Январь
Хуыцаубон, 1 январь
Уыдон сты куырм разамонджытӕ (Матф. 15:14).
Йесо дины разамонджыты хъуыддӕгтӕ хурмӕ хаста. Зӕгъӕм, фарисейты схуыдта цӕстмӕхъустӕ. Уыдон фылдӕр мӕт кодтой, сӕ къухтӕ куыд ӕхсадтой, ууыл, сӕ ныййарджыты мӕт та сӕ ӕппындӕр нӕ уыд (Матф. 15:1–11). Кӕд-иу дины разамонджытӕ Йесомӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй смӕсты сты, уӕддӕр-иу, ӕцӕг ӕмӕ раст цы уыд, уый ӕргом дзырдта. Йесо ма хурмӕ хаста мӕнг динты ахуырӕдтӕ дӕр. Уый афтӕ никуы загъта, ӕмӕ динты ахуырӕдтӕ иууылдӕр Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц. Йесо загъта, бирӕтӕ кӕй цӕудзысты, сӕфтмӕ чи кӕны, уыцы уӕрӕх фӕндагыл, цардмӕ чи кӕны, уыцы уынгӕг фӕндагыл та афтӕ бирӕ адӕм кӕй нӕ цӕудзӕн (Матф. 7:13, 14). Стӕй ма бамбарын кодта, чидӕртӕ сӕхи афтӕ кӕй ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сты, фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ. Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут» (Матф. 7:15–20). w21.05 9 ф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 2 январь
Йӕ цӕсгом... раздӕрау ӕнкъард нал уыд (1 Сам. 1:18).
Аннӕйӕн йӕ сӕрыхицау Елхъан уыди левит. Фӕлӕ ма йын уыди ӕндӕр ус дӕр – Феннанӕ. Елхъан Аннӕйы фылдӕр уарзта. Фӕлӕ Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыди. Уый тыххӕй-иу ӕй Феннанӕ «йе ’лхыскъ ныхӕстӕй уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста». Ӕмӕ-иу «цӕссыгӕй йӕхи ӕхсадта ӕмӕ-иу хӕргӕ дӕр ницы кодта». Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Аннӕ Феннанӕйӕ йӕ маст иста. Цӕуыл маст кодта, уыдӕттӕ Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ алцыдӕр уый бар бакодта (1 Сам. 1:2, 6, 7, 10). Аннӕйы хабар нын цӕуыл дзурӕг у? Исчи йӕхи дӕуӕй уӕлдӕр куы ӕвӕра ӕмӕ демӕ куы ерыс кӕна, уӕд уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзынӕ, уый дӕуӕй кӕнгӕ у. Ды йемӕ ерыс кӕнын ма райдай. Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй ма фид, фӕлӕ йӕм хӕлар зӕрдӕ дар (Ром. 12:17–21). Адӕймаг куы нӕ ива, уӕддӕр дӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн ӕмӕ уыдзынӕ амондджын. w21.07 17 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 3 январь
Кӕсут, зыд мацӕуыл кӕнут (Лук. 12:15).
Иудӕ Искариот зыдгӕнаг кӕй сси, уый йӕ уымӕ ’ркодта, ӕмӕ Йесо Чырыстийыл гадзрахатӕй рацыд. Фӕлӕ фыццаг ахӕм нӕ уыд (Лук. 6:13, 16). Ӕвӕццӕгӕн, Иудӕ уыди ӕууӕнкджын адӕймаг, уымӕн ӕмӕ йын Йесо йӕ бар бакодта ӕхцаты къопп. Фӕлӕ уый фӕстӕ Иудӕ райдыдта ӕхцатӕй давын. Афтӕмӕй та иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фехъуыста, Йесо-иу адӕмы куыд фӕдзӕхста, цӕмӕй зыд мацӕуыл кӕной (Мар. 7:22, 23; Лук. 11:39). Иудӕ зыдгӕнаг кӕй сси, уый рабӕрӕг, Йесойы мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ, уыимӕ Марийӕ ӕмӕ йӕ хо Марфӕимӕ, уазӕгуаты уыдысты, раздӕр хъотырӕй рынчын чи уыд, уыцы Симонмӕ. Фынгыл куы бадтысты, уӕд Марийӕ сыстад ӕмӕ Йесойы сӕрыл тынг зынаргъ хӕрздӕф сой рауагъта. Иудӕ уый тыххӕй тынг смӕсты. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр рамӕсты сты. Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ хуыздӕр уыдаид уыцы сой ауӕй кӕнын ӕмӕ ӕхца мӕгуыртыл байуарын. Фӕлӕ Иудӕйӕн йӕ мӕт ӕндӕр цыдӕр уыди. Уый «уыди давӕг», ӕмӕ хъуыды кодта, уыцы ӕхцатӕ йӕхи кӕй бауыдаиккой, ууыл (Иоан. 12:2–6; Матф. 26:6–16; Лук. 22:3–6). w21.06 18 ф., 12, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 4 январь
Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн! Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн? (Ром. 7:24).
Кӕд дыл бирӕ хӕстӕ ис, уӕд дӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ бон нӕу се ’ппӕтыл аххӕссын, ӕмӕ ууыл фӕмӕт кӕныс? Кӕд о, уӕд Павелы бамбардзынӕ. Уый мӕт кодта ӕрмӕст иу ӕмбырдыл нӕ, фӕлӕ «ӕппӕт ӕмбырдтыл» дӕр (2 Кор. 11:23–28). Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр низӕй рынчын дӕ, ӕмӕ дӕхимӕ арӕх ныхъхъусыс. Павелы дӕр тухӕнӕй мардта «буары... сындз», чи зоны, цавӕрдӕр низ, ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй дзы фервӕзтаид (2 Кор. 12:7–10). Мыййаг, дӕ рӕдыдтыты ӕмӕ дӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕ ныфс асӕтты? Павел дӕр-иу ахӕм уавӕры уыд. Уый ӕдзух хъуыди тох кӕнын, цӕмӕй, раст цы у, уый арӕзтаид. Ӕмӕ ма йӕхи тыххӕй афтӕ дӕр загъта, мӕнӕ, дам, цы мӕгуыр дӕн (Ром. 7:21–24). Кӕд Павел алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодта. Цы йын ӕххуыс кодта? Павел ӕмбӕрста, хъӕндзинӕдтӕ йӕм кӕй уыд ӕмӕ-иу кӕй фӕрӕдыд, фӕлӕ фидарӕй ӕууӕндыд Чырыстийы нывондыл. w21.04 21, 22 фф., 7, 8 абз.
Цыппӕрӕм, 5 январь
Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй... не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй... йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй (Мар. 10:45).
Ӕххӕст адӕймаг Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕрмӕст йӕхи нӕ фӕкодта ӕнӕхай, фӕлӕ ма йӕ байзӕддӕгты дӕр. Ӕмӕ уымӕн ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд. Афтӕ зонгӕ-зонын бакодта. Фӕлӕ цы ис зӕгъӕн йӕ байзӕддӕгты тыххӕй та? Уыдон уӕд гуырд дӕр нӕма уыдысты ӕмӕ, Адам цы сарӕзта, уый сӕ аххос нӕ уыд (Ром. 5:12, 14). Адамӕн хаст ӕрцыд мӕлӕты тӕрхон. Фӕлӕ цӕмӕй йӕ байзӕддӕгтӕн сӕ бон уыдаид ӕнустӕм цӕрын, уый тыххӕй исты уыд саразӕн? О. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уый фӕстӕ Йегъовӕ гыццылгай ӕргом кӕнын райдыдта, Адамы байзӕддӕгты тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый (Райд. 3:15). Уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар уа, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр. Йесо йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фехалдзӕн (1 Иоан. 3:8). Уымӕй уӕлдай ма Чырыстийы нывонды фӕрцы, Йегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уыдзӕн. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. w21.04 14 ф., 1 абз.; 19 ф., 17 абз.
Майрӕмбон, 6 январь
Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр... донаргъуыд райсӕд (Хъуыд. 2:38).
Иерусалиммӕ алы бӕстӕтӕй ӕрцыд тынг бирӕ адӕм. Уыди дзы нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр, ӕмӕ дзырдтой алыхуызон ӕвзӕгтыл. Уыцы бон ӕрцыд диссаджы хабар. Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ райдыдтой уыцы адӕмы ӕвзӕгтыл дзурын! Фӕлӕ ноджы диссагдӕр та уыд, уыцы дзуттӕгтӕ сын цы дзырдтой ӕмӕ сын апостол Петр цы загъта, уый. Уыцы адӕм базыдтой, Йесо Чырыстийыл куы баууӕндой, уӕд сӕ бон кӕй уыдзӕн фервӕзын. Уыцы хабар сӕ зӕрдӕты арф ахызт. Ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты бафарстой: «Цы кӕнгӕ нын у?» Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (Хъуыд. 2:37, 38). Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый дӕр диссаг уыд. Уыцы бон 3 мин адӕймаджы бӕрц донаргъуыд райстой, ӕмӕ систы Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ. Афтӕ райдыдта, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бахӕс кодта, уыцы стыр куыст. Ӕмӕ суанг абон дӕр, 21 ӕнусы, цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ. w21.06 2 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 7 январь
Ӕз сагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ йӕ рӕзын та кодта Хуыцау. Уӕдӕ, садзгӕ чи кӕны, уый дӕр ницы у ӕмӕ, дон чи кӕны, уый дӕр – кад ӕмбӕлы Хуыцаумӕ, чи йӕ рӕзын кӕны, уымӕ (1 Кор. 3:6, 7).
Чи зоны, хъусын кӕнӕм, адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын зын кӕм вӕййы, ахӕм территорийы. Гӕнӕн ис, бирӕтӕ хорз хабармӕ ма хъусой кӕнӕ нӕ ныхмӕ дӕр цӕуой. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ ныфс ма асӕтта? Рох дӕ ма уӕд, ацы змӕст дунейы адӕмӕн сӕ уавӕртӕ тагъд кӕй фӕивынц. Ӕмӕ, абон чи нӕ байхъуыста, уый, гӕнӕн ис, райсом бамбара, царды йӕ Хуыцауы разамынд кӕй хъӕуы (Матф. 5:3). Нӕ литературӕ-иу чи никуы айста, уыдонӕй чидӕртӕ уый фӕстӕ сразы сты Библи ахуыр кӕныныл. Стӕй мах зонӕм, Йегъовӕ кӕй у «хуымы Хицау» (Матф. 9:38). Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мыггӕгтӕ тауӕм ӕмӕ сыл дон кӕнӕм. Куыд сырӕздзысты, уымӕн та дзуапп уый дӕтты. Ӕмӕ кӕд ныртӕккӕ Библи никӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ нӕ схорзӕхджын кӕны, нӕ фыдӕбон цы тыллӕг ӕрхӕссы, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, куыд фыдӕбон кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ! w21.07 6 ф., 14 абз.
Хуыцаубон, 8 январь
Фырттӕ сты бынтӕ Йегъовӕйӕ (Пс. 127:3).
Йегъовӕ адӕмы афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй сын гуыра сывӕллӕттӕ. Стӕй сын бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕной, Хуыцауы сын бауарзын кӕной ӕмӕ сын баххуыс кӕной, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ суой. Йегъовӕ зӕдты бирӕ цӕмӕйдӕрты схайджын кодта. Фӕлӕ сӕ афтӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй цот уадзой. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ аргъ кӕной, сывӕллӕттӕ сын кӕй ис ӕмӕ сӕ сӕ бон хъомыл кӕнын кӕй у, уымӕн. Хуыцауы раз сыл ис кадджын хӕс – хъуамӕ сӕ сывӕллӕтты «хъомыл кӕной, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразой» (Еф. 6:4; Дык. з. 6:5–7). Хуыцауы организаци ныййарджытӕн тынг ӕххуыс кӕны. Зӕгъӕм, уадзы, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм публикацитӕ, видеороликтӕ, кинонывтӕ, зарджытӕ ӕмӕ статьятӕ нӕ сайты. Нӕ уӕларвон Фыдӕн дӕр ӕмӕ йӕ Фыртӕн дӕр нӕ кӕстӕртӕ тынг зынаргъ сты (Лук. 18:15–17). Ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл куы фӕдарынц ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй куы феххуыс кӕнынц, уӕд сӕ Йегъовӕ райгонд вӕййы. Ахӕм ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сын уа ныфс, ӕнустӕм дӕр Йегъовӕйы бинонтӕй кӕй уыдзысты. w21.08 5 ф., 9 абз.
Къуырисӕр, 9 январь
Уырнындзинад та уый у, ӕмӕ, адӕймаг... бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты (Дзут. 11:1).
Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цӕмӕй кӕуылдӕр кӕнӕ цӕуылдӕр ӕууӕндай, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ, уый ӕцӕг уырнындзинад нӕу. Библи ӕмбарын кӕны, ӕцӕг уырнындзинадӕн фидар бындур кӕй хъуамӕ уа. Кӕд Йегъовӕйы, Йесойы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад нӕ бон цӕстӕй фенын нӕу, уӕддӕр фидар бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы зонӕм, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты (Дзут. 11:3). Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи сси, иу ахӕм ахуыргонд загъта: «Мах Хуыцауыл куырмӕджы не ’ууӕндӕм ӕмӕ, наукӕ кӕй сбӕлвырд кодта, уыцы хабӕрттӕм уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсӕм». Кӕд, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уӕд бирӕтӕ ууыл цӕуылнӕ ӕууӕндынц? Уыдон бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ раиртӕстой. Роберт у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый зӕгъы: «Алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый мӕ нӕ уырныдта, уымӕн ӕмӕ нын уый скъолайы никуы амыдтой. Фӕлӕ стӕй базонгӕ дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ, ӕмӕ мын уыдон Библийӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхастой, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уымӕн. Уӕд мыл цыди 22 азы». w21.08 15 ф., 4, 5 абз.
Дыццӕг, 10 январь
Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый (Пс. 34:8).
Йегъовӕ куыд хорз у, уый тыххӕй нӕ бон цыдӕртӕ у базонын Библийӕ, стӕй, иннӕтӕ Йегъовӕйы арфӕдзинӕдты тыххӕй цы радзурынц, уымӕй. Фӕлӕ, куыд хорз у, уый бамбардзыстӕм, нӕхӕдӕг ӕй куы «бафӕлварӕм» ӕмӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕй куы «фенӕм», уӕд. Зӕгъӕм, фӕнды нӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Мах зонӕм, Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты куы ’вӕрат, уӕд уын Йегъовӕ дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг уӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:33). Чи зоны, уыцы ныхӕстӕ нӕхиуыл нӕма бавзӕрстам. Фӕлӕ Йесойы ныхӕстыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕрдзтӕ фӕкъаддӕр кодтам, къаддӕр кусын райдыдтам ӕмӕ нӕ тыхтӕ сарӕзтам Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕд нӕхиуыл бавзардзыстӕм, Йегъовӕ нын кӕй дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Афтӕмӕй базондзыстӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. w21.08 26 ф., 2 абз.
Ӕртыццӕг, 11 январь
Раст ахуырадӕн нал быхсдзысты (2 Тим. 4:3).
Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Сауджынтӕй бирӕтӕн ӕхсызгон вӕййы, сӕ аргъуантӕм дзырддзӕугӕ, кадджын, хъӕздыг ӕмӕ, ацы дунейы цӕсты зондджын чи у, ахӕм адӕймӕгтӕ цӕуын куы райдайынц, уӕд. Фӕлӕ арӕх уыцы адӕм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ нӕ фӕцӕрынц ӕмӕ фӕкӕнынц ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты та, хӕрзӕгъдау цард чи кӕны, уыцы адӕмы, уыцы сауджынтӕ ницӕуыл фӕнымайынц, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕсты кадджын не сты. Павел дӕр куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцау равзӕрста, адӕм «сӕ сӕрмӕ кӕй нӕ хӕссынц», уыдоны (1 Кор. 1:26–29). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр зынаргъ сты. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы дунейы зондыл ма цӕуӕм? (Матф. 11:25, 26). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм ацы дунейы цӕстӕй ма кӕс. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр сӕрныллӕг адӕмы кӕй равзары йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн (Пс. 138:6). Ахъуыды-иу кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уылты цас цыдӕртӕ сарӕзта, кӕд сӕ ацы дуне зондджынтыл ӕмӕ ӕмбаргӕтыл нӕ нымайы, уӕддӕр. w21.05 8 ф., 1 абз.; 9 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 12 январь
Ӕрӕрвыстат [мын], цы мӕ хъуыди, уыдӕттӕ (Фил. 4:16).
Апостол Павел тынг аргъ кодта, йе ’мчырыстӕттӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уымӕн. Йӕ сӕрмӕ хаста иннӕты ӕххуыс (Фил. 2:19–22). Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, уе ’мбырдты фӕсивӕдӕй бузныг кӕй стут, уый уӕ бон у алыхуызӕтты равдисын. Зӕгъӕм, куы уӕ хъӕуа искуыдӕм ацӕуын, дуканийы истытӕ балхӕнын кӕнӕ ӕндӕр ӕххуыс, уӕд-иу сын, ницы мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, ма зӕгъут. Кӕй уын ӕххуыс кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕ Йегъовӕ бирӕ уарзы. Гӕнӕн ис, ӕмӕ семӕ тынг балымӕн уат. Уе ’рыгон ӕмбӕлттӕн алкӕддӕр ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Зӕгъут-иу сын, куыд ӕхсызгон уын у, ӕмбырды сӕ фылдӕр аразын кӕй фӕнды, уый. Уӕ царды хабӕрттӕ-иу сын радзурут. Афтӕмӕй равдисдзыстут, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стут, ӕмбырдмӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы ӕрыгӕтты тыххӕй (Кол. 3:15; Иоан. 6:44; 1 Фес. 5:18). w21.09 12 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 13 январь
Нӕ Хуыцау тынг тӕригъӕдгӕнаг у. Ӕмӕ нӕм уый фӕрцы уӕларвӕй рухс ӕркӕсдзӕн (Лук. 1:78).
Йегъовӕ нын нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тынг уарзы. Фӕлӕ махӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, кӕй сӕ уарзӕм, уый ӕвдисын. Афтӕ уымӕн вӕййы, ӕмӕ стӕм алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, стӕй алы уавӕрты схъомыл стӕм. Ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, хатт нӕ рӕдыдтыты тыххӕй иннӕтӕ смӕсты уой кӕнӕ нӕм фӕхъыг уой. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у архайын, цӕмӕй нӕ чырыстон бинонты ’хсӕн уарзондзинад уа. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзӕм, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ (Еф. 5:1, 2; 1 Иоан. 4:19). Тӕригъӕдгӕнаг чи у, уый фӕфӕнды иннӕтӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын ӕмӕ сӕ ныфс бауадзын. Йесо адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уымӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ сӕ бирӕ кӕй уарзы (Иоан. 5:19). Иухатт Йесо бирӕ адӕмы куы федта, «уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» (Матф. 9:36). Адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый-иу хъуыддагӕй равдыста. Рынчынты дзӕбӕх кодта ӕмӕ ӕххуыс кодта, фыдӕбон чи кодта ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хаста, уыдонӕн (Матф. 11:28–30; 14:14). w21.09 22 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 14 январь
[Хуыцау] уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Сӕ рӕдыд-иу сын ныххатыр кодта ӕмӕ-иу сӕ нӕ фесӕфта (Пс. 78:38).
Йегъовӕ нӕ уарзы. Апостол Павел ефесӕгтӕм ныффыста, Йегъовӕ «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау» кӕй у. Павел сын бамбарын кодта, Йегъовӕ йе ’нӕххӕст сӕрст лӕггадгӕнджытӕн уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕй радта, уымӕй фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй равдыста (Еф. 2:4–7). Фӕлӕ ӕрмӕст уыдонмӕ нӕу фӕлмӕнзӕрдӕ. Псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр» (Пс. 145:9). Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы, уымӕн гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд. Йесойӕ хуыздӕр ӕй ничи зоны, Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ мингай азты дӕргъы уыди йӕ Фыдимӕ иумӕ (Ӕмб. 8:30, 31). Ӕмӕ бирӕ хӕттыты федта, йӕ Фыд-иу тӕригъӕдджын адӕммӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста, уый (Пс. 78:37–42). Ӕмӕ зӕххыл куы уыд, уӕд-иу адӕмӕн арӕх дзырдта йӕ Фыды фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй. w21.10 8, 9 фф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 15 январь
Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном (Иоан. 12:28).
Йегъовӕ Йесойӕн йӕхӕдӕг уӕларвӕй дзуапп радта, йӕ хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау ӕрыхъуыст. Йегъовӕ загъта, йӕ ном кӕй скадджын кӕндзӕн. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ Фыды ном алкӕддӕр кадджын кодта (Иоан. 17:26). Уӕдӕ, йӕхи ӕцӕг чырыстон чи хоны, уыдон дӕр хъуамӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайой, Хуыцауы йӕ номӕй кӕй хонынц ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кӕнынц, уый. Н. э. 1 ӕнусы чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ «иннӕ адӕмтӕм... ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скодтаид, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм» (Хъуыд. 15:14). 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕхицӕн кадыл нымадтой, Хуыцауы йӕ номӕй кӕй хуыдтой ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр кӕй ӕргом кодтой, уый. Апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы йӕ номӕй хуыдтой, хорз хабар-иу куы хъусын кодтой, уӕд. Стӕй Библийы чингуытӕ куы фыстой, уӕд ӕй уым дӕр ныффыстой. Уыдон равдыстой, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыцы адӕм кӕй сты (Хъуыд. 2:14, 21). Абон та Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, Хуыцауы ном чи хӕссы, уыцы адӕм. w21.10 20, 21 фф., 8–10 абз.
Къуырисӕр, 16 январь
Зондджын... йӕ хъус лӕмбынӕг дардзӕн, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзтӕй цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдонмӕ (Пс. 107:43).
Хуыцауы ӕнувыд уарзт у ӕнустӕм. Уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг 136-ӕм псаломы 26 хатты ныффыста. 1-аг стихы фыст ис: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (Пс. 136:1). 1-аг стихӕй 26-ӕм стихмӕ алы стихы дӕр ис ахӕм ныхӕстӕ – «уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт». Ацы псалом кӕсгӕйӕ фенӕн ис, Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт алыхуызӕтты кӕй ӕвдисы ӕмӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй алкӕддӕр кӕй фӕуарзы. Ӕмӕ нӕ уый дисы куыннӕ ӕфтауы! Ацы ныхӕстӕй, «ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, афтӕ кӕй нӕ вӕййы, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты абон уарзы, райсом та – нӕ. Ӕмӕ сыл гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр йӕ зӕрдӕ нӕ сивы. Уый нӕ стыр ныфс уадзы. Йегъовӕ ныл тынг ӕнувыд у ӕмӕ нӕ никуы ныууадзы, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Йегъовӕ ныл ӕнувыд кӕй у, уый нын дӕтты циндзинад ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй-иу нӕ зындзинӕдты сӕрты ахизӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр царды фӕндагыл цӕуӕм (Пс. 31:7). w21.11 4 ф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 17 январь
Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл (Иоан. 14:1).
Мах зонӕм, тагъд мӕнг динтӕ сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, Магогы зӕххӕй Гог нӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн ӕмӕ Армагеддоны хӕст кӕй уыдзӕн. Уыдӕттыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд, мыййаг, фӕтыхсыс? Мыййаг дӕм ахӕм фарста фӕзыны, зӕгъгӕ, уыцы тасӕфтауӕг хабӕрттӕ куы цӕуой, уӕд мӕ бон бауыдзӕн иузӕрдионӕй баззайын? Кӕд о, уӕд дын Йесойы ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты, фыст сты абоны стихы. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут». Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд фидӕны хабӕрттӕй нӕ тӕрсдзыстӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад сфидар кӕнӕм ӕмӕ нӕ бон уа фидӕны фӕлварӕнтӕ сфӕразын? Ахъуыды-иу кӕнӕм, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы фӕцӕуы, уӕд куыд бакӕнӕм, ууыл. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, нӕ уырнындзинад нӕ цавӕр хъуыддӕгты хъӕуы сфидар кӕнын, уый. Кӕцыдӕр фӕлварӕны фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд алы хатт дӕр нӕ уырнындзинад фидардӕр свӕййы. Ӕмӕ уый фӕрцы та фидӕны фӕлварӕнты дӕр иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм. w21.11 20 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 18 январь
Лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын (2 Кор. 12:10).
Апостол Павел Тимофейӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ лӕггады рохуаты мацы уагътаид (2 Тим. 4:5). Ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хауы. Фӕлӕ нын уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, бирӕтӕ цӕрынц, бынтон сӕрибарӕй архайыны бар нын кӕм нӕй кӕнӕ нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, ахӕм бӕстӕты. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ хатт сӕ ныфс дӕр асӕтты. Зӕгъӕм, бирӕты фӕхъӕуы бирӕ кусын, цӕмӕй сӕ бинонтӕн уа, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Бӕргӕ сӕ фӕнды Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын, фӕлӕ сӕм къуырийы кӕронмӕ тыхы мур нал баззайы. Кӕмӕндӕрты сӕ бон бирӕ аразын нӕу, цавӕрдӕр низӕй рынчын кӕй сты кӕнӕ сыл азтӕ сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй. Ӕмӕ, чи зоны, сӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын дӕр нӕу. Кӕмӕдӕрты та афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн ницы пайда ис. Цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ дӕтдзӕн тых, цӕмӕй, нӕ уавӕртӕ цас амонынц, уыйбӕрц ын лӕггад кӕнӕм. w21.05 20 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 19 январь
Уӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнут (Лев. 19:12)
Хатт нын фӕаразын кӕнынц, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ чи хъыгдардзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ нӕ уӕд фӕхъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, куыд бакӕндзыстӕм, уый. Цымыдисаг хъуыды ис Левиты 19:19 стихы. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Дӕ уӕлӕ дыууӕ хуызы ӕндахӕй конд дарӕс ма скӕн». Уыцы закъон израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ алыварс адӕмтӕй хицӕн кодтаиккой. Абон чырыстӕттӕн сӕ бон у, алыхуызон ӕндӕхтӕй конд чи у, ахӕм хъуымӕцтӕй хуыд дзаумӕттӕ дарын. Зӕгъӕм, ис фӕсмын ӕндахӕй ӕмӕ синтетикӕйӕ конд хъуымӕцтӕ. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Библимӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ мӕнг хъуыдытыл хӕст чи у, уыцы адӕмы хуызӕн уӕм. Нӕ бинонты ӕмӕ нӕ хиуӕтты куыннӕ уарзӕм, стӕй иннӕ адӕмы дӕр уарзӕм. Фӕлӕ нӕ уынаффӕтӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды иннӕ адӕмӕй хицӕн кӕнын. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг уӕм (2 Кор. 6:14–16; 1 Пет. 4:3, 4). w21.12 5 ф., 14 абз.; 6 ф., 16 абз.
Майрӕмбон, 20 январь
Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый... уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у (Матф. 7:14).
Цардмӕ кӕнӕг фӕндаг ссарӕн ис. Йесо загъта: «Кӕд мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрат, уӕд ӕцӕгдӕр мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут, ӕмӕ базондзыстут рӕстдзинад, ӕмӕ уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн» (Иоан. 8:31, 32). Ды раст бакодтай: адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл нӕ ацыдтӕ ӕмӕ рӕстдзинад агуырдтай. Уый фӕстӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын райдыдтай, уымӕн ӕмӕ дӕ фӕндыд базонын, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы. Стӕй Йесойы амындтӕм гӕсгӕ архайын райдыдтай. Базыдтай, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй мӕнг динты ахуырӕдтыл мауал ӕууӕндай ӕмӕ мӕнг динтимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ мауал кӕнай. Фӕлӕ ма бамбӕрстай, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын алкӕд ӕнцон кӕй нӕ вӕййы (Матф. 10:34–36). Чи зоны дын зын вӕййы дӕ царды ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлӕ ды уӕддӕр архайыс, уымӕн ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыды уарзыс. Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ дӕр райгонд у! (Ӕмб. 27:11). w21.12 22 ф., 3 абз.; 23 ф., 5 абз.
Сабат, 21 январь
Байхъус мӕм, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ айс (Ӕмб. 4:10).
Иухатт Моисей стыр рӕдыд ӕруагъта. Адӕммӕ мӕстӕй рафыхт ӕмӕ Йегъовӕйы не скадджын кодта. Уӕд ын Йегъовӕ загъта, уый тыххӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй нӕ бацӕудзӕн (Ным. 20:1–13). Моисей Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ уырдӕм бацӕуын бауагътаид. Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Уый кой мын макуыуал скӕн» (Дык. з. 3:23–27). Моисей не смӕсты ӕмӕ Йегъовӕйы ныхасыл дыууӕ нал загъта. Ӕмӕ йын Йегъовӕ бар радта, цӕмӕй дарддӕр дӕр израилӕгтӕн разамынд лӕвӕрдтаид (Дык. з. 4:1). Моисей нын у фӕзминаг. Уый дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта, кӕд, цӕмӕ бӕллыд, уымӕй ӕнӕхай фӕци, уӕддӕр. Моисейы хуызӕн иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куы фӕзмӕм, уӕд нын уый стыр пайда фӕуыдзӕн (Ӕмб. 4:11–13). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтӕ байхъусынц уынаффӕмӕ. w22.02 11 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 22 январь
Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты (Иоан. 11:35).
Н. э. 32 азы зымӕджы Йесойы ӕмбал Лазӕр фӕрынчын ӕмӕ амард (Иоан. 11:3, 14). Лазӕрӕн уыди дыууӕ хойы: Марфӕ ӕмӕ Марийӕ. Йесо се ’ртӕйы дӕр тынг уарзта. Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ размӕ азгъордта. Ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид» (Иоан. 11:21, 32, 33). Йесо куы федта, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ се ’фсымӕрыл куыд тынг маст кодтой, уӕд йӕхи зӕрдӕ дӕр суынгӕг. Кӕд дӕуӕн дӕр де ’мбӕлттӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи амард, уӕд дын Йегъовӕ дӕ рыст ӕмбары. Йесо у, йӕ Фыд «цыхуызӕн у, раст ахӕм» (Дзут. 1:3). Ӕмӕ, кӕй куыдта, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕйӕн дӕр тынг зын кӕй вӕййы, исчи нын куы амӕлы, уӕд (Иоан. 14:9). Кӕд дын исчи амард, уӕд уый Йегъовӕ ӕрмӕст зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ ма дыл йӕ зӕрдӕ дӕр тынг риссы. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын дӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кӕна (Пс. 34:18; 147:3). w22.01 15, 16 фф., 5–7 абз.
Къуырисӕр, 23 январь
Адӕймагмӕ уырнындзинад уӕд фӕзыны, ӕмӕ уыцы хабар куы фехъусы (Ром. 10:17).
Йегъовӕимӕ куы ныхас кӕнай, цы дын дзуры, уымӕ куы хъусай ӕмӕ йын йӕ миниуджытыл куы хъуыды кӕнай, уӕд уый дӕ цардыл тынг фӕзындзӕн. Фыццаг: раст уынаффӕтӕ хӕсдзынӕ. Библи зӕгъы: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын» (Ӕмб. 13:20). Дыккаг: хуыздӕр ахуыргӕнӕг суыдзынӕ. Искӕимӕ Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ нысӕнттӕй иу вӕййы адӕймагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ Хӕлар суа. Нӕ рӕстӕг Йегъовӕимӕ цас арӕхдӕр ӕрвитӕм, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзыстӕм. Ӕмӕ уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы бауарзын кӕнын. Йесо дӕр-иу йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йӕ Фыды кой куы кодта, уӕд-иу бӕрӕг уыд, тынг ӕй кӕй уарзы. Ӕмӕ уый фӕрцы уыдон дӕр Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзтой (Иоан. 17:25, 26). Ӕртыккаг: дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Йегъовӕйӕ разамынд, удӕнцой кӕнӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм ӕмӕ нын дзуапп куы ратты, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндын райдайӕм (1 Иоан. 5:15). w22.01 30 ф., 15–17 абз.
Дыццӕг, 24 январь
Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут (Кол. 3:9).
Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Уымӕ гӕсгӕ нын дзуры, цӕмӕй нӕ зондахаст аивӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзӕм (Ис. 48:17, 18). Уый зоны, йӕ монцты фӕдыл чи цӕуы, уый йӕхицӕн дӕр ӕвзӕрдӕр кӕй кӕны ӕмӕ иннӕтӕн дӕр зиан кӕй хӕссы. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн уый тынг зын вӕййы. Чи зоны ныл не ’мбӕлттӕй кӕнӕ нӕ бинонтӕй исчи фӕхуды, нӕ цард ӕмӕ нӕ удыхъӕд ивыныл кӕй архайӕм, уый тыххӕй (1 Пет. 4:3, 4). Гӕнӕн ис, ӕмӕ нын дзурой: «Сӕрибар адӕймаг дӕ, ӕмӕ, дӕхи цы фӕнды, уый хъуамӕ аразай. Дӕхиуыл сӕр нӕй? Кӕмӕдӕр цӕмӕ хъусыс?» Фӕлӕ, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕмы сӕрибар схонӕн нӕй. Уыдон цӕуынц Хӕйрӕджы дунейы зондыл, ӕмӕ сӕ ацы дуне йӕхи хуызӕн скӕны (Ром. 12:1, 2). Алкӕй дӕр хъӕуы равзарын: дарддӕр дӕр тӕригъӕдджын буары коммӕ кӕсдзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейы нывтӕм гӕсгӕ «хуыд» чи у, уыцы зӕронд удыхъӕд «дардзӕн», ӕви Йегъовӕйы бауадздзӕн, цӕмӕй йӕ ива ӕмӕ дзы хуыздӕр адӕймаг скӕна (Ис. 64:8). w22.03 3 ф., 6, 7 абз.
Ӕртыццӕг, 25 январь
Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр... ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ (Дзут. 4:12).
Хуыцауы Ныхасыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд сахуыр уыдзыстӕм нӕ уавӕртӕм раст цӕстӕй кӕсын. Иу хойӕн йӕ сӕрыхицау фӕзиан. Ӕмӕ йын уыцы рӕстӕг хистӕр нӕлгоймаг загъта, хорз кӕй уаид, Иовы чиныг куы бакӕсид. Хо дӕр уыцы чиныг кӕсын райдыдта, ӕмӕ фыццаг ныккомкоммӕ, Иов раст кӕй нӕ уыд, уымӕ. Йӕхинымӕр ӕм загъд кодта: «Иов, раст нӕ дӕ. Дӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ куы ницыуал уыныс». Фӕлӕ йӕм уӕд бахъардта, уый йӕхимӕ дӕр кӕй хауы. Уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй, цы зиан ыл ӕрцыд, ууыл ӕгӕр ма хъуыды кодтаид, фӕлӕ фылдӕр хъуыды кодтаид Йегъовӕйыл ӕмӕ, Йегъовӕ цы ныфс дӕтты, ууыл. Уый фӕрцы-иу дзы тыхтӕ бацыд ӕмӕ йын ӕнцондӕр уыд йӕ зындзинӕдтӕн быхсын. Йегъовӕ ма нын тых дӕтты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты. Павел хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм ныффыста, зӕгъгӕ, дам, тынг бӕллын, цӕмӕй «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм» (Ром. 1:11, 12). w21.05 22 ф., 10, 11 абз.; 24 ф., 12 абз.
Цыппӕрӕм, 26 январь
Йегъовӕ кӕй равзара, уыцы бынаты авд боны бӕрӕг кӕндзынӕ ацы бӕрӕгбон дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номыл (Дык. з. 16:15).
Моисейы закъоны фыст уыд: «Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрбацӕуой дӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ» (Дык. з. 16:16). Израилӕгтӕ-иу хъуамӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ зӕххытӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ ныууагътаиккой. Фӕлӕ сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ куы цӕуат, уӕд-иу уын уӕ зӕхмӕ хӕстӕг дӕр ничи бацӕудзӕн» (Рац. 34:24). Уыдон Йегъовӕйыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ-иу алы аз дӕр бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнынмӕ ацыдысты. Уый фӕрцы-иу бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты. Зӕгъӕм, Хуыцауы закъон-иу хуыздӕр бамбӕрстой, Йегъовӕйы тыххӕй-иу фылдӕр базыдтой ӕмӕ-иу се ’фсымӕртимӕ рӕстӕг кӕй ӕрвыстой, уый фӕрцы-иу бафидар сты. Мах дӕр ӕмбырдтӕм кӕй фӕцӕуӕм, уый нын хӕссы стыр пайда. Стӕй-ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕ куыд фӕцин кӕны, нӕхи ӕмбырдтӕм хорз куы бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ цыбыр дзуаппытӕ куы фӕдӕттӕм, уӕд. w22.03 22 ф., 9 абз.
Майрӕмбон, 27 январь
Йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн (Дзут. 2:18).
Йегъовӕ Йесойы цӕттӕ кодта Хистӕр сауджыны хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. Йесо йӕхиуыл бавзӕрста, уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцаумӕ хъусын куыд зын у, уый. Афтӕ зын ын уыди, ӕмӕ Хуыцауӕй «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ» ӕххуыс куырдта. Йесо ахӕм уынгӕджы уавӕры кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ нӕ хорз ӕмбары. Ӕмӕ, фӕлварӕнты куы вӕййӕм, уӕд нын йӕ бон баххуыс кӕнын вӕййы. Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи ӕмбары, ахӕм тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын нын кӕй ис, уый тыххӕй! (Дзут. 2:17; 4:14–16; 5:7–10). Йесо ахӕм хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, цӕмӕй дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид иу ахсджиаг фарстайӕн: адӕм уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзысты? Хӕйрӕг зӕгъы, кӕй нӕ баззайдзысты. Уый зӕгъы, адӕм Хуыцауӕн ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ йӕм цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ Хуыцауы иу дӕр нӕ уарзы (Иов 1:9–11; 2:4, 5). Йесо Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ равдыста, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны. w21.04 17 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 28 январь
Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20).
Цалынмӕ адӕймаг донаргъуыд райса, уӕдмӕ хъуамӕ райдайа, Библи цы дзуры, уымӕ гӕсгӕ архайын. Афтӕ куы кӕна, уӕд уыдзӕн, «хӕдзар аразгӕйӕ арф чи ныкъкъахта» ӕмӕ «йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн» (Матф. 7:24, 25; Лук. 6:47, 48). Ӕххуыс ын кӕн йӕ царды ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн (Мар. 10:17–22). Йесо зыдта, хъӕздыг лӕгӕн зын кӕй уыдзӕн йӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр ауӕй кӕнын (Мар. 10:23). Фӕлӕ йын уӕддӕр загъта, уыцы стыр ивындзинад кӕй хъуамӕ сараза. Цӕмӕн ын загъта афтӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта. Хатт нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ адӕймаг цӕттӕ нӕма у хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕнынмӕ. Ӕмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ йын фӕстӕдӕр зӕгъдзынӕн, цӕмӕй райдайа, цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ архайын (Кол. 3:9, 10). Фӕлӕ йемӕ ууыл цас раздӕр аныхас кӕнай, уыйас тагъддӕр райдайдзӕн йӕ цард ивын. Стӕй афтӕмӕй равдисдзынӕ, кӕй йӕ уарзыс ӕмӕ дӕ йӕ хорз кӕй фӕнды (Пс. 141:5; Ӕмб. 27:17). w21.06 2, 3 фф., 3, 5 абз.
Хуыцаубон, 29 январь
Чырысти... уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат (1 Пет. 2:21).
Петр дзырдта, Йесо хъизӕмар кӕй кодта ӕмӕ фидар кӕй фӕлӕууыд, ӕмӕ нын уымӕй фӕзминаг кӕй у. Фӕлӕ ма Йесойы нӕ бон у бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр бафӕзмын (1 Пет. 2:18–25). Раст куы зӕгъӕм, уӕд нын Йесо фӕзминаг у алцӕмӕй дӕр – цыдӕриддӕр дзырдта ӕмӕ арӕзта, уымӕй. Махӕн, ӕнӕххӕст адӕмӕн, нӕ бон у Йесойы фӕзмын? О, нӕ бон у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон нӕу нӕ къах йӕ алы къахвӕдыл дӕр ӕвӕрын. Фӕлӕ, нӕ бон цы у, уый куы аразӕм, уӕд архайдзыстӕм апостол Иоанны ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕмӕ цӕрдзыстӕм, «Йесо куыд цард, афтӕ» (1 Иоан. 2:6). Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо куыд цард, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодта (Иоан. 8:29). Ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд мах дӕр Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи фӕархайы, цӕмӕй йӕ хӕлар суа, уыдонмӕ ӕнӕмӕнг баввахс вӕййы (Иак. 4:8). w21.04 3 ф., 4–6 абз.
Къуырисӕр, 30 январь
Йегъовӕ уарзы йӕ адӕмы (2 Аз. 2:11).
Йегъовӕ федта, цы хорз миниуджытӕ нӕм ис, уыдон ӕмӕ, нӕ бон фӕивын кӕй у, уый, ӕмӕ нӕ йӕхимӕ ӕрбакодта. Иузӕрдионӕй йыл куы баззайӕм, уӕд ӕнустӕм уыдзӕн нӕ Хӕлар! (Иоан. 6:44). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ фидарӕй куы фӕуырны, уӕд нын уый нӕ хъарутыл хъарутӕ, нӕ ныфсыл ныфс бафтауы, ӕмӕ нӕ фӕфӕнды ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын лӕггад кӕнын, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн ӕмӕ нӕм тых нӕ уыдзӕн (Ӕмб. 24:10). Ӕмӕ ныл уӕд Хӕйрӕг ӕнцонтӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн (Еф. 6:16). Иузӕрдион чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕнын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй сӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ. Хъуамӕ-иу ахӕм хъуыдытӕ уайтагъд фӕсурӕм! Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ фервӕзын кӕна, ӕнцой дын чи нӕ дӕтты, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ дын ратта, дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дын дӕ зонд чи бахъахъхъӕндзӕн, уыцы фарн (Пс. 139:23; Фил. 4:6, 7). Стӕй дӕ рох ма уӕд, ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ иннӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм дӕр кӕй фӕзыны. w21.04 20, 21 фф., 1, 4–6 абз.
Дыццӕг, 31 январь
Хуыцау уӕ... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куыд сдӕ, уый хъуыды кӕныс? Фыццаг ды фехъуыстай «хорз хабар» (Мар. 13:10). Чи зоны йӕ фехъуыстай дӕ ныййарджытӕй, де ’мкусӕгӕй кӕнӕ дӕ къласагӕй. Кӕнӕ та, чи зоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодтой, уӕд демӕ дӕр аныхас кодтой. Уый фӕстӕ демӕ чидӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта, ӕмӕ уымӕн йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтай, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ӕмӕ йӕ ды дӕр бауарзтай. Йегъовӕ дӕ йӕхимӕ ’рбакодта, баххуыс дын кодта рӕстдзинад базонынӕн, ӕмӕ ды сдӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг. Ныр дын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 6:44). Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕ, кӕмӕндӕр йӕ зӕрдӕйы ахӕм фӕндон кӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй дын рӕстдзинад бацамона, стӕй дӕ йӕ лӕггадгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй. Мах базыдтам рӕстдзинад, ӕмӕ ныл ис кадджын хӕс – хъуамӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй царды фӕндагыл ӕрлӕууой ӕмӕ немӕ уыцы фӕндагыл цӕуой. Чи зоны нын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын ӕнцон вӕййы, фӕлӕ искӕмӕн Библийы ахуыры тыххӕй зӕгъын ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын та нӕм зын кӕсы. w21.07 2 ф., 1, 2 абз.