Июнь
Цыппӕрӕм, 1 июнь
Ӕрбацыд иу мӕгуыр идӕдз ус... ӕмӕ дзы ныппӕрста дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы (Мар. 12:42).
Уыцы идӕдз ус зын цӕрдтытӕ кодта. Ӕвӕццӕгӕн ӕм къӕбӕры фаг дӕр алы хатт нӕ уыд ӕхца. Сылгоймаг ӕхцавӕрӕнмӕ бацыд ӕмӕ дзы ӕфсӕрмыгӕнгӕ дыууӕ лыстӕг ӕхцайы ныппӕрста. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ дзыгъал-мыгъул дӕр не ссыд. Йесо зыдта, дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы дзы кӕй ныппӕрста. Уыдон уыдысты дыууӕ лептӕйы – уӕды рӕстӕг ӕппӕты лыстӕгдӕр ӕхцатӕ. Уыцы ӕхцатӕй иу сырддонцъиу дӕр нӕ уыд балхӕнӕн. Сырддонцъиутӕ та уыдысты, хӕрынӕн-иу кӕй балхӕдтой, уыцы мӕргътӕй ӕппӕты асламдӕртӕ. Уыцы сылгоймаг цы сарӕзта, уый Йесойы дисы бафтыдта. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста. Уыдон дзы [уӕлдайдӕр хъӕздгуытӕ] уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ» (Мар. 12:43, 44). Уыцы иузӕрдион сылгоймаг йӕ фӕстаг ӕхцатӕ куы радта, уӕд афтӕмӕй равдыста, йӕхи Йегъовӕйы бар кӕй бакодта (Пс. 26:3). w21.04 6 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 2 июнь
Сымах... Иерусалим уӕ ахуырадӕй байдзаг кодтат (Хъуыд. 5:28).
Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын хъусын кӕныны хъуыддаг алкӕддӕр циндзинад хаста (Иоан. 4:35, 36). Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕной. Цалынмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыди, уӕдмӕ уыдон хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой (Лук. 10:1, 5–11, 17). Фӕлӕ, Йесойы куы ’рцахстой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕд иуцасдӕр афтӕ зӕрдиагӕй нал хъусын кодтой (Иоан. 16:32). Йесо куы райгас, уӕд сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ тыхтӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ сарӕзтаиккой. Ӕмӕ, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ райдыдтой афтӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын, ӕмӕ се знӕгтӕ загътой, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ. 1 ӕнусы Йесо хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта. Ӕмӕ Йегъовӕ уыцы хъуыддагӕн арфӕ кодта. Зӕгъӕм, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд райстой 3 мин адӕймаджы бӕрц (Хъуыд. 2:41). Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой (Хъуыд. 6:7). Фӕлӕ Йесо загъта, фӕстаг бонты хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм кӕй айсдзысты (Иоан. 14:12; Хъуыд. 1:8). w21.05 14 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 3 июнь
Амондджын у уыцы адӕймаг, мӕныл чи нӕ дызӕрдыг кӕны (Матф. 11:6).
Хъуыды ма кӕныс, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый куы бамбӕрстай, уыцы бон? Чи зоны дӕм афтӕ каст, ӕмӕ, ды цӕуыл баууӕндыдтӕ, ууыл алчидӕр баууӕнддзӕн. Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтай, рӕстдзинад куы базоной, уӕд ныр дӕр кӕй уыдзысты амондджын, стӕй сын кӕй фӕзындзӕн ныфс, фидӕны сӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Пс. 119:105). Ӕмӕ-иу дӕ хиуӕттӕн ӕмӕ де ’мбӕлттӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзырдтай, Библийӕ-иу цы базыдтай, уыдӕттӕ. Фӕлӕ стӕй бамбӕрстай, бирӕты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд, цы сын дзырдтай, уый. Ӕмӕ дӕм уый диссаг куыннӕ фӕкастаид. Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ адӕм куы нӕ хъусой, уӕд-иу нӕм уый хъуамӕ диссаг ма фӕкӕса. Йесойыл дӕр йӕ рӕстӕджы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты. Ӕмӕ уый та диссӕгтӕ дӕр арӕзта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, Хуыцау ын кӕй ӕххуыс кӕны, уый. Зӕгъӕм, Чырысти райгас кодта Лазӕры. Ӕмӕ, йӕ ныхмӕ чи цыд, суанг уыдонӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд зӕгъын, уыцы диссаг нӕ сарӕзта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр дзуттаг дины разамонджытӕ нӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ кӕй у, ууыл. Ӕмӕ ма Йесойы ӕмӕ Лазӕры марынмӕ дӕр хъавыдысты! (Иоан. 11:47, 48, 53; 12:9–11). w21.05 2 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 4 июнь
Не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм (Дзут. 10:25).
Архай, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнай. Фембӕлдты программӕ-иу дӕ ныфс бауадздзӕн, стӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр хуыздӕр базондзынӕ. Ӕмбырды дӕхицӕн ссар, цӕуылдӕрты кӕмӕй сахуыр уыдзынӕ, ахӕм ӕмбӕлттӕ. Гӕнӕн ис, уой дӕхицӕй хистӕр кӕнӕ кӕстӕр, кӕнӕ та ӕндӕр адӕмыхаттӕй дӕр. Библийы фыст ис, «зонд зӕрӕдтӕм» кӕй ис (Иов 12:12). Ӕмӕ хистӕртӕ дӕр ӕрыгӕттӕй бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр вӕййынц. Давид Ионафанӕй бирӕ кӕстӕр уыди, фӕлӕ уыдон тынг ӕввахс ӕмбӕлттӕ уыдысты (1 Сам. 18:1). Давид ӕмӕ Ионафан зын уавӕрты кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (1 Сам. 23:16–18). Хо Иринӕйӕн йӕ бинонтӕй йӕхи йеддӕмӕ Ӕвдисӕн ничи у. Ӕмӕ уый афтӕ зӕгъы: «Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын свӕййынц ныййарджыты кӕнӕ мадызӕнӕджы хуызӕн. Йегъовӕ нын уыдоны уылты ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ цӕмӕйдӕр фӕцух стӕм». Не ’мбӕлтты фӕфӕнды, цӕмӕй-иу нын баххуыс кӕной ӕмӕ-иу нӕ ныфс бауадзой. Фӕлӕ сын куы ницы дзурӕм, уӕд нын куыд баххуыс кӕндзысты? w21.06 10, 11 фф., 9–11 абз.
Къуырисӕр, 5 июнь
Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн дӕр мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ хатыр кӕна, уӕд (Матф. 18:35).
Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас паддзах ӕмӕ йӕ цагъары тыххӕй. Паддзах цагъарӕн стыр хӕс ныххатыр кодта. Цагъар уыцы хӕс йӕхӕдӕг никуы бафыстаид. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕгъатыр цагъар иннӕ цагъарӕн йӕ хӕс нӕ ныххатыр кодта. Афтӕмӕй та дзы уый къаддӕр дардта. Ӕппынфӕстаг паддзах фыдзӕрдӕ цагъары ахӕстоны бакодта. Цагъар афтӕ кӕй бакодта, уый ӕрмӕст йӕхицӕн не ’рхаста зиан, фӕлӕ ма иннӕтӕн дӕр. Иу уый, ӕмӕ иннӕ цагъары «ахӕстоны бакӕнын кодта, цалынмӕ йын йӕ хӕс нӕ бафыстаид, уӕдмӕ». Иннӕ та уый, ӕмӕ, «иннӕ цагъартӕ [уый] куы федтой, уӕд сын тынг хъыг уыди» (Матф. 18:30, 31). Афтӕ, мах дӕр цы фӕаразӕм, уый иннӕтыл фӕзыны. Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕ нын чи фӕриссын кодта, уымӕн куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд хабар куыд рауайдзӕн? Афтӕмӕй йын зиан хӕссӕм, уымӕн ӕмӕ йын нӕ хатыр кӕнӕм, нӕхи дзы дард ласӕм ӕмӕ йӕ нӕ уарзтӕй ӕнӕхай кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, ӕмбырды иннӕтӕ куы уыной, кӕй нӕ фидауӕм, уӕд сын уый зын уыдзӕн. w21.06 22 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 6 июнь
[Хуыцау], зӕхх чи сафы, уыдоны... фесафдзӕн (Рарг. 11:18).
Хуыцау адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ Хӕйрӕгмӕ хорз кӕсы адӕмы алы хӕлд хъуыддӕгтыл ӕфтауын. Нойы рӕстӕджы Йегъовӕ куы федта, «адӕм бынысӕфт кӕй фесты», уӕд «маст кодта, зӕххыл кӕй сфӕлдыста, уыцы адӕмы тыххӕй, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райд. 6:5, 6, 11). Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ницы фӕивта. Хӕйрӕг тынг цин кӕны, адӕм амӕй-ай хӕлддӕр митӕ кӕй кӕнынц, ууыл. Суанг ма нӕлгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ сылгоймӕгтимӕ кӕнынц хӕлд митӕ! (Еф. 4:18, 19). Уӕлдай ӕхсызгон та йын вӕййы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты тӕригъӕды куы бафтауы, уӕд. Хӕйрӕджы дӕлбар, «адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан». Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай адӕм зиан хӕссынц, Йегъовӕ сын сӕ бар кӕй бакодта, уыцы зӕххӕн ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр (Еккл. 8:9; Райд. 1:28). Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй адӕмы хъуыддӕгты тыххӕй цалдӕр азмӕ фесӕфдзӕн цӕрӕгойты ӕмӕ зайӕгойты хуызтӕй иу милуан. w21.07 12 ф., 13, 14 абз.
Ӕртыццӕг, 7 июнь
[Йегъовӕ] зӕрдиагӕй ныххатыр кӕндзӕн (Ис. 55:7).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ сӕхи ӕгӕр фӕхӕрынц сӕ раздӕры рӕдыдтыты тыххӕй. Кӕд зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнынц ӕмӕ тӕригъӕд нал фӕаразынц, уӕддӕр сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ сын Йегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн. Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Арӕх-иу хъуыды кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, ууыл. Уый дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнай. Уымӕн гӕнӕн ис, уымӕн ӕмӕ нӕ «йӕ Фырт Йесойы туг сыгъдӕг кӕны ӕппӕт тӕригъӕдтӕй дӕр» (1 Иоан. 1:7). Кӕд дӕ рӕдыдтыты тыххӕй дӕ ныфс асӕтты, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕйы зӕрдиагӕй кӕй фӕфӕнды махӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын. Псаломзарӕггӕнӕг Давид бамбарын кодта, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, уый куыд баст у, ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы, уыимӕ. Уый ныффыста: «Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ стыр у йе ’нувыд уарзт, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ. Хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у, афтӕ адард кодта махӕй нӕ тӕригъӕдтӕ» (Пс. 103:11, 12). w21.11 5, 6 фф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 8 июнь
Йӕ фырттӕ йӕ разы сыстынц ӕмӕ йӕ схонынц амондджын, сысты йӕ сӕрыхицау ӕмӕ дзы раппӕлы (Ӕмб. 31:28).
Чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ бинойнагӕн кад кӕна (1 Пет. 3:7). Йӕ бинойнагӕн чи кад кӕны, уыцы лӕг хъуыддагӕй равдисы, тынг ын кӕй аргъ кӕны. Уый дзы, йӕ бон цы нӕу, уый нӕ фӕдомы. Ӕмӕ йӕ иннӕ сылгоймӕгтимӕ дӕр нӕ фӕбары. Лӕг йӕ усы иннӕ сылгоймӕгтимӕ куы фӕбары, уӕд уый усыл куыд фӕзыны? Розӕйӕн йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу. Ӕмӕ йӕ иннӕ сылгоймӕгтимӕ арӕх фӕбары. Йӕ ныхӕсты тыххӕй Розӕ йӕхимӕ ницӕйаг ӕркӕсы. Афтӕ дӕр ма йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ ничи уарзы. Розӕ загъта: «Хъуамӕ-иу мын исчи ӕдзух мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕн». Фӕлӕ чырыстон нӕлгоймаг йӕ бинойнагӕн кад фӕкӕны. Зоны йӕ, уӕд ын йӕ бинойнаг дӕр кӕй аргъ кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕ дӕр. Йӕ бинойнагӕн чи кад кӕны, уыцы лӕг дзы феппӕлы, фӕдзуры йын, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ иннӕты раз дӕр йӕ хорзы кой фӕкӕны. w21.07 22 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 9 июнь
Цас хъӕуа, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн (Мих. 7:7).
Зӕгъӕм, де ’мбал дын хъуамӕ ӕрбахӕсса, тынг дӕ чи хъӕуы, ахӕм дзаума. Фӕлӕ йӕм ды цафон ӕнхъӕлмӕ кастӕ, уыцы афон не ’рбацыд. Цымӕ уӕд дӕ ныфс асӕтдзӕн? Фӕлӕ йӕ куы зонай, афтӕ цӕмӕн рауад, уӕд дын ӕнхъӕлмӕ кӕсын афтӕ зын нӕ уыдзӕн. Фӕразондзинад ахсджиаг кӕй у, уый базонӕн ис Ӕмбисӕндтӕ 21:5 стихӕй. Уым фыст ис: «Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ». Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Цӕмӕй нын исты бантыса, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр аразӕм бӕстон ӕмӕ ӕгӕр тагъд ма кӕнӕм. Ӕмбисӕндты 4:18 стихы фыст ис: «Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ». Ацы стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕ фӕнд сабыргай кӕй бамбарын кӕны. Стӕй ма нын ацы стих ӕмбарын кӕны, чырыстон йӕ царды ивындзинӕдтӕ куыд скӕны ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар куыд свӕййы, уый. Цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕмӕ баввахс уа, уымӕн хъӕуы рӕстӕг. w21.08 8 ф., 1, 3, 4 абз.
Сабат, 10 июнь
Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит (Ис. 6:8).
Ацы дунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нын ис бирӕ куыст (Матф. 24:14; Лук. 10:2; 1 Пет. 5:2). Не ’ппӕты дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, нӕ бон цы у, уый аразын. Бирӕтӕ сфӕнд кӕнынц хъусын кӕныны хъуыддаджы фылдӕр аразын. Кӕйдӕрты фӕнды пионертӕй лӕггад кӕнын. Кӕйдӕрты та фӕнды Вефилы лӕггад кӕнын кӕнӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын. Бирӕ ӕфсымӕртӕ та фӕтырнынц, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ суой (1 Тим. 3:1, 8). Ӕмӕ Йегъовӕ куы фӕуыны, йӕ адӕм куыд зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц, уӕд ын тынг ӕхсызгон вӕййы! (Пс. 110:3). Кӕд дӕ нысӕнттӕй кӕцыдӕр дӕ къухы нӕма бафтыд, уӕд уый тыххӕй, мыййаг, дӕ ныфс асаст? Кӕд о, уӕд Йегъовӕмӕ кув (Пс. 37:5–7). Дӕ бон ма у фӕлтӕрдджын ӕфсымӕрты бафӕрсын, дӕ лӕггады дӕ бон фӕхуыздӕр кӕнын цы у, уымӕй. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ сӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архай. Афтӕ куы кӕнай, уӕд, цӕмӕ бӕллыс, уый иу бон дӕ къухы бафтдзӕн. w21.08 20 ф., 1 абз.; 21 ф., 4 абз.
Хуыцаубон, 11 июнь
Йегъовӕ... иузӕрдион [ыл] чи у, уыдоны нӕ ныууадздзӕн (Пс. 37:28).
Ус-пехуымпар Аннӕ уыди идӕдз. Цыди йыл 84 азы, фӕлӕ-иу «ӕдзух уыд кувӕндоны». Зӕгъӕн ис, Аннӕ ӕмбырдтӕ нӕ цух кодта, ӕмӕ йын уый тыххӕй Йегъовӕ раарфӕ кодта – Аннӕ дӕр гыццыл Йесойы федта (Лук. 2:36–38). Нӕ рӕстӕджы дӕр бирӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕрыгӕттӕн сты фӕзминаг. Уыдонӕн сӕ лӕггады ӕмӕ сӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у радзурын. Ӕмӕ хорз уаид, рӕстӕг-иу куы ссариккам, цӕмӕй-иу сӕ уыдӕттӕй афӕрсӕм ӕмӕ-иу сӕм лӕмбынӕг байхъусӕм. Уый нын стыр пайда фӕуыдзӕн. Нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн Йегъовӕйы организацийы ис ахсджиаг бынат. Уыдон иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой, Йегъовӕ-иу йӕ организацийӕн, стӕй сын сӕхицӕн дӕр куыд арфӕ кодта, уый. Цы рӕдыдтытӕ-иу ӕруагътой, уыдонӕй-иу ахсджиаг цӕуылдӕрты сахуыр сты. Уыдон сты «зонды суадон» (Ӕмб. 18:4). Ӕмӕ рӕстӕг куы ссарай, цӕмӕй сӕ хуыздӕр базонай, уӕд дӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн. w21.09 3 ф., 4 абз.; 4 ф., 7, 8 абз.; 5 ф., 11, 13 абз.
Къуырисӕр, 12 июнь
Армыдзаг адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм (Ис. 60:22).
Исай загъта, Йегъовӕйы адӕм сӕхи кӕй ӕфсадынц «адӕмты ӕхсырӕй» (Ис. 60:5, 16). Нӕ зынгзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алыхуызон курдиӕттӕй хайджын кӕй сты, уый фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы 240 бӕстӕйы ӕмӕ нӕ литературӕ уагъд цӕуы 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ныртӕккӕ у кӕроны рӕстӕг. Ӕмӕ, Йегъовӕ адӕмты кӕй базмӕлын кодта, уымӕ гӕсгӕ алкӕй дӕр хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын: Хуыцауы Паддзахады фарс уыдзӕн ӕви йӕ ныфс ацы дунейы хицауӕдтыл дардзӕн. Кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, кӕм цӕрынц, уыцы бӕстӕты закъӕттӕм хъусынц, уӕддӕр сын политикӕимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис (Ром. 13:1–7). Уыдон ӕй зонынц, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн. Ӕмӕ уыцы Паддзахад та ацы дунейӕ нӕу (Иоан. 18:36, 37). w21.09 17, 18 фф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 13 июнь
Ӕргом ын кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ (Пс. 62:8).
Кӕд дӕ бинонтӕй исчи Йегъовӕйы ныууагъта, уӕд тынг ахсджиаг у, цӕмӕй дӕхи уырнындзинад дӕр ӕмӕ дӕ бинонты уырнындзинад дӕр фидар кӕнай. Алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас кӕс ӕмӕ йыл хъуыды кӕн, стӕй ӕмбырдтӕм цу. Афтӕмӕй дын Йегъовӕ хъарутӕ дӕтдзӕн. Джоаннӕйӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ хо рӕстдзинад ныууагътой. Уый афтӕ зӕгъы: «Авигейӕйы, Есфиры, Иовы, Иосифы ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы фӕкӕсын, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы. Сӕ хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ мӕ ныфсыл ныфс бафты ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы рыст дӕр фӕкъаддӕр вӕййы». Нӕ уарзӕгой Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна уавӕрмӕ йӕ цӕстӕй ракӕсынӕн, стӕй дын ӕмбаргӕдзинад ратта «ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараза» (Пс. 32:6–8). Чи зоны дын тынг зын уа, цы ӕнкъарыс, уый Йегъовӕйӕн радзурын. Фӕлӕ дын Йегъовӕ дӕ зӕрдӕйы рыст хорз ӕмбары ӕмӕ дын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй йын дӕ зӕрдӕ ӕргом кӕнай (Рац. 34:6; Пс. 62:7). w21.09 28 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 14 июнь
Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм (Матф. 17:5).
Нӕ эрӕйы 32 азы Куадзӕны фӕстӕ апостолтӕ Петр, Иаков ӕмӕ Иоанн федтой диссаджы цӕстылуайӕн. Йесо сӕ йемӕ акодта бӕрзонд хохмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Ермоны хохы фахсыл. Уым Йесо сӕ разы йӕ хуыз аивта. «Йӕ цӕсгом хурау ныррухс, йӕ дарӕс та рухсау цӕхӕртӕ калын райдыдта» (Матф. 17:1–4). Апостолтӕ фехъуыстой Хуыцауы хъӕлӕс: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт. Хъусут ӕм». Уыцы ӕртӕ апостолӕн сӕ цардӕй бӕрӕг уыд, Йесомӕ кӕй хъуыстой. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды уыдоны бафӕзмын. Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, ӕмбырды «сӕр» Йесо Чырыстийы уылты нын разамынд кӕй дӕтты, уый тыххӕй (Еф. 5:23). Цӕй уӕдӕ мах дӕр Йесомӕ хъусӕм, апостолтӕ Петр, Иаков ӕмӕ йӕм Иоанн куыд хъуыстой, афтӕ. Афтӕ-иу куы кӕнӕм, уӕд ныр дӕр хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Фидӕны та ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзыстӕм! w21.12 22 ф., 1 абз.; 27 ф., 19 абз.
Цыппӕрӕм, 15 июнь
Куыд хъӕуы, афтӕ дын зонд бацамондзынӕн (Йер. 30:11).
Коринфы ӕмбырды иу чырыстон цард йӕ фыды усимӕ. Ӕмӕ апостол Павел коринфӕгтӕм ныффыста, цӕмӕй йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой. Уыцы чырыстон ӕнӕгъдау цард кӕй кодта, уый ӕмбырды иннӕтыл дӕр фӕзынд. Чидӕртӕ сӕ уыцы ӕнӕгъдау ми худинагыл дӕр нал нымадтой! (1 Кор. 5:1, 2, 13). Цасдӕры фӕстӕ Павел базыдта, уыцы нӕлгоймаг йӕ тӕригъӕдыл ӕцӕгдӕр кӕй ӕрфӕсмон кодта. Павел хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ йын «зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнут ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут». Цӕмӕн сын загъта афтӕ? Цӕмӕй, дам, «бынтондӕр йӕхимӕ ма ныхъхъуса». Павел ын фӕтӕригъӕд кодта. Уыцы адӕймаг йӕхи ӕгӕр куы хордтаид, уӕд ӕй ныфс дӕр нал уыдаид, йӕ тӕригъӕд хатыргонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Ӕмӕ Павелы нӕ фӕндыд, цӕмӕй афтӕ рауадаид (2 Кор. 2:5–8, 11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр Йегъовӕйау ӕхсызгон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Ӕмӕ, гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд равдисынц фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Фӕлӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый бафхӕрын куы фӕхъӕуы, уӕд ӕй бафхӕрынц. Ӕнӕфхӕрдӕй-иу ӕй куы ныууадзиккой, уӕд уый фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл дзурӕг нӕ уаид. Уӕд афтӕ рауаид, ӕмӕ тӕригъӕдмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсынц. w21.10 11, 12 фф., 12–15 абз.
Майрӕмбон, 16 июнь
Дӕ маст ма ис ӕмӕ... дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс (Лев. 19:18).
