Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es23
  • Май

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Май
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2023
  • Сӕргӕндтӕ
  • Къуырисӕр, 1 май
  • Дыццӕг, 2 май
  • Ӕртыццӕг, 3 май
  • Цыппӕрӕм, 4 май
  • Майрӕмбон, 5 май
  • Сабат, 6 май
  • Хуыцаубон, 7 май
  • Къуырисӕр, 8 май
  • Дыццӕг, 9 май
  • Ӕртыццӕг, 10 май
  • Цыппӕрӕм, 11 май
  • Майрӕмбон, 12 май
  • Сабат, 13 май
  • Хуыцаубон, 14 май
  • Къуырисӕр, 15 май
  • Дыццӕг, 16 май
  • Ӕртыццӕг, 17 май
  • Цыппӕрӕм, 18 май
  • Майрӕмбон, 19 май
  • Сабат, 20 май
  • Хуыцаубон, 21 май
  • Къуырисӕр, 22 май
  • Дыццӕг, 23 май
  • Ӕртыццӕг, 24 май
  • Цыппӕрӕм, 25 май
  • Майрӕмбон, 26 май
  • Сабат, 27 май
  • Хуыцаубон, 28 май
  • Къуырисӕр, 29 май
  • Дыццӕг, 30 май
  • Ӕртыццӕг, 31 май
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2023
es23

Май

Къуырисӕр, 1 май

Чи бафӕрӕзта, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут (Дзут. 12:3).

Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта цыппар Евангелийы, цӕмӕй йын йӕ Фырты базонӕм. Фыст дзы ис Йесойы царды ӕмӕ лӕггады тыххӕй. Евангелитӕй базонӕн ис, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, стӕй адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый. Уыцы цыппар чиныджы фӕрцы нӕ бон у Йесойы цӕвиттоныл «лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын». Фенӕн дзы ис йӕ «фӕдтӕ». Евангелитӕ куы иртасӕм, уӕд Йесойы ноджы хуыздӕр базондзыстӕм, ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн йӕ къахвӕдтыл цӕуын. Евангелитӕ ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу. Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм (Йес. Н. 1:8). Евангелиты цы бакӕсыс, уый-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ, алцыдӕр хъусыс ӕмӕ уыныс. Дӕ бон у, Йегъовӕйы организаци цы публикацитӕ рауагъта, уыдон иртасын. w21.04 5 ф., 11–13 абз.

Дыццӕг, 2 май

Мах... хъусын кӕнӕм, хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы Чырыстийы тыххӕй. Уыцы хабар дзуттӕгтӕн у цӕлхдур (1 Кор. 1:23).

Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уымӕй цалдӕр сӕдӕ азы размӕ Йегъовӕ йӕ Ныхасы ныффыссын кодта, Мессийӕйы «ӕртын ӕвзист ӕхцайыл» кӕй ауӕй кӕндзысты (Зах. 11:12, 13). Йӕ уӕйгӕнӕг уыдзӕн йе ’ввахс ӕмбӕлттӕй сӕ иу (Пс. 41:9). Пехуымпар Захари та ныффыста: «Фыййауы ӕрцӕв, ӕмӕ фысты дзуг алырдӕмты фӕлидза» (Зах. 13:7). Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уыцы хабӕрттӕ цӕлхдур не суыдаиккой. Уыдон бамбӕрстаиккой, Йесойыл уыцы пехуымпарӕдтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, ӕмӕ сӕ уырнындзинад бафидар уыдаид. Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Бирӕтӕ кӕй зонынц, уыцы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ рӕстдзинад ныууагътой ӕмӕ раст дины ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Уыдон архайынц, цӕмӕй иннӕты дӕр сӕ фӕдыл акӕной. Телевизоры, газетты, интернеты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕкӕнынц, цъыф сыл фӕкалынц, цавӕрдӕр хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕнынц. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн уыдӕттӕ цӕлхдур не свӕййынц. Уыдон ӕй зонынц, ахӕм хабӕртты тыххӕй Библийы раджы кӕй ӕрцыд фыст (Матф. 24:24; 2 Пет. 2:18–22). w21.05 11 ф., 12 абз.; 12 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 3 май

Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ (Ӕмб. 4:18).

Библи бӕлвырд дзуры, рӕстӕг-иу кӕй хъуамӕ рацӕуа, цалынмӕ-иу Хуыцауы адӕм рӕстдзинад хуыздӕр бамбарой, уӕдмӕ (Кол. 1:9, 10). Йегъовӕ рӕстдзинад гыццылгай ӕргом кӕны, ӕмӕ нӕ фӕхъӕуы фӕразонӕй банхъӕлмӕ кӕсын. Разамонӕг совет куы бамбары, цавӕрдӕр хъуыды раст кӕй не ’мбарын кодтам кӕнӕ организацийы цыдӕр фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ ивындзинӕдтӕ скӕны. Чырыстон динтӕй бирӕтӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнынц, цӕмӕй сӕ адӕмы зӕрдӕ балхӕной кӕнӕ ацы дунейы адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцӕуой. Йегъовӕйы организацийы та ивындзинӕдтӕ ӕрцӕуы, цӕмӕй Хуыцаумӕ тынгдӕр баввахс уӕм ӕмӕ нын ноджы хуыздӕр уайа, Йесо йын куыд лӕггад кодта, афтӕ лӕггад кӕнын (Иак. 4:4). Ацы дунейы адӕм цӕмӕдӕр ӕндӕр цӕстӕй кӕсын кӕй райдайынц, уый тыххӕй нӕ фӕивӕм цыдӕртӕ, фӕлӕ, Библи хуыздӕр кӕй бамбарӕм, уый тыххӕй. Мах рӕстдзинад тынг уарзӕм! (1 Фес. 2:3, 4). w21.10 22 ф., 12 абз.

Цыппӕрӕм, 4 май

Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут (1 Пет. 5:7).

Кӕд дӕхимӕ иунӕг кӕсыс, уӕд дӕ бон цы у саразын? Хъуыды кӕн, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл (Пс. 55:22). Уӕд дӕ бон уыдзӕн дӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Хъуыды ма кӕн, Йегъовӕ иннӕ чырыстӕттӕн сӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн куыд ӕххуыс кӕны, ууыл (1 Пет. 5:9, 10). Ӕфсымӕр Хироси Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕны. Фӕлӕ йӕ бинонтӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ничима сси. Уый афтӕ зӕгъы: «Алчидӕр Йегъовӕйы хъуыддаджы, йӕ бон цы у, уый аразы. Ӕмӕ, йӕ бинонтӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, уыдонӕн уый стыр ныфсы хос у». Стӕй ма Йегъовӕмӕ кув, Библи кӕс ӕмӕ ӕмбырдтӕм цу. Йегъовӕйӕн-иу ӕргом радзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, цы дӕ тыхсын кӕны, уыдӕттӕ. Ахсджиаг у Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсын. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый цы скъуыддзӕгтӕй у бӕрӕг, уыдоныл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ та бахъуыды кӕнынц, уӕлдай тынгдӕр сын ныфсы хос чи сты, ахӕм стихтӕ, зӕгъӕм, Псалом 27:10 стих ӕмӕ Исай 41:10 стих. Чидӕртӕ та, ӕмбырдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕнынц кӕнӕ Библи куы фӕкӕсынц, уӕд фӕхъусынц аудиозаписьтӕм. Ӕмӕ сын уый дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕхимӕ иунӕг ма кӕсой ӕмӕ ма ӕнкъард кӕной. w21.06 9, 10 фф., 5–8 абз.

Майрӕмбон, 5 май

Нӕ тӕрсдзынӕ, ӕнӕнхъӕлӕджы чи ’рцӕуы, ахӕм бӕллӕхӕй (Ӕмб. 3:25).

Кӕд дыл зиан ӕрцыд, уӕд-иу Библийы бакӕс, чи райгас, уыдоны тыххӕй. Уый фӕрцы дӕ тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ, чи дын амард, уый дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Кӕд дын дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд-иу фылдӕр ӕрмӕг раиртас, цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ алкӕддӕр, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй бакӕны. Цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлай, нымай йӕ дӕ уырнындзинад сфидар кӕныны фадатыл. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый-иу Йегъовӕйӕн радзур. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл дӕхи бӕтт, дӕхи сӕ дард ма лас (Ӕмб. 18:1). Дӕ маст сфӕразынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы хъуыддӕгты архай, уый цӕссыгкалгӕйӕ куы кӕнай, уӕддӕр (Пс. 126:5, 6). Ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цу, Библи кӕс. Ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ дын цы хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдон. Куыд дын ӕххуыс кӕны, уый куы уынай, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ. w21.11 23 ф., 11 абз.; 24 ф., 17 абз.

Сабат, 6 май

Мӕ уӕларвон Фыды... нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа (Матф. 18:14).

Йесойы ахуыргӕнинӕгты цӕмӕн ис «гыццылтӕ» схонӕн? Ацы дунейы кадджынтыл нымад сты хъӕздгуытӕ, зындгонд адӕм ӕмӕ, бартӕ кӕмӕ ис, уыдон. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ та адӕмы цӕсты кадджын не сты (1 Кор. 1:26–29). Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсы. Йесо «ацы гыццылты» тыххӕй цӕмӕн райдыдта дзурын? Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ бафарстой: «Уӕларвон паддзахады уӕлдӕрыл нымад чи у?» (Матф. 18:1). Уыцы рӕстӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕн ахсджиаг уыд, цӕмӕй сын адӕмы ’хсӕн кад уыдаид ӕмӕ стыр бынӕттӕ ахстаиккой. Иу ахуыргонд загъта: «Адӕм бӕллыдысты, цӕмӕй-иу сӕ ном айхъуыстаид ӕмӕ сын иннӕтӕ кад кодтаиккой, ӕмӕ-иу уый тыххӕй сӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уыдысты». Дзуттӕгтӕй бирӕтӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымадтой. Ӕмӕ Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгты тынг кӕй хъуыд бацархайын, цӕмӕй сӕ зондахаст фӕивтаиккой. w21.06 20 ф., 2 абз.; 21 ф., 6, 8 абз.; 22 ф., 9 абз.

Хуыцаубон, 7 май

Сой ӕмӕ буд зӕрдӕйӕн куыд ӕхсызгон сты, раст афтӕ адджын у, зӕрдӕбын уынаффӕ чи ратты, уыцы ӕмбал дӕр (Ӕмб. 27:9).

Апостол Павел хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзминаг у. Зӕгъӕм, Фессалоникӕйы ӕмбырдӕн уынаффӕ раттын куы хъуыд, уӕд хъусӕй нӕ лӕууыд. Фӕлӕ уал сӕ фыццаг раппӕлыд сӕ уырнындзинады, сӕ фыдӕбоны ӕмӕ сӕ уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ, фидар кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Павел ма зыдта, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц (1 Фес. 1:3; 2 Фес. 1:4). Ӕмӕ сын загъта, иннӕ чырыстӕттӕн фӕзминаг кӕй сты (1 Фес. 1:8, 9). Павелы ныхӕстӕ сын ӕхсызгон куыннӕ уыдаиккой. Уый йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты тынг уарзта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд хорз уынаффӕтӕ дӕттын. Фессалоникӕгтӕм цы дыууӕ фыстӕджы ныффыста, уыдоны ис, зӕрдӕйыл чи ’мбӕлы, ахӕм уынаффӕтӕ (1 Фес. 4:1, 3–5, 11; 2 Фес. 3:11, 12). w22.02 15 ф., 6 абз.

Къуырисӕр, 8 май

Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн... мӕлӕт (Рарг. 21:4).

Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй адӕмы баууӕндын кӕна, Йегъовӕ ӕгъатыр Хуыцау кӕй у ӕмӕ адӕмы зындзинӕдты уый кӕй у аххосджын. Ӕмӕ йын мӕнг динты разамонджытӕ дӕр йӕ къух аразынц. Зӕгъӕм, сывӕллон куы амӕлы, уӕд ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ӕй Хуыцау йӕхимӕ айста, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕй уӕлӕрвты фылдӕр зӕдтӕ хъӕуы. Уый Хуыцауы фауӕн ныхас куыннӕ у! Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Фыд кӕй у. Ӕмӕ нӕ исчи уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы кӕнӕ нын исчи куы фӕзиан вӕййы, уӕд Хуыцауы нӕ фӕаххосджын кӕнӕм. Мах ӕй зонӕм, иу бон рынчынты кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ мӕрдты дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Ӕмӕ нӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр дзурын, адӕмы куыд тынг уарзы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд йӕ бон уыдзӕн, фидистӕ йын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын (Ӕмб. 27:11). Йегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау. Ӕмӕ йын зын вӕййы, махӕн зын куы вӕййы, уӕд, зӕгъӕм, ӕфхӕрд куы феййафӕм, цавӕрдӕр низӕй куы фӕрынчын вӕййӕм кӕнӕ нӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй куы фӕмаст кӕнӕм, уӕд (Пс. 22:23, 24). Йегъовӕ нын нӕ рыст йӕ зӕрдӕмӕ айсы. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй истӕуылты маст кӕнӕм. Ӕмӕ уыдӕттӕн кӕрон дӕр скӕндзӕн. (Абар Рацыд 3:7, 8; Исай 63:9.) w21.07 9, 10 фф., 9, 10 абз.

Дыццӕг, 9 май

Кад ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл (Пс. 8:5).

Коммӕгӕс адӕм тагъд схайджын уыдзысты ӕппӕты стырдӕр кадӕй – ӕнустӕм уыдзысты Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ ӕмӕ йын лӕггад кӕндзысты! Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы бинонты ныууадзын куы сфӕнд кодтой, уӕд уый ӕркодта стыр бӕллӕхтӕм. Ӕмӕ Йесо уыдӕттӕн кӕрон скӕндзӕн. Йегъовӕ райгас кӕндзӕн милуанты ӕмӕ сын ратдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрой (Лук. 23:42, 43). Йегъовӕйы зӕххон сывӕллӕттӕ ӕххӕст куы суой, уӕд сӕ алчидӕр хайджын уыдзӕн «кад ӕмӕ намысӕй». Кӕд ды дӕр «тынг бирӕ адӕмӕй» дӕ, уӕд дӕ зӕрдыл дар, цы диссаджы ныфс дын ис, уый (Рарг. 7:9). Хуыцау дӕ тынг уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бинонтӕй уай. Уӕдӕ, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай. Иу бон дӕр дӕ Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ рох ма уӕнт. Аргъ кӕн, дӕ бон кӕй у нӕ зынаргъ уӕларвон Фыдӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ ӕнустӕм кадджын кӕнын! w21.08 7 ф., 18, 19 абз.

Ӕртыццӕг, 10 май

Ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд (Гал. 6:9).

Пехуымпар Йереми дӕр хъусын кодта 40 азӕй фылдӕр, кӕд ӕм бирӕтӕ нӕ хъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр. Иуафон йӕ ныфс асаст, ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфта ӕмӕ дзы кӕй хынджылӕг кодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, Йегъовӕйы номӕй кӕй нал дзурдзӕн (Йер. 20:8, 9). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон не сси хъусӕй лӕууын. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кодтаид ӕмӕ йын йӕ лӕггад циндзинад хастаид? Йереми хъуыды кодта дыууӕ ахсджиаг хъуыддагыл. Фыццаг: цы хабар хъусын кодта, уый фӕрцы-иу адӕм базыдтой, кӕй сын ис «фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йер. 29:11). Дыккаг: Йегъовӕ йӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йӕ номӕй дзырдтаид (Йер. 15:16). Ацы дунейы адӕмы зӕрдӕтӕм рухсы цъыртт никӕцӕй кӕлы, ӕмӕ сын мах хӕссӕм ныфсы хабар. Стӕй хӕссӕм Йегъовӕйы ном – стӕм йе ’вдисӕнтӕ. Ӕмӕ ацы хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдыл куы фӕдарӕм, уӕд нын нӕ лӕггад фӕхӕссы циндзинад, адӕм нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕд дӕр. Ӕмӕ, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр сӕ уырнындзинад, мах куыд фӕнды, афтӕ тагъд нӕ сырӕзы. Уӕдӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Фӕразонӕй-иу ӕнхъӕлмӕ кӕс (Иак. 5:7, 8). w21.10 27 ф., 12, 13 абз.

Цыппӕрӕм, 11 май

Нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд (Дзут. 12:1).

Кӕд Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад, гӕнӕн ис, ӕрлӕмӕгъ уа. Куыд загътам, афтӕмӕй уырнындзинад уый у, ӕмӕ адӕймаг бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты. Цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый нӕ, гӕнӕн ис, ӕнцонтӕй ферох уа. Кӕмӕдӕр фаг уырнындзинад кӕй нӕй, уый Павел схуыдта, адӕймаджы «ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд». Нӕ бон куыд у нӕхи уыцы къӕппӕгӕй бахизын? (2 Фес. 1:3). Фыццаг: Йегъовӕйӕ ӕппынӕдзух сыгъдӕг тых кур. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ уырнындзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй иу (Гал. 5:22, 23). Ӕмӕ нын сыгъдӕг тых куы не ’ххуыс кӕна, уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Сфӕлдисӕгыл дарддӕр дӕр фидарӕй ӕууӕндын. Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд нын ӕй ӕнӕмӕнг ратдзӕн (Лук. 11:13). Нӕ бон ма у афтӕ кувын дӕр: «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл» (Лук. 17:5). Дыккаг: Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕс ӕмӕ йыл хъуыды кӕн (Пс. 1:2, 3). w21.08 18, 19 фф., 16–18 абз.

Майрӕмбон, 12 май

Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд (Ӕмб. 16:31).

Ацӕргӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕмбырды сӕ бон у бирӕ хъуыддӕгтӕ аразын. Чи зоны, раздӕрау хъаруджын нал сты. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы сты фӕлтӕрдджын. Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ сӕ бон ницыуал у, ӕмӕ сын бахӕс кӕны алыхуызон хъуыддӕгтӕ. Библийы ис, Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм ацӕргӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты кой. Зӕгъӕм, Моисейыл 80 азы бӕрц куы цыд, уӕд сси Йегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ Израилы адӕмы разамонӕг. Данелыл 90 азӕй фылдӕр куы цыд, уӕд дӕр ма Йегъовӕйы пехуымпар уыд. Ӕмӕ апостол Иоанныл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, 90 азӕй фылдӕр цыди, Раргомады чиныг куы ныффыста, уӕд. «Рӕстаг, Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг» Симеоны тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ зыдта, цавӕр адӕймаг у, ӕмӕ йӕ ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ Симеон федта гыццыл Йесойы. Стӕй сывӕллоны тыххӕй ӕмӕ йӕ мады тыххӕй пехуымпар-ныхас загъта (Лук. 2:22, 25–35). w21.09 3, 4 фф., 5–7 абз.

Сабат, 13 май

Ӕз нӕ уыдтӕн схъӕлзӕрдӕ... Ӕз нӕ бӕллыдтӕн стыр цӕмӕдӕрты (Пс. 131:1).

Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ма барой, стӕй, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр сӕ ма домой, науӕд сывӕллӕттӕн сӕ ныфс асӕтдзӕн (Еф. 6:4). Хо Сачико афтӕ загъта: «Мӕ мады фӕндыди, цӕмӕй-иу экзаментӕ афтӕ радтаин, ӕмӕ иу рӕдыд дӕр ма скодтаин. Фӕлӕ мӕнӕн уый мӕ бон нӕ уыд. Скъола раджы фӕдӕн. Фӕлӕ ма мӕм ныр дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, цы аразын, уый фаг нӕу. Кӕд Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый дӕттын, уӕддӕр иуӕй-иу хатт фӕхъуыды кӕнын, цымӕ мӕ лӕггадӕй райгонд у, зӕгъгӕ». Паддзах Давид загъта, зӕгъгӕ, «ӕз нӕ бӕллыдтӕн стыр цӕмӕдӕрты» (Пс. 131:2). Ома, йӕ бон цы нӕ уыд, уыдӕттӕ аразынмӕ нӕ бӕллыд. Сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы райгонд уыди, цы йын уыд, уыдӕттӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уыди фарн. Давиды ныхӕстӕй ныййарджытӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у? Ныййарджытӕ дӕр сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уой, уӕд сӕхицӕй дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕй дӕр нӕ домдзысты, сӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн куы ’ххуыс кӕной, уӕд сӕ хъуамӕ рох ма уа, хорз сын цы уайы ӕмӕ сын хорз цы нӕ уайы, уыдӕттӕ. Уӕд сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты, уыдонӕн дӕр сӕ бон цыдӕр кӕй у, ӕмӕ-иу сӕ ныфс бацӕудзӕн. w21.07 21 ф., 5, 6 абз.

Хуыцаубон, 14 май

Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн (Гал. 6:5).

Йегъовӕ нӕ сӕрибардзинадӕй схайджын кодта. Ӕмӕ алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, йӕ коммӕ кӕсдзӕн ӕви нӕ. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ, хорз ныййарджытӕ схонӕн кӕй нӕй, уыдонӕн сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайынц ӕмӕ йыл вӕййынц иузӕрдион. Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕхъомыл кӕнынц, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ. Фӕлӕ уыдон куы сыстыр вӕййынц, уӕд рӕстдзинады фӕндаг ныууадзынц. Куыдфӕнды ма уа, алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзӕн ӕви нӕ (Йес. Н. 24:15). Ныййарджытӕ, кӕд уӕ хъӕбул Йегъовӕйы ныууагъта, уӕд уӕхи ма аххосджын кӕнут. Хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ ныййарджытӕй исчи Йегъовӕйы ӕмӕ ма суанг йӕ бинонты дӕр ныууадзы (Пс. 27:10). Уый сывӕллӕтты зӕрдӕты ныууадзы арф хъӕдгом. Сывӕллонӕн йӕ ныййарджытӕ вӕййынц алкӕмӕй хуыздӕр ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никуы фӕрӕдийынц. Нӕ зынаргъ ӕрыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, кӕд уын уӕ ныййарджытӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд макуы дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕ дӕр уын уӕ зын кӕй ӕмбары. Уый уӕ бирӕ уарзы ӕмӕ уын уӕ иузӕрдиондзинадӕн тынг аргъ кӕны. Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ ныййарджытӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдоны тыххӕй дзуапп сымах нӕ дӕттут. w21.09 27 ф., 5–7 абз.

Къуырисӕр, 15 май

Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны (Дзут. 12:6).

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый у, хӕцгӕнизӕй чи фӕрынчын, ахӕм фысы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард (Иак. 5:14). Адӕймаг рынчын куы вӕййы, уӕд тӕссаг вӕййы, йӕ низ иннӕтыл дӕр куы бахӕца, уымӕй. Афтӕ, адӕймаг Йегъовӕйӕ куы адард вӕййы, уӕд дӕр тӕссаг вӕййы, иннӕтыл йӕ зондахаст куы фӕзына, уымӕй. Уый тыххӕй хатт фӕхъӕуы, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы чырыстоны ӕмбырдӕй ацух кӕнын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ уарзы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Стӕй уый фӕрцы, чи зоны, адӕймаг бамбара, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕна. Кӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр йӕ бон у ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Ис ма йын фадат, цӕмӕй публикацитӕ кӕса ӕмӕ сӕ иртаса, стӕй кӕса нӕ телеуынынадмӕ (JW Broadcasting®). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы уыной, йӕ царды ивындзинӕдтӕ кӕй кӕны, уӕд-иу ын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уынаффӕ ратдзысты, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад сфидар кӕнынӕн баххуыс кӕной ӕмӕ та Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад ӕрцӕуа. w21.10 10 ф., 9, 11 абз.

Дыццӕг, 16 май

Мӕнмӕ «Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн уӕларвон паддзахадмӕ (Матф. 7:21).

