Август
Дыццӕг, 1 август
Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн (Лук. 23:34).
Ӕвӕццӕгӕн, Йесо кодта, йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ хъӕдмӕ чи ныххуыдта, уыцы ромаг ӕфсӕддонты кой. Йесойӕн цас цыдӕртӕ бавзарын кодтой, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын никӕмӕ райдыдта (1 Пет. 2:23). Мах дӕр хъуамӕ Йесойау хатыргӕнаг уӕм (Кол. 3:13). Иуӕй-иутӕ, уыимӕ нӕ хиуӕттӕ дӕр, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуой, куыд цӕрӕм ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм, уый сӕм ӕнахуыр кӕй кӕсы, уый тыххӕй. Гӕнӕн ис, мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕной, иннӕты раз нын кӕной ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, нӕ литературӕ нын скъуыной кӕнӕ ма нӕм суанг ӕртхъирӕн дӕр кӕной, исты нын кӕй бакӕндзысты. Ӕмӕ сӕм хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм. Хъуамӕ Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй сын сӕ цӕстытӕ байгом кӕна, ӕмӕ иу бон рӕстдзинад базоной (Матф. 5:44, 45). Иуӕй-иу хатт нын иннӕтӕн ныххатыр кӕнын зын уымӕн вӕййы, ӕмӕ нын стыр мӕстытӕ бавзарын кӕнынц. Фӕлӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст хӕссын куы райдайӕм, уӕд ӕвзӕрдӕр нӕхицӕн кӕндзыстӕм (Пс. 37:8). Куы бацархайӕм, цӕмӕй адӕймагӕн ныххатыр кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй нӕ зӕрдӕйы мастӕн бынат не скӕнӕм (Еф. 4:31, 32). w21.04 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Ӕртыццӕг, 2 август
Цал ӕмӕ цал хатты... йын фӕриссын кодтой йӕ зӕрдӕ (Пс. 78:40).
Кӕд дын дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, тынг зын у. Адӕймаг ахӕм хабарӕй зӕрдӕсаст фӕвӕййы. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн куыд зын уыди, йӕ бинонтӕй йӕм чидӕртӕ, ома зӕдтӕй чидӕртӕ, сӕ чъылдым куы сыздӕхтой, уӕд (Иуд. 6). Стӕй-иу ын куыд зын уыдаид, йе ’взӕрст адӕм-иу, израилӕгтӕ, йӕ ныхмӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы рацыдысты (Пс. 78:41). Ӕмӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн абон дӕр афтӕ зын вӕййы, исчи йӕ куы ныууадзы, уӕд. Уый дын дӕ зӕрдӕйы рыст хорз ӕмбары. Ӕмӕ дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм зын рӕстӕг фидар фӕлӕууай. Ныййарджытӕн сӕ зынаргъ хъӕбул Йегъовӕйы куы ныууадзы, уӕд арӕх фӕхъуыды кӕнынц, фылдӕр сӕ кӕй хъуыд бацархайын, цӕмӕй хабар афтӕ ма рауадаид. Иу ӕфсымӕр загъта: «Мӕхи аххосджын кодтон. Хатт-иу фыдфынты хай фӕдӕн». Иу хойӕн дӕр йӕ лӕппуйы ӕмбырдӕй куы ацух кодтой, уӕд йӕхицӕн бынат нал ардта. Уый загъта: «Хъуыды-иу кодтон, цымӕ раст цы нӕ сарӕзтон, зӕгъгӕ. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн Йегъовӕйы ӕмӕ рӕстдзинад нӕ бауарзын кодтон». w21.09 26 ф., 1, 2, 4 абз.
Цыппӕрӕм, 3 август
Федтой... ахуырдзинад [сӕм] кӕй нӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕм кӕй сты (Хъуыд. 4:13).
Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ нын бар нӕй, цӕмӕй адӕмӕн Библийы тыххӕй дзурӕм, уымӕн ӕмӕ дины скъолаты нӕ ахуыр кодтам. Хъуамӕ сбӕлвырд кӕной, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты ӕмӕ цы амонынц, уый. Зӕгъӕм, Евангели фыссӕг Лука дӕр бацархайдта, цӕмӕй «ӕппӕт дӕр кӕрӕй-кӕронмӕ сбӕлвырд» кодтаид. Уый фӕндыд, цӕмӕй, Йесойы царды ӕмӕ лӕггады хабӕрттӕ чи кастаид, уыдон фидарӕй зыдтаиккой, цы фехъуыстой, уыдӕттӕ раст кӕй сты (Лук. 1:1–4). Вериаг дзуттӕгтӕ дӕр афтӕ кодтой. Уыдон Йесойы тыххӕй хорз хабар фыццаг хатт куы фехъуыстой, уӕд уый абарстой, уый фӕдыл Дзуттаг Фыстыты цы ис фыст, уыимӕ. Фӕндыди сӕ алцыдӕр сбӕлвырд кӕнын (Хъуыд. 17:11). Абон дӕр адӕмы афтӕ хъӕуы кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц, уый-иу хъуамӕ абарой, Библийы цы фыст ис, уыимӕ. Стӕй ма-иу хъуамӕ фылдӕр базоной нӕ организацийы тыххӕй. Афтӕ куы кӕной, уӕд сын кӕйдӕр мӕнг ныхӕстӕ цӕлхдур не суыдзысты. w21.05 3 ф., 7, 8 абз.
Майрӕмбон, 4 август
Уӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх байгом кӕнут (2 Кор. 6:13).
Дӕ бон нӕ уаид ӕмбырдӕй искӕй уазӕгуаты фӕхонын? Иуӕй-иу хатт хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уӕлдай тынгдӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй-иу сын рӕстӕг ссарӕм ӕмӕ сӕ фарсмӕ уӕм. Чидӕртӕ нӕ фӕзонынц, сӕхи цы фӕкӕной, уый, се ’нӕуырнӕг бинонтӕ бӕрӕгбӕттӕ куы фӕкӕнынц, уӕд. Чидӕр та тынг фенкъард кӕны, бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕймаджы мӕлӕты бон куы ’рхӕццӕ вӕййы, уӕд. Ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фарсмӕ куы вӕййӕм, уӕд ӕй фӕуынынц, зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсӕм (Фил. 2:20). Алчидӕр нӕ хатт цӕйдӕрты тыххӕй ӕрӕнкъард вӕййы ӕмӕ йӕхимӕ иунӕг фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны. Ӕмӕ нын алкӕддӕр баххуыс кӕны, арӕх нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты, цӕмӕй нӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ нын цыдӕр нӕ фаг кӕны (Матф. 12:48–50). Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕхӕдӕг дӕр нӕ чырыстон бинонтӕн, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй куы ’ххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ кӕд хатт нӕхимӕ иунӕг фӕкӕсӕм, уӕддӕр иунӕг никуы вӕййӕм, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ ис! w21.06 13 ф., 18–20 абз.
Сабат, 5 август
Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной, ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕной (1 Пет. 2:12).
Кӕд бирӕтӕ Йесомӕ нӕ хъуыстой, уӕддӕр йӕ ныфс нӕ саст ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодта. Цымӕ цӕмӕн? Уый зыдта, адӕмы рӕстдзинад зонын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстаиккой. Стӕй ма зыдта, чи йӕм нӕ хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ ӕппынфӕстаг рӕстдзинады фӕндагыл кӕй ӕрлӕудзысты. Йӕхи бинонты хабар дӕр афтӕ рауад. Зӕххыл ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг лӕггад кодта, фӕлӕ уыцы рӕстӕг йе ’фсымӕртӕй иу дӕр йӕ ахуыргӕнинаг не сси (Иоан. 7:5). Фӕлӕ куы райгас, уӕд уый фӕстӕ уыдон систы чырыстӕттӕ (Хъуыд. 1:14). Мах ӕй нӕ зонӕм, адӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи райдайдзӕн, уый. Иуӕй-иуты фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсой. Ӕмӕ нӕм чи нӕ фӕхъусы, уыдон нын нӕ хорз ӕгъдау ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый куы уыной, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ суой. w21.05 18 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 6 август
Цӕут ӕмӕ адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ (Матф. 10:7).
Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта дыууӕ хъуыддаджы. Уый сын загъта, цӕмӕй хъусын кӕной хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йесо сын равдыста, уый куыд хъуамӕ аразой, уый (Лук. 8:1). Зӕгъӕм, загъта сын, адӕм сӕм куы хъусой, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕной ӕмӕ сӕм куы нӕ хъусой, уӕд дӕр-иу куыд хъуамӕ бакӕной (Лук. 9:2–5). Уымӕй уӕлдай ма бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бирӕ адӕмӕн ӕмӕ бирӕ рӕтты кӕй хъусын кӕндзысты. Уый загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр, «цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой» (Матф. 24:14; Хъуыд. 1:8). Уымӕй уӕлдай ма йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй адӕмы ахуыр кӕной, цы сын бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Йесо загъта, ацы ахсджиаг хъуыддаг арӕзт кӕй цӕудзӕн, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ», ома суанг нӕ рӕстӕджы дӕр (Матф. 28:18–20). Ӕмӕ, Иоаннӕн цӕстылуайӕн куы равдыста, уӕд бӕлвырд бамбарын кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕной адӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн (Рарг. 22:17). w21.07 3 ф., 3, 4 абз.
Къуырисӕр, 7 август
Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм (Гал. 5:26).
Ацы дунейы бирӕтӕ иннӕтимӕ ерыс фӕкӕнынц ӕмӕ фӕархайынц, цӕмӕй иннӕтӕй хуыздӕр уой. Ӕмӕ сӕ митӕ иннӕ адӕмыл куыд фӕзындзысты, уый та сӕ ӕндавгӕ дӕр нӕ фӕкӕны. Зӕгъӕм, бизнесмен, гӕнӕн ис, макӕуыл ӕмӕ мацӕуыл бацауӕрда, цӕмӕй иннӕ бизнесментӕй ӕнтыстджындӕр уа. Кӕнӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ спортсмен иннӕ командӕйӕ искӕй барӕй цӕвгӕ дӕр ныккӕны, цӕмӕй йӕ командӕ рамбула. Кӕнӕ университетмӕ бацӕуынмӕ чи хъавы, уый, гӕнӕн ис, экзаментӕ дӕтгӕйӕ асайа. Фӕлӕ мах, чырыстӕттӕ, зонӕм, уыдон «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ» кӕй сты (Гал. 5:19–21). Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр, сӕхӕдӕг ӕй ӕмбаргӕ дӕр ма кӕной, афтӕмӕй иннӕты ерыс кӕныныл ардауой? Уый тынг ахсджиаг фарста у, уымӕн ӕмӕ ахӕм зондахасты тыххӕй, гӕнӕн ис, ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад мауал уа. Уымӕ гӕсгӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын, Библийы цы лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдоны цӕвиттонтыл. Уӕд базондзыстӕм, цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй иннӕтимӕ ма ерыс кодтаиккой. w21.07 14 ф., 1, 2 абз.
Дыццӕг, 8 август
Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг. Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн (Пс. 41:1).
Ӕнувыд уарзт нӕм куы уа, уӕд, ныфссаст чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕндзыстӕм. Ӕмӕ абон дӕр нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ ныууадзынц, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоны ӕмӕ сын баххуыс кӕнынц. Уыдон сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты уарзынц ӕмӕ сӕ тынг фӕфӕнды, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй сын баххуыс кӕнын (Ӕмб. 12:25; 24:10). Уыдон фӕархайынц апостол Павелы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ: «Ныфссаст чи у, уыдоны ныхасӕй рӕвдаут, лӕмӕгъты фидар кӕнут, алкӕимӕ дӕр ут бирӕфӕразон» (1 Фес. 5:14). Ныфссаст хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн арӕх стыр ӕххуыс фӕвӕййы, исчи йӕм куы байхъусы ӕмӕ йын куы фӕзӕгъы, кӕй йӕ уарзы, уый. Йегъовӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн, йӕ зынаргъ фыстыл ын кӕй тыхсыс, уый. Ӕмбисӕндты 19:17 стихы фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад». w21.11 10 ф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 9 август
Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта (Пс. 34:8).
Ныртӕккӕ нӕ бон куыд у нӕхи фидӕнмӕ бацӕттӕ кӕнын? Хъуамӕ райгонд уӕм, цы нын ис, уыдӕттӕй. Ӕмӕ нын ӕппӕты стырдӕр циндзинад хъуамӕ хӕсса, Йегъовӕ нӕ Хӕлар кӕй у, уый. Хуыцауы хорз куы зонӕм, уӕд нӕ фидарӕй уырндзӕн, кӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн, Гог нӕ ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд. Абоны стихы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Давид уый размӕ дӕр йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, ӕмӕ йӕ кӕй никуы фӕфыдӕнхъӕл кодта. Ӕрыгонӕй уӕйыджы йас Голиафы ныхмӕ куы рацыд, уӕд ын афтӕ загъта: «Абон дӕ Йегъовӕ ратдзӕн мӕ къухмӕ» (1 Сам. 17:46). Уый фӕстӕ та ӕндӕр зын уавӕры бахауд. Паддзах Саулӕн куы лӕггад кодта, уӕд ӕй Саул цалдӕр хатты марынмӕ хъавыд. Фӕлӕ «Йегъовӕ уыд йемӕ» (1 Сам. 18:12). Йегъовӕ йын раздӕр дӕр кӕй ӕххуыс кодта, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зыдта, ныр дӕр та йын кӕй баххуыс кӕндзӕн. w22.01 6 ф., 14, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 10 август
Хуыцауы фырттӕ иууылдӕр фырцинӕй... хъӕр кодтой (Иов 38:7).
Йегъовӕ цыфӕнды ма араза, уӕддӕр фӕразонӕй фӕархайы ӕмӕ уымӕн рахицӕн кӕны, цас хъӕуы, уыйбӕрц рӕстӕг. Афтӕ уый тыххӕй фӕархайы, цӕмӕй йӕ ном скадджын уа, стӕй иннӕтыл дӕр фӕхъуыды кӕны. Ӕркӕсӕм, адӕмӕн зӕхх цӕрынӕн сабыргай куыд цӕттӕ кодта, уымӕ. Уый тыххӕй Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй сбӕрӕг кодта, «цӕйас хъуамӕ уыдаид, уый», «йӕ бындуртӕ» йын кӕй ӕрфидар кодта ӕмӕ йын «йӕ фисыны дур» кӕй сӕвӕрдта (Иов 38:5, 6). Йегъовӕ ма-иу рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу йӕ хъуыддӕгтыл дӕр ахъуыды кодтаид (Райд. 1:10, 12). Йегъовӕ-иу цы сфӕлдыста, уый-иу зӕдтӕ куы федтой, уӕд-иу сӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Иухатт суанг «фырцинӕй... хъӕр кодтой». Йегъовӕйы бахъуыди бирӕ мин азтӕ, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сфӕлдыстаид. Уый алцыдӕр бӕстон арӕзта. Ӕмӕ, цытӕ сфӕлдыста, уыдӕттыл йӕ цӕст куы ахаста, уӕд загъта, «тынг хорз» кӕй сты (Райд. 1:31). w21.08 9, 10 фф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 11 август
Тынг хорз, мӕ дзӕбӕх, ме ’ууӕнкджын цагъар! (Матф. 25:23).
Йесо фӕсномыг ныхасы цы нӕлгоймаджы кой кодта, уый сфӕнд кодта балцы ацӕуын. Ӕмӕ йӕ цагъартӕм фӕдзырдта ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр таланттӕ радта, цӕмӕй сӕ фылдӕр ӕхца бакуыстаиккой. Уый зыдта, цагъартӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Ӕмӕ дзы иуӕн радта 5 таланты, иннӕмӕн – 2 таланты, ӕртыккагӕн та – 1 талант. Фыццаг дыууӕ цагъары тынг бафыдӕбон кодтой, цӕмӕй фылдӕр ӕхца бакуыстаиккой. Фӕлӕ ӕртыккаг цагъар ӕппындӕр ницы бакуыста, ӕмӕ йӕ йӕ хицау атардта. Фыццаг ӕмӕ дыккаг цагъар ӕмбӕрстой, хицау сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ахсджиаг кӕй уыд, ӕмӕ зӕрдиагӕй бафыдӕбон кодтой. Ӕмӕ ма сӕ хицауӕн ноджыдӕр 2 таланты бакуыстой. Сӕ хицау ууыл тынг цин кодта ӕмӕ сын сӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодта. w21.08 21 ф., 7 абз.; 22 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 12 август
Иу хатт ма базмӕлын кӕндзынӕн арв ӕмӕ зӕхх (Аг. 2:6).
Йегъовӕ фӕстаг бонты стыр фӕразондзинад ӕвдисы. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа (2 Пет. 3:9). Ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр дӕтты фадат, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной. Фӕлӕ ӕнустӕм не ’нхъӕлмӕ кӕсдзӕн. Уыцы фадатӕй чи не спайда кӕна, уыдоныл фараоны бон акӕндзӕн. Моисейы рӕстӕджы Йегъовӕ фараонӕн загъта: «Мӕнӕн мӕ бон раджы уыди дӕумӕ мӕ къух сисын ӕмӕ дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр фыдниз бафтауын, ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесӕфтаис. Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дын равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр» (Рац. 9:15, 16). Ӕппынфӕстаг адӕмтӕ иууылдӕр базондзысты, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау (Йез. 38:23). Абоны стихы цӕй кой ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, фараонау Йегъовӕйы Дун-дунейы Хицауыл чи нӕ банымайа, уыдоны Йегъовӕ ӕнустӕм фесафдзӕн. w21.09 18 ф., 17, 18 абз.
Хуыцаубон, 13 август
Цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнут, кӕугӕ чи кӕны, уыдонимӕ та кӕут (Ром. 12:15).
Чи зоны, дӕ зӕрдӕ риссы, дӕ бинонтӕй дын кӕйдӕр ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый тыххӕй. Ӕмӕ искӕй ныхӕсты тыххӕй дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд та дӕ бон куыд у бакӕнын? Дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕй ӕгӕр бирӕ ма дом. Хъуамӕ йӕ ӕмбарӕм, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ алчидӕр алкӕддӕр раст ныхӕстӕ кӕна (Иак. 3:2). Мах не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм. Ӕмӕ хатт адӕймаг, цы зӕгъа, уый нӕ фӕзоны. Кӕнӕ нын, гӕнӕн ис, йӕ ныхӕстӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕна, кӕд уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, уӕддӕр. Дӕ зӕрдыл дар апостол Павелы ныхӕстӕ: «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Кол. 3:13). Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уый бинонтӕн дарддӕр дӕр ӕххуыс кӕн. Уыдоны ныр тынг хъӕуы, цӕмӕй сӕ фарсмӕ уай, сӕ ныфсыл сын ныфс ӕфтауай ӕмӕ сӕ дӕ уарзтӕй тавай (Дзут. 10:24, 25). Кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймаджы бинонтӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма уыдоны дӕр ӕмбырдӕй ацух кодтой, уымӕн ӕмӕ сӕм чидӕртӕ дзыхӕй нал фӕдзурынц. Фӕлӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу афтӕ рауайа. Сӕ ныййарджыты кӕмӕн ацух кодтой, уыцы ӕрыгӕтты та уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, цӕмӕй сӕ ӕппӕлӕм ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауӕм. w21.09 29 ф., 13, 14 абз.; 30 ф., 16 абз.
Къуырисӕр, 14 август
Зондджын адӕймаг байхъусдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн (Ӕмб. 1:5).
Ацӕргӕтӕй-иу искӕимӕ куы аныхас кӕнай, уӕд-иу уӕ дыууӕйӕн дӕр уӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (Ром. 1:12). Уӕд ӕй ноджы хуыздӕр бамбардзынӕ, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл куыд тыхсы, уый. Ацӕргӕ хо кӕнӕ ’фсымӕр та ӕмбардзӕн, кӕй йӕ уарзынц. Ӕмӕ йын ӕхсызгон уыдзӕн йӕ арфӕдзинӕдты тыххӕй радзурын. Адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд, чи зоны, ӕрыгонӕй куыд рӕсугъд уыд, афтӕ рӕсугъд нал вӕййы. Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы чи лӕггад кӕны, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Йегъовӕйы цӕсты рӕсугъдӕй-рӕсугъддӕр кӕнынц (1 Фес. 1:2, 3). Афтӕ цӕмӕн у? Уыдон бирӕ азты дӕргъы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ ивтаид ӕмӕ сӕм рӕсугъд миниуджытӕ фӕзындаид. Уӕдӕ нӕ ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты хорз куы базонӕм ӕмӕ нын сӕ фӕлтӕрддзинад цы пайда хӕссы, уый куы ’мбарӕм, уӕд сын ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ сӕ нымайдзыстӕм зынаргъ хӕзнатыл! Ӕрыгӕттӕ ацӕргӕтӕн куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд ӕмбырд фидардӕр фӕкӕны. Фӕлӕ хъуамӕ ацӕргӕтӕ дӕр ӕрыгӕттӕн аргъ кӕной. w21.09 7 ф., 15–18 абз.
Дыццӕг, 15 август
Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр (Матф. 7:1, 2).
Хъуамӕ нӕхиуыл кусӕм, цӕмӕй ӕгъатыр ӕмӕ карз адӕймӕгтӕ макуы суӕм, фӕлӕ уӕм нӕ Хуыцауы хуызӕн фӕлмӕнзӕрдӕ (Еф. 2:4). Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг иннӕтӕн ӕнӕуи тӕригъӕдтӕ нӕ фӕкӕны. Кӕй сын тӕригъӕд кӕны, уый ма хъуыддагӕй дӕр равдисы. Нӕ бон у ахъуыды кӕнын, нӕ бинонтӕй, не ’мбырды кӕнӕ иннӕ адӕмӕй ӕххуыс кӕй хъӕуы, ууыл. Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынӕн бирӕ фадӕттӕ ис ссарӕн. Кӕйдӕр фӕхъӕуы ныфс бауадзын, кӕмӕдӕр фӕхъӕуы цӕмӕйдӕр фӕкӕсын, зӕгъӕм, хӕринаг ын скӕнын кӕнӕ ӕрбахӕссын. Ӕмбырдӕй цух чи уыд ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рбаздӕхт, ахӕм чырыстоны фӕхъӕуы хорз ӕмбӕлттӕ, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн ӕххуыс кӕной. Ӕмӕ адӕмӕн хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд та афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн алкӕмӕ дӕр фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын (Иов 29:12, 13; Ром. 10:14, 15; Иак. 1:27). О, нӕ бон алыхуызӕтты у фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисын. Ӕрмӕст хъуамӕ уӕм ӕрхъуыдыджын. Ӕмӕ, иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ куы уӕм, уӕд-иу нӕ уӕларвон Фыды, нӕ «фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы» зӕрдӕ тынг барухс кӕндзыстӕм! w21.10 13 ф., 20–22 абз.
Ӕртыццӕг, 16 август
Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн (Пс. 23:1).
23 псаломы Давид дзуры, ӕцӕг ахсджиаг цы у, уыдӕтты тыххӕй. Уыдон сты Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ. Ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын, Йегъовӕйы йӕ Фыййауыл кӕй банымадта, уый фӕрцы. Йегъовӕ йӕ кодта «рӕстдзинады фӕндӕгтыл» ӕмӕ йӕ фарсмӕ уыд хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ зын рӕстӕджыты дӕр. Кодта йӕ «кӕрдӕгджын хизӕнтӕм», фӕлӕ Давид ӕмбӕрста, йӕ цард ӕнӕмӕт кӕй нӕ уыдзӕн. Хатт-иу «саудалынг комы дӕр» ацӕудзӕн, ома-иу йӕ ныфс дӕр асӕтдзӕн. Стӕй йын уыдзӕн знӕгтӕ. Фӕлӕ Давид загъта, кӕй ницӕмӕй фӕтӕрсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уыд йӕ Фыййау. Уӕдӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Давид хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыд? Алцыдӕр ын уыд, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахс уыдаид ӕмӕ йӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уыдаид. Кӕд цӕмӕйдӕрты хъуаг ӕййӕфта, уӕддӕр уыд амондджын. Йегъовӕ йын цы лӕвӕрдта, уымӕй райгонд уыд. Давидӕн сӕйраг уыди, йӕ Хуыцау ын кӕй арфӕ кодта ӕмӕ йӕ кӕй хъахъхъӕдта, уый. Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, ӕхца ӕмӕ мулкмӕ раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм. w22.01 3, 4 фф., 5–7 абз.
Цыппӕрӕм, 17 август
Алчидӕр райсдзӕн йӕхи хӕрзиуӕг, куыд бафыдӕбон кӕна, уымӕ гӕсгӕ (1 Кор. 3:8).
Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕ-иу адӕмӕн Хуыцауы ныхӕстӕ куы дзырдтой, уӕд-иу сӕм бирӕтӕ нӕ байхъуыстой. Зӕгъӕм, «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» Ной хъусын кодта 40–50 азы бӕрц (2 Пет. 2:5). Ӕмӕ йӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныфс уыди, адӕм ӕм кӕй байхъусдзысты. Фӕлӕ йын Йегъовӕ уымӕй зӕрдӕ нӕ бавӕрдта. Нау саразын ын куы бахӕс кодта, уӕд ын загъта: «Ды хъуамӕ бацӕуай наумӕ, ӕмӕ демӕ иумӕ хъуамӕ бацӕуой дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ» (Райд. 6:18). Йегъовӕ Нойӕн куы загъта, нау цӕйас уыдзӕн, уый, уӕд Ной, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста, цы хабар хъусын кодта, уымӕ бирӕтӕ кӕй нӕ байхъусдзысты (Райд. 6:15). Ӕмӕ йӕм ӕцӕгдӕр уыцы фыддунейӕ иу адӕймаг дӕр нӕ байхъуыста (Райд. 7:7). Фӕлӕ Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Нойӕн ницы бантыст. Йӕ цӕсты Ной уыди ӕнтыстджын хъусынгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый сарӕзта (Райд. 6:22). w21.10 26 ф., 10, 11 абз.
Майрӕмбон, 18 август
Ардыгӕй дзагхӕдзарӕй ацыдтӕн, фӕлӕ мын Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ афтидкъухӕй ӕрыздӕхтӕн (Руф 1:21).
Руф Ноеминӕн ӕххуыс кодта, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй. Ныфсытӕ йын ӕвӕрдта, йемӕ кӕугӕ дӕр кодта ӕмӕ уыцы дард фӕндагыл дӕр йемӕ ацыд. Ноемин та загъта, Йегъовӕ, дам, афтӕ бакодта, ӕмӕ фӕстӕмӕ афтидкъухӕй ӕрыздӕхтӕн, раст цыма, Руф цы арӕзта, уыдӕттӕ ницы уыдысты. Руф уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ын хъыг куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Ноемины нӕ ныууагъта (Руф 1:3–18). Гӕнӕн ис, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс, цӕмӕй хойӕн баххуыс кӕнай. Фӕлӕ дын уый фыртыхстӕй зӕрдӕриссӕн ныхас загъта. Уӕд-иу ӕм ма фӕхъыг у. Уый ӕххуысхъуаг у, ӕмӕ-иу ӕй ма ныууадз. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, дӕ бон дзы ныфс бауадзын куыд у, уый бамбарынӕн (Ӕмб. 17:17). Ӕххуысхъуаг чи у, ахӕм хо, гӕнӕн ис, дзура, ӕххуыс мӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕм ӕнувыд уарзт куы уа, уӕд ӕй нӕ ныууадздзыстӕм (Гал. 6:2). w21.11 11 ф., 17–19 абз.
Сабат, 19 август
Алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг (1 Пет. 1:15).
Дзырдтӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад» Библийы арӕхдӕр фӕамонынц, чидӕр хӕрзӕгъдау кӕй у ӕмӕ мӕнг динӕй йӕхи кӕй нӕ фӕчъизи кодта, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма фӕамонынц, чидӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн хибаргонд кӕй ӕрцыд, уымӕ. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгыл нымад уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕнӕм хӕрзӕгъдау цард, Хуыцауӕн кувӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ ӕмӕ уӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. Сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы хӕлар уай, афтид уыцы хъуыдыйӕ дӕр адӕймагӕн йӕ хъуын арц слӕууы! Йегъовӕ алы хъуыддаджы дӕр у сыгъдӕг ӕмӕ йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис. Уый базонӕн ис, йӕ паддзахбадӕны раз чи лӕууы, уыцы зӕдты – серафимты – ныхӕстӕй. Уыдон дзырдтой: «Сыгъдӕг, сыгъдӕг, сыгъдӕг у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ!» (Ис. 6:3). Уыдон сыгъдӕг Хуыцаумӕ ӕввахс уый тыххӕй сты, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сты сыгъдӕг. w21.12 3 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 20 август
Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Еф. 5:15, 16).
Ӕрыгӕттӕ арӕх мӕты бафтынц, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕзонынц, скъолайы фӕстӕ дарддӕр цы араздзысты, уый. Ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ сын ӕнӕуырнӕг хиуӕттӕ, гӕнӕн ис, дзурой, зӕгъгӕ дӕ хъӕуы уӕлдӕр ахуыр райсын, цӕмӕй стӕй хорз куыст ссарай. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕ куы рахӕссой, уӕд сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахуырыл тынг бирӕ рӕстӕг цӕудзӕн. Сӕ ныййарджыты ӕмӕ сын ӕмбырды цы ӕмбӕлттӕ вӕййы, уыдоны та фӕфӕнды, цӕмӕй сын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын фыццаг бынаты уа. Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн хуыздӕр уынаффӕ рахӕссынӕн? Сӕ бон у Ефесӕгтӕм 5:15–17 стихтӕ бакӕсын ӕмӕ сыл ахъуыды кӕнын. Ацы стихтӕм гӕсгӕ ахъуыды кӕнут ахӕм фарстатыл: «„Йегъовӕйы фӕндон“ цӕй мидӕг ис? Йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр уынаффӕ фӕцӕудзӕн? Растдӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, цӕмӕй мӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнон?» Рох уӕ ма уӕд, «ӕвзӕр рӕстӕджы [кӕй] цӕрӕм» ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕн тагъд кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн. w22.01 27 ф., 5 абз.
Къуырисӕр, 21 август
Йе ’фсымӕртӕ [йыл] не ’ууӕндыдысты (Иоан. 7:5).
Иаков Йесойы фӕдылдзӕуӕг кӕд сси? Йесо куы райгас, уӕд «фӕзынд Иаковмӕ, стӕй уӕд апостолтӕн се ’ппӕтмӕ дӕр» (1 Кор. 15:7). Уый фӕстӕ Иаковы цард цӕхгӕр фӕивта. Апостолтӕ Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты куы уыдысты ӕмӕ куы ’нхъӕлмӕ кастысты, сыгъдӕг тыхӕй кӕй схайджын уыдзысты, уымӕ, уӕд Иаков дӕр семӕ уыд (Хъуыд. 1:13, 14). Уый фӕстӕ лӕггад кодта фыццаг ӕнусы разамонӕг советы (Хъуыд. 15:6, 13–22; Гал. 2:9). Н. э. 62 азы размӕ та ныффыста фыстӕг сӕрст чырыстӕттӕм. Ӕмӕ уыцы фыстӕг пайда у махӕй алкӕмӕн дӕр – уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр ӕмӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонӕн дӕр (Иак. 1:1). Дзуттаг историк Иосиф Флавий 1 ӕнусы куыд ныффыста, афтӕмӕй Иаковы амардтой хистӕр сауджын Ананийы бардзырдмӕ гӕсгӕ (йӕ фыд Аннӕ дӕр хистӕр сауджын уыд). Иаков йӕ зӕххон царды кӕронмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. w22.01 8 ф., 3 абз.; 9 ф., 5 абз.
Дыццӕг, 22 август
Мӕ Хуыцау, мӕ Хуыцау, цӕмӕн мӕ ныууагътай? (Матф. 27:46).
Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Иу уый, ӕмӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр хъахъхъӕндзӕн. Зын уавӕрты нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕуы. Йесо кӕронмӕ фӕлвӕрд куыд ӕрцыд, афтӕ мах дӕр хъуамӕ цӕттӕ уӕм, кӕронмӕ фӕлвӕрд кӕй ӕрцӕудзыстӕм, уымӕ. Ӕмӕ нӕ, чи зоны, уый тыххӕй амӕлын дӕр бахъӕуа (Матф. 16:24, 25). Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:13). Иннӕ та уый, ӕмӕ, гӕнӕн ис, мах дӕр Йесойау ӕфхӕрд баййафӕм, ӕвзӕрӕй куы ницы саразӕм, уӕд дӕр (1 Пет. 2:19, 20). Бирӕтӕ нӕ ныхмӕ цӕуынц, цавӕрдӕр фыдракӕнд кӕй сарӕзтам, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, ацы дунейӕ кӕй не стӕм ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй (Иоан. 17:14; 1 Пет. 4:15, 16). Йесо ӕмбӕрста, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй фӕхъизӕмар кодтаид. Фӕлӕ, Йесойӕ уӕлдай, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зын уавӕрты алкӕд нӕ фембарынц, Йегъовӕ цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй сыл ахӕм хабар ӕрцӕуа (Ав. 1:3). Нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ фӕразон Хуыцау ӕмбары, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕй. Уыдонӕн фӕхъӕуы, Хуыцау цы удӕнцой дӕтты, ахӕм удӕнцой раттын (2 Кор. 1:3, 4). w21.04 11 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 23 август
Мӕ куывд дын ӕхсызгон уӕд буды тӕфау (Пс. 141:2).
Цӕмӕй Йегъовӕ нӕ лӕггадӕй райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ алцыдӕр аразӕм, уый куыд фӕнды, афтӕ. Стӕй йӕ хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ нымайӕм. Ӕмӕ мах Йегъовӕйы тынг уарзӕм. Мах зонӕм, уымӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ лӕггадмӕ фау ӕрхӕссӕн ма уа. Нӕ лӕггадмӕ цы хъуыддӕгтӕ хауы, уыдонӕй иу у Йегъовӕмӕ кувын. Библи нын нӕ куывдтытӕ бары будимӕ. Раджы заманты-иу буд ӕрцӕттӕ кодтой, цӕмӕй-иу ӕй цатыры (фӕстӕдӕр та кувӕндоны) будсудзӕныл ссыгътаиккой. Буды тӕф-иу Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыд. Ӕмӕ йын нӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ дӕр афтӕ ӕхсызгон вӕййынц, бынтон хуымӕтӕг ныхӕстӕ куы фӕдзурӕм, уӕддӕр (Ӕмб. 15:8; Дык. з. 33:10). Куы йын фӕдзурӕм, куыд тынг ӕй уарзӕм ӕмӕ дзы алцӕй тыххӕй дӕр куыд бузныг стӕм, уӕд фӕцин кӕны. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын алцыдӕр дзурӕм: цӕуыл тыхсӕм, цӕмӕ бӕллӕм, цӕмӕ тырнӕм ӕмӕ нӕ цы фӕнды, уыдӕттӕ. Хорз нӕ уаид, скувыны размӕ-иу дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнис, цы йын зӕгъдзынӕ, ууыл? Афтӕ куы кӕнай, уӕд-иу дӕ уӕларвон Фыдӕн ӕрхӕсдзынӕ ӕппӕты хуыздӕр «буд». w22.03 20 ф., 2 абз.; 21 ф., 7 абз.
Цыппӕрӕм, 24 август
Сымахӕн... зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн, Хуыцау немӕ иумӕ ратдзӕн удӕнцой, нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ (2 Фес. 1:7).
Армагеддоны Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕмӕ равдисдзӕн ӕмӕ кӕмӕ нӕ равдисдзӕн, уый мах не скъуыддзаг кӕндзыстӕм (Матф. 25:34, 41, 46). Фидарӕй нӕ уырндзӕн, Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ раст кӕй сты? Ӕви нын цӕлхдур суыдзысты? Уӕдӕ цӕмӕй уыцы рӕстӕг иу мур дӕр ма фӕдызӕрдыг уӕм, раст кӕй архайы, ууыл, уый тыххӕй йыл хъуамӕ ныр дӕр алы хъуыддаджы дӕр ӕууӕндӕм. Ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн! Нал уыдзӕн мӕнг динтӕ, стӕй коммерци ӕмӕ политикӕ, ӕмӕ адӕм сулӕфдзысты, сӕ туг сын ничиуал нуаздзӕн. Рынчын ӕмӕ зӕронд ничиуал кӕндзӕн. Зынаргъ нын чи у, уыдонӕй исчи кӕй амӕлдзӕн, уымӕй нал тӕрсдзыстӕм. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ мин азы дӕргъы уыдзысты ахст. Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Рарг. 20:2, 3). Ӕмӕ уӕд куыд цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕ алцыдӕр раст кӕй аразы, уый нӕ фидарӕй кӕй уырныдта, ууыл! w22.02 6, 7 фф., 16, 17 абз.
Майрӕмбон, 25 август
Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон (Матф. 5:9).
Йесо дзырдта, адӕймаг-иу йе ’фсымӕримӕ кӕй хъуамӕ бафидауа, цӕмӕй йын Йегъовӕ йӕ лӕггадӕй райгонд уа (Матф. 5:23, 24). Кӕнӕ-иу апостолтӕ куы быцӕу кодтой, уӕлдӕр сӕ чи у, ууыл, уӕд-иу сын баххуыс кодта, цӕмӕй-иу бафидыдтаиккой (Лук. 9:46–48; 22:24–27). Цӕмӕй нӕ фарнуарзаг адӕймӕгтӕ схонӕн уа, уый тыххӕй фаг нӕу, ӕмӕ макӕимӕ хыл кӕнӕм. Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу фыццаг къахдзӕф хъуамӕ мах саразӕм. Стӕй иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй-иу бафидауой (Фил. 4:2, 3; Иак. 3:17, 18). Нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Ӕнцон мын куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр фӕархайын, цӕмӕй-иу хоимӕ кӕнӕ ’фсымӕримӕ бафидауӕм? Исчи мӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд ӕм мӕ зӕрдӕйы маст фӕхӕссын? Фыццаг къахдзӕф саразын, цӕмӕй бафидауӕм, ӕви иннӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсын, зӕгъгӕ, аххосджын уый у, ӕмӕ хъуамӕ хатыр уый ракура?» w22.03 10 ф., 10, 11 абз.
Сабат, 26 август
Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у (Хъуыд. 20:35).
Библийы раджы ӕрцыд фыст, Хуыцауы адӕм цӕттӕйӕ кӕй лӕудзысты, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной, ӕмӕ сын йӕ Фырт разамынд кӕй дӕтдзӕн (Пс. 110:3). Уыцы пехуымпарад абон ӕххӕст кӕны. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц хорз хабар. Алы аз дӕр фӕхъусын кӕнынц милуангай сахӕттӕ. Уыцы хъуыддаг сын тыххӕй ничи аразын кӕны, сӕхи фӕнды. Ӕмӕ сын уый тыххӕй фидгӕ дӕр ничи кӕны. Уымӕй уӕлдай ма кӕрӕдзийӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц, исчи сӕ фӕкӕсинаг куы вӕййы, уӕд. Стӕй кӕрӕдзи ныфсыл ныфс бафтауынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной. Бӕрнон ӕфсымӕртӕ дӕр сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц: бабӕрӕг сӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ бафидар кӕнынц. Стӕй сӕ фӕхъӕуы ӕмбырдтӕм раныхӕстӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кӕнын. Цымӕ Хуыцауы адӕм афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн архайынц? Уымӕн ӕмӕ уарзынц Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты (Матф. 22:37–39). Йесо, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл никуы хъуыды кодта. Фылдӕр-иу иннӕтыл хъуыды кодта. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды, цӕмӕй уый хуызӕн уӕм (Ром. 15:1–3). Йӕ къахвӕдтыл чи цӕуы, уыдонмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. w22.02 20 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 27 август
Ӕххуырст кусӕджы мызд-иу райсоммӕ уӕхимӕ ма ныууадзут (Лев. 19:13).
Израилы бирӕтӕ кодтой зӕххы куыст. Ӕмӕ-иу кусджытӕ чи баххуырста, уый-иу сын сӕ мызд хъуамӕ бафыстаид алы бон дӕр, боны кӕрон. Куы нӕ-иу сын бафыстаид, уӕд-иу сын, уыцы бон сӕ бинонты цӕмӕй фӕдардтаиккой, уый нӕ уыдаид. Ӕххуырст кусӕгӕн куыд зын уыди, уый Йегъовӕ ӕмбӕрста, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Тыхст уавӕры ис ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ мыздыл дары» (Дык. з. 24:14, 15; Матф. 20:8). Нӕ рӕстӕджы бирӕтӕ мызд алы бон нӕ райсынц, фӕлӕ мӕй иу кӕнӕ дыууӕ хатты. Фӕлӕ, Левиты 19:13 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый махмӕ дӕр хауы. Чидӕртӕ сӕ кусджытӕн, цас ӕмбӕлы, уымӕй къаддӕр бафидынц. Зонынц ӕй, ӕндӕр гӕнӕн сын кӕй нӕй, ӕмӕ цыфӕнды мыздыл дӕр разы кӕй уыдзысты. Зӕгъӕн ис, афтӕмӕй сын сӕ мызд сӕхимӕ ныууадзынц. Бизнес кӕмӕ ис, уыцы чырыстон хъуамӕ йӕ кусджытӕн фида, цы ’мбӕлы, уый. w21.12 10 ф., 9, 10 абз.
Къуырисӕр, 28 август
Дойны мын у (Иоан. 19:28).
Йесо уыцы бон цас цыдӕртӕ бавзӕрста, ӕмӕ дойныйӕ куыннӕ мардаид. Ӕмӕ йӕ хъуыди искӕй ӕххуыс. Йесо не ’фсӕрмы кодта, тыхст кӕй уыд, уый тыххӕй дзурын. Ӕмӕ-иу мах дӕр истӕмӕй куы тыхсӕм, уӕд-иу хъуамӕ ма ’фсӕрмы кӕнӕм уый тыххӕй искӕмӕн зӕгъын. Чи зоны, цӕрӕнбонты афтӕ ахуыр уыдыстӕм, ӕмӕ ӕххуыс никуы никӕмӕй куырдтам. Фӕлӕ ахӕм уавӕры куы бахауӕм, ӕмӕ нӕ ӕххуыс хъӕуы, уӕд-иу хъуамӕ ма ’фсӕрмы кӕнӕм иннӕтӕй ӕххуыс ракурын. Зӕгъӕм, ацӕргӕ кӕнӕ нӕфӕразгӕ чи у, ахӕм адӕймаджы, гӕнӕн ис, бахъӕуа ӕмбырдӕй искӕмӕн зӕгъын, цӕмӕй йӕ дуканимӕ кӕнӕ дохтырмӕ аласа. Ныфссаст чи у кӕнӕ йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыцы чырыстоны та, чи зоны, бахъӕуа хистӕр нӕлгоймагӕн кӕнӕ ӕндӕр фӕлтӕрдджын чырыстонӕн зӕгъын, цӕмӕй йӕм байхъуса кӕнӕ йын исты «хорз ныхас» зӕгъа, ӕмӕ йӕ бафидар кӕна (Ӕмб. 12:25). Хъуамӕ нӕ рох ма уа, нӕ хотӕ ӕмӕ нӕ не ’фсымӕртӕ тынг кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй-иу нын «зын сахат» баххуыс кӕной (Ӕмб. 17:17). Фӕлӕ сӕ бон нӕу нӕ хъуыдытӕ уынын. Ӕмӕ сын нӕхӕдӕг куы нӕ зӕгъӕм, ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы, уӕд ӕй зонгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты. w21.04 11, 12 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 29 август
Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн? (Ӕмб. 24:10).
Бирӕтӕн зын вӕййы, сӕ царды исты куы фӕивы, уӕд. Чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ лӕггады цыдӕр фӕивта. Зӕгъӕм, уыдысты сӕрмагонд ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ, фӕлӕ сӕ стӕй снысан кодтой ӕндӕр ранмӕ. Кӕмӕндӕрты та сӕ бон нал у, цы кадджын хӕстӕ сыл уыд, уыдон ӕххӕст кӕнын, уымӕн ӕмӕ сыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой. Ахӕм уавӕрты адӕймаг кӕй ӕрӕнкъард вӕййы, уым диссагӕй ницы ис. Нӕ царды кӕнӕ нӕ лӕггады исты куы фӕива, уӕд уымӕ хъуамӕ кӕсӕм Йегъовӕйы цӕстӕй. Уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн. Абон диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы. Ӕмӕ нӕм ахӕм кад ӕрхауд, цӕмӕй йе ’мкусджытӕ уӕм (1 Кор. 3:9). Йегъовӕ нӕ тынг уарзы, ӕмӕ уый алкӕддӕр афтӕ уыдзӕн. Уӕдӕ, нӕ организацийы цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕй ӕрцыд, уый тыххӕй дӕ лӕггады дӕр исты куы фӕива, уӕд-иу хъуыдыты ма ацу, зӕгъгӕ, афтӕ куыд рауад, афтӕ цӕмӕн рауад. Раздӕры лӕггад мысыны бӕсты хъуыды кӕн, дӕ ног уавӕрты хорзӕй цы ис, ууыл. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр кув, цӕмӕй дын уый бамбарынӕн баххуыс кӕна (Еккл. 7:10). Алцӕмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ уӕд, цыфӕнды ивындзинӕдтӕ ма ’рцӕуа, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕндзыстӕм. w22.03 16, 17 фф., 11, 12 абз.
Ӕртыццӕг, 30 август
Йегъовӕ, Йегъовӕ... йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн (Рац. 34:6, 7).
Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы? Библийы фыст ис, кӕй ис бирӕ цыдӕртӕ уарзӕн, зӕгъӕм, «зӕххы куыст», «сӕн ӕмӕ сой», «зондамынд», «зонындзинӕдтӕ» кӕнӕ «зонд» (2 Аз. 26:10; Ӕмб. 12:1; 21:17; 29:3). Фӕлӕ ӕнӕуд цӕмӕйдӕр нӕй зӕгъӕн, ӕнувыд уарзтӕй йӕ уарзын, зӕгъгӕ. Ӕнувыд уарзтӕй ис ӕрмӕстдӕр адӕмы уарзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕнувыд уарзтӕй алкӕй нӕ уарзы. Ахӕм уарзтӕй уарзы, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыдоны. Нӕ Хуыцау ӕнувыд у йӕ хӕлӕрттыл. Уыдоны тыххӕй йӕм ис диссаджы фӕнд, ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ никуы сивдзӕн. Йегъовӕ равдыста, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй уарзы. Иухатт Йесо Никодимимӕ куы ныхас кодта, уӕд ын загъта: «Хуыцау дуне [ома адӕмы] афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:1, 16; Матф. 5:44, 45). w21.11 2 ф., 3 абз.; 3 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 31 август
Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ (Лук. 21:19).
Ацы дунейы цард уӕззау у. Ӕмӕ, чи зоны, фидӕны ноджы стырдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм (Матф. 24:21). Тагъд ӕппӕт зындзинӕдтӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстӕм. Ӕмӕ уыцы бонмӕ мах тынг бӕллӕм! (Ис. 65:16, 17). Уӕдӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй фидарӕй-фидардӕр кӕнӕм. Цӕмӕн? Йесо загъта: «Уӕ фидардзинады фӕрцы фервӕзын кӕндзыстут уӕ удтӕ» (Лук. 21:19). Мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтӕн чи фӕразы ӕмӕ фидар чи лӕууы, уыдоныл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ноджы фидардӕр суӕм. Фыццаджыдӕр нын Йегъовӕ у фӕзминаг, куыд фидар ӕмӕ куыд фӕразон у, уымӕй. Мыййаг дӕм уый диссаг кӕсы? Ууыл лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн. Ацы дуне ис Хӕйрӕджы къухы, ӕмӕ адӕм алы ран дӕр ӕвзарынц зындзинӕдтӕ. Йегъовӕмӕ ис уыцы тых, цӕмӕй зындзинӕдтӕн дӕр ӕмӕ ацы дунейӕн дӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ кӕрон скӕна (Ром. 9:22). Фӕлӕ уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы фидӕнмӕ. Уымӕн сӕмгъуыд кодта бӕлвырд рӕстӕг. w21.07 8 ф., 2–4 абз.