Февраль
Ӕртыццӕг, 1 февраль
Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ (Пс. 145:18).
Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр амондджын уой. Уый хӕстӕг у махӕй алкӕмӕ дӕр. Ӕмӕ, нӕ ныфс куы асӕтты, уӕд ӕй уайтагъд фены (Пс. 145:18, 19). Уый бӕрӕг у пехуымпар Илийайы хабарӕй. Израилы тынг ӕвзӕр рӕстӕг скодта. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ карз ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Чи сӕ ӕфхӕрдта, уыдон стыр бынӕттӕ ахстой ӕмӕ Хуыцауы нӕ уарзтой. Ӕмӕ уӕлдайдӕр Илийамӕ цыди сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс (1 Пад. 19:1, 2). Уымӕй уӕлдай ма Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы иузӕрдион пехуымпартӕй ӕрмӕстдӕр уый баззад (1 Пад. 19:10). Йегъовӕ йын уайтагъддӕр баххуыс кодта. Арвыста йӕм зӕды, цӕмӕй йын ныфсытӕ бавӕрдтаид ӕмӕ йын загътаид, иунӕг кӕй нӕу, ноджыдӕр ма бирӕтӕ кӕй баззадысты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй (1 Пад. 19:5, 18). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сын фӕзындзӕн стыр чырыстон бинонтӕ (Мар. 10:29, 30). Йегъовӕ та, нӕ бинонты Хистӕр, зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн (Пс. 9:10). w21.06 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 2 февраль
Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы (Иоан. 8:47).
Бирӕтӕн цӕлхдур свӕййы, Библийы фӕрцы сын куы бамбарын кӕнӕм, динты ахуырӕдтӕй бирӕтӕ Библийӕ кӕй не сты. Сауджынтӕ адӕмӕн дзурынц, Хуыцау фыдгӕнджыты зындоны арты кӕй судзы. Уыцы мӕнг ахуырады фӕрцы адӕмы тас уадзынц, цӕмӕй сыл сӕ бар цӕуа. Мах та зонӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у, ӕмӕ адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, уый мӕнг ахуырад кӕй у. Сауджынтӕ ма дзурынц, уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у. Фӕлӕ уый афтӕ куы уаид, уӕд ма мӕрдты ӕгас кӕнын цӕмӕн хъӕуид? Ӕмӕ мах адӕмӕн ӕргом кӕнӕм, уыцы ахуырад Библийӕ кӕй нӕу. Уымӕй уӕлдай ма бирӕ динтӕ амонынц, адӕймагӕн йӕ хъысмӕт йӕ ныхыл фыст кӕй вӕййы. Фӕлӕ мах адӕмӕн ӕмбарын кӕнӕм, Хуыцау нын сӕрибардзинад кӕй радта ӕмӕ нӕхӕдӕг кӕй ӕвзарӕм, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ. Дины разамонджытӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? Арӕх уый тыххӕй мӕстӕй рафыцынц! Кӕд рӕстдзинад уарзӕм, уӕд хъуамӕ Хуыцауы ныхӕстӕм хъусӕм (Иоан. 8:45, 46). Хӕйрӕгӕй уӕлдай мах рӕстдзинадыл фидар хӕцӕм ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕрты никуы ахизӕм (Иоан. 8:44). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй домы, цӕмӕй Йесойау ӕвзӕрдзинадӕй се сӕфт уыной, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцой (Ром. 12:9; Дзут. 1:9). w21.05 10 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 3 февраль
Хӕйрӕгӕн... йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн (Иак. 4:7).
Куы бамбарӕм, сӕрбӕрзонд кӕнӕ зыдгӕнаг кӕй систӕм, уӕд куыд кӕнгӕ у? Апостол Павел загъта, Хӕйрӕг «удӕгасӕй [кӕй] ӕрцахста», уыдонӕн сӕ бон кӕй у йӕ къӕппӕджытӕй раирвӕзын (2 Тим. 2:26). Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ Хӕйрӕгӕй тыхджындӕр у. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы нӕ бон у, Хӕйрӕг цы къӕппӕджытӕ сӕвӕры, уыдонӕй кӕцыфӕндыйӕ дӕр раирвӕзын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хуыздӕр уыдзӕн, Хӕйрӕджы къӕппӕджыты-иу ӕппындӕр куы нӕ бахауӕм. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы ӕххуысы фӕрцы. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ алы бон дӕр ӕххуыс кур, цӕмӕй-иу дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсай ӕмӕ-иу дӕ хъуыддӕгтыл дӕр ахъуыды кӕнай. Йегъовӕйы фӕрцы бамбардзынӕ, уыцы ӕнад миниуджытӕ дӕм фӕзындысты ӕви нӕ (Пс. 139:23, 24). Уыцы къӕппӕджыты макуы бахау! Хӕйрӕг цуаны цӕуы цалдӕр мин азы дӕргъы. Фӕлӕ тагъд ӕрцӕудзӕн баст ӕмӕ ӕппынфӕстаг сӕфт ӕрцӕудзӕн (Рарг. 20:1–3, 10). Ӕмӕ уыцы бонмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Уӕдмӕ та уал хъуамӕ нӕхи хизӕм йӕ къӕппӕджытӕй. Архай, цӕмӕй сӕрбӕрзонд кӕнӕ зыдгӕнаг макуы суай. Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ слӕуу, ӕмӕ дӕ алидздзӕн! w21.06 19 ф., 15–17 абз.
Сабат, 4 февраль
Курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита (Матф. 9:38).
Адӕймаг рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы ӕмӕ, Библийӕ цы базыдта, уыдӕттӕ иннӕтӕн дӕр куы фӕдзуры, уӕд Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны (Ӕмб. 23:15, 16). Ӕмӕ, абон цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон уынгӕйӕ йӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй! Кӕд ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр фыдниз апарахат, уӕддӕр 2020 лӕггады азы хъусынгӕнджытӕ уагътой 7 705 765 Библийы ахуыры. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн сӕ цард снывонд кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой 241 994 адӕймаджы. Уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр искӕйтимӕ Библи ахуыр кӕндзысты, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл ноджы фылдӕр бафтдзӕн (Лук. 6:40). Ахуыргӕнинӕгтӕ куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг барухс кӕнӕм. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у ногтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ бауарзой. Нӕ бон у нӕ разы нысан сӕвӕрын – ӕппынкъаддӕр иу адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайын. Цӕй ӕмӕ афтӕ бафӕлвар: кӕуыл-иу фембӕлай, уыдонӕн-иу Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ. Бауырнӕд дӕ, искӕимӕ ӕнӕмӕнг райдайдзынӕ Библи ахуыр кӕнын. w21.07 6, 7 фф., 14–16 абз.
Хуыцаубон, 5 февраль
Мӕ Хуыцауы хӕдзар мын зынаргъ кӕй у, уый тыххӕй, ноджыдӕр дӕттын мӕхи сызгъӕринӕй ӕмӕ мӕхи ӕвзистӕй (1 Аз. 29:3).
Паддзах Давид кувӕндон аразынӕн йӕхи сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй дзӕвгар радта (1 Аз. 22:11–16). Уыйбӕрц тыхтӕ нӕм куы нал уа, цӕмӕй нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнӕм, уӕддӕр нӕ бон у уыцы хъуыддагӕн нӕ мысайнӕгтӕй ӕххуыс кӕнын, нӕ къух цас амоны, уымӕ гӕсгӕ. Стӕй, цӕуыл сахуыр стӕм, уыдӕттӕ нӕ бон у ӕрыгӕттӕн амонын. Апостол Павел дӕр уыди рӕдау адӕймаг. Уый-иу ӕрыгон Тимофейы йемӕ акодта уацамындон балцыты. Ӕмӕ йын амыдта, хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнын куыд хъӕуы, уыдӕттӕ. Павел ын йӕ зонындзинӕдтӕ не ’вгъау кодта (Хъуыд. 16:1–3). Ӕмӕ Тимофей, Павел ӕй цӕуыл сахуыр кодта, уый фӕрцы хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кодта (1 Кор. 4:17). Уый фӕстӕ уыдӕттӕ йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕн амыдта. w21.09 12 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 6 февраль
Кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕнут ӕмӕ хыл кӕнут (1 Кор. 3:3).
Аполлосы ӕмӕ апостол Павелы цӕвиттонтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Сӕ дыууӕ дӕр Фыстад тынг хорз зыдтой. Дыууӕйӕ дӕр уыдысты зындгонд ӕфсымӕртӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз арӕхстысты. Сӕ дыууӕ дӕр бирӕтӕн баххуыс кодтой, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой. Фӕлӕ уыдон кӕрӕдзимӕ нӕ хӕлӕг кодтой ӕмӕ ерыс нӕ кодтой (Хъуыд. 18:24). Аполлос Коринфӕй куы ацыд, уӕд ын иуцасдӕры фӕстӕ Павел загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ уырдӕм аздӕхтаид (1 Кор. 16:12). Аполлос йӕ курдиӕттӕй раст пайда кодта – уый хъусын кодта хорз хабар ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты бафидар кодта. Стӕй уыд сӕрныллӕг адӕймаг. Зӕгъӕм, Акилӕ ӕмӕ йын Прискиллӕ «Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр [куы] бамбарын кодтой», уӕд ӕм уый хъыг нӕ фӕкаст (Хъуыд. 18:24–28). Павел зыдта, Аполлос бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй арӕзта. Фӕлӕ Павел нӕ тарсти, Аполлосӕн фылдӕр кад кӕй кӕндзысты, уымӕй. Павел уыди сӕрныллӕг, бонзонгӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Коринфы ӕмбырдӕн цы уынаффӕ радта, уымӕй (1 Кор. 3:4–6). w21.07 18, 19 фф., 15–17 абз.
Дыццӕг, 7 февраль
Бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ (Ром. 5:19).
Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты зонгӕ-зонын ахызтысты. Ӕмӕ уый аккаг нал уыдысты, цӕмӕй Хуыцауы бинонтӕй уыдаиккой. Фӕлӕ сӕ байзӕддӕгтӕ та цы хъуамӕ бауыдаиккой? Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ иунӕг Фырты нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ уый фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй та Хуыцауы бинонтӕм ӕрбаиу уой (Иоан. 3:16). Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцау 144 000 иузӕрдион адӕймагӕй йӕхицӕн скодта фырттӕ (Ром. 8:15–17; Рарг. 14:1). Уыдонӕй уӕлдай ма Хуыцауӕн ис ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр – милуантӕ. Уыдон дӕр ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон. Мин азы куы фӕуой, уӕд ма уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Ӕмӕ уыцы фӕлварӕны иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдоны Хуыцау банымайдзӕн йӕ сывӕллӕттыл (Пс. 25:14; Ром. 8:20, 21). Ахӕм ныфс сын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ныр дӕр Йегъовӕйы, се Сфӕлдисӕджы, хонынц сӕ Фыд (Матф. 6:9). Чи райгас уыдзӕн, уыцы адӕмӕн дӕр уыдзӕн фадат, цӕмӕй базоной Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Ӕмӕ уыдонӕй йӕ коммӕ чи кӕсдзӕн, уыдон дӕр ӕппынфӕстаг ӕрцӕудзысты йӕ бинонтыл нымад. w21.08 5 ф., 10, 11 абз.
Ӕртыццӕг, 8 февраль
Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу сбӕлвырд кӕнут (Фил. 1:10).
Апостол Павел бирӕ азтӕ лӕггад кодта, ӕмӕ йӕ лӕггад алкӕддӕр нымадта, ахсджиагдӕр чи уыд, уыцы хъуыддӕгтӕй сӕ иуыл. Павел хорз хабар хъусын кодта «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» (Хъуыд. 20:20). Уый-иу алы фадатӕй дӕр спайда кодта. Иухатт Афинты йе ’мбӕлттӕм куы ӕнхъӕлмӕ каст, уӕд дӕр ӕнцад нӕ бадти. Уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй хорз хабар фехъусын кодтаид дзырддзӕугӕ ӕмӕ номдзыд адӕмӕй кӕмӕндӕрты. Ӕмӕ сӕ чидӕртӕ систы чырыстӕттӕ (Хъуыд. 17:16, 17, 34). Суанг ахст куы уыд, уӕд дӕр хъусӕй нӕ лӕууыд (Фил. 1:13, 14; Хъуыд. 28:16–24). Павел йӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд уыд, афтӕ пайда кодта. Арӕх-иу йемӕ иннӕты дӕр акодта хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, йӕ фыццаг уацамындон балцы йемӕ акодта Марчы, йӕ дыккаг уацамындон балцы та – Тимофейы (Хъуыд. 12:25; 16:1–4). Ӕвӕццӕгӕн сын Павел амыдта, куыд ис ног ӕмбырд саразӕн, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнӕн ӕмӕ Хуыцауы Ныхас арӕхстджынӕй амонӕн (1 Кор. 4:17). w22.03 27 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 9 февраль
[Хуыцау] махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу (Хъуыд. 17:27).
Бирӕтӕ Сфӕлдисӕгыл не ’ууӕндынц, цӕстӕй йӕ фенӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, цы нӕ федтон, уый мӕ куыд хъуамӕ уырна. Фӕлӕ уӕддӕр, цӕстӕй цы нӕй фенӕн, уыдӕттӕй цӕуылдӕрты ӕууӕндынц. Зӕгъӕм, уырны сӕ, дымгӕ кӕй ис, кӕд ӕй нӕ уынынц, уӕддӕр. Библимӕ гӕсгӕ, уырнындзинад уый у, ӕмӕ адӕймаг «бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (Дзут. 11:1). Ӕмӕ цӕмӕй адӕймаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ раиртаса, уымӕн ӕй фӕхъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Фӕлӕ бирӕты нӕ фӕфӕнды уый аразын. Ӕмӕ, бӕлвырдгӕнӕнтӕ чи нӕ раиртасы, уый, гӕнӕн ис, ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуа, ӕмӕ Хуыцау нӕй. Дун-дуне Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ бамбӕрстой, бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы раиртӕстой, уӕд. Бирӕ ахуыргӕндтӕ Хуыцауыл не ’ууӕндынц, уымӕн ӕмӕ сын скъолайы кӕнӕ университеты Сфӕлдисӕджы тыххӕй ницы дзырдтой. Фӕлӕ уыдонӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы базыдтой ӕмӕ йӕ бауарзтой. Хъуамӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕхӕдӕг раиртасӕм, цӕмӕй Хуыцауыл фидарӕй баууӕндӕм, уӕлдай нӕу, ахуырдзинад нӕм ис ӕви нӕ. w21.08 14 ф., 1 абз.; 15, 16 фф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 10 февраль
Йегъовӕ хорз у алкӕмӕн дӕр, уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:9).
Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй равдыста, Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Уыцы фырт ацыд дард бӕстӕм, «уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд ӕмӕ йӕ мулк бахордта» (Лук. 15:13). Уый фӕстӕ йе ’нӕгъдау митыл ӕрфӕсмон кодта, йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхт. Йӕ фыд ӕм цы цӕстӕй ракаст? Йесо радзырдта: «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг. Ӕмӕ йӕм азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта». Фыд ӕй уайдзӕфты бын нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын уайтагъд ныххатыр кодта ӕмӕ та йын йӕ хӕдзары дуӕрттӕ бакодта. Йӕ фырт стыр тӕригъӕдтӕ сарӕзта. Фӕлӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодта, уымӕ гӕсгӕ йын фыд ныххатыр кодта. Уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ фыд амоны Йегъовӕмӕ. Йесо афтӕмӕй равдыста, йӕ Фыды тынг кӕй фӕфӕнды, йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнын (Лук. 15:17–24). w21.10 8 ф., 4 абз.; 9 ф., 6 абз.
Сабат, 11 февраль
Хуыцау иннӕ адӕмтӕм фыццаг хатт... ӕркаст, цӕмӕй уыдонӕй йӕхицӕн скӕна, йӕ ном ын чи хӕсса, ахӕм адӕм (Хъуыд. 15:14).
Нӕ рӕстӕджы бирӕ динты разамонджытӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтой, цӕмӕй адӕмӕй Хуыцауы ном басусӕг кодтаиккой. Айстой йӕ сӕ Библийы тӕлмацтӕй. Уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу загътой, сӕ службӕты рӕстӕг кӕй нӕй Хуыцауы ном дзурӕн. Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй кадджын кӕнынц Йегъовӕйы ном, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Иу дин дӕр афтӕ нӕ архайы, цӕмӕй иууылдӕр Хуыцауы ном базоной. Уымӕй ӕвдисӕм, цы ном хӕссӕм – Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ – уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрӕм (Ис. 43:10–12). Мах рауагътам «Библи – Ног дунейы тӕлмац». Рацыди дзы 240 милуан экземплярӕй фылдӕр. Уыцы тӕлмацы Йегъовӕйы ном фыст ӕрцыд, иннӕ тӕлмацты йӕ тӕлмацгӕнджытӕ кӕм нӕ ныффыстой, уыцы бынӕтты. Стӕй нӕ организаци уадзы Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл, ӕмӕ уыцы публикациты дӕр вӕййы Йегъовӕйы ном. w21.10 20, 21 фф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 12 февраль
Де ’фсымӕртӕй исчи куы смӕгуыр уа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ ма ныддур кӕн ӕмӕ-иу дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры раз чъынды ма разын (Дык. з. 15:7).
Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕм. Йегъовӕ израилӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, мӕгуыртӕн цӕстуарзонӕй куы ’ххуыс кӕной, уӕд сын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Дык. з. 15:10). Ӕххуысхъуаг хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн хорзӕй исты куы саразӕм, уӕд Йегъовӕ уый афтӕ фӕнымайы, цыма йӕ уымӕн сарӕзтам (Ӕмб. 19:17). Зӕгъӕм, Павел ахст куы уыд, уӕд ын Филиппты цӕрӕг чырыстӕттӕ арвыстой хуын. Ӕмӕ Павел уыцы хуынӕй загъта, зӕгъгӕ, уый у, «Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм нывонд» (Фил. 4:18). Ахъуыды кӕн, дӕ бон кӕмӕн уаид де ’мбырды баххуыс кӕнын. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ не ’хца куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы. Уый дӕр нымайы нӕ лӕггадыл (Иак. 1:27). Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ. Фӕлӕ нӕ лӕггад уаргъыл нӕ нымайӕм (1 Иоан. 5:3). Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уарзӕм Йегъовӕйы, стӕй нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты. w22.03 24 ф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 13 февраль
[Хуыцау] йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр (Матф. 5:45).
Цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ зын ӕмбарӕм, уый тыххӕй фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ууыл. Зӕгъӕм, хо уӕззау низӕй рынчын у. Уый никуы ницӕмӕй фӕхъаст кӕны, фӕлӕ йӕм исчи истӕмӕй куы фӕкӕсид, уыд дзы тынг бузныг уаид. Чи зоны йын ӕнцон нӕ вӕййы йӕ бинонтӕн хӕринаг скӕнын кӕнӕ бафснайын. Кӕнӕ та, зӕгъӕм, ӕфсымӕр ӕнӕ куыстӕй баззад. Уӕд ӕм нӕ бон нӕ уаид иу гыццыл ӕхцайӕ фӕкӕсын? Уыцы ӕхцатӕ уал ын, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъӕуы, уыдӕтты фаг уаиккой, цалынмӕ куыст не ссара, уӕдмӕ. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй йӕ зона, чи йын сӕ радта, уый. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ уый хуызӕн уӕм. Хъуамӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, цалынмӕ хо кӕнӕ ’фсымӕр йӕхӕдӕг ракура ӕххуыс, фӕлӕ-иу Йегъовӕйау хъуамӕ нӕхӕдӕг фӕраздӕр уӕм. Уый ныл алы бон дӕр хур скӕсын кӕны, кӕд ын уый тыххӕй дзургӕ дӕр нӕ фӕкӕнӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ бузныг чи у, ӕрмӕст уыдоны нӕ тавы хур, фӕлӕ алкӕй дӕр. Йегъовӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уымӕй ӕвдисы, кӕй нӕ уарзы, уый. Ӕмӕ ахӕм хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау кӕй у, уый тыххӕй йӕ тынг уарзӕм. w21.09 22, 23 фф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 14 февраль
О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ, чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй (Пс. 86:5).
Хуыцау нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны. Йегъовӕ куы фӕуыны, адӕймаг кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ тӕригъӕд кӕй нал аразы, уӕд ын ныххатыр кӕны, ӕнувыд уарзтӕй йӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ. Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны, ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нын нӕ бафиды» (Пс. 103:8–11). Давид йӕхицӕй зыдта, адӕймаджы йӕ цӕсгом куы фӕхӕры, уӕд ын куыд зын вӕййы, уый. Фӕлӕ ма бамбӕрста, Йегъовӕ кӕй у «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ». Цымӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ цӕмӕн ныххатыр кӕны? Ацы фарстайӕн дзуапп ис абоны стихы. Давид йӕ куывды куыд загъта, афтӕмӕй, Йегъовӕмӕ чи сиды, ома дзы хатыр чи фӕкуры, уыдоны се ’ппӕты дӕр уарзы ӕнувыд уарзтӕй, ӕмӕ сын хатыр дӕр уый тыххӕй ныккӕны. Адӕймаг тӕригъӕд куы саразы, уый фӕстӕ йӕ йӕ цӕсгом куы фӕхӕры, уӕд уый хорз вӕййы. Уый фӕрцы, чи зоны, ӕрфӕсмон кӕна ӕмӕ ахӕм тӕригъӕд мауал сараза. w21.11 5 ф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 15 февраль
Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном (Матф. 6:9).
Йегъовӕ йӕ ном уарзы, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын иууылдӕр йӕ номӕн кад кӕной (Ис. 42:8). Фӕлӕ 6 мин азы дӕргъы Хуыцауӕн йӕ номыл цъыф калынц (Пс. 74:10, 18, 23). Хуыцауы номыл фыццаг хатт цъыф бакалдта Хӕйрӕг (ома «фыдкойгӕнӕг»). Уый Хуыцауы фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, Адам ӕмӕ Евӕйы ӕнӕхай фӕкодта, амондджын цӕй фӕрцы уыдаиккой, ахӕм цӕмӕйдӕр (Райд. 3:1–5). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕтӕ Йегъовӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, адӕмы, ӕцӕгӕй сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй ӕнӕхай кӕны. Йесо куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ каст, йӕ Фыды номыл ын цъыф кӕй бакалдтой, уымӕ. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Ӕмӕ йӕ хицаудзинадӕй хуыздӕр нӕй (Рарг. 4:11). Фӕлӕ Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй зӕдты дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр баууӕндын кӕна, Хуыцауӕн уый бар кӕй нӕй, ууыл. Тагъд ацы фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ дзырддаг никуыуал суыдзӕн. Се ’ппӕт дӕр базондзысты, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй уыдзӕн зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард. w21.07 9 ф., 5, 6 абз.
Цыппӕрӕм, 16 февраль
Йегъовӕ уыдзӕн ме стыр цин, ӕз цин кӕндзынӕн мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауыл (Ав. 3:18).
Бинонтӕ кӕмӕн ис, уый фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ бинойнагӕн ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕн уа хӕринаг, дзаума, кӕм цӕрой, уый. Ӕмӕ уый раст у. Чи зоны, дӕуӕн дӕр цардамӕлттӕ кӕнын тынг зын у. Фӕлӕ уӕддӕр ахӕм уавӕры дӕр дӕ бон у дӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ уый фӕстӕ бакӕс Матфейы 6:25–34 стихтӕ, стӕй сыл ахъуыды кӕн. Уымӕй уӕлдай ма ахъуыды кӕн, Йегъовӕ абон куыд ӕххуыс кӕны, йӕ хъуыддаджы бирӕ чи фыдӕбон кӕны, уыцы лӕггадгӕнджытӕн (1 Кор. 15:58). Уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, дӕ уӕларвон Фыд дӕуӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Уый зоны, цы дӕ хъӕуы, уый ӕмӕ зоны, куыд дын баххуыс кӕна, уый дӕр. Ӕмӕ, дӕ царды куыд архайы, уый-иу куы фенай, уӕд-иу дӕ уырнындзинад дӕр ноджы фидардӕр суыдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн фидӕны фӕлварӕнтӕ сфӕразын. w21.11 20 ф., 3 абз.; 21 ф., 6 абз.
Майрӕмбон, 17 февраль
Кӕд исчи тӕригъӕд ракодта, уӕд... нын Фыды раз ис ӕххуысгӕнӕг – рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти (1 Иоан. 2:1).
Чырыстӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ бирӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Фӕлӕ, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ уырнындзинад у фидар ӕмӕ дарддӕр дӕр хъусын кӕнынц. Ӕркӕсӕм апостол Иоанны цӕвиттонмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, 60 азӕй фылдӕр хъусын кодта Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ, йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй. 100 азмӕ ’ввахс ыл куы цыд, уӕд хаст ӕрцыд сакъадах Патмосмӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕй Ромы паддзахад сӕ бӕстӕйӕн тӕссаг адӕймагыл банымадта. Цымӕ цӕмӕн? «Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдта ӕмӕ Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй» (Рарг. 1:9). Иоанн фидар фӕлӕууыд ӕмӕ диссаджы уырнындзинад равдыста! Иоанн цы чингуытӕ ныффыста, уыдонӕй бӕрӕг у, Йесойы тынг кӕй уарзта ӕмӕ йын йӕ нывондӕн кӕй аргъ кодта. 100 хаттӕй фылдӕр скодта Чырыстийы нывонды кой ӕмӕ, уыцы нывонд адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдоны кой (1 Иоан. 2:2). Мах дӕр Чырыстийы нывондӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм. w21.04 17 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 18 февраль
Къуырма адӕймаджы ма ӕлгъит ӕмӕ куырм адӕймаджы раз цӕлхдур ма ӕвӕр (Лев. 19:14).
Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ адӕм, йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн уыд, уыдонмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, бафӕдзӕхста сын, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъуыста, ахӕм адӕймаджы ма ӕлгъыстаиккой. Уымӕ хауди ӕртхъирӕн ӕм кӕнын ӕмӕ йын ӕвзӕр цыдӕртӕ дзурын. Уый тынг ӕвирхъау ми уыд! Къуырма адӕймаг нӕ хъуыста, иннӕтӕ дзы цы дзырдтой, уый, ӕмӕ йӕ бон йӕхи сӕрыл сдзурын ницы уыди. Уымӕй уӕлдай ма Левит 19:14 стихы фыст ис: «Куырм адӕймаджы раз цӕлхдур ма ӕвӕр». Йӕ буары цавӕрдӕр сахъатдзинад кӕмӕн уыд, уыдоны тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ сӕ раджы заман Ӕввахс Скӕсӕны тынг ӕфхӕрдтой. Ӕвӕццӕгӕн-иу уыди афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу, тӕригъӕд чи нӕ зыдта, ахӕм адӕймаг куырмы раз цыдӕр сӕвӕрдта, цӕмӕй йыл йӕ къах скъуырдтаид ӕмӕ ахаудаид. Уый йӕм худӕг касти. Фӕлӕ уыцы фӕдзӕхсты фӕрцы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, ахӕм адӕмӕн-иу тӕригъӕд кӕй хъуамӕ кодтаиккой. w21.12 9 ф., 3, 4 абз.
Хуыцаубон, 19 февраль
Иаков тынг фӕтарст ӕмӕ катайы бацыд (Райд. 32:7).
Иаков афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕм йе ’фсымӕр ныр дӕр ма йӕ зӕрдӕйы маст хӕссы, ӕмӕ катай кодта. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй скуывта. Уый фӕстӕ йе ’фсымӕрӕн арвыста рӕдау лӕвӕрттӕ (Райд. 32:9–15). Ӕмӕ куы фембӕлдысты, уӕд Иаков равдыста, йе ’фсымӕрӕн кӕй кад кӕны. Йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта, ӕмӕ иу хатт нӕ, дыууӕ хатты нӕ, фӕлӕ авд хатты! Иаков ахӕм сӕрныллӕгдзинад кӕй равдыста ӕмӕ йе ’фсымӕрӕн кӕй скад кодта, уый фӕрцы бафидыдтой (Райд. 33:3, 4). Иаков Исавимӕ фембӕлыны размӕ цы сарӕзта ӕмӕ, куы фембӕлдысты, уӕд йӕхи куыд дардта, уымӕй нӕ бон у цыдӕр нӕхицӕн зондӕн райсын. Иаков Йегъовӕйӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс куырдта. Уый фӕстӕ йӕ куывдмӕ гӕсгӕ архайдта ӕмӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй йе ’фсымӕримӕ бафидыдтаид. Ӕмӕ, Исавимӕ куы фембӕлдысты, уӕд йемӕ быцӕу кӕнын нӕ райдыдта, ды раст нӕ уыдтӕ, дӕхи аххос уыд, зӕгъгӕ. Йӕ нысан уыди йе ’фсымӕримӕ бафидауын. Дӕ бон у Иаковы фӕзмын? (Матф. 5:23, 24). w21.12 25 ф., 11, 12 абз.
Къуырисӕр, 20 февраль
Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны (1 Иоан. 3:20).
Йесо дӕ тӕригъӕдты тыххӕй кӕй амард, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ ахӕм стыр лӕвары аккаг нӕ дӕ. Хатт нӕ не ’нӕххӕст зӕрдӕ фӕсайы ӕмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕн хуызӕн адӕймаг уый аккаг нӕу, ӕмӕ йӕ Хуыцау уарза (1 Иоан. 3:19). Фӕлӕ-иу уӕд ахъуыды кӕн, «Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр» кӕй у, ууыл. Нӕ уӕларвон Фыд нӕ тынг уарзы ӕмӕ нын хатыр кӕны. Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕ нӕ ныххатыр кӕндзӕн, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у. Хъуамӕ-иу нӕхи баууӕндын кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Стӕй хъуамӕ сахуыр уӕм нӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсын. Уый нын бантысдзӕн, йӕ Ныхас ын куы иртасӕм, арӕх ӕм куы кувӕм ӕмӕ нӕхи йӕ адӕмыл куы бӕттӕм, уӕд. Уый фӕрцы Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй фылдӕр базондзынӕ. Ӕмӕ бамбардзынӕ, Йегъовӕ дӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы. Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ фӕндтӕ раст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм (2 Тим. 3:16). w21.04 23, 24 фф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 21 февраль
Хъӕр кӕндзынӕн Хуыцаумӕ, ӕмӕ мӕ уый фехъусдзӕн (Пс. 77:1).
Цыдӕртӕ кӕй базонӕм, уый фаг нӕу, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа. Фӕхъӕуы ма ахъуыды кӕнын, цы базонӕм, ууыл. 77-ӕм псалом чи ныффыста, уый дӕр-иу афтӕ кодта. Иуафон ӕм афтӕ каст, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ дӕр Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фесты. Ӕмӕ-иу фырмӕтӕй ӕгъуыссӕг фӕци (2–8 стихтӕ). Уӕд куыд бакодта? Йегъовӕйӕн загъта: «Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл, мӕ хъуыдытӕ уыдзысты, цы аразыс, ууыл» (12 стих). Йегъовӕ раджы заманты йӕ адӕмы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй куыннӕ зыдта. Фӕлӕ уӕддӕр сагъӕс кодта: «Ау, Хуыцауӕй йӕ хорзӕх рох фӕци? Кӕнӕ мӕстыйӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад нал ӕвдисы?» (9 стих). Фӕлӕ уый фӕстӕ ахъуыды кодта Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл ӕмӕ-иу раджы заманты фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста, ууыл (11 стих). Ӕмӕ уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл (15 стих). w22.01 30, 31 фф., 17, 18 абз.
Ӕртыццӕг, 22 февраль
[Хуыцауӕн] иууылдӕр удӕгас сты (Лук. 20:38).
Йегъовӕ тынг бӕллы, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амард, уыдоны фенынмӕ (Иов 14:15). Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг ӕй фӕнды йӕ хӕлар Авраамы фенын! (Иак. 2:23). Кӕнӕ йӕ куыд тынг фӕнды, «лӕгӕй-лӕгмӕ»-иу кӕимӕ ныхас кодта, уыцы Моисеимӕ та аныхӕстӕ кӕнын! (Рац. 33:11). Ӕмӕ, хӕрзаг, куыд тынг бӕллы Давиды ӕмӕ иннӕ псаломзарӕггӕнджыты рӕсугъд кады зарджытӕм байхъусынмӕ! (Пс. 104:33). Кӕд уыдон нал сты, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ нӕ ферох кодта (Ис. 49:15). Уыдоны тыххӕй алцыдӕр хъуыды кӕны. Ӕмӕ сӕ иу бон фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн. Ногӕй та сын хъусдзӕн сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм ӕмӕ сӕ лӕггадӕй уыдзӕн райгонд. Кӕд дӕуӕн дӕр, зынаргъ дын чи у, уыдонӕй исчи фӕзиан, уӕд дын ацы хъуыдытӕ уыдзысты удӕнцойы хос. Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ӕй зыдта, цалынмӕ ацы дунейӕн кӕрон не скӕна, уӕдмӕ цард фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕндзӕн. Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр фыдхъуыддӕгтӕ кӕй цӕуы, рӕстдзинад кӕй нӕй ӕмӕ бирӕтӕ фыдмитӕ кӕй кӕнынц, уый Йегъовӕйӕн тынг зын у. w21.07 10 ф., 11 абз.; 12 ф., 12 абз.
Цыппӕрӕм, 23 февраль
Кӕрӕдзийы... уарзӕм... хъуыддагӕй, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ (1 Иоан. 3:18).
Чырыстийы нывондӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма ӕвдисӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕй дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Йесо йӕ цард ӕрмӕст мах тыххӕй нӕ радта, фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй дӕр. Ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын тынг аргъ кӕны (1 Иоан. 3:16–18). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг вӕййы нӕ хъуыддӕгтӕй (Еф. 4:29, 31–5:2). Зӕгъӕм, феххуыс сын кӕнӕм, рынчын куы вӕййынц, уӕззау фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлынц йе та сын ӕрдзон бӕллӕх исты зиан куы ’рхӕссы, уӕд. Фӕлӕ нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕной, уӕд та-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Ӕнцон дын вӕййы ныххатыр кӕнын? (Лев. 19:18). Кӕд нӕ, уӕд дӕ хъӕуы мӕнӕ ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Кол. 3:13). Дӕ хо кӕнӕ де ’фсымӕрӕн куы ныххатыр кӕныс, уӕд Йегъовӕ фӕуыны, Чырыстийы нывондӕн ӕцӕгдӕр кӕй аргъ кӕныс. w21.04 18 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 24 февраль
Сымахӕй курдиӕттӕй чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн (1 Пет. 4:10).
Мах Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнӕм. Чи зоны, бирӕтӕн баххуыс кодтам, цӕмӕй донаргъуыд райстаиккой. Фӕлӕ йӕ мах ӕмбарӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ нын ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы кӕй бантыстысты. Стӕй ма Аполлосы ӕмӕ апостол Павелы хабӕрттӕй иу цыдӕр ис зондӕн райсӕн. Ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ кӕуыл ис, уыдонӕн сӕ бон фылдӕр у аразын, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм. Цы уынаффӕтӕ нын фӕдӕттынц, уыдонӕн сӕ бындур вӕййы Библи. Ӕмӕ ӕргом сӕхимӕ нӕ фездахынц, фӕлӕ ӕмбырды алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йесо Чырыстимӕ хъусой ӕмӕ йӕ къахвӕдтыл цӕуой (1 Кор. 4:6, 7). Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ алкӕмӕ дӕр ис цавӕрдӕр курдиӕттӕ ӕмӕ алчидӕр цӕмӕдӕр арӕхсы. Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы аразӕм, уый тынг гыццыл у. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: цӕмӕй рӕсугъд къаба бахуыйай ӕмӕ йӕ хуыдтытӕ ма райхӕлой, уый тыххӕй фӕхъӕуы бирӕ лыстӕг сынчытӕ скӕнын. Афтӕ бирӕ гыццыл хъуыддӕгты фӕрцы дӕр ӕмбырд кӕрӕдзийыл хӕцы ӕмӕ дзы ис иудзинад. Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр макуы ӕвӕрӕм ӕмӕ иннӕтимӕ макуы ерыс кӕнӕм. Цӕй уӕдӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа! (Еф. 4:3). w21.07 19 ф., 18, 19 абз.
Сабат, 25 февраль
Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн (Иоан. 11:23).
Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн, чи дын амарди, уыдоны та ногӕй кӕй фендзынӕ. Йесо йе ’мбӕлттӕн ныфсытӕ ӕвӕргӕйӕ кӕй скуыдта, уымӕй бӕрӕг у, тынг ӕй кӕй фӕнды, чи амард, уыдоны цардмӕ раздахын! (Иоан. 11:35). Дӕ бон у зианджынтӕн сӕ фарсмӕ балӕууын. Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕимӕ ӕрмӕст кӕугӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма сӕм хъуыста ӕмӕ сын ныфсытӕ бавӕрдта (Иоан. 11:25–27). Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йесойы бафӕзмын. Дэн у хистӕр нӕлгоймаг, цӕры Австралийы. Уый радзырдта: «Мӕ бинойнаг куы амард, уӕд мӕ ӕххуыс тынг хъуыди. Цалдӕр ӕфсымӕры сӕ бинойнӕгтимӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ фарсмӕ уыдысты ӕмӕ-иу мӕм лӕмбынӕг хъуыстой. Сӕ разы-иу не ’фсӕрмы кодтон, куыд зын мын у, уый равдисын. Ӕмӕ-иу кӕугӕ дӕр фӕкодтон. Мӕхи бон-иу куы нӕ уыди мӕ машинӕ ныхсын, дуканимӕ ацӕуын кӕнӕ хӕринаг скӕнын, уӕд-иу уыцы хъуыддӕгтӕ уыдон бакодтой. Стӕй-иу мемӕ арӕх куывтой. Уыдон мын уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ӕмӕ, „зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры“, ахӕм ӕфсымӕртӕ» (Ӕмб. 17:17). w22.01 16 ф., 8, 9 абз.
Хуыцаубон, 26 февраль
Царддӕттӕг уайдзӕфмӕ чи хъусы, уыцы адӕймаг вӕййы зондджынты ’хсӕн (Ӕмб. 15:31).
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (Ӕмб. 4:20–22). Ӕмӕ нын йӕ Ныхасы уылты, Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацийы уылты кӕнӕ фӕлтӕрдджын чырыстоны уылты уынаффӕ куы ратты, уӕд афтӕмӕй равдисы, бирӕ нӕ кӕй уарзы (Дзут. 12:9, 10). Ахъуыды кӕн, цавӕр уынаффӕ дын радтой, ууыл, куыд дын ӕй радтой, ууыл нӕ, фӕлӕ. Хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын уынаффӕ нӕ ныхыл нытътъӕпп ластой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уынаффӕ чи дӕтты, уый хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй немӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕна, ӕмӕ нын ӕнцондӕр уа уынаффӕмӕ байхъусын (Гал. 6:1). Фӕлӕ, немӕ куыд ныхас кодта, уый нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуа, уӕддӕр хъӕуы, цы нын загъта, ууыл ахъуыды кӕнын. Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Уынаффӕ мын куыд радта, уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ мын цымӕ ӕцӕгдӕр раст нӕ загъта? Хуыздӕр нӕ уаид, йӕ хъӕндзинӕдтӕм ын куы нӕ ныккомкоммӕ уаин, фӕлӕ мын цы загъта, уый мын куыд баххуыс кӕндзӕн, ууыл куы ахъуыды кӕнин?» Уынаффӕ-иу нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд уый уыдзӕн зондыл дзурӕг. w22.02 12 ф., 13, 14 абз.
Къуырисӕр, 27 февраль
Йегъовӕйы амындтыл ис ӕууӕндӕн – зондджын кӕнынц ӕвӕлтӕрды (Пс. 19:7).
Йегъовӕ ӕмбары, зондахаст аивын ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕнцон кӕй нӕу, стӕй уымӕн рӕстӕг дӕр кӕй хъӕуы (Пс. 103:13, 14). Фӕлӕ нын йӕ Ныхасы, йӕ сыгъдӕг тыхы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы ӕххуыс кӕны нӕ удыхъӕд ивынӕн. Дӕтты нын зонд ӕмӕ тыхтӕ, цӕмӕй нын уый бантыса. Библийы фӕрцы дӕхимӕ фӕрсырдыгӕй бакӕс. Хуыцауы Ныхас абарӕн ис кӕсӕнимӕ. Библийы фӕрцы дӕ бон у ахъуыды кӕнын дӕ хъуыддӕгтыл, стӕй, цы фӕдзурыс ӕмӕ цавӕр зондыл хӕст дӕ, ууыл (Иак. 1:22–25). Йегъовӕ дӕр алкӕддӕр цӕттӕ у, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Уымӕй хуыздӕр ӕй ничи зоны, куыд дын ис баххуыс кӕнӕн, уымӕн ӕмӕ уый зоны, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый (Ӕмб. 14:10; 15:11). Уӕдӕ йӕм алы бон дӕр кув ӕмӕ алы бон дӕр Библи иртас. Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у. Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр дзуры, уый нӕ пайдайӕн у. Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнын райдайынц, цӕмӕн цӕрынц, уый бамбарынц ӕмӕ свӕййынц ӕцӕг амондджын (Пс. 19:8–11). w22.03 4 ф., 8–10 абз.
Дыццӕг, 28 февраль
Уе ’ргом аздахут, йӕ алыварс сыджытӕй цы быру ис, уымӕ. Дзӕбӕх ын фенут йӕ мӕсгуытӕ, цӕмӕй уый тыххӕй радзурат фидӕны фӕлтӕрӕн (Пс. 48:13).
Хуыцауӕн кӕм кувӕм, ахӕм агъуыстытӕ аразӕм ӕмӕ сӕм зилӕм. Цатыр ӕмӕ йын цы дзауматӕ хъуыд, уыдон чи арӕзта, уыцы адӕймӕгты куыст Йегъовӕ нымадта лӕггадыл, уымӕн ӕмӕ цатыр уыди «сыгъдӕг бынат» (Рац. 36:1, 4). Ӕмӕ абон дӕр Паддзахады залтӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм агъуыстытӕ кӕй аразӕм, уый дӕр Йегъовӕ нымайы нӕ лӕггадыл. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ уыцы куыстӕн бирӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнынц, ӕмӕ сын мах сӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз хабар дӕр фӕхъусын кӕнынц. Кӕйдӕрты дзы бафӕнды пионертӕй дӕр лӕггад кӕнын. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у уыцы куыстуарзаг хоты ӕмӕ ’фсымӕрты пионертӕй снысан кӕнын, кӕд сӕ, пионертӕн цы домӕнтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ис снысан кӕнӕн, уӕд. Афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ равдисдзысты, нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц. Кӕд аразджытӕ не стӕм, уӕддӕр не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Паддзахады залтӕ ӕфснайын ӕмӕ сӕм зилын. w22.03 22 ф., 11, 12 абз.