Июль
Сабат, 1 июль
Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ (Дзут. 12:11).
Адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый дӕр хауы, Йегъовӕ йын зонд кӕй амоны, уымӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ рӕдыд бамбара. Стӕй тыхсы ӕмбырды алкӕуыл дӕр. Чи зоны дын хотӕ кӕнӕ ’фсымӕртӕй исчи дзура, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ раст уынаффӕ нӕ рахастой, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дӕ хъуамӕ рох ма уа, ахӕм ныхӕстӕ чи кӕны, уый хъуыддагмӕ ӕрмӕстдӕр иуырдыгӕй кӕй кӕсы. Мах алцы нӕ фӕзонӕм. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, барадон комитет Библийы уагӕвӕрдтӕм лӕмбынӕг кӕй ӕркаст ӕмӕ «Йегъовӕйы номӕй» кӕй тӕрхон кодта (2 Аз. 19:6). Хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕимӕ разы куы уай, уӕд, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймагӕн баххуыс кӕндзынӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн. Иу хо, Элизабет, загъта: «Тынг зын нын уыди, нӕ фыртимӕ кӕй нал дзырдтам ӕмӕ йӕ кӕй нал уыдтам, уый. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд загъта, кӕй йӕ ацух кодтой, уый раст уынаффӕ кӕй уыд. Фӕстӕдӕр ма загъта, уый фӕрцы бирӕ цӕуылдӕрты кӕй сахуыр». w21.09 28, 29 фф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 2 июль
Йӕ цӕст ӕрхӕцыд, дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы чи ныппӕрста, иу ахӕм мӕгуыр идӕдз усыл (Лук. 21:2).
Идӕдз сылгоймаджы куыннӕ фӕндыдаид Йегъовӕйӕн фылдӕр раттын. Фӕлӕ уый, йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта. Йегъовӕйӕн радта, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Йесо зыдта, уыцы сылгоймаджы мысайнаг Йегъовӕйы цӕсты зынаргъ кӕй уыд. Ацы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн? Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый куы фӕдӕттӕм, ома йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй куы фӕлӕггад кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы (Матф. 22:37; Кол. 3:23). Йегъовӕ фӕцин кӕны, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, уӕд. Зӕгъӕм, уый уыны, ӕмбырдтӕн ӕмӕ хъусын кӕнынӕн, нӕ бон цас у, уыйбӕрц рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ кӕй дӕттӕм. Мӕгуыр идӕдз усы хабарӕй цы базыдтай, уый фӕрцы дӕ бон куыд у искӕмӕн баххуыс кӕнын? Ахъуыды кӕн, бафидар кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хо кӕнӕ ’фсымӕрыл. Чи зоны, ацӕргӕ хотӕй чидӕр мӕт кӕны, йӕ бон раздӕрау лӕггад кӕнын кӕй нал у, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дзы ӕмбырды ницыуал пайда ис. w21.04 6, 7 фф., 17, 19, 20 абз.
Къуырисӕр, 3 июль
Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ дзы Хуыцау райгонд куы уа, уӕд райсдзӕн... хӕрзиуӕг – цард (Иак. 1:12).
Йегъовӕ зоны, ацы фыддунейӕн кӕрон скӕнын хуыздӕр кӕд уыдзӕн, уый. Кӕй быхсы ӕмӕ кӕй фӕразы, уый фӕрцы йӕ бирӕтӕ базыдтой. Ӕмӕ йын ныр милуантӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынц. Уыдон Йегъовӕйӕ бузныг сты, уыйбӕрц рӕстӕг кӕй банхъӕлмӕ каст, уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы царды рухс федтой, Йегъовӕйы бауарзтой ӕмӕ йын сӕхи снывонд кодтой. Уыцы адӕм кӕронмӕ фидар куы фӕлӕууой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ куы схорзӕхджын кӕна, уӕд алчидӕр бамбардзӕн, дзӕгъӕлы кӕй нӕ быхста. Йегъовӕ нын фӕзминаг у, цы зӕрдӕйы уагимӕ фӕразы, уымӕй дӕр. Кӕд ын Хӕйрӕг бирӕ маст бавзарын кодта, уӕддӕр Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11). Ныртӕккӕ мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, йӕ ном кӕд срухс кӕндзӕн, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый кӕд сбӕлвырд кӕндзӕн, стӕй ӕппӕт фыддзинадӕн ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уымӕ. Ӕмӕ уӕдмӕ нӕ бон у, ӕмӕ мах дӕр амондджын уӕм. Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр зындзинӕдтӕн фӕразӕм ӕмӕ фидар лӕууӕм! Уый нын ӕнцондӕр уыдзӕни, куы-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд дӕр бирӕ цӕмӕндӕрты кӕй фӕразы ӕмӕ фидар кӕй лӕууы. w21.07 13 ф., 18, 19 абз.
Дыццӕг, 4 июль
Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа? (Иоан. 1:46).
Фыццаг ӕнусы бирӕтӕ Йесойыл нӕ баууӕндыдысты. Сӕ цӕсты уыд ӕрмӕстдӕр хуымӕтӕг хъӕддӕсныйы фырт. Стӕй уыди горӕт Назаретӕй, ӕмӕ уыцы горӕт та, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм кадджын горӕтыл нымад нӕ уыд. Суанг ма Нафанаил дӕр, уый фӕстӕ Йесойы ахуыргӕнинаг чи сси, уый, фыццаг афтӕ загъта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?» Чи зоны, афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ зыдта, Михейы 5:2 стихы цы пехуымпарад ис, уый, ома, Мессийӕ Назареты нӕ, фӕлӕ Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн. Пехуымпар Исай раджы загъта, Йесойы знӕгтӕ лӕмбынӕг кӕй нӕ хъуыды кӕндзысты Мессийӕйы «равзӕрды хабӕрттыл» (Ис. 53:8). Ӕмӕ уыдон алцыдӕр куы сбӕлвырд кодтаиккой, уӕд базыдтаиккой, Йесо Вифлеемы кӕй райгуырд ӕмӕ паддзах Давиды байзӕддаг кӕй уыд (Лук. 2:4–7). Уӕдӕ Йесо райгуырд, Михейы 5:2 стихы цы бынаты кой ис, уым. Фӕлӕ адӕм уайтагъд цавӕрдӕр хатдзӕгтӕ акодтой, алцы нӕ базыдтой, афтӕмӕй. Ӕмӕ сӕ уый бахъыгдардта Йесойыл баууӕндын. w21.05 2, 3 фф., 4–6 абз.
Ӕртыццӕг, 5 июль
Рӕстгӕнӕг... мын [куы] бауайдзӕф кӕна, уӕд уый уыдзӕн, мӕ сӕрыл мын сой куыд рауадзой, афтӕ (Пс. 141:5).
Библийы ис, уынаффӕмӕ чи байхъуыста ӕмӕ уый тыххӕй арфӕгонд чи ’рцыд, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ дӕр. Сӕ иу уыд Иов. Кӕд Иов Хуыцауы уарзта ӕмӕ йӕ алкӕддӕр фӕндыд йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, уӕддӕр ӕнӕрӕдигӕ нӕ уыд. Иухатт зын уавӕры куы уыд, уӕд ӕм рӕдыд хъуыдытӕ фӕзынд, ӕмӕ йӕ дзыхӕй цыдӕртӕ схауд. Уӕд ын Елиуй ӕмӕ Йегъовӕ уынаффӕ радтой. Иов загъта: «Ӕз дзырдтон, фӕлӕ не ’мбӕрстон. [...] Ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын, фӕсмон кӕнын, рыг ӕмӕ фӕнычы бадын» (Иов 42:3–6, 12–17). Уый сӕрныллӕгӕй байхъуыста Елиуйы уынаффӕмӕ, кӕд дзы Елиуй бирӕ кӕстӕр уыд, уӕддӕр (Иов 32:6, 7). Мах дӕр сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд-иу уынаффӕмӕ байхъусдзыстӕм, нӕхицӕй кӕстӕр чи у, уый нын ӕй куы дӕтта кӕнӕ нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ ницӕмӕй рӕдийӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕй бон у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоныл кусын ӕй нал хъӕуы ӕмӕ йӕ йӕ лӕггады дӕр фӕхуыздӕр кӕнын ницыуал хъӕуы? w22.02 11 ф., 8 абз.; 12 ф., 12 абз.
Цыппӕрӕм, 6 июль
Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат (Иоан. 13:35).
Ӕмбырды хъуамӕ уа фарн ӕмӕ уарзондзинад, цӕмӕй афтӕ макӕмӕ кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуы. Ӕмӕ алкӕй хӕс дӕр у, цӕмӕй уый тыххӕй цыдӕр араза. Искӕмӕн хорзӕй исты куы саразӕм кӕнӕ йын исты хорз ныхас куы фӕзӕгъӕм, уӕд ыл базыртӕ базайы. Йӕ бинонтӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн не сты, уыдонӕн дӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕмбарой, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ кӕй уарзынц, уый? Ногтимӕ-иу балымӕн у. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй исчи ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайа, ӕндӕр ӕмбырдӕй не ’мбырдмӕ исчи куы рахиза кӕнӕ исчи донаргъуыд куы райса, уӕд-иу ыл зӕрдиагӕй бацин кӕн (Ром. 15:7). Фӕлӕ ногтӕн ӕнӕуи зӕрдиагӕй салам раттын фаг нӕ уыдзӕн. Мах фӕнды, цӕмӕй сын хорз ӕмбӕлттӕ суӕм. Бӕрӕг уӕд, зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсыс. Дӕ бон у базонын, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Ӕрмӕст-иу афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ дӕхи сӕ хъуыддӕгты тъыссыс. Иуӕй-иутӕн зын вӕййы, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ дзурын. Ӕмӕ сӕ дзурын куы нӕ фӕнда, уӕд-иу сӕ хынцфарст ма кӕн. Ахъуыды-иу кӕн, цӕмӕй сӕ ис бафӕрсӕн, цӕмӕй сын сӕ царды тыххӕй фылдӕр базонай. Стӕй-иу сӕм лӕмбынӕг байхъус. Зӕгъӕм, ис сӕ бафӕрсӕн, рӕстдзинад куыд базыдтой, уымӕй. w21.06 11 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 7 июль
Уыдон хъусдзысты мӕ хъӕлӕсмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын уыдзӕн иу фыййау (Иоан. 10:16).
Мах тынг аргъ кӕнӕм, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн. Мах стӕм «иу дзуг» ӕмӕ нын ис «иу фыййау». Чиныджы «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци», 165, 166 фӕрстыл фыст ис: «Донаргъуыд куы райстай ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сдӕ, уӕд уыцы иудзинад дӕхиуыл бавзӕрстай. Ӕмӕ ныр дӕуӕн дӕр дӕ хӕс у, цӕмӕй уыцы иудзинад хъахъхъӕнай». Хъуамӕ «нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм... кӕсӕм... Йегъовӕйы цӕстӕй». Йегъовӕйӕн не ’ппӕт дӕр стӕм «гыццылтӕ» ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы. Ды дӕр дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Йегъовӕ уыны, уыдоны тыххӕй цы аразыс ӕмӕ сын куыд ӕххуыс кӕныс, уый. Ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕны (Матф. 10:42). Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тынг уарзӕм. Ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ ма скъахӕм ӕмӕ-иу сын цӕлхдуртӕ ма ӕвӕрӕм (Ром. 14:13). Мах сӕ нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм. Ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу сын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕм. Нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы искӕмӕ маст хӕссӕм. Мах «тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:19). w21.06 24 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 8 июль
[Хуыцау] рӕзын кӕны (1 Кор. 3:7).
Хуыцау нын йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ организацийы уылты цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдоныл-иу лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕм гыццылгай фӕзындзӕн, Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, ахӕм миниуджытӕ. Стӕй Хуыцауы дӕр хуыздӕр базондзыстӕм. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хабар хъусын кӕнӕм, уый Йесо абарста гыццыл нӕмыгимӕ. Уыцы нӕмыг гыццылгай сзайы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы зӕрдӕты. Йесо загъта: «Мыггаг ӕвзар суадзы, сырӕзы – куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны. Афтӕ зӕхх йӕхӕдӕг сабыргай ратты тыллӕг: фыццаг мӕнӕу ссӕуы, уый фӕстӕ скӕны ӕфсир, стӕй уӕд ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы» (Мар. 4:27, 28). Йесо бамбарын кодта, мӕнӕу гыццылгай куыд сзайы, афтӕ, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыцы адӕймаг гыццылгай кӕй райдайы ивын. Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдон Йегъовӕмӕ ’ввахсдӕр кӕнын куы райдайынц, уӕд ӕй фӕуынӕм, сӕ царды ивындзинӕдтӕ кӕй кӕнынц (Еф. 4:22–24). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы гыццыл нӕмыг Йегъовӕ кӕй сзайын кӕны. w21.08 8, 9 фф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 9 июль
Цӕмӕдӕрты бӕллыны бӕсты хуыздӕр у, ныртӕккӕ цы ис, уый уынын (Еккл. 6:9).
Абоны стихӕй бӕрӕг у, циндзинад цӕмӕй кӕнгӕ у, уый. «Ныртӕккӕ цы ис», уый чи уыны, уыцы адӕймаг райгонд вӕййы, цы йын ис, уымӕй, зӕгъӕм, ныртӕккӕ йӕ бон аразын цы у, уымӕй. Фӕлӕ адӕймаг, йӕ къухы цы нӕ бафтдзӕн, уыдӕттӕм куы бӕлла, уӕд райгонд никуы ницӕмӕй уыдзӕн. Уый нын цӕуыл дзурӕг у? Цӕмӕй цин кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фылдӕр хъуыды кӕнӕм, цы нын ис, ууыл ӕмӕ нӕ разы ӕвӕрӕм, нӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймаг райгонд уа, цы йын ис, ӕрмӕст уымӕй ӕмӕ йӕ ӕндӕр мацыуал хъӕуа. Адӕймаджы, дам, фӕфӕнды, цӕмӕй ног цыдӕртӕ базона, цӕмӕдӕрты фӕтырны. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис. Нӕ бон у, ныртӕккӕ нын цы ис кӕнӕ ныртӕккӕ цы аразӕм, ууыл цин кӕнын. Ӕркӕсӕм, Йесо талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕ. Фыст ис Матфейы 25:14–30 стихты. Уыцы фӕсномыг ныхасӕй базондзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, ныртӕккӕ цы арфӕдзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдоныл цин кӕнӕм ӕмӕ ма цӕмӕй нӕ циныл ноджыдӕр бафта. w21.08 21 ф., 5, 6 абз.
Къуырисӕр, 10 июль
Ӕз цӕрын бӕрзонд ӕмӕ сыгъдӕг бынаты, стӕй, ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыдонимӕ (Ис. 57:15).
«Ныфссаст» чи у, уыцы зынаргъ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл Йегъовӕ тынг тыхсы. Ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын не ’ппӕты бон дӕр у. Уый ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгты хӕс нӕу. Зӕгъӕм, зӕрдиагӕй сыл куы тыхсӕм, уӕд-иу бафидар уыдзысты. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзӕм ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уа, куыд тынг сӕ уарзы, уый (Ӕмб. 19:17). Стӕй ма сын нӕ бон у ӕххуыс кӕнын, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ куы уӕм, уый фӕрцы. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕты ӕргом нӕхимӕ здахӕм ӕмӕ нӕм хӕлӕг кӕнын райдайой. Фӕлӕ нӕ фӕнды нӕ курдиӕттӕй ӕмӕ нӕ зонындзинӕдтӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй кӕрӕдзийы фидар кӕнӕм (1 Пет. 4:10, 11). Иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уымӕй нӕ бон у Йесойы дӕр бафӕзмын. Зӕххыл Йесойы хуызӕн адӕймаг нӕ уыд. Фӕлӕ уый уыди «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» адӕймаг (Матф. 11:28–30). Адӕмы-иу куы ахуыр кодта, уӕд-иу кодта хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕ. Ӕмӕ-иу ӕрхаста, хуымӕтӕг адӕмы зӕрдӕтӕм-иу чи бахъардта, ахӕм цӕвиттонтӕ (Лук. 10:21). w21.07 23 ф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 11 июль
Бафӕрс зӕрӕдты, ӕмӕ дын ӕй радзурдзысты (Дык. з. 32:7).
Ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дын цыдӕр кӕй радзурдзысты, уымӕ-иу ма ’нхъӕлмӕ кӕс. Дӕхӕдӕг-иу сын зӕгъ, цӕмӕй дын истытӕ радзурой. Кӕд цӕстӕй хорз нал уынынц, афтӕ цӕрдӕг нал сты, стӕй сӕ хъӕлӕс дӕр фӕмынӕгдӕр, уӕддӕр сӕ зӕрдӕтӕ нырма ӕрыгон сты ӕмӕ сын Йегъовӕйы раз ис «хорз ном» (Еккл. 7:1). Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ сын цӕмӕн аргъ кӕны, уый. Дарддӕр дӕр сын кад кӕн. Бафӕзм Елисейы. Елисей Илийаимӕ фӕстаг бон куы уыд, уӕд ӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй дзы фӕхицӕн уыдаид. Ӕртӕ хатты йын загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн» (2 Пад. 2:2, 4, 6). Ацӕргӕтыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсыс, уый бӕрӕг уыдзӕн, фӕлмӕнӕй сӕм фарстатӕ куы дӕттай, уымӕй (Ӕмб. 1:5; 20:5; 1 Тим. 5:1, 2). Дӕ бон сӕ у бафӕрсын: «Цӕй фӕрцы бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый? Царды дыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны фӕрцы Йегъовӕмӕ куыд баввахсдӕр дӕ? Цы дын ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кодтаис?» (1 Тим. 6:6–8). Ӕмӕ дын сӕ хабӕрттӕ куы дзурой, уӕд-иу сӕм лӕмбынӕг байхъус. w21.09 5 ф., 14 абз.; 7 ф., 15 абз.
Ӕртыццӕг, 12 июль
Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг, ӕхсызгон ын цы у, уымӕ гӕсгӕ фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).
Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразыс, уӕд равдисыс, Хуыцауы ӕцӕгдӕр кӕй уарзыс (1 Иоан. 5:3). Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уымӕ гӕсгӕ райдыдтай хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын. Ӕмӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, уый ӕнцон нӕ уыд. Ӕрхъуыды-ма кӕн, фыццаг дуармӕ куы бацыдтӕ, уӕд дӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп не ссыд? Фӕлӕ йӕ ды зыдтай, Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй уыцы хъуыддаг аразай, ӕмӕ йӕ коммӕ бакастӕ. Фӕстӕдӕр дын, ӕвӕццӕгӕн, хъусын кӕнын фенцондӕр. Цы зӕгъӕн ис искӕимӕ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй та? Ууыл ӕрмӕст хъуыды дӕр куы акӕныс, уӕд, чи зоны, дӕ сурхид акӕлы. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы курай, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй афтӕ тынг ма тыхсай ӕмӕ дӕ ныфс бахӕссай искӕмӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъынмӕ. w21.07 3 ф., 7 абз.
Цыппӕрӕм, 13 июль
Ӕппӕт адӕмӕй дӕр... домы, цӕмӕй сын сӕ рахиз къухтыл кӕнӕ сӕ ныхтыл нысан сӕвӕрой (Рарг. 13:16).
Раджы заманты-иу цагъарыл тӕвд ӕфсӕйнагӕй сӕвӕрдтой гакк. Уымӕй-иу бӕрӕг уыд, йӕ хицау чи у, уый. Раст афтӕ ацы дунейы хицауӕдтӕ домынц, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ къухыл кӕнӕ йӕ ныхыл нысан ӕвӕрд ӕрцӕуа. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй адӕмӕн сӕ хъуыдытӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, ацы дунейы хицауӕдты фарс кӕй сты, уый. Мах та бауадздзыстӕм, цӕмӕй ныл уыцы нысан ӕвӕрд ӕрцӕуа, ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты фарс слӕудзыстӕм? Уыцы нысан йӕхиуыл ӕвӕрын чи нӕ бауадза, уыдон ӕмбӕлдзысты зындзинӕдтыл ӕмӕ сӕ цардӕн дӕр уыдзӕн тӕссаг. Раргомады чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «уыцы нысан кӕуыл уа», уыдоны йеддӕмӕ никӕй бон уыдзӕн «ӕлхӕнын дӕр ӕмӕ уӕй кӕнын дӕр» (Рарг. 13:17). Фӕлӕ Хуыцауы адӕм зонынц, Хуыцау цы бакӕндзӕн, Раргомады 14:9, 10 стихты цы нысаны кой ис, уый кӕуыл уыдзӕн, уыдонӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ нӕ бауадздзысты, цӕмӕй сыл уыцы нысан сӕвӕрой. Уыдон сӕ къухтыл ахӕсгӕ хуызы ныффыстой, «Йегъовӕйы дӕн», зӕгъгӕ (Ис. 44:5). Ныртӕккӕ хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйыл кӕй стӕм иузӕрдион. Ӕмӕ йын уӕд ӕхсызгон уыдзӕн мах йӕхиуӕттыл банымайын. w21.09 18 ф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 14 июль
Ӕфсӕйнаг ӕфсӕйнаджы цыргъ кӕны, адӕймаг та – адӕймаджы (Ӕмб. 27:17).
Цӕмӕй нӕ лӕггады ӕнтыстджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй ахуыр кӕнӕм. Апостол Павел Тимофейӕн амыдта, хъусын кӕнӕн ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнӕн куыд ис, уый. Ӕмӕ йын дзырдта, цӕмӕй Тимофей уыдӕттӕ амыдтаид иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр (1 Кор. 4:17). Тимофей Павелӕй куыд ахуыр кодта, афтӕ мах дӕр ахуыр кӕнӕм фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕй. Стӕй ма Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур. Хъусын кӕнынмӕ куы цӕуай, уӕд-иу алы хатт дӕр Йегъовӕйӕ разамынд ракур. Йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых нын куы не ’ххуыс кӕнид, уӕд нӕ иу дӕр ӕппындӕр ницы саразид (Пс. 127:1; Лук. 11:13). Йегъовӕйӕн-иу зӕгъ, бӕлвырдӕй дӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы. Ис ын зӕгъӕн, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, Хуыцауы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмы ссарынӕн. Стӕй-иу хъуамӕ Библи иртасынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнай. Библи нын фӕдзӕхсы, «цӕмӕй-иу бамбарӕм, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ром. 12:2). Нӕхи фидарӕй куы уырна, Хуыцауы тыххӕй цы базыдтам, уый рӕстдзинад кӕй у, уӕд нӕ бон уыдзӕн уыцы рӕстдзинад иннӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй дзурын. w21.05 18 ф., 14–16 абз.
Сабат, 15 июль
Хицауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ уӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы... нӕу (1 Кор. 15:58).
Зӕгъӕм, кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕныс. Тынг архайыс, цӕмӕй йын Хуыцауы базонынӕн баххуыс кӕнай. Йегъовӕмӕ дӕр уыцы адӕймаджы тыххӕй фӕкувыс. Фӕлӕ уый, цы базоны, уымӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодтай, йемӕ Библи кӕй нал ахуыр кӕндзынӕ. Кӕнӕ, зӕгъӕм, дӕхӕдӕг донаргъуыд райсынӕн никӕмӕн баххуыс кодтай. Цымӕ уӕд хъуамӕ дӕхи аххосджын кӕнай ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнай, зӕгъгӕ мын Йегъовӕ мӕ лӕггадӕн нӕ арфӕ кӕны? Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕйы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕнтыстджын кӕд вӕййӕм, уымӕ. Йегъовӕ кӕсы, куыд зӕрдиагӕй ӕмӕ куыд фӕразонӕй архайӕм, уымӕ. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ зынгзӕрдӕйӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд вӕййы, адӕм нӕм куы нӕ фӕхъусынц, уӕддӕр. Павел ныффыста: «Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн» (Дзут. 6:10). Кӕд, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй донаргъуыд ничи райста, уӕддӕр Йегъовӕйӕ нӕ фыдӕбон ӕмӕ нӕ уарзондзинад рох не сты. Павел абоны стихы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон махмӕ дӕр хауынц. w21.10 25 ф., 4–6 абз.
Хуыцаубон, 16 июль
Мӕ Фыд мын кӕйдӕриддӕр дӕтты, уыдон мӕм ӕрцӕудзысты, ӕмӕ мӕм чи ’рцӕуа, уый та ӕз никуы асурдзынӕн (Иоан. 6:37).
Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй уыд, уый бӕрӕг уыд, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй. Йесо зыдта, сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ уавӕртӕ иухуызон кӕй нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыд иухуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Стӕй кӕмӕндӕр йӕ бон фылдӕр уыд аразын, кӕмӕндӕр – къаддӕр. Фӕлӕ Йесо тынг аргъ кодта, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас уыд, уыйбӕрц кӕй арӕзта, уымӕн. Уый бӕрӕг у, талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй. Иу лӕг йе ’ртӕ цагъарӕн бахӕс кодта куыст, «йӕ бон сӕ кӕмӕн цас уыди, уымӕ гӕсгӕ». Цагъартӕй дыууӕйӕ бафыдӕбон кодтой. Ӕмӕ дзы кӕд иуӕн фылдӕр бантыст, уӕддӕр сӕ хицау дыууӕйӕ дӕр афтӕ раппӕлыд: «Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар!» (Матф. 25:14–23). Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой кӕй у, уый бӕрӕг у, махмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй дӕр. Зоны йӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ нӕ уавӕртӕ алыхуызон кӕй сты. Фӕлӕ, махӕн нӕ бон цы у, уый куы фӕаразӕм, уӕд нӕ райгонд вӕййы. Ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕм Йесойы цӕстӕй кӕсӕм. w21.07 23 ф., 12–14 абз.
Къуырисӕр, 17 июль
Ӕз мӕ буц хицаумӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн (1 Сам. 24:10).
Давид алкӕд нӕ уыд фӕлмӕнзӕрдӕ. Зӕгъӕм, иухатт Навалмӕ йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй дзы хӕринаг ракуырдтаиккой. Фӕлӕ Навал уыд тызмӕг адӕймаг, ӕмӕ сын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта ӕмӕ сӕ афтидармӕй арвыста. Уӕд Давид мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ сфӕнд кодта Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдоны амарын. Фӕлӕ Навалы ус Авигейӕ уыд хӕларзӕрдӕ адӕймаг. Ӕмӕ, ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы Давид туг нӕ ныккалдта (1 Сам. 25:9–22, 32–35). Дӕ хъус-ма ӕрдар: Давид тынг куы смӕсты, уӕд аскъуыддзаг кодта, Навалы ӕмӕ, йӕ хӕдзары цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр кӕй амардзӕн. Уый фӕстӕ та, Нафан цы хъӕздыг лӕджы кой ракодта, уый банымадта мӕлӕты аккагыл. Ацы хабарыл-ма лӕмбынӕгдӕр ахъуыды кӕнӕм. Давид ӕнӕуи хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыд. Ӕмӕ цымӕ уӕд ахӕм карз тӕрхон цӕмӕн рахаста? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Давид уӕд цы уавӕры уыд, уый. Стыр тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕ йӕ цӕсгом тынг хордта. Уӕдӕ кӕд адӕймаг иннӕтӕн карзӕй тӕрхон кӕны, фӕлмӕнзӕрдӕ сӕм нӕу кӕнӕ сын хатыр нӕ кӕны, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард. w21.10 12 ф., 17, 18 абз.; 13 ф., 20 абз.
Дыццӕг, 18 июль
Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг (1 Пет. 1:16).
Абоны стихы ныхӕстӕй базонӕн ис, нӕ бон кӕй у сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы фӕзмын. Мах хъуамӕ алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг. Чи зоны, кӕмӕдӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст стӕм. Петр дӕр-иу йӕхӕдӕг куыннӕ фӕрӕдыд. Фӕлӕ йӕ цардӕй бӕрӕг у, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ «уой сыгъдӕг». Сыгъдӕджытӕ кӕй фӕхонынц, уыдоны арӕх сныв кӕнынц ӕнкъардӕй, худгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, афтӕмӕй, стӕй сыл вӕййы ӕнахуыр уӕлӕдарӕс. Фӕлӕ, Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгыл нымад чи у, уыцы адӕймаг цин нӕ фӕкӕны ӕмӕ амондджын нӕ вӕййы? Уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ йӕ Библи хоны «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11). Ӕмӕ йын чи кувы, уыцы адӕмы дӕр хоны амондджын (Пс. 144:15). Йесойы рӕстӕджы-иу чидӕртӕ дардтой, иннӕтӕй кӕмӕй хицӕн кодтой, ахӕм уӕлӕдарӕс, стӕй адӕмы цӕстмӕ сӕхи рӕстгӕнджытӕй ӕвдыстой. Фӕлӕ Йесо адӕмӕн ӕмбарын кодта, уыдон раст кӕй нӕ кӕнынц (Матф. 6:1; Мар. 12:38). Мах Библийӕ базыдтам, Хуыцау сыгъдӕгыл цавӕр адӕмы нымайы. Мах ӕй зонӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцау нӕ, нӕ бон цы нӕу, уый кӕй никуы домдзӕн. w21.12 2 ф., 1, 3 абз.
Ӕртыццӕг, 19 июль
Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ (Мар. 12:30).
Хуыцау нын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта. Ӕмӕ йӕ хуыздӕр лӕвӕрттӕй иу у, нӕ бон ын лӕггад кӕнын кӕй у, уый. Йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ’ххӕст кӕнӕм, уӕд ӕй уындзӕн, кӕй йӕ уарзӕм (1 Иоан. 5:3). Йесо нын йӕ Фыды номӕй дзургӕйӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сын донаргъуыд дӕттӕм (Матф. 28:19). Стӕй ма нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм (Иоан. 13:35). Йегъовӕ коммӕгӕс адӕмӕн дӕтты фадат, цӕмӕй ӕрбаиу уой, ӕгас дунейы дӕр ын цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕй уой (Пс. 15:1, 2). Иннӕты уарз. Уарзондзинад у Йегъовӕйы сӕйраг миниуӕг (1 Иоан. 4:8). Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый равдыста, зонгӕ дӕр ӕй куы нӕма кодтам, уӕд (1 Иоан. 4:9, 10). Ӕмӕ иннӕты куы уарзӕм, уӕд ӕй афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм (Еф. 5:1). Адӕмы кӕй уарзӕм, уый фыццаджыдӕр уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ сын куы ’ххуыс кӕнӕм Йегъовӕйы базонынӕн, цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ (Матф. 9:36–38). Афтӕмӕй сын фӕзындзӕн фадат, цӕмӕй сӕ Хуыцау йӕ бинонтыл банымайа. w21.08 5, 6 фф., 13, 14 абз.
Цыппӕрӕм, 20 июль
Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй (Иоан. 15:13).
Йесо Йегъовӕйы тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уыд йӕ Фыды тыххӕй дӕр ӕмӕ мах тыххӕй дӕр йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ (Иоан. 14:31). Адӕмы куыд тынг уарзы, уый бӕрӕг уыд, зӕххыл алы бон дӕр куыд цард, уымӕй. Исчи-иу йӕ ныхмӕ куы цыд, уӕд дӕр уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг. Йӕ уарзондзинад ма равдыста, адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕй. Уый уыд уӕлдай ахсджиаг (Лук. 4:43, 44). Йесо Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзы, уый ма равдыста, барвӕндонӕй кӕй сразы, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдджын адӕм амардтаиккой, ӕмӕ амард хъизӕмайраг мардӕй. Уый фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Нӕ уӕларвон Фыды кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ йын нӕхи снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам. Ӕмӕ уыцы уарзондзинад мах дӕр Йесойау хъуамӕ ӕвдисӕм, адӕммӕ цы зӕрдӕ дарӕм, уымӕй. Апостол Иоанн ныффыста: «Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?» (1 Иоан. 4:20). w22.03 10 ф., 8, 9 абз.
Майрӕмбон, 21 июль
Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Еф. 5:15, 16).
Кӕд Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ Библи иртасын уарзӕм, уӕддӕр нын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы уымӕн рӕстӕг ссарын. Кусын дӕр нӕ хъӕуы, бинонты раз дӕр ныл цавӕрдӕр хӕстӕ ис, стӕй фӕхъӕуы ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хъуыддӕгтӕ дӕр аразын. Ӕмӕ нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг ӕппындӕр нал баззайы. Иуӕй-иу хатт ма нӕ рӕстӕг ацӕуы ӕндӕр хъуыддӕгтыл дӕр. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ нӕ вӕййынц. Райсӕм ирхӕфсӕнтӕ. Алкӕй дӕр фӕхъӕуы йӕ фӕллад суадзын, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ хи аирхӕфсын. Фӕлӕ нын уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг куы ацӕуы, уӕд нын Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕн рӕстӕг нал баззайы. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон кӕй ис (Ӕмб. 25:27; 1 Тим. 4:8). w22.01 26 ф., 2, 3 абз.
Сабат, 22 июль
Уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уый дын уӕд израиладжы хуызӕн. Уарз ӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ (Лев. 19:34).
Йегъовӕ израилӕгтӕн куы бафӕдзӕхста, иннӕты кӕй хъуамӕ уарзой, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр израилӕгты хъуамӕ уарзтаиккой. Йегъовӕ ма сын загъта, цӕмӕй, се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггӕгтӕ цард, уыдоны дӕр уарзтаиккой. Уый тыххӕй фыст ис Левиты 19:33, 34 стихты. Израилӕгтӕ сӕхи адӕммӕ цы зӕрдӕ дардтой, ӕрцӕуӕггӕгтӕм дӕр хъуамӕ ахӕм зӕрдӕ дардтаиккой ӕмӕ сӕ хъуамӕ уарзтаиккой, сӕхи куыд уарзтой, афтӕ. Зӕгъӕм, израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр уыди бар, цӕмӕй-иу, хуымгӕрдӕны фӕстӕ цы ӕфсиртӕ баззад, уыдон ӕрӕмбырд кодтаиккой (Лев. 19:9, 10). Абон дӕр чырыстӕттӕ архайынц, ацы закъоны цы уагӕвӕрд ис, уымӕ гӕсгӕ (Лук. 10:30–37). Куыд? Ныртӕккӕ алы бӕстӕйы дӕр бирӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ ис. Чи зоны дзы дӕ фарсмӕ дӕр чидӕртӕ цӕры. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы адӕммӕ – нӕлгоймӕгтӕм, сылгоймӕгтӕм ӕмӕ сывӕллӕттӕм – хорз цӕстӕй кӕсӕм. w21.12 12 ф., 16 абз.
Хуыцаубон, 23 июль
Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты (Пс. 34:10).
Ныртӕккӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарын куы сахуыр уӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, фидӕны нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, хъӕуы нӕ куыстӕй нӕхи ракурын, цӕмӕй конгресмӕ ацӕуӕм, кӕнӕ хицауӕн зӕгъын, цӕмӕй къаддӕр кусӕм, ӕмӕ нӕ бон уа алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын, стӕй нын фылдӕр рӕстӕг уа хъусын кӕнынӕн. Уӕд нӕм уый фаг уырнындзинад разындзӕн, цӕмӕй алцыдӕр Йегъовӕйы бар бакӕнӕм? Ӕмӕ хицау куы не сразы уа ӕмӕ ӕнӕ куыстӕй куы баззайӕм, уӕд та нӕ уырндзӕн, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын алкӕддӕр кӕй дӕтдзӕн? (Дзут. 13:5). Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн сӕ бон у радзурын, Йегъовӕ-иу сын куыд баххуыс кодта, уый. Йегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Йегъовӕ у нӕ фарс, ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм. Йӕ Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нӕ никуы ныууадздзӕн. w22.01 7 ф., 16, 17 абз.
Къуырисӕр, 24 июль
Сымах адӕмы номӕй нӕ тӕрхон кӕнут, фӕлӕ Йегъовӕйы номӕй (2 Аз. 19:6).
Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый не ’мбал куы нӕ уа, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ раст уынаффӕ кӕй рахастой, ууыл. Фӕлӕ не ’мбал куы уа, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алцы не сбӕрӕг кодтой кӕнӕ хъуыды кӕнӕм, цымӕ, уыцы хъуыддаг Йегъовӕ куыд равзӕрстаид, уыдон дӕр ӕй афтӕ равзӕрстой, зӕгъгӕ. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ уынаффӕимӕ разы уӕм? Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уыцы ӕгъдау Йегъовӕ кӕй сфидар кодта. Ӕмӕ уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ адӕймагӕн йӕхицӕн дӕр пайда фӕвӕййы. Йӕ тӕригъӕдыл куы нӕ фӕсмон кӕна ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕмбырды куы ныууадзой, уӕд, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр ӕвзӕр зондыл сараза (Гал. 5:9). Стӕй уӕд нӕ бамбардзӕн, стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый. Ӕмӕ йӕ йӕ зондахаст аивын ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын дӕр нӕ бафӕнддзӕн. Уый та ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссара (Еккл. 8:11). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы фескъуыддзаг кӕнынц, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕмбырдӕй ацух кӕнын хъӕуы ӕви нӕ, уӕд уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц. w22.02 5 ф., 13, 14 абз.
Дыццӕг, 25 июль
Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн (Матф. 12:20).
Фӕразондзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад уӕлдайдӕр бахъӕудзысты, Библимӕ гӕсгӕ уынаффӕ кӕмӕн раттӕм, уыцы адӕймаг уынаффӕимӕ фыццаг разы куы нӕ уа кӕнӕ уайтагъд афтӕ куы нӕ бакӕна, уӕд. Хистӕр нӕлгоймаг-иу хъуамӕ ма рамӕсты уа. Хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр фӕнды, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уой. Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕна, уынаффӕ йын цӕмӕн радтой, уый бамбарынӕн ӕмӕ уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайынӕн. Адӕймаджы фӕхъӕуы рӕстӕг, цы йын загътой, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Хистӕр нӕлгоймаг фӕразон куы уа ӕмӕ, уынаффӕ кӕмӕн дӕтты, уыимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕна, уӕд уымӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн уынаффӕмӕ байхъусын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уынаффӕйӕн йӕ бындур алкӕддӕр хъуамӕ уа Хуыцауы Ныхас. Нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй адӕймагӕн хорз уынаффӕ раттӕм, фӕлӕ ма цӕмӕй нӕ уынаффӕ йӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон дӕр уа (Ӕмб. 27:9). w22.02 18 ф., 17 абз.; 19 ф., 19 абз.
Ӕртыццӕг, 26 июль
Бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын адӕймагӕн зӕрдӕниз у (Ӕмб. 13:12).
Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, цӕмӕй нын фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн тыхтӕ ратта кӕнӕ цӕмӕй цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕса, ӕмӕ нын нӕ куывдӕн дзуапп ӕрӕгмӕ дӕтты. Йегъовӕ нын нӕ алы куывдӕн дӕр дзуапп уайтагъд цӕуылнӕ ратты? Зӕрдӕбынӕй йӕм куы фӕкувӕм, уӕд фӕуыны, кӕй йыл ӕууӕндӕм (Дзут. 11:6). Йегъовӕйы ма фӕнды, цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (1 Иоан. 3:22). Зӕгъӕм, куы йӕм кувӕм, цӕмӕй нын цавӕрдӕр ӕвзӕр ахуыр ныууадзынӕн кӕнӕ цавӕрдӕр ӕвзӕр миниуӕгӕй фервӕзынӕн баххуыс кӕна, уӕд-иу хъуамӕ нӕхӕдӕг дӕр цыдӕр аразӕм ӕмӕ уӕм фӕразон. Йесо бамбарын кодта, Йегъовӕ-иу кӕцыдӕр куывдтытӕн дзуапп уайтагъд кӕй нӕ ратдзӕн. Уый загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты. Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн бакӕнынц» (Матф. 7:7, 8). w21.08 8 ф., 1 абз.; 10 ф., 9, 10 абз.
Цыппӕрӕм, 27 июль
Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон! Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ (Пс. 119:97).
Цӕмӕй, Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл тынгӕй-тынгдӕр ӕууӕндай, уый тыххӕй дӕ дарддӕр дӕр хъӕуы Хуыцауы Ныхас иртасын (Йес. Н. 1:8). Дӕ хъус-иу ӕрдар, цы пехуымпарӕдтӕ дзы ис, уыдон куыд сӕххӕст сты ӕмӕ, Библийы фысджытӕ цы ныффыстой, уый кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй нӕу. Афтӕ куы кӕнай, уӕд дӕ фидарӕй уырндзӕн, уарзӕгой ӕмӕ нын зондджын Сфӕлдисӕг кӕй ис, стӕй Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у (2 Тим. 3:14; 2 Пет. 1:21). Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсыс, уӕд-иу дӕ хъус ӕрдар, цы хорз уынаффӕтӕ дзы ис, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, Библийы раджы фыст ӕрцыд, адӕймаг ӕхцауарзаг куы свӕййы, уӕд ын уый зиан кӕй ӕрхӕссы ӕмӕ йӕхи «бирӕ мӕстыты хай» кӕй бакӕны (1 Тим. 6:9, 10; Ӕмб. 28:20; Матф. 6:24). Уӕдӕ нӕ Библи дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма суӕм. Дӕуӕн та Библийӕ цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кодтой? Библийы уынаффӕтӕ нын царды куыд ӕххуыс кӕнынц, уый куы уынӕм, уӕд алкӕддӕр нӕ ныфс дардзыстӕм нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕгыл ӕмӕ дзы зонд курдзыстӕм (Иак. 1:5). Ӕмӕ уӕд бирӕ амондджындӕр уыдзыстӕм (Ис. 48:17, 18). w21.08 17, 18 фф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 28 июль
Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый (Дзут. 6:10).
Нӕ буц хистӕртӕ, Йегъовӕ уын уӕ фыдӕбон нӕ ферох кодта. Сымах хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтат ӕмӕ йӕ ныр дӕр хъусын кӕнут. Алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстут, чи зоны ма стыр маст дӕр бавзӕрстат. Сымах алкӕддӕр цардыстут Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Йегъовӕйы организацийы уӕ бар цы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ уыд, уыдон зӕрдиагӕй арӕзтат, стӕй иннӕты дӕр ахуыр кодтат. Йегъовӕйы организацийы-иу ивындзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд-иу уыдонмӕ гӕсгӕ архайдтат. Ӕмӕ, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кодтат. Йегъовӕ уӕ тынг уарзы уӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй! Уый зӕрдӕ ӕвӕры, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны кӕй нӕ ныууадздзӕн (Пс. 37:28). Стӕй уын афтӕ зӕгъы: «Уӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕд дӕр уын ӕз ӕххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 46:4). Афтӕ ма хъуыды кӕнут, ӕмӕ уӕ Йегъовӕйы организацийы ницыуал пайда ис. Сымах стут нӕ хӕзнатӕ! w21.09 3 ф., 4 абз.
Сабат, 29 июль
Фӕлмӕнзӕрдӕ у Йегъовӕ, чи дзы тӕрсы, уыдонмӕ (Пс. 103:13).
Йегъовӕ у стыр зонды хицау. Йегъовӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон иннӕтӕн алкӕддӕр ӕрхӕссынц пайда. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд... ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын» (Иак. 3:17). Йӕ сывӕллӕтты чи уарзы, ахӕм фыдау Йегъовӕ дӕр зоны, йӕ сывӕллӕттӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый сын пайда кӕй хӕссы (Ис. 49:15). Уый фӕрцы сын фидӕнӕй ис ныфс, кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр. Йегъовӕмӕ ӕгӕрон зонд кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон вӕййы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын, уымӕн гӕнӕн кӕддӕриддӕр вӕййы, уӕд. Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын кӕд нӕ фӕхъӕуы, уый дӕр. Ӕмӕ афтӕ никуы рауайы, цӕмӕй тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕса. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй исчи зонгӕ-зонын тӕригъӕд куы араза, уӕд куыд хъӕуы бакӕнын? Павел Хуыцауы разамындӕй ныффыста, зӕгъгӕ уын йемӕ «иумӕйагӕй мацыуал уӕд» (1 Кор. 5:11). Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны ӕмбырдӕй ацух кӕнынц. Афтӕ бакӕнын фӕхъӕуы, цӕмӕй иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ зондахастӕй ма фӕхъӕстӕ уой. Стӕй уымӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй архайӕм ӕмӕ ӕмбырды сыгъдӕгдзинад кӕй хъахъхъӕнӕм. w21.10 9, 10 фф., 7, 8 абз.
Хуыцаубон, 30 июль
Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы (2 Кор. 9:7).
Паддзахады хъуыддагӕн мах мысайнӕгтӕ фӕдӕттӕм. Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйы размӕ афтидкъухӕй хъуамӕ ма ’рбацыдаиккой (Дык. з. 16:16). Алчидӕр-иу ын ӕрбахаста кувинаг, йӕ къух цы амыдта, уымӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй-иу равдыстой, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй сты, цыдӕриддӕр сын дӕтты, уыдӕтты тыххӕй. Махӕн та нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕтты тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм? Зӕгъӕм, нӕ бон у ӕмбырды хӕрдзтӕн ӕмӕ ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ дӕттын, нӕ къух цас амоны, уыйбӕрц. Апостол Павел загъта: «Адӕймаг исты зӕрдиагӕй куы ратта, уӕд ахӕм лӕвар Хуыцауӕн уӕлдай ӕхсызгон у. Ӕмӕ адӕймаг дӕтгӕ та фӕкӕны, цы йӕм нӕй, уый нӕ, фӕлӕ йӕм цы ис, уый» (2 Кор. 8:4, 12). Йегъовӕйӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, мысайнаг куы раттӕм, уӕд, бирӕ куы нӕ раттӕм, уӕддӕр (Мар. 12:42–44). w22.03 24 ф., 13 абз.
Къуырисӕр, 31 июль
Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон (1 Фес. 5:14).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон нӕу, ӕмӕ нӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕной. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ «фысты» хъахъхъӕной ӕмӕ сӕ фидар кӕной. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у уымӕн рӕстӕг ссарын, кӕд ӕмӕ сын ӕнӕуи дӕр бирӕ хъуыддӕгтӕ вӕййы, уӕд? Сӕ бон у апостол Павелы фӕзмын. Павел-иу алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй цӕйдӕр тыххӕй раппӕлыдаид ӕмӕ-иу сӕ бафидар кодтаид. Уый сӕ уарзта фӕлмӕн уарзтӕй. Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ хоты ӕмӕ се ’фсымӕрты хъуамӕ афтӕ уарзой (1 Фес. 2:7). Павел-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзургӕ дӕр кодта, кӕй сӕ уарзы, стӕй сӕ Йегъовӕ дӕр тынг кӕй уарзы (2 Кор. 2:4; Еф. 2:4, 5). Уый сӕ нымадта йе ’мбӕлттыл ӕмӕ-иу семӕ рӕстӕг ӕрвыста. Стӕй-иу сын ӕргом дзырдта, йӕхӕдӕг дӕр цӕмӕйдӕр кӕй тарсти, цӕуылдӕрты кӕй мӕт кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ хъӕндзинӕдты тыххӕй (2 Кор. 7:5; 1 Тим. 1:15). Уыдӕттӕ сын уый тыххӕй нӕ дзырдта, цӕмӕй-иу сын се ’ргом йӕхимӕ раздӕхтаид. Уый фӕндыди афтӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. w22.03 28 ф., 9, 10 абз.