовӕйӕн ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ лӕггад кодтой, ӕмӕ сын ӕхсызгон уыд сӕ рӕстӕг иннӕ чырыстӕттимӕ ӕрвитын. Сӕ уырнындзинады бындур уыд, «Хуыцау чи у, уый» хорз кӕй зыдтой, уый (Кол. 1:9, 10). Хуыцауы Ныхасы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдон нӕ ивынц (Пс. 119:160). Зӕгъӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны кӕнӕ стыр тӕригъӕд куы саразы, йе та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр нӕ фӕивынц. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Библийы ахуырӕдтӕ хорз зонӕм ӕмӕ нӕ фидарӕй уырна, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис, уый. Нӕ уырнындзинады бындур Библийы ахуырӕдтӕ куы уой, уӕд нын фӕлварӕнты рӕстӕг ахӕм фидар уырнындзинад уыдзӕн науӕнгуыры хуызӕн. w20.07 9 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 3 ноябрь
Уый [нын] бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕнӕм (Хъуыд. 10:42).
Сӕрст чырыстӕттӕн кӕй феххуыс кӕнӕм, уый Чырысти афтӕ нымайы, цыма йын йӕхицӕн ӕххуыс кӕнӕм (Матф. 25:34–40). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, сӕйраджыдӕр уымӕй ӕххуыс кӕнӕм сӕрст чырыстӕттӕн (Матф. 28:19, 20). Ныртӕккӕ хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр, ӕмӕ уый Чырыстийы ӕфсымӕртӕн нӕ бантыстаид, «ӕндӕр фыстӕ» сын куы не ’ххуыс кодтаиккой, уӕд (Иоан. 10:16). Кӕд «ӕндӕр фыстӕй» дӕ, уӕд ацы хъуыддаджы архайгӕйӕ ӕвдисыс, ӕрмӕст сӕрст чырыстӕтты кӕй нӕ уарзыс, фӕлӕ Йесойы дӕр. Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хӕлӕрттӕ ма суыдзыстӕм, разамынд цы хъуыддагӕн дӕттынц, уымӕн ӕхцайӕ куы ӕххуыс кӕнӕм (Лук. 16:9). Зӕгъӕм, нӕ бон у ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын. Уыцы мысайнӕгты фӕрцы баххуыс кӕнӕм, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста кӕнӕ ӕндӕр зын уавӕры чи бахауд, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Нӕ бон ма у мысайнӕгтӕ ӕмбырды хӕрдзтӕн дӕр дӕттын, стӕй, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ ӕхцайӕ фӕкӕсын (Ӕмб. 19:17). w20.04 24 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 4 ноябрь
Йӕ фыдӕлты Хуыцауы ницӕмӕ дардзӕн... Ӕмӕ паддзах уӕвгӕйӕ кадджын кӕндзӕн фидар мӕсгуыты хуыцауы (Дан. 11:37, 38).
Ацы пехуымпарады фыст ис, цӕгатаг паддзах «йӕ фыдӕлты Хуыцауы ницӕмӕ дардзӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Советон Цӕдисы фӕндыд ӕппӕт динтӕ дӕр фесафын, ӕмӕ архайдта афтӕ бакӕныныл, цӕмӕй адӕмы цӕсты динтӕн кад мауал уыдаид. Зӕгъӕм, 1918-ӕм азы советон хицауад рахаста уынаффӕ скъолайы ӕмӕ динты фӕдыл. Уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ фӕстӕдӕр скъолаты райдыдтой атеизм амонын. Цӕгатаг паддзах «фидар мӕсгуыты хуыцауы» та куыд кадджын кодта? Советон Цӕдис дуне ӕхца хардз кодта, цӕмӕй йе ’фсад фестырдӕр кодтаид ӕмӕ тынг бирӕ ядерон хӕцӕнгарз рауагътаид. Цӕгатаг паддзах дӕр ӕмӕ хуссайраг паддзах дӕр ӕппынфӕстаг уыйбӕрц хӕцӕнгарз ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ фаг уыдаид, цӕмӕй цалдӕр миллиард адӕймаджы ныццагътаиккой! Кӕд дыууӕ паддзахы рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кастысты, уӕддӕр цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахимӕ иу хъуыддаджы архайдта ӕмвӕндӕй – уыдон сӕвӕрдтой, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» – Иугонд Нациты Организаци (Дан. 11:31). w20.05 6, 7 фф., 16, 17 абз.
Сабат, 5 ноябрь
Де ’фсымӕр... уыд сӕфт, ӕмӕ фӕзынд (Лук. 15:32).
Йегъовӕйӕ чи адард, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты агурын кӕй бон у?Алкӕмӕн дӕр йӕ бон у уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын – хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр, пионертӕн дӕр, бинонтӕн дӕр ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытӕн дӕр. Чи зоны, де ’мбал кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй чидӕр ӕмбырдтӕм рагӕй нал цӕуы. Йе та ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрыл фембӕлдтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм ран хъусынгӕнгӕйӕ. Уӕд ын зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй йӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бабӕрӕг кӕной, уӕд сын дӕ бон кӕй у йӕ адрис кӕнӕ йӕ телефоны номыр раттын. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Томас, афтӕ зӕгъы: «Фыццаг уал хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафӕрсын, ӕмбырдмӕ рагӕй чи нӕ цӕуы, уыдон ныр кӕм цӕрынц кӕнӕ ма ноджыдӕр ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй кӕй зонынц, уымӕй. Чи ’рлӕмӕгъ, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕры куы бабӕрӕг кӕнын, уӕд ма йӕ бафӕрсын йӕ сывӕллӕттӕй ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕй. Чидӕртӕ-иу ӕмбырдтӕм сӕ сывӕллӕтты дӕр кодтой, ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр систы. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр вӕййы баххуыс кӕнӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхой». w20.06 24 ф., 1 абз.; 25 ф., 6, 7 абз.
Хуыцаубон, 6 ноябрь
Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн Йагъы хъуыддӕгтӕ. Ӕрхъуыды-иу кӕндзынӕн, раджы заманты цы диссӕгтӕ сарӕзтай, уыдон (Пс. 77:11).
Зӕххыл цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕмӕн у сӕ бон, цӕмӕй-иу ивгъуыд хабӕрттӕ бахъуыды кӕной ӕмӕ-иу уыцы хабӕрттыл хъуыдыгӕнгӕйӕ цӕуылдӕр сахуыр уой. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы нӕ зондахаст ӕмӕ нӕ цардыуаг фӕивын, ӕмӕ нӕ удыхъӕд дӕр хуыздӕрырдӕм аивы (1 Кор. 6:9–11; Кол. 3:9, 10). Нӕ бон у не ’фсарм афтӕ сахуыр кӕнын, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбара (Дзут. 5:14). Адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ сахуыр уа уарзын, хатыр кӕнын ӕмӕ иннӕты зын йӕ зӕрдӕмӕ исын, стӕй Йегъовӕйау рӕстӕй архайын. Нӕ бон цыдӕр бахъуыды кӕнын кӕй у, уый у Йегъовӕйы лӕвар. Ӕмӕ дзы бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, куыд-иу нын баххуыс кодта ӕмӕ-иу нӕ ныфс куыд бауагъта, уыцы хабӕрттӕ бахъуыды кӕныныл куы архайӕм, уымӕй. Уӕд нӕ фидарӕй уырндзӕн, фидӕны дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Пс. 77:12; 78:4, 7). Иннӕтӕ нын хорзӕй цы саразынц, уый дӕр-иу куы бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ бузныг куы уӕм, уӕд-иу уымӕй дӕр равдисдзыстӕм, Йегъовӕйӕ уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй стӕм. Куыд раиртӕстой, афтӕмӕй, иннӕтӕй бузныг чи вӕййы, уыдон амондджындӕр вӕййынц. w20.05 23, 24 фф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 7 ноябрь
[Тӕрс] ацы кадджын номӕй, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы номӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй (Дык. з. 28:58).
Иухатт Моисей Хоривы хохыл куы лӕууыд, уӕд Хуыцауы кад йӕ рӕзты ацыд. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, уый фенгӕйӕ куыд фӕуыдаид! Ӕвӕццӕгӕн, цалынмӕ Йесо Чырысти зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ адӕймаг ахӕм диссаг никуы федта. Моисей фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн сӕ зӕд загъта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр» (Рац. 33:17–23; 34:5–7). Моисей-иу Йегъовӕйы ном куы дзырдта, зӕгъӕм, абоны стихы ныхӕстӕ, уӕд-иу, хӕрзаг, уыцы хабар йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд. Йегъовӕйы йӕ номӕй куы фӕхонӕм, уӕд-иу хорз уаид, уыцы ном чи хӕссы, уый цавӕр Хуыцау у, ууыл дӕр-иу куы хъуыды кӕниккам. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм йӕ миниуджытӕ – йӕ тых, йӕ зонд, йӕ уарзондзинад ӕмӕ, рӕстӕй кӕй архайы, уый. Ацы миниуджытыл, стӕй ма йӕ иннӕ миниуджытыл дӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр нымайдзыстӕм (Пс. 77:11–15). w20.06 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Дыццӕг, 8 ноябрь
Цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц (2 Тим. 3:14).
Йесо Чырысти загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ-иу сӕ адӕм уымӕй кӕй базондзысты (Иоан. 13:34, 35). Фӕлӕ цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цыдӕр хъӕуы. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы уарзондзинад ис, ӕрмӕст уый хъуамӕ ма уа нӕ уырнындзинадӕн йӕ бындур. Зӕгъӕм, чырыстӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд сарӕзта. Чи зоны, суанг хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ пионер дӕр у. Йе та дӕ ӕмбырды чидӕр цӕмӕйдӕр фӕхъыг кодта. Кӕнӕ чидӕр раст дин ныууагъта ӕмӕ дзуры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы сайгӕ кӕнынц, зӕгъгӕ. Ахӕм цыдӕртӕ дын цӕлхдур суыдзысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕндзынӕ? Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уӕд хъуамӕ йӕ бындур уа нӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ, иннӕтӕ цы аразынц, уый нӕ, фӕлӕ. Нӕ уырнындзинад хӕдзаримӕ куы абарӕм, уӕд ӕй цавӕр ӕрмӕгӕй хъуамӕ аразӕм? Ӕнкъарӕнтӕ фидар ӕрмӕг не сты. Фӕлӕ хъуамӕ Библи иртасӕм ӕмӕ-иу ссарӕм фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Библийы Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад кӕй ис, уымӕн (Ром. 12:2). w20.07 8 ф., 2, 3 абз.
Ӕртыццӕг, 9 ноябрь
Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат (Хъуыд. 20:35).
Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын кӕй фӕнды, уыдоны ссарынӕн нын зӕдтӕ кӕй баххуыс кӕнынц, уымӕн бирӕ цӕвиттонтӕ ис (Рарг. 14:6). Зӕгъӕм, Эквадорӕй иу ӕфсымӕр, Сильвио, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта, цӕмӕй йын ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынӕн баххуыс кодтаид. Нырма кувгӕ кодта, афтӕ йын йӕ дуар чидӕр ӕрбахоста. Куы ракаст, уӕд дзы ауыдта дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы. Уыдон ын уыцы бонӕй фӕстӕмӕ ӕххуыс кодтой Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыдонӕн Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд нын уый стыр циндзинад ӕрхӕсдзӕн. Пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр тынг фӕархайы, цӕмӕй ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕна. Уый афтӕ зӕгъы: «Хатт афтӕ фӕцин кӕнын, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы. Йегъовӕ йӕ зынаргъ фыстӕй иуы дӕр фӕстӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕ куы ракӕны, уӕд мын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Ӕмӕ фӕцин кӕнын, мӕ бон Йегъовӕйӕн уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын кӕй уыд, ууыл». Кӕд, мыййаг, ды дӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ рагӕй нал цӕуыс, уӕд ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дӕ ныр дӕр кӕй уарзы, ууыл. Йегъовӕ дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ «хӕдзармӕ» куы ’рбаздӕхай, уӕд тынг цин кӕндзӕн! w20.06 29 ф., 16–18 абз.
Цыппӕрӕм, 10 ноябрь
Дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы (Ис. 30:20).
Нӕ «Кадджын Зондамонӕг» йӕ Ныхасы ныффыссын кодта алыхуызон адӕмы тыххӕй, цӕмӕй нӕ цӕуылдӕрты сахуыр кӕна (Ис. 30:21). Кӕмӕдӕрты сӕ уыд, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ, ӕмӕ нын сты фӕзминаг. Ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ нӕ уыд, уыдоны хабӕрттӕ та нын сты зондзонӕн (Пс. 37:37; 1 Кор. 10:11). Ахъуыды кӕнӕм Саулы хабарыл. Хуыцау ӕй паддзахӕй куы равзӕрста, уӕд уыд бонзонгӕ адӕймаг ӕмӕ ӕмбӕрста, йӕ бон алцы кӕй нӕу. Суанг ма йӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсынмӕ дӕр йӕ ныфс нӕ хаста (1 Сам. 9:21; 10:20–22). Фӕлӕ, паддзах куы сси, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕхиуыл фервӕссыд. Иухатт пехуымпар Самуилмӕ нӕ банхъӕлмӕ каст ӕмӕ судзинаг нывонд ӕрхаста. Уый сарӕзта, бар ын кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг. Уый тыххӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта, йӕ паддзахдзинад бирӕ кӕй нӕ ахӕсдзӕн (1 Сам. 13:8–14). Ацы хабар нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ араздзыстӕм, бар нын цӕмӕн нӕй, ахӕм цыдӕртӕ. w20.08 10 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 11 ноябрь
Хицауы хъуыддаджы уын разамынд чи дӕтты... уыдоны нымайут (1 Фес. 5:12).
Йегъовӕ нын Чырыстийы уылты радта «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» (Еф. 4:8). Уыцы «лӕвӕрттӕм» хауынц Разамонӕг советы уӕнгтӕ ӕмӕ Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ, филиалты комитетты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕ, районон цӕстдарджытӕ, нӕ организацийы скъолаты ахуыргӕнджытӕ, ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ. Уыцы ӕфсымӕрты се ’ппӕты дӕр Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ зынаргъ «фыстыл» тыхсой ӕмӕ ӕмбырд фидар кӕной (1 Пет. 5:2, 3). Йегъовӕ ӕфсымӕрты йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕвӕры, цӕмӕй алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕной. Буары уӕнгты куыст, зӕгъӕм, къухты кӕнӕ къӕхты куыст, ӕнӕхъӕн буарӕн пайда куыд хӕссы, афтӕ, ӕфсымӕртӕ цы аразынц, уый пайда хӕссы ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн. Уыдон сӕхицӕн кад нӕ агурынц. Сӕ нысан у хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты фидар кӕнын (1 Фес. 2:6–8). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ахӕм удуӕлдай, фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ нын кӕй ис, уый тыххӕй! w20.08 21 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 12 ноябрь
Ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Хъусын кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды, уыцы хъуыддӕгтӕй иу уый у, ӕмӕ адӕм сты «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» ӕмӕ сӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад базонын ӕнӕмӕнг хъӕуы (Матф. 9:36). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр рӕстдзинад базоной ӕмӕ фервӕзой (1 Тим. 2:4). Хъусын кӕныны хъуыддаг адӕмы цард кӕй ирвӕзын кӕны, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды уыцы куысты архайын (Ром. 10:13–15; 1 Тим. 4:16). Мах хъуамӕ ифтонг уӕм, хъусын кӕнынӕн чи хъӕуы, ахӕм кусӕнгӕрзтӕй. Ӕмӕ сӕ куыд пайда кӕнын хъӕуы, уый хъуамӕ зонӕм. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, хорз хабар куыд хъусын кӕнын хъӕуы, уый. Загъта сын, семӕ цы ма хъуамӕ ахастаиккой, кӕм хъуамӕ хъусын кодтаиккой ӕмӕ цы хъуамӕ дзырдтаиккой (Матф. 10:5–7; Лук. 10:1–11). Абон нын Йегъовӕйы организаци дӕтты алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ иннӕты ахуыр кӕнынӕн, ӕмӕ нын уыдон хорз ӕххуыс сты. Стӕй нӕ ахуыр кӕны уыцы кусӕнгӕрзтӕй пайда кӕнын. Уый фӕрцы ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсӕм (2 Тим. 2:15). w20.09 4 ф., 6, 7, 10 абз.
Хуыцаубон, 13 ноябрь
Мӕ хъӕбултӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр та мын цы хъуамӕ уа! (3 Иоан. 4).
Иоанн рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кодта, уыдон ын сывӕллӕттӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Ӕмӕ Хуыцауӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый куы фехъуыста, уӕд тынг цин кодта. Уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Ӕмӕ сын Иоанн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Мах дӕр фӕцин кӕнӕм, нӕ «сывӕллӕттӕ», ома нӕхи сывӕллӕттӕ кӕнӕ, рӕстдзинад базонынӕн кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уыдон, сӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнынц ӕмӕ йын иузӕрдионӕй куы фӕлӕггад кӕнынц, уӕд (3 Иоан. 3). Н. э. 98 азмӕ ӕввахс сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй Иоанн ныффыста йе ’ртӕ фыстӕджы. Иоанны фӕндыд иузӕрдион чырыстӕттӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтауын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йесойыл ӕууӕндыдаиккой ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цардаиккой. Иоанны мӕты ӕфтыдта, ӕмбырдты мӕнг ахуыргӕнджытӕ кӕй фӕзынд ӕмӕ рӕстдзинад кӕй зыгъуыммӕ кодтой, уый (1 Иоан. 2:18, 19, 26). Уыдон раст дин ныууагътой ӕмӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кодтой, фӕлӕ дзырдтой, Хуыцауы кӕй зонынц. w20.07 20 ф., 1–3 абз.
Къуырисӕр, 14 ноябрь
Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут (Иоан. 14:1).
Цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый нӕ фидарӕй уырны ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм. Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм Библийы зӕрдӕвӕрдтыл (Пс. 119:42; Ис. 40:8). Мах уынӕм, Библийы пехуымпарӕдтӕ нӕ рӕстӕджы кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый. Стӕй уынӕм, адӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын куы райдайынц, уӕд сӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй аивы. Уый фӕрцы нӕ ноджы тынгдӕр уырны, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар алкӕй дӕр фехъусын кӕй хъӕуы. Уымӕй уӕлдай мах ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл, хорз хабар кӕмӕй у, ууыл ӕмӕ Йесойыл, Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл. Цыфӕнды уавӕры ма бахауӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр уыдзӕн не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару (Пс. 46:1–3). Уымӕй уӕлдай мах фидарӕй уырны, Йесо уӕлӕрвтӕй хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты. Ӕмӕ уый аразы, Йегъовӕ йын кӕй радта, уыцы барты ӕмӕ уыцы тыхы фӕрцы (Матф. 28:18–20). Уырнындзинад нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн. w20.09 12 ф., 15–17 абз.
Дыццӕг, 15 ноябрь
Уый мӕнӕн хорздзинад ракодта. [...] Ацы сылгоймаг, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта (Мар. 14:6, 8).
Иуӕй-иу хатт хотӕ цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, ӕмӕ сӕ, гӕнӕн ис, не ’ххуыс бахъӕуа (Ис. 1:17). Зӕгъӕм, идӕдз кӕнӕ, йӕ цардӕмбалӕй хицӕн чи у, ахӕм хойы, чи зоны, хъӕуа, раздӕр йӕ сӕрыхицау цы арӕзта, уыдӕттӕ саразынӕн баххуыс кӕнын. Ацӕргӕ хойы, гӕнӕн ис, хъӕуа ӕххуыс дохтыртимӕ аныхас кӕнынӕн. Кӕнӕ ис хотӕ, ӕмӕ пионертӕй дӕр лӕггад кӕнынц ӕмӕ ма Йегъовӕйы организацийы ӕндӕр куыст дӕр кӕнынц. Уыдон, чи зоны, иннӕ пионертӕ цас хъусын кӕнынц, уыйас рӕстӕг нӕ фӕхъусын кӕнынц, ӕмӕ сын уый тыххӕй, гӕнӕн ис, исчи бауайдзӕф кӕна. Ахӕм уавӕрты фӕхъӕуы сӕ сӕрыл сдзурын. Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Хуыцауӕн чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтӕй-иу искӕй раст куы нӕ бамбӕрстой, уӕд-иу Йесо йӕ сӕрыл сдзурыныл фӕстӕ нӕ фӕкодта. Зӕгъӕм, Йесо Марийӕйы сӕрыл сдзырдта, Марфӕ дзы куы рахъаст кодта, уӕд (Лук. 10:38–42). Дыккаг хатт та Марийӕйы сӕрыл рахӕцыд, цы сарӕзта, уый иннӕты зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцыд ӕмӕ йыл куы хъуыр-хъуыр кодтой, уӕд (Мар. 14:3–9). Йесо бамбӕрста, Марийӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, уый ӕмӕ дзы раппӕлыд. Стӕй ма загъта, «хорз хабар ӕгас дунейы кӕмфӕнды ма хъусын кӕной», уым-иу кӕй зӕгъдзысты, Марийӕ цы бакодта, уый тыххӕй. w20.09 24 ф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 16 ноябрь
Хуыцауы дзуг, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй (1 Пет. 5:2).
Хорз фыййау ӕмбӕрста, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ фыс дзугӕй адзӕгъӕл уа. Ӕмӕ-иу афтӕ куы рауад, уӕд-иу фысы уый тыххӕй нӕ фӕнадта. Ӕркӕсӕм, Хуыцау раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты куыд баххуыс кодта, уымӕ. Йегъовӕ пехуымпар Ионӕйӕн куы загъта, цӕмӕй Ниневимӕ ацыдаид, уӕд ӕм Ионӕ нӕ байхъуыста. Фӕлӕ йыл Йегъовӕ йӕ къух нӕ ауыгъта. Хорз фыййау куыд бакодтаид, афтӕ йӕ Йегъовӕ фервӕзын кодта ӕмӕ йын радта тыхтӕ, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтаид (Ионӕ 2:7; 3:1, 2). Уый фӕстӕ та куысыфтӕг сзайын кодта, цӕмӕй Ионӕйӕн бамбарын кодтаид, алы адӕймаджы цард дӕр куыд зынаргъ у, уый (Ионӕ 4:10, 11). Мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Ӕмбырдӕй исчи куы адард вӕййы, уӕд ыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ къух нӕ ауигъынц. Фӕлӕ фӕархайынц, цӕмӕй бамбарой, йӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад. Ӕмӕ ахӕм фыс Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхы, уӕд ыл дарддӕр дӕр фӕтыхсынц ӕмӕ хъуыддагӕй февдисынц, кӕй йӕ уарзынц. w20.06 20, 21 фф., 10–12 абз.
Цыппӕрӕм, 17 ноябрь
Иу гыццыл [сын] баххуыс кӕндзысты (Дан. 11:34).
1991 азы Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд уыцы стыр территорийы алы рӕтты Хуыцауы адӕмӕн фӕзынд сӕрибардзинад, ӕмӕ афтӕ ахаста цасдӕр рӕстӕг. Данел уыцы сӕрибардзинады тыххӕй загъта, «иу гыццыл [сын] баххуыс кӕндзысты», зӕгъгӕ. Уый фӕрцы Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон уыд сӕрибарӕй хъусын кӕнын. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ раздӕры социалистон бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц схызт сӕдӕгай минтӕм. Цасдӕры фӕстӕ Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ систы цӕгатаг паддзах. Цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы базонӕн вӕййы ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ: 1) уыдон вӕййынц, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм фӕцӕрынц кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм феййафынц, уыцы бӕстӕты хицауӕдтӕ; 2) сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы знӕгтӕ кӕй сты; 3) уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ фӕтох кӕнынц. Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ цӕуынц Хуыцауы адӕмы ныхмӕ: хъусын кӕнын сӕ нӕ уадзынц ӕмӕ сӕдӕгай мин хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ӕфхӕрынц. Афтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй се сӕфт кӕй уынынц. Уыдон тох кӕнынц хуссайраг паддзахимӕ – Великобританиимӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттимӕ. w20.05 12, 13 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 18 ноябрь
Ӕдзухдӕр... дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ (1 Тим. 4:16).
Иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амонӕм, уый баст у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынимӕ. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй адӕмы хорз ахуыр кӕнӕм. Ӕгас зӕххыл дӕр Библи милуангай адӕмимӕ ахуыр кӕнӕм. Мах тынг уарзӕм, Библийы цы рӕстдзинад ис, уый. Ӕмӕ, цы уарзӕм, уыдӕттыл дзурынӕй та хатт нӕ фефсӕдӕм. Фӕлӕ, зӕгъӕм, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыр ӕмӕ «Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ» чи фӕуадзы, стӕй кӕимӕдӕр Библи чи фӕахуыр кӕны, уыдон-иу хъуамӕ ахуыры рӕстӕг сӕхӕдӕг ӕгӕр бирӕ ма дзурой. Хъуамӕ-иу нӕхиуыл фӕхӕцӕм ӕмӕ-иу Библийӕн дзырды бар раттӕм. Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзаджы тыххӕй кӕнӕ, цы темӕйыл ныхас кӕнӕм, уый тыххӕй цыдӕриддӕр зонӕм, уый дзурын нӕ фӕхъӕуы (Иоан. 16:12). Дӕхиуыл-ма ахъуыды кӕн. Донаргъуыд куы истай, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕстдӕр сӕйраг ахуырӕдтӕ зыдтай (Дзут. 6:1). Фӕлӕ, ныр цытӕ зоныс, уыдӕттӕ базонынӕн дӕ азтӕ бахъуыд. Ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн иу хаттӕн алцыдӕр бамбарын кӕнай. w20.10 14, 15 фф., 2–4 абз.
Сабат, 19 ноябрь
Ай мӕнӕ хъӕддӕсны нӕу, Марийӕйы фырт? (Мар. 6:3).
Йегъовӕ Йесойӕн тынг хорз ныййарджытӕ равзӕрста (Матф. 1:18–23; Лук. 1:26–38). Марийӕйӕн йӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас тынг кӕй уарзта (Лук. 1:46–55). Иосиф дӕр Хуыцауӕй тарст ӕмӕ йӕ фӕндыд йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Уый бӕрӕг у, йӕ амындтӕм-иу кӕй байхъуыста, уымӕй (Матф. 1:24). Йегъовӕ Йесойӕн хъӕздыг ныййарджытӕ нӕ равзӕрста. Йесойы райгуырды фӕстӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ нывондӕн цы ’рхастой, уымӕй бӕрӕг уыд, мӕгуыр бинонтӕ кӕй уыдысты (Лук. 2:24). Иосифы бинонтӕ хуымӕтӕг цард кодтаиккой. Сывӕллӕттӕ дӕр бирӕ уыдысты, ӕппынкъаддӕр авд, ӕмӕ уыдоны дӕр дарын куыннӕ хъуыд (Матф. 13:55, 56). Йегъовӕ Йесойы цӕмӕйдӕрты бахъахъхъӕдта. Фӕлӕ йӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахызта (Матф. 2:13–15). Зӕгъӕм, йӕ хиуӕттӕй иуӕй-иуты фыццаг нӕ уырныдта, Мессийӕ кӕй у, уый (Мар. 3:21; Иоан. 7:5). Уымӕй уӕлдай, Йесо нырма, ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгон уыд, Иосиф куы амард, уӕд. Ӕмӕ йын уый дӕр зын куыннӕ уыдаид. w20.10 26, 27 фф., 4–6 абз.
Хуыцаубон, 20 ноябрь
Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн (Дзут. 13:5).
Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ бынтон иунӕг дӕ ӕмӕ дын зын уавӕры чи баххуыс кӕна, уый нӕй? Йегъовӕйӕн раджы заманты иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, уыдонӕй-иу бирӕтӕм хатт афтӕ каст (1 Пад. 19:14). Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд-иу ахъуыды кӕн Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдыл: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн». Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзут. 13:5, 6). Апостол Павел ацы ныхӕстӕ ныффыста, Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм н. э. 61 азмӕ ’ввахс. Йӕ ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Псаломы 118:5–7 стихты цы фыст ис, уый. Псаломзарӕггӕнӕгау Павел дӕр йӕхицӕй зыдта, Йегъовӕ йе ’ххуысгӕнӕг кӕй у. Дзуттаг чырыстӕттӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй иу-2 азы размӕ науыл куы фӕцӕйцыд, уӕд денджызы тыхдымгӕ сыстад (Хъуыд. 27:4, 15, 20). Фӕлӕ Йегъовӕ Павелӕн баххуыс кодта. Ӕмӕ йын уый размӕ дӕр алыхуызӕтты ӕххуыс кодта. w20.11 12 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 21 ноябрь
Афтӕ ма дзур, раздӕр цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ (Еккл. 7:10).
Раст цӕуылнӕ у хъуыды кӕнын, раздӕр мӕ цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ? Адӕймаг йӕ раздӕры цард ӕдзух куы фӕмысы, уӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, йӕ царды хорзӕй цы уыд, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм рагон израилӕгты. Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ уайтагъд ферох, цы фыдцӕрдтытӕ дзы кодтой, уый. Ӕрмӕст хорз хӕринӕгты кой кодтой. Уыдон дзырдтой: «Египеты лӕвар хордтам кӕсаг, хордтам дзы джитъритӕ, харбызтӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ!» (Ным. 11:5). Фӕлӕ ӕцӕгдӕр уыцы хӕринӕгтӕ «лӕвар» хордтой? Уыдон Египеты уыдысты цагъартӕ, ӕмӕ сын уым тыхкуыст кӕнын кодтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой (Рац. 1:13, 14; 3:6–9). Фӕлӕ сӕ фӕстӕдӕр сӕ зындзинӕдтӕ ферох сты ӕмӕ сӕ раздӕры цард мысыдысты. Йегъовӕ сын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ хъуыды кодтой, раздӕр куыд хорз уыди, зӕгъгӕ. Сӕ цардмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыд (Ным. 11:10). w20.11 25 ф., 5, 6 абз.
Дыццӕг, 22 ноябрь
Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны (Пс. 34:18).
Иуӕй-иу хатт цардыл хъуыдытӕ кӕнгӕйӕ адӕймаг фӕзӕгъы, ӕвӕдза, цард куыд цыбыр у ӕмӕ ма «мастӕй дзаг» дӕр у, зӕгъгӕ (Иов 14:1). Уӕдӕ диссаг нӕу, хатт нӕ ныфс кӕй асӕтты. Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ ныфс асаст. Чидӕртӕ ма суанг мӕлӕтмӕ дӕр бӕллыдысты (1 Пад. 19:2–4; Иов 3:1–3, 11; 7:15, 16). Фӕлӕ-иу сын Йегъовӕ алы хатт дӕр удӕнцой радта ӕмӕ-иу сӕ бафидар кодта. Ӕмӕ сӕ хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй нын удӕнцой хӕссой, стӕй дзы цӕмӕй цӕуылдӕр сахуыр уӕм (Ром. 15:4). Ӕркӕсӕм-ма, Иаковы фырт Иосифы хабармӕ. Иосиф уыди йӕ фыдӕн йӕ уарзон хъӕбул. Фӕлӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ сси мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг египетаг хицауы цагъар (Райд. 37:3, 4, 21–28; 39:1). Уый фӕстӕ йыл Потифары ус тугтӕ ӕрымысыд, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыд. Потифар не сбӕрӕг кодта, хабар ӕцӕгӕй афтӕ уыд ӕви нӕ, ӕмӕ Иосифы ахӕстоны ныппӕрста (Райд. 39:14–20; Пс. 105:17, 18). Уӕдӕ Иосифӕн йӕ ныфс куыннӕ асастаид. w20.12 16, 17 фф., 1–4 абз.
Ӕртыццӕг, 23 ноябрь
Срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).
Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уый кӕй у, Хуыцаумӕ фыццаджыдӕр кӕй тыххӕй хъуамӕ кувӕм, уыцы хъуыддӕгтӕй сӕ иу. Фӕлӕ цымӕ йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Цыдӕр «срухс уа», уый амоны, кӕй хъуамӕ ссыгъдӕг уа, уымӕ. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, исчи ахъуыды кӕна: «Йегъовӕйы ном ӕнӕуи дӕр сыгъдӕг куы у, уӕд ма йӕ рухс кӕнын цӕмӕн хъӕуы?» Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй хъӕуы ахъуыды кӕнын, номмӕ цы хауы, ууыл. Ном, гӕххӕттыл кӕй ныффыссӕм кӕнӕ зӕгъгӕ кӕй фӕкӕнӕм, ӕрмӕст ахӕм ныхас нӕу. Библийы фыст ис: «Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй» (Ӕмб. 22:1; Еккл. 7:1). Цымӕ ном афтӕ зынаргъ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ номмӕ хауы, адӕймагӕн иннӕты ’хсӕн цавӕр ном ис, иннӕтӕ дзы цы хъуыды кӕнынц, уый. Ном куыд фысгӕ у кӕнӕ куыд дзургӕ у, уый ӕппӕты ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, уыцы ном фехъусгӕйӕ адӕм кӕуыл ахъуыды кӕнынц ӕмӕ уыцы адӕймагӕй цы ахъуыды кӕнынц, уый. Исчи Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкӕны, уӕд иннӕтӕ дӕр Йегъовӕмӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын райдайынц. Ӕмӕ уӕд, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц ӕмӕ ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуы, уый Хуыцауы аххос фӕкӕнынц, ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф фӕкалынц. w20.06 2, 3 фф., 5–7 абз.
Цыппӕрӕм, 24 ноябрь
Мӕ уд... тынг катай кӕны. О Йегъовӕ, кӕдмӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕ? (Пс. 6:3).
Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ зындзинӕдты йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕуылуал фӕхъуыды кӕнӕм. Гӕнӕн ис, ӕгӕр мӕт кӕнын райдайӕм, нӕхи фӕдарыны фаг ӕхца бакусын нӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, мӕт кӕнӕм, куы фӕрынчын уӕм ӕмӕ нӕ бон куыстмӕ цӕуын куы нал уа кӕнӕ ӕнӕ куыстӕй дӕр куы баззайӕм, ууыл. Гӕнӕн ис, ӕмӕ тыхсӕм, кӕцыдӕр уавӕры Хуыцауы закъон куы фехалон ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй куы нӕ баззайон, зӕгъгӕ. Уымӕй уӕлдай ма тагъд Хӕйрӕг, йӕ фарс чи у, уыдоны ахӕм зондыл кӕй сараздзӕн, ӕмӕ сӕхи Хуыцауы адӕмыл ныццӕвдзысты. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, мӕт кӕнӕм, уыцы рӕстӕг куыд кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, чи зоны, хъуыды кӕнӕм: «Уыдӕттыл кӕй мӕт кӕнын, уымӕй, мыййаг, Хуыцауы раз рӕдийын?» Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Мауал мӕт кӕнут» (Матф. 6:25). Афтӕ зӕгъын ӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм. Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, цӕуылдӕрты тыхстысты. Фӕлӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай нӕ фесты (1 Пад. 19:4). Фӕлӕ уӕд Йесо афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр мӕт кӕнӕм. Науӕд Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм. w21.01 3 ф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 25 ноябрь
Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг (1 Кор. 11:3).
Нӕлгоймаг йӕ усӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн куыд у, уый тыххӕй дзуапп дӕтты Йегъовӕйы раз ӕмӕ Чырыстийы раз (1 Пет. 3:7). Йегъовӕйӕн бар ис, цӕмӕй, уӕлӕрвты ӕмӕ йын зӕххыл цы стыр бинонтӕ ис, уыдонӕн закъӕттӕ дӕтта ӕмӕ, уыцы закъӕттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ йӕ хъус дара (Ис. 33:22). Йесо та у ӕмбырды «сӕр», ӕмӕ уымӕн дӕр ис бар, цӕмӕй закъӕттӕ ӕвӕра ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕнӕм, уымӕ йӕ хъус дара (Гал. 6:2; Кол. 1:18–20). Чырыстон бинонты хистӕрӕн дӕр Йегъовӕйау ӕмӕ Чырыстийау ис бар, цӕмӕй йӕ бинонтӕн цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕвӕра (Ром. 7:2; Еф. 6:4). Фӕлӕ йӕ бартӕ ӕгӕрон не сты. Зӕгъӕм, цы закъӕттӕ ӕрӕвӕры, уыдонӕн сӕ бындур хъуамӕ уой Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕ (Ӕмб. 3:5, 6). Стӕй йын уый бар нӕй, цӕмӕй, йӕ бинонтӕй чи нӕу, уыдонӕн закъӕттӕ ӕвӕра (Ром. 14:4). Уымӕй уӕлдай, йӕ фырттӕй ӕмӕ йӕ чызджытӕй чи сыстыр, уыдонӕй исчи хицӕнӕй куы цӕра, уӕд ын уый бар нал уыдзӕн, цӕмӕй йын уагӕвӕрдтӕ фидар кӕна (Матф. 19:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, лӕппу кӕнӕ чызг хицӕнӕй куы цӕра, уӕддӕр йӕ ныййарджытӕн кад кӕндзӕн. w21.02 2, 3 фф., 3–5 абз.
Сабат, 26 ноябрь
[Дӕхиуӕттыл]... тыхс (1 Тим. 5:8).
Бинонты хистӕр йӕ бинонты кӕй уарзы, уый бӕрӕг уыдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй сӕ цух куы нӕ уадза, уымӕй. Фӕлӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, ноджы ахсджиагдӕр кӕй у, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн (Матф. 5:3). Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл ауыгъд куы уыд, уӕд дӕр йӕ мад Марийӕйыл тыхсти. Кӕд удхар кодта, уӕддӕр йӕ мады бакодта апостол Иоанны бар (Иоан. 19:26, 27). Бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕрыл бирӕ хӕстӕ вӕййы. Фӕхъӕуы йӕ кусын, ӕмӕ йӕ куысты хъуамӕ уа ӕнӕзӕрдӕхудт кусӕг, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕндзӕн Йегъовӕйы (Еф. 6:5, 6; Тит. 2:9, 10). Кӕуылдӕрты ма вӕййы хӕстӕ ӕмбырды дӕр. Зӕгъӕм, кӕд ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр у, уӕд ӕй фӕхъӕуы иннӕты фидар кӕнын ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын. Ахсджиаг ма у, цӕмӕй алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадза, стӕй йӕ сывӕллӕттимӕ Библи ахуыр кӕна. Йӕ бинонтӕ дзы тынг бузныг уыдзысты, кӕй сыл тыхсы ӕмӕ кӕй архайы, цӕмӕй уой ӕнӕниз, амондджын ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар уа (Еф. 5:28, 29; 6:4). w21.01 12, 13 фф., 15, 17 абз.
Хуыцаубон, 27 ноябрь
[Хорз ус] йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ хъус дары (Ӕмб. 31:27).
Библийы фыст ис, сӕрӕн ус цавӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразы, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, йӕ бон у йӕ хъус дарын, цӕмӕй хӕдзары алцыдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уа. Йӕ бон у зӕхх балхӕнын ӕмӕ йӕ ауӕй кӕнын, стӕй базарады хъуыддӕгты архайын (Ӕмб. 31:15, 16, 18). Ус цагъар нӕу. Ӕмӕ йын ис бар йӕ хъуыды зӕгъынӕн дӕр. Йӕ лӕг ыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕм байхъусы (Ӕмб. 31:11, 26). Лӕг йӕ бинойнагӕн куы фӕкад кӕны, уӕд бинойнагӕн ӕхсызгон вӕййы йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ нымайын. Йесо бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ йӕхи Йегъовӕйы дӕлбар бакӕнын худинагыл нӕ нымайы (1 Кор. 15:28; Фил. 2:5, 6). Раст афтӕ, алыхуызон хъуыддӕгтӕм хорз чи арӕхсы ӕмӕ Йесойы чи фӕзмы, уыцы бинойнагмӕ худинаг нӕ кӕсдзӕн, йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕй кӕсы, уый. Уый-иу йӕ сӕрыхицауы фарсмӕ ’рбалӕудзӕн, кӕй йӕ уарзы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй нымайы, уый тыххӕй. Ус йӕ лӕджы коммӕ нӕ бакӕсдзӕн, йӕ лӕг ын Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ куы халын кӕна, уӕд. w21.02 11 ф., 14, 15 абз.; 12 ф., 19 абз.
Къуырисӕр, 28 ноябрь
Фыдӕвзарӕнты адӕймаг сфидар вӕййы (Ром. 5:3).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ-иу ӕфхӕрд куы ’ййӕфтой, уӕд-иу сын алкӕддӕр ӕххуыс кодта, Хуыцауы кӕй уарзтой, уый. Иухатт апостолтӕн дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны дзырддзӕугӕ лӕгтӕ загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы кӕй уарзтой, уымӕ гӕсгӕ сын загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29; 1 Иоан. 5:3). Абон дӕр не ’фсымӕртӕ Хуыцауы тынг кӕй уарзынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы иузӕрдионӕй баззайын, ӕгъатыр ӕмӕ хъомысджын хицауӕдтӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд. Ацы дуне нӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый тыххӕй нӕ ныфс нӕ асӕтты, фӕлӕ, Хуыцауы тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафӕм, уый кадыл нымайӕм (Хъуыд. 5:41; Ром. 5:4, 5). Ӕппӕты стырдӕр фӕлварӕн нын цы вӕййы, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, иу у, нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц. Адӕймаджы рӕстдзинады тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уый йӕ бинонтӕ куы фӕуынынц, уӕд сӕ, гӕнӕн ис, исчи ахъуыды кӕна, сайгӕ йӕ кӕй кӕнынц. Чидӕр та ахъуыды кӕны, йӕ сӕрызонд фӕцыди, зӕгъгӕ. (Абар Марчы 3:21.) Суанг ма йӕм, гӕнӕн ис, сӕ къух дӕр исой кӕнӕ йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕной. Фӕлӕ нӕм уый хъуамӕ диссаг ма кӕса. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йе знӕгтӕ уыдзысты йӕхи бинонтӕ» (Матф. 10:36). w21.03 21 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 29 ноябрь
Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕна (Иак. 1:19).
Библийы ахуырмӕ дӕ куы фӕхоной, уӕд-иу, ахуыр чи уадзы, уыцы хъусынгӕнӕгмӕ ӕмӕ, кӕимӕ ахуыр кӕны, уыцы адӕймагмӕ лӕмбынӕг хъус. Ӕмӕ уӕд бамбардзынӕ, дзурын кӕд хъӕуы, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цалынмӕ-иу исты зӕгъай, уӕдмӕ-иу хъуамӕ хорз ахъуыды кӕнай. Зӕгъӕм, Библийы ахуыр чи уадзы, уый-иу исты куы ’мбарын кӕна, уӕд хорз уыдзӕн, куы нӕ йӕ хъыгдарай кӕнӕ ӕндӕр цӕуылдӕр дзурын куы нӕ райдайай, стӕй ӕрмӕст ды куы нӕ дзурай. Цӕмӕй адӕймаг ӕрмӕг хуыздӕр бамбара, уый тыххӕй дӕ бон у цыбыртӕй исты зӕгъын, исты цӕвиттон ӕрхӕссын кӕнӕ йӕм фарста раттын. Чи зоны дӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ӕрмӕджы фӕдыл уадиссагӕй дӕ бон ницы у зӕгъын. Фӕлӕ адӕймагӕй куы раппӕлай ӕмӕ куы равдисай, зӕрдиагӕй йыл кӕй тыхсыс, уӕд ын афтӕмӕй дӕр дӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ бафӕнда къахдзӕфтӕ аразын. Дӕ бон у адӕймагӕн цыбыртӕй радзурын, рӕстдзинад куыд базыдтай, цавӕрдӕр зындзинӕдты сӕрты куыд ахызтӕ кӕнӕ дын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй (Пс. 78:4, 7). Ӕмӕ, чи зоны, афтӕ рауайа, ӕмӕ йын цы радзырдтай, растдӕр ӕй уый хъуыди фехъусын. Гӕнӕн ис, йӕ уырнындзинад бафидар уа, ӕмӕ дарддӕр къахдзӕфтӕ кӕна. w21.03 10 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 30 ноябрь
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ (Матф. 28:19).
Нӕ лӕггады нын цы бантысы, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм? Ацы фарстайӕн Павел дзуапп радта, коринфӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы писмойы: «Ӕз сагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ йӕ рӕзын та кодта Хуыцау. Уӕдӕ, садзгӕ чи кӕны, уый дӕр ницы у ӕмӕ, дон чи кӕны, уый дӕр – кад ӕмбӕлы Хуыцаумӕ, чи йӕ рӕзын кӕны, уымӕ» (1 Кор. 3:6, 7). Ӕмӕ Павелау мах дӕр хъуамӕ алкӕддӕр бузныг уӕм Йегъовӕйӕ, нӕ лӕггады нын цы бантысы, уый тыххӕй. Хуыцауимӕ, Чырыстиимӕ ӕмӕ зӕдтимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм, уый нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм (2 Кор. 6:1). Ӕмӕ уый равдисӕм, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ кӕй фӕхъусын кӕнӕм, уымӕй. Мах рӕстдзинады мыггӕгтӕ ӕрмӕст таугӕ нӕ кӕнӕм, фӕлӕ ма сыл дон дӕр фӕкӕнӕм. Адӕймаджы фылдӕр базонын куы фӕфӕнды, уӕд ӕм ногӕй бацӕуӕм. Нӕ нысан вӕййы йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Уый нӕ къухы куы бафты ӕмӕ уый фӕстӕ куы фӕуынӕм, Йегъовӕ йын йӕ зондахаст ӕмӕ йӕ удыхъӕд ивынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уӕд тынг фӕцин кӕнӕм. w20.05 30 ф., 14, 16–18 абз.