Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es23
  • Мартъи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мартъи
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Ӕртыццӕг, 1 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 2 мартъи
  • Майрӕмбон, 3 мартъи
  • Сабат, 4 мартъи
  • Хуыцаубон, 5 мартъи
  • Къуырисӕр, 6 мартъи
  • Дыццӕг, 7 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 8 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 9 мартъи
  • Майрӕмбон, 10 мартъи
  • Сабат, 11 мартъи
  • Хуыцаубон, 12 мартъи
  • Къуырисӕр, 13 мартъи
  • Дыццӕг, 14 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 15 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 16 мартъи
  • Майрӕмбон, 17 мартъи
  • Сабат, 18 мартъи
  • Хуыцаубон, 19 мартъи
  • Къуырисӕр, 20 мартъи
  • Дыццӕг, 21 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 22 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 23 мартъи
  • Майрӕмбон, 24 мартъи
  • Сабат, 25 мартъи
  • Хуыцаубон, 26 мартъи
  • Къуырисӕр, 27 мартъи
  • Дыццӕг, 28 мартъи
  • Ӕртыццӕг, 29 мартъи
  • Цыппӕрӕм, 30 мартъи
  • Майрӕмбон, 31 мартъи
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2023
es23

Мартъи

Ӕртыццӕг, 1 мартъи

Мӕ гыццыл ӕфсымӕртӕй сӕ иуӕн цы сарӕзтат, уый мӕнӕн сарӕзтат (Матф. 25:40).

Матфейы 25:31–36 стихты цы фӕсномыг ныхас ис, уым «фыстӕ» амонынц, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис ӕмӕ кӕроны рӕстӕджы чи цӕры, уыцы рӕстгӕнджытӕм. «Фыстӕ» ӕххуыс кӕнынц, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн (Матф. 24:14; 28:19, 20). Ӕндӕр фыстӕ ма Чырыстийы ӕфсымӕртӕн феххуыс кӕнынц Ӕрымысӕн изӕры размӕ дӕр. Цалдӕр къуырийы дӕргъы фӕархайынц зиуы – адӕмы фӕхонынц уыцы ахсджиаг хабармӕ. Стӕй ма алцыдӕр бацӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕр алы ӕмбырды дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ацӕуа. Ӕндӕр фыстӕн тынг ӕхсызгон у, сӕ бон кӕй у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Ӕмӕ йӕ зонынц, цы аразынц, уый Йесо афтӕ кӕй нымайы, цыма йын ӕй йӕхицӕн аразынц (Матф. 25:37–40). w22.01 22 ф., 11, 12 абз.

Цыппӕрӕм, 2 мартъи

Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр (Иоан. 14:9).

Мах хъуамӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, уыдон, стӕй адӕммӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. Зӕгъӕм, Йесо фӕтӕригъӕд кодта хъотырджын лӕгӕн ӕмӕ, удхайраг низӕй чи хъӕрзыд, уыцы сылгоймагӕн, стӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст, зиан кӕуыл ӕрцыд, уыдоныл (Мар. 1:40, 41; 5:25–34; Иоан. 11:33–35). Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы дӕр, ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд нын, ацы фыддунейы цы ис, уыдӕттӕ сӕйраг не суыдзысты. Йӕ мӕлӕты размӕ изӕр Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын: «Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл» (Иоан. 16:33). Уыцы ныхӕстӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, кӕй нӕ бауагъта, цӕмӕй йыл ацы дунейы зондахаст фӕзындаид. Уый йӕ разы ӕвӕрын нӕ райдыдта, ацы дунейы адӕм сӕ разы цы нысӕнттӕ ӕвӕрынц, ахӕм нысӕнттӕ, стӕй ацы дунейы адӕмы хуызӕн не сси. Рох дзы никуы уыд, зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй ӕрцыд ӕрвыст, цӕмӕй Йегъовӕйы ном срухс кодтаид. Мах тыххӕй та цы ис зӕгъӕн? Цӕмӕй нын, ацы дунейы цы ис, уыдӕттӕ сӕйраг ма суой, уый тыххӕй нын хъуамӕ сӕйраг уа Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын, уый Йесойӕн сӕйраг куыд уыд, афтӕ. Ӕмӕ уӕд мах дӕр ацы дунейыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм (1 Иоан. 5:5). w21.04 3, 4 фф., 7, 8 абз.

Майрӕмбон, 3 мартъи

Ницы [нӕ] фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм... цы уарзондзинад равдыста, уымӕй (Ром. 8:39).

Апостол Павел зыдта Йесойы зӕрдӕвӕрд, чидӕриддӕр мыл ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй, зӕгъгӕ (Иоан. 3:16; Ром. 6:23). Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ӕууӕндыд, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл. Уый фидарӕй зыдта, стыр тӕригъӕдтӕ чи сарӕзта, фӕлӕ сыл чи ’рфӕсмон кодта, Йегъовӕ суанг уыдонӕн дӕр кӕй ныххатыр кӕны (Пс. 86:5). Уымӕй уӕлдай ма Павелы уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн уый тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел афтӕ кӕй загъта: «Хуыцауы Фырт... мӕн... бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард... радта» (Гал. 2:20). Павелмӕ афтӕ нӕ каст, ӕмӕ Хуыцауы уарзты аккаг нӕу. Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта: «Ӕмбарын ӕй, Йегъовӕ ме ’фсымӕрты цӕй тыххӕй уарзы, уый. Фӕлӕ мӕн та цӕй тыххӕй хъуамӕ уарза?» Павел ромӕгтӕм ныффыста: «Чырысти нӕ сӕрвӕлтау, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд... амард» (Ром. 5:8). Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй никӕй хъулон кӕны, алкӕй дӕр уарзы! Павел ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ӕй тынг кӕй уарзы, ууыл. Зыдта, Йегъовӕ израилӕгтӕн бирӕ кӕй быхста ӕмӕ сын кӕй хатыр кодта. w21.04 22 ф., 8–10 абз.

Сабат, 4 мартъи

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 5:3).

Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн баххуыс кӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн. Алы фадатӕй дӕр-иу спайда кӕн, цӕмӕй йын баххуыс кӕнай Йегъовӕйы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонынӕн. Баххуыс ын кӕн, цӕмӕй бамбара, Йегъовӕ амондджын Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн кӕй ӕххуыс кӕны (1 Тим. 1:11; Дзут. 11:6). Бамбарын ын кӕн, Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕра, уӕд ын уый пайда кӕй хӕсдзӕн, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ уарзы (Ис. 48:17, 18). Йегъовӕйы куы бауарза, уӕд ӕй бафӕнддзӕн, цы хъӕуы, уый фӕивын. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый бахъӕудзӕн йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын кӕнӕ цыдӕртӕ ныууадзын, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суа. Кӕйдӕрты сӕ фӕхъӕуы сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын. Бирӕты бахъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, уыцы ӕмбӕлттимӕ кӕй нал лымӕн кӕндзысты. Кӕмӕйдӕрты та сӕ бинонтӕ адард вӕййынц, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нӕ фӕуарзынц. Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ фӕдыл чи ацӕуа, уыдон фыдӕнхъӕл кӕй ницӕмӕй фӕуыдзысты. Уыдонӕн фӕзындзӕн ӕнувыд чырыстон бинонтӕ (Мар. 10:29, 30). w21.06 4 ф., 8, 9 абз.

Хуыцаубон, 5 мартъи

Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ акӕсут хуымтӕм – фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ (Иоан. 4:35).

Апостол Павел ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг абарста, хуымы цыдӕр куыд байтауай, уыимӕ. Ӕмӕ бамбарын кодта, ӕрмӕст мыггӕгтӕ тауын фаг кӕй нӕу. Коринфӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Ӕз сагътон, Аполлос дон кодта. [...] Сымах... стут, Хуыцау кӕмӕ зилы, уыцы хуым» (1 Кор. 3:6–9). Мах кусӕм, «Хуыцау кӕмӕ зилы, уыцы хуымы». Ӕмӕ, хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, мыггӕгтӕ байтауӕм. Адӕмы куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд та сыл афтӕмӕй дон фӕкӕнӕм. Фӕлӕ нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, уыцы мыггӕгтӕ Хуыцау кӕй сырӕзын кӕны, ома адӕмы йӕхимӕ уый кӕй ӕрбакӕны. Махыл ис кадджын хӕс – адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Уыцы хъуыддӕгтӕ нын ӕцӕг циндзинад хӕссынц. Апостол Павел Фессалоникӕйы бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суыдаиккой, ӕмӕ йын уый стыр циндзинад хаста. Павел загъта: «Нӕ Хицау Йесо куы ’рцӕуа, уӕд йӕ разы чи уыдзӕн нӕ ныфс, нӕ цин, нӕ кад ӕмӕ, сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, уыдон? Сымах нӕ уыдзыстут? О, сымах стут нӕ кад ӕмӕ нӕ цин» (1 Фес. 2:19, 20; Хъуыд. 17:1–4). w21.07 3 ф., 5 абз.; 7 ф., 17 абз.

Къуырисӕр, 6 мартъи

Уӕхимӕ кӕсут, ацы гыццылтӕй иуыл дӕр былысчъил куыд нӕ кӕнат (Матф. 18:10).

Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр йӕхӕдӕг ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Ахъуыды-ма кӕн, цалдӕр миллиард адӕймаджы ’хсӕн Йегъовӕ федта дӕу! Федта, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ йӕ иу бон кӕй бауарздзынӕ (1 Аз. 28:9). Йегъовӕ дӕ зоны, ӕмбары дӕ ӕмӕ дӕ уарзы. Уый дӕ ныфс куыннӕ уадзы! Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ дӕ. Стӕй йын дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр афтӕ зынаргъ сты. Йесо Йегъовӕйы абарста фыййауимӕ. Фыййауӕн йӕ сӕдӕ фысӕй иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд куыд бакӕндзӕн? «Нӕуӕдз фараст фысы хӕхты... ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг... ацӕудзӕн». Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕм хыл нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ тынг цин кӕндзӕн, кӕй йӕ ссардта, ууыл. Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн йӕ фыстӕй алчидӕр тынг зынаргъ кӕй у. Уый загъта: «Мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матф. 18:12–14). w21.06 20 ф., 1, 2 абз.

Дыццӕг, 7 мартъи

Баввахс ут Хуыцаумӕ (Иак. 4:8).

Йегъовӕйы стыр уарзондзинадыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм ӕмӕ йӕм тынгдӕр баввахс вӕййӕм (Ром. 8:38, 39). Тынгдӕр нӕ бафӕнды Йесойы фӕзмын (1 Пет. 2:21). Ӕрымысӕн изӕры размӕ цалдӕр боны фӕкӕсӕм Библийӕ скъуыддзӕгтӕ, Йесо йӕ царды фӕстаг бонтӕ куыд арвыста, куыд амард ӕмӕ куыд райгас, уый тыххӕй. Ӕрымысӕн изӕры цы раныхас вӕййы, уый та нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Йесо нӕ куыд тынг уарзы, уый (Еф. 5:2; 1 Иоан. 3:16). Йесойы удуӕлдай уарзондзинадыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды, уый куыд цард, афтӕ цӕрын (1 Иоан. 2:6). Тынгдӕр нӕ бафӕнды афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы уарзтӕй хайджын уӕм (Иуд. 20, 21). Уый тыххӕй хъуамӕ йӕ коммӕ кӕсӕм, йӕ ном ын рухс кӕнӕм ӕмӕ йын ӕхсызгон цы у, уый аразӕм (Ӕмб. 27:11; Матф. 6:9; 1 Иоан. 5:3). Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуӕм, уый фӕрцы нӕ тынгдӕр бафӕнды нӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, цӕмӕй-иу алы бон дӕр нӕ бон уа зӕгъын: «Йегъовӕ, мӕн фӕнды, цӕмӕй дӕ уарзтӕй ӕнустӕм хайджын уон!» w22.01 23 ф., 17 абз.; 25 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 8 мартъи

Равзарут... кӕмӕн лӕггад кӕндзыстут (Йес. Н. 24:15).

Йегъовӕ адӕмӕн радта сӕрибардзинад, ӕмӕ сӕ бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Махӕн нӕ бон вӕййы, царды цы фӕндагыл ацӕудзыстӕм, уый равзарын. Нӕ уарзӕгой Хуыцау тынг фӕцин кӕны, адӕймаг куы аскъуыддзаг кӕны, кӕй йын лӕггад кӕндзӕн (Пс. 84:11; Ӕмб. 27:11). Нӕ бон ма вӕййы ӕндӕр раст уынаффӕтӕ дӕр рахӕссын. Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд-иу фылдӕр иннӕтыл хъуыды кӕндзыстӕм, нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ. Иухатт Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ тынг бафӕлладысты. Ӕмӕ ацыдысты сабыр ранмӕ, цӕмӕй иу гыццыл сӕ фӕллад суагътаиккой, фӕлӕ сын ницы рауад. Адӕм сӕ уым дӕр ссардтой. Фӕндыди сӕ, цӕмӕй сын Йесо ноджыдӕр цыдӕртӕ бацамыдтаид. Йесо сӕм не смӕсты. Уый сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Мар. 6:30–34). Мах дӕр Йесойау иннӕтӕн куы ’ххуыс кӕнӕм ӕмӕ уымӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕндзыстӕм (Матф. 5:14–16). w21.08 3 ф., 7, 8 абз.

Цыппӕрӕм, 9 мартъи

Алчидӕр... цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн (Гал. 6:4).

Йегъовӕ сфӕлдыста алыхуызон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ зайӕгойтӕ. Уӕдӕ адӕмы дӕр ӕмхуызон не сфӕлдыста. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй иууылдӕр иухуызон уӕм. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, дыккаг дӕу хуызӕн адӕймаг зӕххыл нӕй. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Йегъовӕ иннӕтимӕ никуы фӕбары. Уый дын кӕсы дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ зоны, цавӕр адӕймаг дӕ (1 Сам. 16:7). Зоны ма, хорз дын цы уайы, хорз дын цы нӕ уайы ӕмӕ куыд хъомыл кодтай, уый. Стӕй, дӕ бон цы нӕу аразын, уый дӕ нӕ домы. Мах хъуамӕ Йегъовӕйы фӕзмӕм ӕмӕ нӕхимӕ уый цӕстӕй кӕсӕм. Уӕд уыдзыстӕм «ӕмбаргӕ», ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй нӕдӕр хуыздӕр хондзыстӕм, нӕдӕр ӕвзӕрдӕр (Ром. 12:3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бон у иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕзмын (Дзут. 13:7). Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ сты арӕхстджын хъусынгӕнджытӕ. Ӕмӕ, уыдон куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы цыдӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын (Фил. 3:17). Фӕлӕ искӕй фӕзмай, уый иу у, дӕхи иннӕтимӕ барай, уый та – ӕндӕр. w21.07 20 ф., 1, 2 абз.

Майрӕмбон, 10 мартъи

Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? (Ис. 40:26).

Цӕрӕгойтӕм, зайӕгойтӕм ӕмӕ стъалытӕм куы кӕсай ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн Сфӕлдисӕгыл баууӕндынӕн (Пс. 19:1). Уыдӕтты тыххӕй-иу цас фылдӕр базонай, уыйас дӕ тынгдӕр уырндзӕн, алцыдӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста. Дун-дунейы цытӕ ис, уыдӕтты тыххӕй исты куы базоныс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Сфӕлдисӕджы тыххӕй цы ’ргом кӕнынц, ууыл (Ром. 1:20). Зӕгъӕм, хур зӕхх тавы ӕмӕ дӕтты рухс. Уый фӕрцы зӕххыл ис цард. Фӕлӕ хуры тынтӕй кӕцыдӕртӕ адӕймагӕн тӕссаг сты. Уыцы тынтӕй нӕ цы хъахъхъӕны? Зӕххы алыварс ис озоны цъар ӕмӕ нӕм уыцы тынтӕ нӕ уадзы. Ӕмӕ уыцы тынтӕ цас тыхджындӕр вӕййынц, уыйас озон дӕр фылдӕр фӕкӕны. Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ис, тынг зондджын чи у ӕмӕ нӕ тынг чи уарзы, ахӕм Сфӕлдисӕг? w21.08 17 ф., 9, 10 абз.

Сабат, 11 мартъи

Хуыцауы чи уарзы, уый хъуамӕ йе ’фсымӕры дӕр уарза (1 Иоан. 4:21).

Адӕймаг донаргъуыд куы райса, уӕд ӕй уый фӕстӕ дӕр хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм (1 Иоан. 4:20). Уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? Зӕгъӕм, ӕнӕууӕнк ыл куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу афтӕ куы нӕ хъуыды кӕнӕм, цыдӕр барӕй аразы, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый куы не ’мбарӕм, уӕд дӕр афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ йӕхи мӕт йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй мӕт кӕны. Фӕлӕ йын кад кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзыстӕм. Хъуамӕ алкӕмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ уӕм. Кӕд нӕ фӕнды Йегъовӕйы ӕнустӕм дӕр нӕ Фыд хонын, уӕд хъуамӕ цӕрӕм Библимӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Йесо ахуыр кодта, алкӕмӕ дӕр, суанг не знӕгтӕм дӕр, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уӕм (Лук. 6:32–36). Иуӕй-иу хатт нын уый зын вӕййы. Фӕлӕ хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, Йесо куыд хъуыды кодта, афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ, уый куыд архайдта, афтӕ архайын. Йегъовӕйы коммӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы кӕсӕм ӕмӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыд уындзӕн, ӕцӕгдӕр нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм йӕ бинонтӕй уӕм. w21.08 6 ф., 14, 15 абз.

Хуыцаубон, 12 мартъи

Бафӕлварут мӕ... кӕддӕра уын ӕз арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ уыл арфӕдзинад не ’руадзин (Мал. 3:10).

