Сентябрь
Майрӕмбон, 1 сентябрь
Бахатыдысты [йӕм], уӕларвӕй нын диссаг равдис, зӕгъгӕ (Матф. 16:1).
Йесо цы амыдта, уый кӕмӕндӕрты фаг нӕ уыд, цӕмӕй йыл баууӕндыдаиккой. Фӕлӕ сын диссаг кӕй нӕ равдыста, уый сын сси цӕлхдур (Матф. 16:4). Дзуттаг Фыстыты цы уыд фыст? Пехуымпар Исай Мессийӕйы тыххӕй ныффыста: «Уый хъӕрныхас нӕ кӕндзӕн, йӕ хъӕр нӕ райхъуысдзӕн ӕмӕ йын уынджы йӕ хъӕлӕс ничи фехъусдзӕн» (Ис. 42:1, 2). Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕхимӕ адӕмы ’ргом не здӕхта. Уый кувӕндӕттӕ нӕ арӕзта, нӕ дардта, дины разамонджытӕ кӕй дардтой, ахӕм уӕлӕдарӕс, стӕй нӕ домдта, цӕмӕй йӕ адӕм кадджын нӕмттӕй хуыдтаиккой. Тӕрхон ын куы кодтой ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр паддзах Ироды дисы бафтауыныл нӕ архайдта, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй диссаг нӕ сарӕзта (Лук. 23:8–11). Йесо диссӕгтӕ дӕр куыннӕ арӕзта, фӕлӕ йын сӕйрагдӕр уыди хорз хабар хъусын кӕнын. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр загъта, уый тыххӕй кӕй ӕрцыд (Мар. 1:38). w21.05 4 ф., 9, 10 абз.
Сабат, 2 сентябрь
Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы (Иоан. 17:3).
Мах агурӕм, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды, уыдоны» (Хъуыд. 13:48). Цӕмӕй ахӕм адӕм Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суой, уый тыххӕй сын хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй: 1) Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ бамбарой, 2) баууӕндой сыл ӕмӕ 3) цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ цӕрын райдайой (Кол. 2:6, 7; 1 Фес. 2:13). Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, ӕмбырдмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд хорз уыдзӕн, зӕрдиагӕй-иу сыл куы бацин кӕнӕм ӕмӕ сӕ нӕ уарзтӕй куы батавӕм (Иоан. 13:35). Адӕймагимӕ Библи чи фӕахуыр кӕны, уыцы хъусынгӕнӕджы ма, гӕнӕн ис, бахъӕуа бирӕ рӕстӕг ӕмӕ бирӕ хъарутӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕна «фидӕрттӕ басӕттынӕн». Ома йын хъуамӕ баххуыс кӕна, цӕмӕй, цы рӕдыд хъуыдытыл ӕууӕнды, уыдоныл мауал ӕууӕнда ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза (2 Кор. 10:4, 5). Чи зоны, бахъӕуа бирӕ мӕйтӕ дӕр, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕнӕм йӕ царды ивындзинӕдтӕ скӕнынӕн ӕмӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райсынӕн. Фӕлӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. w21.07 3 ф., 6 абз.
Хуыцаубон, 3 сентябрь
Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут, хорз цы у, ууыл фидар хӕцут (1 Фес. 5:21).
Фидарӕй нӕ уырны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмӕн рӕстдзинад кӕй амонынц ӕмӕ Хуыцау растыл кӕй нымайы, куыд ын кувӕм, уый? Апостол Павелы фидарӕй уырныдта, цӕуыл ӕууӕндыд, уый рӕстдзинад кӕй у (1 Фес. 1:5). Уый йӕ афтӕ тынг ӕрмӕст уымӕн нӕ уырныдта, ӕмӕ йӕм рӕстдзинад хорз фӕкаст. Павел лӕмбынӕг иртӕста Хуыцауы Ныхас. Ӕмӕ йӕ уырныдта, «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр... Хуыцауы комытӕфӕй фыст» кӕй у (2 Тим. 3:16). Хуыцауы Ныхасы Павел ссардта фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уымӕн. Дзуттаг дины разамонджытӕ та уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой. Уыцы цӕстмӕхъустӕ дзырдтой, Хуыцауы номӕй кӕй архайынц. Фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтӕй та ӕвдыстой, кӕй йӕ нӕ зонынц (Тит. 1:16). Павел уыдоны хуызӕн нӕ уыд. Уый афтӕ нӕ хъуыды кодта, мӕнӕ ауыл ӕууӕндын, ауыл та – нӕ, зӕгъгӕ. Уый адӕмӕн амыдта, «Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый», ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цард Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ (Хъуыд. 20:27). w21.10 18 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 4 сентябрь
Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд (Иоан. 6:44).
Рӕстдзинады мыггаг куы байтауӕм ӕмӕ йыл дон куы фӕкӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, рӕзын ӕй Хуыцау кӕй кӕны (1 Кор. 3:6, 7). Йегъовӕйӕн алы адӕймаг дӕр зынаргъ у. Ӕмӕ нӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй йӕ Фыртимӕ иумӕ алы адӕмтӕй адӕмы ӕмбырд кӕнӕм, цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Аг. 2:7). Хъусынгӕнджыты абарӕн ис, шахтӕ кӕуыл ныккалд, уыцы адӕмы агурынмӕ чи ацыд, уыцы ирвӕзынгӕнджытимӕ. Уыдонӕй алкӕй фыдӕбон дӕр тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис хорз хабар хъусынгӕнджытӕй дӕр. Мах ӕй нӕ зонӕм, Хӕйрӕджы дунейӕ нырма цал адӕймаджы фервӕзын кӕндзыстӕм, уый. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у уыцы адӕмӕн махӕй кӕйфӕнды уылты дӕр баххуыс кӕнын. Андреас цӕры Боливийы. Уый афтӕ загъта: «Исчи рӕстдзинад куы базоны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд уый вӕййы не ’ппӕты фыдӕбон дӕр». Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нын нӕ лӕггад стыр циндзинад хӕсдзӕн! w21.05 19 ф., 19, 20 абз.
Дыццӕг, 5 сентябрь
Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй раирвӕзут (2 Тим. 2:26).
Цуанонӕн йӕ нысан вӕййы, кӕуыл цуан кӕны, уыцы сырды ӕрцахсын кӕнӕ йӕ амарын, ӕмӕ сӕвӕры алыхуызон къӕппӕджытӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй Библийы дӕр фыст ис (Иов 18:8–10). Цуанон сырды къӕппӕгмӕ куыд басайы? Иуцасдӕр ӕй фӕхъахъхъӕны, фӕкӕсы йӕм, цӕмӕй базона, кӕмыты вӕййы, цы уарзы, хуыздӕр ын цавӕр къӕппӕг уыдзӕн сӕвӕрын. Хӕйрӕг дӕр цуаноны хуызӕн у. Уый нӕм фӕкӕсы, цӕмӕй базона, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, нӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, кӕм вӕййӕм. Ӕмӕ стӕй сӕвӕры, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ хуыздӕр чи уыдзӕн, ахӕм къӕппӕг, цӕмӕй нӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцахса. Фӕлӕ Библи дзуры, йӕ къӕппӕджыты куы бахауӕм, уӕддӕр нӕ бон кӕй у раирвӕзын. Стӕй нын ӕмбарын кӕны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы къӕппӕджыты ӕппындӕр ма бахауӕм. Хӕйрӕджы хуыздӕр къӕппӕджытӕй дыууӕ сты сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ зыд кӕнын. Уыцы къӕппӕджытӕ ӕвӕры цалдӕр мин азы дӕргъы, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм бахаудысты. Уый цъиуахсӕджы хуызӕн йӕ амӕттаджы къӕппӕгмӕ басайы (Пс. 91:3). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы ӕнӕмӕнг бахаудзыстӕм. Йегъовӕ нын раргом кодта, Хӕйрӕг куыд архайы, уый (2 Кор. 2:11). w21.06 14 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 6 сентябрь
Адӕймагӕн йӕ урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд, рӕстдзинады фӕндагыл куы уа, уӕд (Ӕмб. 16:31).
Нӕ иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алмазты хуызӕн сты. Библи сын сӕ урс сӕр хоны «рӕсугъд кадыхуд» (Ӕмб. 20:29). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы хӕзнатӕ «ма фенӕм» ӕмӕ «сӕ рӕзты ацӕуӕм». Ацӕргӕтӕ зынаргъ кӕй сты, уый ӕрыгӕттӕ куы ’мбарой, уӕд ссардзысты ӕнӕуи хӕзнатӕй стырдӕр хӕзнатӕ. Иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты. Уый зоны, цавӕр адӕймӕгтӕ сты ӕмӕ сӕм цавӕр хорз миниуджытӕ ис, ӕмӕ сын аргъ кӕны. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, бирӕ азты дӕргъы лӕггад кӕнгӕйӕ цы базыдтой ӕмӕ цӕуыл сахуыр сты, уыдӕттӕ ӕрыгӕттӕн куы фӕамонынц (Иов 12:12; Ӕмб. 1:1–4). Йегъовӕ ма сын аргъ кӕны сӕ фидардзинады тыххӕй дӕр (Мал. 3:16). Ӕнӕмӕт цард нӕ кодтой, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадысты. Ӕмӕ сӕм диссаджы фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый сӕ ныр ноджы тынгдӕр уырны. Йегъовӕ сӕ тынг уарзы, уымӕн ӕмӕ, кӕд «сӕ сӕртӕ... сурс» сты, уӕддӕр ын йӕ ном кадджын кӕнынц (Пс. 92:12–15). w21.09 2 ф., 2, 3 абз.
Цыппӕрӕм, 7 сентябрь
Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл (Гал. 6:4).
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ цӕмӕн фӕнды, ууыл. Ис ахъуыды кӕнӕн ахӕм фарстатыл: «Цыдӕр мын иннӕтӕй хуыздӕр куы фӕуайы, ӕрмӕстдӕр уӕд вӕййын амондджын ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд фӕцин кӕнын? Ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй цӕмӕн архайын? Цӕмӕй мӕ бон зӕгъын уа, ӕмӕ алцыдӕр се ’ппӕтӕй хуыздӕр аразын кӕнӕ кӕцыдӕр ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕ хуыздӕр дӕн? Ӕви мӕ фӕнды Йегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй мӕм цы ис, уый дӕттын?» Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи иннӕтимӕ ма барӕм. Цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иннӕтӕй хуыздӕр стӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕхиуыл фервӕссӕм ӕмӕ схъал уӕм. Ӕмӕ нӕхи иннӕтӕй ӕвзӕрдӕрыл куы нымайӕм, уӕд та, гӕнӕн ис, нӕ ныфс асӕтта (Ром. 12:3). Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ уый тыххӕй не ’рбакодта, ӕмӕ стӕм рӕсугъд, дзырдарӕхст, ис нын бирӕ зонгӕтӕ. Йегъовӕ нӕ йӕхимӕ ’рбакодта, кӕй йӕ бауарзтам ӕмӕ нӕ йӕ Фыртмӕ хъусын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Иоан. 6:44; 1 Кор. 1:26–31). w21.07 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Майрӕмбон, 8 сентябрь
Хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых (Еф. 4:23).
Цӕмӕй нӕ зонд ног кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм, Библи кӕсӕм ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм. Ды дӕр афтӕ куы кӕнай ӕмӕ Йегъовӕйӕ тых куы курай, уӕд дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи иннӕтимӕ ма барай. Уымӕй уӕлдай ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу базонай, дӕ зӕрдӕйы хӕлӕг ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад уидӕгтӕ ауагъта ӕви нӕ. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ бындзарӕй стонай (2 Аз. 6:29, 30). Йегъовӕ зоны, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Зоны ма, кӕй тох кӕнӕм, цӕмӕй ныл ацы дунейы зондахаст ма фӕзына, стӕй нӕхи хъӕндзинӕдтимӕ дӕр кӕй тох кӕнӕм. Уый уынгӕйӕ нӕ ноджы тынгдӕр бауарзы. Йегъовӕ нӕ тынг уарзы. Уый йӕ уарзт абарста, мад йӕ сывӕллоны куыд фӕуарзы, уыимӕ (Ис. 49:15). Йегъовӕ уыны, куыд тох кӕнӕм, цӕмӕй йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ нӕ тынг уарзы. Уый нын удӕнцой куыннӕ хӕссы! w21.07 24, 25 фф., 17–19 абз.
Сабат, 9 сентябрь
Цин чи кӕны, уыдонимӕ цин кӕнут (Ром. 12:15).
Йегъовӕйы хъуыддаджы нын цыфӕнды ма бахӕс кӕной,– зӕрдиагӕй йӕ куы аразӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ циныл цин ӕфтдзӕн. Дӕ хъарутӕ хъусын кӕныны хъуыддагмӕ сараз ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты дӕр зӕрдиагӕй архай (Хъуыд. 18:5; Дзут. 10:24, 25). Ӕмбырдтӕм-иу дӕхи бацӕттӕ кӕн, цӕмӕй-иу дӕ дзуаппытӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бафидар кӕнай. «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды-иу дын цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрд ма уа,– дзӕбӕх-иу ӕй бацӕттӕ кӕн. Ӕмбырды дын исты хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд-иу ӕй афоныл сараз ӕмӕ-иу равдис, ӕууӕнчы аккаг кӕй дӕ. Афтӕ макуы хъуыды кӕн, ӕмӕ дын цы хӕслӕвӕрдтӕ раттынц, уыдон цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафыс. Фӕлӕ архай, цӕмӕй арӕхстджындӕр кӕнай (Ӕмб. 22:29). Йегъовӕйы хъуыддаджы ӕппӕт хъарутӕй куы архайай, уӕд ӕм ноджы ӕввахсдӕр кӕндзынӕ ӕмӕ дӕ циныл цин ӕфтдзӕн (Гал. 6:4). Стӕй-иу, ды кӕмӕ тырныс, ахӕм хӕстӕ ӕндӕр искӕй бар куы бакӕной, уӕд-иу дын уый ӕхсызгон уыдзӕн (Гал. 5:26). w21.08 22 ф., 11 абз.
Хуыцаубон, 10 сентябрь
Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй фарнуарзаг, ӕмбаргӕ, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй хайджын, хъулон никӕй кӕны, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ (Иак. 3:17).
Хъуамӕ нӕхи хизӕм сӕрбӕрзонддзинадӕй ӕмӕ цӕттӕ уӕм ахуыр кӕнынмӕ. Хатт адӕймагӕн цавӕрдӕр низы тыххӕй йӕ зӕрдӕйы артеритӕ ныхъхъӕбӕр вӕййынц, ӕмӕ, зӕрдӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал фӕкусы. Раст афтӕ ахӕсгӕ хуызы дӕр нӕ зӕрдӕ, гӕнӕн ис, ныхъхъӕбӕр уа. Ӕмӕ нын уӕд зын уыдзӕн Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын. Фарисейтӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой. Ӕмӕ кӕд, Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй у, уымӕн фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, уӕддӕр сӕ нӕ бафӕндыд ууыл баууӕндын (Иоан. 12:37–40). Фӕлӕ сӕхи бӕллӕхы ӕппӕрстой. Афтӕмӕй сӕхи ӕнӕхай кодтой ӕнусон цардӕй (Матф. 23:13, 33). Уӕдӕ йӕ уынӕм, тынг ахсджиаг кӕй у Хуыцауы Ныхасӕн ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттын, цӕмӕй нын ива нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зондахаст. Стӕй уынаффӕтӕ дӕр хъуамӕ хӕссӕм Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ. Иаков уыди сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ Йегъовӕйӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй йӕ ахуыр кодтаид. Афтӕмӕй сӕрныллӕгдзинады фӕрцы сси дӕсны ахуыргӕнӕг. w22.01 10 ф., 7 абз.
Къуырисӕр, 11 сентябрь
Курут (Матф. 7:7).
«Ӕппынӕдзух» куы кувӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ уӕларвон Фыд нын нӕ куывдтытӕн ӕнӕмӕнг дзуапп кӕй ратдзӕн (Кол. 4:2). Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ куывдтытӕн-иу нын дзуапп кӕй ратдзӕн «бахъуаджы сахат», кӕнӕ йӕ афоныл (Дзут. 4:16). Ӕмӕ нын кӕд, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ тагъд нӕ дӕтты дзуапп, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ фӕстиат кӕны. Зӕгъӕм, бирӕтӕ дӕсгай азтӕ кувынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ацы дунейӕн кӕрон скӕна. Йесо ма нын фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта, цӕмӕй уый тыххӕй кувӕм (Матф. 6:10). Фӕлӕ куыд ӕнӕзонд ми уаид, ацы дунейӕн йӕ кӕрон, адӕм кӕд ӕнхъӕл уыдысты, уӕд кӕй не ’рцыд, уый тыххӕй Хуыцауыл куы нал ӕууӕндиккам! (Ав. 2:3; Матф. 24:44). Уӕдӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, стӕй йӕм кувӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕ нын кӕй фехъусдзӕн. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ уымӕн «бон ӕмӕ... сахат» снысан кодта. Уый уыдзӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг, Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн (Матф. 24:36; 2 Пет. 3:15). w21.08 10 ф., 10, 11 абз.
Дыццӕг, 12 сентябрь
Ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут (Фил. 2:3).
Сӕрныллӕг ацӕргӕтӕ ӕмбарынц, раздӕр цас арӕзтой, уыйбӕрц аразын сӕ бон кӕй нал у. Ахъуыды-ма кӕнӕм районон цӕстдарджытыл. 70 азы сыл куы сӕххӕст вӕййы, уӕд сын сӕ бар ӕндӕр хӕстӕ бакӕнынц, ӕмӕ сын, чи зоны, уый ӕнцон нӕ вӕййы. Сӕ лӕггад сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Ӕхсызгон сын уыд, се ’фсымӕртӕн кӕй лӕггад кодтой, уый. Фӕлӕ йӕ ӕмбарынц, хуыздӕр кӕй у уыцы хъуыддаг ӕрыгондӕр ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнын. Зӕгъӕн ис, сты левитты хуызӕн. Левитыл-иу 50 азы куы сӕххӕст, уӕд-иу закъонмӕ гӕсгӕ йӕ бон нал уыди цатыры лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уыцы левиттӕн сӕ циндзинад, цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уыдоныл баст нӕ уыд. Дарддӕр дӕр, сӕ бон цы уыд, уый зӕрдиагӕй арӕзтой, стӕй-иу ӕрыгондӕр левиттӕн ӕххуыс кодтой (Ным. 8:25, 26). Ахӕмтӕ сты, раздӕр районон цӕстдарджытӕй чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ дӕр. Кӕд ӕмбырдтӕ нал фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕддӕр стыр ӕххуыс вӕййынц се ’мбырдтӕн. w21.09 8, 9 фф., 3, 4 абз.
Ӕртыццӕг, 13 сентябрь
Мӕ фыд, ӕз стыр тӕригъӕд ракодтон Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ дӕ разы дӕр. Дӕ фырт мӕ хонай, уый аккаг нал дӕн (Лук. 15:21).
Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, ахӕм фырты тыххӕй. Фыст ис Лукайы 15:11–32 стихты. Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Иуафон кӕстӕр фырты йӕ коммӕ кӕсын нал фӕндыд. Гъемӕ «дард бӕстӕм ацыд» ӕмӕ «уым алы ӕвзӕр митыл бафтыд». Фӕлӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлд, уӕд йӕ цардыл ныхъхъуыды кодта. Ӕмӕ йӕ бамбӕрста, йӕ фыды хӕдзары йын хуыздӕр кӕй уыди. Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «йӕ рӕдыд... бамбӕрста». Уый сфӕнд кодта фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхын ӕмӕ йӕ фыдӕй хатыр ракурын. Цӕмӕ ӕрхауд, уый кӕй бамбӕрста, уый ахсджиаг уыд. Фӕлӕ уый фаг нӕ уыд. Хъуыди ма йӕ цыдӕр саразын. Рӕдыд фӕндагыл чи ныллӕууыд, уыцы фырт хъуыддагӕй равдыста, йӕ митыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый. Ацы фӕсномыг ныхас ӕнӕуи рӕсугъд радзырд нӕу. Цы арф хъуыдытӕ дзы ис, уыдон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн баххуыс кӕндзысты, уӕззау тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕцӕгӕй ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, уый бамбарынӕн. w21.10 5 ф., 14, 15 абз.
Цыппӕрӕм, 14 сентябрь
Базмӕлын кӕндзынӕн арв ӕмӕ зӕхх (Аг. 2:6).
Цы нӕ фенкъуысдзӕн, кӕнӕ цы нӕ фесӕфдзӕн? Апостол Павел ныффыста: «Фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм, уый зонгӕйӕ, дарддӕр дӕр... лӕггад кӕнӕм, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ» (Дзут. 12:28). Хуыцау фӕстаг хатт арв ӕмӕ зӕхх куы базмӕлын кӕна, уӕд ӕрмӕстдӕр йӕ Паддзахад лӕудзӕн фидар ӕмӕ нӕ фенкъуысдзӕн! (Пс. 110:5, 6; Дан. 2:44). Рӕстӕг бирӕ нал баззад, ӕмӕ фӕстиат кӕнӕн ӕппындӕр нӕй! Адӕм хъуамӕ аскъуыддзаг кӕной, дарддӕр куыд цӕрдзысты, уый. Дарддӕр дӕр ацы дунейы фарс куы уой, уӕд фесӕфдзысты. Сӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аивой, уӕд та ӕнустӕм цӕрдзысты (Дзут. 12:25). Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй уыцы ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕной. Ӕмӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). w21.09 19 ф., 18–20 абз.
Майрӕмбон, 15 сентябрь
Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн (Дзут. 13:5).
Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уымӕн йӕ бинонты ныфсыл ныфс ӕфтаут. Уый фыццаджыдӕр сымах хӕс у (1 Фес. 5:14). Ӕмбырды размӕ ӕмӕ-иу ӕмбырды фӕстӕ семӕ аныхас кӕнут. Бабӕрӕг-иу сӕ кӕнут ӕмӕ-иу семӕ иумӕ скувут, хъусын кӕнынмӕ-иу сӕ фӕхонут. Уӕ бон сӕ у бинонты ахуырмӕ дӕр фӕхонын. Уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ хъуамӕ уыной, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ кӕй уарзынц ӕмӕ сын сӕ рыст кӕй ӕмбарынц (1 Фес. 2:7, 8). Йегъовӕйы «нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Кӕд адӕймаг уӕззау тӕригъӕд сарӕзта, уӕддӕр йӕ цард Йегъовӕйӕн зынаргъ у. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ мах тыххӕй, тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй, цы стыр аргъ бафыста, ууыл – йӕ уарзон Фырты нывондӕн ӕрхаста! Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи йӕ ныууагъта, уыдонӕн, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой. Уый сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ныфс ӕй ис, кӕй ӕрбаздӕхдзысты. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо, сӕфт чи уыд, уыцы фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй (Лук. 15:11–32). w21.09 30, 31 фф., 17–19 абз.
Сабат, 16 сентябрь
Сымахӕн... пайда ис сӕ фыдӕбонӕй (Иоан. 4:38).
Кӕд де ’нӕниздзинады тыххӕй дӕ бон нал у, раздӕр цас хъусын кодтай, уыйбӕрц хъусын кӕнын, уӕддӕр дӕ бон у цин кӕнын, цы аразыс, ууыл. Иухатт паддзах Давиды ӕмӕ йӕ адӕмы бахъуыд амаликӕгтимӕ схӕцын, цӕмӕй сӕ бинонты ӕмӕ сӕ фӕллой фӕстӕмӕ байстаиккой. Фӕлӕ 200 хӕстоны тынг бафӕлладысты ӕмӕ уӕрдӕтты раз баззадысты. Давид ӕмӕ иннӕ хӕстонтӕ фӕстӕмӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд Давид загъта, сӕ къухы цы бафтыд, уыдӕттӕ кӕй хъӕуы ӕмхуызон адих кӕнын, чи хӕцыд ӕмӕ уӕрдӕтты цур чи баззад, уыдоны ’хсӕн (1 Сам. 30:21–25). Афтӕ у ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг дӕр. Чи зоны, нӕ бон нӕу, цас нӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ кӕд уыцы хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у иннӕтимӕ цин кӕнын, царды фӕндагыл чи слӕууы, уыдонӕй алкӕуыл дӕр. Йегъовӕ уыны, зӕрдиагӕй кӕй фыдӕбон кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, ӕмӕ нын уый тыххӕй раарфӕ кӕны. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хуымгӕрдӕны кусгӕйӕ цин кӕнӕм, кӕд нӕ бон бирӕ аразын нӕу, уӕддӕр (Иоан. 14:12). Мах фидарӕй зонӕм: хъусын кӕнгӕйӕ нӕ ныфс куы нӕ асӕтта, уӕд нӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн! w21.10 28 ф., 15–17 абз.
Хуыцаубон, 17 сентябрь
Лӕппуты фидауц – сӕ тых (Ӕмб. 20:29).
Адӕймагыл азтӕ сӕ уӕз куы ’руадзынц, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ дзы Йегъовӕйы организацийы ницыуал пайда ис. Фӕлӕ кӕд ацӕргӕтӕ раздӕрау хъаруджын нал вӕййынц, уӕддӕр сӕм вӕййы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ фӕлтӕрддзинад. Ӕмӕ сӕ бон вӕййы ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийы фылдӕр хӕстӕм тырной. Кӕд ацӕргӕты фӕнды ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, уӕд хъуамӕ уой сӕрныллӕг. Сӕрныллӕг адӕймаг иннӕты йӕхицӕй уӕлдӕр февӕры (Фил. 2:3, 4). Сӕрныллӕг ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмбарынц, арӕх иу хъуыддаг кӕй вӕййы алыхуызӕтты саразӕн ӕмӕ йӕ куыдфӕнды ма саразай, уӕддӕр Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕй нӕ фӕдомынц, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразой, уыдон сӕ раздӕр куыд арӕзтой, афтӕ (Еккл. 7:10). Сӕхӕдӕг цы зонынц, уыдӕттӕ ӕрыгӕттӕн куы амоной, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ уыдон ӕмбарынц, сӕхи дӕр кӕй хъӕуы ног уавӕртыл ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ «ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ» (1 Кор. 7:31). w21.09 8 ф., 1, 3 абз.
Къуырисӕр, 18 сентябрь
О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у? Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг? (Рац. 15:11).
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн хӕлд ӕмӕ ӕлгъаг митӕ никуы аразын кодта. Уый у сыгъдӕг Хуыцау! Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ уый сӕ зӕрдыл дардтаиккой. Ӕмӕ хистӕр сауджыны сарыхъыл бакӕнын кодта сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз ахӕм ныхӕстимӕ: «Йегъовӕ у сыгъдӕг» (Рац. 28:36–38). Уыцы тъӕпӕн гӕбазыл цы ныхӕстӕ уыд, уыдон уынгӕйӕ-иу адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдаид, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у. Фӕлӕ хистӕр сауджынмӕ хӕстӕг бацӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, уыдон та цымӕ уый нӕ зыдтаиккой? Куыннӕ! Уый тыххӕй-иу алы израилаг дӕр фехъуыста, уымӕн ӕмӕ-иу закъон кастысты нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты раз (Дык. з. 31:9–12). Ды дӕр се ’хсӕн куы уыдаис, уӕд фехъуыстаис ацы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Хъуамӕ... уат сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг»; «Мӕ разы ут сыгъдӕг адӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз, Йегъовӕ, дӕн сыгъдӕг Хуыцау» (Лев. 11:44, 45; 20:7, 26). w21.12 3 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 19 сентябрь
Мауал мӕт кӕнут (Лук. 12:29).
Бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц, цӕрынӕн сӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл. Чидӕртӕ сӕ цӕрынц мӕгуыр бӕстӕты, ӕмӕ сын къӕбӕры фаг бакусын дӕр зын у. Кӕмӕндӕрты та сӕ бинонты дарӕг фӕзиан. Цӕмӕй ӕгӕр мацӕуыл мӕт кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм. Нӕ уарзӕгой Фыд нын зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ хъуыддаг ын фыццаг бынаты куы ӕвӕрӕм, уӕд нын кӕй дӕтдзӕн, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ (Матф. 6:32, 33). Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст кӕны (Дык. з. 8:4, 15, 16; Пс. 37:25). Кӕд мӕргътыл ӕмӕ дидинджытыл тыхсы, уӕд мах цӕмӕн хъуамӕ мӕт кӕнӕм, цы хӕрӕм ӕмӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, ууыл? (Матф. 6:26–30; Фил. 4:6, 7). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд фӕуарзынц ӕмӕ сыл куыд фӕтыхсынц, афтӕ нӕ уӕларвон Фыд дӕр мах уарзы, ӕмӕ нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Уӕдӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр ныл кӕй батыхсдзӕн, ууыл. w21.12 16, 17 фф., 4, 5 абз.; 18 ф., 8 абз.
Ӕртыццӕг, 20 сентябрь
Йегъовӕ уыди Иосифимӕ ӕмӕ йӕ уарзта ӕнувыд уарзтӕй (Райд. 39:21).
Чи зоны, афтӕ уыд, ӕмӕ дын чидӕр дӕ зӕрдӕ скъахта. Гӕнӕн ис, хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй дӕр чидӕр уыди. Зӕгъӕм, Иосифӕн йе ’фсымӕртӕ стыр мӕстытӕ бавзарын кодтой. Фӕлӕ йӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзта Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ фӕразондзинады ӕмӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Иосифӕн йӕ бон сси йе ’фсымӕртӕн ныххатыр кӕнын, стӕй фенын, Йегъовӕ йын куыд раарфӕ кодта, уый (Райд. 45:5). Иосифау мах дӕр Йегъовӕмӕ куы ’ввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу хъуыддӕгтӕ уый бар куы бакӕнӕм, уӕд нын уый удӕнцой хӕсдзӕн (Пс. 7:17; 73:28). Кӕд дӕумӕ дӕр исчи ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй маст кӕныс, уӕд дӕ зӕрдыл дар, «Йегъовӕ хӕстӕг [кӕй] у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ» (Пс. 34:18). Уый дӕ уарзы, фӕразон кӕй дӕ ӕмӕ йыл дӕ уаргъ кӕй сӕвӕрыс, уый тыххӕй (Пс. 55:22). Йегъовӕ у ӕппӕт зӕххы Тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ уый алцыдӕр уыны (1 Пет. 3:12). Зын уавӕры куы бахауыс ӕмӕ уыцы уавӕрыл дӕ бар куы нӕ фӕцӕуы, уӕд ӕм фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсыс? w21.08 11 ф., 14 абз.; 12 ф., 16 абз.
Цыппӕрӕм, 21 сентябрь
Бамбарут-иу, Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (Еф. 5:17).
Зондыл дзурӕг уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна. Ахсджиагдӕр цы у, уый-иу хъуамӕ фыццаг бынаты сӕвӕрӕм. Цӕмӕй нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм, уый тыххӕй иуӕй-иу хатт фӕхъӕуы дыууӕ хорз хъуыддагӕй иу равзарын. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, иухатт Йесо Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ уазӕгуаты куы уыд, уыцы хабар. Марфӕ уыди кӕрдзындӕттон ӕфсин, ӕмӕ йӕ фӕндыд ахӕм уазӕджы дзӕбӕх истӕмӕйты фенын. Гъемӕ хӕринӕгтӕ кӕныныл балӕууыд. Марийӕйы та фӕндыд Йесомӕ байхъусын, ӕмӕ йӕ разы ӕрбадт. Марфӕ цы арӕзта, уый дӕр хорз уыд. Фӕлӕ Марийӕ «хуыздӕр хай равзӕрста» (Лук. 10:38–42). Марийӕ уый фӕстӕ, сӕ фынгыл цы хӕринӕгтӕ уыд, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркодтаид. Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох кодта. Йесоимӕ рӕстӕг арвитыны фадат ын кӕй фӕци, уымӕн тынг аргъ кодта. Ӕмӕ мах дӕр тынг аргъ кӕнӕм, Йегъовӕимӕ рӕстӕг арвитыны фадат нын кӕй вӕййы, уымӕн. Фӕлӕ нӕ бон куыд у уыцы рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын? w22.01 27 ф., 5, 6 абз.
Майрӕмбон, 22 сентябрь
Уыныс, Ахав мӕ разы йӕхи куыд ӕрныллӕг кодта? (1 Пад. 21:29).
Кӕд Ахав Йегъовӕйы раз йӕхи ӕрныллӕг кодта, уӕддӕр, уый фӕстӕ цы арӕзта, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй не ’рфӕсмон кодта. Уый ницы сарӕзта, цӕмӕй адӕм Ваалӕн мауал куывтаиккой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаиккой. Ахав куы амард, уӕд Йегъовӕ бамбарын кодта, цавӕр адӕймагыл ӕй нымадта, уый. Хуыцауы пехуымпар Ииуй загъта, фыдгӕнӕг кӕй уыд (2 Аз. 19:1, 2). Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн: Ахав ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кодтаид, уӕд ӕй пехуымпар фыдгӕнӕг не схуыдтаид ӕмӕ дзы афтӕ нӕ загътаид, Йегъовӕйӕ йе сӕфт уыдта, зӕгъгӕ. Кӕд Ахав цӕуылдӕр ӕрфӕсмон кодта, уӕддӕр йӕ тӕригъӕдтыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ никуы ’рфӕсмон кодта. Ахавы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн? Илийа йын куы загъта, йӕ хӕдзарвӕндаг ын бӕллӕх кӕй баййафдзӕн, уӕд фыццаг Ахав йӕхи ӕрныллӕг кодта. Ӕмӕ уый бӕргӕ хорз уыди. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг, зӕрдӕйӕ кӕй не ’рфӕсмон кодта. Уӕдӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыцы адӕймаг куы ӕрӕнкъард уа ӕмӕ куы дзура, афтӕ кӕй бакодтон, ууыл фӕсмон кӕнын, зӕгъгӕ, уӕд уый фаг нӕ уыдзӕн. w21.10 3 ф., 4, 5, 7, 8 абз.
Сабат, 23 сентябрь
Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн (Матф. 24:14).
Исай уыди пехуымпар. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ бинойнагыл дӕр уыцы хъуыддаджы цавӕрдӕр хӕстӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Библи хоны «пехуымпар» (Ис. 8:1–4). Куыд зыны, афтӕмӕй сӕ дыууӕйӕн дӕр Йегъовӕ сӕ царды фыццаг бынаты уыд. Лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы хъуыддаджы, сӕ бон цы у, уый куы аразой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у. Библийы пехуымпарӕдтӕ иумӕ куы иртасой ӕмӕ, алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый-иу куы феной, уӕд Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзысты ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзысты (Тит. 1:2). Суанг сӕхи бон дӕр у цыдӕр аразын, цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕной. Зӕгъӕм, Йесо Чырысти загъта, цалынмӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ къайтӕн сӕ бон у уыцы пехуымпарад ӕххӕст кӕнын. Библийы пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый сӕ фидарӕй куы уырна, уӕд сӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Йегъовӕйы хъуыддаджы фылдӕр аразын. w21.11 16 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 24 сентябрь
[Йесо] ахуыргӕнинагӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ ай у дӕ мад!» (Иоан. 19:27).
Йесо йӕ мадыл мӕт кодта. Ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ Иосиф ӕгас нал уыд, ӕмӕ Марийӕ идӕдзӕй баззад. Ӕмӕ йӕ мады бакодта Иоанны бар. Зыдта йӕ, Иоанн ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн дарддӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Иоанн Марийӕйӕн ӕххуыс кодта, раст цыма йӕхи фырт уыд, афтӕ. Марийӕ Йесойӕн хорз мад уыди, уый ныр дӕр лӕууыд йӕ разы. Ӕмӕ Йесо дӕр равдыста, йӕ мады тынг кӕй уарзта. Йесойы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ тынг ӕнгом стӕм. Хатт нӕ бинонтимӕ дӕр афтӕ ӕнгом нӕ вӕййӕм. Нӕ хиуӕттӕ, гӕнӕн ис, нӕ ныхмӕ цӕуой, суанг ма нӕм, гӕнӕн ис, хӕстӕг дӕр мауал цӕуой. Фӕлӕ Йесо загъта, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ куы уӕм ӕмӕ нӕхи йӕ организацийыл куы бӕттӕм, уӕд, ӕнӕхай цӕмӕй фестӕм, уымӕй «сӕдӕ хатты фылдӕр» кӕй ссардзыстӕм. Чидӕр нын суыдзӕн фырты хуызӕн, чидӕр – чызджы хуызӕн, чидӕр – мады хуызӕн, чи та – фыды хуызӕн (Мар. 10:29, 30). Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, стӕй кӕрӕдзийы дӕр кӕй уарзӕм, уый фӕрцы иу бинонты хуызӕн стӕм. Ӕмӕ дын ӕхсызгон нӕу, ахӕм бинонты ’хсӕн кӕй дӕ, уый? (Кол. 3:14; 1 Пет. 2:17). w21.04 9–11 фф., 7, 8 абз.
Къуырисӕр, 25 сентябрь
Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын (Дзут. 13:16).
Ӕнувыд уарзт нӕм куы уа, уӕд араздзыстӕм, цы хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ равдисынц, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзынц, суанг, зонгӕ кӕимӕ не сты, уыдоны дӕр. Зӕгъӕм, куы базонынц, кӕмдӕр ӕрдзон бӕллӕх кӕй ӕрцыд, уӕд сӕ уайтагъд бафӕнды сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын. Йе та ӕмбырды исчи ӕхцайӕ куы фӕтыхсы, уӕд ын уайтагъд баххуыс кӕнынц. 1 ӕнусы Македонийы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд бакодтой, афтӕ уыдон дӕр саразынц, сӕ бон цы у, «уымӕй дӕр фылдӕр» (2 Кор. 8:3). Абон дӕр ӕрхъуыдыджын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ иннӕтӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, уый. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй раппӕлынц. Ахӕм ныхӕстӕ сӕ ныфс бауадзынц ӕмӕ сын сӕ хъарутыл хъарутӕ бафтауынц (Ис. 32:1, 2). w21.11 11 ф., 14 абз.; 12 ф., 21 абз.
Дыццӕг, 26 сентябрь
Дӕ хъус ӕрдар зондджынты ныхӕстӕм ӕмӕ сӕм байхъус (Ӕмб. 22:17).
Иу адӕймагӕй дӕр нӕй зӕгъӕн, ӕмӕ уынаффӕхъуаг никуы вӕййы. Иуӕй-иу хатт нӕхӕдӕг ракурӕм уынаффӕ, кӕй ныхасӕн аргъ кӕнӕм, уыцы адӕймагӕй. Йе та нын нӕ чырыстон хотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй исчи, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг ратта уынаффӕ, цӕмӕй нӕ рӕдыд къахдзӕфӕй бахиза ӕмӕ фӕсмойнаг ма фӕуӕм (Гал. 6:1). Вӕййы ма афтӕ дӕр, ӕмӕ стыр рӕдыд сарӕзтам, ӕмӕ нын уый фӕстӕ чидӕр нӕ рӕдыдмӕ бацамыдта. Уынаффӕтӕ алыхуызон вӕййынц. Ӕмӕ-иу сӕм куы байхъусӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн уыдзӕн. Уый фӕрцы, чи зоны, нӕ цард дӕр бахъахъхъӕнӕм (Ӕмб. 6:23). Абоны стихы фыст ис, «зондджынты ныхӕстӕм... байхъус», зӕгъгӕ. Алцы чи зоны, ахӕм адӕймаг нӕй. Махӕй фылдӕр чи зоны ӕмӕ махӕй фылдӕр чи федта, ахӕмтӕ-иу алкӕддӕр разындзӕн (Ӕмб. 12:15). Ӕмӕ, уынаффӕмӕ кӕй байхъусӕм, уымӕй равдисӕм сӕрныллӕгдзинад. Уымӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй ӕмбарӕм, нӕхӕдӕг алцы кӕй нӕ зонӕм ӕмӕ нӕ иннӕты ӕххуыс кӕй хъӕуы, цӕмӕй нӕ нысӕнттӕ нӕ къухы бафтой. Зондджын паддзах Соломон ныффыста: «Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым... алцыдӕр рауайдзӕн» (Ӕмб. 15:22). w22.02 8 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 27 сентябрь
Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ (Ӕмб. 28:13).
Адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй нӕ вӕййы бӕрӕг. Хъуамӕ ма йӕ зондахаст аива, стӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй фӕриссын кодта, ууыл кӕй маст кӕны. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза ӕмӕ та Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайа (Йез. 33:14–16). Ӕппӕты сӕйраг ын хъуамӕ уа Йегъовӕимӕ бафидауын, цӕмӕй та йӕ Хӕлар суа. Куы базонай, де ’ввахс ӕмбал уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнай? Йӕ тӕригъӕд ын куы сусӕг кӕнай, уӕд ын йӕ уавӕр ноджы фӕфыддӕр кӕндзынӕ. Ӕмӕ йӕ уӕвгӕ басусӕг кӕнӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ алцыдӕр уыны (Ӕмб. 5:21, 22). Де ’мбалӕн зӕгъ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййынц баххуыс кӕнынмӕ, ӕмӕ цӕмӕй семӕ аныхас кӕна. Ӕмӕ йӕ куы нӕ фӕнда йӕ тӕригъӕд сын раргом кӕнын, уӕд та семӕ хъуамӕ дӕхӕдӕг аныхас кӕнай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, ӕцӕгдӕр дӕ кӕй фӕнды де ’мбалӕн баххуыс кӕнын. w21.10 7 ф., 19–21 абз.
Цыппӕрӕм, 28 сентябрь
Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр (Фил. 2:4).
Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у, цӕмӕй Йесойау удуӕлдай уа ӕмӕ фылдӕр иннӕтыл хъуыды кӕна. Библийы фыст ис, уый «сси цагъары хуызӕн», зӕгъгӕ (Фил. 2:7). Йӕ хицау кӕмӕн аргъ кӕны, уыцы цагъары, кӕнӕ лӕггадгӕнӕджы, тынг фӕфӕнды йӕ хицауы зӕрдӕ барухс кӕнын, ӕмӕ фӕхъуыды кӕны, ноджыдӕр ма йын цӕмӕй балӕггад кӕнон, зӕгъгӕ. Ды та дӕ Йегъовӕйы цагъар ӕмӕ де ’фсымӕртӕн лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ дӕ куыннӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дӕр ноджы фылдӕр балӕггад кӕнай. Ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййын? Куы фӕхъӕуы конгрессы размӕ кӕнӕ конгрессы фӕстӕ бафснайын йе та Паддзахады залмӕ базилын, уӕд мӕ фӕфӕнды фӕкӕсын?» Чи зоны йӕ ӕмбарыс, кӕй дӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй дӕхиуыл къаддӕр хъуыды кӕнай, фӕлӕ дӕ дӕхи батыхсын кӕнын нӕ фӕнды. Уӕд Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скув. Зӕгъ ын, кӕй ӕмбарыс, цыдӕр дӕ фӕивын кӕй хъӕуы, фӕлӕ дӕ кӕй нӕ фӕнды. Ӕмӕ дзы ӕххуыс ракур. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13). w22.02 22, 23 фф., 9–11 абз.
Майрӕмбон, 29 сентябрь
Ӕз [уын] удӕнцой ратдзынӕн (Матф. 11:28).
Йесо цыфӕнды уавӕры дӕр уыд фӕлмӕн ӕмӕ-иу йӕхи ныхасыл нӕ ныллӕууыд (Матф. 11:29, 30). Зӕгъӕм, финикийаг сылгоймаг ын куы ныллӕгъстӕ кодта, мӕ сывӕллоны мын сдзӕбӕх кӕн, зӕгъгӕ, уӕд фыццаг не сразы. Фӕлӕ стӕй куы федта, цы фидар уырнындзинад ын ис, уӕд ын йӕ сывӕллоны сдзӕбӕх кодта (Матф. 15:22–28). Фӕлӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр нӕ уыд. Кӕй уарзта, уыдонӕн-иу хатт фидарӕй загъта, цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ-иу уымӕй дӕр равдыста хӕларзӕрдӕдзинад. Зӕгъӕм, иухатт Петрӕн иннӕ ахуыргӕнинӕгты раз бауайдзӕф кодта, уымӕн ӕмӕ Петр раст нӕ хъуыды кодта. Йесо уымӕ куы байхъуыстаид, уӕд Йегъовӕйы фӕндон дӕр нӕ сӕххӕст кодтаид (Мар. 8:32, 33). Йесо Петрӕн уый тыххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, цӕмӕй йӕ иннӕты цӕсты бафтыдтаид. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй Петр дӕр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бамбӕрстаиккой, сӕхи зондӕй ныфсджын кӕй хъуамӕ ма уой. Петр, ӕвӕццӕгӕн, фефсӕрмы, фӕлӕ йын Йесойы зондамынд фӕпайда. Кӕй уарзӕм, уыдонӕн хатт фӕхъӕуы цыдӕр ӕргом зӕгъын, ӕмӕ уый у ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзинад. Фӕлӕ-иу хъуамӕ Йесойы бафӕзмӕм – нӕ уынаффӕтӕн сӕ бындур хъуамӕ уой Хуыцауы Ныхасы уагӕвӕрдтӕ. w22.03 11 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 30 сентябрь
Цӕй уӕдӕ уый уылты Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15).
Йегъовӕйы кадджын кӕнын хауы нӕ лӕггадмӕ (Пс. 34:1). Йегъовӕйы фӕкадджын кӕнӕм, йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд. Уый аразын нӕ фӕфӕнды, бузныг дзы кӕй стӕм, уый тыххӕй. Йегъовӕ нын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл ахъуыды кӕнынӕн-иу рӕстӕг куы рахицӕн кӕнӕм, уӕд алкӕддӕр зондзыстӕм, цӕй тыххӕй йӕ скадджын кӕнӕм, уый. Хъусын кӕнгӕйӕ нын вӕййы хорз фадат, цӕмӕй Хуыцауӕн «хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм». Йегъовӕмӕ скувыны размӕ ахъуыды кӕнын куыд фӕхъӕуы, цы йын зӕгъдзыстӕм, ууыл, афтӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, хъусын кӕнгӕйӕ адӕймагӕн цы зӕгъдзыстӕм, ууыл дӕр. Мах фӕнды, цӕмӕй-иу ӕрхӕссӕм ӕппӕты хуыздӕр «кады нывонд». Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз хабар фӕхъусын кӕнӕм зӕрдиагӕй. w22.03 21 ф., 8 абз.