Хатт нӕ исчи фӕхъыг кӕны. Зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ абарӕн ис ӕнӕуи хъӕдгӕмттимӕ. Кӕцыдӕртӕ сӕ афтӕ арф нӕ вӕййынц, кӕцыдӕртӕ та вӕййынц тынг арф. Зӕгъӕм, гӕххӕттӕй ис ӕнгуылдз алыг кӕнӕн. Ӕмӕ кӕд фӕриссы, уӕддӕр иу кӕнӕ дыууӕ боны фӕстӕ хъуыды дӕр не ’ркӕндзынӕ, де ’нгуылдз кӕм алыг, уый. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд дӕр арӕх афтӕ вӕййы. Зӕгъӕм, не ’мбал ӕнӕрхъуыдыйӕ цыдӕр куы зӕгъа кӕнӕ куы сараза ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕна, уӕд уый тагъд ферох кӕндзыстӕм. Фӕлӕ нын исчи нӕ зӕрдӕ тынг куы скъаха, уӕд та? Адӕймаг йӕ къух тынг куы алыг кӕны, уӕд ӕй фӕхъӕуы бинтӕй бабӕттын, хатт ӕй бахуыйын дӕр бахъӕуы. Фӕлӕ йӕм ӕдзух куы ’внала ӕмӕ йӕ куы къаха, уӕд ӕрмӕстдӕр йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кӕндзӕн. Йӕ зӕрдӕ тынг кӕмӕн скъахтой, уыцы адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕдзух хъуыды кӕна, кӕй йӕ фӕхъыг кодтой, ууыл. Фӕлӕ йӕ чи фӕхъыг кодта, уымӕ йӕ зӕрдӕйы маст куы хӕсса, уӕд фыддӕр йӕхицӕн кӕндзӕн. Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, абоны стихы цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ архайын. w21.12 12 ф., 15 абз.
Сабат, 17 июнь
Де ’фсымӕрӕн цӕмӕн тӕрхон кӕныс? (Ром. 14:10).
Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, хо кӕнӕ ’фсымӕр куыд конд вӕййы, уый. Уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Библийы фӕдзӕхстытӕй искӕцы фехӕлдта ӕмӕ йын ӕцӕгдӕр хъӕуы уынаффӕ раттын?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый нӕ фӕнды, цӕмӕй хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн, йӕхимӕ раст цы кӕсы, уый дзура. Ӕмӕ уӕд йӕ бон у ӕндӕр хистӕр нӕлгоймагимӕ кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрдджын чырыстонимӕ аныхас кӕнын. Сӕ бон у иумӕ ӕркӕсын, Павел конд ӕмӕ уынды тыххӕй цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ (1 Тим. 2:9, 10). Павел загъта, нӕ дарӕсӕй кӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй стӕм. Фӕлӕ, цы ис дарӕн ӕмӕ цы нӕй дарӕн, уыдӕттӕ нӕ ранымадта. Ӕмбӕрста йӕ, алы чырыстонӕн дӕр уый бар кӕй ис, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый дара, кӕд Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ халы, уӕд. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна, Павел цы уагӕвӕрдты кой ракодта, уыдоныл. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, кӕцыдӕр уавӕры иу чырыстон куыд бакӕндзӕн, иннӕ чырыстон уыцы уавӕры, чи зоны, афтӕ ма бакӕна. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ чидӕр рӕдигӕ кӕны. Уӕдӕ иннӕтӕй нӕ домдзыстӕм, цӕмӕй, мах куыд хъуыды кӕнӕм, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕной. w22.02 16 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 18 июнь
Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут (Зах. 7:9).
Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп ис Библийы, Ӕмбисӕндты чиныджы. Зӕгъӕм, фыст дзы ис: «Ма ныууадз ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинад... ӕмӕ ссардзынӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы хорзӕх ӕмӕ дӕ зондзысты ӕмбаргӕ адӕймагӕй»; «Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ удӕн хорз кӕны»; «Рӕстдзинадмӕ ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард» (Ӕмб. 3:3, 4; 11:17; 21:21). Ацы ӕмбисӕндты федтам, кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм, уый. Фыццаг: уӕд нын Йегъовӕ аргъ кӕндзӕн. Дыккаг: уый нӕхицӕн дӕр хӕсдзӕн пайда. Зӕгъӕм, уый фӕрцы-иу нын фӕзындзӕн хорз, ӕнувыд ӕмбӕлттӕ. Ӕртыккаг: уый фӕрцы фидӕны схайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй, ӕмӕ сӕ иу у ӕнусон цард. Уынӕм ӕй, ахсджиаг кӕй у ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайын: «Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут ӕмӕ кӕрӕдзимӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисут». w21.11 8 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 19 июнь
Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл (Лук. 17:5).
Кӕд, раздӕр цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдтӕ кӕнӕ ныртӕккӕ цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлыс, уыдонӕй рабӕрӕг, дӕ уырнындзинад кӕмдӕр лӕмӕгъ кӕй у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Нымай уый дӕ уырнындзинад сфидар кӕныны фадатыл. Йегъовӕмӕ Зӕрдиагӕй кув, уӕлдайдӕр зын уавӕры куы уай, уӕд. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у бинонты кӕнӕ ӕмбӕлтты уылты баххуыс кӕнын. Ды дӕр-иу Йегъовӕйы бауадз, цӕмӕй дын фӕлварӕнты сӕрты ахизынӕн баххуыс кӕна. Уый фӕрцы дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, фидӕны цыфӕнды фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай, уӕддӕр дын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайай. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, уырнындзинад сын кӕм нӕ фаг кодта, уый. Фӕлӕ нӕ дызӕрдыг кодта, фидӕны цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзысты, уыдоны сӕрты-иу Йегъовӕйы фӕрцы кӕй ахиздзысты (Иоан. 14:1; 16:33). Уый зыдта, фидар уырнындзинады фӕрцы тынг бирӕ адӕм стыр бӕллӕхы кӕй аирвӕздзысты (Рарг. 7:9, 14). Ды дӕр се ’хсӕн уыдзынӕ, ныртӕккӕ алы фадатӕй дӕр куы пайда кӕнай, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕнай, уӕд! (Дзут. 10:39). w21.11 25 ф., 18, 19 абз.
Дыццӕг, 20 июнь
Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны (Пс. 34:7).
Абон Йегъовӕ диссӕгтӕ нӕ аразы, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕна. Фӕлӕ йӕ зонӕм, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдонӕй исчи мӕлгӕ дӕр куы акӕна, уӕддӕр уый фӕстӕ ӕнусон цардӕй кӕй схайджын уыдзӕн. Фидарӕй нӕ уырны, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у мах бахъахъхъӕнын? Уый тагъд рӕстӕджы фӕлвӕрд ӕрцӕудзӕн. Магогы зӕххӕй Гог, ома ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ бабын стӕм. Фӕлӕ нӕ хъӕудзӕн фидар уырнындзинад, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджыты фервӕзын кӕнын ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Не знӕгтӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ, нӕ сӕрыл чи рахӕца, уый нӕй (Йез. 38:10–12). Хӕцӕнгарз нӕм нӕ уыдзӕн, хӕцын нӕ зонӕм. Ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ нӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕрбайсафдзысты. Зӕххон хицауӕдты Хуыцау нӕ уырны, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон нӕ уыдзӕн фенын, уырнындзинады цӕстӕй мах цы уынӕм, уый. Хуыцауы адӕм зондзысты, зӕдты ӕфсӕдтӕ сӕ алыварс кӕй лӕууынц. Ӕмӕ уӕларвон зӕдтӕ нӕ сӕрыл куы схӕцой, уӕд ма уыцы хицауӕдтӕ «ай циу, ай циу?!» кӕндзысты (Рарг. 19:11, 14, 15). w22.01 6 ф., 12, 13 абз.
Ӕртыццӕг, 21 июнь
Уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут (1 Пет. 2:17).
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн тынг аргъ кӕны, ӕмӕ сын мах дӕр хъуамӕ аргъ кӕнӕм. Хъуамӕ уыной, зынаргъ нын кӕй сты, ӕмӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ ма фӕриссын кӕнӕм. Куы йӕ базонӕм, кӕйдӕр кӕй фӕхъыг кодтам, уӕд хъуамӕ нӕхи афтӕ ма дарӕм, цыма ницы ’рцыд. Ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, уымӕ та алцыдӕр хъыг фӕкӕсы, ӕмӕ хъуамӕ барын сахуыр уа, зӕгъгӕ. Хъуамӕ-иу бамбарӕм, адӕймаг ахӕм цӕмӕн у. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕ, куыд схъомыл сты, уый тыххӕй сӕхимӕ раст цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц, ӕмӕ сӕхи иннӕтӕй ӕвзӕрдӕрыл фӕнымайынц. Чидӕртӕ та Йегъовӕйӕн ӕрӕджы райдыдтой лӕггад кӕнын, ӕмӕ нӕма сахуыр сты иннӕтӕн сӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕнын. Куыдфӕнды ма уа, хъуамӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй-иу бафидауӕм. Фӕлӕ, иннӕтӕм арӕх чи фӕхъыг вӕййы, уый дӕр хъуамӕ ӕмбара, уыцы ӕвзӕр миниуӕгӕй йӕ фервӕзын кӕй хъӕуы. Ӕмӕ ууыл куы архайа, уӕд йӕхи зӕрдӕйы дӕр уыдзӕн фарн ӕмӕ иннӕтимӕ дӕр хӕларӕй цӕрдзӕн. w21.06 21 ф., 7 абз.
Цыппӕрӕм, 22 июнь
Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:18).
Йесо дӕ хорз ӕмбары. Зын уавӕры нӕ фарсмӕ нӕ хорз ӕмбал куы ’рбалӕууы, уӕд нын фенцондӕр вӕййы. Уӕлдай хуыздӕр нӕ фембары, йӕхӕдӕг ахӕм уавӕры чи уыд, уый. Йесо у ахӕм ӕмбал. Йӕхи дӕр-иу хъуыд ӕххуыс, стӕй-иу ӕй хъуыди бафидар кӕнын. Уый нын зоны нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ, ӕмӕ бацархайдзӕн, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ «бахъуаджы сахат» баххуыс кӕна (Дзут. 4:15, 16). Зӕд Гефсиманийы дыргъдонмӕ Йесойы бафидар кӕнынмӕ куы ’рцыд, уӕд Йесо афтӕ нӕ загъта, ӕххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Йегъовӕ цӕттӕ вӕййы махӕн дӕр баххуыс кӕнынмӕ. Уый фӕаразы цавӕрдӕр публикацийы, видеороликы, раныхасы фӕрцы кӕнӕ хистӕр нӕлгоймаджы йе та фӕлтӕрдджын ӕмбалы уылты. Ӕмӕ-иу хъуамӕ бамбарӕм, уый нын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны. Хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, мӕхӕдӕг истытӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ (Лук. 22:39–44). Йегъовӕ дын ратдзӕн фарн ӕмӕ дӕ бафидар кӕндзӕн. Куы йӕм фӕкувӕм, уӕд нын ратты, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7). w22.01 18, 19 фф., 17–19 абз.
Майрӕмбон, 23 июнь
Дзырдтой... апостолтӕ... цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон (Хъуыд. 16:4).
Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ цы фӕаразы, уый алкӕддӕр раст кӕй вӕййы. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнӕм, разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдон алкӕд раст кӕй фӕархайынц, ууыл. Чи зоны, хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цымӕ ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ архайынц ӕви, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ бакӕнынц. Хъуамӕ иу цыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ ӕууӕнды, йӕ организацийӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл. Ӕмӕ сыл мах куы не ’ууӕндӕм, уӕд нӕ уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндӕм. Абон Йегъовӕ йӕ организацийы зӕххон хайӕн разамынд дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты (Матф. 24:45). 1 ӕнусы разамонӕг советау ӕууӕнкджын цагъар разамынд дӕтты Хуыцауы адӕмӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Уый амындтӕ ратты хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Уыдон та уый фӕстӕ се ’мбырдты фӕархайынц уыцы амындтӕм гӕсгӕ. Хуыцауы организацийы ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты разамындмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм. w22.02 4 ф., 7, 8 абз.
Сабат, 24 июнь
Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд (Гал. 6:9).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый нын у стыр цины хос ӕмӕ стыр кад! Мах тынг фӕцин кӕнӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», ахӕм адӕймагӕн куы баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уырнӕг суа (Хъуыд. 13:48). Йесо дӕр-иу афтӕ цин кодта. Зӕгъӕм, иухатт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уацамындӕй куы ’рбацыдысты ӕмӕ йын куы радзырдтой, цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уӕд «йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг» (Лук. 10:1, 17, 21). Апостол Павел Тимофейӕн загъта: «Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр» (1 Тим. 4:16). Уӕдӕ, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у фервӕзын. Мах нӕхи бакодтам Хуыцауы Паддзахады дӕлбар, ӕмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕхимӕ кӕсӕм. Мах фӕнды алкӕддӕр афтӕ цӕрын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кад хӕссӕм ӕмӕ бӕрӕг уа, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, ууыл нӕхӕдӕг дӕр кӕй ӕууӕндӕм (Фил. 1:27). Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, «иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амонӕм», уымӕ. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи уацамындмӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ-иу уацамынды ацӕуыны размӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракурӕм. w21.10 24 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 25 июнь
Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут (Кол. 3:10).
Ног удыхъӕд кӕмӕн ис, уыцы адӕймаг фӕархайы, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн уа. Уый Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕтты, цӕмӕй йӕ мидӕг архайа, ӕмӕ йӕм фӕзыны, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон. Уый бӕрӕг вӕййы йӕ хъуыдытӕй, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, ахӕм адӕймаг уарзы Йегъовӕйы, стӕй йын йӕ адӕмы дӕр уарзы (Матф. 22:36–39). Фӕлварӕнтыл ӕмӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд дӕр йӕ зӕрдӕйы вӕййы циндзинад (Иак. 1:2–4). Уый иннӕтимӕ хӕларӕй цӕры ӕмӕ у фарнуарзаг (Матф. 5:9). Иннӕтимӕ вӕййы фӕразон, стӕй хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ (Кол. 3:13). Уарзы хорздзинад аразын (Лук. 6:35). Йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, йӕ уӕларвон Фыдыл тынг кӕй ӕууӕнды (Иак. 2:18). Исчи йӕ куы фефхӕры, уӕддӕр равдисы, фӕлмӕн удыхъӕд ын кӕй ис. Ӕмӕ йын фӕрӕдийынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕддӕр фӕзоны хиуыл хӕцын (1 Кор. 9:25, 27; Тит. 3:2). Цӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ раивӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ удыхъӕды сфидар кӕнӕм, Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихты ӕмӕ ма Библийы иннӕ рӕтты дӕр цы миниуджыты кой ис, уыдон иууылдӕр. w22.03 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 26 июнь
Мӕн фӕзмут (1 Кор. 11:1).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ апостол Павелау хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕнынц. Фӕлӕ ма Павелау хъуамӕ алкӕддӕр уой цӕттӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ дӕр (Еф. 6:14, 15). Павелау ма сӕ бон у, уацамынды кӕимӕ вӕййынц, уыдоны цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын, уыимӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр (1 Пет. 5:1, 2). Фӕлӕ-иу хистӕр нӕлгоймаг хъуамӕ уацамындӕн алкӕддӕр рӕстӕг ссара, цы хӕстӕ йыл ис, уыдоныл ын бирӕ рӕстӕг куы цӕуа, уӕддӕр (Матф. 28:19, 20). Цавӕрдӕр хъуыддаг бахӕс кӕнынмӕ йын куы хъавой, уӕд-иу хъуамӕ Хуыцаумӕ скува ӕмӕ ахъуыды кӕна, аххӕсдзӕн ыл ӕви нӕ. Ӕмӕ куы бамбара, уыцы хӕслӕвӕрды тыххӕй-иу ын ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн рӕстӕг кӕй нӕ баззайдзӕн, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, куы не сразы уа. Ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕм хауынц алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадзын, хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын, цӕмӕй уыцы хъуыддаг бауарзой. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕна, Йегъовӕ йӕ кӕй ӕмбары. Уый уыны, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй йын алцӕмӕн дӕр фаг рӕстӕг уа. w22.03 27 ф., 4, 7 абз.; 28 ф., 8 абз.
Дыццӕг, 27 июнь
Ма тӕрсут, уӕ амарын кӕй бон у, фӕлӕ уын уӕ фидӕны цард байсын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕй (Матф. 10:28).
Дӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кодтай, уӕд дӕ ныфс хастай, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суай, уымӕ? Чи зоны, хъуыды кодтай, ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын дӕ бон никуы бауыдзӕн. Кӕнӕ, чи зоны, тарстӕ, дӕ бинонтӕ кӕнӕ де ’мбӕлттӕ дӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уымӕй. Ӕмӕ уӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдоны дӕр бамбардзынӕ. Йесо зыдта, чидӕртӕ ахӕм цӕмӕйдӕрты кӕй тӕрсдзысты. Фӕлӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй мацӕмӕй тарстаиккой ӕмӕ сӕ мацы бахъыгдардтаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (Матф. 10:16, 17, 27). Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый гыццылгай ахуыр кӕн, цӕмӕй, цӕуыл баууӕндыд, уыдӕтты тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзура. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты хъусын кӕнынмӕ куы арвыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тыхстысты. Фӕлӕ сын баххуыс кодта. Загъта сын, кӕмӕн хъуамӕ хъусын кӕной ӕмӕ адӕмӕн цы хъуамӕ дзурой (Матф. 10:5–7). Дӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын? Кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕна, йӕ бон хъусын кӕнын кӕмӕн у, ууыл. Зӕгъӕм, ис ӕй бафӕрсӕн, зӕгъгӕ, цы базыдтай, уый кӕмӕн баххуыс кӕнид. Уый фӕстӕ йын равдис, уый хуымӕтӕгӕй йӕ бон куыд у саразын. Афтӕмӕй йын баххуыс кӕндзынӕ, цӕмӕй цӕттӕ уа искӕимӕ аныхас кӕнынмӕ. w21.06 6 ф., 15, 16 абз.
Ӕртыццӕг, 28 июнь
Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ ацы хӕдзармӕ ӕрцӕудзысты (Аг. 2:7).
«Цалдӕр минутмӕ дуканитӕ ӕмӕ зӕронд агъуыстытӕ ӕркалдысты». «Адӕмӕн сӕ сӕр сӕ кой сси. Бирӕтӕ дзырдтой, зӕххӕнкъуыст дыууӕ минуты бӕрц кӕй ахаста. Мӕнмӕ та афтӕ фӕкаст, цыма рӕстӕг ӕрлӕууыд». Адон сты, 2015 азы Непалы зӕххӕнкъуысты чи аирвӕзт, уыдонӕй иуӕй-иуты ныхӕстӕ. Ацы тӕккӕ дӕр зӕхх ӕнкъуысы, фӕлӕ ӕндӕр хуызы. Ӕмӕ уыцы «зӕххӕнкъуыст» ӕппӕт адӕмты дӕр змӕлын кӕны. Пехуымпар Аггей ныффыста: «Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Иу хатт ма базмӕлын кӕндзынӕн арв ӕмӕ зӕхх... ӕмӕ уый уыдзӕн тагъд“» (Аг. 2:6). Ӕнӕуи зӕххӕнкъуыст ӕрмӕстдӕр зиан ӕрхӕссы. Фӕлӕ, Аггей цы «зӕххӕнкъуысты» кой кодта, уый адӕмӕн хӕссы арфӕдзинӕдтӕ. Йегъовӕ йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Ӕз ӕппӕт адӕмты дӕр базмӕлын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатӕ ацы хӕдзармӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ ӕз ацы хӕдзар кадӕй байдзаг кӕндзынӕн». w21.09 14 ф., 1–3 абз.
Цыппӕрӕм, 29 июнь
Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ (Лук. 22:28).
Дыууӕ адӕймаджы хорз ӕмбӕлттӕ свӕййынц, арӕх куы фӕныхас кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы фӕдзурынц, уӕд. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар уа, уӕд ын хъуамӕ дзурӕм, цӕуыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй нӕ хъусы ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ кӕй уырны (Пс. 94:17–19; 1 Иоан. 5:14, 15). Ӕнувыд ӕмбӕлттыл дӕхи бӕтт. Уыдон сты Йегъовӕйы лӕвар (Иак. 1:17). Нӕ уӕларвон Фыд ныл тыхсы, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ радта чырыстон бинонтӕ. Нӕ хотӕ ӕмӕ нӕ не ’фсымӕртӕ «алкӕддӕр уарзынц» (Ӕмб. 17:17). Апостол Павел колоссӕгтӕм ӕрвыст фыстӕджы скодта, чи йын баххуыс кодта, уыцы чырыстӕтты кой. Ӕмӕ загъта, уыдон ын кӕй «фесты стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» (Кол. 4:10, 11). Суанг Йесо Чырыстийы дӕр хъуыди иннӕты ӕххуыс. Ӕмӕ уый бузныг уыд, йе ’мбӕлттӕ йын – зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр – кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй (Лук. 22:43). Цы дӕ тыхсын кӕны, уый фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕй искӕмӕн куы радзурай, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ дӕ уырнындзинад лӕмӕгъ у. w21.04 24, 25 фф., 14–16 абз.
Майрӕмбон, 30 июнь
[Уарзондзинад] алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы (1 Кор. 13:7).
Зӕгъӕм дӕ чырыстӕттӕй чидӕр цӕмӕйдӕр фӕхъыг кодта, ӕмӕ йӕ дӕ бон ферох кӕнын нӕу. Уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Ӕппӕт тыхтӕй бацархай фарн бахъахъхъӕныныл. Йегъовӕйӕн радзур, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Уыцы адӕймаджы тыххӕй дӕр ӕм кув. Стӕй дзы ӕххуыс кур, цӕмӕй, кӕй тыххӕй йӕ уарзы, уыцы хорз миниуджытӕ ды дӕр фенай (Лук. 6:28). Фӕлӕ уӕддӕр уыцы хабар дӕ бон ферох кӕнын куы нӕ уа, уӕд та ахъуыды кӕн, хуыздӕр куыд уыдзӕн уыцы адӕймагимӕ аныхас кӕнын. Алкӕддӕр хуыздӕр вӕййы афтӕ хъуыды кӕнын, барӕй нӕ уыди, зӕгъгӕ (Матф. 5:23, 24). Йемӕ куы ныхас кӕнай, уӕд-иу ӕй ма аххосджын кӕн. Фӕлӕ йӕ бафидауын куы нӕ фӕнда, уӕд та? Уӕддӕр ын хъӕуы дарддӕр дӕр барын. Дӕ къух ыл ма ауигъ (Кол. 3:13). Ӕппӕты ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй йӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссай. Науӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзынӕ. Цӕлхдур дын мацы суӕд. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйы тынг кӕй уарзыс ӕмӕ дын уымӕй зынаргъдӕр кӕй ницы ис (Пс. 119:165). w21.06 23 ф., 15 абз.