Мах фӕзмӕм 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты, зӕгъӕм, нӕ организацийы цы фӕтк ис, уымӕй. Ис нӕм цӕуӕг цӕстдарджытӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ (Фил. 1:1; Тит. 1:5). Мах дӕр ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдаумӕ ӕмӕ бинонты цардмӕ кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Туг нымайӕм табуйагыл ӕмӕ ӕмбырд хъахъхъӕнӕм, йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕй (Хъуыд. 15:28, 29; 1 Кор. 5:11–13; 6:9, 10; Дзут. 13:4). Библийы комкоммӕ фыст ис, Хуыцау ӕрмӕстдӕр «иу уырнындзинадӕй» кӕй у райгонд (Еф. 4:4–6). Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн кӕй стӕм ӕмӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй рӕстдзинад кӕй зонӕм, уый стыр кад куыннӕ у! Цӕй уӕдӕ нӕ алкӕддӕр фидарӕй уырнӕд, рӕстдзинад кӕй ссардтам, ӕмӕ йыл фидар хӕцӕм! w21.10 22, 23 фф., 15–17 абз.

Ӕртыццӕг, 17 май

Сымах уӕ бынӕтты слӕуут, ӕнцад лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ (2 Аз. 20:17).

Паддзах Иосафаты ныхмӕ рацыдысты аммонӕгтӕ, моавӕгтӕ ӕмӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕ. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр, йӕ бинонтӕ дӕр ӕмӕ йӕ адӕм иууылдӕр бахаудысты тӕссаг уавӕры (2 Аз. 20:1, 2). Уӕд Иосафат куыд бакодта? Уый Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид ӕмӕ сын тых радтаид. Йегъовӕмӕ куыд сӕрныллӕгӕй куывта, уымӕй бӕрӕг у, йӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдыл йӕ зӕрдӕ тынг кӕй дардта (2 Аз. 20:5–12). Йегъовӕ Иосафатӕн дзуапп радта левит Иахазиилы уылты. Загъта йын абоны стихы фыст ныхӕстӕ. Иосафат йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дардта, ӕмӕ йын куыд загъта, афтӕ бакодта. Йӕ адӕмимӕ знаджы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд разӕй дӕсны гӕрзифтонг хӕстонты нӕ сӕвӕрдта, фӕлӕ, хӕцӕнгарз кӕмӕ нӕ уыд, уыцы зарӕггӕнджыты. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта – куыд загъта, афтӕ знаджы ӕфсӕдтӕ ныццагъта (2 Аз. 20:18–23). w21.11 15, 16 фф., 6, 7 абз.

Цыппӕрӕм, 18 май

Мах нӕ фесӕфтыстӕм Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад (Йер. хъ. 3:22).

Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм (2 Кор. 4:7–9). Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ алкӕддӕр ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарздзӕн, ууыл. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕст кӕсы, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ, йе ’нувыд уарзтмӕ йын чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ» (Пс. 33:18–22). Цалынмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ райдыдтам, уӕдмӕ нӕ уарзта, адӕмы се ’ппӕты дӕр куыд уарзы, афтӕ. Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ куы систӕм, уӕд ма схайджын стӕм йе ’нувыд уарзтӕй дӕр. Уый нӕ йӕ хъӕбысы ’рбакодта ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны. Йегъовӕ нӕ никуы ныууадздзӕн ӕмӕ йӕм мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст кӕндзӕн. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм уӕм йӕ хӕлӕрттӕ (Пс. 46:1, 2, 7). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, Йегъовӕ нын тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. w21.11 7 ф., 17, 18 абз.

Майрӕмбон, 19 май

Кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут (Кол. 3:13).

Нӕ фылдӕр зонынц, бирӕ азты дӕргъы йӕ зӕрдӕйы йе ’мкусӕгмӕ, йӕ къласагмӕ кӕнӕ йӕ бинонтӕй кӕмӕдӕр маст чи хаста, ахӕм адӕймӕгты. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Иосифы дӕс ӕфсымӕры. Уыдон Иосифмӕ сӕ зӕрдӕйы маст хастой, ӕмӕ уый тыххӕй фыдхъуыддаг сарӕзтой (Райд. 37:2–8, 25–28). Иосиф йе ’фсымӕртӕй тынг хицӕн кодта. Хицау куы сси, уӕд йӕ бон уыди йе ’фсымӕртӕй йӕ маст райсын. Фӕлӕ сын уый фӕтӕригъӕд кодта. Иосиф сӕм йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста. Уый архайдта, фӕстӕдӕр Левиты 19:18 стихы цы ныхӕстӕ ӕрцыдысты фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ (Райд. 50:19–21). Иосиф йе ’фсымӕртӕм йӕ зӕрдӕйы маст кӕй нӕ хаста ӕмӕ сын кӕй ныххатыр кодта, уымӕй фӕзминаг у чырыстӕттӕн дӕр. Кӕд нӕ фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын, уӕд-иу мах дӕр хъуамӕ афтӕ бакӕнӕм. Йесо дӕр загъта, нӕ тӕригъӕды чи бацӕуы, уыдонӕн-иу кӕй хъуамӕ ныххатыр кӕнӕм (Матф. 6:9, 12). Апостол Павел дӕр йе ’мчырыстӕттӕн ахӕм уынаффӕ радта: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут» (Ром. 12:19). w21.12 11 ф., 13, 14 абз.

Сабат, 20 май

Уый сӕххӕст кӕндзӕн, чи дзы тӕрсы, уыдонӕн сӕ зӕрдӕйы фӕндон. Фехъусдзӕн сын сӕ дзыназын ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 145:19).

Н. э. 33 азы 14 нисаны ӕхсӕвы Йесо ацыд Гефсиманийы дыргъдонмӕ. Уым Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувын райдыдта (Лук. 22:39–44). Уыцы зын сахат Йесо йӕ Фыдӕн «дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта» (Дзут. 5:7). Цымӕ йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв цӕй тыххӕй куывта? Уый Йегъовӕйӕ куырдта тыхтӕ, цӕмӕй йӕ бон уыдаид иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын. Йегъовӕ уыдта, йӕ Фыртӕн куыд зын у, уый, ӕмӕ йӕм зӕды рарвыста, цӕмӕй йӕ бафидар кодтаид. Йесойыл уыд стыр хӕс – хъуамӕ йӕ Фыды ном срухс кодтаид. Йегъовӕ Йесойы лӕгъстӕтӕ фехъуыста. Уымӕн йӕ сӕйраг мӕт уыди йӕ Фыдыл иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йын йӕ ном срухс кӕнын. Ӕмӕ махӕн дӕр уый сӕйраг куы уа, уӕд-иу нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕ фехъусдзӕн ӕмӕ-иу нын баххуыс кӕндзӕн (Пс. 145:18). w22.01 18 ф., 15–17 абз.

Хуыцаубон, 21 май

Ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд... ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут (Матф. 28:19, 20).

Бирӕтӕн цӕлхдур у, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайӕм, уый. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй-иу ӕвзӕрстыты рӕстӕг искӕуыл схъӕлӕс кӕнӕм. Фӕлӕ нӕхицӕн хицауӕй адӕймаджы куы равзарӕм, уӕд уый Йегъовӕ афтӕ нымайдзӕн, ӕмӕ йыл нӕ къух систам (1 Сам. 8:4–7). Чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нӕ организаци хъуамӕ араза скъолатӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ, стӕй ӕххуысхъуаг адӕмӕн ӕххуыс кӕна. Адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕныныл кӕй нӕ архайӕм, фӕлӕ нӕ тыхтӕ иууылдӕр хъусын кӕнынмӕ кӕй сарӕзтам, уый сын у цӕлхдур. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? (Матф. 7:21–23). Махӕн ӕппӕты сӕйраг хъуамӕ уа, Йесо нын кӕй бафӕдзӕхста, уыцы хъуыддаг аразын. Адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын нӕ хӕс нӕу. Мах адӕмы уарзӕм ӕмӕ, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ мах зонӕм, ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс сын кӕй фӕуыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын куы дзурӕм ӕмӕ сын куы ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕ сӕ Хӕлар суа. w21.05 7 ф., 19, 20 абз.

Къуырисӕр, 22 май

Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг (2 Тим. 3:1).

Кӕд абон хицӕуттӕй бирӕтӕ сӕхи хуыцауӕн кувӕг адӕм хонынц, уӕддӕр сӕ нӕ фӕнды се стыр бынӕттӕ ныууадзын. Ӕмӕ, 1 ӕнусы куыд уыди, афтӕ ныр дӕр хицӕуттӕ Йесойы фӕдылдзӕуджыты ӕфхӕрынц ӕмӕ афтӕмӕй цӕуынц Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕджы ныхмӕ (Хъуыд. 4:25–28). Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй кӕсы? Псаломы 2:10–12 стихты ис дзуапп: «Уӕдӕ ӕмбаргӕ ут, паддзӕхтӕ. Зондзонӕн уын фӕуӕд, зӕххон тӕрхонгӕнджытӕ. Лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн, тӕрсут дзы. Цин кӕнут ӕмӕ йӕ нымайут. Скадджын кӕнут фырты, цӕмӕй уӕм Хуыцау ма смӕсты уа ӕмӕ ма фесӕфат, уымӕн ӕмӕ йӕ маст уайтагъд ссудздзӕн. Амондджын сты, йӕхи йе уазӕг чи бакодта, уыдон иууылдӕр». Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ сын дӕтты рӕстӕг, цӕмӕй раст уынаффӕ рахӕссой. Нырма сӕ бон у аивын ӕмӕ сӕхи Йегъовӕйы Паддзахады дӕлбар бакӕнын. Фӕлӕ рӕстӕг бирӕ нал баззад (Ис. 61:2). Ӕмӕ фӕстиат кӕнӕн ӕппындӕр нал ис. Адӕмы ныртӕккӕ хъӕуы рӕстдзинад базонын ӕмӕ раст уынаффӕ рахӕссын. w21.09 15, 16 фф., 8, 9 абз.

Дыццӕг, 23 май

Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм (1 Тим. 6:8).

Павел загъта, райгонд кӕй хъуамӕ уӕм, цы нын ис, уыдӕттӕй (Фил. 4:12). Не стырдӕр хъӕздыгдзинад у, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый, ӕхцатӕ ӕмӕ дзауматӕ нӕ, фӕлӕ (Ав. 3:17, 18). Израилӕгтӕ 40 азы ӕдзӕрӕг быдыры куы фӕрацу-бацу кодтой, уӕд сын уый фӕстӕ Моисей ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ сымахӕн алы хъуыддаджы дӕр раарфӕ кодта. [...] Цыппор азы дӕргъы Йегъовӕ, уӕ Хуыцау, уыди уемӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ницы хъуаг ӕййӕфтат» (Дык. з. 2:7). 40 азы дӕргъы сын Йегъовӕ лӕвӕрдта маннӕ. Стӕй, Египетӕй цы дзаумӕтты рацыдысты, уыдон сын нӕ ихсыдысты (Дык. з. 8:3, 4). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзӕн, цы нын ис, уыдӕттӕй-иу райгонд куы уӕм, уӕд. Уый фӕнды, цӕмӕй-иу дзы бузныг уӕм, гыццыл исты дӕр нын куы ратты, уӕддӕр, ӕмӕ йын йӕ лӕвӕрттыл цин кӕнӕм. w22.01 5 ф., 10, 11 абз.

Ӕртыццӕг, 24 май

Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у (Ӕмб. 3:5).

Кӕд, бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕр дӕ, уӕд дзуапп дӕттыс дӕ бинонтӕн, ӕмӕ тынг архайыс, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕнай, тӕссаг сын цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Стӕй бирӕ фыдӕбон кӕныс, цӕмӕй сӕ фӕдарай. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлыс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕхи бон дӕр у алцыдӕр банывыл кӕнын. Фӕлӕ дӕхи хъаруйӕ ныфсджын макуы у. Йегъовӕмӕ-иу ӕххуысы тыххӕй скув. Стӕй-иу дӕ бинойнагимӕ дӕр иумӕ зӕрдиагӕй скувут. Библийы ӕмӕ-иу нӕ публикациты Йегъовӕйы разамынд бацагур ӕмӕ-иу дзы цы уынаффӕтӕ ссарай, уыдонмӕ гӕсгӕ-иу архай. Библимӕ гӕсгӕ цы уынаффӕ рахӕссай, уыимӕ, чи зоны, исчи разы ма уа. Гӕнӕн ис, дзурой дын, ӕхца уӕм куы нӕ уа, уӕд амондджын никуы уыдзыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ-иу паддзах Иосафатыл ахъуыды кӕн (2 Аз. 20:1–30). Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый бӕрӕг уыди йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Йегъовӕ уыцы иузӕрдион адӕймаджы нӕ ныууагъта, ӕмӕ дӕу дӕр нӕ ныууадздзӕн (Пс. 37:28; Дзут. 13:5). w21.11 15 ф., 6 абз.; 16 ф., 8 абз.

Цыппӕрӕм, 25 май

[Хуыцаумӕ] хӕрамӕй... ницы ис (Дык. з. 32:4).

Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххыл уа рӕстдзинад ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ мачи кӕна (Райд. 1:26). Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй хатгай цӕмӕдӕр раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсӕм, кӕд афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы тыххӕй алцыдӕр зонӕм, уӕддӕр. Хъуыды кӕныс, Ионӕ куыд смӕсты, Йегъовӕ Ниневийы цӕрджытӕн куы фӕтӕригъӕд кодта, уӕд? (Ионӕ 3:10–4:1). Фӕлӕ уый фӕрцы 120 мин адӕймагӕй фылдӕр аирвӕзтысты! Уӕдӕ чи рӕдыди, Йегъовӕ ӕви Ионӕ? Йегъовӕ хӕсджын нӕу, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кӕна, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахӕссы, уый. Раджы заманты-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн бар радта, цӕмӕй-иу сӕ хъуыды загътаиккой, цы тӕрхон рахаста кӕнӕ рахӕссинаг уыд, уый фӕдыл (Райд. 18:25; Ионӕ 4:2, 3). Хатт-иу бамбарын кодта, цавӕрдӕр уынаффӕ цӕмӕн рахаста, уый дӕр (Ионӕ 4:10, 11). Фӕлӕ Йегъовӕйӕн мах дзурын нӕ хъӕуы, «раст бакодтай» кӕнӕ «афтӕ ма бакӕн», зӕгъгӕ (Ис. 40:13, 14; 55:9). w22.02 3, 4 фф., 5, 6 абз.

Майрӕмбон, 26 май

Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый йӕхи афтӕ дарӕд, цыма кӕстӕр у, хистӕр та – цыма лӕггадгӕнӕг у (Лук. 22:26).

Цӕмӕй кӕстӕрты хуызӕн уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм (Фил. 2:3). Ӕмӕ ууыл куы сахуыр уӕм, уӕд-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ нӕ фӕриссын кӕндзыстӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй алкӕй дӕр цӕйдӕр тыххӕй ис нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕн. Уый аразын нын ӕнцондӕр уыдзӕн, сӕ хорз миниуджытыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, апостол Павел коринфӕгтӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Кӕй фӕрцы хицӕн кӕныс иннӕмӕй? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцау нӕ радта? Ӕмӕ дын ӕй кӕд Хуыцау радта, уӕд та дӕхицӕй цы ӕппӕлыс, цыма дын дӕхи хъаруйы фӕрцы ис?» (1 Кор. 4:7). Хъуамӕ нӕхимӕ иннӕты ӕргом ма здахӕм ӕмӕ нӕхимӕ ахӕм хъуыдытӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм, зӕгъгӕ, иннӕтӕй хуыздӕр дӕн. Кӕд ӕфсымӕр раныхӕстӕ дзурынмӕ хорз арӕхсы кӕнӕ хо иннӕтимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕнцонтӕй райдайы, уӕд-иу хъуамӕ йӕхицӕй ма ныббуц уа, фӕлӕ-иу Йегъовӕйӕ бузныг уа. w21.06 21, 22 фф., 9, 10 абз.

Сабат, 27 май

Байтау дӕ хуым ӕмӕ... дӕ къухтӕн ӕнцой ма дӕтт (Еккл. 11:6).

Фӕстаг рӕстӕг хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕн тынг фӕзын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Кӕм фӕхъусын кӕнынц, уыцы рӕтты бирӕтӕ цӕрынц, хъахъхъӕнджытӕ кӕм ис кӕнӕ йӕ кӕрт ӕхгӕд кӕмӕн у, ахӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты. Ӕмӕ дӕ цӕрджытӕй исчи куы нӕ фӕхона, уӕд дӕ дуаргӕс кӕнӕ хъахъхъӕнӕг мидӕмӕ нӕ бауадздзӕн. Кӕмдӕрты та хъусынгӕнджытӕ хӕдзары бирӕты нӕ баййафынц. Йе та сӕ территорийы цӕрджытӕ бирӕ нӕ вӕййы. Арӕх сӕ ахӕм рӕттӕм цӕуын бахъӕуы ӕрмӕст иу адӕймаджы тыххӕй, ӕмӕ уый дӕр, гӕнӕн ис, хӕдзары ма разына. Кӕд ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ’руадзӕм. Хъусын кӕн ӕндӕр афон. Адӕм хӕдзары арӕхдӕр цафон вӕййынц, уыцы афон-иу сӕм куы ’рбацӕуӕм, уӕд нын фылдӕр адӕмимӕ бантысдзӕн аныхас кӕнын. Хӕдзары сӕ куы нӕ баййафӕм, уӕддӕр сӕ искуы хӕдзармӕ цӕуын нӕ хъӕудзӕн? Бирӕтӕ фӕхъусын кӕнынц фӕссихор кӕнӕ изӕрыгӕтты, уымӕн ӕмӕ уӕд хӕдзары фылдӕр адӕмы баййафынц. Стӕй уыцы афон адӕм никӕдӕм фӕтагъд кӕнынц, ӕмӕ хуыздӕр байхъусынц. w21.05 15 ф., 5, 7 абз.

Хуыцаубон, 28 май

Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты (Мар. 7:7).

Абон дӕр хабар афтӕ у? О. Бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, Библимӕ гӕсгӕ раст чи не сты, уыцы бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнӕм, уый, зӕгъӕм, Ног аз кӕнӕ гуырӕнбонтӕ. Иуӕй-иутӕ та нӕм мӕсты кӕнынц, патриотизмимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ марды кӕндтӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уый тыххӕй. Уыдӕттӕ цӕлхдур кӕмӕн свӕййынц, уыдонмӕ, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ йын кувынц ӕмӕ сӕ райгонд у. Фӕлӕ сын кӕд адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ Библийы бӕлвырд ахуырӕдтӕй ахсджиагдӕр сты, уӕд сӕ бон нӕу Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын (Мар. 7:8, 9). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын цӕлхдур мацы суа? Хъуамӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ тынг бауарзӕм (Пс. 119:97, 113, 163–165). Йегъовӕйы куы уарзӕм, уӕд, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ’гъдӕуттӕ не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Стӕй уый бар никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. w21.05 6 ф., 15, 16 абз.

Къуырисӕр, 29 май

Алы хъуыддаджы дӕр у къӕрцхъус, зындзинӕдтӕн быхс, хорз хабар хъусын кӕн (2 Тим. 4:5).

Нӕ бон куыд у апостол Павелы уынаффӕмӕ хъусын? Хъуамӕ ӕдзух Библи иртасӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм ӕмӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый зӕрдиагӕй аразӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа (2 Тим. 4:4). Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд-иу нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй исчи ӕвзӕрӕй исты куы дзура, уӕд (Ис. 28:16). Мах тынг уарзӕм Йегъовӕйы, йӕ Ныхас, стӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты. Ӕмӕ нын, раст дин чи ныууагъта, уыдоны ныхӕстӕ цӕлхдур не суыдзысты. 1 ӕнусы Йесойыл бирӕтӕ нӕ баууӕндыдысты. Фӕлӕ йыл чи баууӕндыд, уыдон дӕр гыццыл нӕ уыдысты. Ӕппынкъаддӕр дзы иу уыд дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондонӕй. Стӕй ма йыл баууӕндыдысты «сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ» (Хъуыд. 6:7; Матф. 27:57–60; Мар. 15:43). Нӕ рӕстӕджы дӕр цалдӕр милуан адӕймаджы бафӕндыд Йесойы фӕдыл цӕуын ӕмӕ сын цӕлхдур ницы сси. Уыдон зонынц, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый ӕмӕ йӕ уарзынц. Библийы фыст ис: «Дӕ закъон дын чи уарзы, уыдон хайджын сты бирӕ фарнӕй, ӕмӕ сын нӕй цӕлхдур» (Пс. 119:165). w21.05 13 ф., 20, 21 абз.

Дыццӕг, 30 май

Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады (2 Кор. 12:9).

Апостол Павел зыдта, Йегъовӕйы хъуыддаджы цыдӕриддӕр аразы, уый йӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйы фӕрцы кӕй аразы. Павелӕн йӕ ныхмӕ цыдысты, ахӕстоны-иу ӕй сбадын кодтой ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Фӕлӕ йын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъару лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ лӕггады рохуаты мацы уагътаид. Павелӕн уыд ӕрыгон ӕмбал – Тимофей. Уый дӕр хъуамӕ йӕ ныфс Хуыцауы хъаруйыл дардтаид, цӕмӕй дарддӕр лӕггад кодтаид. Тимофей-иу Павелимӕ ацыд уацамындон балцыты. Ӕмӕ-иу уыцы балцыты бирӕ рӕстӕг фесты. Уымӕй уӕлдай ма-иу Павел Тимофейы арвыста, цӕмӕй-иу ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кодтаид ӕмӕ-иу сӕ бафидар кодтаид (1 Кор. 4:17). Чи зоны, Тимофеймӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ йын Павел, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй загъта афтӕ: «Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд» (1 Тим. 4:12). Уымӕй уӕлдай ма уыцы рӕстӕг Тимофейы дӕр тухӕнӕй мардта «буары сындз». Арӕх-иу рынчын кодта (1 Тим. 5:23). Фӕлӕ Тимофей зыдта, Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ бон кӕй уыдзӕн хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын (2 Тим. 1:7). w21.05 21 ф., 6, 7 абз.

Ӕртыццӕг, 31 май

Дӕ дзугтӕм зӕрдиагӕй кӕс (Ӕмб. 27:23).

Уынаффӕ чи дӕтты, уый хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Иаковы 1:19 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна». Чи зоны, хистӕр нӕлгоймагмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаджы тыххӕй алцыдӕр зоны. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Ӕмбисӕндты 18:13 стихы фыст ис: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг». Хуыздӕр уыдзӕн, адӕймаджы-иу йӕхи куы бафӕрсӕм, куыд у, уымӕй. Уый фӕстӕ йӕм хъӕудзӕн байхъусын. Стӕй йын нӕ бон уыдзӕн исты зӕгъын. Хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у бафӕрсын, зӕгъгӕ, куыд дӕ, мӕ бон дын баххуыс кӕнын цӕмӕй у. Хистӕр нӕлгоймаг-иу хойы кӕнӕ ’фсымӕры тыххӕй фылдӕр куы базона, уӕд ын йӕ бон уыдзӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ дзы ныфс бауадзын. Цӕмӕй адӕймаг уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса, уый тыххӕй цалдӕр стихы бакӕсын кӕнӕ цалдӕр хорз хъуыдыйы зӕгъын фаг нӕу. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуамӕ уыной, кӕй сыл тыхсӕм, кӕй сӕ ӕмбарӕм ӕмӕ нӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм. w22.02 17 ф., 14, 15 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын