Апрель
Сабат, 1 апрель
Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты (Иоан. 3:16).
Йесо мах тыххӕй йӕ цард нӕ бавгъау кодта, ӕмӕ уымӕй равдыста стыр уарзондзинад (Иоан. 15:13). Йегъовӕ ӕмӕ нын Йесо цы хорздзинад сарӕзтой, уый сын никуы бафиддзыстӕм. Фӕлӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон у равдисын, алы бон дӕр куыд цӕрӕм, уымӕй (Кол. 3:15). Сӕрст чырыстӕттӕ Йесойы нывондӕн уымӕн аргъ кӕнынц, ӕмӕ сын уый фӕрцы фӕзынд диссаджы ныфс (Матф. 20:28). Чырыстийы нывондыл кӕй баууӕндыдысты, уый фӕрцы сӕ Йегъовӕ банымадта рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ фырттыл (Ром. 5:1; 8:15–17, 23). Ӕндӕр фыстӕ дӕр аргъ кӕнынц, Йесо цы сарӕзта, уымӕн. Уыдон дӕр ӕууӕндынц Чырыстийы нывондыл. Ӕмӕ сын уый фӕрцы Хуыцауы раз ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ сӕ ныфс ис, «стыр бӕллӕхы сӕрты» кӕй ахиздзысты (Рарг. 7:13–15). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ равдисынц, Йегъовӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй сты, алы аз дӕр Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуынц, уымӕй. w22.01 23 ф., 14, 15 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 21:18, 19; 21:12, 13; Иоанны 12:20–50
Хуыцаубон, 2 апрель
Чырысти... нӕ балхӕдта (Гал. 3:13).
Йесо, куыд ӕй амардзысты, ууыл нӕ маст кодта. Хуыцауы фауӕг ӕй рахуыдтой, ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон уый тыххӕй рахастой. Хуыцауы фауӕг ӕй кӕй рахуыдтой, уымӕй афтӕ уад, ӕмӕ Хуыцауы кӕнӕ йын йӕ ном хынджылӕггаг кӕны (Матф. 26:64–66). Йесойӕн уый тынг зын уыд. Ӕмӕ йӕ ныфс уыд, йӕ Фыд кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй йыл ахӕм худинаджы ном сбада (Матф. 26:38, 39, 42). Йесо хъуамӕ хъӕдыл амардаид, цӕмӕй дзуттӕгты ссӕрибар кодтаид ӕлгъыстӕй (Гал. 3:10). Уыдон уыдысты ӕлгъыст, уымӕн ӕмӕ дзырд радтой, Хуыцауы закъон кӕй ӕххӕст кӕндзысты, фӕлӕ йӕ не ’ххӕст кодтой. Ӕнӕуи дӕр, Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ уыдысты мӕлӕты аккаг (Ром. 5:12). Хуыцау цы закъон радта, уымӕ гӕсгӕ-иу адӕймаг, мӕлӕты тӕрхон кӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕм тӕригъӕд куы сарӕзтаид, уӕд-иу ӕй хъуамӕ амардтаиккой. Иуӕй-иу хатт-иу фыдгӕнӕджы мард ӕрцауыгътой хъӕдыл (Дык. з. 21:22, 23; 27:26). Ӕмӕ, Йесойы хъӕдыл кӕй ӕрцауыгътой, уый фӕрцы дзуттӕгтӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй, йӕ нывонд цы арфӕдзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй схайджын уыдаиккой. w21.04 16 ф., 5, 6 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 21:33–41; 22:15–22; 23:1–12; 24:1–3
Къуырисӕр, 3 апрель
Мӕ цард нывондӕн дӕттын (Иоан. 10:17).
Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесойы царды фӕстаг бон цыхуызӕн уыд, ууыл. Ромаг ӕфсӕддонтӕ йӕ ӕрцахстой ӕмӕ йӕ фӕнадтой (Матф. 26:52–54; Иоан. 18:3; 19:1). Ехсы цӕфтӕй йӕ царм ӕмӕ фыдтӕ скъуыдтӕ кодтой. Йӕ фӕсонтыл иу удӕгас бынат дӕр нал баззад. Ӕмӕ йын афтӕмӕй уӕззау хъӕд йе ’ккой сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ акодтой, кӕм ӕй хъуамӕ байтыгътаиккой, уыцы бынатмӕ. Йесо уыцы хъӕд иу цасдӕр тыххӕйты ахаста, фӕлӕ йӕм хъару нал баззад. Ӕмӕ уӕд ӕфсӕддонтӕ уыцы хъӕд иу лӕгӕн ахӕссын кодтой (Матф. 27:32). Уый фӕстӕ йын ӕфсӕддонтӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ ныххуыдтой. Хъӕд хӕрдмӕ куы систой, уӕд йӕ буары уӕзӕй йӕ хъӕдгӕмттӕ скъуыйын райдыдтой. Йе ’мбӕлттӕ йыл маст кодтой, йӕ мад куыдта. Дзуттаг разамонджытӕ та дзы хынджылӕг кодтой ӕмӕ йыл худтысты (Лук. 23:32–38; Иоан. 19:25). Рацыд цалдӕр сахаты. Йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ рӕуджытӕ кусын нал фӕрӕзтой, ӕмӕ йын улӕфт нал фаг кодта. Йесо зыдта, Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззад, ӕмӕ ма йӕм фӕстаг хатт скуывта. Уый фӕстӕ йӕ сӕр йӕ риуыл ӕркъул, ӕмӕ цардӕй ахицӕн (Мар. 15:37; Лук. 23:46; Иоан. 10:18; 19:30). Йесо амард удхаргӕнгӕ, ӕгады мардӕй. w21.04 16 ф., 4 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:1–5, 14–16; Лукайы 22:1–6
ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
Хурныгуылды фӕстӕ
Дыццӕг, 4 апрель
Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй (Лук. 22:19).
Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн ракодта дыууӕ бадзырды кой – иу уыди ног бадзырд, иннӕ та бадзырд Паддзахады тыххӕй (Лук. 22:20, 28–30). Уыцы дыууӕ бадзырды фӕрцы апостолтӕн ӕмӕ ма чырыстӕттӕй ноджыдӕр кӕмӕндӕрты фӕзынд фадат, цӕмӕй уӕлӕрвты суыдаиккой паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:10; 14:1). Ӕмӕ Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй саходыны бар ис ӕрмӕстдӕр, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы бадзырдтӕ уыдонимӕ ӕрцыдысты арӕзт. Йегъовӕ сын радта диссаджы ныфс – уӕлӕрвты сын уыдзӕн ӕнӕмӕлгӕ цард, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм буӕрттӕ, уыдзысты Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ, 144 минӕй чи райгас, уыдонимӕ. Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйы фендзысты! (1 Кор. 15:51–53; 1 Иоан. 3:2). Уыдон зонынц, мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй хъуамӕ баззайой (2 Тим. 4:7, 8). w22.01 21 ф., 4, 5 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 26:17–19; Лукайы 22:7–13 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Матфейы 26:20–56
Ӕртыццӕг, 5 апрель
Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты (Лук. 23:43).
Йесойы фарсмӕ ауыгъд уыд дыууӕ фыдгӕнӕджы (Лук. 23:40, 41). Сӕ иу Йесойӕн загъта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн» (Лук. 23:42). Йесо зыдта, йӕ Фыд фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди уыцы фыдгӕнӕгӕн йӕ мӕлӕты размӕ уымӕй зӕрдӕ бавӕрын (Пс. 103:8; Дзут. 1:3). Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау. Ӕмӕ кӕд, цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзтам, уыдоныл зӕрдӕйӕ фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ нӕ уырны, нӕ тӕригъӕдтӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты, уӕд нын сӕ ныххатыр кӕндзӕн (1 Иоан. 1:7). Иуӕй-иутӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд-иу ахъуыды кӕн ацы хабарыл. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ фыдгӕнӕгӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй равдыста, йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцыдысты. Ӕмӕ уыцы адӕймаг та нырма гъеуӕд баууӕндыд Йесойыл. Ӕмӕ-иу уӕд Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн куыннӕ ныххатыр кӕндзӕн! (Пс. 51:1; 1 Иоан. 2:1, 2). w21.04 9 ф., 5, 6 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:1, 2, 27–37
Цыппӕрӕм, 6 апрель
Йесо... загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоан. 19:30).
Йесо суанг мӕлӕты онг дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы сарӕзта цалдӕр хъуыддаджы. Фыццаг: уый сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг мӕнгард кӕй у ӕмӕ сайгӕ кӕй кӕны. Йесо равдыста, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдионӕй баззайын, Хӕйрӕг цыфӕнды ма араза, уӕддӕр. Дыккаг: Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ уый фӕрцы гӕнӕн ис, цӕмӕй Хуыцау ӕнӕххӕст адӕмы рӕстгӕнджытыл банымайа. Стӕй сын уый фӕрцы фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Ӕртыккаг: Йесо сбӕлвырд кодта, Йегъовӕйӕн кӕй ис бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа, ӕмӕ хорз Хицау кӕй у. Стӕй йӕ Фыды ном, цы цъыф ыл фӕкалдтой, уымӕй ссыгъдӕг кодта. Уӕдӕ хъуамӕ алы бон дӕр афтӕ цӕрӕм, цыма нын фӕстаг хатт ис фадат иузӕрдионӕй баззайынӕн. Ӕмӕ уӕд, мӕлӕты цӕстытӕм куы кӕсӕм, уӕд дӕр нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Йегъовӕ, мӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтон, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайон, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый равдисон, дӕ ном дын срухс кӕнон ӕмӕ дӕ хицаудзинады фарс уон». w21.04 12 ф., 13, 14 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66 (16 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Матфейы 28:2–4
Майрӕмбон, 7 апрель
Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм (Матф. 17:5).
Йесойӕн тӕрхон рахастой, кӕй нӕ сарӕзта, ахӕм фыдракӕнды тыххӕй. Уый фӕстӕ йын алы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Йӕ алы сулӕфт дӕр, йӕ алы ныхас дӕр ын стыр рыст ӕвзарын кӕны. Фӕлӕ йын ӕнӕдзургӕ нӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ цы фӕнды зӕгъын, уый тынг ахсджиаг у. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нын цӕуыл дзурӕг сты? Йӕ ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, иннӕтӕн кӕй хъуамӕ хатыр кӕнӕм, стӕй нын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны, уый нӕ фидарӕй кӕй хъуамӕ уырна. Ис нын диссаджы бинонтӕ – нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Уыдон цӕттӕ вӕййынц махӕн баххуыс кӕнынмӕ, ӕрмӕст-иу сын хъуамӕ нӕхӕдӕг зӕгъӕм, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нын цыфӕнды фӕлварӕн сфӕразынӕн дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн. Алы бон дӕр хъуамӕ афтӕ цӕрӕм, цыма нын фӕстаг хатт ис фадат, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисынӕн. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, куы амӕлӕм, уӕддӕр нӕ Йегъовӕ кӕй райгас кӕндзӕн. w21.04 8 ф., 1 абз.; 13 ф., 17 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 28:1, 5–15
Сабат, 8 апрель
Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы (Иоан. 17:3).
Йесойы къахвӕдтыл куы цӕуӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм ӕнусон цардӕй. Иу хъӕздыг ӕрыгон нӕлгоймаг Йесойы куы бафарста, цы мӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон, зӕгъгӕ, уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Цу мӕ фӕдыл» (Матф. 19:16–21). Чырысти кӕй у, уый кӕй нӕ уырныдта, уыцы дзуттӕгтӕн загъта: «Мӕ фыстӕ... цӕуынц мӕ фӕдыл. Ӕз сын ратдзынӕн ӕнусон цард» (Иоан. 10:24–29). Йесойыл кӕй ӕууӕндӕм, уый равдисдзыстӕм, цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, стӕй йӕ куы фӕзмӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд дарддӕр дӕр цӕудзыстӕм, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл (Матф. 7:14). Цӕмӕй Йесойы къахвӕдтыл цӕуӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ базонӕм. Ӕмӕ Йесойы базоныныл хъуамӕ ӕдзухдӕр архайӕм. Хъуамӕ-иу фылдӕр базонӕм йӕ миниуджыты тыххӕй, стӕй, куыд хъуыды кодта ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый тыххӕй. Уӕлдай нӕу, рӕстдзинад рагӕй зонӕм ӕви нӕ,– хъӕуы нӕ дарддӕр дӕр архайын, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты хуыздӕр базонӕм. w21.04 4 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 9 апрель
Кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон (1 Тим. 1:13).
Ӕвӕццӕгӕн-иу апостол Павел йӕхи тынг хордта, йӕ раздӕры тӕригъӕдтыл-иу куы ахъуыды кодта, уӕд. Йӕхи тыххӕй дзӕгъӕлы нӕ загъта, зӕгъгӕ, «тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг» (1 Тим. 1:15). Цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ алы горӕтты чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдта. Бирӕты ахӕстоны бакодта, ӕмӕ-иу дзы кӕмӕндӕрты мӕлӕты тӕрхон куы хастой, уӕд-иу сӕ амарыныл схъӕлӕс кодта (Хъуыд. 26:10, 11). Чи зоны-иу уый фӕстӕ Павел фембӕлд, йӕ ныййарджыты кӕмӕн амарын кодта, ахӕм ӕрыгон чырыстӕттӕй искӕуыл. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд-иу фӕуыдаид. Павел йӕ рӕдыдтытыл фӕсмон кодта, фӕлӕ йӕ зыдта, раздӕр цы уыд, уый йӕ бон аивын кӕй нӕ уыд. Уый уырныдта, Чырысти йӕ цард уый тӕригъӕдты тыххӕй дӕр кӕй радта, ӕмӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Ацы хӕс [мыл] ис Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы» (1 Кор. 15:3, 10). Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йесо дӕу тыххӕй дӕр кӕй амард ӕмӕ дын уый фӕрцы фадат кӕй фӕзынд, цӕмӕй Йегъовӕ де ’ввахс Хӕлар суа (Хъуыд. 3:19). Йегъовӕ нӕ кӕсы, раздӕр цы арӕзтам, уымӕ. Хуыцауӕн сӕйраг у, ныр цы аразӕм ӕмӕ фидӕны цы араздзыстӕм, уый (Ис. 1:18). w21.04 23 ф., 11 абз.
Къуырисӕр, 10 апрель
Фӕлӕ-иу базонут, пехуымпар-ныхӕстӕ Хуыцауӕй сты ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ дунейы бирӕ мӕнг пехуымпартӕ фӕзынд (1 Иоан. 4:1).
Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ уый ӕнхъӕл нӕ уыдысты, ӕмӕ Мессийӕйы амӕлын бахъӕудзӕн. Афтӕмӕй та пехуымпарады загъд уыд: «Уый йӕ уд радта мӕлӕтмӕ ӕмӕ йӕ банымадтой фыдгӕнӕгыл. Уый ахаста бирӕты тӕригъӕдтӕ ӕмӕ хӕцыд фыдгӕнджыты сӕрыл» (Ис. 53:12). Уӕдӕ, Йесо фыдгӕнӕджы мардӕй кӕй амард, уый дзуттӕгтӕн хъуамӕ цӕлхдур ма суыдаид. Мах дӕр-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, ӕцӕг цы у, уый, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа. Йесо йӕ зындгонд раныхасы загъта, йӕ фӕдыл чи цӕуа, уыдоныл алы ӕвзӕртӕ кӕй мысдзысты (Матф. 5:11). Цы мӕнг ныхӕстӕ сӕ кӕнынц, уыдон Хӕйрӕгӕй сты. Рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕмы ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны Хӕйрӕг ардауы, цӕмӕй сӕ фыдкой кӕной ӕмӕ сыл цъыф калой (Рарг. 12:9, 10). Хъуамӕ ахӕм ныхӕстӕм хъусгӕ дӕр ма кӕнӕм. Хъуамӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй нӕ ахӕм мӕнг ныхӕсты тыххӕй тас бацӕуа ӕмӕ цӕмӕй нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уа. w21.05 11 ф., 14 абз.; 12 ф., 16 абз.
Дыццӕг, 11 апрель
Ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут (Матф. 10:31).
Сахуыр ӕй кӕн йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ныфс бавӕрдта, Йегъовӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзы (Матф. 10:19, 20, 29, 30). Ӕмӕ, кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн-иу йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕ уымӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Цы нысӕнттӕ йын ис, уыдоны тыххӕй йемӕ куы кувай, уӕд афтӕмӕй дӕр сахуыр уыдзӕн йӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Ӕфсымӕр Францишек цӕры Польшӕйы. Уый афтӕ зӕгъы: «Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕр-иу йӕ куывдтыты арӕх скодта мӕ нысӕнтты кой. Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕн дзуапп куыд лӕвӕрдта, уый уыдтон, ӕмӕ йӕм ӕз дӕр кувын райдыдтон. Куы-иу мӕ хъуыди мӕхи мӕ ног куыстӕй ракурын, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕм кӕнӕ конгресмӕ ацыдаин, уӕд-иу ӕй уыдтон, Йегъовӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны». Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыцы адӕмӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны. Ӕмӕ, семӕ чи ахуыр кӕны, уыцы хъусынгӕнджыты дӕр тынг уарзы, уымӕн ӕмӕ уыны, куыд фыдӕбон кӕнынц. Уыдон уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой (Ис. 52:7). Чи зоны, ныртӕккӕ дӕхӕдӕг Библи никӕимӕ ахуыр кӕныс. Фӕлӕ дӕ бон у иннӕ хъусынгӕнджытимӕ сӕ Библийы ахуыртӕм цӕуын. Афтӕмӕй, кӕимӕ ахуыр кӕнынц, уыцы адӕмӕн ӕххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна, ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райсой. w21.06 7 ф., 17, 18 абз.
Ӕртыццӕг, 12 апрель
Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй (Пс. 1:2).
Хуыцауы Ныхасӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, алы бон дӕр ӕй куы кӕсӕм, уымӕй. Хъуамӕ-иу Библи кӕсынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм. Уыцы хъуыддаг йӕхи бар нӕй уадзӕн. Рӕстӕг нын куы фӕвӕййы, ӕрмӕст ӕй уӕд хъуамӕ ма кӕсӕм. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд нӕ уырнындзинад уыдзӕн фидар. Ацы дунейы «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй» уӕлдай, махӕн нӕ уырнындзинады бындур у Хуыцауы Ныхас (Матф. 11:25, 26). Библи нын ӕмбарын кӕны, абон зӕххыл уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр цӕмӕн кӕны ӕмӕ Йегъовӕ тагъд цы сараздзӕн, уый. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ, нӕ бон кӕмӕн у, уыдонӕн баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Сфӕлдисӕгыл баууӕндой (1 Тим. 2:3, 4). Мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фидӕнмӕ. Тагъд зӕххыл иууылдӕр Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты Раргомады 4:11 стихы фыст ныхӕстӕй: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ... ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай»! w21.08 19 ф., 18–20 абз.
Цыппӕрӕм, 13 апрель
Кӕрӕдзи уарзут ӕфсымӕртау фӕлмӕн уарзтӕй (Ром. 12:10).
Ӕмбырды искӕмӕн уынаффӕ раттын куы фӕхъӕуы, уӕд уый хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс вӕййы, уымӕн ӕмӕ «Хуыцауы дзуг» сӕ бар ис. Хъуамӕ-иу ахӕм уынаффӕ раттой, цӕмӕй-иу дзы иннӕтӕ цӕуылдӕр сахуыр уой ӕмӕ-иу сын ӕхсызгон уа (Ӕмб. 27:9). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уарзынц хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты. Ӕмӕ сӕ искӕмӕн рӕдыд къахдзӕф саразынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд ын уынаффӕ раттынц (Гал. 6:1). Фӕлӕ цалынмӕ хистӕр нӕлгоймаг йемӕ аныхас кӕна, уӕдмӕ хорз уаид, апостол Павел уарзондзинады тыххӕй цы загъта, ууыл куы ахъуыды кӕнид: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ. [...] Алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Кор. 13:4, 7). Ацы стихтӕ хистӕр нӕлгоймагӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбара, цӕмӕн ӕй фӕнды хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн уынаффӕ раттын: уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй ӕви ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй. Ӕмӕ адӕймаг куы ӕмбара, хистӕр нӕлгоймаджы баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ айсын. w22.02 14 ф., 3 абз.; 15 ф., 5 абз.
Майрӕмбон, 14 апрель
Фӕлӕ-иу уыдон йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ-иу ӕй бафхӕрдтой (Ис. 63:10).
Йегъовӕ зӕдты ӕмӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд уыдысты алцӕмӕй ӕххӕст, ницы хъӕндзинад сӕм уыд. Фӕлӕ стӕй йӕ ныхмӕ рацыд зӕдтӕй иу – Сайтан (ома «ныхмӕлӕууӕг»). Ӕмӕ уый ӕххӕст адӕймӕгты, Адам ӕмӕ Евӕйы, Йегъовӕйы ныхмӕ скодта. Уый фӕстӕ ма зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр чидӕртӕ рацыдысты Хуыцауы ныхмӕ (Иуд. 6). Йегъовӕйӕн уый тынг зын уыд, фӕлӕ уӕддӕр быхста. Ӕмӕ дарддӕр дӕр быхсдзӕн, цалынмӕ, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр нӕ фесафа, уӕдмӕ. Ацы фыддуне нал уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн дӕр сӕ зӕрдӕ никуыуал ницӕуыл фӕрисдзӕн. Хӕйрӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иовӕй загъта, Хуыцауӕн, дам, уый тыххӕй лӕггад кӕны, ӕмӕ, дам, ӕм цӕмӕдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ хаудтой Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр (Иов 1:8–11; 2:3–5). Хӕйрӕг абоны онг дӕр фаутӕ ӕвӕры Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл (Рарг. 12:10). Мах Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй йыл фӕлварӕнты иузӕрдионӕй куы баззайӕм ӕмӕ фидар куы разынӕм, уӕд афтӕмӕй сбӕлвырд кӕнӕм, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. w21.07 9 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 15 апрель
Мӕ цӕстыты разӕй уӕ фыдхъуыддӕгтӕ айсут, уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут (Ис. 1:16).
Апостол Павел ирдӕй равдыста, нӕ цардыуаг аивынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм. Уый ныффыста, «нӕ зӕронд удыхъӕд... хъизӕмӕртты хъӕдыл» кӕй хъуамӕ «байтындзӕм» (Ром. 6:6). Ома хъуамӕ бафӕзмӕм Чырыстийы. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй цӕттӕ уыд хъизӕмӕртты хъӕдыл амӕлынмӕ. Афтӕ мах дӕр, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм, йе сӕфт кӕмӕй уыны, уыцы хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ «амарынмӕ». Ӕрмӕстдӕр нын уӕд уыдзӕн сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоан. 17:3; 1 Пет. 3:21). Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ аивдзӕн. Мах хъуамӕ аивӕм ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм (Ис. 1:17, 18; 55:9). Донаргъуыды фӕстӕ дӕр дӕ хъӕудзӕн дӕ тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын. Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, дӕхи хъаруйы фӕрцы дын кӕй нӕ бантысдзӕн аивын, фӕлӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Гал. 5:22; Фил. 4:6). Цӕмӕй зӕронд удыхъӕд ныууадзӕм ӕмӕ йӕ нӕ уӕлӕ макуыуал скӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм. w22.03 6 ф., 15–17 абз.
Хуыцаубон, 16 апрель
[Йегъовӕ] дын... баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22).
Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, фыццаджыдӕр ын йӕ Паддзахад куы агурӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын кӕй дӕтдзӕн хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый (Матф. 6:33). Йӕ ныхӕстыл ын куы ӕууӕндӕм, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ нын мулк ӕмӕ ӕхцайы фӕрцы тас ницӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын. Мах ӕй зонӕм, нӕ зӕрдӕйы ӕцӕг фарн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ кӕй уыдзӕн (Фил. 4:6, 7). Нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ балхӕнын куы уа, уӕддӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: фаг рӕстӕг ӕмӕ нӕм хъарутӕ уыдзӕн уыцы дзауматӕй пайда кӕнынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн? Науӕд сӕ ӕгӕр нӕ бауарздзыстӕм? Нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй аразӕм, цы нын бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ нӕ хъуамӕ уыцы хъуыддаджы мацы бахъыгдара. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм иу хъӕздыг нӕлгоймаджы хуызӕн. Уымӕн цавӕрдӕр дзауматӕ афтӕ зынаргъ систы, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг не сси. Стӕй йын уыд фадат, цӕмӕй Хуыцауы фырттӕй сӕ иу суыдаид. Ӕмӕ уыцы фадатӕй дӕр ӕнӕхай фӕци (Мар. 10:17–22). w21.08 6 ф., 17 абз.
Къуырисӕр, 17 апрель
Цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ (1 Пет. 3:15).
Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ ис йӕ миниуджыты тыххӕй базонӕн. Ӕмӕ раст афтӕ йӕ миниуджыты тыххӕй базонӕн ис Библи иртасгӕйӕ дӕр (Рац. 34:6, 7; Пс. 145:8, 9). Уый фӕрцы бамбардзынӕ, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, чидӕр ӕй кӕй не ’рхъуыды кодта. Ӕмӕ йӕ цас хуыздӕр зонай, уыйас ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, тынгдӕр ӕй уарздзынӕ ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕндзынӕ. Иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй дзур. Зӕгъӕм, кӕимӕ ныхас кӕныс, уый дызӕрдыг кӕны, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Ӕмӕ йын цы зӕгъай, уый куы нӕ зонай, уӕд дӕ бон цы у саразын? Нӕ публикациты уый фӕдыл ӕрмӕг бацагур ӕмӕ-иу ын стӕй уырдыгӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕсс. Дӕ бон ма у хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ӕххуыс ракурын. Адӕймаг, Библийы цы фыст ис, ууыл куы нӕ баууӕнда, уӕддӕр, уыцы ӕрмӕг кӕй раиртӕстай, уый дӕхицӕн пайда фӕуыдзӕн. Уый фӕрцы дӕ уырнындзинад сфидар уыдзӕн. w21.08 18 ф., 14, 15 абз.
Дыццӕг, 18 апрель
Ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн (Хъуыд. 20:20).
Йегъовӕ афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ нӕ цӕмӕй райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи фӕцух кӕнӕм царды ӕппӕт хорздзинӕдтӕй дӕр (Еккл. 5:19, 20). Фӕлӕ нӕ кӕд фылдӕр лӕггад кӕныны тыххӕй нӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын нӕ фӕнды, уӕд уыдзыстӕм, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕй кой ракодта, уыцы нӕлгоймаджы хуызӕн. Уый йӕхицӕн бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодта, Хуыцау та йӕм нымады дӕр нӕ уыд (Лук. 12:16–21). Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд Йегъовӕмӕ фӕкувӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ бон цы у саразын, ууыл (Ӕмб. 3:21). Йегъовӕ нӕ бирӕ алыхуызон арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны. Ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, йӕ хъуыддаджы, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы кадджын кӕнӕм, уымӕй (Дзут. 13:15). Ӕмӕ-иу нӕ лӕггады ног исты куы бафӕлварӕм, уӕд ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм. Цӕй уӕдӕ-иу алы бон дӕр «бафӕлварӕм ӕмӕ базонӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый» (Пс. 34:8). Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йесойау зӕгъын: «Мӕнӕн мӕ хӕринаг у, чи мӕ рарвыста, уымӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын» (Иоан. 4:34). w21.08 30, 31 фф., 16–19 абз.
Ӕртыццӕг, 19 апрель
Адӕймаг куы ссӕрбӕрзонд вӕййы, уӕд ӕрцӕуы йе сӕфт, ӕмӕ куы схъал вӕййы, уӕд ӕрхауы (Ӕмб. 16:18).
Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй ссӕрбӕрзонд уӕм. Уый зоны, уӕд уый хуызӕн кӕй суыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ, апостол Павел чырыстӕтты фӕдзӕхста, адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын куы райдайа, уӕд, Хӕйрӕгӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уыцы тӕрхон ӕй кӕй баййафдзӕн (1 Тим. 3:6, 7). Уыцы къӕппӕджы бахауынӕй не ’ппӕтӕн дӕр у тӕссаг, уӕлдай нӕу, Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын ӕви йын рагӕй лӕггад кӕнӕм. Сӕрбӕрзонд адӕймаг вӕййы хиуарзон. Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй фылдӕр нӕхиуыл хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ, уӕлдайдӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Зӕгъӕм, чидӕр дӕ дзӕгъӕлы фӕаххосджын кодта кӕнӕ, ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтай, афтӕмӕй дӕ бафхӕрдта. Ӕмӕ Хӕйрӕджы фӕндид, цӕмӕй уӕд Йегъовӕйы кӕнӕ йын йӕ организаци фӕаххосджын кӕнай. Уый фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнай, дӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, ӕрмӕстдӕр афтӕ кӕй хъӕуы архайын, Йегъовӕ йӕ Ныхасы цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ (Еккл. 7:16, 20). w21.06 15 ф., 4, 5 абз.
Цыппӕрӕм, 20 апрель
«Сымах дӕр фидар ут, ацы бӕстӕйы адӕм,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ кусут». «Ӕз уемӕ дӕн»,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ (Аг. 2:4).
Йегъовӕ пехуымпар Аггейӕн бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг. Аггей, ӕвӕццӕгӕн, уыд, н. э. размӕ 537 азы Вавилонӕй Иерусалиммӕ чи ӕрыздӕхт, уыцы дзуттӕгты ’хсӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕн, ома кувӕндонӕн, бындур ӕрӕвӕрдтой (Езд. 3:8, 10). Фӕлӕ стӕй сӕ алыварс цӕрӕг адӕм сӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Уый тыххӕй дзуттӕгтӕн сӕ ныфс асаст ӕмӕ кувӕндон нал арӕзтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй та хъуыддагмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтаиккой ӕмӕ кувӕндон кӕронмӕ арӕзт ӕрцыдаид (Езд. 4:4; Аг. 1:1, 2). Гъемӕ сӕм н. э. размӕ 520 азы Аггейы арвыста, цӕмӕй сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтаид (Езд. 6:14, 15). Аггейы ныхӕстӕ хъуамӕ дзуттӕгтӕн сӕ уырнындзинад бафидар кодтаиккой, цӕмӕй Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыдаиккой. Ацы ныхӕстӕ, «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ», зӕгъгӕ, дзуттӕгтӕн уыдаиккой ныфсы хос. Уыдон сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Йегъовӕйӕн йӕ дӕлбар кӕй ис тынг бирӕ зӕдтӕ – ӕнӕхъӕн ӕфсад. Ӕмӕ цӕмӕй дзуттӕгтӕн алцыдӕр бантыстаид, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. w21.09 14, 15 фф., 4, 5 абз.
Майрӕмбон, 21 апрель
Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).
Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххыл дӕр кӕрӕдзи уарзынц ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад. Иннӕ динты хуызӕн нӕ дихтӕ кӕнӕм саутыл ӕмӕ урсытыл, хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл. Кӕрӕдзи кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг вӕййы не ’мбырдты ӕмӕ конгрессты. Ӕмӕ нӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр уырны, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ йын кӕй кувӕм (Иоан. 13:34). Библи нын дзуры: «Кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза» (1 Пет. 4:8). Ахӕм уарзондзинад равдисӕм, кӕрӕдзийӕн куы ныххатыр кӕнӕм ӕмӕ иннӕты хъӕндзинӕдтӕн куы фӕбыхсӕм, уӕд. Стӕй фӕагурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй-иу равдисӕм уазӕгуарзондзинад ӕмӕ хорздзинад аразӕм ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр, суанг, чи нӕ фӕхъыг кӕны, уыдонӕн дӕр (Кол. 3:12–14). Ахӕм уарзондзинад нӕ бӕтты кӕрӕдзийыл. Ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕтты сӕйраджыдӕр уымӕй ис базонӕн. w21.10 22 ф., 13, 14 абз.
Сабат, 22 апрель
[Йӕ фырты] чи... уарзы, уый... йын зонд амоны (Ӕмб. 13:24).
Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кодта, уый ӕмбырдӕй куы ацух кӕной, уӕд ын уый, гӕнӕн ис, баххуыс кӕна йӕ цард аивынӕн ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕнынӕн. Уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕй бирӕтӕ радзырдтой, ӕмбырдӕй сӕ кӕй ацух кодтой, уый фӕрцы сӕ рӕдыд кӕй бамбӕрстой, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ кӕй ныууагътой ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхтысты (Дзут. 12:5, 6). Ахӕм цӕвиттоныл ахъуыды кӕнӕм. Фыййау федта, фыстӕй иу кӕй фӕрынчын. Уый бамбӕрста, цавӕр низ у, ӕмӕ йӕ зоны, рынчын фысы фӕхибар кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ фыстӕ дзугимӕ ахуыр сты. Ӕмӕ фыс иунӕгӕй куы аззайа, уӕд, гӕнӕн ис, тӕрса. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ фыййау тӕригъӕд нӕ зоны. Уый ӕмбары, рынчын фыс дзугимӕ куы баззайа, уӕд иннӕтӕ дӕр кӕй фӕрынчын уыдзысты. Фыййауы та фӕнды дзуг бахъахъхъӕнын. w21.10 10 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 23 апрель
Афтӕ уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной (Матф. 5:16).
Махӕн ӕгас дунейы дӕр ис, кӕрӕдзи чи уарзы, ахӕм бинонтӕ. Ӕмӕ нын уый стыр лӕвар у. Мах фӕнды, цӕмӕй ма нӕм ноджыдӕр фылдӕр адӕм ӕрбаиу уой ӕмӕ немӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды ном кӕнӕ йӕ адӕмы ном мацӕмӕй фӕхудинаг кӕнӕм. Мах архайӕм афтӕ цӕрыныл, цӕмӕй махмӕ кӕсгӕйӕ адӕмы бафӕнда Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Нӕ уӕларвон Фыды коммӕ кӕй кӕсӕм, уый тыххӕй ныл, гӕнӕн ис, фаутӕ ӕвӕрой кӕнӕ ӕфхӕрд ӕййафӕм. Адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд, чи зоны, фӕтыхсӕм. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ ӕмӕ нын йӕ Фырт кӕй баххуыс кӕндзысты. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, кӕй сӕ нӕ хъӕуы мӕт кӕнын, цы зӕгъдзысты ӕмӕ куыд зӕгъдзысты, ууыл. Цымӕ цӕуылнӕ? Йесо бамбарын кодта: «Уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ Фыды сыгъдӕг тых дзурдзӕн уӕ дзыхӕй» (Матф. 10:19, 20). w21.09 24 ф., 17, 18 абз.
Къуырисӕр, 24 апрель
Ӕз зӕгъдзынӕн Йегъовӕйӕн: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн ӕмӕ мӕ фидар мӕсыг» (Пс. 91:2).
Моисей 90-ӕм псаломы Йегъовӕйы абарста фидар мӕсыгимӕ (Пс. 90:1). Стӕй, йӕ мӕлӕтмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд загъта: «Раджы замантӕй фӕстӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау у де ’мбӕхсӕн, уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй» (Дык. з. 33:27). Ацы ныхӕстӕ – «уый дыл хӕцы йе ’нусон къухтӕй» – цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕ «нӕ фидар мӕсыг» ӕмӕ «не ’мбӕхсӕн» куы уа, уӕд ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм. Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ нӕ ныфс асӕтты ӕмӕ нӕм тыхы мур нал баззайы. Уӕд Йегъовӕ цы саразы? (Пс. 136:23). Йӕ къухтӕ нӕм ӕрбадары, схӕцы ныл ӕмӕ нӕ нӕ къахыл слӕууын кӕны (Пс. 28:9; 94:18). Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый нӕ цардыл куыд фӕзыны? Мах ӕй зонӕм: 1) кӕмфӕнды ма цӕрӕм,– Йегъовӕ уыдзӕн «не ’мбӕхсӕн» ӕмӕ-иу нын алкӕддӕр баххуыс кӕндзӕн; 2) нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ныл зӕрдиагӕй тыхсы. w21.11 6 ф., 15, 16 абз.
Дыццӕг, 25 апрель
Алыхуызон фӕлварӕнты тыххӕй... фӕхъизӕмар кӕнут (1 Пет. 1:6).
Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ-иу ӕнаххосӕй ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕй цӕудзӕн. Ӕмӕ радзырдта фӕсномыг ныхас иу идӕдз усы тыххӕй, фыст ис Лукайы чиныджы. Уыцы идӕдз ус, рӕстӕй чи нӕ тӕрхон кодта, уыцы тӕрхонгӕнӕгӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрстаид. Сылгоймаг зыдта, ӕдзух ӕм куы цӕуа, уӕд ын иу бон уӕддӕр йӕ хъуыддаг кӕй равзардзӕн. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Ацы хабарӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? Йегъовӕ уыцы тӕрхонгӕнӕджы хуызӕн нӕу, уый уарзы рӕстдзинад. Ӕмӕ Йесо загъта: «Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау йе ’взӕрстыты тыххӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕм чи дзыназы, уыдоны тыххӕй, раст ӕмӕ зылын чи у, уый нӕ равзардзӕн?» (Лук. 18:1–8). Уый фӕстӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн?» Ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ фӕразондзинадӕй ӕмӕ нӕ фидардзинадӕй равдисдзыстӕм, нӕ уырнындзинад уыцы идӕдз усы уырнындзинады хуызӕн фидар кӕй у. Ӕмӕ уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, абон уа, райсом уа, уӕддӕр Йегъовӕ нӕ сӕрыл кӕй рахӕцдзӕн. Стӕй ма нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, куывдӕн стыр тых кӕй ис. w21.11 23 ф., 12 абз.; 24 ф., 14 абз.
Ӕртыццӕг, 26 апрель
Ӕрыгон лӕппуйӕн йӕ фӕндаг сыгъдӕг кӕд уыдзӕн? Йӕхи куы хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕра, уӕд (Пс. 119:9).
Ӕрыгӕттӕ, мыййаг уӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уын Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ уӕ къухтӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ бӕттынц? Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнат. Фӕнды йӕ, цӕмӕй уӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ, уӕрӕх фӕндагыл чи цӕуы, уыцы адӕм сӕ рӕстӕг хорз фервитынц ӕмӕ сты амондджын. Уый фӕнды, цӕмӕй дӕ къласӕгтӕм ӕмӕ, интернеты кӕй феныс, уыдонмӕ хӕлӕг кӕнай ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдайай, цыма дӕхи цӕмӕйдӕр цух кӕныс. Стӕй ма йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд амондджын нӕ уыдзынӕ. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: уӕрӕх фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ ӕппынфӕстаг цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ Хӕйрӕг сусӕг кӕны (Матф. 7:13, 14). Йегъовӕ та бӕлвырд дзуры, царды фӕндагыл чи цӕуы, уыдонмӕ цы диссаджы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй (Пс. 37:29; Ис. 35:5, 6; 65:21–23). w21.12 23 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 27 апрель
Алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ... хатыр кӕнӕд (Матф. 18:35).
Мах ӕй зонӕм, иннӕтӕн-иу кӕй хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм. Фӕлӕ алы хатт, раст куыд у, афтӕ бакӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Апостол Петрӕн дӕр-иу, ӕвӕццӕгӕн, хатт ӕнцон нӕ уыди иннӕтӕн хатыр кӕнын (Матф. 18:21, 22). Цы нын баххуыс кӕндзӕн? Фыццаг: Йегъовӕ дын цас ныххатыр кӕны, ууыл хъуыды кӕн (Матф. 18:32, 33). Кӕд хӕсджын нӕу, уӕддӕр нын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕны (Пс. 103:8–10). Уымӕй уӕлдай, мах «хӕсджын стӕм, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм». Уӕдӕ, ныххатыр кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уый фӕндонӕй нӕу. Уый нӕ хӕс у (1 Иоан. 4:11). Дыккаг: ахъуыды кӕн, искӕмӕн куы ныххатыр кӕнай, уӕд уый хорз цӕмӕн уыдзӕн. Афтӕмӕй уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕндзыстӕм, ӕмбырд ӕнгомдӕр суыдзӕн, Йегъовӕ дарддӕр нӕ Хӕлар уыдзӕн ӕмӕ нӕ уаргъӕй фервӕздзыстӕм (2 Кор. 2:7; Кол. 3:14). Ӕртыккаг: иннӕтӕн хатыр кӕнын нӕ чи ахуыр кӕны, уыцы Хуыцауӕй ӕххуыс кур. Хӕйрӕгӕн уый бар ма дӕтт, цӕмӕй дӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты ныхмӕ скӕна (Еф. 4:26, 27). Цӕмӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджы ма бахауӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс. w21.06 22 ф., 11 абз.; 23 ф., 14 абз.
Майрӕмбон, 28 апрель
Ды уыдзынӕ Израилы паддзах (1 Сам. 23:17).
Давиды бахъуыд лидзын, уымӕн ӕмӕ йӕ Израилы паддзах Саул марынмӕ хъавыд. Иуафон Давидмӕ хӕринаг куы нал уыд, уӕд ӕрцыд горӕт Номвӕмӕ ӕмӕ уым сауджынӕй ракуырдта фондз дзулы, ӕндӕр ницы (1 Сам. 21:1, 3). Фӕстӕдӕр, йемӕ чи уыд, уыцы адӕмимӕ ӕмбӕхст лӕгӕты (1 Сам. 22:1). Цымӕ Давид ахӕм уавӕры куыд бахауд? Адӕм Давиды тынг бауарзтой, стӕй бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй Саул хӕлӕгӕй мард. Саул ма зыдта, йӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй йыл Йегъовӕ йӕ къух кӕй систа ӕмӕ паддзахӕй Давиды кӕй равзӕрста (1 Сам. 23:16, 17). Фӕлӕ Саул нырма Израилы паддзах уыд. Ӕмӕ йӕм уыди стыр ӕфсад, стӕй йӕ фарс дӕр бирӕтӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Давид бахауд тӕссаг уавӕры ӕмӕ йӕ бахъуыд лидзын. Цымӕ Саулмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн Хуыцауы бахъыгдарын, ӕмӕ Давид паддзах не суыдзӕн? (Ис. 55:11). Библийы уый кой нӕй. Фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Саул йӕхи тынг тӕссаг уавӕры кӕй ӕппӕрста. Хуыцауы ныхмӕ чи рацӕуы, уыдонӕн никуы ницы рауайы! w22.01 2 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 29 апрель
Никодим... Йесомӕ ӕхсӕвы ӕрбацыд (Иоан. 3:1, 2).
Йесо хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста. Йесо адӕмы тынг уарзта ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта. Ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаид (Лук. 19:47, 48). Хатт-иу Йесойӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн «бахӕрыны фадат дӕр нал фӕци», уымӕн ӕмӕ-иу сыл тынг бирӕ адӕм ӕрӕмбырд (Мар. 3:20). Иухатт та йӕм иу адӕймаг ӕхсӕвыгон ӕрбацыд. Кӕд фыццаг Йесомӕ бирӕтӕ хорз хъуыстой, уӕддӕр сӕ фылдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ систы. Фӕлӕ бӕстон кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы алкӕмӕн дӕр уыди хорз хабар фехъусыны фадат. Мах дӕр фӕнды алкӕмӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнын (Хъуыд. 10:42). Уый нӕ къухы бафтдзӕн, алы афон куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Нӕхицӕн ӕнцондӕр кӕд у, уӕд куы хъусын кӕнӕм, уӕд нын бирӕ нӕ бантысдзӕн. Алы афон куы хъусын кӕнӕм, уӕд та-иу фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕндзыстӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн. w22.01 17 ф., 13, 14 абз.
Хуыцаубон, 30 апрель
Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан (Еккл. 8:9).
Абон бирӕтӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдоныл нал ӕууӕндынц. Уынынц ӕй, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ хицӕуттӕ арӕх хъӕздгуыты фарс кӕй вӕййынц, мӕгуырты сӕрыл та кӕй нӕ рахӕцынц. Иуӕй-иу дины разамонджыты миты тыххӕй та бирӕтӕ Хуыцауыл нал ӕууӕндынц. Уымӕ гӕсгӕ, искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдайӕм, уӕд ын фӕхъӕуы баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбара, Йегъовӕйыл ӕмӕ, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл ӕууӕндӕн кӕй ис. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны дӕр фӕхъӕуы сӕ зӕрдыл дарын, Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл алкӕддӕр кӕй хъуамӕ ӕууӕндой. Гӕнӕн ис, кӕцыдӕр уавӕрты фӕдызӕрдыг уӕм, Йегъовӕ цы аразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы, ууыл. w22.02 2 ф., 1, 2 абз.