Сахуыр у дӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Уый нын зӕгъы, нӕ зӕрдӕ йыл куы дарӕм ӕмӕ нӕм хуыздӕрӕй цы ис, уый йын куы дӕттӕм, уӕд нӕ йӕ арфӕдзинӕдты бын кӕй фӕкӕндзӕн. Библийы фыст ис, Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй чи лӕггад кодта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Арӕх-иу сын Йегъовӕ раарфӕ кодта, сӕ ныфс ыл кӕй дарынц, уый-иу куы равдыстой, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ. Зӕгъӕм, Авраам, «кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта». Фӕлӕ уӕддӕр йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ раарфӕ кодта (Дзут. 11:8). Иаков ӕнӕхъӕн ӕхсӕв зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцыд. Ӕмӕ йын Йегъовӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ раарфӕ кодта (Райд. 32:24–30). Кӕнӕ израилӕгтӕн сӕ бон Иорданы сӕрты ахизын ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын сси, сауджынтӕ ивылд цӕугӕдонмӕ куы бахызтысты, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ (Йес. Н. 3:14–16). Абон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынц ӕмӕ сӕ нысӕнттӕм тырнынц. Ӕмӕ нӕ бон у уыдоны дӕр фӕзмын. w21.08 29, 30 фф., 12–14 абз.

Къуырисӕр, 13 мартъи

Афтӕ ма дзур, раздӕр цард хуыздӕр уыди, зӕгъгӕ (Еккл. 7:10).

Нӕ хистӕртӕ, сымах зонут, раздӕр организацийы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт куыд цыдысты, уый. Фӕлӕ йӕ ӕмбарут, ныртӕккӕ кӕй хъӕуы ног уавӕртыл ахуыр кӕнын. Донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыцы ацӕргӕтӕн дӕр сӕ бон у иннӕтӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕхай кӕнын. Ӕрыгӕттӕн тынг ӕхсызгон уыдзӕн уӕ царды хабӕрттӕ фехъусын ӕмӕ, цӕуыл сахуыр стут, уый базонын. Иннӕтӕн уӕ зонындзинӕдты ӕмӕ фӕлтӕрддзинады къӕбицӕй рӕдауӕй куы дӕттат, уӕд уӕ Йегъовӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Лук. 6:38). Нӕ зынаргъ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕрыгӕттимӕ куы лымӕн кӕнат, уӕд кӕрӕдзийӕн уыдзыстут ныфсы хос (Ром. 1:12). Алкӕмӕ дӕр ис, иннӕмӕн кӕмӕй фӕхай кӕна, ахӕм хӕзна. Ацӕргӕтӕм ис зонд, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ царды фӕлтӕрддзинад. Ӕрыгӕттӕм та ис уӕнгты хъару. Ӕмӕ ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ кӕрӕдзийӕн хорз ӕмбӕлттӕ куы свӕййынц, уӕд афтӕмӕй нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды фӕкадджын кӕнынц ӕмӕ сӕ хӕлардзинад ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр ӕрхӕссы арфӕдзинӕдтӕ. w21.09 8 ф., 3 абз.; 13 ф., 17, 18 абз.

Дыццӕг, 14 мартъи

Мах... хъусын кӕнӕм, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Чырыстийы тыххӕй. Уыцы хабар дзуттӕгтӕн у цӕлхдур (1 Кор. 1:23).

Чырыстийы хъӕдыл кӕй байтыгътой, уый дзуттӕгтӕй бирӕтӕн цӕлхдур цӕмӕн сси? Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъӕдыл чи амард, уый уыди фыдгӕнӕг ӕмӕ тӕригъӕдджын, Мессийӕ нӕ, фӕлӕ (Дык. з. 21:22, 23). Йесойыл чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгты нӕ бафӕндыд бамбарын, Йесо кӕй ницы аххосджын уыд. Йесойӕн чи тӕрхон кодта, уыдон тӕрхон хынджылӕггаг скодтой. Дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны уӕнгтӕ тагъд-тагъд амбырд сты ӕмӕ тӕрхон дӕр закъӕттӕм гӕсгӕ нӕ кодтой (Лук. 22:54; Иоан. 18:24). Уыдон хъуамӕ ӕвдисӕнтӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ, Йесойы цы хъуыддаджы аххосджын кодтой, уый хъуамӕ сбӕлвырд кодтаиккой. Фӕлӕ уыдон сӕхӕдӕг «агуырдтой мӕнгӕвдисӕнтӕ Йесойы ныхмӕ, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахастаиккой» (Матф. 26:59; Мар. 14:55–64). Ӕмӕ уыцы мӕнгард тӕрхонгӕнджытӕ уый фӕстӕ дӕр не ’рсабыр сты. Йесо куы райгас, уӕд, зӕппадз чи хъахъхъӕдта, уыцы ромаг ӕфсӕддонтӕн «бирӕ ӕвзист ӕхцатӕ радтой», цӕмӕй дзырдтаиккой, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ адавтой (Матф. 28:11–15). w21.05 11 ф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 15 мартъи

Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд (Матф. 24:36).

Йегъовӕ тӕккӕ абон дӕр кӕрон скӕнид ацы фыддунейӕн. Фӕлӕ йӕ фӕразондзинад адӕмӕн стыр арфӕдзинад у. Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр ӕнӕххӕстӕй райгуырынц. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ уӕддӕр уарзы ӕмӕ сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ сын дӕтты ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры, ацы фыддунейӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (1 Иоан. 4:19). Уымӕн бӕлвырд бон дӕр снысан кодта. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдтӕн быхсынӕн ӕмӕ фидар лӕууынӕн. Йегъовӕ куыд фидар ӕмӕ куыд фӕразон у, уый у диссаг. Ӕмӕ нын уымӕй у фӕзминаг. Йесо дӕр йӕ Фыды уыцы хъуыддаджы фӕзмыдта. Зӕххыл куы уыд, уӕд ныффӕрӕзта ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн, худинаг дӕр ницӕмӕ ӕрдардта, стӕй мах тыххӕй хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста (Дзут. 12:2, 3). Йегъовӕ фӕразон ӕмӕ фидар кӕй у, уый Йесойӕн дӕр тых лӕвӕрдта, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууыдаид. Ӕмӕ уый махӕн дӕр тых дӕтдзӕн. w21.07 12, 13 фф., 15–17 абз.

Цыппӕрӕм, 16 мартъи

Уӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, сымах дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ут (Лук. 6:36).

Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый нӕхиуыл алы бон дӕр бавзарӕм (Пс. 103:10–14). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ арӕх рӕдыдысты, фӕлӕ сӕм уый уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ-иу сын ныххатыр кодта. Йӕ цард дӕр ма нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой (1 Иоан. 2:1, 2). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн зӕрдӕйӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм (Еф. 4:32). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт уый тынг зын вӕййы, ӕмӕ нӕ ууыл хъӕуы ахуыр кӕнын. Иу хойӕн баххуыс кодта статья «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй. Статья хуыйны «Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут». Уыцы хо ныффыста: «Статьяйы фыст уыди, зӕгъгӕ, адӕймагӕн кӕй ныххатыр кӕнӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕ митӕ ӕвзӕрыл нӕ нымайӕм кӕнӕ афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй зиан никӕмӕн ӕрхаста. Ныххатыр кӕнын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй мӕсты нал кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ис фарн». Нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн зӕрдӕйӕ куы ныххатыр кӕнӕм, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ Фыды кӕй фӕзмӕм, уый. w21.09 23, 24 фф., 15, 16 абз.

Майрӕмбон, 17 мартъи

[Хуыцауӕн] чи кувы, уыдон ын хъуамӕ кувой... рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ (Иоан. 4:24).

Йесо тынг уарзта рӕстдзинад, ома рӕстдзинад Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй. Уый цард рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, стӕй йӕ иннӕтӕн дӕр ӕргом кодта (Иоан. 18:37). Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ дӕр рӕстдзинад тынг уарзтой (Иоан. 4:23). Динты ахуырӕдтӕй, адӕмы ӕгъдӕуттӕй ӕмӕ, адӕм цы хъуыдытыл хӕст уыдысты, уыдонӕй бирӕтӕ Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдысты. Ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕ сӕхи хъахъхъӕдтой, цӕмӕй сыл уыдӕттӕ ма бандӕвтаиккой (Кол. 2:8). Уыдон цардысты рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. Апостол Петр ма чырыстон дин «раст фӕндаг» дӕр схуыдта (2 Пет. 2:2). Абон дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ тынг архайынц, цӕмӕй рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цӕрой. Цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕн йӕ бындур у Йегъовӕйы Ныхас. Ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕнынц, уым цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ (3 Иоан. 3, 4). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ нӕ дзурынц, ӕмӕ Библийы алцыдӕр ӕмбарынц. Хатт-иу рӕдигӕ дӕр кодтам. Уыди-иу афтӕ, ӕмӕ-иу, цавӕрдӕр ахуырад куыд ӕмбарын кодтам, уым цыдӕр раст нӕ уыд. Кӕнӕ-иу организацийы цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт куыд цыдысты, уым дӕр цыдӕр раст нӕ уыд. Фӕлӕ-иу куы бамбӕрстам, Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый, уӕд-иу ивындзинӕдтӕ скодтам. w21.10 22 ф., 11, 12 абз.

Сабат, 18 мартъи

Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уый... рӕвдыд у ӕнувыд уарзтӕй (Пс. 32:10).

Раджы заманты-иу горӕты алыварс цы къултӕ уыд, уыдон-иу горӕты цӕрджыты знӕгтӕй хъахъхъӕдтой. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт дӕр ахӕм къултау хъахъхъӕны, Йегъовӕйӕ нӕ цы адард кӕндзӕн, уыдӕттӕй. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы стӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ (Йер. 31:3). Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг Давид ныффыста: «Хуыцау у мӕ бӕрзонд хох, ӕнувыд уарзтӕй мӕ чи уарзы, уыцы Хуыцау». Стӕй ма ныффыста: «Уый мӕ уарзы ӕнувыд уарзтӕй, уый у мӕ фидар мӕсыг, мӕ бӕрзонд хох, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт. Йе уазӕг бакодтон мӕхи» (Пс. 59:17; 144:2). Цымӕ Давид Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты кой кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы «фидар мӕсыг» ӕмӕ «бӕрзонд хох» цӕмӕн схуыдта? Кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, йемӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн зиан мацы ӕрхӕсса. w21.11 6 ф., 14, 15 абз.

Хуыцаубон, 19 мартъи

Ӕз хъуыды кӕндзынӕн де ’ппӕт хъуыддӕгтыл (Пс. 77:12).

Иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъы денджызыл куы фӕцӕйцыд, уӕд тыхдымгӕ сыстад. Йесо уыцы хабары фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кодта, фылдӕр уырнындзинад сӕ кӕй хъуыд, уый бамбарынӕн (Матф. 8:23–26). Денджыз тынг абухын райдыдта ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кодта. Йесо та ӕнцад фынӕй кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ йӕ райхъал кодтой. Ӕмӕ йын куы загътой, фервӕзын нӕ кӕн, зӕгъгӕ, уӕд сын фӕлмӕнӕй бауайдзӕф кодта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Ды дӕр «тыхдымгӕйы» бахаудтӕ? Чи зоны, цавӕрдӕр ӕрдзон бӕллӕхы тыххӕй сӕмбӕлдтӕ зындзинӕдтыл. Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр низӕй фӕрынчын дӕ ӕмӕ уый тыххӕй дӕ ныфс асаст. Кӕд цӕуылдӕрты тыхсыс, уӕд дӕ уый ма бахъыгдарӕд дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Зӕрдиагӕй йӕм кув. Ахъуыды-иу кӕн, нырмӕ дӕр дын куыд ӕххуыс кодта, ууыл ӕмӕ афтӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕн (Пс. 77:11). Зон ӕй: уый дӕ никуы ныууадздзӕн! w21.11 22 ф., 7, 10 абз.

Къуырисӕр, 20 мартъи

Давгӕ ма кӕнут (Лев. 19:11).

Чи зоны, чидӕр ахъуыды кодтаид, ӕз никуы ницы радавтон ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ бон уыд ӕндӕр хуызы давын. Зӕгъӕм, йӕ уӕзбарӕнтӕ раст кӕмӕн нӕ барстой, уыцы базаргӕнӕг-иу, зӕгъӕн ис, йе ’лхӕнджытӕй давта, уымӕн ӕмӕ сӕ сайгӕ кодта. Левиты 19:13 стихы фыст ис: «Сайдӕй макӕуыл цӕут». Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, адӕймаг куыстимӕ баст хъуыддӕгты ӕнӕзӕрдӕхудт куы нӕ вӕййы ӕмӕ куы фӕсайы, уӕд давгӕ кӕны. Ӕстӕм фӕдзӕхстӕй базонӕн уыд, давӕн кӕй нӕй. Фӕлӕ Левиты чиныджы фӕрцы ис хуыздӕр бамбарӕн, уыцы закъон ӕххӕст кӕнынмӕ цы хауди, уый. Мах дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ сайынмӕ ӕмӕ давынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, ууыл. Нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм фарста раттын: «Левиты 19:11–13 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ мӕ ницы хъӕуы фӕивын, зӕгъӕм, куыстимӕ баст хъуыддӕгты?» w21.12 10 ф., 6–8 абз.

Дыццӕг, 21 мартъи

Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат (Кол. 3:13).

Йегъовӕмӕ куы фӕкувыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, боны дӕргъы цӕмӕй фӕрӕдыдтӕ, ууыл, ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕ хатыр ракур. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕд стыр тӕригъӕд сарӕзтай, уӕд дӕ хъӕудзӕн хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс дӕр. Уыдон фӕлмӕнзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ сты, ӕмӕ дӕм байхъусдзысты ӕмӕ дын Хуыцауы Ныхасӕй уынаффӕ ратдзысты. Стӕй демӕ иумӕ Йегъовӕмӕ скувдзысты ӕмӕ дзы ракурдзысты, цӕмӕй дын Чырыстийы нывонды фӕрцы дӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕна ӕмӕ «сдзӕбӕх» уай, ома та фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уай (Иак. 5:14–16). Стӕй ма хорз у, Чырыстийы нывонд цы пайда у, ууыл хъуыды кӕнын. Чи зоны дын зын вӕййы, Хуыцауы Фырт цас хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый тыххӕй кӕсын. Фӕлӕ йӕ нывондыл арӕхдӕр куы хъуыды кӕнай, уӕд ын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ Фыды дӕр тынгдӕр уарздзынӕ. Алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ куы ’рбацӕуӕм ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куы фӕхонӕм, уӕд уый фӕрцы дӕр Чырыстийы нывондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайӕм. Нӕ бон иннӕтӕн Хуыцауы Фырты тыххӕй дзурын кӕй у, уый нын стыр кад у! w21.04 18, 19 фф., 13–16 абз.

Ӕртыццӕг, 22 мартъи

[Йесо] сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын (Мар. 6:34).

Иухатт Йесо ссыди хохмӕ кувынмӕ, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кувгӕйӕ арвыста. Фӕллад куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ стӕй федта, дуне адӕм ӕм кӕй ӕрбацыд. Се ’хсӕн цы мӕгуыртӕ ӕмӕ рынчынтӕ уыд, уыдоныл йӕ зӕрдӕ фӕрыст, ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнын райдыдта. Уый фӕстӕ та радзырдта ӕппӕты зындгонддӕр раныхӕстӕй сӕ иу (Лук. 6:12–20). Йесо-иу йӕхицӕн цы рӕстӕг рахицӕн кодта, уый дӕр иннӕтӕн не ’вгъау кодта. Йесо куы фехъуыста, Аргъауӕг Иоанны кӕй амардтой, уӕд ын куыд зын уыдаид. Иоанн йе ’мбал уыди. Библийы фыст ис: «Уый фехъусгӕйӕ, Йесо бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ йӕхи хибар ранмӕ айста – фӕндыди йӕ иунӕгӕй баззайын» (Матф. 14:10–13). Фӕлӕ адӕм базыдтой, кӕдӕм цӕуы, уый, ӕмӕ йӕ разӕй уым балӕууыдысты (Мар. 6:31–33). Йесо ӕмбӕрста, Хуыцауы ныхӕстӕ фехъусын сӕ куыд тынг хъӕуы. Ӕмӕ сын райдыдта «бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Лук. 9:10, 11). w22.02 21 ф., 4, 6 абз.

Цыппӕрӕм, 23 мартъи

Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрут (Ром. 12:18).

Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй искӕй куы фӕхъыг кӕнӕм, уӕд цы ис саразӕн? Хъуамӕ Иаковау Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувӕм ӕмӕ дзы курӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна не ’фсымӕримӕ бафидауынӕн. Хъуамӕ ма-иу нӕ зӕрдӕмӕ дӕр ныккӕсӕм. Ис ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕн: «Цӕттӕ дӕн сӕрныллӕгдзинад равдисынмӕ ӕмӕ адӕймагӕй хатыр ракурынмӕ, цӕмӕй бафидауӕм? Ме ’фсымӕримӕ (кӕнӕ мӕ хоимӕ) бафидауыныл куы бацархайон, уӕд уый Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн ӕхсызгон нӕ уыдзӕн?» Ацы фарстатыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ бафӕнддзӕн Йесомӕ байхъусын ӕмӕ, кӕй фӕхъыг кодтам, уыимӕ бафидауын. Искӕимӕ бафидауыныл куы архайӕм, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм (Еф. 4:2, 3). Хъуамӕ йемӕ аныхас кӕнӕм, ӕмӕ нӕ нысан уа афтӕ бакӕнын, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы маст мауал уа. Сӕйрагдӕр у бафидауын, раст чи у ӕмӕ чи нӕу, уый сбӕлвырд кӕнын нӕ, фӕлӕ (1 Кор. 6:7). w21.12 25, 26 ф., 13–16 абз.

Майрӕмбон, 24 мартъи

Горӕтмӕ... куы акаст, уӕд ыл ныккуыдта (Лук. 19:41).

Йесойӕн Иерусалимыл йӕ зӕрдӕ фӕрыст, уымӕн ӕмӕ зыдта, дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ айсдзысты. Уый тыххӕй Иерусалим пырхгонд ӕрцӕудзӕн, йӕ цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны та уацары акӕндзысты (Лук. 21:20–24). Ӕмӕ йыл ӕцӕгдӕр дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Сымахмӕ та адӕм хорз хабармӕ куыд хъусынц? Кӕд бирӕтӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айсынц, уӕд нын ахӕм уавӕры та Йесойы цӕссыгтӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕ мӕт кӕны адӕмыл. Йесо адӕмыл кӕй куыдта, уымӕй базонӕн ис, Йегъовӕ адӕмыл тынг кӕй мӕт кӕны. Уый «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Адӕмы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕхиуыл куы нӕ ауӕрдӕм ӕмӕ сын рӕстдзинад базонынӕн куы ’ххуыс кӕнӕм, уымӕй (Матф. 22:39). w22.01 16, 17 фф., 10–12 абз.

Сабат, 25 мартъи

Мӕ уд никуы фӕхицӕн дӕуӕй, дӕ рахиз къух мыл фидар хӕцы (Пс. 63:8).

Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ дӕ царды дӕр куыд архайы, ууыл-иу куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕуӕн дӕр дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы ноджы тынгдӕр бауарздзынӕ. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, фыццаджыдӕр нӕ уый тыххӕй фӕфӕнды йӕ коммӕ кӕсын, нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕны дӕр иузӕрдионӕй баззайын (Матф. 22:37–39; 1 Кор. 13:4, 7; 1 Иоан. 5:3). Йегъовӕ дӕ Хӕлар уа, уымӕй хуыздӕр зӕххы цъарыл ницы ис! (Пс. 63:1–7). Дӕ зӕрдыл дар: Хуыцаумӕ кӕй фӕкувӕм, Библи кӕй фӕиртасӕм ӕмӕ йыл кӕй фӕхъуыды кӕнӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ хауынц нӕ лӕггадмӕ. Йесо куыд кодта, ды дӕр-иу афтӕ сабыр бынат ссар, цӕмӕй Йегъовӕимӕ рӕстӕг арвитай. Бацархай-иу, цӕмӕй дӕ мацы хъыгдара. Дӕхӕдӕг Библи куы иртасай кӕнӕ ӕмбырды куы уай, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракур, цӕмӕй-иу дӕ хъуыдытӕ ма адзӕгъӕл уой. Ныртӕккӕ дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ куы пайда кӕнай, уӕд дын Йегъовӕ балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард ног дунейы! (Мар. 4:24). w22.01 31 ф., 18–20 абз.

Хуыцаубон, 26 мартъи

Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут (Ром. 12:9).

Дӕ сӕрмӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ ма уадз. Нӕ хъуыдытӕ арӕх ӕркӕнынц хъуыддӕгтӕм. Ӕмӕ Йесо дӕр уый тыххӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй, уӕззау тӕригъӕдмӕ чи ’ркӕны, ахӕм хъуыдытӕ нӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм (Матф. 5:21, 22, 28, 29). Мах фӕнды нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Уӕдӕ-иу нӕ сӕры куыддӕр ӕвзӕр хъуыды фӕзына, афтӕ-иу ӕй уайтагъд фӕсурӕм! Йесо загъта: «Дзыхӕй цы рацӕуы, уый... зӕрдӕйӕ ссӕуы» (Матф. 15:18). Цы фӕдзурӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Ахъуыды кӕн: «Мыййаг, нӕ асайын, цӕмӕй мӕ цӕйдӕр тыххӕй ма бафхӕрой? Кӕд мын бинонтӕ ис, уӕд, мыййаг, мӕ цардӕмбал чи нӕу, ахӕм адӕймагмӕ ныхасӕппарӕнтӕ нӕ фӕкӕнын? Мӕхи хӕцгӕ низӕй куыд хъахъхъӕнин, ӕнӕфсарм ныхӕстӕй мӕхи афтӕ хизын? Исчи мӕ куы смӕсты кӕны, уӕд йемӕ сабырӕй фӕныхас кӕнын?» Ӕфхӕрӕн, ӕнӕфсарм ныхӕстӕ куы нал кӕнӕм ӕмӕ куы нал сайӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн зӕронд удыхъӕд «раласын». w22.03 5 ф., 12–14 абз.

Къуырисӕр, 27 мартъи

Уынаффӕ чи кӕны, уыдонмӕ... ис зонд (Ӕмб. 13:10).

Иннӕтимӕ чи уынаффӕ кӕны, уый фӕлтӕрдджын чырыстон тагъддӕр суыдзӕн. Уӕдӕ-иу ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, исчи нын уынаффӕ кӕд ратдзӕн, уымӕ, фӕлӕ-иу нӕхӕдӕг искӕмӕй уынаффӕ ракурӕм. Иннӕ чырыстӕттӕй уынаффӕ ракурӕн кӕд вӕййы? Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. 1) Хо Библийы ахуырмӕ фӕхуыдта фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕджы. Ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ афарста, йӕ бон куыд уаид Библийы ахуыр хуыздӕр уадзын. 2) Моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хойы фӕнды хӕлаф балхӕнын. Ӕмӕ фӕлтӕрдджын хойы йӕ хъуыдыйӕ фӕрсы. 3) Ӕфсымӕрӕн фыццаг хатт бахӕс кодтой ӕмбырды ӕргом раныхас радзурын. Ӕмӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрӕн загъта, цӕмӕй-иу ын йӕ раныхасмӕ лӕмбынӕг байхъуса ӕмӕ йын уый фӕстӕ зӕгъа, фӕхуыздӕр кӕнын ӕй цы хъӕуы, уый. Раныхӕстӕ бирӕ азты дӕргъы чи дзуры, ахӕм ӕфсымӕрӕн дӕр йӕ бон у иннӕ фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты бафӕрсын, фӕхуыздӕр кӕнын ӕй цы хъӕуы, уымӕй (Ӕмб. 19:20). w22.02 13 ф., 15–17 абз.

Дыццӕг, 28 мартъи

Ӕз иунӕгӕй нӕ дӕн – мӕ рарвитӕг Фыд мемӕ ис (Иоан. 8:16).

Йегъовӕ нӕ уарзы ӕмӕ ныл алкӕддӕр батыхсы. Ӕмӕ, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд уый дӕр афтӕ уарзта ӕмӕ-иу ыл алкӕддӕр батыхст (Иоан. 5:20). Ӕххуыс ын кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар уыдаид. Йӕ ныфсыл-иу ын ныфс бафтыдта. Ӕмӕ-иу ӕй ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уыдӕттӕ-иу ын радта. Стӕй-иу ын дзургӕ дӕр кодта, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Матф. 3:16, 17). Йесо зыдта, йӕ уарзӕгой Фыд ын бахъуаджы сахат кӕй баххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ уый тыххӕй йӕхимӕ иунӕг никуы каст. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый Йесойау нӕхиуыл бирӕ хӕттыты бавзӕрстам. Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ ’рбакодта (Иоан. 6:44). Уый фӕрцы нын фӕзынд, бирӕ нӕ чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Зын нын куы вӕййы, уӕд уыдон нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц. Ахӕм уарзӕгой бинонтӕ нын кӕй ис, уый фӕрцы стӕм амондджын. Йегъовӕ ма нын дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, стӕй нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:31, 32). Йегъовӕ нӕ куыд уарзы, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй мах дӕр тынгдӕр бауарзӕм. w21.09 22 ф., 8, 9 абз.

Ӕртыццӕг, 29 мартъи

Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут (Кол. 3:9).

Цалынмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтай, уӕдмӕ дӕ цард цыхуызӕн уыд? Бирӕтӕ зӕгъдзысты, куы йӕ ’рхъуыды кӕнын, уӕд баризын, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн, мах дӕр уыдыстӕм ацы дунейы зондыл хӕст, уыдыстӕм ацы дунейы адӕмы хуызӕн. Стӕй нӕ ныфс ницӕмӕй уыд «ӕмӕ ацы дунейы цардыстӕм ӕнӕ Хуыцауӕй» (Еф. 2:12). Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдтай, кӕй дын ис уӕларвон Фыд ӕмӕ дӕ бирӕ кӕй уарзы. Стӕй ма базыдтай, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай ӕмӕ йӕ бинонтӕм ӕрбаиу уай, уый тыххӕй дӕ кӕй хъӕуы дӕ зондахаст ӕмӕ дӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивын, стӕй бирӕ цӕмӕдӕрты ӕндӕр цӕстӕй ракӕсын. Ды бамбӕрстай, кӕй хъуамӕ райдайай Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (Еф. 5:3–5). Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыд. Ӕмӕ йын уый бар ис, цӕмӕй йӕ бинонтӕн цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕвӕра ӕмӕ сын дзура, куыд хъуамӕ цӕрой, уый. Йегъовӕ зӕгъы, адӕймаг донаргъуыд райсыны размӕ кӕй хъуамӕ ныууадза «зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ». w22.03 2 ф., 1–3 абз.

Цыппӕрӕм, 30 мартъи

Мӕнӕн ма ис ӕндӕр фыстӕ дӕр (Иоан. 10:16).

Ӕндӕр фыстӕ Ӕрымысӕн изӕры фӕцин кӕнынц сӕрст чырыстӕтты циныл ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, цы ныфс сын ис, ууыл. Раныхасы дзырд фӕцӕуы, мин азы дӕргъы Йесо Чырысти ӕмӕ 144 мины цы араздзысты, ууыл. Йесо сын разамынд дӕтдзӕн, ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй зӕххӕй дзӕнӕт саразой ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст суой. Ӕндӕр фыстӕ куы фехъусынц, Библийы пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, Исай 35:5, 6; 65:21–23 стихтӕ ӕмӕ Раргомад 21:3, 4 стихтӕ, кӕй сӕххӕст уыдзысты, уӕд сӕ зӕрдӕтӕм рухс бакӕлы. Сӕ цӕстытыл ауайы, сӕ бинонтимӕ ӕмӕ се ’мбӕлттимӕ ног дунейы куыд цӕрдзысты, уый. Ӕмӕ сӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды уыцы цард сӕхи цӕстӕй фенын ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын (Матф. 24:13; Гал. 6:9). w22.01 21 ф., 5–7 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Матфейы 26:6–13

Майрӕмбон, 31 мартъи

Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй... не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй... йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй (Мар. 10:45).

Йесо йӕ цард радта, Адам ӕнӕхай цӕмӕй фӕци, уый фӕстӕмӕ балхӕныны тыххӕй (1 Кор. 15:22). Афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъуыди? Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй, ӕмӕ йӕ Закъонмӕ гӕсгӕ царды тыххӕй хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид цард (Рац. 21:23, 24). Адам ӕнӕхай фӕци ӕххӕст цардӕй. Ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ Йесо дӕр радта йе ’ххӕст цард (Ром. 5:17). Афтӕмӕй, йӕ нывондыл ын чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн сси «Ӕнусон фыд» (Ис. 9:6; Ром. 3:23, 24). Йесо цӕттӕ уыд йе ’ххӕст цард раттынмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы тынг уарзы (Иоан. 14:31; 15:13). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фидар фӕнд уыд, кӕронмӕ дӕр, суанг мӕлӕты онг, иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст кӕнын. Уый фӕрцы, Йегъовӕмӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уыдзӕн. w21.04 14 ф., 2, 3 абз.

Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 21:1–11, 14–17

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын