Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es22 165–179 фф.
  • Декабрь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Декабрь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
  • Сӕргӕндтӕ
  • Цыппӕрӕм, 1 декабрь
  • Майрӕмбон, 2 декабрь
  • Сабат, 3 декабрь
  • Хуыцаубон, 4 декабрь
  • Къуырисӕр, 5 декабрь
  • Дыццӕг, 6 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 7 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 8 декабрь
  • Майрӕмбон, 9 декабрь
  • Сабат, 10 декабрь
  • Хуыцаубон, 11 декабрь
  • Къуырисӕр, 12 декабрь
  • Дыццӕг, 13 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 14 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 15 декабрь
  • Майрӕмбон, 16 декабрь
  • Сабат, 17 декабрь
  • Хуыцаубон, 18 декабрь
  • Къуырисӕр, 19 декабрь
  • Дыццӕг, 20 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 21 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 22 декабрь
  • Майрӕмбон, 23 декабрь
  • Сабат, 24 декабрь
  • Хуыцаубон, 25 декабрь
  • Къуырисӕр, 26 декабрь
  • Дыццӕг, 27 декабрь
  • Ӕртыццӕг, 28 декабрь
  • Цыппӕрӕм, 29 декабрь
  • Майрӕмбон, 30 декабрь
  • Сабат, 31 декабрь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2022
es22 165–179 фф.

Декабрь

Цыппӕрӕм, 1 декабрь

Дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕй фӕйлауы, ахӕм денджызы уылӕны хуызӕн (Иак. 1:6).

Хатт Хуыцауы Ныхасӕй цыдӕр нӕ фембарӕм кӕнӕ нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ нӕ ратты. Ӕмӕ нӕм уӕд, гӕнӕн ис, фӕзына дызӕрдыг хъуыдытӕ. Фӕлӕ куы нӕ архайӕм, цӕмӕй ахӕм хъуыдытӕй фервӕзӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Стӕй нӕ дызӕрдыг хъуыдыты тыххӕй фидӕнӕй дӕр ныфс нал уыдзӕн (Иак. 1:7, 8). Цы ныфс нын ис, уый апостол Павел абарста науӕнгуыримӕ (Дзут. 6:19). Денджызы тыхдымгӕ куы сысты, уӕд науӕнгуыры фӕрцы уылӕнтӕ нау нӕ ахӕссынц ӕмӕ, доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхтыл нӕ ныппырх вӕййы. Фӕлӕ науӕнгуыр куы сызгӕ уа ӕмӕ, наумӕ цы рӕхысӕй у фидаргонд, уый куы атона, уӕд науӕнгуырӕй ницы пайда уыдзӕн. Згӕ науӕнгуыры рӕхыс куыд бахӕры, афтӕ нын дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ кӕнынц. Ӕмӕ нӕ уӕд, ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ, гӕнӕн ис, мауал уырна, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй та ныфс дӕр нал уыдзӕн, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы циндзинад кӕцӕй хъуамӕ уа? w21.02 30 ф., 14, 15 абз.

Майрӕмбон, 2 декабрь

Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл (Иак. 2:23).

Авраам йӕ бинонтимӕ Урӕй куы рацыд, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, 70 азӕй фылдӕр цыди (Райд. 11:31–12:4). Ӕмӕ иу-100 азы дӕргъы Ханааны зӕххыл царди цатырты куы иу ран, куы иннӕ ран. Авраам амард, 175 азы йыл куы цыд, уӕд (Райд. 25:7). Фӕлӕ Авраам нӕ федта, Йегъовӕ йын йӕ байзӕддӕгты тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст кодта, ома сын Ханааны зӕхх куыд радта, уый. Стӕй нӕ федта, кӕмӕ ’нхъӕлмӕ каст, уыцы «горӕт», ома Хуыцауы Паддзахад, куыд ӕрфидар, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр Библийы Авраамы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, «амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй» (Райд. 25:8). Кӕд бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр йӕ уырнындзинад уыд фидар ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст. Авраам фидар цӕй фӕрцы уыд? Йегъовӕ йӕ цӕрӕнбонты кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ йӕ Хӕлар кӕй уыд, уый фӕрцы (Райд. 15:1; Ис. 41:8; Иак. 2:22). Мах дӕр Авраамау ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фидар бындур кӕмӕн ис, уыцы «горӕтмӕ» (Дзут. 11:10). Фӕлӕ, арӕзт кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад 1914 азы ӕвӕрд ӕрцыд ӕмӕ уӕлӕрвты йӕ бар алцӕуыл дӕр цӕуы (Рарг. 12:7–10). Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ бар ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр кӕд цӕудзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. w20.08 4, 5 фф., 11, 12 абз.

Сабат, 3 декабрь

Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн (Ӕмб. 20:5).

Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ фӕразон, цӕмӕй-иу иннӕтӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Уый ахсджиаг у ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг: уый фӕрцы-иу адӕмы тыххӕй уайтагъд рӕдыд хатдзӕгтӕ не скӕндзыстӕм. Дыккаг: афтӕмӕй-иу базондзыстӕм, не ’фсымӕрӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый. Уый фӕрцы-иу нын ӕнцондӕр уыдзӕн нӕхи йӕ бынаты сӕвӕрын. Ӕмӕ ӕртыккаг: афтӕмӕй-иу адӕймагӕн баххуыс кӕндзыстӕм йӕхи хуыздӕр базонынӕн. Хатгай, нӕхи зӕрдӕйы цы ис, уый дӕр дзӕбӕх нӕ фембарӕм, цалынмӕ искӕимӕ нӕ аныхас кӕнӕм, уӕдмӕ. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй иуӕй-иутӕн зын вӕййы, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый дзурын, афтӕ ахуыр кӕй не сты кӕнӕ алцы сӕхи мидӕг кӕй фӕдарынц, уый тыххӕй. Чи зоны сӕ бахъӕуа рӕстӕг, цалынмӕ сӕ бафӕнда исты радзурын. Ӕмӕ хъӕуы банхъӕлмӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд базондзыстӕм, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Мах дӕр Йегъовӕйау фӕразон куы уӕм, уӕд нын адӕймаг иу бон йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурдзӕн. Ӕмӕ-иу ӕм уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг байхъусӕм. w20.04 15, 16 фф., 6, 7 абз.

Хуыцаубон, 4 декабрь

Ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты (Лук. 5:10).

Кӕсаг вӕййы, дон хуыздӕр кӕм вӕййы ӕмӕ йын хӕринаг фаг кӕм вӕййы, уыцы рӕтты. Ӕмӕ кӕсагахсӕг кӕсаг ахсынмӕ цафон ацӕуа, уый исты уӕлдай у? Кӕсаг ахсынӕн дӕр ис йӕхи афон. Уый хорз зыны иу хабарӕй. Сабыр океаны сакъадӕхтӕй иуыл бынӕттон хъусынгӕнӕг иу миссионеры йемӕ кӕсаг ахсынмӕ фӕхуыдта. Миссионер ын загъта, райсом, дам, фараст сахатыл фембӕлдзыстӕм. Ӕмӕ йын хъусынгӕнӕг афтӕ бакодта: «Хабар цӕй мидӕг ис, уый не ’мбарыс. Кӕсаг ахсынмӕ куы цӕуай, уӕд хъуамӕ кӕсӕгтыл хъуыды кӕнай, дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ». Афтӕ фыццаг ӕнусы «адӕмахсджытӕ» дӕр цыдысты, адӕм-иу кӕм уыд, уыцы рӕттӕм ӕмӕ-иу уыцы рӕтты цафон уыдысты, уӕд. Зӕгъӕм, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хъусын кодтой кувӕндоны ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕнты, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ базары фӕзы (Хъуыд. 5:42; 17:17; 18:4). Мах дӕр хъуамӕ зонӕм, нӕ территорийы цӕрӕг адӕм арӕхдӕр кӕм ӕмӕ кӕд вӕййынц, уый. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ пълӕнттӕ фӕивӕм, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕнӕм (1 Кор. 9:19–23). w20.09 4 ф., 8, 9 абз.

Къуырисӕр, 5 декабрь

Дзурӕм, ӕцӕг цы у, уый ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм, буарӕн йӕ сӕр Чырыстийы дӕлбар уӕвгӕйӕ (Еф. 4:15).

Йесойы хӕлӕрттӕ суыдзыстӕм, зӕгъӕм, Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд. Йесомӕ, ӕмбырды Хистӕрмӕ, ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм, кӕй бар стӕм, уыцы ӕфсымӕртимӕ ӕмгуыст куы фӕкӕнӕм, уӕд (Еф. 4:16). Зӕгъӕм, ныртӕккӕ мах архайӕм, цӕмӕй Паддзахады залтӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнӕм. Уый тыххӕй иуӕй-иу ӕмбырдтӕ баиу кодтой. Уый фӕрцы нӕ мысайнӕгтӕ кӕцыдӕр хъуыддӕгтыл нал бахардз вӕййынц. Уыцы ивындзинӕдты тыххӕй хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иуты бахъуыд ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Чи зоны, уыцы иу ӕмбырдимӕ бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой, ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл тынг сахуыр сты. Ӕмӕ сын ныр загътой, ӕндӕр ӕмбырдмӕ сӕ кӕй хъӕуы ахизын. Уыцы иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы организациимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнынц, уый Йесойӕн тынг ӕхсызгон у. w20.04 24 ф., 14 абз.

Дыццӕг, 6 декабрь

Хуссайраг паддзах йемӕ схӕцдзӕн (Дан. 11:40).

Цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах дарддӕр кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иуы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй уый уа дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдисӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыцы бӕстӕтӕн сӕ бар Европӕйы стыр хайыл цӕуын куы райдыдта, уӕд хуссайраг паддзах цалдӕр бӕстӕимӕ скодта ӕфсӕддон цӕдис – НАТО. Цӕгатаг паддзах дӕр ӕмӕ хуссайраг паддзах дӕр се ’фсӕдтыл ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтыл тынг бирӕ ӕхца хардз кӕнынц. Уымӕй уӕлдай, Африкӕйы, Азийы ӕмӕ Латинаг Америкӕйы цы хӕстытӕ цыд, уыдоны-иу цӕгатаг паддзах рахӕцыд, хуссайраг паддзах кӕимӕ хӕцыд, уыдоны фарс. Фӕстаг азты Уӕрӕсейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕн сӕ бар цӕуын райдыдта ноджы фылдӕр бӕстӕтыл. Уыдон ма хуссайраг паддзахимӕ хӕцынц киберхӕстыты дӕр. Иу дзы иннӕйы фӕаххосджын кӕны, зӕгъгӕ, зианхӕссӕг компьютерон программӕтӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ хицауады ныхмӕ тох кӕна ӕмӕ нӕ экономикӕ заууатмӕ ӕрцӕуа. Ӕмӕ, Данелы пехуымпарад куыд зӕгъы, афтӕ, цӕгатаг паддзах дарддӕр дӕр цӕуы Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Дан. 11:41). w20.05 13 ф., 5, 6 абз.

Ӕртыццӕг, 7 декабрь

Ӕз мӕхӕдӕг бацагурдзынӕн мӕ фысты ӕмӕ сӕм зилдзынӕн (Йез. 34:11).

«Уымӕн гӕнӕн ис, ӕмӕ мад йӕ дзидзидай сывӕллоны ферох кӕна?» Ахӕм фарста Йегъовӕ радта йӕ адӕммӕ пехуымпар Исайы рӕстӕджы. Ӕмӕ сын стӕй загъта: «Уый йӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ ферох кӕна, фӕлӕ ӕз дӕу нӕ ферох кӕндзынӕн» (Ис. 49:15). Йегъовӕ мадимӕ йӕхи арӕх нӕ абары. Фӕлӕ уыцы уавӕры цӕвиттонӕн ӕрхаста, мад йӕ сывӕллоны куыд тынг фӕуарзы, уый, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ бамбӕрстаиккой, тынг сӕ кӕй уарзы. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыцы сылгоймӕгтӕй бирӕтӕ сразы уыдзысты хо Жасминимӕ. Уый афтӕ загъта: «Мад йӕ сывӕллонӕн дзидзи куы фӕдары, уӕд сӕ уый кӕрӕдзийыл ахӕм фидар тӕгтӕй сбӕтты, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр нӕ аскъуыйынц». Йегъовӕ фӕзоны, йӕ сывӕллӕттӕй иу дӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ куы нал фӕцӕуы. Иуцасдӕр ӕмбырдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ чи нал фӕцӕуы, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынц, ӕмӕ сыл мах тынг фӕцин кӕнӕм! Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, чи дзы адард, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой, ӕмӕ мах дӕр уый тынг фӕнды (1 Пет. 2:25). w20.06 18 ф., 1–3 абз.

Цыппӕрӕм, 8 декабрь

Мах, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ кӕсӕм, фӕлӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ. Цӕстӕй цы уынӕм, уый у рӕстӕгмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та – ӕнустӕм (2 Кор. 4:18).

Ӕппӕты зынаргъдӕр хӕзнатӕ цӕстӕй фенӕн нӕй. Йесо йӕ зындгонд раныхасы ракодта, цыфӕнды ӕхцатӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй зынаргъдӕр чи сты, уыцы хӕзнаты кой – уӕларвон хӕзнаты кой. Ӕмӕ стӕй загъта: «Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матф. 6:19–21). Адӕймаг цӕмӕндӕр тынг куы фӕаргъ кӕны, уӕд йӕ зӕрдӕ уыимӕ фӕдзуры, ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй йӕ къухы бафта. Хуыцауы раз хорз ном куы скӕнӕм, уӕд афтӕмӕй фембырд кӕнӕм «хӕзнатӕ... уӕлӕрвты». Ӕмӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы хӕзнатӕ згӕ дӕр нӕ кӕнынц, зӕронд дӕр нӕ кӕнынц ӕмӕ сын адавӕн дӕр нӕй. Апостол Павел нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй кӕсӕм, «цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ» (2 Кор. 4:17, 18). Цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уыдӕттӕм хауынц, ног дунейы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдон дӕр. Уыцы хӕзнатӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? w20.05 26 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 9 декабрь

Мӕ зондамындтӕ уардзысты къӕвдайау (Дык. з. 32:2).

Моисейы ныхӕстӕ израилӕгтӕн уыдысты, фӕлмӕн къӕвдатӕ зайӕгойтӕ куыд бафсадынц, афтӕ – сӕ уырнындзинад сын фидар кодтой ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр адӕмӕн рӕстдзинад афтӕ амонӕм? Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон вӕййы адӕмӕн Библийы Хуыцауы ном равдисын. Нӕ бон ма сын вӕййы рӕсугъд журналтӕ раттын, цы диссаджы видеороликтӕ нӕм ис, уыдонӕй искӕцы кӕнӕ, нӕ сайты цы ӕрмӕг ис, уый равдисын. Уыцы ӕрмӕг иууылдӕр Йегъовӕйы кадджын кӕны. Куысты, скъолайы кӕнӕ искуыдӕм цӕугӕйӕ нӕ бон вӕййы фадӕттӕ агурын, цӕмӕй-иу иннӕтӕн нӕ зынаргъ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ миниуджыты тыххӕй радзурӕм. Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы диссаджы фӕнд ис, уый тыххӕй иннӕтӕн куы радзурӕм, уӕд, чи зоны, фыццаг хатт бамбарынц, Йегъовӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый. Иннӕтӕн нӕ уарзӕгой Фыды тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ын йӕ ном срухс кӕнӕм. Афтӕмӕй адӕм бамбарынц, Хуыцауы тыххӕй сын бирӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой. Адӕмӕн Библийӕ цы амонӕм, уый сын у пайда ӕмӕ сын хӕссы удӕнцой (Ис. 65:13, 14). w20.06 10 ф., 8, 9 абз.

Сабат, 10 декабрь

Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн (Мал. 3:7).

Цавӕр миниуджытӕ нӕм хъуамӕ уа, цӕмӕй, Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхын кӕй фӕнды, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм? Йесо иу фӕсномыг ныхасы радзырдта, хӕдзарӕй чи ацыд, ахӕм фырты тыххӕй. Ӕмӕ уыцы фӕсномыг ныхасӕй цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм (Лук. 15:17–24). Уыцы фырт фӕстагмӕ йӕ рӕдыд бамбӕрста, ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Йӕ фыд йӕ размӕ разгъордта ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодта. Бӕрӕг уыд, тынг ӕй кӕй уарзы. Фыртӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл худт, ӕмӕ йӕхи уый аккагыл нӕ нымадта, цӕмӕй йӕ йӕ фыд йӕ фырт хона. Йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уыдӕттӕ куы раргом кодта, уӕд ын фыд фӕтӕригъӕд кодта. Уый фӕстӕ хъуыддагӕй равдыста, йӕ уарзон хъӕбулыл ӕй кӕй нымайы. Фыд йӕ фыртӕн ӕппӕты хуыздӕр уӕлӕдарӕс рахӕссын кодта ӕмӕ йын куывд скодта. Йегъовӕйы абарӕн ис, ацы фӕсномыг ныхасы цы фыды кой ис, уыимӕ. Йегъовӕ тынг уарзы, чи дзы адард, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕрбаздӕхой. Мах дӕр Йегъовӕйы куы фӕзмӕм, уӕд сын нӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын. Уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм фӕразон, тӕригъӕд сын кӕнӕм, сӕ зын сын ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм. w20.06 25 ф., 8, 9 абз.

Хуыцаубон, 11 декабрь

Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн (Иоан. 8:31, 32).

Йесо куыд загъта, афтӕмӕй чидӕртӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ «цингӕнгӕ» айсынц. Фӕлӕ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ вӕййы (Матф. 13:3–6, 20, 21). Чи зоны, кӕронмӕ нӕ фембарынц, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (Матф. 16:24). Йе та, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ чырыстӕттӕ зындзинӕдтӕй хызт сты кӕнӕ сӕ Хуыцау алы хатт дӕр сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Фӕлӕ ацы дунейы уымӕн гӕнӕн нӕй, ӕмӕ зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм. Хатт нӕ царды цыдӕртӕ фӕивы, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, ӕрӕнкъард уӕм (Пс. 6:6; Еккл. 9:11). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ фылдӕры фидарӕй уырны, цӕуыл ӕууӕндынц, уый рӕстдзинад кӕй у. Уый цӕмӕй у бӕрӕг? Чырыстӕттӕй сӕ исчи куы фӕхъыг кӕны кӕнӕ, чырыстонӕн чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ куы фӕкӕны, уӕд сӕ уырнындзинад нӕ фӕцуды (Пс. 119:165). Стӕй фӕлварӕны куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ вӕййы, фӕлӕ ноджы фидардӕр свӕййы (Иак. 1:2–4). Махӕн дӕр нӕ уырнындзинад хъуамӕ афтӕ фидар уа. w20.07 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 4, 5 абз.

Къуырисӕр, 12 декабрь

Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй (Иак. 1:5).

Библи куы кӕсай, уӕд уал-иу фыццаг Йегъовӕмӕ скув. Зӕгъ ын, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы бакӕсдзынӕ, уый дын цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый бамбарынӕн. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр уавӕры бакӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл дӕ кӕд уынаффӕ хъӕуы, уӕд ын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна йӕ Ныхасы хъӕугӕ уагӕвӕрдтӕ ссарынӕн (Фил. 4:6, 7). Йегъовӕ нӕ схайджын кодта диссаджы курдиатӕй – нӕ бон вӕййы нӕ цӕстытыл цыдӕртӕ ауайын кӕнын. Ӕмӕ Библи кӕсгӕйӕ дӕр дӕ бон у афтӕ кӕнын. Дӕхи-иу сӕвӕр сӕйраг архайӕджы бынаты, цӕмӕй-иу бамбарай, йӕ зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд, стӕй-иу хабӕрттӕм уый цӕстӕй ракӕсай. Уый фӕстӕ-иу арф ахъуыды кӕн, Библийы цы бакастӕ, ууыл ӕмӕ, дӕумӕ куыд хауы, ууыл. Уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл сбӕттын, стӕй сӕ хуыздӕр бамбарын. Цы бакӕсӕм, ууыл-иу куы нӕ ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн ныв ӕнӕхъӕнӕй фенын. Уый абарӕн ис, пазл – ӕрӕмбырд кӕнын кӕй фӕхъӕуы, ахӕм ныв – куыд ӕмбырд кӕнай, уыимӕ. w21.03 15 ф., 3–5 абз.

Дыццӕг, 13 декабрь

Ӕз тынг бузныг дӕн... Хуыцауӕй ӕмӕ йӕм дӕу тыххӕй ӕдзухдӕр, ӕхсӕвӕй-бонӕй зӕрдиагӕй фӕкувын (2 Тим. 1:3).

Цымӕ апостол Павел афтӕ хъуыды кодта, царды ӕндӕр фӕндаг куы равзӕрстаин, уӕд ныртӕккӕ ахст дӕр нӕ уыдаин, зӕгъгӕ? Кӕнӕ йӕ Азийы чи ныууагъта, уыцы ’фсымӕртӕм смӕсты ӕмӕ йӕ иннӕ ӕмбӕлттыл дӕр ӕнӕууӕнк кӕнын райдыдта? Павел афтӕ нӕ бакодта. Кӕд ӕм мӕлӕты тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр дзы рох нӕ уыд, ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй уыд Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Стӕй дарддӕр дӕр хъуыды кодта, йӕ бон иннӕты бафидар кӕнын куыд у, ууыл. Уый йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕм ӕдзух куывта. Чи йӕ ныууагъта, уыдоныл нӕ хъуыды кодта. Фӕлӕ уый тынг бузныг уыд, йе ’нувыд ӕмбӕлттӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай ма Павел ӕдзух иртӕста Хуыцауы Ныхас (2 Тим. 3:16, 17; 4:13). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый уыди, ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Йесо кӕй уарзтой, ууыл. w21.03 18 ф., 17, 18 абз.

Ӕртыццӕг, 14 декабрь

Хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрӕмбырд кӕнынц ӕмӕ йӕ куыд басудзынц, афтӕ уыдзӕн ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр (Матф. 13:40).

2 ӕнусы ӕцӕг чырыстӕтты ӕмбырды мӕнг чырыстӕттӕ сбирӕ сты. Уыдон парахат кодтой мӕнг динты ахуырӕдтӕ, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый та сусӕг кодтой. Уӕдӕ 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ Хуыцауӕн зӕххыл организаци нӕ уыд. Мӕнг чырыстӕттӕ хӕмпӕлгӕрдӕгау сбирӕ сты, ӕмӕ уый тыххӕй базонӕн нал уыд, ӕцӕг чырыстон дзы чи уыд, уый (Матф. 13:36–43). Уыцы хабӕрттӕ зонын ахсджиаг цӕмӕн у? Уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Данелы 11 сӕры цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы тыххӕй цы фыст ис, уый нӕ хауы, 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ цы паддзӕхтӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ уыд, уыдонмӕ. Хуыцауӕн зӕххыл организаци кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыди Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕуын. Фӕлӕ та 1870-ӕм азы фӕстӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах хъуамӕ ногӕй фӕзындаиккой. w20.05 3 ф., 5 абз.

Цыппӕрӕм, 15 декабрь

Мӕ зӕхмӕ ӕрбабырста, нымӕц дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм тыхджын адӕм (Иоил 1:6).

Иоил загъта, ӕнӕфсис мӕтыхтӕ Израилы зӕххыл кӕй ницыуал ныууадздзысты ӕмӕ дзы зайӕгойӕ цыдӕриддӕр уа, уыдон кӕй бахӕрдзысты! (Иоил 1:4). Бирӕ азты дӕргъы афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ уыцы мӕтыхтӕ амонынц Йегъовӕйы адӕммӕ, ома, мӕтыхтӕн бауромӕн куыд нӕй, афтӕ Хуыцауы адӕмӕн дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы бауромӕн нӕй. Стӕй ма йӕ афтӕ ӕмбӕрстам, ӕмӕ, цы аразынц, уый зиан хӕссы «зӕххӕн», ома, дины разамонджыты дӕлбар чи сты, уыцы адӕмӕн. Фӕлӕ ацы пехуымпарад ӕнӕхъӕнӕй куы раиртасӕм, уӕд фендзыстӕм, ӕндӕрхуызон ӕй кӕй хъӕуы ӕмбарын. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йегъовӕ мӕтыхты тыххӕй цы загъта, ууыл: «Цӕгатӕй уӕм чи ’рцӕуа, уый [ома мӕтыхты] фӕсурдзынӕн» (Иоил 2:20). Кӕд мӕтыхтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм амонынц, Йесойы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ чи хъусын кӕны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонмӕ, уӕд Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн загъта, фӕсурдзынӕн сӕ, зӕгъгӕ? (Йез. 33:7–9; Матф. 28:19, 20). Бӕрӕг у, Йегъовӕ уыцы ныхӕстӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕй нӕ загъта, фӕлӕ йын йӕ адӕммӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, ахӕм кӕмӕйдӕр. w20.04 2, 3 фф., 3–5 абз.

Майрӕмбон, 16 декабрь

Кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй (Иак. 1:5).

Йегъовӕ-иу нын нӕ куывдӕн дзуапп уайтагъд куы нӕ ратта, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Иаков куыд зӕгъы, афтӕмӕй-иу дзы хъуамӕ дарддӕр дӕр зонд курӕм. Зонд дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ нӕ ратыхсы, стӕй нӕм не смӕсты вӕййы. Нӕ уӕларвон Фыдӕй фӕлварӕнты рӕстӕг зонд куы курӕм, уӕд нын ӕй «рӕдауӕй» дӕтдзӕн (Пс. 25:12, 13). Уый фӕуыны, зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарӕм, ӕмӕ нын фӕтӕригъӕд кӕны ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды махӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ ууыл куыннӕ хъуамӕ цин кӕнӕм! Фӕлӕ нын Йегъовӕ зонд куыд ратты? Йӕ Ныхасы уылты (Ӕмб. 2:6). Хъуамӕ Библи, стӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ иртасӕм. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай хъуамӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм. Иаков ныффыста: «Уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны... ахӕмтӕ» (Иак. 1:22). Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд уыдзыстӕм фарнуарзаг, ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Иак. 3:17). Ӕмӕ уый фӕрцы дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ циндзинад не ’рмынӕг уыдзӕн. w21.02 29 ф., 10, 11 абз.

Сабат, 17 декабрь

Буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы куса, уӕд буар ӕгасӕй дӕр рӕздзӕн (Еф. 4:16).

Библи чи ахуыр кӕны, уымӕн цӕмӕй йӕ уырнындзинад рӕза ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй йын ӕмбырды иннӕтӕ хъуамӕ ӕххуыс кӕной. Алы хъусынгӕнӕгӕн дӕр йӕ бон у ногтӕн ӕххуыс кӕнын. Иу пионер загъта: «Афтӕ фӕзӕгъынц, сывӕллоны, дам, ӕнӕхъӕн хъӕу хъомыл кӕны. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг дӕр афтӕ у. Адӕймагӕн йӕ уырнындзинад кӕй сырӕзы ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсы, уый вӕййы ӕнӕхъӕн ӕмбырды фыдӕбон». Ныййарджытӕй уӕлдай ма сывӕллоны цӕуылдӕрты фӕахуыр кӕнынц иннӕтӕ дӕр, зӕгъӕм, йӕ ахуыргӕнджытӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕн се ’мбӕлттӕ. Стӕй дзы ныфс дӕр бауадзынц. Афтӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн хорз уынаффӕтӕ куы дӕттой, ныфс-иу сӕ куы бауадзой ӕмӕ сын фӕзминаг куы уой, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ донаргъуыд райсой (Ӕмб. 15:22). Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ иннӕты ӕххуыс ӕхсызгонӕй фӕхъӕуы, уымӕн ӕмӕ се ’ххуысы фӕрцы адӕймагӕн йӕ уырнындзинад фидардӕр фӕкӕны. w21.03 8 ф., 1–3 абз.

Хуыцаубон, 18 декабрь

Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм (1 Иоан. 1:8).

Чырыстон ацы дунейы зондӕй кӕй фӕхъӕстӕ, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Йегъовӕйӕн фӕлӕггад кӕны, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фӕаразы. Фӕлӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, хъуамӕ сӕхи уымӕй хизой. Апостол Иоанн бамбарын кодта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, цӕмӕй адӕймаг ӕнӕгъдау цард дӕр кӕна ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ дӕр цӕра (1 Иоан. 1:6). Йегъовӕ уыны, цыдӕриддӕр аразӕм, уый. Ӕмӕ хъуамӕ уый алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕмӕй йын нӕ хъуыддӕгтӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Цы аразӕм, уый адӕмӕй басусӕг кӕнӕн ис, фӕлӕ Йегъовӕйӕ ницы ис басусӕг кӕнӕн (Дзут. 4:13). Ацы дунейы адӕм тӕригъӕдмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, мах ӕм ахӕм цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм. Иоанны рӕстӕджы, раст дин чи ныууагъта, уыдон ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, ӕмӕ, адӕймаг зонгӕ-зонын тӕригъӕдтӕ куы араза, уӕддӕр йӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уа. Ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц. Уыдон фӕзӕгъынц, Хуыцауыл кӕй ӕууӕндынц. Фӕлӕ, Йегъовӕ тӕригъӕдыл цы нымайы, уыдӕттӕ тӕригъӕдыл нӕ нымайынц. Уӕлдайдӕр уый хауы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уымӕ. Йегъовӕ тӕригъӕдыл кӕй нымайы, уыцы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, дзы ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ, дам, кӕд адӕймаджы фӕнды афтӕ кӕнын, уӕд, дам, кӕнӕд. w20.07 22 ф., 7, 8 абз.

Къуырисӕр, 19 декабрь

Уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).

Куы бахъӕуы, уӕд дӕ чырыстон хоты сӕрыл сдзурыс? Зӕгъӕм, ӕмбырды иуӕй-иутӕ бафиппайдтой, йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, ахӕм хо фембӕлдтӕм арӕх кӕй байрӕджы кӕны ӕмӕ фембӕлды фӕстӕ уайтагъд кӕй ацӕуы. Стӕй ма бафиппайдтой, йӕ сывӕллӕтты йемӕ арӕх кӕй не ’рбакӕны. Гъемӕ йӕ фауынц, уымӕн ӕмӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ йӕ сӕрыхицауӕн фидарӕй зӕгъа, цӕмӕй йын сывӕллӕтты ӕмбырдмӕ кӕнын уадза. Фӕлӕ ууыл нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хо, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразы. Хатт ын йӕ сӕрыхицау ӕмбырдмӕ цӕуын афон фӕзӕгъы, цыдӕр саразын кӕй хъӕуы. Уымӕй уӕлдай хо хъуамӕ хъуса, йӕ сӕрыхицау сывӕллӕтты ӕмбырдмӕ кӕныны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уымӕ. Хойӕ иннӕты раз куы раппӕлай ӕмӕ йын йӕ хорз хъуыддӕгты кой куы скӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ фыдкой мауал кӕной. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй хотыл тыхсой (Иак. 1:27). Уымӕ гӕсгӕ архайынц, цӕмӕй Йесойау ӕмбаргӕ уой. Ӕмӕ цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ не ’рымысынц, фӕлӕ фӕархайынц, цӕмӕй-иу иннӕты бамбарой ӕмӕ уой хӕларзӕрдӕ (Матф. 15:22–28). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд хотӕ фембарынц, Йегъовӕ ӕмӕ сӕ йӕ организаци кӕй уарзынц, уый. w20.09 24, 25 фф., 17–19 абз.

Дыццӕг, 20 декабрь

[Хуыцау] паддзах Навуходоносорӕн равдыста... цы уыдзӕн, уый (Дан. 2:28).

Пехуымпар Данел ӕдзух сӕрныллӕгӕй агуырдта Йегъовӕйы разамынд. Иухатт Йегъовӕйы фӕрцы Навуходоносоры фын куы райхӕлдта, уӕд йӕхицӕй нӕ ныббуц, фӕлӕ Йегъовӕйы скадджын кодта (Дан. 2:26–28). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Чи зоны, нӕ раныхӕстӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты зӕрдӕмӕ цӕуынц кӕнӕ та нын уацамынды бирӕ ӕнтысы. Ӕмӕ уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уый тыххӕй Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм. Хъуамӕ уӕм бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд нын кӕй ницы бантысид (Фил. 4:13). Уымӕй уӕлдай ма, кӕд бонзонгӕ стӕм, уӕд фӕзмӕм Йесойы дӕр. Йесо йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл (Иоан. 5:19, 30). Уый йӕ уӕларвон Фыды бартӕм никуы бабӕллыд. Филиппӕгтӕм 2:6 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесомӕ «ахӕм хъуыды никуы фӕзынд, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ хъуамӕ уа». Йесо ӕмбӕрста, йӕ бон алцы кӕй нӕу, ӕмӕ алкӕддӕр йӕ Фыды коммӕ каст. w20.08 11 ф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 21 декабрь

Афтӕ згъорут, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсат (1 Кор. 9:24).

Чырыстон фӕндагыл чи згъоры, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ӕмбӕлынц, иннӕтӕ ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ вӕййынц, ахӕм зындзинӕдтыл. Кӕд цавӕрдӕр зындзинӕдты тыххӕй дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕндид, уыйбӕрц лӕггад кӕнын ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ иннӕтӕ не ’мбарынц, уӕд дӕ Мемфивосфейы хабар ныфс бауадздзӕн (2 Сам. 4:4). Уый уыди дыууӕ къахӕй дӕр къуылых. Стӕй йӕ паддзах Давид дзӕгъӕлы бафхӕрдта. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Уый аргъ кодта, йӕ царды хорзӕй цы уыди, уымӕн. Давид ӕм уый размӕ хӕларзӕрдӕдзинад кӕй равдыста, уый тыххӕй дзы бузныг уыд (2 Сам. 9:6–10). Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ куы фӕаххосджын кодта, уӕддӕр ын йӕ рӕдыдмӕ нӕ ныккомкоммӕ ӕмӕ маст хӕссын никӕмӕ райдыдта. Стӕй Йегъовӕйы дӕр нӕ аххосджын кодта. Мемфивосфейӕн сӕйраг уыди, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕрст паддзахӕн ӕххуыс кодтаид, йӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй (2 Сам. 16:1–4; 19:24–30). Мемфивосфей махӕн дӕр фӕзминаг у, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ цӕвиттон Библийы ныффыссын кодта (Ром. 15:4). w20.04 26 ф., 3 абз.; 30 ф., 18, 19 абз.

Цыппӕрӕм, 22 декабрь

Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ (1 Кор. 3:9).

Ӕгас зӕххыл дӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ лӕггад кӕнынц миссионертӕй, сӕрмагонд пионертӕй кӕнӕ пионертӕй. Ӕххӕстрӕстӕг кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы бирӕтӕн баххуыс кодтой. Уыцы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕрмӕ бирӕ ӕхца кӕнӕ бирӕ дзауматӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны (Мар. 10:29, 30). Махӕн ӕхсызгон у, не ’мбырдты ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис, уый ӕмӕ нын тынг зынаргъ сты! Цымӕ, сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджыты лӕггадӕн ис аргъ? Уый афтӕ нӕу. Хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонӕй алчидӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн тынг зынаргъ у (Ром. 10:15; 1 Кор. 3:6–8). Ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг нысӕнттӕй иу у нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20; 1 Тим. 2:4). Ӕмӕ, ӕмбырды чи ис, уыдон иууылдӕр,– донаргъуыд хъусынгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнджытӕ дӕр,– сӕ бон цы у, уый фӕаразынц, цӕмӕй уыцы куыст сӕ царды ӕппӕты ахсджиаг уа (Матф. 24:14). w20.08 21 ф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 23 декабрь

Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’ рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ (Матф. 28:20).

Абоны стихӕй бӕрӕг у, Йесо нын кӕй феххуыс кӕны, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Хатт ныл скӕны уӕззау бонтӕ. Ӕмӕ нын уӕд Йесойы ныхӕстӕ нӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауынц. Зӕгъӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ цалдӕр бонмӕ нӕ байгас вӕййынц. Уымӕн хатт цалдӕр азы дӕр бахъӕуы. Кӕуылдӕрты азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Кӕмӕндӕрты та депресси ис, ӕмӕ сын хатт цард царды ад нал фӕкӕны. Фӕлӕ та нӕ уӕддӕр хъарутӕ бацӕуы ӕмӕ та нӕ къахыл слӕууӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йесо «алы бон дӕр» немӕ кӕй ис – нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт куы никӕцӕйуал фӕкӕлы, уыцы бонты дӕр (Матф. 11:28–30). Мах Библийӕ зонӕм, Йегъовӕ нын йӕ зӕдты уылты дӕр кӕй ӕххуыс кӕны (Дзут. 1:7, 14). Зӕгъӕм, «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн» Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нын зӕдтӕ феххуыс кӕнынц ӕмӕ нын разамынд фӕдӕттынц (Матф. 24:13, 14; Рарг. 14:6). w20.11 13, 14 фф., 6, 7 абз.

Сабат, 24 декабрь

Адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ сты арф дӕттӕ, фӕлӕ сӕ арфуынӕг адӕймаг сисдзӕн (Ӕмб. 20:5).

Мах фӕнды, цӕмӕй, кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый ӕмбара, цы базоны, уыдӕттӕ Хуыцауы Ныхасӕй кӕй сты (1 Фес. 2:13). Нӕ бон ын куыд у баххуыс кӕнын? Уадз ӕмӕ-иу, цы базоны, уый тыххӕй йӕ хъуыды зӕгъа. Библийы стихтӕ йын иууылдӕр ды ма ӕмбарын кӕн. Зӕгъ-иу ын, цӕмӕй дзы кӕцыдӕртӕ йӕхӕдӕг бамбарын кӕна. Ӕххуыс ын кӕн, цӕмӕй-иу фена, Библийӕ цы базоны, уый йӕхимӕ куыд хауы. Ратт-иу ӕм, йӕ хъуыды йын кӕй фӕрцы базондзынӕ, ахӕм фарстатӕ. Уадз ӕмӕ-иу зӕгъа, цы стихтӕ бакаст, уыдоны тыххӕй цы хъуыды кӕны (Лук. 10:25–28). Ис ӕм ахӕм фарстатӕ раттӕн: «Ацы стихӕй Йегъовӕйы миниуджытӕй кӕцыйы тыххӕй базыдтай? Ныртӕккӕ цӕуыл аныхас кодтам, уый дын цы пайда фӕуыдзӕн? Цы базыдтай, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?» Адӕймаг цас зоны, уый сӕйраг нӕу. Сӕйраг у, цӕмӕй-иу, цы базоны, уыдӕттӕ бауарза ӕмӕ йӕ цард уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ араза. Уӕдӕ Библийӕ пайда кӕн. Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнынмӕ ноджы хуыздӕр арӕхсай, уӕд хъуамӕ уай сӕрныллӕг. w20.10 15, 16 фф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 25 декабрь

Райсомӕй байтау дӕ хуым ӕмӕ изӕрмӕ дӕр дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт (Еккл. 11:6).

Мах фидарӕй уырны, хъусын кӕныны хъуыддаг кӕй фӕуыдзӕн йӕ тӕккӕ афоныл. Цыбыртӕй аныхас кӕнӕм Нойы заманы хабӕрттыл. Йегъовӕ равдыста, алцӕмӕн дӕр ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕй равзары. Доны хъаймӕт кӕд райдайдзӕн, уымӕн Йегъовӕ рӕстӕг рагацау снысан кодта, иу-120 азы раздӕр. Уымӕй цалдӕр дӕс азы фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта, цӕмӕй нау сарӕзтаид. Доны хъаймӕты размӕ Ной, ӕвӕццӕгӕн, 40–50 азы дӕргъы уӕззау фыдӕбон кодта. Кӕд адӕм Ноймӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр сӕ фӕдзӕхста, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ загъта, наумӕ бацӕуыны афон кӕй у, уӕдмӕ. Стӕй, нысангонд рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд «Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта» (Райд. 6:3; 7:1, 2, 16). Тагъд Йегъовӕйы фӕндмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕныны хъуыддаг фӕуыдзӕн. Стӕй Йегъовӕ Хӕйрӕджы цардӕвӕрдыл «дуар сӕхгӕндзӕн», ома йӕ фесафдзӕн, ӕмӕ коммӕгӕс адӕмы ног дунемӕ бакӕндзӕн. Уӕдмӕ та фӕзмӕм, йӕ къухтӕн ӕнцой чи нӕ лӕвӕрдта, уыдоны – Нойы ӕмӕ Хуыцауы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Цӕй уӕдӕ, ахсджиагдӕр цы у, уый фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, фӕразон уӕм, стӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндӕм! w20.09 13 ф., 18, 19 абз.

Къуырисӕр, 26 декабрь

Алцыдӕр [уӕм] уӕд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл (1 Кор. 14:40).

Йегъовӕ бинонты хистӕрӕн бартӕ куы нӕ радтаид, уӕд бинонтӕ амондджын нӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, уӕд нӕ зыдтаиккам, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл уынаффӕ чи хъуамӕ рахӕсса ӕмӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ чи хъуамӕ ахӕццӕ кӕна, уый. Йегъовӕ бинонты хистӕрӕн бартӕ кӕй радта, уый кӕд хорз у, уӕд сылгоймӕгтӕй бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ сӕ лӕгтӕ ӕфхӕрынц? Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕм нӕ хъусынц. Уыдон сӕ бинойнӕгтӕн куыд вӕййынц, ууыл бандавы, кӕм схъомыл сты, уым адӕм цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уыдон. Иуӕй-иутӕ та сӕ устыты уымӕн фефхӕрынц, ӕмӕ сӕхимӕ афтӕмӕй лӕгдӕр фӕкӕсынц. Кӕнӕ та сӕ фӕфӕнды иннӕтӕн сӕ лӕгдзинад равдисын. Чи зоны, лӕг хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, мӕхи йын тыххӕй нӕ бауарзын кӕндзынӕн, фӕлӕ мӕ тӕрсгӕ уӕддӕр кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд, мӕн цы фӕнды, уый араздзӕн. Фӕлӕ, сылгоймагмӕ ахӕм цӕстӕй чи кӕсы, уыцы нӕлгоймаг тынг рӕдийы. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй лӕг йӕ усӕн кад кӕна (Еф. 5:25, 28). w21.02 3 ф., 6, 7 абз.

Дыццӕг, 27 декабрь

Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл (1 Пет. 5:7).

Истӕуыл куы тыхсай, уӕд-иу Йегъовӕмӕ скув. Ӕмӕ дын уый ратдзӕн «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7). Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кӕны йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Гал. 5:22). Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд-иу ын дӕ зӕрдӕ раргом кӕн. Радзур ын, хабар цӕй мидӕг ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ исты ис саразӕн, уӕд дзы зонд кур, цӕмӕй, куыд бакӕнай, уый бамбарай. Стӕй дзы кур тыхтӕ дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа афтӕ бакӕнын. Кӕд ницы ис саразӕн, уӕд та дзы кур ӕххуыс, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай. Нӕ куывдтытӕ цас бӕлвырддӕр вӕййынц, уыйас хуыздӕр фӕуынӕм, Йегъовӕ нын дзуапп куыд ратты, уый. Дӕ куывдӕн дын уайтагъд дзуапп куы нӕ ратта, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕйы ӕрмӕст уый нӕ фӕнды, цӕмӕй бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй кувай, фӕлӕ ма йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм уый тыххӕй дарддӕр дӕр кувай (Лук. 11:8–10). w21.01 3 ф., 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 28 декабрь

[Йесо] сын загъта: «Алкӕй бон нӕу афтӕ бакӕнын, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, уыдонӕн» (Матф. 19:11).

Не ’мбырдты ис алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ: кӕмӕндӕрты дзы бинонтӕ ис, кӕмӕндӕрты та – нӕй. Бинонтӕ кӕмӕн нӕй, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, бинонтӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдонмӕ Йесо цы цӕстӕй каст, уый. Йесойӕн йӕхицӕн бинонтӕ нӕ уыд, ӕмӕ йӕ тыхтӕ ӕмӕ йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Уый афтӕ никуы загъта, ӕмӕ чырыстӕттӕ бинонтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ скӕной, нӕдӕр афтӕ дзырдта, ӕмӕ хъуамӕ бинонтӕ ма скӕной. Фӕлӕ загъта, чырыстӕттӕй чидӕртӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты, бинонтӕ не скӕндзынӕн, зӕгъгӕ (Матф. 19:12). Йесо аргъ кодта, бинонтӕ кӕмӕн нӕ уыд, уыдонӕн. Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕй ӕвзӕрдӕр уыдысты кӕнӕ цыдӕр хъуаг уыдысты. Апостол Павелӕн дӕр Йесойау бинонтӕ нӕ уыд, куы лӕггад кодта, уӕд. Павел никуы загъта, ӕмӕ, чырыстӕттӕй исчи бинонтӕ куы скӕна, уӕд уый раст нӕ уыдзӕн. Уый ӕмбӕрста, уыцы фарста алчидӕр йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕны. w20.08 28 ф., 7, 8 абз.

Цыппӕрӕм, 29 декабрь

Хуыцау у уарзондзинад (1 Иоан. 4:16).

Апостол Иоанн бирӕ фӕцард. Царды йыл бирӕ хорз хабӕрттӕ ӕрцыд. Ӕмӕ зындзинӕдтыл дӕр куыннӕ ӕмбӕлд. Фӕлӕ йӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ. Уый алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаид. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зыдта, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Йесо кӕй уарзынц ӕмӕ йын кӕй дӕтдзысты хъару, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраза (Иоан. 14:15–17; 15:10). Нӕдӕр Хӕйрӕгӕн, нӕдӕр Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ бон не сси афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Иоанн йе ’фсымӕрты мауал уарзтаид. Кӕй сӕ уарзта, уый алкӕддӕр бӕрӕг уыд йӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Иоаннау мах дӕр цӕрӕм Хӕйрӕджы дунейы. Ацы дунейы хуыцау се ’ппӕтӕй дӕр йе сӕфт уыны (1 Иоан. 3:1, 10). Уый архайы, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты мауал уарзӕм. Фӕлӕ уый йӕ къухы нӕ бафтдзӕн, нӕхӕдӕг ын уый бар куы нӕ раттӕм, уӕд. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ уый ӕвдисӕм нӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Ӕмӕ уӕд алкӕддӕр уыдзыстӕм Йегъовӕйы бинонтӕй ӕмӕ уыдзыстӕм тынг амондджын (1 Иоан. 4:7). w21.01 13 ф., 18, 19 абз.

Майрӕмбон, 30 декабрь

Фидардзинад... дӕтты... Хуыцау (Ром. 15:5).

Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы, ӕмӕ уый тыххӕй цард уӕззау у. Хатт нын афтӕ зын вӕййы, ӕмӕ, куыд кӕнӕм, уый нал фӕзонӕм (2 Тим. 3:1). Фӕлӕ-иу хъуамӕ ӕгӕр ма стыхсӕм ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсӕм. Йегъовӕ зоны, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлӕм. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, ӕххуыс нӕ куы хъӕуа, уӕд ныл йӕ фидар рахиз къухӕй кӕй хӕцдзӕн (Ис. 41:10, 13). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ нын уӕд, Фыстады цы бакӕсӕм, уый дӕтдзӕн тыхтӕ ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын. Нӕ видеороликты, кинонывты, аудиодрамӕты фӕрцы, стӕй, нӕ сайты цы статьятӕ ис, уыдоны фӕрцы нӕ бон вӕййы Библийы хабӕрттӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын. Ӕмӕ дӕ куы фӕнда уыцы кинонывтӕм кӕнӕ уыцы статьятӕ бакӕсын кӕнӕ аудиодрамӕтӕм байхъусын, уӕд уал-иу фыццаг Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ йын зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, дӕ бон дзы зондӕн райсын цы у, уый фенынӕн. Дӕхи-иу сӕвӕр сӕйраг архайӕджы бынаты. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы лӕггадгӕнджытӕ цы арӕзтой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Уый фӕстӕ-иу ахъуыды кӕн, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон архайын куыд у, ууыл. Йегъовӕйӕн бузныг зӕгъ, алкӕддӕр дын кӕй баххуыс кӕны, уый тыххӕй. Йе ’ххуысӕн кӕй аргъ кӕныс, уый-иу равдис, иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕныс ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс кӕй ӕфтауыс, уымӕй. w21.03 19 ф., 22, 23 абз.

Сабат, 31 декабрь

Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ (Пс. 127:3).

Кӕд уын сывӕллӕттӕ нӕма ис, фӕлӕ уӕ фӕнды, цӕмӕй уын уа, уӕд ахъуыды кӕнут ахӕм фарстатыл: «Сӕрныллӕг адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ йын йӕ Ныхас уарзӕм? Йегъовӕ гыццыл зынаргъ удӕн ныййарджытӕй мах равзарид?» (Пс. 127:4). Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд та ахъуыды кӕн: «Мӕ сывӕллӕтты афтӕ хъомыл кӕнын, цӕмӕй куыстуарзаг уой?» (Еккл. 3:12, 13). Кӕнӕ ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Мӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй, мӕ сывӕллӕттӕн тӕссаг цӕмӕйты у, уыдӕттӕй сӕ бахъахъхъӕнон?» (Ӕмб. 22:3). Дӕ бон сӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй бахизын нӕу. Фӕлӕ сӕ куы ахуыр кӕнай уынаффӕтӕ Хуыцауы Ныхасы агурын, уӕд сӕ гыццылгай бацӕттӕ кӕндзынӕ, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, уыдонмӕ (Ӕмб. 2:1–6). Зӕгъӕм, кӕд уӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйӕн нал лӕггад кӕны, уӕд дӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы Ныхасы фӕрцы бамбарын кӕн, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын куыд ахсджиаг у, уый (Пс. 31:23). Кӕнӕ кӕд уӕ бинонтӕй исчи фӕзиан, уӕд сывӕллӕттӕн равдис, Хуыцауы Ныхас маст ӕмӕ рыст сфӕразынӕн куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ удӕнцой куыд хӕссы (2 Кор. 1:3, 4; 2 Тим. 3:16). w20.10 27 ф., 7 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын